Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 3 страница



III

Хъулæттæ мады гуыбыны куы ис, уæд, фынддæс хъæуы минæвæрттæ кæм æрцардысты, уым нæ уыдаид? Уыди дзы, стæй иу æмæ дыууæ нæ. Иуты къухы хæдзæрттæ саразын тагъддæр бафтыд, иннæтæн та сæ арæзтад ныддæргъвæтин. Иутæ ма сæ хорз хæдзæрттæ дæр арæзт фесты, иннæтæ та мæнгагъуыстытæ дæр нæма сарæзтой. Адæм алыхуызæттæ кæй сты, уымæ гæсгæ сын æнтысгæ дæр æмхуызон нæ кодта. Сæрæндæр чи уыд, уымæн фылдæр æнтыст. Йæ къух кæмæн амыдта, уый æдыхстдæрæй архайдта. Фæкæсæг кæмæ уыд, уыдон сæхи бæхджынтæ хуыдтой æмæ фистæджыты разæй куыннæ хъуамæ фæуыдаиккой!

Цыфæнды хъуыддаджы дæр иутæн æнæфæразæй уæвгæ нæй, фæлæ ирон æгъдау дæр йæ куыст кодта. Бынтон аразæй уæвын никæй уагъта. Æвæрæздæр чи уыд, уыдонæн сæхимæ хъусыны фадат нæ ратта. Зиууæттæ-иу куы иуы кæртæй бакастысты, куы иннæйы кæртæй æмæ цыбыр рæстæгмæ, тæдзгæ кæуыл кодта, иунæг ахæм бинонтæ дæр нал баззад.

Кусын цæсты рухс чи хуыдта, æнæ раны ранæй дæр дон рауадздзæн, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæмтæ дæр хъæуы цæрджыты æхсæн фæзынди. Сæ иу уыди Реуазты Петкæ — нæ сыхаг. Уый йæ алыварс куы акаст, уæд бамбæрста, æнæ раны ранæй йæ дон уадзын кæй нæ хъхуы, уымæн æмæ уыцы дон — Куыройыдон — йæ чъылдыммæ калди. Йæ равзæрæн уалæ кæмдæр сæхи Хъасайты цур уыд. Чысыл къардиугонды бын зæххæй стыдта æмæ хъуырхъуыргæнгæ уырдыгмæ разгъордта. Уым дæлæмæ йыл суадæттæ æфтгæ цыди, æмæ уæлмæрдты былы ракомкоммæ афтæ сдынджыр, æмæ йæ сæрты хид аразын бахъуыд. Куыддæлæмæ та йыл ноджы фылдæр къабæзтæ сæхи бастой. Хъæуы бын дзы адæймаг иуæй-иу рæтты ныгъуылгæ дæр акодтаид. Сырх куырой дæр — афтæ хуыдтой сæ ног куырой хъæубæстæ, сырх дурæй амад кæй уыди, уымæ гæсгæ — уым æрбынат кодта. Гъе, æмæ Петкæйы бафæндыд йæхицæн уырдæм хæстæг куырой саразын. Иутæ афтæ зæгъынц, йæхæдæг æй сарæзта, иннæтæ та — николаевскаг хъазахъхъагæй, дам æй балхæдта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр сырх куыройы уæллаг фарс фæзынди ног «цæрæг». Схуыдтой йæ «Петкæйы куырой». Куырой ма уыди Дзитойты Хадзымуссæмæ дæр. Фæлæ дзы иу дæр райгондæй нæ баззад: кулакты номхыгъдмæ бахаудтой. Хадзымуссæ æрхъуыдыджындæр разынд: йæ куыройы фыд хъилыл бакодта æмæ йæ схаста Салыгæрдæнмæ партийы райкомы секретарь Бутаты Хъазыбегмæ æмæ йын афтæ: «Мæнæ мæ ацы хуынкъ дуры тыххæй скулак кодтой...» Хъазыбег хъуыддаг куы бамбæрста, уæд æй кулакты номхыгъдæй ахахх кæнын кодта, фæлæ Петкæйыл кулачы ном сбадт. Ууыл куы баззадаид, уæд ын бæргæ бабыхстаид, фæлæ йæ йæ хæдзарæй сыстын бахъуыд. Стæй канд йæ хæдзарæй нæ, фæлæ Ирыстонæй дæр. Уыцы хæрам митæн йæ фыд Сослæнбег нæ бафæрæзта æмæ йæхицæн мæлæт хуыздæрæн равзæрста...

