Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 6 страница



 

Несчастная судьба отца и сына:

Жить розно и в разлуке умереть.

 

Кæд ахæм хъысмæт æнамонд уыди — æнамонд кæй уыд, уый та дызæрдыггаг нæу — уæд мæ фыд æмæ мæ хойы хъысмæт ноджы æнамонддæрыл нымаинаг у.

Кæд цыфæнды уыди, уæддæр нын нæ фыд «папæйæ» баззад, нæ мадмæ та — йæ фæлмæн къухты рæвдыд кæмæн бавзæрстам, — йæ номæй дзырдтам.

Æппæт хъæуæн нæ зонын, фæлæ нæ сыхы фылдæр сæ ныййарджытæм сæ номæй дзырдтой. Мæнмæ гæсгæ папæтæ æмæ мамæтæ, нанатæ æмæ бабатæ, дзыццатæ æмæ бæппуты хабар зын равзарæн у. Зæгъæм, нæ мадымад Лезийы дзыцца хуыдтам. Нæ мады хистæр хо Евдинкæмæ та йæ цот дзыццайæ дзырдтой, сæ мадымадмæ та — йе ’цæг номæй.

Нæхи сыхыл куы дзурæм, уæд дзы иу фæтк бæрæг раиртасæн нæй. Хъантеты Геор æмæ Лазигкайы сæ цот хонынц папæ æмæ мамæ, Дзасохты Лади æмæ Олгæмæ дзырдтой сæхи нæмттæй. Реуазты Сафонка æмæ Винерæмæ — баба æмæ мамæйæ, сæ фыдымад Маринæмæ — нанайæ. Нæхи Аксо æмæ Чабæханы сæ фырт Хадзыби хуыдта Чабæхан æмæ папæ, йæ фыдымад Хæмысиаты та — дыдта, нæхи Адзыртт æмæ Лезайы сæ фырт Тасолтан хуыдта бæппу æмæ Леза. Куыд уынæм, афтæмæй, куыд ныййарджытæм, афтæ уыдоны ныййарджытæм дæр алы бинонтæ алы нæмттæй дзырдтой æмæ дзурынц. Кæйдæр загъдау, ном фæкæсыны тыххæй у æмæ дæ уарзон адæймагмæ цы номæй дзурай, уый, цы цæстæй йæм кæсыс, уый æвдисæг нæу. Уæвгæ, æргом дзургæйæ, æз мæ мадмæ йæ номæй куы нæ дзырдтаин, фæлæ йæ «дзыцца», «мамæ» кæнæ æндæр исты номæй куы хуыдтаин, уæд, йæ ныййарæджы йæхи номæй чи хоны, уыдоныл, чи зоны, дис кодтаин, цыма сæ сыхæгты ус у, уый хуызæн æм йæ номæй куыд дзуры, зæгъгæ. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæм мæ лæппутæй исчи мæ номæй куы сдзуры — дзургæ та мæм скæны æппæты кæстæр Ацæмæз, уый дæр хъазгæйæ — уæд мын хъыг вæййы, йæ зæрдæ мæм мæ номæй сдзурын куыд батардта, зæгъгæ. Фæлæ, æвæццæгæн, алцыдæр ахуырæй у, æмæ дуне иннæрдæм куы афæлдæхтаид, уæддæр мæ мадмæ «мамæ» дæр никуы сдзырдтаин æмæ «дзыцца» дæр.

Мады тыххæй дзургæйæ, арæх Астафьев Викторы ныхæстæ æрымысын. Кæддæр æй иу журналы уацхæссæг бафарста, Шукшин Василиимæ, дам, лымæн нæ уыдтæ. «Йемæ фембæлдтытæ кодтон, — загъта фыссæг, — фынджы уæлхъус дæр бадтыстæм, фæлæ уый, æмбæлттæ уыдыстæм, зæгъыны фаг нæу. Уæвгæ, уый кæмæндæрты æгæр дæр ма уыдаид. Йæ ингæны уæлхъус ын бирæ хæлæрттæ фæзынд. Æз Шукшины тыххæй никуы ныффысдзынæн. Стæй мæ мады тыххæй. Уыдон мæн сты æмæ хъуамæ мемæ баззайой. Мæ мады чысылтæ йеддæмæ нæ хъуыды кæнын... Уæд мыл æрмæстдæр авд азы цыд. Цы кадавар нывтæ дзы мæ зæрдыл бадардтон, уыдон гæххæттыл никуы баууæнддзынæн. Дæ зæрдæйæн адджын цы у, йæ рæбинагдæр къуымы кæй æмбæхсыс, уый гæххæтмæ куы рахæссай, уæд цыдæр хъуаг фæвæййы».

