Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 10 страница



Уыимæ дын йæ дæле бадджытæ! Нуазгæ дæр кодтой æмæ хæргæ дæр. Æрмæст дзы бирæтæн сæ хæрд сæ фарсыл нæ хæцыд... Дæ разы дзаг фынгтæ уæд, дæ алыварс та — æххормаг сывæллæттæ, уæд афтæмæй йæ комдзаг адджынæн чи аныхъуырдзæн? Уыдис дзы, адджынæн æй чи ныхъуырдта, ахæмтæ дæр. Уыдон гæдыйы хуызæн никæй уыдтой, афтæмæй хордтой. Хай-иу сæ чи куырдта, уымæн-иу хъуамæ сæ лæдзæджы кæронæй бахай кодтаиккой кæнæ та-иу сæхи нæхъусæг скодтаиккой. Уыдон кæстæртæн, ома мах карæнтæн, зындгонд уыдысты, æмæ сæм хæстæг нæ цыдыстæм.

Фынджы æгъдаумæ цырддзастæй кастысты уырдыгыстджытæ. Мах хуызæн æххормаггуыбынты йæм хæстæг нæ уагътой. Раст зæгъын хъæуы, бынтон æнæрхъуыдыйæ-иу нæ баззадыстæм. Нæ хардз-иу нын рахастой æмæ-иу æй алырдæм аскъæфтам. Фæйнæ уæлибæхы карсты æмæ-иу нæм дзы фæйнæ дзидзайы кæрдихы кæд æрхауд, уæд — хорз. Æмæ-иу уымæй чи бафсæстаид! Сæрæндæртæ-иу цалдæр чъирийы дæр аскъæфтой, къæбицæй дæр-иу фæфос кодтой, фæлæ фылдæры къухы уый не ’фтыдис. Ахæм заман та хай курынæй хуыздæр хос нæ уыд. Æмæ уырдыгыстæг исчердæм фæцис, уæд дæ хъару ’мæ дæхæдæг — дæ зæрдæ кæуыл дарыс, уымæ фæстæты бауай, фæкæсын æй кæ æмæ дзы хай ракур.

Уыдис-иу ахæмтæ дæр, æмæ уырдыгыстджыты йæхæдæг чи хъахъхъæдта. Лæуджытæй-иу къæбицмæ исчи арахъмæ куы ауад, кæнæ йæм исчи куы фæдзырдта, уæд-иу фынджы уæлхъус бадæг, хæстæгдæр æм-иу цы лæппу лæууыд, уымæ къухæй ацамыдта, рауай-ма, зæгъгæ. Хистæр-иу рагацау йæ дзидзайы карст æмæ уæлибæхы цыппæрæм хай цæттæйæ дардта æмæ-иу æй лæппуйы къухы фæсагъта. Лæууæг-иу æй куы нæ ’рбаййæфта, уæд-иу фысы комæй хал чи нæ раласдзæн, ахæм сабыр лæджы бадт акодта. Бирæты-иу уырдыгыстæг йæ «фыдраконддзинады» уæлхъус æрбаййæфта, æмæ-иу кæд фынджы уæлхъус бадæг йæхицæй хистæр уыд, уæддæр ын-иу бауайдзæф кодта: «Уæхæдæг сæ æвзæр ахуыр кæнут, стæй сæ уый фæстæ фауын райдайут!»

Хистæрты æхсæн уыд бынтон æндæр зондыл хæст адæм дæр. Хай дæр дзы нæ куырдтаис, кæсгæ дæр æм нæ кодтаис, фæлæ-иу æм хæстæг кæй бацыдтæ, æрмæст уый дæр ын тых кодта æмæ-иу æппынфæстаг йæ маст цæмæй ссыдаид, ахæм мадзал ссардта. Дæ номæй-иу дæм фæдзырдтаид. Куы-иу æм фæкастаис, уæд-иу дын загътаид: «Рауай, хай дын авæрон». Батахтаис-иу йæ цурмæ æмæ дыл-иу йæ лæдзæг æруагътаид, уый дын хай, зæгъгæ.