Петкæйæн йæ хæдзар куы байстой, уæд йæ бирæ бинонтимæ йæхи Дагестанмæ айста. Иуцасдæр Дербенты фесты, стæй, сæ рæстдзинад куы рабæрæг, уæд сын фæстæмæ æрбаздæхыны бар раттой æмæ, дзæвгар рæстæг колхозы дзулфыцæн кæм уыд, сæ уыцы хæдзары æрцардысты.

Бирæ азты фæстæ мын Петкæйы хæрæфырт Хапсæты Майрæм куыд радзырдта, афтæмæй йæ мадыфсымæры кулак маст исыны охыл рахуыдтой. Цæвиттон, æртынæм азты, колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд хъæуы уæлмæрдты уæллаг фарс бындур æрæвæрдтой бæхдонæн. Хъайвантæн сын хъæдæрмæг нæ фаг кодта æмæ Петкæмæ æрхатыдысты, дæ куыройы кæрты цы гæдыбæлæстæ ис, уыдон нын ратт, зæгъгæ. Разыйы дзуапп дзы куы нæ райстой, уæд æй, фыр хъæздыгæй йæ буд кæмæн мызти, уыдонæй рахуыдтой.

Уæлдæр ма йæ куы загътон: Петкæйæн бирæ цот уыд. Фыдыбæстæйы хæст куы райдыдта, уæд йæ цыппар фырты ацыдысты тохы быдырмæ. Хæсанæ, Барис æмæ Мысост уым баззадысты. Фæстæмæ ма дзы сыздæхт æрмæст Иван. Уый дæр — цæнкуылтæй.

Кулактæ ма скодтой Дзасохты Хæчъассæ, Мзокты Беба æмæ Хъуппеты Темырцийы (йæ фырттæ Тимофей, Дзибæло æмæ Миха). Дæс æмæ æртиссæдзаздзыд Хъуппеты Дзандар (Гугуйы фырт) мын куыд радзырдта, афтæмæй йын йе ’рвадæлты хъæздыджыты номхыгъдмæ бахастой, сæ самандур хæдзары къултæн агуыридурæй «цъар» кæй скодтой æмæ къада куыройæ бирæ стырдæр чи нæ уыд, ахæм нартхорыссæн кæй сарæзтой, уый тыххæй. Мах хъæумæ кулактæ агурæг чи рарвыста, уый дæр цас зонды хицау уыд — Хуыцау йæ зонæг. Кæд уыцы хъуыддаг, мæнæ китайаг æмбисонды загъдау, хуыдалынг уаты сау гæды æрцахсынæй — уæлдайдæр, гæды кæм нæй, ахæм хуыдалынг уаты — зындæр уыд, уæддæр «тугцъирагурджытæ», сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнгæйæ, сæ размæвæрд хæс сæххæст кодтой. Ссардтой, кулачы ном куывд скæныны фæстæ дæр кæуыл не сбадтаид, ахæмты æмæ сыл æй лæгдыхæй ныххуырстой. Цæй кулак æмæ цæй хъæздыг адæм уыдис, куыройы фыдтæ чи марзта, тæфсæгæй æмрызт чи кодта, уыцы адæмы æхсæн! Хуыцау хорз, æмæ «ног цардаразджыты» цæст бирæтыл не ’рхæцыд, стæй, кæуыл æрхæцыд, уыдон дæр карз æфхæрд нæ баййæфтой: Сыбырмæ дзы никæй ахастой, гандзайы амæттаг дзы никæй бакодтой...

Хæдзæрттæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр арæзтой самандурæй, фæлæ бæстыхæйтты къултæ цауддæртæ куыд уыд, афтæ уыд хуыздæртæ дæр. Цауддæртæ кодтой сахъарийæ, хуыздæртæ — агуыридурæй. Æппæты зындæр ссарæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыди агуыридур. Зындæр ссарæн, стæй — зынаргъдæр. Агуыридурæй амад хæдзæрттæ нæ хъæуы нымадæй цалдæр йеддæмæ нæ уыд. Агуыридурæй амад хæдзæртты хицæуттæ систы Хуыдæлты Цæппо, Цомайты Гадæцци æмæ Мзокты Доци.

