Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 2 страница



Бæрæгъуын кæд алы хъæутæй арæзт æрцыд, уæддæр фыццаг бонæй фæстæмæ иу бинонты цардæй цæрын райдыдтой. «Дæу у» «мæн у» дзы никæцы сыхæй райхъуыст. Кæд цин кодтой, уæддæр — афтæ. Дыууæфондзыссæдз бинонтæй фылдæр кæм æрцард, уым худын кæм хъуыд æмæ кæуын кæм хъуыд, ахæм хабæрттæ куыннæ хъуамæ уыдаид! Уыдысты дзы иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр.

Тæхуды, хъæуы фыццаг бонæй фæстæмæ цы ахсджиаг цаутæ æрцыд, уыдонæй иуцалдæр уæддæр куы зонин, уæд сæ куыд æхсызгонæй радзурин адæмæн. Уæд та, æппæты фыццаг ацы зæххыл боны рухс чи федта, уый ном куы зонин! Æппын ницы, фæлæ йын йæ ном æмæ йæ мыггаг рæстæджы фæлмæй уæддæр сисин æмæ йæ базонгæ кæнин ныры æмæ суинаг фæлтæрты минæвæрттимæ. Афтæ мæм кæсы, цыма йын йæ ном алчидæр æхсызгонæй мысид, дзыккакъах кæй фæци — йæ фæстæ райгуырд сæдæгай æмæ мингай чызджытæ æмæ лæппутæ — уый тыххæй.

Нæ хъæумæ чи ’рлыгъд, уыдонæй алчидæр куыннæ у кад æмæ рады аккаг. Фæлæ дзы цыма, фыццагдæр чи райгуырд, уый сæрмагонд бынат ахсы, уæлдай æргом аздахыны аккаг у.

Ацы ран мæ зæрдыл Нарты кадджытæ æрлæууыдысты. Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзийы куы амардтой, уæд сыл Æхсæртæджы ус Дзерассæ фыркуыдæй йæхи куыд мардта, афтæ йæ Уастырджи æрбаййæфта. Цæуыл кæуыс, зæгъгæ йæ куы бафарста, уæд ын сылгоймаг афтæ:

— Куыннæ хъыг кæнон? Мæнæ ацы дыууæ ’фсымæры мæн тыххæй фæмард сты, æмæ сæ куыд баныгæнон, уымæн ницы амал арын.

Уастырджи йын загъта:

— Усай, уыдон æз баныгæнин, бæргæ, усæн мын куы рацæуис, уæд.

— Цæуылнæ дын ацæудзынæн усæн, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд, — дзуапп ратта Дзерассæ.

Уастырджи йæ ехсы фындзæй зæхх æркъуырдта, æмæ дыууæ ’фсымæры марды ингæны фестадысты, сæ ингæныл та фæзынд диссаджы цырт, чъыр æмæ дурæй амад, рæсугъд галуан йæ алыварс, афтæмæй.

Уæд Дзерассæ дзуры Уастырджимæ:

— Цæй уæдæ æз мæхи ахсон уæртæ денджызы был, кæннод тугæрхæмттæй демæ куыд фæцæуон?! Ды уал ам бад, æз ныртæккæ фездæхдзынæн.

Уастырджи баууæндыд Дзерассæйыл. Дзерассæ былмæ куыддæр бахæццæ, афтæ денджызы йæхи баппæрста æмæ йæ фыды бæстæ Донбеттыртæм ныффардæг...

Бонтæ цыдысты. Дзерассæ æнхъæлцау кæй у, уый йыл тынгæй-тынгдæр бæрæг дардта. Иу бон ын йæ мад афтæ:

— Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдоны стæджы хъæд афтæ у, æмæ, сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц.

Дзерассæмæ бахъардтой уыцы ныхæстæ æмæ бацагуырдта Æхсæртæджы хæдзар. Йæ рæстæг куы ’рцыд, уæд ын райгуырд дыууæ фаззоны — Уырызмæг æмæ Хæмыц.

