Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 5 страница



Абон дæр мæм диссаг кæсы, Махарбег астæуккаг скъола сызгъæрин майданимæ каст кæй нæ фæци, уыцы хъуыддаг. Æфсады размæ уæлдæр скъоламæ бацæуыныл архайгæ дæр нæ кодта: йæ фадæттæ нæ амыдтой, фæлæ куы сыздæхт, уæд хæххон-металлургон институтмæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ ратта æмæ иуцасдæр ацахуыр кæныны фæстæ фæсаууонмæ раивта.

Ахуыр фæуыны фæстæ дæр йæ фадæттæ æмæ гæнæнтæй пайдагонд не ’рцыд. Æрыдоны бæгæныйы заводы фæкуыста. Иуцасдæрæй фæстæмæ йæ ахсæнæй хъæрзын райдыдта. Низ æй æгæр куы тыхсын кодта, уæд йæ бинойнагимæ мæнмæ дæр ссыдысты. Цæмæй йын баххуыс кæнын мæ бон уыд?! Мæхинымæр сагъæсы бацыдтæн, кæмæн æй фенын кæнон, зæгъгæ, æмæ мæ зонгæ дохтыртæй хуыздæрæн равзæрстон Годжыцаты Амырханы. Уый мын мæхи цалдæр хатты зын уавæрæй фервæзын кодта, суанг ма мын мæ тæн дæр бахуыдта, æмæ дзы ракуырдтон, цæмæй йæ фена. Бацыдыстæм æм, федта йæ, Махарбег ын йæ хабæрттæ бæлвырд куы радзырдта, уæд ын цыдæр хостæ рафыста, æнæмæнг сæ ссар, кæннод дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, зæгъгæ. Махарбегæн-иу йæ ахсæн тынг куы рыст, уæд-иу содæ анызта æмæ-иу ын фенцад. Уыцы хъуыддагмæ Амырхан хорз цæстæй нæ ракаст. Загъта йын, содæ арæх нуазын æй хорзмæ кæй не ’ркæндзæн...

Махарбегитæ сæхимæ ацыдысты. Амырханмæ куы уыдыстæм, ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæм фæхабарчындæуыд, Махарбег, дам, фæзиан...

Хæстæй сахъатæй канд Сопойты Мухарбег не ссыд. Сæ къæхтæ ахаудысты Цæллагты Джамботт, Хъантеты Саламан æмæ Кобесты Дженардыхъойæн. Æнæ цонгæй сыздæхт Грицаенко Гришæ (хæсты размæ ма нæ хъæуы æндæр адæмыхæттытæй цардысты Рыбкин Филиппы бинонтæ). Æз сæ цæмæй хъуыды кæнын, фæлæ куыд дзурынц, афтæмæй знаджы нæмгуытæ фыдæнæны хуызæн бакодтой: уæнгхъуагæй ныууагътой нæ хъæуы тæккæ сæрæндæр æмæ цæхæрцæстдæр лæппуты. Кобесты Дженардыхъо, мæ мадыфсымæр Хосаты Тасолтан — хæстæй нал ссыд — æмæ мæ мады иннæ æфсымæр Хæчъассæйы бинойнаг Райкæимæ къамы иумæ ист сты, æмæ уыцы дыууæ лæппуйы цæхæркалгæ цæстытæм бакæсын йæхæдæг диссаг у. Сæ риутыл «Ворошиловы топпæйæхсæджы» риуылдаргæ нысантæ. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, ахæм нысан райсын стыр кадыл нымад уыд...

Беккуызарты Гаппо та нын географи лæвæрдта. Уый дæр хæсты архайæг уыд. Йæ предмет амонгæйæ-иу нын арæх ракодта йæ хæстон фæндæгты кой. Мæ зæрдыл ма лæууы, Прибалтикæйы республикæты æрдз куы ахуыр кодтам, уæд уымы цъымараты йæ хæстон æмбæлттимæ æд бæхтæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыцы хабæрттæ нын куыд лæмбынæг дзырдта, уый.

