Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 7 страница



Уыцы рæстæджы адæм æхца бакусынмæ дард рæттæм цæуынæй дæр нæ тарстысты. Уæлдай арæхдæр цыдысты Америкмæ. Уыдис дзы мæ мадыфыд Садуллæ дæр. Цас мулк дзы схаста, уый йæ фæдонтæй иуыл исты хуызы куы фæбæрæг уыдаид, уæд мæ иучысыл уæддæр бауырныдтаид, ахæм балцыты цæуын кæй хъуыди, уый. Фæлæ дзы цыма мæ мадыфыдæй уæлдай иннæтæй дæр исы бын ничи фæци, горæты дзы цъæхсæртæ ничи аскъæрдта, афтæ мæм кæсы. Хуыздæр уавæрты нæ бахаудтой, фæстæмæ чи нал раздæхт, уыдон дæр. Иуæндæс æмæ дзы ссæдз азы размæ иуыл — Тауытты Дзамбегыл мæхæдæг дæр сæмбæлдтæн. Америчы фынддæс æмæ дыууиссæдз азы фæци. Йæ райгуырæн бæстæмæ дæр уал азы фæстæ æрбацыд. Æмæ йæм æппæты тынгдæр цæмæ бахæлæг кодтон, йæ уыцы хъæздыгдзинад баст уыд йе ’взагимæ.

Нæ йæ ферох кодта. Дзырдта сыгъдæг дыгуронау. Æрмæст-иу хаттæй-хатт йæ ныхасы иу англисаг дзырд «ноу», зæгъгæ, фæкодта.

Дзамбег царди горæт Сиэтлы, Вашингтоны штаты. Куыд радзырдта, афтæмæй, революцийы размæ Америкмæ чи ацыд, уыдонæй ма уæд бирæтæ æгас уыдысты. Кæрæдзийы зыдтой, кæд алы горæтты цардысты, уæддæр. Сæ фылдæр æнæустытæй базæронд сты. Алкæй дæр дзы нæхимæ рацæуынæй ныфс уыди, æмæ дзы æцæгæлон бæстæйы æцæгæлон адæмæй йæхицæн къайаг ничи равзæрста. Зæрондæй дзы хъуыддаг чи бакодта, уыдонæн та цот нал рацыд, æмæ афтæмæй сæ царды кæронмæ æнхъæлмæ кастысты.

Тауыты-фырты ныхæстæм гæсгæ ирæттæ сарæзтой иумæйаг номхыгъд æмæ-иу бахъуаджы сахат кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдысты. Исчи-иу дзы куы амард, уæд-иу алы горæттæй æрæмбырд сты, æмæ ирон æгъдау куыд амыдта, ахæм кад скодтой зианæн. Уыдис сæм иумæйаг хыгъд дæр. Фæрæзтæ йæм хастой, йæ къух кæмæн куыд амыдта, афтæ. Хъæугæ та сæ кодта, мæгуырдæр чи цард, уыдонæн æххуысæн. Уыцы фæрæзтæ арæхдæр хардз кодтой ингæны фаг зæхх балхæнынæн. Америчы зæхх кæмфæнды дæр зынаргъ у, уæлдайдæр стыр горæтты. Ахæм хабæрттæ иу æмæ дыууæ нæ уыди, чи амард, уый бинонтæм ингæны фаг зæхх балхæнынæн æхца кæд нæ фаг кодта. Уæд-иу иумæйаг хыгъдæй фæрæзтæ дих кæнын бахъуыд. Æмæ-иу радих кодтой. Баныгæдтой-иу, бирæ æхца бакусын æнхъæл йæ райгуырæн бæстæ чи ныууагъта æмæ æнусмæ йæ бинонты, йæ хæстæджыты уындæй æнæхай чи фæци, уыцы лæджы æцæгæлон зæххы.

Айфыццаг мæм нæ хæрæфырты чызг Уырымты Зойæ æрбахаста йæ фыдыфсымæр Гæбисы писмо. Уый дæр, кæддæр Америкмæ чи афтыд, фæлæ фæстæмæ æрбаздæхын кæмæн нал бантыст, уыдонæй уыд.