Уыцы бонтæ мысгæйæ, ныр æндæр хъуыдымæ æрцæуын. Кæддæр хæлæг кæмæ кодтон, уыдонæн ныр та тæригъæд кæнын. Сæ фылдæрæн. Сывæллæтты æххормаг цæстытæ уынгæйæ, йæ комдзаг йæ хъуыры кæмæн нæ цыди, къæбæр адджынæн чи нæ хордта. Зын уыди куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ кæнын, æнцондæр нæ уыди ахæм куывдтæ æмæ чындзæхсæвты бадын. Æцæг лæгтæн, æцæг адæймæгтæн. Æрмæстдæр йæхи мæт чи кæны, уымæн зыны дæр æнцон вæййы, æнцоны та йын зын нæ вæййы.

Бынтон æндæрхуызонæй мæ зæрдыл лæууынц Сидæн æмæ Ичъынайы куывдтæ. Уым алцыдæр æмæ алкæй фаг дæр уыди, уымæн æмæ ницæуыл ауæрстой. Цæрадзонтæ æмæ Сидæмонты куывдмæ алчидæр мысайнаг хаста, йæ рæбыны цы зыдта, уымæй фæстæмæ ницæуыл хæцыд. Æмæ-иу цыфæнды заман дæр куывд мæгуырхуызæй нæ разынд. Æфсæст æмæ дзы æххормæгтæ нæ уыди, хайкурджытæ куыннæ уыди, афтæ.

Цæрадзонты кувæндон — Сидæн Къасарайы Æрыдондоны галиу фарс къæдзæхы уæхскыл баззад, фæлæ йæм быдыры дæр куывтой. Куывтой йæм, Цæрадзонтæй йæхи чи хуыдта, уыцы хъæутæй ралидзджытæ. Уыдон та уыдысты Бадыхъæу, Нузал, Нæзыджын, Къора æмæ Уæллаг Зæрæмæг. Алы фæззæг дæр мысайнæгтæй æлхæдтой æмæ ма ныр дæр æлхæнынц кусæрттаг. Уымæй уæлдай кодтой къусбар. Къусбармæ цытæ хаудта, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы зад кæй уыд, уый мæ зæрдыл хорз лæууы. Æмбырд ма кодтой æхца дæр, кусæрттагæн. Хъæубæстæ-иу фæкъордтæ-къордтæ сты æмæ-иу цалдæр куывды дæр сарæзтой. Ичъынайы куывд уыди раздæр. Хъуппеты Дзандар куыд зæгъы, афтæмæй Цæрадзонты куывд вæййы нырхæны мæйы (сентябры) æртыккаг цыппæрæмы, Ичъынайы бон та уымæй дыууæ къуырийы фæстæдæр.

Куывд-иу кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд-иу сбæлвырд кæнын хъуыд, иннæ фæззæджы фысым чи уыдзæн, уый. Ахæм кад-иу кæмæ ’рхауд, уымæн-иу адæмы æхсæн раттой сгуы æмæ бæгæныйы нуазæн. Сидæн æмæ-иу Ичъынайы бонтæ куы ралæууыдысты, уæд-иу фысымты алыварс æрæмбырд сты, хъуыддæгтæм рæвдздæр чи уыд, уыдон æмæ-иу сарæзтой, иннæ уыцы афонмæ сæ зæрдыл кæй дардтой, ахæм куывд.

Кæд мæ сабибонтæ цыфæнды тыхст æмæ уырыд рæстæджытæм æрцыдысты, уæддæр дзы хъæлдзæгдзинад йæхи фæсдуар æрæвæрын никуы бауагъта. Цыфæнды зын уавæрты дæр цард йæхиуæнтæ домдта. Хæст цы цæссыгтæ фæкалын кодта, уыдон афтæ бирæ уыдысты, æмæ адæймаджы зынæй уырныдта, искуы ма зæрдæтæ æртæфсдзысты, æмæ дзы амонд йæ раздæры бынат æрцахсдзæн, уый. Мах цы дыууæ сыхы астæу цардыстæм, уыцы ссæдз хæдзарæй хæсты баззадысты Дзасохты Агуыбе, Аксо, Сослан æмæ Сосыгко, Нартыхъты Гадзыбе, Реуазты Хæсанæ, Барис, Мысост, Муха, Къоста, Савел, Афæхъо, Цуцаты Бадджери, Дзусты Васкæ. Хæсты рæстæджы немыц амардтой Реуазты Уырдыс æмæ Мысырыхъойы.

