Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 4 страница



Мæ мады карздæр æлгъыстытæй иу мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Куы смæсты — мæсты тынг стæммæ кодта — уæд ын-иу йæ маст æппæты тынгдæр ахæм дзырдтæ ссæуын кодтой: «Фæсмон фæкæн!» Йæ заманы уыцы ныхæстыл никуы ахъуыды кодтон, се ’мбæхст хъуыды мæм фæстагмæ хъарын райдыдта...

Епхиты Зауырбег йеддæмæ мæнæн директор нæ уыди. Фыццаг къласы фыццаг бонæй æвдæм къласы фæстаг боны онг не скъолайæн разамынд лæвæрдта Алиханы фырт. Нæ хъæуккаг нæ уыди, афтæмæй Бæрæгъуыны кадджындæр лæгтæй иу сси, йæ хæдæфсармдзинадæй, йæ уæззау зондæй, йæ куырыхондзинадæй. Зауырбег Æрыдонæй æрбалыгъд. Мах хъæуы хæсты рæстæг æрцард. Зауырбеджы тыххæй дыууæ ныхасы зæгъыны размæ уал нæ ног скъолайы хабæрттæ хæрз цыбырæй радзурон.

Æхсæрдæс азы цæрæнбон йеддæмæ йын хъысмæт нæ саккаг кодта. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, ууыл афæдзæй чысыл фылдæр куы рацыд, уæд, йæ сæрмæ цы сау мигътæ æрæмбырд, уыдон скъолайæ «скъолайы хæлд» сарæзтой. Хъыгагæн, афтæ хуынди бирæ азты дæргъы адæмы уарзондæр бæстыхай, немыц æй куы фехæлдтой, уæд.

Бæрæгъуын немыцы къухмæ хæсты дыккаг аз зымæджы бахауд. Тыхгæнджытæ адæмы зæрдæ æппæты тынгдæр цæмæй скъахтаиккой, ууыл сæ бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд: фехæлдтой, алы хæдзармæ дæр рухс кæцæй калд, уыцы агъуыст. Немыцæн фæци къæссайы комыл хæцджытæ дæр. Хъæубæсты хистæртæй, дам, иу, немыц скъола халынвæнд скодтой, уый куы базыдта, уæд сын афтæ зæгъы: «Цæмæн æй халут, хъæу уæ къухы куы ис, æмбырдтæ кæнынмæ уын уæддæр бæздзæн». Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, нæхи хъæуккаг пъæлицæйаг цæхæртæ акалдта: «Халын æй хъæуы, халын! Ардыгæй бирæ бардаччытæ рацыд!» Æмæ йæ фехæлдтой.

Скъола æнæхæлдæй нæ хъуыды кæнын. Уæд ма æз хæрз сывæллон уыдтæн, стæй йæм мах дæрддзæфгомау цардыстæм. Уыйхыгъд, «скъолайы хæлд» æппæты тынгдæр кæй зæрдыл лæууы, уыдоныл мæхи банымайын мæ бон у. Æнæхъæн скъолайæн æмæ хæлд скъолайæн æппындæр иумæйагæй ницыуал баззад, кæд сæ бындур æмæ сæ къултæ иу уыдысты, уæддæр. «Хæсты размæ» æмæ «хæсты фæстæ» куыд алыхуызæттæ уыдысты, уымæй ноджы тынгдæр хицæн кодтой «скъола», æмæ «скъолайы хæлд». Кæд скъоламæ раст фæндæгтæ хуыдтой, ахуырдзаутæ сыл зæрдæхъæлдзæгæй уадысты, уæд скъолайы хæлдмæ та сидтысты, галиу, фыдуагдзинадыл сæ чи амидин кодта, ахæм фæндæгтæ.

