Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 11 страница



Мæ дыууæ хоимæ бынтон иунæгæй баззадыстæм. Сæ хистæр æз уыдтæн æмæ мæныл дæр æвддæс азы йеддæмæ нæма цыд. Райæйыл — мæ хоты хистæрыл — цыппæрдæс, Дибæханыл — дыууадæс азы.

Куыд аирвæзтыстæм, уый мæм абон дæр диссаг кæсы. Йæ ахуыр дæр нæ куыд ничи ныууагъта, сахъат дæр нæ куыд ничи фæци æмæ ма бирæ æндæр цæуылдæрты хъуыды кæнгæйæ, æрцæуын ахæм хатдзæгмæ: адæмы руаджы нæ фæцудыдтам, цы сыхбæсты цардыстæм, уыдоны фарнæй хайджын уыдыстæм æмæ нæ зындзинæдтæ ницæмæ дардтам. Стæй кæрæдзиуыл æнувыд уыдыстæм. Канд хотæ æмæ æфсымæр нæ уыдыстæм, фæлæ нæхимæ райстам мад æмæ фыды хæстæ дæр. Мæ бон фидарæй зæгъын у: кæрæдзийы зæрдæхудты никуы бацыдыстæм. Никуы бацыдысты нæ зæрдæхудты сыхбæстæ дæр...

Веринкæ куы амард, уæд мын мæ цард ад нал кодта. Мæ мад цы зæххыл нал цыд, ууыл цæуын мæн дæр нал фæндыд. Нал мæ фæндыд, мæ мад цы уæлдæфæй нал улæфыд, уымæй улæфын. Мæ мад цæрынæй цы хæдзары нæ бафсæст, уый мæ нал æндæвта. Мæ мадмæ цы хур нал каст, уый мæ нал тавта. Æнæ Веринкæ мæ ацы дунейы ницыуал урæдта. Цæрынæй мæм амæлын хуыздæр каст...

Веринкæ иу минут дæр мæ зæрдæйæ нæ цух кодта. Уæлмæрдтæ нæм, цæхæрадæттæ-иу куы бафснайдтой, уæд дæр хорз зындысты, нæ хайы кæронмæ рацæугæйæ та-иу бынтон æрбаввахс сты. Рацыдтæн-иу цæхæрадоны чъылдыммæ æмæ-иу, адæммæ кæм нæ зындаин, ахæм бынат ссардтон æмæ-иу мæ тыппыртæ суагътон. Мæ сæрмæ арв сау мигътæй нæ зынди, иу рухсы цъыртт мæм никæцæйуал калд. Хъуыды кодтон æрмæстдæр мæхиуыл. Иуахæмы та æрмæстдæр мæхи мæты куы бацыдтæн, уæд фыццаг хатт мæ алыварс чысыл уæрæхдæр акастæн. Æппæты фыццаг мæ хотæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Мад æмæ сын фыд кæй нал и, уый фаг нæу, ныр та æнæ ’фсымæрæй дæр баззайой? Цы фæуыдзысты? Исчи сæ куы хъыгдара, уæд сæ сæрыл чи сдзурдзæн? Æз мæ уавæрæй фервæздзынæн, фæлæ мæ фæстæ уыдон цы ми кæндзысты?..

Зымæг аивгъуыдта. Уалдзæг дæр фæсте аззад. Дæс къласы кæй фæуд кæнын, уый мæм тынгæй-тынгдæр хъарын райдыдта. Адæмы ’хсæнмæ арæхдæр æфтыдтæн, æмæ мæ æнтъыснæг хъуыдытæ къаддæр тыхсын кодтой. Искуы ма худыны номыл мæ былтæ базмæлдзысты, уый æнхъæл нал уыдтæн, фæлæ удæгас адæймагæн æдзух иу уавæры уæвæн нæй. Ме ’мбæлттæ кæм худтысты, уым-иу æз дæр бахудтæн. Веринкæ-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ыл-иу цыма гадзрахатæй цыдтæн, афтæ-иу мæм фæкаст, æмæ та-иу хъæлдзæгдзинад мæ цæсгомыл ахуыссыд.