Йе ’фсымæр Мишкайы хабæрттæ йæм кæцæй байхъуыстысты — Хуыцау йæ зонæг. Æппæты диссагдæр мæм, Цъамадæй, дам, раджы ралыгъдыстут, зæгъгæ, кæм фæрсы, уыцы бынат фæкаст. Цъамадæй Мишка ралыгъд иннæты хуызæн дыууæ æмæ ссæдзæм азы. Гæбис писмо куы ’рбарвыста, уый та уыдис цалдæр æмæ дыууиссæдз азы фæстæдæр. Уал азы Гæбис нæ зыдта, йе ’фсымæр кæм и æмæ цы кусы, уый. Фæйнæ фæндагыл ацыдысты иу мадæй райгуыргæ дыууæ ’фсымæры. Гæбисæн кæйдæр зæххыл йæ фæд фесæфт, Мишка та йæ уарзон адæмы ’хсæн фæцард кадджын æмæ æгъдауджынæй. Йæ хистæр чызг Пæсæ уыдис дохтыр. Тамерлан каст фæци хæххон-металлургон институт æмæ бирæ азты дæргъы кусы Джезказганы наукон-куыстадон иугонд «Цветмет»-ы генералон директорæй. Ис æм цалдæр паддзахадон хæрзиуæджы, лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы Паддзахадон преми, уыдис Казахты ССР-йы Сæйраг Советы депутат. Мишкайы чызг Зойæ сси ахуыргæнæг, уыдис скъолайы директор. Кæстæр, Мурат дæр фæци каст хæххон-металлургон институт, пенсийы ацæуыны размæ уыдис хæххон-металлургон техникумы ахыргæнæг. Мишкайæн канд йæ цот нæ, фæлæ ма йæ цоты цот дæр сты цотджынтæ...

Америкæй уæлдай æхца кусынмæ цыдысты Канадæмæ, Харбинмæ, Бухармæ. Мæ фыды, чи зоны, æхцайы сагъæс уыйас не ’ндæвта, афтид къултæм кæсыны маст æй цас хордта, æмæ æндæр уавæрты ацæрыны тыххæй Бухармæ ацыд. Иуцасдæр дзы фæци æмæ фæстæмæ ссыди. Йемæ цы сласта, уый нæ зонын, фæлæ се ’хсæн æнæмæнг уыди мæ ном дæр. Мæ фыды ссыдыл бирæ нæма рацыд, афтæ æз райгуырдтæн, æмæ мыл сæвæрдта, Астæуккаг Азийы уæвгæйæ, цы дыууæ лæппуимæ базонгæ — Сæлуат (нæ цытджын ахуыргонд Абайты Васо мын куыд загъта, афтæмæй, Сæлуат æмæ Салават иу сты) æмæ Музафер — уыдонæй иуы ном. Кæд искуы хæлардзинады фæрцы искæуыл ном æвæрд æрцыд, уæд уыдоны хыгъдмæ æз дæр бахаудтæн. Мæ номы хуызæн нæмттыл сæмбæлдтæн Казахстаны, зæрæстон зæххыты куы уыдтæн, уæд, Болгарийы — Кырджалийы окруджы цы туркæгтæ цæры, уыдонæй мæ номы хуызæн нæмттæ бирæтыл ис. Стæй тюркаг æвзагыл чи дзуры, уыцы бæстæты Музафер ном арæх æмбæлы. Амонгæ та кæны фæуæлахизуæвæг, Виктор — уæлахиз, мæ ном та — фæуæлахизуæвæг. Ирон адæмы æхсæн канд æз нæ хæссын уыцы ном. Кæд фылдæр сты, уæддæр нæ зонын, фæлæ мын Ирыстоны ис иу æмном. Йæ мыггаг у Гетъотæй. Ныртæккæ кæм цæры, уый нæ зонын, фæлæ гуыргæ ракодта æмæ схъомыл Стыр Дыгуры.

Мæ райгуырды боныл мæ мæ фыдыхо Оля сдызæрдыг кодта. Хæсты рæстæджы нæ хъæуккæгты райгуырды тыххæй æвдисæндартæ фесæфтысты, æмæ нын сæ бæсты гæххæттытæ лæвæрдтой фæндзайæм азты. Уыцы ран куыд фыст æрцыди, афтæмæй райгуырдтæн мин фарастсæдæ æртын æвдæм азы дæсæм январы, Оля та афтæ зæгъы, фараст æмæ, дам, ссæдзæм январы райгуырдтæ. Баууæндыдтæн ыл. Æмæ йыл дызæрдыг дæр цæмæн хъуамæ фæуыдаин, кæд æмæ, куы райгуырдтæн, уæд мæ фыдыхойыл ссæдз азмæ æввахс цыди!

