Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 9 страница



Кæй зæгъын æй хъæуы, ме стырдæр бæллицтæй иу уыд удæгас фыссæг фенын. Уыцы сæрд Æрыдоны мæ фыдыхотæм уазæгуаты уыдтæн æмæ, районы библиотекæйы рæзты фæцæйцæугæйæ, бакастæн хъусынгæнинаг. Уый адæмы хуыдта Мамсыраты Дæбейы роман «Хъæбатырты кадæг»-мæ гæсгæ чиныгкæсджыты конференцимæ. Æз нæхимæ æмбойны фæзилинаг уыдтæн, фæлæ мæ уыцы хъусынгæнинаг баурæдта. Конференцийы агъоммæ библиотекæмæ бацыдтæн æмæ адæмы æмбырдæй баййæфтон. Дæбе нæма фæзынд. Иуцасдæр ма банхъæлмæ кастæн, стæй куы нæ æмæ куы нæ зынд, уæд мæхи цæуынмæ æрцæттæ кодтон. Уалынмæ библиотекæйы кусæг — сæргълæууæг уыдаид, æвæццæгæн — фехъусын кодта, Дæбе фæрынчын, æмæ конференци æндæр бонмæ æргъæвд æрцыд, зæгъгæ. Æз мæ фæндаг мæ фыдыхойыл ракодтон æмæ сын загътон, нæхимæ кæй цæуын, уый. Æмæ Бæрæгъуынмæ фæцагайдтон.

Куыд тынг мæ фæндыд Дæбейы фенын! Уæлдайдæр «Хъæбатырты кадæг» «Мах дуджы» куы мыхуыр кодтой, уæд æй бакастæн æмæ бæллыдтæн йæ ныффыссæгимæ лæгæй-лæгмæ фембæлынмæ, йæ хъæлæс ын фехъусынмæ, цы фарстатæ йæм дæтдзысты, уыдонæн цы дзуæппытæ дæтдзæн, уыдон базонынмæ. Дæбейы фыстытæй мын бирæтæ мæ цард мæ зæрдыл æрлæууын кодтой. Алцыдæр мæм дзы хъардта, алцæуыл дæр дзы æууæндыдтæн, æмбæрстон, Ботасы амарды фæстæ Госкайы уæхсчытыл цы уæз æрæнцад, уый дæр. Копа куы фæрынчын æмæ мæлыны къахыл куы ныллæууыд, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма нæхи бæхыл исты æрцыд, æмæ уый уæлхъус лæууын.

Махмæ бæх никуы уыд, фæлæ кæд искуы саси фæзынд, уæд-иу дзы æппæты фыццаг мах фыс фæрынчын. Кæркниз дæр-иу йæ бæллæхтæ нæ кæркдонæй райдыдта. Искæй стур цъымарайы нынныхст æмæ мæцъисæй ласинаг фæци, уæд уый дæр мах хъуг йеддæмæ хъуамæ макæй уыдаид.

Дæбейы фенын мæ тынгдæр уымæн фæндыд, мæгуыр лæджы цард кæй æмбæрста, йæ тухитæ йæ зæрдæмæ арф кæй иста, фыццаджыдæр та — йæ миддуне равдисынмæ йын кæй арæхст æмæ йыл чиныгкæсæджы кæй æууæндын кодта. Фæлæ мæ фæндон йæ рæстæджы нæ сæххæст. Стæй ма, æвæццæгæн, хæрз саби уыдтæн. Цардмæ кауы хуынчъытæй кастæн æмæ дзы дардмæ нæ, фæлæ хæстæгмæ дæр бирæ цыдæртæ нæ уыдтон, æндæр фысджытæ нæхи хъæуы дæр уыди. Æнæхъæн Ирыстоны дæр кæй зыдтой, чингуытæ кæмæн рацыд, йе ’мдзæвгæтæ газеттæ æмæ журналты кæмæн мыхуыр кодтой. Уыдонæй иу уыди Чехойты Сæрæби. Йæ фыццаг чиныг «Æргом зæрдæ» мыхуыры рацыд хæсты размæ, фæлæ, йæхæдæг куыд никæцæйуал зынд, афтæ нал зындысты йæ фыстытæ дæр: хæстæй куы ссыди, уымæй йæ дыууæ азы фæстæдæр æрцахстой, ницы аххосджын уыд, афтæмæй. Æмдзæвгæтæ хæсты агъоммæ фыссын райдыдта Хъаммæрзаты Алихан дæр, суанг ма йын сæ скъолайы дæр ахуыр кодтой. Иннæ ахæм Тохты Иван — хъæубæсты йæ ацы номæй ничи зыдта, иууылдæр æм Ванæйæ дзырдтой. Йæ заманы мын уыдоны хабæрттæ исчи куы радзырдтаид, уæд сын сæ уацмыстæ кæсгæ бакодтаин, фенæн дзы кæмæн уыд, уый та уынгæ фæкодтаин, фæлæ, куы зæгъын, мæ сабидуджы арæнтæ тынг къуындæг уыдысты æмæ, нæхи хъæуы цы хабæрттæ цыди, уыдон æмбарынхъом дæр нæма уыдтæн.