Иу хатт чызджытæ нæхимæ нæ уыдысты, афтæмæй нæ рудзынг сæрфтон. Сæрфтон æмæ мæхинымæр цыдæр зарæгæн бахъырныдтон. Уыцы заман мæ рæзты æрбацæйцыд дæлæсыхаг лæг æмæ мын салам ратта. Кæд мын мæ зарын фехъуыста, зæгъгæ, мæхи цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Хæрзаг ма зæгъа, йæ мад амард, уый та зарыныл схæцыд.

Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Мæгуыр амæлæг, чи цæра, уый та йæхицæн амæлттæ кæндзæн». Кодтам амæлттæ, уæдæ нæ кодтам! Алы хъуыддаг дæр нæхимæ каст, фæлæ нæ сыхбæстæ сæхи дард никуы аластой.

Исчи йæхинымæр ахъуыды кæндзæн, ау, иу хæстæг-хион сын куыд нæ уыди? Уыди нын хæстæджытæ алырдыгæй дæр, æрмæст нæм дзы хæстæг ничи цард. Æппæты æввахсдæр нæм уыди нæ фыдыхо Оля, æмæ нын уый дæр иу хъæуæй иннæмæ нæ хъуг дæр не ’рдыгътаид, нæ цæхæрадон дæр нæ бафснайдтаид, хæринаг дæр не скодтаид. Нæ хæстæджытæй нæм æппæты дарддæр нæ мадыфсымæр Хæчъассæ царди, фæлæ нын уымæй стырдæр ныфс ничи уыд. Йæхицæн аст сывæллоны уыдис, уæддæр мах никуы ферох кодта, йæ цæст нæм дардта, рацыдис-иу нæм æмæ-иу нын зæрдæтæ февæрдта, нæ тыхстытæ нын-иу сарæзта. Хæчъассæйы ацыды фæстæ-иу нæхимæ дзæвгар тыхджындæр фæкастыстæм, ныфс нæ-иу бацыди. Мæ зæрдæмæ рухсы тынтæ æххæссын райдыдтой. Ноджы скъола каст куы фæдæн æмæ горæтмæ цæуынвæнд куы скодтон, уæд зæрдæйы цыдæр бæллицтæ стæлфыди.

Горæты иунæг хатт йеддæмæ никуы уыдтæн. Хъантеты Геор æмæ йæ чызг Зинæимæ. Ныр мæхицæн цæугæ æрцыд. Раст зæгъын хъæуы, мæ ныфс цæуыл дардтон, уымæн мæхæдæг дæр ницы зыдтон. Уæддæр ацыдтæн...

Уæд дæр æмæ уый фæстæ дæр мæ сыхбæстæ æдзухдæр мæ зæрдыл лæууыдысты. Уыдонæй мын адджындæр зæххыл адæм нæй. Æмæ кæд сæ фылдæр æгас нал сты, уæддæр мæнæн мæ цуры цардæгасæй лæууынц... Мæ хъуыдытæ мæ ивгъуыдмæ куы ахæссынц, уæд мæ зæрдыл арæхдæр сæрд æрлæууы. Уæд-иу мах сыхæгтæ иннæты хуызæн кæрæдзийы арæхдæр уыдтой, уæлдайдæр кусгæ чи нæ кодта, уыдон æмæ сывæллæттæ. Иу кæнæ-иу дыууæ хæдзары дуармæ бæлæсты бын аууоны рабадтысты æмæ-иу ныхæстæн кæрон нал уыд. Æрмæст ныхæстыл дзы йæ рæстæг ничи сæфта. Чи-иу йе ’лвисинаг кæнæ йæ хуыинаг рахаста йемæ, чи та йæ сывæллоны рæвдыдта, чи — хуртуан хъахъхъæдта. Ахæм куыстыты та ныхæстæ кæнын ницы хъыгдардта.

Алы сыхы хуызæн нæ сыхы дæр дæс хæдзары уыд, фæлæ иу дон нæ нызтой. Уæлæрдыгæй чи цард, уыдон цыдысты, Касианты цур цы суадон уыд, уырдæм, иннæтæ дон хастой нæ хайы фæстейæ. Уым дæр уыд суадон. Суадæттæй нæ зæхх тынг хъæздыг у, уæлдайдæр йе скæсæнæрдыгæй фарс. Дæсгай рæтты дзы æвзæры цæстысыджы хуызæн уазал дон. Уыдонæй алчидæр уырдыгмæ згъоры æмæ иу афон Куыройыдоныл йæхи бафæдзæхсы. Дæллаг сыхы уавæр иуцасдæр æндæрхуызон уыд. Уæлæрдыгæй чи цард, уыдон мах суадонмæ цыдысты, дæллаг хайы цæрджытæ та дон хастой Дзусты Михелты цъайæ.