Æмбарын Викторы. Æууæндын ын йæ ныхæстыл. Цыма Тютчев Федоры ныхæсты мидис райхæлдта, афтæ мæм кæсы. Уый та афтæ фыста: «Мысль изреченная есть ложь».

Тынг арф нывнæлдта поэт. Цыппар цыбыр дзырды фæрцы йын бантыст, бирæ ныхæстæй дæр, стæй дæр хъæн чи нæу, ахæм хъуыды зæгъын. Кæддæр йæ ныхмæ радзырдта Евтушенко Евгений. Ацы рæнхъы ныхмæ ныффыста æнæхъæн статья. Ныффыссæн алкæй ныхмæ дæр ис, стæй быцæу кæнын дæр аипп нæу. Æрмæст хъуамæ дæ фысты исты хатдзæгмæ æрцæуай, дæ быцæуы фæрцы рæстдзинад сбæрæг уа. Евтушенко та йæ фысты цы хатдзæгмæ æрцыд, уый мæнг бындурыл æнцайы, йæ быцæуы фæрцы та рæстдзинад не сбæрæг.

Зын фыссæн у мады тыххæй. Астафьев дæр æм уымæн зивæг кæны. Стæй ма ам ноджыдæр иу хабар ис. Виктор сидзæрæй хæрз сабийæ баззад. Йæ мады йын дон куы аласта, уæд ыл авд азы йеддæмæ нæ цыд. Чи зоны, цы цалдæр фæлмæвæрд нывы дзы йæ цæстыл уайы, уыдон искæмæн куы радзура кæнæ сæ куы ныффысса, уæд ын афтæ адджын нал уыдзысты, цалдæр æмæ æртиссæдз азы йæ мид-зæрдæмæ æхсызгонæй кæмæ каст, йæ мадимæ баст уыцы адджын цаутæ йæм æндæрхуызонæй куы разыной, уымæй тæрсы.

Стæй, мæ мады тыххæй никуы ныффысдзынæн, зæгъгæ, зæгъы, фæлæ, уацхæссæгимæ ныхас кæнгæйæ, бафиппайдта: «Далæ уым, фæлмы фæстæ, ардыгæй иу-фынддæс километры дарддæр, ис мæ райгуырæн хъæу Овсянкæ. Уым райгуырдтæн, уым бацыдтæн скъоламæ. Уымæй чысыл ацырдæмдæр, Шалунины Гал кæй хонынц, уыцы къардиуы цур æртын фыццæгæм азы мæ мады ссардтой доны...»

Мады тыххæй зын фыссæн у, фæлæ уæддæр...

Уырыссагау мæ мад Верæ фыста, фæлæ йæ адæм иууылдæр Веринкæ хуыдтой. Райгуырди 1906 азы Дæйыхъæуы. Дæйыхъæу бæрзонд ран æвæрд ис. Иу хатт æм Хъантеты Мишæимæ газик-машинæйыл Æрхоны уылты ссæуынмæ хъавыдыстæм. Уымæй размæ ахæм фæндæгтыл никуы ацыдтæн. Нæ машинæ-иу æмхæрд ссæуæны куы фæуæлæмæ кодта, уæд-иу æй фæфæлдæхынмæ бирæ нал хъуыд. Иу тæссаг ранæй куы аирвæзтыстæм, уæд-иу мæхинымæр загътон, ныр фæндаг фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу, æнцондæр ратулæн кæцæй уыд, ахæм ранмæ схæццæ стæм. Гæнæн нал уыд, æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм.

Уæддæр Дæйыхъæумæ иу хатт бафтыдтæн...