Ссæдз хæдзарæй фæхъуыд æхсæрдæс амæй-ай гуыппырсардæр лæппуйы. Уыйбæрц зиантæ цы дыууæ сыхыл æрцыд — ахæм сыхтæ та хъæуы дæсгæйттæ уыд — уырдыгæй ма искуы фæндыры цагъд райхъуысдзæн, уый æнхъæл адæймаг нал уыд. Фæлæ райхъуыст. Стæй канд мах сыхæй нæ — хъæуы цал фæндыры уыд, уал раны-иу изæрыгæтты сарæзтой къæрццæмдзæгъд хъазт æмæ-иу хистæртæ, кæстæрты кафтмæ кæсгæйæ, мысыдысты се ’взонг бонтæ, раздæхæн кæмæн нал уыд, уыцы амондджын дуг.

Иу заман нæ сыхæн фæндыр фаг нал уыд æмæ балалайкæты «сдзурын» кодтой. Кæд ма исты зонын, уæд сæ уыцы хъуыддагыл нæхи Алиханты Аслæнбег фæцалх кодта. Йæхæдæг дæсны цагъта æмæ йæхи балалайкæйыл иннæтæн дæр цæгъдын амыдта. Иууылдæр мæлæты зæрдæргъæвд разындысты. Цыма сæ фесхойын йеддæмæ ницы хъуыд, уый хуызæн æмхуызонæй февнæлдтой. Алы хæдзары дæр, зæгъæн ис, æмæ балалайкæ разынд. Нæхи Дибæхан дæр хуымæтæджы къухты хицау басгуыхт! Балалайкæйæ цæгъдын куыд фæцахуыр, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Цыма цæрæнбонты дæр афтæ дæсны цагъта, уый хуызæн йе ’нгуылдзты змæлдыл цæст нæ хæцыд. Æз-иу æм кæсынæй нал æфсæстæн. Кастæн æмæ дис кодтон йæ арæхстдзинадыл. Иуæй-иу хатт-иу мæм йæхæдæг дæр æрбакаст, йæ мидбылты-иу бахудт, æмæ-иу балалайкæйы зæланг ноджы фæтынгдæр. Иуцалдæр цæгъдæджы-иу куы баиу сты, ахæм изæртæ дæр-иу скодта. Уæд-иу æрæмбырд уæлдай фылдæр адæм. Хъазтмæ-иу æрцыдысты хистæрæй-кæстæрæй. Хуынтæ-иу чи рахаста, ахæмтæ дæр уыди.

Æвæдза, рæстæджытæ куыд тагъд ивынц! Æз ахæм хъæуы хъомыл кодтон, æмæ æнæхудæй цæуын ронбæгъд уæвынæй уæлдай кæм нæ уыд, гомсæр æмæ бæгъæввадæн иу кад кæм кодтой, растдæр зæгъгæйæ та дзы иуæн дæр кад кæм нæ уыди. Чындзæхсæв, чызгæрвыст кæнæ æндæр исты бæрæгбоны рæстæджы-иу хъазтмæ нуазæн куы рахастой æмæ-иу дзы арахъхъы сыкъа куы уыди, уæд-иу йæ хицæуттæ зын уавæры бахаудысты: кæмæ-иу æй авæрдтаиккой, уый нæ уыди, уымæн æмæ-иу лæппу-фæсивæд фæскъуымты абырыдысты, мæнæн исгæ куы ’рцæуа æмæ йæ нуазын куы бахъæуа, зæгъгæ. Арахъхъы нуазæн райсыны бæсты кæцыфæнды лæппу цалдæр кафты скæныныл дæр сразы уыдаид. Ныр та, æнхъæлдæн æмæ, хъуыддæгтæ бынтон иннæрдæм ныззылдысты. Иу хатт акафыны бæсты цалдæр чи бануаздзæн, уыдон фæфылдæр сты. Стæй уæды хъазт æмæ ныры хъазт кæрæдзимæ дæрддзæф лæууынц.