Немыц мах хъæуы фесты 1942 азы 31-æм октябрæй 25-æм декабрьмæ — ома æдæппæт мæй æмæ 26 боны. Ирыстоны зæххæй сæ куы асырдтой, уæдмæ дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыд. Адæм сындæггай сæ чемы цæуын райдыдтой. Чи йæ хæлд хæдзар аразынмæ бавнæлдта, чи йæ дзаумайы муртæ æмбырд кодта: кæмæн сæ немыц алырдæмыты фæхастой, кæмæн та сыл йæхи сыхæгтæ фæхæлоф кодтой (хъыгагæн, ахæмтæ дæр разынд), чи йæ фосы агуырдта. Æрмæст скъола аразынмæ бавналынмæ йæ ныфс ничи хаста — уымæн уæлдай фылдæр фæрæзтæ хъуыд. Уыцы рæстæг скъолайы бынат æрцахста «скъолайы хæлд», «хæлд скъола» нæ, фæлæ. Ардæм хъæуы алы кæрæттæй æмбырд кодтой лæппутæ æмæ, хистæрты цур сæ тæккæ фыдуагдæр йæ ныфс цы хъуыддагмæ нæ бахастаид, уый æппæты фырнымддæр æмæ сабырдæр уæндонæй кодта. Хъазыдысты къам æмæ æхцайæ, нæ ауæрстой æвзæр дзурыныл. Уæлдайдæр куы фæуалдзæг кодта æмæ скъолайы хуссайраг дæргъæй-дæргъмæ къул хуры тынтæ куы батавтой, уæд ма-иу æхцайæхъазджыты уымæй хуыздæр цы хъуыд! Æхцайæ хъазыдысты дыууæ хуызы — села æппаргæйæ æмæ æвзист абази, арæхдæр æрхуы суари къулыл цæвгæйæ. Хур бон-иу селайæ æппарджытæ дæр къулыл цæвджытыл бафтыдысты. Ахæм рæстæджытæ скодта, æмæ-иу се ’ппæтæн бынат куынæуал уыд. Хатгай-иу хуыздæр хъазджытыл æрæмбырд сты æмæ, дардæй кæсгæйæ, æхца къулыл чи цавта, уыдоны цæсгæмттæ нæ раиртæстаис. Куыннæ уыди дæсны хъазджытæ! Фæлæ æппæты арæхдæр æмбылдта, æхца къулыл дæсны чи цавта æмæ йе ’нгуылдзтæ даргъдæр кæмæн уыдысты, уый. Фыццаг ныццæвæджы æхца кæм æрхауд, уырдæм-иу ныхъхъавын хъуыдис йæ ныхмæлæууæджы. Уый хъуамæ бацархайдтаид, йе ’хца тæккæ хæстæгдæр баппарыныл, уымæн æмæ цæмæй рамбылдтаис, уый тыххæй хъуамæ дыууæ ’хцайы æхсæн уыдисныйæ фылдæр дæрддзæг ма уыдаид. Ахæм уавæры та æмбылдта даргъæнгуылдзджын.

Скъолайы хæлды хъазыдысты къамæй дæр. Арæхдæр — хистæртæ. Ардæм цыдысты, скъолайы чи нæ ахуыр кодта, суанг уыдон дæр. Фылдæр хæттыты мах, ома кæстæрты, сæ цурмæ цæуын дæр нæ уагътой. Æхцайæхъазджытæ æмæ къамæйхъазджыты (уыдон дæр æхцайыл хъазыдысты) æхсæн-иу быцæутæ æмæ хъаугъатæ дæр рауад, искуы иу хатт ма-иу сын суанг хылмæ дæр асайдта.