Арф хъуыды ис ацы кадæджы. Райгуырæн зæххæн æмбал дзы нæй. Райгуырæн уæзæг, чи йыл райгуыра, уымæй адджындæр никæмæн у, уымæй тынгдæр никæмæй риссы, уымæй æхсызгондæр никæмæн у йæ хорздзинад. Уый нæ фыдæлтæ хорз æмбæрстой æмæ сæ хуыздæр уацмысы фыды уæзæгæн ахæм стыр аргъ уымæн кодтой. Мах та, хъыгагæн, ахæм хабæрттæм нæ хъус фаг нæ дарæм, цы хъæздыг бынтæ нын баззад, уыдонæй нæхи бонджын нæ хонæм. Уыйхыгъд дзы пайда кæнынц зондджын адæмтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй Америчы Иугонд Штатты алы адæймаджы бон дæр у цыфæнды стыр бынат æрцахсын... президенты бынатæй фæстæмæ. Ацы бæстæйы конституцимæ гæсгæ президент суæвын йæ бон у, растдæр зæгъгæйæ та, йæ бон нæу, Америчы зæххыл чи нæ райгуырд, уымæн. Зæгъæм, Уæрæсейы кæнæ Ирыстоны конституцимæ исчи ахæм ивддзинад бахæссынвæнд куы скæнид, уæд «адæмы сæрхъуызойтæ» бæстæ сæ сæрыл сисиккой, уый, адæймаджы бартæм чи ныхилы, æппæт адæмæн æмхуызон бартæ чи нæ дæтты, ахæм хъуыддаг у, зæгъгæ. Мæнмæ гæсгæ та уым аиппæй ницы уаид. Аипп у, Уæрæсейы, уæлдайдæр та Ирыстоны Конституцийы ахæм закъон кæй нæй. Мæнæн исчи нæ парламенты ныхасы бар куы раттид, уæд фæндон бахæссин, цæмæй нæ закъонты æмбырдгондмæ бафтауой: «Ирыстоны президент, парламенты, хицауады разамонджытæй æвзæрст цæуæнт, нæхи зæххыл чи райгуырд, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæ...»

Бæрæгъуыны, рухс дунемæ фæзынгæйæ, æппæты фыццаг кæй кæуын райхъуыст, уый базонын мæ тынг фæнды, уымæн æмæ уыцы арфæйы аккаг адæймаг, хъæуы цы æртæ мины æмæ сæдæ дыууын æртæ цæрæджы уыд, уыдонæй се ’ппæтæй дæр бæрæгъуыйнагдæр æмæ красногойрагдæр уыд. Æрмæстдæр уымæн уыд йæ бон зæгъын: «Æз райгуырдтæн ацы хъæуы. Сымах кæд ам цæрут, уæддæр æндæр рæттæй рацæугæ стут».

Кæд искуы искæй æнæзонгæ адæймагимæ ныхас кæнын фæндыд, уæд мæн дæр фæнды. Фæнды мæ, нæ хъæуы æппæты фыццаг авдæны кæй ауызтой, уымæн цалдæр ныхасы зæгъын: «Кæд æгас дæ, уæд дыл цыппæрдæс æмæ æртиссæдз азæй фылдæр нæма цæуы, æмæ дын Хуыцау цы бонтæ снывонд кодта, уыдон амондджын æмæ зæрдæрухсæй батон! Канд дæхи кæстæртæ нæ, фæлæ æппæт хъæуы кæстæртæй иуы зындзинад дæр ма фен, афтæмæй сæ уæле бирæ азты кадджын æмæ зæрдæрухсæй фæбад. Бузныг дын, нæ хъæуккæгты æхсæн хистæры бынат бацахсынмæ дæ ныфс кæй бахастай, уый тыххæй. Чи дæ, уый куы зонин, уæд бацархаин, цæмæй дын Бæрæгъуын-Красногоры кадджын гражданины ном раттой, ууыл. Стæй дæ ууыл дæр нæ ныууадзин. Цыфæнды стыр фынджы уæлхъус дæр дæ æдзухдæр æппæты уæле бадын кæнин, уымæн æмæ, дæуæй хистæр чи у, уыдон иууылдæр уазджытæ сты, уазæг та хъуамæ фысымы дæллаг фарс бада. Цыбыр ныхасæй, дæу скадджын кæныны тыххæй ницæуыл бацауæрдин, уымæн æмæ дæуæй буцгæнинагдæр хъæуккаг мæнæн дæр æмæ иннæ бæрæгъуыйнæгтæн дæр нæ уыдзæн. Цæмæй бирæ фæцæрай, уый ма мæ цæй тыххæй фæнды: дæ кæстæртæн дæр ныфс уыдзынæ, мах дæр дæуæй къаддæр нæ фæцæрдзыстæм, зæгъгæ...