Фæскуыст-иу алчи йæ уынджы цы хъазт сарæзта, уым ныртæккæйы дынджыр, фондзыссæдз адæймагæй уæлæмæ кæм вæййы, уыцы хъазтæй фылдæр циндзинад уыд. Ноджы-иу фæндыры уæлхъус цалдæрæй куы алæууыдысты æмæ-иу дзы иу куы базарыд, иннæтæ та йын фæндыры æмхъырнд куы бакодтой, уæд ма уымæй диссагдæр адæймаг хъусгæ дæр цæмæ бакодтаид æмæ кæсгæ дæр. Зарæггæнæг канд зындгонд ныхæстæ нæ фæзмыдта, фæлæ мысыди йæхиуæттæ дæр. Кæм-иу дзы, чи кафыд, уыдонæй искæй фæрæхуыста кæнæ та-иу æй хуыздæр кафынмæ сразæнгард кодта. Зарæг-иу фылдæр хатт истой кæрæдзийы дзыхæй. Хъазт-иу йæ тæмæны куы бацыд, уæд-иу фынгты уæлхъус чи бадт, уыдонæй дæр бирæтæ сыстадысты, рæстæгмæ-иу сæ кæрдзын кæнын фæуагътой æфсинтæ æмæ-иу фæсивæды хъæлдзæгдзинадмæ кæсгæйæ хъуамæ сæ чъиритæ дæр басыгъдаиккой. Хъазты-иу бирæтæ сæ амонд ссардтой. Сæхицæн-иу дзы чындзытæ æвзæрстой ныййарджытæ. Ныры хуызæн раджы дæр чындзхæсджытæ æмæ хуындзæуттæ æрвыстой рæсугъддæр æмæ уæздандæр чызджыты, кадджындæр æмæ бакастджындæр лæппуты. Хъазты заман-иу фæсивæдæн фæзынди ног зонгæтæ. Уыцы хъуыддаг-иу йæ къухы кæмæн нæ бафтыди, уыдон та кæрæдзиуыл сæ цæст æрæвæрдтой æмæ-иу фадæттæ ссардтой æндæр ран фембæлынæн.

Кафаг лæппу хæдзар нæ дары, зæгъгæ, ахæм æмбисонд дæр ис ирон адæммæ. Уый æцæг дæр афтæ куы уаид, уæд Ирыстоны фылдæр хæдзæрттæ æнæдарæг уыдаиккой. Чи зоны, æдзухдæр кафгæ чи кодта кæнæ та кафын йеддæмæ чи ницы зыдта, ахæм лæппуйæ загъдæуыд, хæдзар нæ дары, зæгъгæ. Ахæм лæппутæ та хъуамæ хæрз чысыл уыдаиккой. Кадджын уыдысты кафаг лæппутæ дæр æмæ фæндырдзæгъдаг чызджытæ дæр. Адæмы циндзинад-иу фæдывæр, фæндыримæ чи зарыд, уыдонмæ хъусгæйæ. Абон дæр ма мæ хъустыл уайы Цогойты Мухарбеджы хъæлæс. Фæндырдзæгъдæджы фæстæ-иу куы алæууыд æмæ-иу зарæджы «къахдзæф» ацахсгæйæ йæ цъæхснаг хъæлæс куы ныййазæлыд, уæд-иу кафджыты уæнгты змæлд фендæрхуызон, фæндырдзагъд дæр-иу фæтынгдæр, æмдзæгъдыл дæр-иу бафтыд. Уыимæ зарæг, фæндырдзагъд æмæ æмдзæгъд кæрæдзиуыл, саргъ дугъон бæхыл куыд фидауа, афтæ фидыдтой.

Исчи зæгъдзæн, алы фæлтæр дæр йæхи рæстæгæй феппæлы, зæгъгæ. Чи зоны, афтæ чи ахъуыды кæна, уый нæ фæрæдидзæн. Фæлæ, йæ рæстæгæй чи феппæлы, уый дæр, мæнмæ гæсгæ, нæ фæрæдийы. Алы хъуыддаджы рæстдзинад дæр абаргæйæ разыны. Мæ рæстæджы цы хъазт уыди, уымæн, зæгъæн ис, æмæ ныртæккæйыуонимæ иумæйагæй ницы ис. Заргæ ныртæккæ дæр къаддæр нæ кæнынц. Чи зоны, нырæй фылдæр зарджытæ хъазты никуы уыди, фæлæ кæддæры хуызæн цæсты ахадой, уый æнхъæл нæ дæн. Раздæр-иу зарæг хъазты фидауц бæрзонддæр систа, ныры зарæг та йæ йæ быны акæны. Иугæр музыкалон инструменттæ скуыстой æмæ ма сыл микрофон дæр бафтыд, уæд кувæг æмæ амменгæнæг нæ, фæлæ цæвæг æмæ марæг кæрæдзийы нал фембарынц. Дæ амонд куы уа, уæд «музыканттæй» дарддæр бадт фæуыдзынæ æмæ дæ, чи зоны, дæ хъусты къæрмæджытæ тъыссын ма бахъæуа. Фæлæ дын уæддæр, цалынмæ зарæг фæуа, уæдмæ дæ фарсмæ бадæгимæ иу ныхас скæныны фадат нæ фæуыдзæн, уымæн æмæ, хъæлæсыдзаг куы хъæр кæнай, уæддæр дæ нæ фехъусдзæн.