Нæ хъæуы скъола авдазон кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу авд къласы фæуыны фæстæ ахуыр кодтам Николаевскы станицæйы. Уырдæм астæуккаг ахуыргонддзинад райсыны тыххæй цыдысты, станицæйы уæллаг фарс цы хъæу уыд, уырдыгæй дæр — Мустыздæхæй. Фарæстæм къласы ахуыр кодтаин, æвæццæгæн, афтæ мæ равзæрстой районы фæскомцæдисон конференцимæ делегатæй. Конференци уыди Чырыстонхъæуы — Николавскы станицæ Дыгуры районмæ хауд. Цæмæй районы центрмæ бафтыдаин, уый тыххæй мæ ахизын хъуыд дыууæ хъæуы — Николаевскы æмæ Мустыздæхы сæрты. Хур иу бæндæны бæрц суадаид, афтæ Мустыздæхæй фæуæле дæн. Мæ фæндаг кæрæй-кæронмæ цæстæнгасæй сбарстон æмæ дзы разæй иу змæлæг куы бафиппайдтон, уæд мæ зæрдæ чысыл фæрухсдæр, ныхасæмбал мын фæуыдзæн æмæ рæстæг тагъддæр аивгъуыйдзæн, зæгъгæ. Ноджы, мæ разæй чи цыд, уый дæр цыма мæнæй хистæр нæ уыд, йæ асмæ гæсгæ мæм афтæ фæкаст. Бæлццон иу заман фæстæмæ фæкаст, æмæ мæ куы ауыдта, уæд, цыма чи дæн, уый базоныныл архайдта, уыйау хъуыдыты аныгъуылд. Иуцасдæр йæ бынатæй нал фезмæлыд, стæй йæ фæндагыл араст, æрмæст сындæгдæр къахдзæфтæй. Æз мæ цыд фæтагъддæр кодтон æмæ йæ уайтæккæ дæр баййæфтон.

Базонгæ стæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй ме ’мбæлццон разынди Малиты Васили (Васо). Уый дæр ахуыр кодта Николаевскы астæуккаг скъолайы æмæ мæн хуызæн цыди районы конференцимæ. Уымæй размæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, иумæ æмбæлдаиккам, фæлæ зонгæ нæ уыдыстæм. Æхсызгон уыд нæ дыууæйæн дæр, иу хъуыддаджы фæдыл иу ранмæ кæй цæуæм, уый кæрæдзийæн фехъусын кæнын, æмæ нын уайтагъд хæлар ныхас бацайдагъ. Уый размæ æмбæхстæй арф ран цы хъуыдытæ дардтон, уыдоны дуæрттæ гом кæнынæй нал тарстæн. Ныхас литературæйы тыххæй, æнхъæлдæн, Васо райдыдта. Æмдзæвгæтæ кæй фыссы, уымæй мæ хуызæн сусæгдзинад нæ арæзта. Кæй фыссы, уый иу хъуыддаг уыд, фæлæ ма мын радзырдта, ныртæккæ цы фыссы, уыдæтты тыххæй дæр. Йæ ныхæсты æцæгдзинадыл ын кæй баууæндыдтæн, уымæ гæсгæ дзы æз дæр мæ хъуыдытæ нæ басусæг кодтон. Ныхас ныхасы къахта æмæ мын афтæмæй йæ фыды кой дæр ракодта. Зындгонд фыссæг, дам, уыд, фæлæ йæ æртын æвдæм азы æрцахстой.