Цыппæрдæс æмæ ссæдз азы рацыд уæдæй. Хъодзаты Æхсаримæ сфæнд кодтам дæргъвæтин балцы ацæуын. Райдыдтам æй Арыхъхъæй. Нæ фысым уыди Гусалты Барис. Уыцы рæстæг Заманхъулы ахуыргæнæгæй куыста. Уырдыгæй нæ фæндаг адардтам Кæсæг-Балхъармæ. Æхсары мад æмæ фыд Мыртазаты цардысты, æмæ уым дæр иу æхсæв фестæм. Нæ иннæ фысымтæ уыдысты Хосаты Тæтæрхъантæ. Цардысты, мæ мад кæм райгуырд æмæ Хосатæ кæцæй рацыдысты, уыцы хъæу — Дæйыхъæуы. Мызуры бын скъолайы дæллаг фарс, Æрыдоны сæрты цы хид ис, ууыл рахиз фарсмæ бахызтыстæм æмæ Бады комы фæхæрдмæ кодтам. Уæд дзы машинæвæндаг нæ уыд æмæ нæ фистæгæй цæуын бахъуыд. Фæндаджы уазæг нæхи бакодтам æмæ нæ, иу сахат дæр æххæст нæма рацыд, афтæ хъæумæ схæццæ кодта. Хъæу, зæгъгæ ма дзы нымадæй цалдæр хæдзары царди. Æз уымæй размæ фехъуыстон, мæ хъæуккаг, мæ сиахс Хъантеты Буца уырдæм кæй балыгъд æмæ, хъæуы фыццагдæр кæуыл амбæлдтæн, уый дзы бафарстон.

— Буцатæ? — мæхи фæрсынмæ мын фæци, æххуысмæ кæмæ фæдзырдтон, уыцы æртындæс-цыппæрдæсаздзыд лæппу. — Æз йæ лæппу дæн.

Йæ мад Женя дæр æмæ Буца дæр сæхимæ куы нæ разындысты, уæд нын лæппу Дæйыхъæумæ фæндаг бацамыдта, æмæ дарддæр нæ фæндаг дардтам.

Буцайы лæппуйы ныхæстæм гæсгæ нæ бирæ цæуын нæ хъуыд. Иу бæрзонд рагъмæ нын бацамыдта, уый сæрты куы ахизат, уæд, дам, уæм Дæйыхъæу разындзæн. Ацы къахвæндагыл цæут æмæ, дам, нæ фæрæдидзыстут.

Мах къахвæндагыл бæргæ цыдыстæм, фæлæ, æвæццæгæн, фæрæдыдыстæм. Рагъ дæр фæсте аззад, уæддæр нæм хъæу нæ разынд. Иу афон бахæццæ стæм, кæддæр хъæу чи уыдаид, фæлæ ныр хæдзары бындуртæ йеддæмæ кæм ницыуал баззад, ахæм ранмæ. Иу сисы рæбынæй суадон калд. Уый цур нæхи æрфистæг кодтам, дон банызтам, нæ фæллад суагътам æмæ та иу къахвæндагыл бафтыдыстæм. Иуцалдæр раны ма бафиппайдтам хæдзары æрдæгхæлд систæ. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй, дон кæм банызтам æмæ нæ фæллад кæм суагътам, уый уыди Цъус, Реуазтæ кæм цардысты, уыцы хъæуы бынат.

Цъусæй нæ цы къахвæндаг рахуыдта, уымæн мæлæт макуы уæд — æппынæфæстаг нæ Дæйыхъæумæ уый æрхæццæ кодта. Уыцы къахвæндагыл нæ бафтыдыстæм, зæгъгæ, уæд зын зæгъæн уыд, мæ мадырвадæлты дуар цафон бахостаиккам, уый. Фæлæ, куы зæгъын, уыцы къахвæндаджы фæрцы изæрдалынгты Хосаты Тæтæрхъанты дуармæ лæууыдыстæм.

Тæтæрхъаны уымæй размæ дæр хорз зыдтон. Йæ хо Ханысиат нæ хъæуккаг Хъуппеты Гæтцийы ус уыд, æмæ-иу æй арæх абæрæг кодта. Æдзухдæр-иу, дыууæ бæхы ифтыгъд кæм уыд, ахæм бричкæйы цыди æмæ-иу арæх йæ фæндаг махыл ракодта. Бæрзонд, къабазджын лæг уыди Тæтæрхъан. Азтæ йыл кæд бирæ цыд, уæддæр йæ бакаст цæсты ахадыдта. Æнæ исты лæвæрттæ бакæнгæ нын-иу никуы фæци. Сом мын куы ратта, уый мæ никуы ферох уыдзæн.