Æмдзæгъды хабар дæр хуыздæр уавæры нæй. Мæ рæстæджы тынгдæр къухтæй æмдзæгъд кодтой. Иуæй-иуты къухæмдзæгъд афтæ цъæхснаг уыд, æмæ-иу æм адæм æркастысты, уыдон цавæр армытъæпæнтæ сты, зæгъгæ. Уыдон та-иу уыдысты хуымæтæг кусæг лæппуйы фидар армытъæпæнтæ, адæймаджы дисы чи æфтыдта æмæ йын уыциу рæстæг цин чи хаста.

Стыр хъазты-иу æмдзæгъд кодтой лæдзджытæй дæр. Даргъ фæйнæгыл-иу дыууæрдыгæй хæцыдысты, астæуæй та-иу цалдæрæй æмдзæгъд кодтой. Уый дæр къухæмдзæгъдау фæндыры цагъдимæ тынг фидыдта.

Æмдзæгъд кæныны рад-иу кæмæ ’рхауд, уый-иу фырцинæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта, уымæн æмæ йæхи хъазты архайæгыл нымадта. «Æмдзæгъд!», зæгъгæ-иу кафæг æмдзæгъдгæнджытæм куы басирдта, уæд-иу сæ лæдзджыты къæрцц дзæвгар фæрæвдздæр, кафт та-иу йæ тæккæ тынджы бацыд. Ныр къухæй арæх нал æмдзæгъд кæнынц, лæдзæгæй æмдзæгъд кæнын та бынтон ферох. Йæ бæсты нæм фæзынди гуымсæг, фæндырдзагъдимæ чи нæ фидауы, арæх æй йæ быны чи фæкæны. Сæйрагдæр та, нæ фыдæлтæм ахæм æмдзæгъдгæнæг никуы уыд...

Уæлдæр Цогойты Сосæйы кой кодтон, нæ хъæуы хистæр уыдис, зæгъгæ. Чи зоны, уымæй хистæр ма дзы разындаид, фæлæ тæккæ кадджындæр фынгты уæлхъус æгъдау уый лæвæрдта. Йæ рихитæ цъитийы хуызæн урс-урсид уыдысты. Уæз уыди йæ къахдзæфы, йæ ныхасы, йæ куывды, æмæ йæ алчи йæ бæрæгбоны фынджы хистæрæн уымæн бадын кодта. Уынгты-иу уæзбын къахдзæфтæгæнгæ йæ лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ куы фæцæйцыд, уæд ын æгъдау лæвæрдтой кæстæрæй-хистæрæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй. Бадгæ чи кодта, уыдон ын-иу куыннæ сыстадаиккой, лæугæ чи кодтаид, уыдон-иу ын сæ сæртæй ныллæг куыннæ акуывтаиккой! Сæ чъирикувæгæй стырдæр æгъдау кæмæн хъуамæ лæвæрдтаиккой, сæ куырыхон хистæрæй хуыздæр кад кæмæн хъуамæ кодтаиккой!

Уæлдæр ма кодтон Цогойты Мухарбеджы кой дæр, хъазты уымæй зарагдæр нæ уыди, зæгъгæ. Уæвгæ, чи зоны, хуыздæр чи зарыд, ахæмтæ дæр разындаид, фæлæ дзы æз мæ зæрдыл Мухарбеджы бадардтон. Уый хъæлæсæй цъæхснагдæрæй мæм никæй хъæлæс æрбайхъуысы мæ сабидугæй, уымæй тынгдæр мын ничи æрымысын кæны фæндырдзагъд æмæ хъырнын, фæндырдзагъдимæ зарын.