Мæ фыд Созырыхъойæн дæр — хъæуы йæ цæмæдæр гæсгæ (æвæццæгæн, мады номæй) Сосыгко хуыдтой, — кæд йæ буд нæ мызти, уæддæр йæ бон баци хæдзар агуыридурæй самайын, скæсæнæрдыгæй йын цы къул уыдис æмæ ис, уымæй фæстæмæ, Нарты Сосланы уæраджы чъиритæ æнæсæрстæй куыд баззадысты, уыйау. Дур ын нал сфаг æви барæй афтæ бакодта, уый нæ зонын, фæлæ нæ хæдзарæн йæ нарæгдæр къултæй иу самандурæй амад у. Раджыйы хуызæн ма ныр дæр амайынц æрдæгсамандур, æрдæгагуыридур къултæ. Æдде — агуыридур, мидæгæй — самандур. Мах хæдзары къултæ сты иууылдæр агуыридурæй æмæ дзы раст-равджы зæгæл абон дæр нæ бакъуырдзынæ.

Самандур æмæ сахъарикъул хæдзæрттæ чи кодта, уыдоны арæзтадон æрмæг агурынмæ дардмæ цæуын нæ хъуыд: æлыгбын сыджыт — алы ран дæр арæх. Иннæ ахæм — зыгуым. Уæдæ сахъарикъул аразджытæй дæр уис æмæ михыл никуы ничи батыхст. Æхсæры къохтæй хъæздыг уыдысты канд Даргъ хуымтæ æмæ Къобосты хъæд нæ, фæлæ Фæсхъæууат æмæ Хуыдзых дæр.

Самандур ахъаззаджы æрмæг уыд саратæ æмæ фосы бынæттæн, æмбондтæ æмæ хъæууон æндæр арæзтæдтæн. Мæ рæстæджы дæр ма йæ кодтой. Рады фыййау уæвгæйæ-иу, адæймаг ногконд самандуры джиппытæм фосæн баирвæзынæй тынгдæр ницæмæй тарст. Фыстæн, уæлдайдæр та сæгътæн, уыдоныл акафынæй хуыздæр мацы ратт. Цалынмæ-иу дæ фосы кондимæ хъæуæй адард уыдаис, уæдмæ дæ цыппар цæстæй кæсын хъуыд.

Самандуры куыст мæхи рагъыл дæр бавзæрстон. Уæззау куыст у йæ райдайæнæй йæ кæронмæ дæр. Фыццаджыдæр, скъахын хъæуы æлыгбын зæхх. Уый фæстæ йæ, дон ыл кæн, афтæмæй змæнтын хъæуы зыгуымимæ.

Куыстæн йæ фыццаг хай кондыл банымай, фæлæ къаддæр ахсджиаг нæ уыд самандуртæн сæ хус кæнын рæстæг дæр. Кæд фæд-фæдыл цалдæр хур боны скæна, уæд — дæ амонд. Дæ фыдæбæттæ нæ фæдзæгъæл уыдзысты. Дæ арæзтадон æрмæг дын афоныл дæ хæдзармæ баласыны фадат фæуыдзæн æмæ йæ аууон ран бафснайдзынæ. Уым æм хур куынæуал кæса, уæддæр, куыд æмбæлы, афтæ бахус уыдзæн æмæ дзы кæдфæндыдæр спайда кæндзынæ.

Йæ фæллæйттæ-иу кæмæн фæдзæгъæл сты, ахæмтæ дæр уыди. Цы самандуртæ скодта, уыдоныл тыхджын къæвда æрцыд æмæ-иу æмиас цыппæрдигъон расткъуымонтæм сæ фыццаг хуызæй ницыуал уыд. Зыгуымæмхæццæ æлыджы къуыбæрттæ-иу дзы рауад.