Нæ хъæуы уынгты дон цыди къанæутты дæр. Фаллаг сыхæй цы къанау калд, уый-иу мах уынгты галиувæрсты дæлæмæ фæзылди. Кæд, астæуæй чи цард, уыдонмæ дардгомау уыд, уæддæр дзы дон хастой. Нуазынæн нæ бæззыд, фæлæ дзы пайда кодтой арахъхъ уадзгæйæ, донхорыг кæнгæйæ, æхсадтой дзы дзаумæттæ. Иуæй-иутæ-иу сæ цæхæрадæтты скъахтой цъайтæ, æмæ æвзартыл дон кæныны тыххæй дардмæ цæуын нæ хъуыд. Махæн ахæм цъай уыд нæ гыццыл цæхæрадоны. Халсарты хуымтыл-иу дон уырдыгæй кодтам.

Не ’рвадæлты зæронд ус Налдийы-иу гуыбыр-гуыбыр йæ доны бедраимæ цæугæ куы ауыдтам, уæд-иу дугъы рауадыстæм, чи йæм фæраздæр уыдзæн æмæ йæ бедра хæссын кæмæ ’рхаудзæн, зæгъгæ. Налдийæн-иу æхсызгон куыннæ уыдаид йæ кæстæрты уæздандзинад æмæ-иу ын цыма хæдзар сарæзтæуыд, уый хуызæн йæ цæсгом ныррухс. Иннæ ахæм Æнди. Уый дæр не ’рвадæлтæй уыди. Къутуты — афтæ хуыдтой колхозы хордон — нартхорызгъалæгæй куыста æмæ-иу алы изæр дæр лæгуæрдоны хъузджытæ ласта. Мах-иу йæ размæ ацыдыстæм æмæ-иу ын йæ лæгуæрдон гыбаргыбургæнгæ сæ хæдзары дуармæ балæууын кодтам. Цас арфæтæ-иу нын фæкодта зæронд лæг! Фæстæдæр ын йæ хойы лæппуимæ дæр базонгæ дæн. Лæппу, зæгъгæ, зæронд лæг уыди. Абайты Бæбуйы бирæтæ зонгæ дæр кодтаиккой. Цъæйы турбазæйы куыста. Хæххон фæндæгтыл цæуын бирæ лæппуты сахуыр кодта. Цыппарыссæдз азæй йыл фылдæр цыди, уæддæр йæ кусын нæ ныууагъта.

Уæздандзинад уыди нæ сыхы иугæнæг тых, хистæрæн æгъдау кæнын йæхицæн хæсыл чи нæ нымадта, ахæмтæ дзы кæд уыди, уæддæр иннæты æхсæнæй нæ зынди, фæлæ дзы, хъыгагæн, бирæтæ хæсгæ мæрдтæ фесты. Хъантеты Валодя æфсады фæмард, Дзасохты Амырханы Хасавюрты (скъолайы директорæй куыста) амардтой, Бухары кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд нæхи Бутускæ, æвирхъау мард акодта Дзитойты Алихан, Чернобылы радиацийы марг афонæй раздæр йæ цард аскъуыдта Дзасохты Хъазыбегæн. Æмæ куы зæгъын, нæ сых стæнæг. Мæ зæрдæ сриссы, нæхи Басаты хæдзары бынаты йæ бындуртæ йеддæмæ мæ цæст куы ницæуылуал æрхæцы, уæд. Сафтид нæхи Бутускæ æмæ Гагуыдзы хæдзар дæр (Гагуыдзы фырт Хуыцауы уазæг уæд, йæ мад æмæ йæ бинонтимæ цæры, цы горæты райгуырд, уым — Дзæуджыхъæуы). Йæ раздæры хицæуттæй ничиуал ракæсы нæ иннæ æрвад Ладийы хæдзарæй (Цæрадзон йæ бинонтимæ алыгъд Æрыдонмæ). Дзасохты Алиханы кæддæры гуыпхæдзары ма æрмæст Лубæ баззад. Йе ’ртæ фырты сæ мад æмæ фыды разæй æнафоны мæрдтæм бацыдысты. Агуыбе, ссæдз азы дæр ыл нæма цыд, афтæмæй фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Тохы быдыры хъæбатырæй хæцыд йæ хистæр æфсымæр Амырхан. Йæ цонг уæззау цæф фæци, афтæмæй сахъатæй æгас хæдзар ссардта, фæлæ йæ нæхи цыфыддæр знæгтæ мæрдтæм барвыстой.