Куыннæ æрымысон Хуыриаты Минкæйы! Канд ботаникæ нын нæ лæвæрдта, фæлæ ма уыди, цы къласы ахуыр кодтон, уый разамонæг дæр. Минкæ дæр æндæрхъæуккаг уыд — пысылмонхъæуккаг. Æппæты фыццаг нæм фæндзæм къласы æрбацыд. Алы ног ахуыргæнæджы хуызæн уый дæр йæ урок райдыдта номхыгъдæй. Фондз æви æхсæз мыггаджы фæстæ мæнмæ дæр æрхæццæ. Мæ мыггаг бæргæ æнæкъуызгæйæ бакаст, фæлæ мæ номмæ куы ’рхæццæ, уæд ныссуйтæ. Алырдыгæй йæм цалдæрæй мæ ном сдзырдтой, фæлæ дзы Минкæ иумæ дæр нæ байхъуыста. Йе ’рфгуытæ куыд æлхынцъ уыдысты, афтæ æлхынцъæй баззадысты. Йæ ручкæ мæ мыггаджы сæрмæ афыссынæввонг иуцасдæр афæстиат уæвыны фæстæ загъта:

— Уый та цавæр «Музафер» у?! Ардыгæй фæстæмæ уыдзынæ Мурат!

Иууылдæр ныххудтысты æмæ уайтагъд къласы «Мурат», «Мурат» йеддæмæ хъус ницыуал ахста.

— Басабыр ут! — ныллæг, фæлæ, йæ ныхмæ сдзурæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй загъта Минкæ æмæ дарддæр номхыгъд касти.

Урочы фæстæ, æппындæр кæй нæ хъуыдтæн, уый дæр-иу мæм мæ номæй ныхъхъæр кодта, ме ’цæг ном нæ, фæлæ мæ ног номæй. Раздæр мæхимæ дæр худæг каст, цыма мыл æрымысгæ ном никуы сбаддзæн, афтæ ’нхъæлдтон. Æмæ фæрæдыдтæн. Уыцы ном мыл бæхбадт скодта, æмæ, цалынмæ дæс къласы каст фæдæн, уæдмæ ме ’ккойæ æрхизын нал бакуымдта. Уæвгæ ма мæм ныр дæр мæ «хæдæвзæрд» номæй иуæй-иутæ сдзурынц, уæлдайдæр, Николаевскы кæимæ ахуыр кодтон, уыдон. Скъолайы директорæй Цæголты Николай куыста. Ахуыргæнджыты æхсæн бæрæг дардта канд йæ зонындзинæдтæй нæ, фæлæ йæ хæдæфсарм æмæ уæздандзинадæй дæр. Йæ алы уæнджы алы ’гъдау ис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Ныхасы уæз æнкъардта, кæм цы зæгъын хъæуы, уый зыдта æмæ-иу, цы загъта, уымæн аргъ кæддæриддæр уый тыххæй уыди. Мæ ном аивыны зонд мæм, растдæр зæгъгæйæ та — ме ’цæг ном фæстæмæ мæхиуыл «сæвæрыны» хъуыды мæм, авд къласы куы фæуд кодтон, уæд дæр уыдис, фæлæ директормæ бацæуынмæ мæ ныфс нæ бахастон æмæ авдазон скъола фæуыны тыххæй æвдисæндар кæйдæр номыл фыст æрцыд.

Æртæ азы куыд агæпп кодтой, уый зонгæ дæр нæ бакодтон æмæ та кæддæры хуызæн — ныр ноджы карздæрæй — мæ номы сагъæсы бацыдтæн. Директормæ бацæуынмæ мæ ныфс нæ бахастон, фæлæ ахуыры хайады сæргълæууæг Филимон Иваны фырт Галичмæ бацыдтæн. Куы байрæджы уа, уымæй тарстæн, уымæн æмæ дыккаг бон аттестаттæ хъуамæ лæвæрдтаиккой.

Филимон Иваны фырт уыдис диссаджы хæларзæрдæ адæймаг. Йæ предмет — биологи нын лæвæрдта — цыма кæрæй-кæронмæ æнæрлæугæйæ дæр радзырдтаид, афтæ мæм каст. Тагъд кæй дзырдта, уый тыххæй нæ — æнæхъæн афæдзы дæргъы йæ цы уроктæ раттын хъуыд, уыдон æдзæттæйæ раттын йæ бон уыд, кæд æмæ кæм бахъуыдаиккой, уым.

— Ау, æмæ дыл ныронг дзых нæ уыди?! — уыциу рæстæг уайдзæфы хуызæн дæр чи уыд æмæ дис дæр кæмæ хæццæ кодта, ахæм хъæлæсыуагæй мæ бафарста Филимон Иваны фырт æмæ уайтагъд ахуыргæнджыты уаты фæмидæг.