Бирæ хæрзты бацыд ног хæдзаргæнджытæн самандур. Цы бæстыхæйттæ дзы сарæзтой, уыдон абоны онг дæр фидар лæууынц. Иуы хицау дæр дзы никуыма рахъаст кодта. Самандуркъул хæдзæрттæм иу диссаджы миниуæг ис: сæрдыгон дзы сатæг вæййы, зымæгон — хъарм. Стæй цыма цавæрфæнды арæзтадон æрмæгæй дæр буарæн пайдадæр сты, афтæ мæм кæсы. Адæймаг зæххыл цæрынæн райгуырд æмæ йæм цас хæстæгдæр уа, уыйас хуыздæр у. Самандурыл ныртæккæ дæр стырзæрдæ кæнын нæ хъæуы. Скæсæны абон дæр бирæ рæтты нымад у ахъаззаджы арæзтадон æрмæгыл. Ахæм бæстæтæ ис, æмæ дзы цыппар-фондзуæладзыгон хæдзæрттæ кæм аразынц.

IV

Уынгæг кæмтты зæрдæуынгæгæй чи цард, уыдон ахуырæн аргъ кæнын кæй зыдтой, уый рабæрæг хæрз цыбыр рæстæгмæ. Адæмæй алкæмæн хæдзар нæма уыд, афтæмæй аразын райдыдтой скъола, хъæуæн йæ тæккæ бæстастæу, æппæты райдзастдæр æмæ рæсугъддæр ран. Æнæхъæн зылд иууылдæр уымæн дихгонд æрцыд. Иуæрдыгæй дæр фондз хæдзары саразæн кæм уыд æмæ иннæрдыгæй дæр, ахæм зæххы хай. Скъола сцæттæ æртæ азмæ. 1995 азы йыл сæххæст дæс æмæ æртиссæдз азы. Ног хъæу йе скъолайы йæхицæй æртæ азы кæстæр уæвын йеддæмæ нæ бауагъта. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайæ æртæ азы чи фæцух, уыдон бадын бахъуыди сæхицæй æрыгондæртимæ...

Уæдæй нырмæ къорд азы рацыд. 1986 азы 18 сентябры нæхи телеуынынадæй Чехойты Сæрæбийы тыххæй уыди сæрмагонд равдыст. Уыцы аз поэты райгуырдыл сæххæст дæс æмæ ’ртиссæдз азы. Йæ бацæттæ кæнын мæнæн бахæс кодтой. Йæ амонæг дæр мæхæдæг уыдтæн. Равдыст куы фæци, ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ нæ фатеры райхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Дзæнгæрджытæ кæрæдзимæ куыд хæстæг уыдысты, уымæ гæсгæ бамбæрстон, æндæр горæт кæнæ хъæуæй кæй дзырдæуы. Телефонисткæ мын куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ агуырдæуыд Беслæнæй. Хæтæлы райхъуыст сылгоймаджы хъæлæс. Чи дæн, уый куы базыдта, уæд мын йæхи бацамыдта: Доски...

Æхсызгон мын куыннæ уыдаид нæ сыхаджы хъæлæс фехъусын. Нæ сыхаг хæсты размæ уыдис, фæлæ Сындзыхъæумæ чындзы куы ацыд, уый фæстæ дæр хъæубæстыл йæ зæрдæ нæ аивта. Йæ алы æрцыды фæстæ дæр-иу сыхбæсты, уæлдайдæр сыхбæстæн сæ кæстæрты зæрдæты ныууагъта æнæферохгæнгæ фæд. Ахуыргæнæгæй куыста æмæ-иу алкæмæндæр æнæ исты лæвар æрхæсгæ никуы фæцис. Кæмæн — тетрад æмæ ручкæ, кæмæн — чиныг æмæ кърандас, кæмæн — фыстхалæн æмæ линейкæ, кæмæн та — се ’ппæт дæр иумæ. Мах хæдзары æртæ скъоладзауы уыд æмæ нæ иу дæр æнæ рæвдыдæй никуы баззад. Доскийы æрцыд-иу нæ алчидæр бæрæгбоныл нымадта. Æмæ мæм телефонæй дæр уыцы Доски дзырдта.

Сæрæбийы тыххæй равдыст кæй сарæзтон, уый фæдыл мын арфæ ракодта, стæй æваст йæ мысинæгтæм рахызт:

— Мах Сæрæбиимæ иу къласы ахуыр кодтам. Фыццаг къласæй æвдæмтæм. Æз Æккæлаты Вераимæ иу партæйыл бадтæн. Ды Верайы цæмæй хъуыды кæндзынæ?! — цыма йæ æцæгæйдæр кæй нæ хъуыды кæнын, ууыл фидарæй æууæндыд, уый хуызæн бафиппайдта Доски.