Æртын æвдæм азы йæ кæй æрцахстой, уый мæ уырныдта, фæлæ фыссæг уыдаид, уымæй дæр зындгонд фыссæг, ууыл тынг фæдызæрдыг дæн. Уæлдайдæр мæм Васо йæ ныхæстæм гæсгæ дзæбæх лæппу фæкаст. Мæхинымæр ма йыл суанг мæ зæрдæ дæр фæхудт: «Дзæбæх лæппуйы хуызæн куы дæ, уæд гæды ныхæстæ цæмæн кæныс?» Æрмæст дзургæ ницы скодтон, кæд искæй сайыс, уæд дзы дæхи сайыс, зæгъгæ.

Дыууæ азы рацыдаид нæ фембæлдыл, чи зоны, æртæ, афтæ Васоимæ фембæлдыстæм æндæр ран æмæ æндæр уавæрты: дыууæйæ дæр горæты ахуыр кæнын райдыдтам. Уæдмæ Малиты Георгийы ном, зындгонд æмæ хæдбындур фыссæджы ном, хъæрæй дзурыны дуг дæр ралæууыд. Васоимæ нæ фыццаг фембæлд ма абон дæр куы ’рымысын, уæд кæддæр Мустыздæхæй Чырыстонхъæумæ фæндагыл, мæ фыд зындгонд фыссæг у, зæгъгæ, кæй загъта, ууыл кæй нæ баууæндыдтæн, уый тыххæй мæхицæй дæр æмæ Васойæ дæр æфсæрмы фæкæнын...

Цалынмæ æмдзæвгæтæ фыссыны хъуыды зæрдæйы билцъ уагъта, уæдмæ хуымæтæджы уацхъуыдтæ фыссыны талатæ сыфтæр дæр ма рафтыдтой. Кæд ма исты зонын, уæд мæ мыггаг мыхуыргонд дамгъæтæй фыстæй «Ленинон»-ы фæзынд, авдазон скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд, æмæ уыди, нæ абана æвзæр кæй куыста, уый тыххæй. Йæ фæстæ фæзындысты æндæр æрмæджытæ.

Иу хатт районы газеты редакцимæ дæр бацыдтæн. Баййæфтон дзы — бæрнон секретарæй куыста, æнхъæлдæн — Хосроты Михалы. Ацæргæ лæг уыди, фæлæ мемæ, цыма йе ’мгар уыдтæн, ахæм ныхас фæкодта.

Мæ уацхъуыдтæ мыхуыры фæзындысты «Рæстдзинад»-ы дæр. Кæд-иу цалдæргай рæнхъытæ йеддæмæ нæ уыдысты, уæддæр зæрдæйæн уыйбæрц циндзинад хастой, æмæ йын абарæн ницæимæ уыд.

Ме ’мкъласонтæй ма газетмæ фыссыныл архайдта Хуыдæлты Хадзыби. Иу хатт æм писмо дæр æрæрвыстой. Æстæм къласы ахуыр кодтам, афтæ йæм æрбахастой, фыстытæ иууылдæр машинкæйæ мыхуыргонд кæм уыдысты, ахæм писмо. Чи йæм хъуамæ æрæрвыстаид, зæгъгæ, иууылдæр дисы бацыдыстæм æмæ йæ алыварс амбырд стæм. Æнхъæлмæ кастыстæм, кæд æй байгом кæндзæн, уымæ, фæлæ Хадзыби нæ тагъд кодта. Писмо йæ дзыппы нывæрдта, æмæ йын цы нæ фæкодтам, райхал-ма йæ, зæгъгæ, уæддæр нæ бакоммæ каст. Уæдмæ урок райдыдта, æмæ скъоладзаутæй алчи йæ бынаты сбадти. Адæмæй писмойы хабар уайтæккæ дæр æрбайрох, мæнæн та мæ цымыдисдзинадыл æфтгæ цы бакодта, æндæр къаддæр нæ фæци. Иуафон Хадзыби къонверт райхæлдта — мæн йеддæмæ уыцы хъуыддаг ничи бафипайдта — æмæ дзы систа сыфы æрдæг гæххæтт. Фыстытæ уым дæр уыдысты машинкæйыл мыхуыргонд. Фæстæдæр мæм Хадзыби йæ писмо равдыста. Куыд рабæрæг, афтæмæй фæсивæды газетмæ арвыста йæхи конд дзырдбыд, æмæ йæм писмо дæр уый фæдыл æрæрвыстой. Цы йæм фыстой, уыдæттæ мæ ферох сты, фæлæ мæхинымæр дис кодтон дыууæ хъуыддагыл: дзырдбыд саразынмæ йæ ныфс кæй бахаста æмæ йæ иу адæймагæн дæр куыд не схъæр кодта, ууыл. Мæ цæсты Хадзыби дзæвгар сырæзт. Уыцы писмойы фæстæ мæм не ’ппæтæй зондджындæр кæсын райдыдта. Дзырдбыд саразын хуымæтæджы хъуыддагыл нæ нымадтон. Æрмæст тырнындзинад фаг нæ уыд, хъуыди зонындзинæдтæ, стæй цыма редакцийы кусджыты æмсæр у, ахæмыл æй банымадтой æмæ йæм хуымæтæджы писмо дæр не ’рæрвыстой, фæлæ машинкæйыл мыхуыргондæй...