Азтæ цыдысты. Æргом дзургæйæ, мæ райгуырды боны фæдыл нæ хæдзары æртæ чъирийы дæр никуы скодтам. Фыццаджыдæр, уыцы æгъдау ирон адæммæ нæ уыди. Хæдзары-иу лæппу куы райгуырд, уæд ын-иу кæхц скодтой æмæ-иу ууыл йæ райгуырæн бонтæ фесты. Чи зоны, искуы иу хатт ма-иу дзы æндæр хабæрттæ дæр уыди. Кæм, фыццаг хатт хос кæрдынмæ куы цыди, уæд, кæм та æндæр исты бæлвырд хъуыддаджы фæдыл, фæлæ ныры хуызæн алы аз гуырæн бон нæ бæрæг кодтой. Дыккагæй та, мæхимæ ахæм адæймаг нæ кæсын æмæ, дунемæ цы бон фæзындтæн, уымæй бæрæгбон саразон. Фæлæ рацæй-рабон, æмæ — уæ фарн бирæ уæд! — хъуыддаг бакодтон. Уæдæй фæстæмæ, мæ бинойнаг — ноджыдæр ма уæ иу хатт хатыр курын — мæн никуы бафæрсы, афтæмæй фараст æмæ ссæдзæм январы бæрæгбоны фынг сцæттæ кæны. Кувын хорз у, æмæ æртæ чъирийæ Хуыцауы ном ссарын, бинонтæн дæр къаты бонæй бæрæгбон рауайы. Афтæ кодтам хæрзæрæджыйы онг.

Иу æртæ-цыппар азы йыл цæудзæн, афтæ Алагиры сæмбæлдтæн Хъуппеты Хъазыбегыл. Бæрæгъуыны цардысты, кæддæр иу къласы ахуыр кодтам, æмæ нæ хæлардзинад уыцы сыгъдæгæй баззад. Кæрæдзийы уынд нын æхсызгон вæййы. Нæ сабибонты цардæй ма нæ зæрдыл цы чысыл муртæ лæууы, уыдон æрымысæм, фæлæ мын Хъазыбег уыцы хатт цы хабар ракодта, уый дзы уымæй размæ никуы фехъуыстон, стæй мæ дисы дæр бафтыдта.

— Æз æмæ ды иу æхсæв райгуырдыстæм, уый зоныс? — бафарста мæ, æдзухдæр куыд фæкæны, афтæ йæ мидбылты худгæйæ Хъазыбег.

— Нæ зонын, — хъуыдыты аныгъуылгæйæ, дзуапп раттон æз.

— Иу æхсæв райгуырдыстæм, уæдæ, — дарддæр дзырдта Хъазыбег. — Мæ мад-иу афтæ загъта, ды, Дзасохты Музафер, Бæцойты Гатæгъæз, Нартыхъты Савел æмæ Икъаты Юрик иу æхсæв райгуырдыстут.

Æргом дзургæйæ мæ Хъазыбеджы ныхæстæ нæ бауырныдтой. Кæй ранымадта, уыдонæй мæм ме ’мгар йæхи йеддæмæ ничи каст. Иннæтæй кæй мæхицæй хистæр хуыдтон, кæй — кæстæр. Иуцасдæр æнæ дзургæйæ фæлæууыны фæстæ Хъазыбеджы бафарстон, кæд райгуырдтæ, зæгъгæ, æмæ мын æртын æвдæм азы дæсæм январы, зæгъгæ, куы загъта, уæд мæ хъустыл нæ баууæндыдтæн æмæ ма йæ ноджыдæр иу хатт бафарстон:

— Кæд, загътай, кæд?

Æмæ та мын йæ раздæры ныхæстæ рафæзмыдта.

Фыццаг хатт мæ фыдыхойы ныхæстыл фæдызæрдыг дæн. Кæд Оляйы ныхæстæ раст сты, уæд Хъазыбеджы ныхæстæ, мæ паспорты фыстыты халдих куыд рауадысты, мæ райгуырæн боны кой нæм уымæй размæ куы никуы уыди, мæ паспорт та мын йæ цæсты кæронæй дæр куы никуы федта, уæд?