Дзæвгар рæстæг нал фæзынд. Куы рацыд, уæд мын, йæ мидбылхудт тыххæй уромгæйæ, афтæ:

— Дæ ном куыд хуыйны, загътай? Цу дæхæдæг сын æй зæгъ, — дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй йæ ныхас дарддæр кодта ахуыргæнæг. — Иу-фондз минуты фæстæдæр мын æй куы загътаис, уæд ферæджы уыдаид: куыддæр бацыдтæн, афтæ аттестат дæуæн рафыссынмæ хъавыдысты.

Ахуыргæнджыты уатмæ куы бацыдтæн, уæд, аттестаттæ чи цæттæ кодта, уыдон мæм, цал уыдысты — уæвгæ та къордæй фылдæр уыдысты — уалæй ракастысты. Аттестат фыссынæввонг кæй разы уыд, уый, куыд бамбæрстон, афтæмæй се ’ппæты хъуыды дæр загъта:

— Æртæ азы ахуыр Мураты фæкодтам, аттестат дæтгæ та Музаверæн æрцыди.

Диссаг цы у, мæ ном дзурынмæ бирæтæ нæ арæхстысты. Музавер мæ чи хуыдта, уыдон дæр дзæвгар уыдысты. Хъæууон скъолайы мæм Музаверæй дзургæйæ баззад Беккуызарты Гаппо. Мæ мадымад мæ хуыдта Бузафер, нæхи Алихан та мын мæ ном дзурын æппындæр нæ базыдта æмæ мæ хуыдта Мæрзабег. Ныр та мæ аттестат дæттæг дæр Музавер куы схуыдта, уæд мæм диссаг нæ фæкаст æмæ, куыд хуыйнын, уый йын гæххæттыл фыссын бахъуыд. Тынг мæ фæндыд, мæ ном æппынфæстаг раст фыст куы ’рцыдаид, уый æмæ æхсæз азы кæйдæр номимæ фæцæугæйæ тыххæй-фыдæй мæ къухы бафтыд. Уæдæй абонмæ мæ ном аивын никæмæнуал бауагътон, ахæм фæлтæрæнтæ та уыдис...

Цыппæрæм курсмæ куы бахызтæн, уæд ме ’мбæлттимæ ацыдтæн Казахстанмæ нæузæххытæ кусынмæ æмæ цалдæр мæйы уым фестæм. Уымæй размæ-иу кæмфæнды куы уыдтæн, уæддæр мæ ном хуымæтæджы хъуыддæгтæй раст дзурын ничи зыдта, фæлæ мæм ам иууылдæр мæ номæй дзырдтой. Казахæгтæн та уый уæлдай æхсызгондзинад лæвæрдта, уымæн æмæ сæхи лæппутыл арæх цы ном æвæрдтой, уый ма æндæр адæмы ’хсæн дæр кæй ис, уый сæм иуæй диссаг каст, иннæмæй та йыл цин кодтой æмæ-иу мæм суанг зæронд лæгтæ, æппындæр-иу сæ куы ницæмæн хъуыдтæн, уæддæр дардæй дæр ныхъхъæр кодтой: «Музафар!» Куы-иу сæм ракастæн, цы кæнут, зæгъгæ, уæд-иу ныххудтысты æмæ та-иу мæм сæ къухтæ фæтылдтой, цыма-иу афтæ зæгъынмæ хъавыдысты, тыхсгæ ма кæн, мах дын ам стæм, зæгъгæ...

Филимон Иваны фырты тыххæй ма мын иукъорд ныхасы æнæзæгъгæ нæй. Мæ фæстæ ма скъолайы иуцасдæр бафæстиат, стæй партион куыстмæ рацыд. Равзæрстой йæ партийы Æрыдоны райкомы секретарæй. Кæд ма исты зонын, уæд йæхæдæг мичуриныхъæуккаг уыди. Йе ’фсымæры лæппу (йæ ном ын нал хъуыды кæнын), æз институты куы ахуыр кодтон, стæй уый фæстæ дæр немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг уыди.