Уæд дæр та Бæрæгъуыны уыди. Иннæ хæттыты хуызæн та мах дæр абæрæг кодта. Мæ мадæн-иу уазæджы æрбалæудæй æхсызгондæр ницы уыд (уагæры ма йæ къух куы амыдтаид, йæ рæбынæй исты райсыныл йæ зæрдæ куы дардтаид!): хур ыл-иу ракаст, йæ цæсгомæй-иу цин асурын нал куымдта. Цыма йæм бирæ истытæ уыд, уый хуызæн-иу, кæцæй цы радава, ууыл сси. Уæлдай амондджындæр та-иу йæхи хуыдта, йæ цæгатæй-иу æм исчи куы фæзынд, уæд. Сидзæргæс кæй у, уый-иу дзы æрбайрох, йæхи-иу иунæг нал хуыдта, арвы цъæх-иу йæ сæрмæ стырæй-стырдæр кодта.

Куыннæ та бацин кодтаид уæд дæр Тæтæрхъаныл! Уайтагъд фынг арæвдз, æмæ хо æмæ æфсымæрæн зæрдиаг ныхас бацайдагъ. Тæтæрхъан æмæ мæ мад цас хæстæг æрвад уыдысты, уый нæ зонын, фæлæ, Хосатæ чысыл мыггаг кæй сты, уый зæрдыл даргæйæ, хъуыдыгæнæн ис: æввахс уыдысты, стæй канд уыдон нæ, фæлæ уыцы мыггаг хæссæг адæм иууылдæр...

Тæтæрхъан фынгæй сыстад, æмæ иууылдæр кæртмæ йæ фæдыл рацыдыстæм. Уынджы йæм йæ дыууæ бæхы бричкæйы ифтыгъдæй æнхъæлмæ кастысты. Хæрзбон зæгъыны рæстæг куы ралæууыд, уæд мæм Тæтæрхъан уæле бынмæ мидбылхудгæйæ æркаст, йæ армытъæпæнæй мын мæ сæр бауыгъта æмæ йæ дзыпп сгарынмæ фæци. Æз бамбæрстон, цыдæр дæттынмæ мын кæй хъавы, уый, æмæ фыр æфсæрмæй мæ цæстæнгас æндæрæрдæм аздæхтон.

— Айс! — мæ хъустыл ауадысты Тæтæрхъаны ныхæстæ.

Æз æм скастæн æмæ йæ къухы ауыдтон дзыхъхъынног æхца.

— Айс, дæхицæн дзы тетрад балхæндзынæ.

Уыцы æфсæрмытæгæнгæйæ йæм мæ къух бадардтон.

Цалынмæ Тæтæрхъаны бричкæ тигъы аууон фæци, уæдмæ ме ’хцамæ æркæсын нæ бауæндыдтæн. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй разынд æнæхъæн сом. Уымæй та балхæнæн уыд иу нæ, фæлæ цалдæр тетрады. Стæй хуымæтæджы сом дæр нæ уыди: дзыхъхъынног. Ныртæккæ дæр ма мæм афтæ кæсы, цыма йыл æппæты фыццаг Тæтæрхъаны къух андзæвд. Дзæвгар рæстæг æм бавналын мæ цæст нæ уарзта. Æфснайдæй йæ дардтон, цыма мæм цас фылдæр рæстæг лæууыдаид, уыйас йæ бæрцыл æфтыдаид, уый хуызæн.

Бирæ хæттыты æрымысыдтæн Тæтæрхъаны уыцы лæвар. Уыимæ, мæ зæрдыл цал хатты æрлæууы, уал хатты мын æрхæссы циндзинад, сног мын вæййынц мæ сабибонтæ, Тæтæрхъан та мæ разы æппæт дунейы хъæздыгдзинæдты хицауы хуызæнæй разыны. Уыцы цау мæ суанг æмдзæвгæ ныффыссынмæ дæр сразæнгард кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ссардтон дзы, адзалы бонмæ дæр сæрыстыр кæмæй уыдзынæн, йæ рæдаудзинадæн та бирæ æмбæлттæ кæмæн не ссардзынæн, мæ мады уыцы æфсымæр Хосаты Тæтæрхъаны рухс ном:

 

Æхца мын батыхти зæрины,

Æнхъæвзта денджызау мæ цин...

Кæд нал и сомы кад дæр мины,

Уæддæр мæнæн дæ сом у мин.