Ныййарджытæ сæ сывæллæтты скъолайы хæлдæй тынгдæр ницæмæй хъахъхъæдтой. Иу дзы-иу иннæмæн куы загъта, дæ лæппуйы дын скъолайы хæлды федтон, зæгъгæ, уæд-иу йæ цыфæнды куыст дæр фæуагъта æмæ-иу хъæуы астæумæ фæцагайдта. Ахæм заман-иу скъолайы хæлды уæвджытæй лæбурæджы фыццагдæр чи ауыдта, уый-иу, кæй мад кæнæ фыд уыдаид, уымæн хъуыддаг æмбарын кæныныл фæци. Уый-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхимæ лидзынмæ фæцагайдта. Сæхимæ сардауынæй чи фæтарст, уыдон дæр-иу æнæбары сæ хæдзæрттæ бацагуырдтой.

Скъолайы хæлдмæ цæуджытæ иууылдæр хæлд кæнæ та, рæхджы чи фехæлдзæн, ахæмтыл нымад уыдысты. Мах скъолайы хæлдмæ цыдыстæм хистæрты фæзмгæйæ, цыма уыдонмæ хæстæгдæр куы лæууыдаиккам, уæд тагъддæр адынджыр уыдаиккам, уыдоны кармæ æнцондæрæй бацыдаиккам, уый хуызæн. Фылдæр хæттыты-иу мæм хъазыны рад дæр не ’рхауд, стæй нæ дынджыртæ уадзгæ дæр нæ кодтой. Ахæм бонтæ-иу скодта, æмæ нын кæсыны бар дæр кæд нæ уыд. Уæддæр-иу скъолайы хæлдæй нæ рацыдыстæм. Уым уæвын нæм цыфæнды ран уæвынæй дæр хуыздæр каст æмæ-иу сисы сæрмæ схызтыстæм. Дыууæрдæм-иу ратæх-батæх кæнын систам. Уæвгæ, уырдæм схизын алчи нæ уæндыд, уымæн æмæ тæссаг уыд рахауынæй. Цыппар-фондз метры бæрзæндæн сисы сæр дугъ кæнынмæ алчи йæ ныфс нæ хаста. Хуыцау хорз, æмæ дзы никуы ничи рахауд, фыдбылыз дзы никуы никæуыл æрцыд, æрцæуынæй та тæссаг уыд.

Бирæ азты фæхаста кæддæры скъола «скъолайы хæлды» ном. Йæ саразынмæ къухтæ тынг æрæджиау равдæлдысты. Мæ хъæуккæгтæ, цалынмæ скъолайæн æндæр бæстыхай агуырдтой, уæдмæ дæр фæсивæд дзæгъæл бадт нæ кодтой. Ахуыр кодтой Цомайты Дзекатæ æмæ Дзиботы, стæй ахуыргæнджытæн сæхи хæдзæртты. Иутæ та дзы цыдысты не ’рвадæлты чызг Венерæтæм. Уыдон нæ бакомкоммæ цардысты æмæ йæ уымæй зонын. Венерæ сын цы лæвæрдта, уый нæ зæгъдзынæн, фæлæ сæ цыма гуырдзиаг æмдзæвгæтæ æнæ чиныгмæ кæсгæ дзурыныл дæр ахуыр кодта, афтæ мæм кæсы... Æз дæр ма дзы мæ зæрдыл дыууæ рæнхъы бадардтон: «Деда гамоши, уай чъырыстæн ши». Æз сæ куыд бахъуыды кодтон, афтæмæй сæм сæ фыццаг, ома æцæг хуызæй, æппындæр ницыуал и æмæ уымæ гæсгæ, цы амонынц, уый, Гуырдзыстоны æвзаджы дæснытæ иууылдæр куы ’рæмбырд уой, уæд дæр нал равзардзысты.