Мыггаджы йаргъ лæппу уыди Аслæнбег, æфсымæрты кæстæр, зондджын, æгъдауджын, æмгаруарзон. Пединституты физикон-математикон факультеты ахуыр кодта, фæлæ уæззау низы ахæсты бахауд æмæ йæ ахуыр ныууагъта.

Алихан æмæ Лубæ ницæуыл ауæрстой, цæмæй сæ фæстаг ныфсы фервæзын кæной: нæ сын бантыст. Авд æмæ ссæдзаздзыд усгур лæппуйæ мæрдтæм бацыд. Веринкæйы фæстæ афæдз дæр нал ацард. Горæты рынчындоны амард, æмæ йæ куы сцæйластой, уæд æз йæ размæ рацæуыны бæсты нæ хайы кæронмæ фæдæн æмæ мæ куынничи уыдтаид, афтæ мæ тыппыртæ уагътон.

Нæ хъæуы мæ æппæты стырдæр ныфс Аслæнбегæй уыд. Æмæ та уымæй дæр фыдæнхъæл фæдæн. Бирæ ныфсытæ дзы æвæрдтон мæхицæн. Æппæты зындæр уавæры-иу куы бахаудтæн, уæддæр Аслæнбегыл мæ зæрдæ дардтон. Уырныдта мæ, раст фæндаг мын кæй бацамондзæн æмæ кæцыранфæнды дæр мæ фарс кæй æрбалæудзæн. Æмæ та мæ уый дæр иунæгæй ныууагъта...

Доски Алиханты дæллаг фарс царди. Йæ мад Маринæ Аслæнбеджы мад Лубæйы фыдыхо уыд. Æмæ мæм Доски, Сæрæбийы тыххæй телеравдысты фæстæ Беслæныхъæуæй телефонæй куы сдзырдта, уæд нæм Аслæнбеджы кой дæр рауад — цыфæндыйæ дæр цыбыр рæстæгмæ бирæ хабæрттæ æрымысыдыстæм. Афтæ, дам-иу загъта, Музаферæй цы рауайдзæн, уый, дам ма куы федтаин... Хуыцау йæ зонæг, цы суæвын æнхъæл мын уыди. Кæд мыл æцæгæйдæр йæ зæрдæ истæмæй дардта æмæ йе ’ууæнчы аккаг нæ разындтæн, уæд дзы мæрдтæм хатыр курын. Хорз уæвын кæй нæ фæнды, ахæм зын ссарæн у, фæлæ, адæймаг, æвæццæгæн, йæ ныхыфысты цы уа, уый æвзары. Уæллаг ын цы ныв скæрды, уый арæнтæй ахизæн ын нæ вæййы...

Мæнæй дæс азы хистæр уыд Аслæнбег, фæлæ, цыма йе ’мгар уыдтæн, йæхи мемæ афтæ дардта. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, æнкъардтон уавæр æмæ архайдтон, мæ кар куыд амыдта, уыцы митæ кæныныл, Аслæнбег та-иу мæ æдзухдæр йæхи æмвæзмæ иста æмæ-иу мемæ ныхас кодта, æмгаримæ куыд фæныхас кæнынц, афтæ.