Куы зæгъын, дызæрдыджы бахаудтæн. Хъазыбеджы ныхæсты æцæгдзинад сбæлвырд кæныны тыххæй Бæцойты Гатæгъæзы фарстон æмæ мын йæ райгуырды мæй дæр æмæ нымæц дæр æндæр рахуыдта. Нартыхъты Савелы — нæ хæрæфырты — цыртыл та æртын æхсæзæм аз фыст ис.

Мæ фыдыхойæ хатыр курын, фæлæ цыма Хъазыбег растдæр у, афтæ мæм кæсы. Мæ фыдыхо та фæрæдийын дæр зоны, алы адæймаг дæр куыд зоны, афтæ.

Ныр æрæгæй нырмæ мæ райгуырды бонтæй мæ зæрдæмæ фæхæстæгдæр, нудæс боны раздæр дзы кæцы амоны, уый, уымæн æмæ йын æртæ ’вдисæны ис: мæ паспорт, Хъазыбеджы паспорт æмæ йæ мады ныхæстæ. Ныр сывæллæтты зындгонд зарæджы архайæг ныхæстæ мæ зæрдыл арæхæй-арæхдæр æрлæууынц. Кæфхъуындар Генæ куыд фæзары, уый ма хъуыды кæнут?

 

К сожаленью, день рожденья

Только раз в году.

 

Адæмæн дæр æмæ кæфхъуындартæн дæр афæдз иу гуырæн бон йеддæмæ нæ вæййы, фæлæ æз, æвæццæгæн, сæ иутæм дæр нæ хауын æмæ иннæтæм дæр, æмæ иуæй-иу хатт афæдз мæ гуырæн бонтæ бадыууæ вæййынц. Мæ зонгæтæ æмæ мын мæ хæстæджытæй иутæ иу бон арфæ фæкæнынц, иннæтæ — иннæ бон. Раздæр мын чи раарфæ кæны, уыдоны ма фараст æмæ ссæдзæмы дæр арфæйы ныхæстæ кæнын бахъæуы. Уырыссаг куыд фæзæгъы: «Не было ни гроша, да вдруг алтын», мæ хъуыддаг дæр афтæ рауад: раздæр мæ гуырæнбон иу хатт дæр нæ бæрæг кодтон, ныр та йæ афæдз дыууæ хатты дæр сбæрæг кæнын.

Хъазт хъазт у, фæлæ бæлвырддзинад алы хъуыддаджы дæр хъæуы, уæлдайдæр уыцы хъуыддаг адæймаджы райгуырдимæ баст куы уа, уæд.

VI

Æз ахæм хæдзары райгуырдтæн, иу чиныг дæр кæм нæ уыд. Мæ фыд кæсын æмæ фыссын зыдта, мæ мад та æнахуыргонд уыди. Нæ зыдта уырыссагау дæр. Кæсын æмæ фыссын мæ карæнты ныййарджытæй искуы иу йеддæмæ нæ зыдта, уымæн æмæ рæстæг ахæм уыди. Скъолатæ нæ фаг кодта, уæлдайдæр хæхбæсты. Уырымты Мишкайы бинойнаг Нутæ (Беккуызарон) мах хæрæфырт уыдис. Йæ мад Минæты ма æз дæр æрæййæфтон. Сидзæргæсæй баззад, фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Йæ лæг куы амард, уæд ын йæ сывæллæтты уадзын кодтой, дæ цæгатмæ ацу, мах сæ схæсдзыстæм, зæгъгæ. Нæ сын бакоммæ каст. Схаста йæ дыууæ чызджы — Неттæ æмæ Нутæйы æмæ йæ фырт Дæццыгойы. Неттæ Акъоты Матвейы бинойнаг уыд. Цæрæнбонты Мæскуыйы фæцардысты. Матвей иу-ссæдз азы размæ амард, Неттæ ма абон дæр æгас у. Фæстаг хатт ма йæ федтон Нутæйы зианы. Дыууæ мæйæ йыл фылдæр нæма цæуы, афтæ амард дæс æмæ цыппарыссæдзаздзыдæй. Неттæйыл дæр цыппарыссæдз азæй уæлæмæ цæуы, фæлæ йæ хойы зианмæ ссыди. Тынг нæфæразгæйæ. Цалынмæ йын мæхи бацамыдтон, уæдмæ мæ зонгæ дæр нал бакодта. Диссаджы адæймаг у Неттæ. Ацал-ауал азы ирон адæмæн лæггад кæнынæй нæ бафсæст. Абон дæр ма йæ фатер уазæгæй нæ цух кæны. Ахæм бон не скæндзæн, йæ дуар ын кæд нæ бахойынц.