Чызджытæ æмæ лæппутæ иуцасдæр кæйдæр къуымты куы фæрахау-бахау кодтой, уæд скъола байгом Мзокты æфсымæртæ — Доци, Дженардыхъо æмæ Гуыргъохъы (Беккуызарты Газиты уæллаг фарс) хæдзары. Уый хъæуы дæллаг кæрон, Урсдоны былмæ хæстæг уыди æмæ бирæтæм дзæвгар фæдарддæр. Ног скъолайы уыди дыууæ агъуысты: иу стырдæр — Доциты хæдзар, иннæйы та — Мзокты Тотырадзы хæдзар, æдæппæт цыппар æви фондз уаты. Гъе æмæ къаддæр агъуысты дыууæ уаты царди скъолайы директор Епхиты Зауырбег. Уыдис ын дзы зæххы хай дæр. Зауырбег кæй хæдзары царди, уыдоны тыххæй мæ иучысыл бæлвырддæр зæгъын фæнды.

Цæвиттон, Мзокты Тотырадзæн уыдис дыууæ хойы: Фатъимæт æмæ Зориа (Зорычкæ). Зорычкæ смой кодта нæхи хъæуккаг Æккæлаты Тæтæрхъанмæ. Фатъимæт зонгæ уыди елхотаг Тотыккаты Муссæимæ. Кæрæдзийы зæрдæйыуаг æмбæрстой æмæ хъуамæ сæ цард баиу кодтаиккой. Уый æфсымæр куы бамбæрста, уæд сæ ныхмæ сыстад. Нæ хъæуккæгтæй мын иуæй-иутæ куыд дзырдтой, афтæмæй йæ хойы йе ’мбæлттæй кæмæндæр дæттынмæ хъавыд. Уыцы хабар Муссæйы хъустыл æрцыд, æмæ сфæнд кодта чызджы Зилгæмæ йæ мадырвадæлтæ Псхацъæтæм ахæссын. Æмæ йæ фæнд æххæст дæр скодта.

Æфсымæрæн æхсызгон кæм уыдаид уыцы хабар фехъусын æмæ йæ хойы агурæг Зилгæйы балæууыд, æрмæст йæ масты фæдыл ацæуыны бæсты сфæнд кодта хинæй рацæуын. Чызджы йæхиуыл æрæууæндын кодта. Загъта йын: «Цалынмæ хабар ничима базыдта, уæдмæ ацы уавæрæй фервæзыныл бацархай. Нæхимæ цом, æмæ дæ æз æгъдауыл арвитдзынæн».

Чызг йе ’фсымæры ныхæстыл дыууæ нал загъта, баууæндыди йыл æмæ Бæрæгъуынмæ ссыди, фæлæ дуне ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ хъуыддæгтæ бынтон æндæрæрдæм æрзылдысты: Тотырадз йæ ныхасæн хицау нæ разынд. Йæ хойы Тотыккатæн раттыныл нал сразы. Ныртæккæ ацы рæнхъытæ куы фыссын, уæд, ома дæс æмæ æртиссæдз азы фæстæ, хъуыддæгты бæлвырддзинæдтæ зын равзарæн сты, фæлæ Фатъимæты хъысмæт ноджы æвирхъаудæр разынд. Тотырадз æй Муссæйæн нал ратдзæн, уый куы базыдта, уæд ын цард ад нал кодта æмæ йæхи амардта. Куыд дзурынц, афтæмæй йе ’фсымæры дамбацайæ. Уæвгæ, ахæм дзурджытæ дæр ис, Тотырадз, дам æй йæхæдæг амардта. Ис æндæр зондыл хæст адæмтæ дæр, фæлæ дзы чи растдæр у, уый, куы зæгъын, уыйбæрц рæстæг рацæуыны фæстæ зын равзарæн у. Кæй кой кæнын, уыдон æгас нал сты æмæ, кæд мæ ныхæстæй исты раст нæу, уæд сæ мæрдтæм хатыр курын. Цы фехъуыстон, уыдæттæ фыссын, сæ рæстдзинады тыххæй та дзуапп дæттын мæ бон нæу.

