Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 12 страница



— Рауай, абад.

Алцæмæ дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ мæн тыххæй исчи йæ велосипед бауромдзæн æмæ, иунæгæй дæр зын цæуæн цы фæндагыл уыд, уым ма мæн дæр йæ фæсарц сæвæрынмæ йæ ныфс бахæсдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ æдзæмæй лæууыдтæн.

— Абад, æмæ дæ ныххæццæ кæнон, — дзуры та мæм ногæй бæлццон.

Йæ фæсарц нæ, фæлæ йæ разæй, руль æмæ бадæн цы хæтæлæй фидаргонд уыдысты, ууыл мæ сбадын кодта.

Фæндаг, искуы иу ранæй фæстæмæ, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ уыд, къуыбырджын. Ноджы дыууæйæ куы ’руæз кодтам, уæд цæуын дзæвгар фæзындæр. Зæронд велосипеды хъыс-хъысыл дæр бафтыд. Цасдæр рауайыны фæстæ мæм фæсмон æрцыд, велосипедыл сбадыныл кæй сразы дæн, уый тыххæй. Фæндаг æвзæр æмæ даргъ уыди: цæуын нæ хъуыди иу-цыппар километры бæрц, æмæ цалынмæ ныххæццæ уыдаиккам, уæдмæ мæ хæрзгæнæджы хурхæй амардтаин. Раст зæгъын хъæуы, æрдæгфæндагыл мæм рахизыны зонд дæр æрцыди, фæлæ сдзурын нæ бауæндыдтæн. Уæлмæрдты был рахызтæн. Нæхимæ комкоммæ фистæгæй хæстæг уыд. Велосипеды хицау ма мæ дарддæр ласыныл дæр разы уыд, ам дæлæмæ, дам, фæндаг уырдыг у, стæй — лæгъз, фæлæ йын нал сразы дæн.

Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй, велосипедыл мæ чи ’рбаласта, уый уыди Цомайты Хатуйы фырт Михал. Уый мæнæй æхсæз азы хистæр уыд æмæ зыдта, йæ хæстæг кæй дæн, уый, æмæ кæд кæстæр уыдтæн, уæддæр мын балæггад кодта. Ноджы хуымæтæджы хæстæджытæ нæ уыдыстæм, фæлæ — дыууæрдæм хæстæджытæ. Цæвиттон, Хату æмæ мæ мадымад Лези хо æмæ æфсымæрæй райгуырдысты, стæй Михалы мад Сенæги Дзасохты хæрæфырт уыди...

Уæд Михал Æрыдоны МТС-ы мотористæй куыста æмæ-иу алы бон дæр уырдæм велосипедыл цыди. Уæздан æмæ хæдæфсармæй зыдтой канд Михалы нæ, фæлæ се ’ппæт бинонты дæр. Михал бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллой фæкодта Ирыстоны куыстуæтты. Райста паддзахадон хæрзиуджытæ, уыдонимæ Ленины орден дæр...

Бирæ хорздзинæдтæ зонын адæмæй, фæлæ мын Михалы уæздандзинад уæлдай ад кæны. Куы йæ фенын, уæд кæддæры цау кæд не ’рымысын æмæ йæ кой кæд нæ ракæнын, ахæм фембæлд нæ вæййы.

Дыккаг хабар та мæ зæрдæйы æндæр фæд ныууагъта... Уый дæр велосипедимæ баст у. Уыцы велосипеды хицау дæр Михалы хуызæн нæ хæстæг уыди. Æз-иу сæм арæх уыдтæн. Уæлдайдæр, велосипед сæм ис, уый куы базыдтон, уæд. Уый дæр мæнæй цалдæр азы хистæр уыд. Æз ма авдазон скъолайы, ахуыр кодтон, уый та хъуамæ Николаевскы дæс къласы фæуыдаид. Куы-иу сæм ныццыдтæн, уæд мæм æй абадынмæ дæр никуы авæрдта, куыддæр каст фæуон, афтæ горæтмæ ахуыр кæнынмæ цæудзынæн æмæ йæ дæуæн дæтдзынæн, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ мæм афтæ тынг бахъардтой, æмæ сæм арæх цæуын дæр нал уæндыдтæн. Тарстæн, æнæ кургæ та йæ куы нæ фæлæууон æмæ мæм куы фæхæрам уа. Тарстæн, арæх сæм куынæуал цæуон, уæд, велосипед æй нал хъæуы æмæ уый тыххæй нал цæуы, зæгъгæ, куы ахъуыды кæна, уымæй дæр.

Нæ сæм ныууагътон мæ цæуын. Æрмæст æй кургæ никуыуал ракодтон, йæхæдæг та мын афтæ никуы загъта, марадз, иу тигъæй йыл иннæмæ уæддæр абад, зæгъгæ. Фæлæ йæм уый тыххæй мæ зæрдæйы уаг нæ ивтон. Æз æнхъæлмæ кастæн, æппынфæстаг велосипед мæхи кæд бауыдзæн, уыцы амондджын бонмæ. Нæ алы фембæлды рæстæг дæр-иу йæ зæрдæйыуаг базоныныл æнæбацархайгæ нæ фæдæн. Йæ раздæры хъуыдыйыл фидар кæй хæцы, уый мын куы бамбарын кодта æмæ, цæуыл бадзырдтам, уымæн ивæн нæй, зæгъгæ, комкоммæ куы загъта, уæд та-иу цыма, цы уæлахизмæ тырныдтон, уымæ иу къахдзæф фæхæстæгдæр дæн, уый хуызæн зæрдæрухсæй нæхимæ здæхтæн.

Цыдысты бонтæ. Нæ хæстæджыты лæппу астæуккаг скъола каст фæци, бацыди институтмæ дæр, фæлæ йæм йæ ныхас аивыны зонд нæма ’рцыд. Фыццагау мын зæрдæ æвæрдта велосипед раттынæй. Зæрдæ æвæрдта, фæлæ мын æй нæ ратта. Уый ма пенсимæ дæр ацыди, уæддæр мæ уыцы хабар нæ рох кæны. Ома йæм фыд-зæрдæ бадардтон? Æппындæр нæ. Нæ ахастдзинæдтæ куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты. Кæд Михалимæ амбæлгæйæ æдзухдæр кæддæры хабар æрымысын, уæд ме ’ннæ хæстæгимæ раджыйы хабарæн йæ кой дæр нæ вæййы. Цыма уæвгæ дæр никуы уыди, дыууæйæ дæр афтæ дарæм нæхи. Æз кæй никуы ницы фæдзурын, уым диссагæй ницы ис. Диссаг у, уый йæ дзыхыл кæй ныххæцы, бирæ азты фæстæ мæ хатыр куыннæ ракуры. Æппын ницы, фæлæ йæ кæддæры митæ хъазынырдæм уæддæр куынникуы аздахы...

1996 аз, май, Кисловодск



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.