Канд нæ сыхы нæ, фæлæ нын æнæхъæн хъæуы цы ’рвадæлтæ уыд, уыдонæй дæр нæм зæрдæйæ Алихантæй хæстæгдæр ничи уыд. Сидзæргæсы хæдзар хъуагæй фылдæр цы вæййы. Æмæ-иу нæ цы нæ бахъуыди! — бæндæн, фæрæт, хырх... Лæгуæрдон, тачкæ, къахæн... Нæ сæр-иу æдзухдæр Алихантæм фæцавтам. Æмæ искуы афтидкъухæй æрцыдыстæм, уый нæ хъуыды кæнын. Уæдæ æнæлæг хæдзары кæнинаг хъуыддæгтæ цас вæййы! Уыдонмæ дæр-иу фылдæр Алиханмæ дзырдтам. Бирæ рæтты йæм дзурын дæр нæ хъуыд. Нæ быру искуы æмпъузинаг фæци, кæнæ кау æмбæрзинаг у, уæд-иу Алихан йæхæдæг фæраздæр. Нæ рæзты уæрдоны цæуы — махмæ æнæрбадзургæ никуы фæци, кæд уæ куыроймæ исты ласын хъæуы, зæгъгæ. Фæстæмæ здæхгæйæ дæр-иу нæ разы йæ уæрдон баурæдта: йæ сугты сæр-иу нæ хай æнæбастæй æвæрд уыд æмæ-иу нын æй дуармæ аппæрста. Афтæ хæларæй фæцардыстæм цæрынæй хæрынмæ. Алиханы зондыл хæст уыд Аслæнбег дæр. Мæ гыццылæй фæстæмæ дæр ыл мæ хæрз æфсымæры хуызæн сахуыр дæн, æмæ куынæуал уыд, уæд мæхимæ тынгдæр сидзæр фæкастæн. Ноджы ма уыцы аз мæ мадымад Дзыцца дæр амард.

Дзыццайы тыххæй мæ иуцалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Йæ фæлгонц мæ чингуыты æнцон базонæн у, фæлæ ма мæхицæн хæсыл нымайын ам дæр йæ кой ракæнын. Лæджыхъæдджын сылгоймаг уыд. Кæд асæй, тымбылкъухы йас йеддæмæ нæу, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм уыд, уæддæр йæ ныфс йæ асæй бирæ фылдæр ахадыдта. Фондз сывæллонимæ сидзæргæсæй баззад æмæ сæ схаста. Алкæй дæр дзы царды фæндагыл бафтыдта. Йæ цоты кæстæр Тасолтан хæстæй нал ссыд. Уый фæстæ йæ разæй мæрдтæм бацыд йæ астæуккаг чызг — мæ мад. Фыдты фыд хъæбулæй бавдæлон уæвын у. Йæ кæстæры зындзинад чи бавзæрста, зæрдæйы рыст уымæй тынгдæр чи зоны! Фæлæ Дзыцца йæ мидуавæр æддæмæ никуы равдыста.

Веринкæ куы амард, уæд Дзыцца йæ сæрæн нæ уыд. Уæддæр зианмæ йæхи раласын кодта. Хохæй — быдырмæ. Æмæ цалдæр мæйы махимæ баззад. Хуыссæнæй æддæмæ нæ хызт, афтæмæй. Сæйгæ рынчынæй дæр нын ныфс уыд. Амыдта нын алы хъуыддаг дæр. Æмæ йæм хъуыстам. Æххæст кодтам, цæуыл нæ домдта, уыдон иууылдæр. Цалдæр мæйы нæм фæци, æмæ дзы æз иу цæссыг æрхаугæ никуы федтон. Ома дзы йæ хъæбул нæ рысти? Фыдгулы зæрдæ афтæ куы рыстаид, фæлæ йæхиуыл хæцыд. Махыл хъуыды кæнгæйæ. Йæ цуры-иу нæ исчи йæхи лæмæгъæй куы равдыста æмæ-иу йæ цæссыг куынæуал баурæдта, уæд-иу ыл сбустæ кодта, сымах йеддæмæ йæ мад никæмæн амард, зæгъгæ. Уыцы рæстæг-иу йæхи зæрдæ цы уавæры уыд, уый та Хуыцау йеддæмæ чи зыдта!

Цас ма нæм фæуыдаид, уый зын зæгъæн у, фæлæ йыл низ тыхджындæр кæнын райдыдта, æмæ йæ Хæчъассæ фæстæмæ Буронмæ аласта. Хæрз цыбыр рæстæг ма рацыд, афтæ йын йæ мард æрластой. Йæхи хохы ныгæнын нæ бауагъта. Йæ фыртæн бафæдзæхста, æз, дам, амы мæрдтæй никæй зонын, æмæ-иу мæ нæхимæ алас, зæгъгæ. Æрласта йæ Бæрæгъуынмæ йæ фыдыфсымæр Хæмæты фырт Амырханы хæдзармæ, æмæ йæ уырдыгæй рахастой. Аслæнбег æмæ Дзыцца куынæуал уыдысты — дыууæ дæр Веринкæйы фæстæ афæдз дæр нал ацардысты — уæд мæ зæрдæ ницæуылуал лæууыд. Цыма, хъысмæтæй цы уæззау хæстæ дардтон, уыдон цыбыр рæстæгмæ фидинаг уыдысты, уый хуызæн.