Фатъимæты æвирхъау хабар фехъусыны фæстæ Муссæйы уæнг амард, боны рухс ын циндзинад нал хаста, хур æй нал тавта. Йæхицæн бирæ зæрдæтæ цы уарзонæй æвæрдта, уый амарды фæстæ йæхæдæг дæр мардæй уæлдай нал уыд. Уый æнæуынгæ нæ уыдысты канд хæстæджытæ æмæ хиуæттæ нæ, фæлæ æцæгæлæттæ дæр. Зыдтой йæ, педтехникумы кæимæ ахуыр кодта, йæ уыцы æмбæлттæ дæр, уæлдайдæр та Дзæхаты Темырхъан. Уый фыста æмдзæвгæтæ, йæхæдæг хъуыды кодта музыкæ. Муссæйы æрвылбоны уавæр уынгæйæ, йæ зæрдæйы дуæрттæ байгом сты æмæ дзы райгуырд, канд æцæг уарзондзинады æнкъарæнтæй конд æмдзæвгæйы рæнхъытæ нæ, фæлæ ма зарæджы мелоди дæр. Схуыдта йæ «Муссæйы хъарджытæ». Горæтмæ куы нæма сæфтыдтæн, уæд дæр уыцы зарæджы кой хъуыстон. Мæ зæрдыл ма дзы дыууæ рæнхъы ныры онг дæр дарын:

 

Абонæй фæстæмæ сусæг уарзондзинад

Макæйуал бадомæд.

 

Институт каст фæуыны фæстæ «Рæстдзинад»-ы æртæ азы бæрц бакуыстаин, афтæ редакцийы уыцы зарæджы кой рауад. Хъаныхъуаты Валодя, газеты уæды редактор дæр уым уыд æмæ нын Темырхъаны хабæрттæ куы радзурид. Мæ хъæуккаг æмæ, дам, мæ ахуыргæнæг уыди. Валодяйы ныхæстæй базыдтон, хæсты фыццаг бонты Муссæ хæцæг æфсадмæ кæй ацыд æмæ фæстæмæ кæй нал раздæхт. Ноджы базыдтон, дыууæ чызджы йын кæй баззад. Сæ иу Волгограды облæсты цард æмæ мын уыимæ фембæлыны фадат нæ фæци, фæлæ ссардтон йæ хистæр чызг Ленæйы — царди Беслæны нартхоры комбинаты поселочы, æмæ йæ фæфæрстытæ кодтон. Уымæй уæлдай фембæлдтæн, Темырхъан 1926–1930 азты ирон педтехникумы кæимæ ахуыр кодта, уыцы фысджытимæ. Уыдон та уыдысты Мамсыраты Дæбе, Бесаты Тазе, Хъайтыхъты Геор æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Техникумы литературон къордæн разамынд лæвæрдта Гуыриаты Гагуыдз.

Темырхъаны чи зыдта, уыдонæй-иу йæ кой кæмæн ракодтон, уый-иу дзы æнæраппæлгæ нæ фæци. Дæбе та мын афтæ загъта: «Темырхъаны хуызæн аив заргæ ирон адæймаджы нæма федтон. Уыдис ын, зæрдæйы уидæгтæ-иу кæмæ базмæлыдысты, ахæм хъæлæс».

Ахæм хъæлæсæй-иу зарыд, æвæццæгæн, Тотыккаты Муссæ æмæ Мзокты Фатъимæты æнамонд æмæ уыциу рæстæг амондджын — ахæм диссаджы зарæг кæй фæрцы райгуырди, уый æрмæст æнамонд схонæн куыд ис! — уарзондзинады зарæг.

О, æмæ не скъола дæр хæсты фæстæ уыцы Фатъимæтты хæдзары уыд. Сæ хæдзар, куыд дзурынц, афтæмæй уæй акодтой æмæ дзы Бæрæгъуыны бирæ фæлтæртæ бирæ азты дæргъы ахуыр кодтой æмæ истой æнæххæст астæуккаг ахуыргонддзинад. Æз æм мæхæдæг дæр дыууæ æви æртæ азы фæцыдтæн, стæй нæ раивтой дæллаг, стырдæр агъуыстмæ — Доциты хæдзармæ.