Партийы райкомы цас акуыста, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ уый фæстæ цалдæр æмæ ссæдз азы нал федтон. Иу бон мæ кусæн уаты бадтæн (уæд мæ куысты бынат Леоновы уынджы фыццæгæм уæладзыджы уыди). Иу заман рудзынгæй ракастæн æмæ Филимон Иваны фырты куы ауынин. Кæд ыл азтæ дзæвгар рацыд, уæддæр йæ тагъд цыдыл нæ сыстырзæрдæ æмæ уыцы цырдгомау кæдæмдæр фæцæйуад. Æз уынгмæ разгъордтон æмæ йæм дзурын:

— Филимон Иваны фырт, Филимон Иваны фырт!

Уый æваст фæлæууыд æмæ мæм сагъдауæй кæсгæйæ баззад. Йæ цурмæ куы бацыдтæн, уæд ын салам раттон. Нал мæ базыдта, уый бамбæрстон æмæ йын мæхи амонын.

— Николаевскы æз дæ ахуыргæнинаг уыдтæн...

Йæ цæстытæ арæх тъæбæртгæнаг уыдис, фæлæ уыцы уысм цыма сæ тъæбæртт ноджы фæтынгдæр, афтæ мæм фæкаст æмæ мын æцæгхуызæй куы зæгъид:

— Ды, мæнмæ гæсгæ, рæдигæ кæныс, мæнæн урссæр ахуыргæнинæгтæ нæ уыдис.

Цалдæр хабары йын куы радзырдтон, уæд мæ уайтæккæ дæр æрхъуыды кодта æмæ раджыйы цаутæ мысыныл фестæм. Мæ хотæ кæмыты сты, уымæй мæ фарста. Йæ бирæ скъоладзаутæй цæмæдæр гæсгæ æппæты фыццаг æрымысыди Малиты Василийы (уæд æй Васойæ ничима зыдта). Бæрæг уыд, йæ фенын æй кæй фæндыд, уый, æмæ йын зæрдæ бавæрдтон йæ фæндон Васомæ фæхæццæ кæнынæй. Йæ адрис мын ратта, æмæ йæ цасдæры фæстæ Васоимæ бабæрæг кодтам...

Йæ зианы хабар ын хъусгæ фæкодтон, фæлæ мын мæ кæддæры ахуыргæнæгæн фæстаг фæндараст зæгъыны фадат нæ фæци æмæ дзы мæрдтæм хатыр курын...

Хосаты Денис, мæ мадырвад, хæсты уыди. Куы ссыд, уæд йæ риуæй цы хæрзиуджытæ æрттывта, уыдоны сызгъæрин цæхæр ма абон дæр мæ цæстыл уайы. Денис æфсæддон фæтк йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг айста, æмæ æфсадæй рацæугæйæ йæ дарддæры цард сбаста æфсæддон хъуыддагимæ: лæвæрдта нын физкультурæ æмæ хæстон хъуыддаг. Дугъы-иу куы уадыстæм, уæд нын-иу рагацау, кæуылты тæхдзыстæм, уыцы фæндаг бæлвырд бацамыдта: «Куыддæр Хапсæты Цæлыкты цурмæ бахæццæ уат, афтæ дæлæрдæм фæзилдзыстут, Алæджыхъоты Федорæты раз галиуæрдæм фæцагайдзыстут æмæ Хъуппеты Чепеты рæзты скъоламæ уæ ных сараздзыстут».

Дугътæн-иу, нæхæдæг куы згъордтам, уæд дæр æмæ-иу æндæр кълас куы згъордта, уæд дæр сæ тæккæ диссагдæр уыди йæ фæстаг цыппæрæм хай, ома комкоммæ ахуыргæнæджы размæ чи хуыдта, уыцы фæндаг. Уым-иу рабæрæг сты, разæй чи фæци, уыдон дæр, фæсте чи баззад, уыдон дæр.