— Куыннæ йæ хъуыды кæнын?! Фыццæгæм къласæй мын цыппæрæм къласмæ ахуыргæнæг куы уыди!

— Æцæг зæгъыс? — дисхуызæй мæ афарста Доски.

— Канд мæнæн нæ, фæлæ мæ кæстæр хо Дибæханæн дæр.

Доскийыл цыма стыр хорз æрцыд, уый хуызæн бацин кодта æмæ дарддæр дзырдта:

— Сæрæби та нæ хæдфарсмæ бадт. Верамæ йæ зæрдæ ’хсайдта æмæ-иу æм дзырдæппарæн кодта. Иуæй-иу хатт-иу йæ къух нæ партæйыл æрæвæрдта, æмæ та-иу ын уæд Вера афтæ: «Айс дæ дзæмбы!» Сæрæби æдзухдæр фысгæ кодта. Ахуыргæнæг-иу æй ахæм уайдзæфæй æфхæрдта: «Дæуæй хæдзары сæр ахорæг йеддæмæ ницы рауайдзæн!»

Сæрæбийы тыххæй йæ ныхас куы фæци, уæд рахызт æндæр хабæрттæм:

— Сымах бинонтимæ тынг хæларæй цардыстæм. Уæ лæппутыл уын нæмттæ дæр мах сæвæрдтам. Хъазыбег, Зауырбег, Мурат...

— Мурат дзы нæ уыди.

— Иу дзы Мурат хуынди...

Ацы ран Доски рæдигæ кодта, уымæн æмæ мын хæсты размæ цы ’фсымæртæ амард, уыдон Хъазыбег, Зауырбег æмæ Солтанбег хуындысты.

— Дæ фыдыфсымæр Аслæнбеджы зæрдæмæ цыдтæн, — цыма, йæ ныхæстæ конд куынæуал фæуа, уымæй тарст, уый хуызæн тагъдгомау дзырдта Доски. — Сосыгкойы дæр фæндыди. Æмæ-иу уый фæстæ истæуыл куы стыхстæн, уæд...

Ацы ран Доски иучысыл хъусæй алæууыд, стæй æндæр ныхæстыл фæци:

— Кæннод, Вéринкæимæ[1] куыд фæцардыстæм, уый та! Ды уыцы рæстæг хъæбысы уыдтæ, æмæ мын-иу дæумæ ацамыдта: «Мæнæ дын иу ахæм куы фæуа, уæд дæм цард бынтон æндæрхуызон фæкæсдзæн».

Доскийы куыд бамбæрстон, афтæмæй йын кæддæры хабæрттæ мысын æхсызгон уыд. Цыдæр хъарм цыди йæ алы ныхасæй дæр. Циндзинад ын хаста, мæнимæ кæй дзуры, уый дæр. Æз æм фæкъæйныхдæр дæн, стæй мæ, мæ фыдыфсымæрмæ цы цæстæй каст, уый базонын дæр фæндыд æмæ йæ бафарстон:

— Дæхи фæндыди?

Сылгоймаг фегуыппæг. Цы йæ зæрды уыд, уый зæгъынмæ йæ ныфс кæй нæ хаста, уый бамбæрстон æмæ ныхас æндæрæрдæм аздæхтон. Иуцасдæры фæстæ та ныхас йæ фыццаг фæдмæ раздæхт.

— Уырдыс[2] мæ-иу баййардта: «Кæд дзы исты хæрдджын дæ, кæд дзы исты дæрдджын, уæд мын æй зæгъ, æмæ йæ æз дæр зонон...»

Æз ын-иу дзуапп раттон:

— Ницы хæрдджын дзы дæн, ницы дæрдджын дзы дæн. Йæ хотæм цы цæстæй кæсы, мæнмæ дæр ахæм цæстæй кæсы. Искуы мыл иунæгæй куы амбæлы, уæд, фыр æфсæрмæй цы фæуа, уый нал фæзоны, йæхи иннæрдæм кæсæг скæны æмæ мæ рæзты аивгъуыйы...