Дæсæм къласмæ куы бахызтæн, уæд нæ хъæумæ кусынмæ æрæрвыстой пединституты студентты. Иуцалдæры мыггаджы дзы фæсаууонмæ зыдтон. Стæй сæ мыггæгтæ нæ, фæлæ ма сæ уацмыстæм гæсгæ дæр. Бæгъиаты Хъазыбег, Гапты Альберт, Цæрукъаты Таймураз, Тыбылты Солтан, Гæдиаты Тотырбег, Боциты Солтан, Дзуццаты Эльбрус... «Мах дуджы» дзы иу æмдзæвгæ дæр кæмæн бакастæн, уыдонæй алчидæр цыма мæ хæстæг кæнæ мæ хъæуккаг уыд, афтæ нымадтон. Бирæ æмдзæвгæтæ дзы, ахуыр сæ нæ кодтон, афтæмæй мæ зæрдыл бадардтон. Абон дæр мæ нæ рох кæнынц Тыджыты Юрийы æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

 

Уæд дæ рафауæг та чи у:

Хорздзинад дын уарзы цæст.

Иунæг зæрдæ и мæ риуы,

Айста йæ æндæр æрмæст.

 

Æмæ уыцы лæппутæй чидæртæ ам ис, зæгъгæ, куы фехъуыстон, уæд куыннæ бацин кодтаин, сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ æмдзæвгæйау кæмæн зæланг кодтой, уыдоны мæхи цæстытæй кæй фендзынæн, ууыл. Фыццагдæр кæимæ фембæлдтæн, уый уыди Бæгъиаты Хъазыбег. Мæ хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ цæмæдæр гæсгæ Тыджыты Юримæ сардыдта, уый, дам дын баххуыс кæндзæн. Æцæгæйдæр мæм Юри зæрдиагæй байхъуыста. Уæдмæ цы ’мдзæвгæтæ ныффыстон, уыдонæй йæм иу раттон. Бирæ рæнхъытæ дзы аивта, бирæ ныхæсты сæрмæ æндæртæ ныффыста æмæ мæм æй фæстæмæ куы лæвæрдта, уæд загъта:

— Гъер-ма йæ арвит, кæддæра йæ нæ рауадзиккой!

Юрийæн уымæй размæ мæ хъаст ракодтон, районы газетмæ æмдзæвгæтæ арвитын, фæлæ мын сæ никуыма ныммыхуыр кодтой, зæгъгæ, æмæ, цыма фæсаууонмæ кæйдæр цæуылдæр баууæндын кæнынмæ хъавыд, ахæм ныхæстæ дæр уый тыххæй загъта.

Ме ’мдзæвгæйы рацыдмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд: уайтæккæ дæр мыхуыры фæзынд. «Фæззæг» — афтæ хуынди, фыццагдæр мын мыхуыры цы литературон уацмыс рацыд, уый. Ме сфæлдыстадон фæндаджы уалдзæг — ацы стыр ныхæсты тыххæй хатыр курын чиныгкæсæгæй — райдыдта «Фæззæг»-æй. (Ацы ран мæ зæрдыл æрбалæууыдысты Пушкины ныхæстæ: «И стал „Последний день Помпеи“ Для русской кисти первым днем».