Физкультурæйы уроктæ хæрзыстæм хатт йеддæмæ иууылдæр уынджы кодтам. Скъолайы кæрты уыди турник, хæрдмæбырæн бæндæнтæ фидаргонд кæуыл уыд, ахæм дыууæ бæрзонд быцæуыл æвæрд рельс, волейболæй æмæ баскетболæй хъазæн фæзтæ, гимнастикон цæттæ. Цыбыр дзырдæй, хъæууон уавæрты саразæн цæмæндæриддæр уыди, уыдонæй хъуаг ницæмæй уыдыстæм. Бирæ адæм-иу æрæмбырд — уæлдайдæр фæсурокты — скъолайы кæртмæ. Хъазыдысты-иу алыхуызон спортивон хъæзтытæй, сæ арæхстдзинад æвдыстой турникыл зилынæй. Мæнæн мæ бон мæхицæй раппæлын ницæмæй уыди, уымæн æмæ, кæйдæр загъдау, уæд дæр нырæй рæвдздæр никæцы хъуыддагмæ уыдтæн. Фæлæ цæмæ бакастаин, уый дзы уыдис. Зæгъæм, Беккуызарты Валогкæ-иу волейболæй хъазгæйæ, пуртийæ йæхи уæлдæр куы фехста æмæ-иу æй уырдыгмæ йæ тых-йæ бонæй куы ныццавта, уæд-иу æй йæ ныхмæлæууæг, цалынмæ пуртийы тъæпп зæххыл фæцыд æмæ йæ рыг не скалд, уæдмæ уынгæ дæр нал акодта. Ноджы диссагдæр уыдысты турникылзилджытæ. Иуæй-иутæ-иу сæ арæхстдзинад æвдыстой рæтты æххуысæй. Мыййаг, сæ къухтæ куы феуæгъд уой æмæ сæхи куы ныццæвой, уымæй тæрсгæйæ-иу рæтты æххуысæй сæхи турникмæ цонджы хъултæм бабастой æмæ-иу афтæмæй алыхуызон зылдтытæ кодтой. Фæлæ рон кæй нæ хъуыд, ахæмтæ дæр уыдис. Æз дзы мæ зæрдыл бадардтон Æккæлаты Габолайы. (Бирæ азты дæргъы паддзахадон æдасдзинады комитеты фæкуыста. Дæлбулкъоны цины пенсийы ацыди). Æрæджы йæ къуылыхæй цæугæ куы федтон, уæд мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн, кæддæры цæхæрцæст лæппу низæн афтæ æртасын куыд бакуымдта, зæгъгæ, мæхинымæр дисы бацыдтæн. Уæвгæ та дзы диссагæй ницы ис. Дæс æмæ æртиссæдз азы кæуыл фæцæуы, уыдонæй чи къуылых вæййы, чи цы. Азтæ æмæ низтæн сæ куыст æнæкæнгæ нæй.

Уæддæр Габола мæ цæстытыл цæхæрцæст — уæвгæ йæ цæстыты цæхæр ныр дæр нæма ’рмынæг — æмæ саусæрæй уайы. Турникмæ-иу куы сгæпп кодта, уæд-иу цалынмæ адæмы йæхимæ æркæсын кодта, уæдмæ не ’рхызт.

Мæнмæ дзы æппæты диссагдæр йæ «солнце» кастис. Æнæ рæттæй турникыл хæцгæйæ, зилын-иу куы райдыдта, уæд-иу адæймаг цин дæр кодта — ахæм æвзыгъддзинад æвдисæгмæ кæсын æхсызгон кæмæн нæ уыдаид! — æмæ тæрсгæ дæр — йæ къухтæ куы феуæгъд уыдаиккой, уæд йæхи хуымæтæджы цæфтæ нæ ныккодтаид. Фæлæ Габолайыл, цæмæй йын тарстысты, уый никуы ’рцыд. Æдзухдæр-иу турникæй æрхызт уæлахиздзауæй. Кæд-иу тынг бафæллад, уæддæр æй æддæмæ никуы равдыста.

Спортивон фæзы мыл бирæ сахæттæ аивгъуыдта. Кæм-иу урокты фæстæ нæхимæ нæ батагъд кодтон, кæм та-иу хæринаг ахæрыны фæстæ нæхицæй уырдæм атындзыдтон. Хъазыдыстæм-иу футболæй, волейболæй, баскетболæй. Пурти-иу нæм æппындæр куы нæ уыди, уæддæр кæрæдзимæ æмгæрттæ æмæ æрдхæрдтæ куыд фæтырнынц, афтæ иу ранмæ тырныдтам. Цæрæнбонты кæй никуыуал ферох кæндзынæн, ахæм цау дæр мыл ам æрцыди...