Хъуыды ма кæнын, уæллаг скъолайы, растдæр зæгъгæйæ та — скъолайы уæллаг агъуысты куы ахуыр кодтон, нæ хъæуы электрон рухс уæд фæзынди. Мæ нымадмæ гæсгæ, уыцы рæстæг скуыста Бехъаны электростанцæ æмæ, раздæр ток кæдæм бауагътой, уыцы бæстыхæйттæй уыди скъола дæр. Махæй уымæй размæ электрон цырагъ зынæй исчи федтаид æмæ не ’ппæтмæ дæр диссаг каст. Кæд цыфæнды цин кодтам, уæддæр нæ цымыдисдзинад къаддæр нæ уыди. Æмæ кæцырдыгæй нæ бафæлвæрдтам электрон телты хъару! Йæ иу тагмæ февналгæйæ куыд цæвы, уый нæ алчи йæхиуыл бавзæрста. Дыууæ телы кæрæдзиуыл андзæвгæйæ цы цæхæр акалынц, уымæ кæсынæй дæр куы бафсæстыстæм, уæд ноджы дарддæр авнæлдтам. Цырæгътæ-иу разылдтам æмæ-иу патроны нæ ручкæтæ стъыстам æмæ-иу пъеро цæхæртæй фæйнæрдæм фæтахт. Хуыцау хорз, æмæ ручкæйы хъæд æфсæйнагæй нæ уыд, æндæр дæ балгъитæг афтæ...

Мæ зæрдыл ма цы лæууы — зымæгон-иу нæ чернилæдæттæ къласы куы ныууагътам, уæд-иу дзы райсоммæ чернилæ ныссалд æмæ-иу æй цалынмæ æртайын кодтам, уæдмæ, цæмæй фыстаиккам, уый нæ уыд.

Ноджыдæр ма Муссæ æмæ Фатъимæты тыххæй иу ахæм хабар. Радзырдта мын æй нæхи хъæуккаг нудæс æмæ æртиссæдзаздзыд Годжиты Уырысби. Иу хатт, сæрд йæ тæккæ тæмæны уыдаид, афтæ Берды суадоны был — ис ахæм суадон Бæрæгъуыны Чехойты Бердты акомкоммæ хъæугæрон Куыройыдонмæ хæстæг — кæрдæгыл бадтысты æмæ «Муссæйы хъарджытæ» зарыдысты. Уыцы хабар Фатъимæты хо Зорычкæ куы фехъуыста, уæд тагъд-тагъд хуын арæвдз кодта æмæ йæ фæсивæдæн суадоны былмæ рахаста. Фæндыди йæ, йæ хойы ном ын куы ссардтаиккой, уый. Æмæ йын йæ фæндон сæххæст кодтой...

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Фатъимæтты хæдзары иу хайы царди Епхиты Зауырбег. Уындджын æмæ кадджын нæлгоймаг уыд Зауырбег. Рæстæмбис асæй бæрзонддæр, йе уæхсчытæ, цас æмбæлд, уымæй чысыл дæлдæр уагъд, дæргъæлвæс цæсгом, цъæх-цъæхид цæстытæ, йæ сæрыхъуынтæ цыма æппындæр сау никуы уыдысты, уый хуызæн — халас. Скъолайы кæрты-иу арæх лæууыд. Æдзухдæр «Беломор» бапъирозтæ дымдта. Йæ иу къах-иу чысыл раздæр æвæрд, афтæмæй-иу иннæуыл æрæнцой кæнгæйæ, хъуыдыты аныгъуылд. Скъолайæн канд дæсны разамынд нæ лæвæрдта, фæлæ ма уыди, йæ предмет — истори — хорз чи зыдта æмæ йæ скъоладзаутæн бауарзын кæнынмæ чи арæхст, ахæм ахуыргæнæг дæр. Къухæй дæр дæсны уыд. Уарзта зæххы куыст. Йæ цæхæрадоны цы халсартæ зад, ахæмтæ ма хъæуы искæмæ уыд, уый æнхъæл нæ дæн. Скъола цалцæг кæныны куыстытæ йæ къуырцдзæвæнмæ никуы батардтой. Алцæуыл дæр-иу батыхст рагацау. Бирæ куыстыты-иу йæхæдæг дæр архайдта. Йе ’ххуысгæнджытæн-иу разамынд йæхæдæг лæвæрдта.