О, æмæ мын мæ фыды хабæрттæ Нутæ радзырдта. Уæды рæстæджы алы хæдзарæй дæр иу сывæллонæн йеддæмæ скъоламæ цæуыны бар нæ уыд, æмæ уыцы бар æрхауд, мæ фыды хотæ æмæ æфсымæртæй хистæр чи уыд, уымæ — Гæстæнтимæ. Мæ фыд æм хæлæг кодта æмæ-иу скъоламæ йæ разæй фæци. Бинонтæ цы кодтаиккой, уый куынæуал зыдтой, уæд-иу æй стъолы къахмæ бабастой. Лæппу-иу йæ баст райхæлдта æмæ-иу ын куыддæр фадат фæци, афтæ иу скъолайы бамидæг. Афтæмæй-афтæмæй йыл фæцахуыр сты æмæ йæ ахуыргæнджытæ фæстагмæ урокæй нал æрвыстой. Æппын ницы, фæлæ кæсын æмæ фыссын уæддæр базыдта. Уымæн мын цардæгас æвдисæн сты, стыр хæзнайау æфснайдæй кæй дарын, йæ уыцы дыууæ писмойы. Дыууæ дæр кърандасæй фыст. Дыууæ дæр — æртæтигъонтæ. Иу дзы ныффыста, милуангай адæймæгтæ сæ царды тæккæ æнамонддæрыл кæй нымайынц, уыцы боны хæдразмæ: мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы иу æмæ ссæдзæм июны — дыккаг райсом раджы райдыдта хæст. Йæ писмойы салæмттæ æрвыста не ’рвадæлтæ Аксо, Хæмысиат, Чабæхан, Хадзыби, Реуазты Ципкæ, Хъантеты Буца, Реуазты Лексо, Сона, Валодя, Цвет, Чехойты Чермен æмæ Лизаветæн. Сæрмагонд салæмттæ æрвыста Дзасохты Лубæ æмæ Алиханæн. Не ’рвадæлтæй нæм уæд дæр, æвæццæгæн, уыдонæй хæстæгдæр ничи уыд. Уый фæстæ дæр афтæ кæй уыд, уымæн мæхицæй хуыздæр æвдисæн нæ хъæуы, уымæн æмæ Алихан æмæ Лубæйæ, зæрдыл бадаринаг чи у æмæ уымæ гæсгæ рохгæнæн кæмæн нæй, бирæ ахæм хорздзинæдтæ зонæм.

Иу ныхасæй, номæй номмæ нымайы, иу бинонты хуызæн кæимæ фæцард, уыдоны нæмттæ. Сæрмагонд салæмттæ æрвиты мæнæн дæр. «Мæнæн дæр» нæ, фæлæ æппæты разæй мæ кой скодта. Писмо талф-тулфы уавæры кæй фыста, уый йæ алы дамгъæйыл дæр зыны. Фæстагмæ йыл йæхæдæг дæр басаст: «Нал мæ ’вдæлы, дзурынц мæм...», æмæ ууыл йæ писмо фыст фæци. Уæдæй фæстæмæ дзы писмо нал райстам. Кæд райстам, уæддæр æй æз, æвæццæгæн, никуыуал базондзынæн...

Академик Иван Павлов йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд ыл медицинон институты студенттæ æрæмбырд сты, æмæ сын дзырдта, адæймаг мæлгæйæ йæхи куыд фенкъары, уыдæттæ. Йæ къæхтæ куыд æндзыг кодтой, йæ къухтæ куыд ницыуал æмбæрстой, уыдæттæ сын куыд амыдта, афтæ райхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Павловы чидæр агуырдта. Иванæн æй куы фехъусын кодтой, уæд сын уый афтæ: «Чидæриддæр у, зæгъут ын: Павловы не ’вдæлы — мæлгæ кæны...»

Мæ фыдмæ дæр, æвæццæгæн, тынг ахсджиаг хабары фæдыл æрбадзырдтой, æмæ йæ писмо уымæн фæцыбыр кодта. Бæстондæр писмо ныффыссынмæ йæ нал равдæлди, дыккаг бон хæст кæй райдыдта, уый тыххæй, Павловы телефонæй дзурынмæ куыд нæуал равдæлди, афтæ.