Уыцы изæр дæр та футболæй хъазыдыстæм. Нæ ныхмæлæуджытæн хæрды кодтам æмæ иууылдæр уыцы зæрдиагæй архайдтам, цæмæй пурти бакъуырæм æмæ хыгъд сæмхуызон уа, ууыл, фæлæ нæ фæндæй ницы уади. Ноджы ма мæм иу заман, цыма тæрхонгæнæг хæрам бакодта, афтæ дæр фæкаст æмæ, фыр мæстæй фыццагдæр мæ дзыхы цы фыдынд ныхас абадт, уый сдзырдтон. Уыцы рæстæг мæ рæзты æрбацæйцыд Хъуппеты Алихан. Уый та цавæр æвзаджыхатт у, зæгъгæ мæм куы сдзырдта, уæд фыр æфсæрмæй зæххы скъуыды куы ныххаудаин, уый дæр мæ фæндыд, фæлæ байрæджы. Алихан мæнæй æртæ къласы уæлдæр ахуыр кодта æмæ, хистæры цур мæхи ахæм æнæгъдауæй кæй равдыстон, уый мын мæ астæуыстæг асаста. Иуцасдæр мæ бынатæй фезмæлынхъом нал уыдтæн, мæ цæсгом артау куыд сыгъди, уый æнкъардтон. Алихан йе ’мбæлттимæ скъолайы кæртæй ахызт, уæддæр ма æз цавддурау лæууыдтæн æмæ хъуыды кодтон, мæхи цы уавæры баппæрстон, ууыл.

Цыфæнды хъæдгом дæр рæстæг байгас кæны, зæгъгæ, фæзæгъынц, фæлæ уыцы æмбисонд мæнæн ницы баххуыс кодта. Уый нæ, фæлæ ма цалдæр боны фæстæ мæ цæфмæ цæхх дæр фæхæццæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй фæскомцæдисы рæнхъытæм цыппæрдæсаздзыдæй истой, æз та сфæнд кодтон æртындæсаздзыдæй бацæуын. Уый тыххæй мæ азтæм афæдз бафтыдтон æмæ мæ гæххæттытæ балæвæрдтон. Æмбырдмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ дæр фæдзырдтой, æмæ æрбацыдтæн, фæлæ дзы Алиханы куы федтон, уæд мæ зæнгтæ адон сты. Æз йæ рæзты цæуын дæр нал уæндыдтæн, ам та æппæты къуындæгдæр ран мæ размæ фæци. Фæстæмæ цæуæн мын кæй нал уыд, уый зыдтон æмæ, Алиханмæ кæцæй нæ зындаин, мæхимæ гæсгæ ахæм ран сбадтæн.

Æмбырд райдыдта. Райдыдтой гæххæттытæм кæсын. Иуы сыстын кæнынц, фарстатæ йæм дæттынц, рекомендацитæ йын чи ратта, уыдонæй дæр чидæртæ радзуры. Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц тынгдæр тыхсын, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Исчи куы сыстид æмæ куы зæгъид, абон уал æгъгъæд у, иннæты та æндæр хатт райсдзыстæм, зæгъгæ, уый дæр мæ фæндыд. Кæд, мыййаг, Алихан уыцы æмбырдмæ исты æфсонæй нал æрбацæуид.

Цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ сæрдариуæггæнæг мæ мыггаг сдзырдта... Мæ мидбынаты фестъæлфыдтæн. Мæ фарсмæ бадæг мæ æрбасхуыста, уæлæмæ сыст, зæгъгæ. Слæууыдтæн. Иннæты хуызæн мæ курдиат бакастысты. Æмбырды архайджыты базонгæ кодтой мæ царды хабæрттимæ.

— Рекомендаци йын чи ратта, уыдонæй исчи исты зæгъдзæн? — бафарста сæрдариуæггæнæг.

Алихан, йæ бынаты базмæлгæйæ, сдзырдта:

— Кæд æмбæлы, уæд æз дыууæ ныхасы зæгъдзынæн...

Зæхх мæ быны сдыууæрдæм. Кæм дæн, уымæн ницыуал æмбæрстон. Алиханы ныхæстæ дард кæцæйдæр хъуысæгау мæ хъустыл уадысты, фæлæ, цы амыдтой, уый не ’мбæрстон. Æппынфæстаг мæм дзы цы бахъардта, уыдон уыдысты:

— Фæлæ хаттæй-хатт æвзæр дзыхæй дæр сдзуры...