Бирæ нæ дзырдта, фæлæ йæ алы ныхасы дæр уæз уыди. Йæ ныхасæн ын аргъ кодтой ахуыргæнæгæй, скъоладзауæй. Мæхи ахуыргæнæг Верайы хуызæн Зауырбегæй дæр иу схуыст ныхас нæ хъуыды кæнын. Скъоладзаутæ-иу æй дардмæ дæр куы ауыдтой, уæд-иу тæхгæ чи кодта, уый йæ тæхын фæуагъта, хъæрæй ныхас æмæ худгæ чи кодта, уыдон та — сæ дзурын æмæ худын, афтæмæй-иу æфсæрмхуызæй йæ рæзты баивгъуыдтой. Цыфæнды уазал бон дæр, йæ цуры дæ худ ма фелвæстаис, уымæн уæвæн нæ уыд. Кæд йæ царды фылдæр азтæ Бæрæгъуыны арвыста, уæддæр йæ ныхасыхъæд нæ аивта: дзырдта æрыдойнæгты хуызæн. Искæмæ, чи зоны, æрыдойнæгтæ æндæрхуызон дзурынц, зæгъгæ, куы фехъусой, уæд диссаг фæкæсдзæн, фæлæ уым диссагæй ницы ис. Æцæгæйдæр, æрыдойнæгтæн сæхи ныхасыхъæд ис, бæрæгъуыйнæгтимæ йын фемхæццæгæнæн нæй, афтæмæй кæрæдзимæ тынг æввахс цæрæм, стæй уыдонæн дæр сæ фылдæр Уæлладжыры комæй ралидзæг сты. Æрыдойнæгтæ куыддæр зарæгау дзурынц, ныхасы кæрæттæ цыдæр æнахуыр цыбыр фæкæнынц. Зауырбег дæр, цы адæмы æхсæн схъомыл, уыдоны ныхасыздæхт нал аивта.

Верайæ хъауджыдæр Зауырбегыл арæх æмбæлдтæн. Хъæуы уæвгæйæ-иу æй, зæгъæн ис, æмæ алы хатт дæр федтон. Иу хатт та институты сæмбæлдыстæм. Кæцы курсы ахуыр кодтон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Зауырбегимæ æмбар ныхас кæнынмæ мæ ныфс кæм бахастон, уым, æвæццæгæн, хистæр курсытæй кæцыдæры уыдаин. Зауырбеджы та ахуыргæнджыты, чи зоны, директорты курсытæм сæрвыстой, æмæ-иу æй алы бон дæр федтон. Æз фысым кæм уыдтæн, уым мæхицæн хæсыл нымадтон Зауырбегæн æгасцуай зæгъын. Дыууиссæдз азмæ æввахс цæуы уыцы хабарыл æмæ йæ дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ мæ цыма фынджы æгъдæуттæ кæнын нæ бауагъта, афтæ мæм кæсы. Цыбыр дзырдæй, æмдзæрæны фæминас кодтам, мæ цæсгом ма суанг мæ кæддæры директоримæ иу сыкъа баназын дæр бахъæцыд. Нæ фынг кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд фæстаг ныхасы бар мæн уыд æмæ загътон:

— Цæй, уæдæ кæй ахордтам, кæй анызтам, уый нын хæлар уæд!