 

Ацы рæнхъытæ ныффыстон 1991 азы 14 декабры, Тæтæрхъан мын сом куы ратта, ууыл бирæ дæсгай азтæ куы рацыд, уæд.

Нал и Тæтæрхъан. Рухсаг уæд. Æз дзы мæхи мæрдтæм хæсджыныл нымайын. Хæсджыныл æмæ аххосджыныл. Хæсджыныл — бирæ хорздзинæдтæ дзы кæй зонын, уый тыххæй. Аххосджыныл та... Уæвгæ уый тыххæй — æндæр ран...

Тæтæрхъаны ус Гисга фæндзайæм азты амард. Хъантеты чызг уыд. Веринкæ, Гисга æмæ Тæтæрхъаны æфсымæр Хæмæтхъан иумæ къамы ист дæр сты. Хæмæтхъан ирон дарæсы астæуæй бады, Веринкæ æмæ Гисга йæ фæйнæфарс лæууынц.

О, æмæ Тæтæрхъан уыцы рæстæг сæхимæ нæ разынд, фæлæ нæм йæ фырт Чермен æмæ уый бинойнаг Зойæ (Гогиан) хорз цæстæй ракастысты. Нæ фысымтæй мæ зæрдыл тынгдæр ахæм дыууæ хъуыддаджы бадардтон.

Æхсæвæрыл фысымтимæ кæрæдзийæн нæ хабæрттæ куы фæдзырдтам, уæд нын чындз уат бакодта. Æнæнхъæлæджы æвдисæн уыдтæн, сылгоймаг бандоныл куыд алæууыд æмæ дурын пецы уæхскæй сыгъдæг хуыссæнгæрзтæ куыд райста, уымæн. Уымæй размæ дæр хъуыстон — хохы уа, быдыры — кæцыфæнды хъæуы алы хæдзары дæр уазæгæн йæ сыгъдæг хуыссæнтæ æфснайдæй кæй фæлæууынц æмæ куы бахъæуынц, уæд сæ цæттæйæ кæй райсынц. Ныр уыцы ныв мæхи цæстæй куы федтон, уæд мæ ноджы тынгдæр бауырныдта, нæ фыдæлтæ уазæг сбуц кæнынæй сыгъдæгдзинад къаддæр кадыл кæй нæ нымадтой...

Замманай хур бон скодта. Хæхты цъуппытæм цыма мин хуры уыциумæ æрбакастысты, уый хуызæн цъитийæ, хъæдæй, кæрдæгæй æмæрттывд кодтой. Æхсаримæ кæртмæ рацыдыстæм, æмæ, нæ алыварс цы диссаджы æрдз уыд, уымæ кæсынæй нал æфсæстыстæм. Адæймаг улæфыд йæ риуыдзагæй. Йæ хъуыдытæ уыдысты сыгъдæгдзинад, æнусондзинад æмæ фарныл. Цалынмæ нæ алчи йæхи хъуыдыты ахæсты уыди, уæдмæ хæдзары æфсин суадонæй æрбацæйздæхт, йæ къухы бедрайы дзаг дон, афтæмæй. Уый йæ дыууæаздзыд лæппу Солтанбег куы-ауыдта, уæд йæ размæ батахт æмæ йæ мады къухæй бедра исыныл ныллæууыд. Мадæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ бедра зæххыл æрæвæрдта. Лæппу йыл йæ дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй архайы зæххæй фæхицæн кæныныл. Мад æм дзуры, уæззау у, æмæ йæ не сфæраздзынæ, зæгъгæ. Лæппу уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, æмæ бедра зæххæй фæхицæн. Фæстæмæ йæ куы ’рцæйæвæрдта, уæд фæкъул, æмæ йæ къахыл уазал дон æркалд. Лæппу ныккуыдта, æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты...

Дисы мæ бафтыдта мæ мады гыццыл æрвад. Йæхицæй дыууæйы йас донæй дзаг бедра зæххæй куы иста, уæд дзы иу сым дæр нæ райхъуыст, фæлæ доны цалдæр æртахы тыххæй йæ кæуын нал баурæдта...

Уæдæй ардæм Чермены фырты нал федтон. Фæсаууонмæ йын йæ хабæрттæ хъусын. Ус ракуырдта, цот дæр ын ис.