Уыцы æмдзæвгæйы фæстæ базонгæ дæн Хъаммæрзаты Алиханимæ дæр. Æхсызгон ын уыд, мæ фыст мын мыхуыры куы федта, уæд. Раппæлыди дзы, фæлæ мын йæ фиппаинаг дæр загъта. Юрийæ дæр аирвæзт, редакцийы дæр æм хъусдарæг нæ фæци æмæ «Фæззæджы» иу куплеты рæнхъытæ иннæтæй уæлдай уыдысты иугай уæнгтæ къаддæр, æмæ мæ Алихан куы бафарста, афтæ куыд рауад, зæгъгæ, уæд ын дзуапп раттыны бæсты мæхæдæг загътон:

— Афтæ гæнæн нæй?

Цыфæндыйæ дæр мæ фыццаг æмдзæвгæ тынг сразæнгард кодта æмæ ма йæ хæдфæстæ редакцимæ ноджыдæр дыууæ æмдзæвгæйы арвыстон. Иу дзы «Фæззæг»-æй уыди æртæ хатты даргъдæр. Дыууæ дæр иу номыры мыхуыргонд æрцыдысты. Уæд «Ленинон»-ы редакторæй куыста Тлатты Æмзор. Цыппар æмæ йыл ссæдз азы йеддæмæ нæма цыд, фæлæ йыл ахæм бæрнон куыст баууæндыдысты. Фæстæдæр Æмзоримæ бахæлар стæм. Нæ хæлардзинад цыфæнды зын рæстæджы дæр никуы фæцудыдта. Абон дæр нæ ахастдзинæдтæ нæ фендæрхуызон сты. Кæд дзы исты аивта, уæд — æрмæстдæр хорзæрдæм.

Бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ. Цыфæнды зивæггæнагæй дæр бынтон дзæгъæл бадт нæ фæкодтон. Фысджытæ сæхæдæг сæ куыст «бархи æнæбары куыст» (уырыссагау «добровольная каторга») хонынц. Мæ зивæджы хурхыл бахæцын-иу кæм бафæрæзтон, уым мын-иу цыдæртæ бантыст. Мæхи-иу мын æфсондзы бынмæ батæрыны фадат куы фæци, уæд-иу мæ уаргъ, цас мæ бон уыд, уыйбæрц ахастон. Ныффыстон цыдæртæ, цы пайда сты æмæ кæй хъæуынц, уый нæ зонгæйæ. Мæ бон фылдæр æмæ, чи зоны, хуыздæр ныффыссын дæр уыди, фæлæ нæ рауади. Фылдæр кæй нæ ныффыстон, уый фæсмойнаг нæу. Цы ныффыстон, уыдон мин хатты къаддæр куы уыдаиккой, мин хатты тыхджындæр уæвгæйæ, уæд мæхи амондджын хонин. Фæлæ «куы уыдаиккой» æмæ «куы уаиккой» æцæгдзинадмæ ницы бар дарынц. Ацы хъуыдытæ фысгæйæ, мæ зæрдыл иу ахæм хабар æрлæууыд. Субботин Василийы чингуытæй йæ кæцыдæры бакастæн. Уый та йæ æндæр кæмæйдæр фехъуыста...

Фадеев Александр нæ бæстæйы фысджыты Цæдисы сæрдарæй бирæ фæкуыста. Уыцы бынаты уыди суанг йæ амæлæты боны онг. Цыппорæм азты дыккаг æмбис уыдаид, æвæццæгæн, адæмыл хæсты фæстиуджытæ уæлдай тынгдæр куы ’руæз кодтой, уæд фысджыты Цæдисы сæрдармæ æрбацыд иу зæронд ус. Йæ иу къухы лæдзæг, йе ’ннæйы — зæронд хызын, афтæмæй бахызти Фадеевы кусæн уатмæ бацæуæнмæ. Æрыгон чызгæн бамбарын кодта, сæрдаримæ йæ фембæлын кæй фæнды.

— Куы мæ фæрса, чи у, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзынæн? — батыхсæгау кодта чызг.

— Зæронд ус, зæгъгæ йын зæгъдзынæ, кæддæр, зæгъ, æмдзæвгæтæ дæр фыста...

— Мæнæ уал ам æрбад, — бандонмæ йын ацамыдта секретарь, — ныртæккæ йын зæгъдзынæн. — Иучысыл мидсагъæсы уавæры фæуæвгæйæ, дызæрдыггæнгæ сыстад æмæ уыцы нæвæндонæй дуарыл йе уæхскæй бахæцыд.