Зауырбег уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд мын аивæй бамбарын кодта:

— «Кæй ахордтам, кæй анызтам» нæ, фæлæ «цы ахордтам, цы анызтам».

Уыцы ныхæстæ мæ цæрæнбонты нал ферох уыдзысты...

Арæх æрымысын Сопойты Мухарбеджы. Уый та ахуыры хайады сæргълæууæг уыди. Хæрз æрыгонæй хæстмæ ацыд æмæ, йæ къах ахауд, афтæмæй сыздæхт. Арифметикæ нын лæвæрдта. Цалынмæ Мухарбегмæ ахуыр кодтон, уæдмæ хынцинаг скæныныл никуы батыхстæн, алы хатт дæр-иу æй мæхæдæг бахынцын бафæрæзтон, фæлæ Мухарбегæй куы фæхицæн дæн — уый фæстæ нын арифметикæ чи лæвæрдта, уый нал хъуыды кæнын — уæдæй фæстæмæ иу хынцинаг дæр кæронмæ никуыуал скодтон. Чи зоны, Мухарбег афтæ дæсны амыдта, æмæ уымæ гæсгæ хынцинæгты зындзинæдтæ ницæмæ дардтон, чи зоны, фæстæдæр цы хынцинæгтыл æмбæлдтæн, уыдон зындæр уыдысты, фæлæ, куы зæгъын, Мухарбеджы дуг нымайын иу дугыл, Мухарбеджы фæстæ цы рæстæг уыд, уый та æндæр дугыл.

Кæимæ ахуыр кодтон, уыдонæй кæмæ цавæр зæрдæргъæвддзинад уыд, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ дзы нæхи Махарбегæн — Ханджеты Махарбегæн — æмбал кæй нæ уыд, уый бæлвырд у. Уый æппæт предметтæм дæр æмхуызон хорз арæхст. Йæ зæрдыл алцыдæр æнцонæй дардта. Цы хъуыста, уый дæр-иу йæ зæрдыл бадардта, кæсгæ-иу цы бакодта, уый та-иу æй æппындæр никуыуал ферох. Хъуыды ма кæнын: фæлварæнты рæстæг-иу кæнæ йæ хæдфарсмæ сбадтæн, кæнæ йæ хæдразæй. Йæ къухфыст æнцонæвзарæн уыд æмæ-иу ын йæ хынцинæгтæ, мæ цæст дæр не ’рныкъуылдтон, афтæмæй рафыстон. Мæнæй-иу сæ рафыста мæ фарсмæ бадæг, уымæй та, нæ разæй чи бадт, уый æмæ афтæ дарддæр...

Фадат аразæг у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Махарбег æндæр уавæрты куы хъомыл кодтаид, уæд, чи зоны, æндæр фæндагыл ацыдаид, фæлæ йын йæ гыццылæй фæстæмæ йæ риуы дзаг сулæфыны фадат никуы фæци. Хæрз сывæллон уыд, афтæмæй йæ мад амард.

Раджы райдыдта Махарбег хæдзары куыстытæ кæнын. Кæд ма йын хистæр æфсымæртæ æмæ хотæ уыди, уæддæр се ’ппæтæй дæр фыдæбонджындæр уыд. Йæ фыд Ханджейы фарсмæ дзы уымæй æнгомдæр ничи æрбалæууыд. Уис кæнæ мих кæнынмæ цæуы, уæд дæр йæ хуыздæр æмбал Махарбег, хъæдуры хъилтæм — уæд дæр... Ахуыр та ма кæд кодта, уый диссаг уыди. Уæвгæ-иу æй фылдæр хатт ахуыры сæр хъæугæ дæр нæ кодта. Урочы-иу цы фехъуыста, уый йын фаг уыд. Хæдзармæ куыст та фылдæр хатт, кæнæ урочы, кæнæ урокæй урочы ’хсæн цы улæфты рæстæг уыд, уæд кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.