Иунæг хатт йеддæмæ кæм никуы уыдтæн æмæ иунæг æхсæв йеддæмæ кæм никуы бафысым кодтон, уыцы хъæуы мæ мад фæцард æхсæрдæс азы. Стæй Бæрæгъуынмæ ралыгъдысты. Уæдмæ йæ фыд Садуллæ амард æмæ цыппарæй (Евдинкæ чындзы, йæ фыд ма æгас куы уыд, уæд ацыд), Веринкæ сæ хистæр, афтæмæй сæ мад Лезийы æвджид баззадысты. Мæ мадымад Хлойты чызг уыди, Цомайты хæрæфырт. Цыппар æфсымæры иу хо. Цæгатæй хъæздыг бæргæ уыди, фæлæ иу хъæуæй иннæмæ хæдзар зын дарæн у. Мæ мадымад-иу мын дзырдта, йæ цот схæссыныл цы фыдæбæттæ фæкодта, уыцы хабæрттæ. Йæ хистæр фырт Хæчъассæ гыццыл лæппуйæ, хъæдмæ-иу куы ацыд, уæд æм куыд æнхъæлмæ каст, хъæуы бынмæ-иу йæ размæ куыд ныццыд...

Мæ мадæй фыддæр сидзæр бонтæ бавзæрста мæ фыд. Йæ мад Мария (Хъæрджынон), ацы æнусæй нудæс азы куы рацыд, уæд амард. Йæ усгур фырт Гæстæнтийы амарды фæстæ бирæ нал ацард. Мæ фыдыфыд Елдзарыхъо йæ скъæфгæ ракодта. Куы йæ фæцæйхастой, уæд, дам, йе скъæфджыты бафарста: «Кæдæм мæ хæссут, уый ма мын уæддæр зæгъут». Ростовмæ, зæгъгæ йын дзуапп раттой. Комы иуцасдæр куы суадысты, уæд Мария куыннæ базыдтаид фæндæгтæ æмæ сын афтæ: «Ай цавæр Ростов у, Бадыхъæумæ куы цæут, уæд?»

Мæ зæрдыл æндæр скъæфты хабар æрбалæууыд. Ацы æнусы дыккаг æмбисы райдайæны æрцыд хъуыддаг. Скъæфæг ацы хатт дæр не ’рвадæлты лæппу уыди. Цы чызджы аскъæфта, уый йæ куы бафарста, кæдæм мæ хæссыс, зæгъгæ, уæд ын дзуапп ратта: «Сталинабадмæ». Бадыхъæуы йæ бæхæй куы ’рæргъæвтой, æмæ, чызг, кæм ис, уый куы базыдта, уæд ын лæппу мидбылты худгæйæ загъта: «Йе „Сталин“ фæндагыл ахауд. „Бад“ ма дзы баззад».

Мæ фыдыхо Оляйы ныхæстæм гæсгæ йæ мадæн сывæллон гуырди цыппар азæй цыппар азмæ. Кæд уыцы ныхæстæ раст сты, уæд мæ фыды райгуырды азмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн ис, йе ’фсымæртæ æмæ хотæ кæд райгуырдысты, уый дæр. Мæ фыд йæ гæххæттытæм гæсгæ уыди 1904 азы гуырд. Йæ хистæр æфсымæр 1900-æм азы кæй райгуырдаид, уый æнцон бауырнæн у, уымæн æмæ, дам, усгур лæппуйæ амард. Цыма хос кæрдгæйæ стæвд, афтæмæй зæххыл бафынæй æмæ уый фæстæ уæззау низæй фæрынчын, ахæм ныхæстæ мæ хъусыл æрцыд.

Мæ фыды кæстæр хо Маня (ставддуртаг Хъантеты Микъалайы бинойнаг уыд, хæсты размæ амард, æртæ чызджы æмæ йын лæппу баззад, Микъала та хæстæй нал ссыд), уыд 1908 азы гуырд, Аслæнбег (хæсты рæстæджы фесæфт) — 1912, Оля (æрыдойнаг Цомайты Акканы бинойнаг) — 1916 азы гуырд.

Мæ фыд Бæрæгъуынмæ куы ралыгъд, уæд ма йæ фыд дæр æгас уыд. Суанг ма йын æртыккаг ус дæр (Чехойтæй) æрхастой. Йæ дыккаг нæ фæрæстмæ, æмæ йæ мæ фыд йæ цæгатыл сæмбæлын кодта. Бирæ нал ацард Елдзарыхъо. Уайтагъддæр амард, æмæ мæ фыд йæ кæстæртæн уыди мады бæсты дæр æмæ фыды бæсты дæр.