Фадеев цыдæр фыста, фæлæ дуары уынæр айхъусгæйæ, йæ кусын фæуагъта æмæ секретарьмæ скаст. Уый, цыма цыдæр æгъдау халы æмæ рагацау йæ рæдыдыл сæтты, ахæм хъæлæсыуагæй хатыркурæгау сдзырдта:

— Иу зæронд ус дæм æрбацыди...

— Цавæр зæронд ус? — бустæхуызæй йæ сонт фарст акодта лæг.

— Тынг зæронд ус. Лæдзæджы æнцæйтты тыххæй цæуы. Мæгуыр... Æмдзæвгæтæ, дам, фыстон.

Фæстаг ныхæстæ айхъусгæйæ, Фадеев фæфæлмæндæр. Иуцъус æдзæмæй алæууыд, стæй, цыма зæронд ус кæй æрбацыд, уый чызджы аххос уыд, афтæ бардзырд дæттæгау загъта:

— Фæдзур æм...

Чызг йæхинымæр сцин кодта, цыма, дзæбæхæй рацæуæн кæцæй нал уыд, уырдыгæй сæрæгасæй раирвæзт, уыйау æмæ феддæдуар. Чысыл фæстæдæр къæсæрыл æд лæдзæг æмæ æд хызын æрбахызт зæронд ус. Фадеевмæ хæстæгдæр цы бандон уыд, ууыл æрбадт, йæ дзæкъулы зæронд йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ йæ лæдзæгыл æрæнцойгæнгæйæ загъта:

— Зын цард мæ æрбахуыдта ардæм, Алыксандры фырт. Базæронд дæн. Чи мын баххуыс кæна, иу ахæм адæймаг ацы зæххыл нæй. Дæуыл ма мæ зæрдæ дардтон æмæ дæм æрбацыдтæн...

Фадеев йæ тымбылкъухтæ йæ ныхмæ ныббыцæу кодта æмæ сагъæсы бацыди, сылгоймагимæ сæ ныхас куыд тагъддæр æмæ хуыздæрæй ахицæн уа, ууыл. Зæронд ус йæ хъæстытæ фæци, уæддæр Фадеев йæ ныхас цæмæй райдайа, уый нæма зыдта. Æваст йæ зæрдыл æрбалæууыд, секретарь ын, зæронд ус æмдзæвгæтæ фыста, зæгъгæ, кæй загъта æмæ йæ афарста:

— Æмдзæвгæтæ фыстай, зæгъгæ мын загътой...

— Фыстон бæргæ æмдзæвгæтæ дæр. Стæй ма ныр дæр искуы иу хатт цыдæртæ ахылы-мылы кæнын...

Фадеев та, дарддæр цы дзура, уый нал зыдта, стæй йæ æваст афарста:

— Иуцалдæр рæнхъы радзурын дзы дæ бон никæцыйæ у?

— Цæуылнæ? — чысыл фæхъæлдзæгдæр зæронд ус æмæ, йæ лæдзæджы æххуысæй бандоныл арфдæр æрбадгæйæ, райдыдта:

 

В лесу родилась елочка,

В лесу она росла,

Зимой и летом стройная,

Зеленая была.

 

Уыцы рæнхъытæ айхъусгæйæ, Фадеев йæ бынатæй фестад, йæ армытъæпæнтæ стъолыл авæрдта, зæронд усмæ æргуыбыр кодта æмæ æппæты диссагдæр хабар фехъусæгау бафарста:

— Уыцы æмдзæвгæ ды ныффыстай?..

— Æз æй бæргæ ныффыстон, дæ фæхъхъау фæуон...

Фадеев йæ бынаты æрбадт æмæ, йæ цæстытæ йæ дыууæ армытъæпæнæй бамбæрзгæйæ, хъуыдыты аныгъуылд. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ сабибонтæ. Æрымысыд, гыццыл лæппуйæ-иу ын уыцы зарæг йæ мад куыд зарыд æмæ-иу, заз бæласы йæ бындзарыл кæм алыг кодтой, уыцы бынатмæ куы ’рхæццæ, уæд-иу йæ цæссыгтæ куыд æркалдысты...