Дзæвгар рæстæг фæхаста «усгуры» ном Мухарбег. Чындзæхсæвмæ-иу ын цы галтæ схастой, уыдон-иу базæронд сты, Мухарбег та ма-иу уыцы лæппуйæ лæууыд. Бирæ азты Сосæ хъæуы хистæрыл нымад уыд, йæ фырт Мухарбег та усгурыл. Йæ афон куы ’рцыд, уæд хъуыддаг бакодта Мухарбег. Бирæ азты йæ хорздзинады абадынмæ чи бæллыд, уыдоны нæ фæфыдæнхъæл кодта: сарæзта сын нæртон чындзæхсæв...

Йæ заманы, Сосæйыл цал азы цæуы, уымæй искæй бафæрсын мæ зæрды никуы ’рæфтыд. Æрæджыйы онг нæ зыдтон, Мухарбег бинонты хъуыддаг цалаздзыдæй бакодта, уый дæр. Цалдæр мæйы размæ дыууæ хъуыддагæй дæр Мухарбегæн йæхи бафарстон. Йæ дыууæ дзуаппы дæр мæ дисы бафтыдтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй, Сосæ фынддæс æмæ æртиссæдз азы йеддæмæ нæ фæцард, ныртæккæ Мухарбегыл цас цæуы, уымæй чысыл фылдæр, фæлæ Мухарбеджы хъæуы зæронд дæр ничи рахондзæн, хъæуы зæронддæр кæй нæу, уый тыххæй, стæй йæ азтæй æрыгондæр кæй зыны, уый тыххæй дæр. Уæдæ бинонты хъуыддаг дæр, адæммæ куыд каст, афтæ æрæджиау нæ бакодта: цыдис ыл æхсæрдæс æмæ ссæдз азы. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ, мæныл, мæ иунæджы цардæн хæрзбон куы загътон, уæд уымæй кæд чысыл фылдæр цыд, уæддæр мыл адæм сæ цæст, Мухарбегыл куыд æрæвæрдтой, афтæ не ’рæвæрдтой.

Дыууæ дзуаппыл дæр уымæн фæдис кодтон...

Мæ мадымад Лези — мах æй Дзыцца хуыдтам — афтæ дзураг уыд: «Абон райсомæй цы бахордтон, уый мæ ферох, фæлæ рагон хабæрттæ мæ зæрдыл хорз лæууынц». Мæхæдæг дæр, æнхъæлдæн, ахæм уавæрмæ фæцæуын. Ивгъуыд бонтæ мæ цæстытыл кæддæры хуызæн ирдæй уайынц. Уæлдай тынгдæр мысын хъæуы цард. Мæ сыхæгтæ мын кæддæриддæр зынаргъ уыдысты, фæлæ мыл цыма цас фылдæр азтæ цæуы, уыйас мæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæнынц, афтæ мæм кæсы. Иуæй-иу æхсæв мæм хуыссæг хæстæг куы нал фæцæуы, уæд арæх мæ хъуыдыты нæ хъæуы балæууын. Нæ сыхы кæй хæдзары къæсæрæй нæ бакæсын, ахæм нал баззайы. Мæ цæстыты раз сыстынц бирæты сурæттæ...

Цал æмæ цал азы рацыд, хъæуæн хæрзбон куы загътон, уæдæй нырмæ! Ставд нымадæй уыдон дыууиссæдзæй фылдæр сты. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыд уæдæй нырмæ нæ сыхы. Æз дзы кæй зыдтон, уыдонæн сæ фылдæр — хистæртæ та, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр — се ’нусон фæндагыл ацыдысты.

Æппæты разæй нæ сыхы чи амард, уыдон тынг цъæррæмыхстытæй хъуыды кæнын. Хæрз сывæллон уыдтæн, афтæмæй нæхимæ кодтой Хъантеты Буцайы лæппу Юрик æмæ йæ чызг Верæйы марды кой. Дзырдтой Реуазты Афæхъойы иунæг фырт Дзаххотт дæр, дам, амард. Уый фæстæ æвирхъау хабар айхъуыст хъæуыл. Немыц Даргъ Хуымты амардтой, нæ хæддæле чи цард, Реуазты уыцы Мысырыхъойы. Амардтой йæ, не скомкоммæ чи цард, Реуазты иннæ уыцы лæппу Уырдысимæ. Фондз азы йеддæмæ мыл нæ цыди, фæлæ Уырдысы ныгæнæн бон хъуыды кæнын. Уый фæстæ амард нæхи Ладийы мад Гуассæ, Хъантеты Боци, Дзегка, нæхи Бибо, Хъантеты Дзæлиго, йæ чызг Елетхан. Кæй ранымадтон, уыдон, Елетханæй фæстæмæ, хорз нæ хъуыды кæнын. Стæй Елетханæн дæр йе ’ддаг бакастæй мæ зæрдыл ницы лæууы, фæлæ куыд цæрдæг уыд, уый мæ цæстытыл уайы...