Утæппæт ныхæстæ мын Доски ракодта телефонæй. Ноджы алы хабар дæр бæлвырд дзырдта, æмæ мæ бафæндыд йемæ фембæлын. Доски уæд йæ фырт æмæ уый бинонтимæ цард Беслæныхъæуы, æмæ, куыд баныхас кодтам, афтæмæй йæм хъуамæ æз ныццыдаин, æмæ мын бæлвырд хабæрттæ фæкодтаид, фæлæ хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у — нал нын бантыст фембæлын. Доски, хъыгагæн, бирæ нал ацард. Паралич æй ныццавта, æмæ йæ 1986 азы 25 ноябры бавæрдтой. Хъæргæнæг мæм нæ уыди. Йæ зианы хабар ын базыдтон æнæнхъæлæджы. Цæвиттон, уымæй чысыл раздæр журнал «Ногдзау»-ы кусын райдыдтон æмæ мæм уыцы бон дыууадæс сахатыл хъуамæ зындгонд фосдарæг, Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат, нæ тæккæ сыхаг Реуазты Светланæ йæхи фыст æрмæгимæ ссыдаид, фæлæ нæ фæзынд. Дыккаг бон мын хабæрттæ радзырдта, нæхи Доскийы мардмæ, дам, уыдтæн æмæ уый тыххæй не ссыдтæн.

Ацы хабæрттæ иууылдæр не скъолайы коймæ рауадысты. Чи зоны, Æккæлаты Вера, Чехойты Сæрæби, Реуазты Доски æмæ ма бирæ æндæртæ æмгæрттæ нæ уыдысты, фæлæ сын иу къласы ахуыргæнгæ æрцыди. Æккæлаты Вераимæ иу къласы ахуыр кодта мæ фыдыхо Оля. Сæ къам иумæ ист дæр ис. Уыцы къамы ма сты Хлойты Заретæ, Æккæлаты Вера. Годжиты Уырысби мын радзырдта, æз дæр, дам, уыцы къласы ахуыр кодтон. Немæ, дам ма иу къласы ахуыр кодтой Тохты Иван (фидæны фыссæг), Реуазты Батырбег æмæ Гадзыбе (Уæхæйы фырттæ), Дзасохты Агуыбе (Тасолтаны фырт), Цопанты Ефим, Хъуппеты Георги, Чехойты Уырызмæг, Муцъуаты Валодя (хъæдгæройнаг, йе ’фсымæр Хаджумар скъолайы директорæй куыста, æмæ уыцы рæстæг уым цардысты), Гаситы Уарзет æмæ Дзасохты Таня.

Хорз скъолайыл нымад уыд Бæрæгъуыны скъола. Йæ бæстыхай дæр, йæ ахуыргæнджытæ дæр. Хистæртæ арæх æрымысынц Быгъуылты Барисы, Себетты Захар æмæ Ольгæйы, Тотойты Мишæйы, Дзугаты Нинæйы æмæ иннæты — Бæрæгъуыны скъолайы фыццаг ахуыргæнджыты. Æз уыдонæй иуы дæр не ’рæййæфтон, фæлæ мæхи ахуыргæнджыты никуы ферох кæндзынæн. Арæхдæр æрымысын Æккæлаты Вера æмæ нæ директор Епхиты Зауырбеджы. Вера, куыд бамбæрстат, афтæмæй уыди мæ фыццаг ахуыргæнæг. Чи зоны, æндæр ахуыргæнæджы къухмæ куы бахаудаин, уæд скъолайæн дæр æндæр барæнæй аргъ кодтаин, ахуыргæнæгмæ дæр æндæр цæстæй кастаин, фæлæ Вера ахæм адæймаг уыд, æмæ йæ фæрцы скъолайæн дæр æнæбауарзгæ нæ уыд æмæ ахуыргæнæгæн дæр.