Кæд æгас нал дæ, уæд та... Стыр æвгъайуаг хъуыддаг у, абонмæ кæй нæ фæцардтæ, уый. Уæвгæ, лæг цас фæцæра, уымæ гæсгæ йын аргъгонд нæ цæуы. Хорзæй цы сарæзта, уыдон сты йæ лæгдзинад æвдисæг. Адæмы ’хсæн цы фарны мыггæгтæ байтыдтай, уыдон амондджын æвзартæ суадзæнт. Цæмæ бæллыдтæ æмæ дын цы нæ бантыст, уый, цæрынæй кæимæ нæ бафсæстæ, уыдонæн бантысæд. Дæ хорз зæрдæйыл куы уыдтæ, уæд-иу сæм цы цæстæй кастæ, ууыл дæ къух мæрдты дæр ма сис. Дæ бадæн рухс дзæнæты цъæх фæзы уæд!»

Цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, зæгъгæ, фæзæгъынц. Кæд æцæг афтæ у, уæд, мæнмæ гæсгæ, цин хистæр æфсымæр хъуамæ уа. Æмæ ахæм хистæр æфсымæрыл æз нымайын, нæ хъæуы фыццаг чи райгуырд, уыцы адæймаджы, кæстæрыл та — æппæты раздæр дзы бонрухс кæуыл баталынг, уый. Зындгонд у уыцы лæджы ном. Зонын æй канд æз нæ, фæлæ æппæт хъæубæстæ дæр — Гаситы Мыст.

Хъыгагæн, йæ кой фылдæр адæм тыхст заман скæнынц. Исчи искæмæ куы фæмæсты вæййы, уæд æй арæх афтæ ралгъиты: «Гаситы Мыстæн фæлдыст фæу!» Сырдоны æмбисонд æрымысыдтæн. Хин æмæ кæлæн кæм нæ уыд! Нарты адæмæн бафæдзæхста, куы амæлон, уæд-иу мæ, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм хъуыса, уым бавæрут, зæгъгæ.

Цы бирæ фыдбылызты сæ баппæрста, уый зæрдыл даргæйæ, Нарт Сырдонæй сæ маст райсын сфæнд кодтой æмæ йæ ныхасы бавæрдтой. Адæм-иу кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыста: «Махæй, уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!» Уæд Нарты адæм загътой: «Амæн нын йе ’гасæй йæ мард ноджы диссагдæр куы у æмæ нын фыддæрæн куы фæци: цæй æмæ йæ скъахæм æмæ йæ фурды баппарæм!»

Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой. Сырдон уыдис Донбеттырты хæрæфырт æмæ, фурды куы бахауд, уæд райгас æмæ ссыд Нарты ныхасмæ. Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!»

Гаситы Мыстæн иу иннæйы цæмæн фæфæлдисы, уый нæ зонын, фæлæ йæ мæстыйæ кæй фæзæгъынц, уый дызæрдыггаг нæу. Мæнмæ гæсгæ та Мыст азымы бадаринаг ницæмæй у. Авдæны гуыпп-гуыпп кæм райхъуысы, уым чырынæн дæр æнæуæвгæ нæй, чи райгуырд, уыдонæн æнæмæлгæ куыд нæй, афтæ. Нæ хъæуы дæр æппæты разæй искæй мæлын хъуыд. Æмæ уыцы зын хæс йæхимæ райста Мыст. Йæ хистæртæй никæмæ фæдзырдта, йæ кæстæртæй йæ разæй никæй фæкодта, афтæмæй ацыди, раздæхæн кæцæй нал и, уыцы фæндагыл.