Куы зæгъын, уæдæй фæстæмæ мæ фыдæй писмо нал райстам. Мин фарастсæдæ цыппор фæндзæм азы райдайæны нæм хæстон коммисарадæй цы гæххæтт æрбацыд, уым фыст уыд: «Дзасохты Созырыхъо Елдзарыхъойы фырт, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдисгæйæ, æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, Социалистон Фыдыбæсты сæрвæлтау тохы æбæрæгæй фесæфт мин фарастсæдæ цыппор дыккæгæм азы иуæндæсæм сентябры».

Мæнмæ гæсгæ, уыцы хабарыл зын баууæндæн у. Ау, кæд мæ фыдæй фæстаг писмо куы райстам, уый фæстæ ма афæдз æмæ æртæ мæйы бæрц цардæгас уыд, уæд нæхимæ иу хахх куыд никуыуал ныккодта? Уæвгæ кæд ныккодта, уæддæр æй æз нæ зонын.

...Мæ ныхас чиныгæй райдыдтон. Чингуытæ, æргом дзургæйæ, нæ иннæ сыхæгтæй дæр, зæгъæн ис, æмæ никæмæ уыдис. Кæд уыди, уæддæр — моллойы чингуытæ. Хæсты хæдфæстæ нæ хъæуы фæзынди иу дæсны. Валодя йæ хуыдтой. Æнхъæлдæн, елхотаг уыдис. Адæм æм бирæгæйттæй цыдысты. Фылдæр æй фарстой, хæстæй чи нæма ссыди, уыдоны бинонтæ. Фæлæ иннæтæн дæр фарста. Бирæты хъуыртыл фæзынди, сау сæракæй агъуд кæмæн уыд, ахæм æртæтигъон чингуытæ. Ахæм чингуытæ, зæгъæн ис, æмæ алы хæдзары дæр уыдис. Стæй иугæйттæ нæ, фæлæ цалдæргæйттæ...

Фыццаг къласмæ куы бацыдтæн, уый ма мæ зæрдыл хорз лæууы. Хур бон уыди цыппор фæндзæм азы фыццæгæм сентябрь. Мæ мад мын ног хæдон бахуыдта. Сырх хъуымацæй. Иу кæсæны саст нæм уыди æмæ йæм, цалынмæ скъоламæ ацыдтæн, уæдмæ иу-фондзыссæдз касты бакодтон. Мæхимæ хуымæтæджы рæсугъд кастæн. Уымæй размæ мыл, искуы ног дзаума уыд, уый нæ хъуыды кæнын. Уыдаид мыл, фæлæ уыцы диссаджы хæдоны цур рыг дæр нæ калдтой. Ноджы ма мæ ног хызын мæ фарсыл куы ’рцауыгътон — уый дæр хъуымацæй уыд — уæд фырцинæй сырæзтæн. Бафтыд канд мæ дæргъыл нæ, фæлæ мæ уæзыл дæр. Кæд скъоламæ хъæлдзæгæй ацыдтæн, уæддæр дзы, зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй ницæуыл сæмбæлдтæн. Нæ чингуытæ уыди, нæ — тетрæдтæ. Нæ уыди, цæмæй фыстаиккам, уый дæр. Чернилæйы бæсты пайда кодтам бæрæзейы гагадыргътæй. Уыдон-иу фæззæджы срæгъæд сты æмæ-иу сæ сау нæмгуыты цъæлæй рауад, фыссынмæ чи бæззыд, ахæм тæнгъæд. Нæ уыди гæххæтт. Фыстам зæронд газетты кæрæттыл. Кæд ма исты зонын, уæд къласы ахуыргæнæг йеддæмæ чиныг никæмæ уыд. Алы предметæй дæр — иу. Верайы чингуытæ афтæ сыгъдæг уыдысты, æмæ сæм раст-равджы бавналын йæ ныфс ничи хаста. Æз-иу чиныг райсыны размæ рагацау мæ къухтæ ныхсадтон æмæ-иу æрмæст уый фæстæ бахастон мæ ныфс Верамæ, чиныг-ма мын фенынмæ авæр, зæгъгæ.