Цыма, зæххон дунеимæ цы лыстæг тагæй баст уыдтæн, уый фескъуыди æмæ æбæрæг ран ауыгъдæй аззадтæн, уыйау фæдæн. Дарддæр цы дзырдтой, уымæн ницыуал æмбæрстон. Ныхæстæ иууылдæр хъуыстон, фæлæ сæ цыма æндæр æвзагыл дзырдæуыд, уый хуызæн мæ хъусты иувæрсты æцæгæлон мыртæ кæдæмдæр згъордтой.

— Сбад! — æрбасхуыста та мæ мæ фарсмæбадæг.

Цалынмæ мын мæ хæдоны дыс æривæзта, уæдмæ мæ цы домдта, уый нæ бамбæрстон æмæ æрæджиау æрбадтæн. Мæ ныхы хид рахъардта, фæлæ йæ асæрфын нæ уæндыдтæн. Æддæмæ рацыдтæн æмæ мæ риуы дзаг сыгъдæг уæлдæф сулæфыны фæстæ чысылгай ме ’муд цæуын райдыдтон. Нæхимæ хъæугæрæтты ссыдтæн. Нæ хайы кæрон кауы рæбын дзуццæджы æрбадтæн æмæ, æмбырды цы ныхæстæ кодтой, уыдоны мидисыл хъуыды кæнын райдыдтон. Мæхи цæуыл хæрон, ахæмæй дзы ницы уыйас уыди. Иууылдæр мæ æппæлыдысты. Суанг ма Алихан дæр. Хорз ахуыр кæны, загъта. Дзæбæх лæппу у, загъта, фæлæ, дам, хаттæй-хатт æвзæр дзыхæй сдзуры. Ехх, уыцы «фæлæ» ма дзы куы нæ уыдаид, уæд, æвæдза, цы тынг хъал уыдаин. Фæскомцæдисмæ мæ райстой. Ме ’мгæртты разæй, афон мын нæма уыд, афтæмæй. Уæвгæ æгæр раджы цин кодтон. Сæйрагдæр фæскомцæдисы райком уыд. Æцæг ист мæ хъуамæ уым ракодтаиккой, билет мын раттаиккой...

Æрхæццæ уыцы бон дæр. Райстой мæ фæскомцæдисы райкомы, раттой мын билет. Фæстæмæ, цал уыдыстæм, уалæй здæхтыстæм хъæлдзæгæй. Цыма Хъарсы фидар кæй басастам, уый тыххæй æвдисæндартæ нæ дзыппыты уыдысты, уый хуызæн. Мæ билетмæ цал æмæ цал хатты æркастæн, фылдæр — сусæгæй. Уæддæр ын йæ уындæй не ’фсæстæн. Цыдæр тых мын лæвæрдта. Цыма, цы уыдтæн, уымæй бирæ хистæр фæдæн, мæ зонд фæфылдæр, мæ асыл бафтыд, афтæ мæм каст. Исты æфсонæй-иу мæхи фæсте фæурæдтон, мæ билет-иу фелвæстон æмæ та-иу æм æркастæн...

Алихан мæнæй æртæ азы хистæр йеддæмæ нæу. Нæ дыууæйы сæртæ дæр халас адардтой, фæлæ ма мæ хъæуккагæй абон дæр æфсæрмы кæнын. Кæддæр йæ цуры мæ дзыхæй æнæфсарм ныхас кæй сирвæзт, уый тыххæй дзы къæмдзæстыг дæн...

V

Мæ фыд хæсты куы нæ баззадаид, уæд æй цы хуыдтаин, уый абон дæр нæ зонын. Нæ мад нын æй «папæ»-йæ амыдта, æмæ йæ мах дæр фæсаууонмæ афтæ хуыдтам. Уæвгæ мæнæн дæр æмæ мæ кæстæр хо Райæйæн дæр цæй «папæ» уыди, хъуыды дæр æй куы нæ кæнæм, уæд? Дибæханимæ та кæрæдзийы уынгæ дæр никуы фæкодтой. Мæ фыд хæстмæ куы ацыд, мæ кæстæр хо уымæй фондз мæйы фæстæдæр райгуырд. Мæ фыдæй иу писмо йеддæмæ нæ райстам. Уый дæр хæстæн йæ тæккæ райдайæны. Афтæмæй, папæ, чызг ын райгуырд æви лæппу, уый нæ базонгæйæ мæрдтæм бацыд. Уæдæ Дибæхан йæ фыды кæй никуы федта, ууыл та дзурын дæр нæ хъæуы. Лермонтов Михаилы рæнхъытæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.