Аслæнбег æмæ Дзыцца удыкондæй дæр кæрæдзимæ хæстæг лæууыдысты. Сæ иуы дæр æмæ се ’ннæйы дæр адæм æргомдзырд хуыдтой. Дæлгоммæ ныхæстæ сын æнад уыдысты. Дзыцца-иу афтæ загъта, Аслæнбеджы, дам, æргомдзырд кæй у, уый тыххæй уæлдай фылдæр уарзын. Аслæнбег-иу йæхæдæг дæр Дзыццайæ раст афтæ загъта...

Хæлæг кæнын бирæтæ аиппыл нымайынц. Хуыцау адæймаджы куы сфæлдыста, уæдæй фæстæмæ йæ уыцы миниуæгыл къух сисын домынц, дæхи дзы хиз, зæгъгæ йын дзурынц, фæлæ уæддæр хæлæг кæнæм. Кæрæдзимæ дæр, дзаумамæ дæр, хъæздыгдзинадмæ дæр. Мæ сабийы бонты бирæ цæмæдæрты нæ хæлæг кодтон. Хъæздыгдзинадмæ никуы бæллыдтæн. Рæсугъд æмæ зынаргъ дарæс мæ уд-мæ дзæцц никуы схуыдтон. Суанг фыд кæмæн уыд, уыдоны бынаты февзæрыныл дæр никуы ахъуыды кодтон, уымæн æмæ мæ зæрдæ дардтон, мæ мад мæ æрвылбон кæй миниуджытæ фæзмын домдта, уыцы фыд, раджы уа, æрæджы, кæй фæзындзæн æмæ нæ хæдзары хъуыддæгтæ сæ гаччы кæй абаддзысты. Мæ фыдмæ æнхъæлмæ кастыстæм æнæхъæн бинонтæй дæр, уымæн æмæ, кæд æмæ кæм амард, уый ничи зыдта. Æнæбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, кæмæй дзырдтой, уыдонæй-иу æгас иу æмæ дыууæ разынди?!

Зæххыл иу ахæм адæймаг нæ уыд, дæ фыд кæм амард, уый федтон, зæгъгæ, чи загътаид. Ничи федта, куыд æй ныгæдтой, уый дæр. Æргом дзургæйæ ма йæм æз абон дæр æнхъæлмæ кæсын. Хæсты хабæрттæ кæм вæййы, ахæм кино куы февдисынц, уæд дзы мæ фыды фæагурын. Цыма йæ æцæгæйдæр куы ’вдисиккой, уæд æй базонин, уый хуызæн. Абоны онг йæ номыл дыууæ кæрдзыны никуыма ныххæлар кодтон. Ирон æмбисонд дæр мæ ницæуыл ахуыр кæны. «Зынг» зæгъынæй комæн басудзынæй тæрсын. Чи зоны, æмæ рæдийын... Кæд æцæг афтæ у, уæд искуы мæ рæдыд сраст кæндзынæн.

Хæлæг кæнын кæд адæймагæн йемæ нæ райгуыры, уæддæр дзы дзæвгар кæстæр уа, уый æнхъæл нæ дæн. Æмæ куы зæгъын, кæд бирæ цæмæдæрты нæ хæлæг кодтон, уæддæр ацы хъуыддаджы бынтон æнæаипп нæ уыдтæн. Кæддæрты мæм бæхыл абадынæй хуыздæр ницы каст, æмæ-иу барæджы кæцы ран федтон, уым йæ фæстæ кæсгæйæ баззадтæн. Уæлдай тынгдæр хæлæг кодтон, ме ’мгæрттæй-иу бæхы кæуыл баууæндыдысты æмæ-иу ыл бæгуылæгау уынгты чи фæцæйцыд, уымæ.