Зымæг куы ралæууыд, уæд тынгдæр тыхсын райдыдтам. Бæрæзетæ фесты, чернилæ та нæ фаг кодта. Кълæсты фылдæр хатт арт нæ кодтой, æмæ дзы хъарм дзаумæтты бадгæйæ дæр уазал уыд. Уæддæр ахуыр кодтам. Искуы иутæй фæстæмæ нæ скъола ничи ныууагъта. Кæсын, фыссын базыдтам, æмæ ма махæй хъалдæр кæм уыди.

Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыры мидæг кæсын базонынæй зындæр ницы ис. Скъоламæ дзæвгар азтæ фæцæуынц, каст дæр æй фæвæййынц, фæлæ бирæтæ, чи зоны, скъоладзаутæн сæ фылдæр хай, хорз кæсын нæ базонынц. Баууæндæн ис ууыл, уымæн æмæ-иу къласы хъæрæй кæсын куы хъуыд — хъæрæй кæсыны сæр та-иу арæх бахъуыд, уымæн æмæ, чингуытæ кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ хæдзармæ куыст дæр къласы кастыстæм — уæд-иу бирæтæ уыцы хъуыддагмæ сæ ныфс нæ хастой. Мах къласы æппæты æнæкъуызгæйæдæр касти Реуазты Костя. Хъуыды ма кæнын, ахуыргæнæг-иу æй куыд арæх сыстын кодта, уый. Скъолайы та æппæты тынгдæр, мæнмæ гæсгæ, арæхст Цомайты Хъазыбег. Уый махæй дæлдæр къласы ахуыр кодта, фæлæ кæсын æвдæмкъласонтæй дæр хуыздæр зыдта. Скъоладзаутæ-иу ыл æрæмбырд сты æмæ йæм лæмбынæг хъуыстой. Дисы сæ æфтыдта йæ арæхстдзинад. Касти æнæкъуызгæйæ, алы дзырды нысаниуæг æнкъаргæйæ. Æз-иу мæхинымæр тарстæн, куы фæрæдийа, уымæй, фæлæ иу хатт дæр никуы фæкъуыхцы.

Иуцасдæры фæстæ нæ уавæртæ фæхуыздæр сты. Фæарæхдæр сты тетрæдтæ, фæзындысты фыццаг чингуытæ дæр. Стæй канд ахуыргæнæнтæ нæ. «Нарты кадджытæ» куы рацыдысты, уæд скъолайы æндæр кой нал уыд. Фæстæмæ цæугæйæ, мæ фæндаг дуканийыл ракодтон. Тæрхæгыл цы чингуытæ уыд, уыдоны æхсæн, мæй стъалыты астæу куыд бæрæг дара, афтæ бæрæг дардта. Сызгъæрин доны тылд дамгъæтæй йыл цы диссаджы ныхæстæ фыст уыд, уыдон дардмæ дæр цæст рæвдыдтой. Бæргæ, хæстæгмæ йæ куы федтаин, куы йæ рафæлдæхтаин æмæ йын йæ нывтæ — скъолайы куыд дзырдтой, афтæмæй дзы мидæгæй диссаджы хуызджын нывтæ уыд — куы федтаин, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон, ахæм чингуытæ кæсынмæ дын раджы у, зæгъгæ мын куы зæгъой, уымæй тæрсгæйæ. Рувас сæнæфсиры цуппæлттæм куыд фæкаст æмæ йын дзы ницы пайда ис, уый куы бамбæрста, уæд, нырма цъæх сты, зæгъгæ, дарддæр куыд ацыд, афтæ æз дæр «Нарты кадджытæм» фæкæсыны фæстæ зивæггæнгæ дуканийы къæсæрæй рахызтæн.

Мæ цымыдисдзинад фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодта. Скъоламæ цæугæйæ дæр æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр, мæ фæндаг уыди дуканийыл. Йæ къæсæрыл-иу фæцæйхызтæн дыууæ æнкъарæнимæ. Иуæй, цин кодтон, уыйбæрц диссæгтæ фыст кæм ис (уæдмæ йæ скъолайы хъæрæй кæсын райдыдтой, æмæ-иу алы бон дæр исты ног хабар базыдтон), уыцы чиныг кæй фендзынæн, ууыл, иннæмæй, тарстæн, куынæуал дзы уа æмæ дзы æнæхай куыфæуон (кæмдæр мæ зæрдæйы арфдæр къуымы æмбæхстæй дардтон, искуы мын йæ балхæныны фадат кæй фæуыдзæн, ууыл), уымæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.