Фыццаг къласмæ куы бацыдтæн, уæд Верайыл цыдаид иу авд æмæ ссæдз азы бæрц. Уый фæстæдæр базыдтон, фæлæ уæд йæ карæн цы ’мбæрстон? Мæнмæ касти тынг æрыгон æмæ рæсугъд. Уæвгæ, æрыгон æмæ рæсугъд æцæгæй уыди. Фæлмæндæр адæймагыл бирæ нæ сæмбæлдтæн мæ царды. Цыппар азы йæм фæцахуыр кодтон æмæ дзы иу хъæрæй ныхас никуы фехъуыстон, иу уайдзæф дзы мæ зæрдыл нæ бадардтон. Ахæм цæстæй канд мæнмæ нæ каст, афтæ канд æз нæ хъуыды кæнын. Дыууæ æви æртæ хатты цалдæргай къуыритæ фæцух кодта, йæ лæппумæ, дам, ацыди — Вера дæр Доскийы хуызæн сындзыхъæуккаг чындз уыди, уымæн дæр йæ лæг хæстæй нал сыздæхт æмæ уал йæ мойы ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ йæ лæппуйы уым ныууагъта — æмæ цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ-иу, фыр адæргæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Тарстæн, куынæуал æрцæуа, уымæй. Йæ бæсты нын-иу ахуыргæнæг чи уыд, уыдонмæ-иу æндæрхуызон цæстæй кастæн. Иннæтæ дæр-иу æм тынг æнхъæлмæ кастысты. Куы фæзынд, уæд-иу цыма нæ иумæйаг мады дзæвгар рæстæг нæ федтам æмæ нæм æнæнхъæлæджы фæзынди, афтæ цин-иу кодтам.

Фæлмæн адæймаг уыд Вера. Фæлмæн — йæ бахудт, йæ ныхас, йæ къахдзæф, йæ цæстæнгас. Йæ фыд Бæбу зæронд лæг уыд. Уый дæр йæхи хуызæн уæздан, хъæубæсты — нымад. Хъуыды ма кæнын, иу хатт нæ Вера сæхимæ цыдæр кусынмæ ахуыдта. Кæд нæ рæдийын, уæд — картоф къахынмæ. Уæвгæ, фæткъуытæ тонынмæ дæр уыдаид, уымæн æмæ сæм хорз дыргъдон уыд. Мах иууылдæр тынг бацин кодтам, нæ ахуыргæнæгæн цыдæр æххуысхъом кæй стæм, ууыл, æмæ æмхуызонæйдæр ацыдыстæм. Иуцасдæр цæхæрадоны куы фестæм, уæд нæм Вера, йæ дзаумæттæ раивта, афтæмæй фæзынди. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ йæ æз хæдзарон дзаумæтты фыццаг хатт федтон, æмæ мæ дисæн кæрон нал уыд. Ноджы тынгдæр дис та фæкодтон, кæфойы дзаг бур-бурид кæрдотæ нын куы рахаста æмæ дзы фыццаг йæхæдæг хæрын куы райдыдта, уæд.

Ахуыргæнæгæн йæ бæрæгбоны дарæс раивын æнхъæл дæр никуы уыдтæн, стæй хæргæ кæна, зæгъгæ, афтæмæй дæр мæ цæстытыл никуы ауад. Зæды цæстæй кæмæ кастæн, мæ уыцы ахуыргæнæджы ахæм уавæры куы федтон, уæд мæ цæмæйдæр фæфыдæнхъæл кодта. Раст зæгъын хъæуы, хæдзарон дарæс дæр ыл тынг фидыдта, æмæ йæм æрмæст уый тыххæй ницы аипп æрхастаин, фæлæ йæ иннæ адæмы хуызæн хæргæ кæй федтон, уыцы хъуыддаг мæм цыдæр гадзрахатæй рацæуыны хуызæн фæкаст...

Æмгъуыдтæ кæнын кæй ницæмæн хъæуы, уый мæхиуыл цал æмæ цал хатты бавзæрстон, уæддæр мын иу сен сен нæ вæййы. Авдазон скъола фæуыны фæстæ, Верайы, зæгъæн ис, æмæ иу хатт дæр нал федтон. Æз Николаевскы станицæйы ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд Вера Алагирмæ алыгъд. Кæд æмбæлгæ нæ кодтам, уæддæр æй мысыдтæн. Искуы йæ куы бабæрæг кæнин, уый мæ фæндыди, фæлæ мын не ’нтыст. Уæлдай арæхдæр та-иу мæ зæрдыл фæстаг азты лæууыд. Чи йæ зыдта, уыдоныл-иу куы амбæлдтæн, уæд сæ æнæафæрсгæ никуы фæдæн. Афтæ, цалынмæ мын дзы иу, Вера амард, зæгъгæ, нæ загъта, уæдмæ. Уыцы ран арф ныуулæфын йеддæмæ мæ бон ницыуал баци.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.