Бæхимæ æмбæлдтæн бынтон сабийæ фæстæмæ. Мæ фыд бæхыл куыста æмæ уый руаджы. Цыппар-фондзаздзыдæй дæр адæймаг йæ зæрдыл цыдæртæ кæй бадары, уый мæхицæй зонын. Мæ фыд, цыма кæрдæг æрбаласта, афтæ мæм кæсы. Кæрдæг ракалдта, бæхы суагъта æмæ йыл мæн авæрдта. Веринкæ уый куы ауыдта, уæд, фыр адæргæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Мæ фыдæн дзырдта, рахаудзæн æмæ йæхи ныппырх кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ йæм уый нæ байхъуыста. Бæхы уынгмæ ракодта æмæ йæм йæ дыууæ къухæй февзыста. Æз зæхмæ афтæ бæрзондæй уый размæ никуы ракастæн, стæй ма бæх йæ бынатæй куы фæцагайдта, уæд фыр тæссæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Мæ амондæн ын йæ барцыл хæст бафæрæзтон æмæ йыл дыууæ къухæй ныззæгæл дæн. Кæд цыфæнды фидар хæцыдтæн, уæддæр нæ рахаудзынæн, уый мæ нæ уырныдта. Хуыцау хорз, æмæ фæллад бæх уайтагъд йæ сæппæй банцад æмæ чысыл æддæдæр æрлæууыд. Веринкæ лæфлæфгæнгæ мæ уæлхъус февзæрд. Уæдмæ мæ фыд дæр æрбахæццæ æмæ мæ бæхæй æриста. Веринкæйы хъæбысы дæр ма мæ зыр-зыр цыд. Æрмæст кæугæ не скодтон...

Ууыл бирæ азтæ рацæуыны фæстæ та бæхыл абадын мæ уд-мæ дзæцц сси, фæлæ мæм уыцы амонд нæ хауд. Бæхыл бадынæй къаддæр нæ хæлæг кодтон, велосипед кæмæ уыд, уыдонмæ. Æрмæст та уыдон дæр бæхæй арæхдæр нæ уыдысты. Сæ хицæутты та сын хуыдтон тæккæ хъæздыгдæр адæм. Велосипедтæ уыдис Нартыхъты Виктормæ, Чехойты Валодямæ, Хъуппеты Никъиформæ. Уыдис ма ноджыдæр кæмæдæрты, фæлæ се ’ппæты нал хъуыды кæнын. Стæй дыдзæлхыг «уæрдæтты» хицæуттæ адæм иууылдæр куы уыдаиккой, уæддæр дзы мæ зæрдыл тынгдæр ахæм дыууæ хъуыддаджы бадардтаин...

Æрыдонæй æрбацæйцыдтæн. Фистæгæй. Къанау цы кæнгæ цæугæдон хонæм, уый Æрыдон æмæ Бæрæгъуыны æхсæн арæн уыдис. Доны сæрты-иу куы бахызтаис, уæд-иу чысыл фалдæр фæндаг фæсаджил. Комкоммæ, ома дæ фæндагыл дарддæр куы цыдаис, уæд дæ бахуыдтаид, Æрыдоны халсартыкуыстгæнæг æстæм совхоз кæй хуыдтой, уырдæм. Зулаив цы уæрдонвæндаг азылд, уый та Бæрæгъуынмæ фæндаг уыд. Йæ кæрæтты телефоныхъæдтæ фаты хуызæн æмрастæй цыдысты суанг Къутуты цурмæ, уым рахизæрдæм уæлмæрдты былты фæуырдыг кодтой æмæ Дзусты Темболатты рæзты хъæуы уынгты баивгъуыдтой.

Къанауы сæрты æрбахызтæн æмæ нæхимæ фæндагыл араст дæн. Иучысыл рауадаин, афтæ мæ фæстæ цыдæр уынæр айхъуыстон. Фæкастæн, æмæ чидæр велосипедыл æрцæйцыд. Фæндагæн йæ лæгъздæр фарс цыдтæн æмæ иннæрдæм бахызтæн, цæмæй дыдзæлхыджы хицауы йæ «уæрдон» къуыбыртыл тулын ма бахъуыдаид, уый тыххæй. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ велосипеды хицау мæ цуры æрурæдта æмæ мæм дзуры:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.