Сидзæртæй æппæты фылдæр æфхæрд баййæфта Оля. Йæ мадæй куы фæхицæн, уæд ыл фылдæр-фылдæр цыдаид æртæ азы. Уыцы карæнæй фыццаг иу фыды усы къухмæ бахауд, стæй — иннæ. Зын бамбарæн нæу, «йæ рард дæр ысхуыстæй, йæ рæвдыд дæр — над» кæмæн уыд, уыцы дыууæ мадæй цас рæвдыд баййæфтаид, уый. Æппæты фыдæбонджындæр та уыди мæ фыд. Кæд хотæ æмæ æфсымæрты хистæр уыди, уæддæр мадæй раджы фæхицæн: цыдис ыл æдæппæт фынддæс азы. Фыд йæхи дарынхъом дæр нал уыд, афтæ Сосыгкойы уæхсчытыл æрæнцадысты бинонты мæт æмæ хæдзары сагъæс. Æвæццæгæн, се ’ппæты æгуыдзæгдæртæй нæ уыд, æндæр агуыридурæй хæдзар нæ самадтаид.

Мæ мад æмæ мæ фыд сæ цард кæд баиу кодтой, уыцы аз сбæлвырд кæнын мæ бон нæ баци, фæлæ сæ дыууæ дæр мæ райгуырды размæ бирæ цæссыгтæ калгæ дæр кæй фæкодтой æмæ ныхъуыргæ дæр кæй акодтой, уый æппæт хъæубæстæ дæр хорз зонынц. Æнхъæлдæн, Толстой Лев загъта: иу фырт фырт нæу, дыууæ фырты — фырты æмбис, æртæ фырты — уый дын фырт! Æртæ фырты райгуырди мæ мад æмæ мæ фыдæн дæр фæд-фæдыл. Толстойы хъуыдымæ гæсгæ уыдон иу фыртыл нымад хъуамæ уыдаиккой, фæлæ Уæллагмæ æндæр фæндтæ уыди. Иуæн дæр дзы цæрын нæ бантыст. Дыууæйыл дзы æртыгай азтæ цыд, иуыл — фондз, афтæмæй кæугæйæ ныууагътой сæ ныййарджыты. Зын бамбарæн нæу, йе ’ртæ хъæбулы мæрдæй цыбыр рæстæгмæ (дыууæйæ иу къуырийыл амардысты) йæ къухтæ йæ дæлæрмтты чи акодта, уыцы мад æмæ фыды уавæр. Уæвгæ уыцы рæстæджы йæ чызджытæй æмæ лæппутæй чи бавдæлон, уыдон иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Уæддæр дзы махæй уæззаудæр цæфтæ бирæтыл не ’руад. Хæдзары дзаг сывæллæттæй иуы хъæр дæр мауал хъуысæд! Дæ комы комдзæгтæй кæй хастай, уыдоны хъæлæс цалдæр бонмæ бамыр уæд!..

Адæймаджы фæрстæ фидар куы нæ уаиккой, Хуыцауæй йын цыдæр тыхдæттæг куы нæ уаид, уæд куыд хъуамæ бафæразид ахæм уæззау цæфтæн?! Куыд хъуамæ схæссид йæ дзыхмæ хойраг æмæ ма йæм куыд разынид йæ комдзаг аныхъуырыны фаг хъару? Цавæр тых ма йын ратты цæрыны ныфс, кæй ныфсæй цард, уыдоныл æдзардæй боны рухс куы баталынг, уæд?!

Адæймаг цыфæндыйæ дæр фидар у, æндæр ахæм цæфты фæстæ хъуамæ йæ къæхтыл мауал слæууид. Сæ къæхтыл лæугæйæ баззадысты мæ мад æмæ мæ фыд. Хъысмæт сын цы карз тæрхон рахаста, уымæн быхсыдтой, кæд ын цыфæнды зын быхсæн уыди, уæддæр. Фыдæлтæ, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ загътой: «Фыдбылызæн йе ’рцæуынæй тæрс, фæлæ куы ’рцæуа, уæд дзы фидар лæууынæй хуыздæр хос нæй».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.