Фадеев зæронд усæн зæрдæ бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, уымæй æмæ йæ къæсæргæронмæ рафæндараст кодта. Уый фæстæ секретарьмæ фæдзырдта æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй зæронд усæн дыууæ курдиаты ныффыссын кæна, иу баххуысы тыххæй, иннæ — фысджыты Цæдисмæ райсыны тыххæй...

Субботин зæронд усы ном æмæ мыггаг нæ фыссы, фæлæ зындгонд зарæг «Заз бæлас»-ы ныхæстæ («Æрзади хъæды заз бæлас...») ныффыста Кудашева Раисæ (1878–1964). Йæ зарæг ын дæс æмæ дыууиссæдз азы æнхъæлдтой адæмон, афтæмæй та йæ ныффыссæг хæрзæрæджыйы онг дæр æгас уыди.

Куыд дзурынц, афтæмæй Кудашева æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта æстдæсаздзыдæй. Мыхуыр сæ кодта сывæллæтты журналты. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг мыхуыры рацыди 1957 азы, нудæс æмæ йыл æртиссæдз азы куы цыди, уæд.

Æвæдза, иунæг ахæм «Заз бæлас» куы ныссадзай литературон хъæды, уæд дæр фаг у. Дæ уацмыстæй иу уæддæр ахæм бынат куы ’рцахса адæмы зæрдæты, уæддæр дæ бон фидарæй зæгъын у: дзæгъæлы нæ фæцардтæн...

Нæ бæстæ сур зæххы æхсæзæм хай куы ахста, уæд фысджыты Цæдисы уæнгтæ дæс минæй фылдæр уыдысты. Уыдонæй алчидæр ахæм «Заз бæлас» куы ныссагътаид, уæд улæфын цас æнцондæр уаид! Ахуыргæндтæ хъæд зæххы «рæуджытæ» хонынц. Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут, дæс мин «Заз бæласы» цы хъæды уаид, уый æрвылбон цас хорздзинæдты цæуид дзыллæтæн!

Литературæ дæр æрдзы иннæ фæзындтыты хуызæн у. Йæ бирæ æдзух — æдзух нæ, фæлæ арæхдæр — йæ хорзыл дзурæг нæу. Бирæ, хорз куы нæ уа, уæд хохæй дæр нæ ахады, хорз чысыл куы уа, уæд дæр хохау куыд ахады, афтæ.

VIII

Куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм цæуынхъом куы фæдæн — уырдæм цæуынхъомыл та нымад æрцыдтæн, мæ мад мæ æндæр сыхтæм уадзын куы райдыдта, уæд — уæд мæхимæ бирæ хистæр фæкастæн. Уыцы заман мæхи тынг æнамондыл нымадтон, саби ма кæй уыдтæн, уый тыххæй. Чындзæхсæв æмæ куывды бадын афон кæмæн уыд æмæ алы ахæм бæрæгбоны дзаг фынджы уæлхъус йæ зæрдæйы дзæбæхæн чи бадти, хæрд æмæ нозт кæй раз уыдысты, уыдонмæ кæсгæйæ-иу мæ комыдæттæ уадысты. Фынджы фарсмæ бадджытæй хæлæг нæ кодтон æппæты хистæр Цогойты Сосæ æмæ-иу йæ фæйнæфарс цы дыууæ лæджы бадт, уыдонмæ. Иннæты раз-иу бадты кæронмæ дзæвгар фæтæнæгдæр, æртæ хистæры раз та-иу, куыд уыди, афтæмæй баззад. Кæд-иу банызтой, уæд стæм хатт, кæд-иу фынгмæ æрæвнæлдтой, уæд та иу комдзагмæ. Дис кодтон сæ фæразондзинадыл. «Нарты кадджыты» дæр ма йæ куы фыстой, дзаг фынгмæ Нарты Уырызмæг дæр нæ лæууыд, зæгъгæ. Нарты Уырызмæгæн нæ зонын, фæлæ Цогойты Сосæ фæрæзта, дзаг фынджы уæлхъус бадгæйæ, бæрæчетмæ фидауцы цæстæй кæсын. Æмæ куы зæгъын, фынджы уæлхъус бадджытæй мæ алкæмæй дæр фæндыди, Сосæ æмæ йæ фæйнæфарс бадджытæй фæстæмæ. Дзаг фынгмæ кæсын дардмæ куы нæ фæрæзтон, уæд æм хæстæгæй кæсын куыд хъуамæ бафæрæзтаин?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.