Нæ кæрты астæу хосы уæрдон акалдæуыд, æмæ сыхы сывæллæттæ йæ алыварс дугъ систой. Цæмæдæр гæсгæ дзы Елетхан уайы мæ цæстытыл йæ алыварс тæхгæйæ. Цыма йæ баййафыныл архайынц æмæ йæ бон никæмæн у. Бæстæ хъæр æмæ ахст сси. Æппæты амондджындæрыл йæхи нымайы Елетхан, уымæн æмæ йæ баййафын йæ бон никæмæн у...

Елетхантæ нæ хæдуæллагфарс цардысты. Сæ хæдзары къул мах цæхæрадонимæ æмарæн кодта. Сæ рудзгуытæй та иу цæхæрадонмæ «касти». Мæ мад-иу Дзæлигойы, Елетханы мады, арæх æрымысыди. Сæрдыгон цæхæрадоны кусгæйæ-иу куы сдойны дæн, уæд, дам-иу æй цыма Дзæлиго зонгæ кодта — сæ рудзынг байгом æмæ-иу мын хъæзын къусы къуымæл ралæвæрдта, дæ ком ауазал кæн, зæгъгæ. Мæ мады уыцы ныхæстæ мæ нæ рох кæнынц. Никуы ферох кæндзынæн Дзæлигойы ном дæр...

Æвæдза, нæ сых тынг стæнæг и. Утæппæт хистæртæй ма баззад æрмæстдæр цыппар. Нæхи Лубæ, дæс æмæ йыл цыппарыссæдз азæй фылдæр цæуы, æмæ Хъантеты Геор, фондз æмæ цыппарыссæдзаздзыд. Реуазты Венерæ æмæ нæхи Тамарæ (Хъодзасон) уыдонæй дзæвгар кæстæр сты, фæлæ уæддæр хистæрты бынатмæ бацыдысты.

Куы зæгъын, утæппæт хистæртæй цыппар йеддæмæ æгас ничиуал у. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй ма бирæ азты хистæры ном æнæниз æмæ зæрдæрухсæй фæхæссой. Нæ сыхы иннæ цæрджытæй мæнæй хистæр иу дæр нал ис. Ацыдысты канд хистæртæ нæ. Кæстæртæй дæр бирæтæ нал сты (уæле дæлæмæ райдайон): Дзасохты Баса, Сæли, Тамарæ, Сослан, Мария (Касиан), Бутускæ, Гагуыдз, Лади, Уæлгæ, Хъазыбег, Дзусты Елена (фондзыссæдз азæй фылдæр фæцард), Дзитойты Алихан, Дзасохты Алихан, Налди, Амырхан, Аслæнбег, Хъантеты Хаджумар, Лазигка, Валодя, Федыр, Реуазты Маринæ, Сафонка, Ирæ, Дзасохты Хæмысиат, Чабæхан, Хадзыби...

Мæ мад æвирхъау мард акодта. Дыууæ ’мæ дыууиссæдз азы размæ. Куыд æмæ цы уавæрты, уыдон мæ чингуыты фыст сты. Цалдæр сылгоймагæй, гутæтты сæр бадгæйæ, суадоны сæрты æрбацæйхызтысты. Гутæтты цæлхытæ дзыхъхъы куы ныххаудысты, уæд Веринкæ гутон здахæн рулмæ йæ фæсонтæ ’рхаста æмæ мæлæтдзаг цæф фæци. Йемæ чи бадт, уыцы устытæй иу уыди Цогойты Гуассæ. Гуассæ мын æй йæхæдæг дзырдта. Уыцы хабар куы базыдтон, ууыл афтæ бирæ нæма цæуы. Гуассæйы бæлвырддзинæдтæй бафæрсынмæ хъавыдтæн, æмæ мын ахæм фадат уæвгæ дæр фæци, фæлæ мын, хъыгагæн, ницуал радзурын йæ бон баци. Тынг базæронд, стæй уæдæй нырмæ азтæ дæр чысыл нæ рацыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.