Мæлын æнцон никæмæн уыд, стæй мæлæтыл ардыгæй фæстæмæ дæр зæрдæхъæлдзæгæй исчи сæмбæла, уый æнхъæл нæ дæн, фæлæ Мысты уавæры мæлын ноджы зындæр уыд, уымæн æмæ йæ уд иста, уæлмæрдтæ кæм нæма уыд, ахæм хъæуы. Уæвгæ, фæндаг мæрдтæм дæр ис, зæгъгæ, ахæм æмбисонд цы адæмы æхсæн райгуырд æмæ йæ иу фæлтæрæй иннæ фæлтæрмæ цы дзыллæ фæхастой, уыдон сæ мардæн бынат куыннæ хъуамæ ссардтаиккой! Чи зоны, хъæубæсты уæлмæрдты сагъæс уымæй размæ дæр уыди, фæлæ, фыццаг зиан куы ’рцыд, уæд бирæ хъуыды кæнынæн рæстæг нал уыд: равзарын хъуыд уæлмæрдты бынат æмæ йын равзæрстой. Раздæр хъæуы дзырддзæугæ лæгты иу хай адæмы æрцæрын кæнынмæ кæм хъавыд, уымæй чысыл дæлдæр. Куыройыдон йæ рæбынты кæмæн згъоры, уыцы уæлбыл. Хъæу армытъæпæныл æвæрдау кæцæй зыны, уым.

Акодта фыццаг къахдзæфтæ — кæд мардæй афтæ зæгъæн ис, уæд — Мыст æппæты зындæр цæуæн фæндагыл. Йæхимæ райста, æгас адæймаджы бон райсын кæй нæу, ахæм уаргъ æмæ йæ ахаста йе ’нусон цæрæн бынатмæ. Уæддæр ма йæ мæ хъæуккæгтæ цæмæдæр гæсгæ азымы фæдарынц æмæ йын кæрæдзийы фæлдисынц, уымæй Мыстæн хæрзæджы кæй цæуынц, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, афтæмæй.

Мыст Ичъынайы калмау уæлæуыл куы баззадаид, уæддæр хъæуы фыццаг искæй мæлын хъуыд æмæ уæд уый дæр дæлджинæг кæнын хъуыдаид? Мæнмæ гæсгæ, ахæм адæймагмæ æндæр цæстæй кæсын хъæуы, уымæн æмæ адæмы сæрыл йæ уд нывондæн æрхаста. Иуы дæр кæдæм нæ фæнды, уырдæм разæй ацыд. Уый афтæ нæ амоны, æмæ сын уæлмæрдтæм фæндаг бацамыдта. Уырдæм фæндаг амонын никæмæн хъæуы. Кæд ацы дунемæ искæмæн фæндаг амонын хъæуы, уæд ын хъæуы ардыгæй дæр. Дыууæ ранмæ дæр фæндæгтæ амонæг Уæллаг у. Дæ хъысмæты цы фыст ис, уымæй дарддæр дæ бон ницы у. Бæсты бикъ-комы дæгъæл куы фестай, уæддæр дын дæ ныхыфыст æнæвзаргæ нæй.

II

Æнцон цæрæн нæ уыди фыццаг рæстæг хъæуæн. Хъуаг æййæфтой алцæмæй дæр. Уадзæн ног хæдзараразæг загъдæуы. Калм дæр, дам дзы йæ хуынкъмæ лидзы. Уæд уыциу рæстæг дыууæфондзыссæдз хæдзарæй фылдæр кæм арæзтой, уыцы хъæуæй хъуамæ Ирыстоны кæлмытæй иу дæр йæ хуынкъæй йæ сæр сдарын мауал бауæндыдаид. Хæдзар, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр уыд, фæлæ сæ иннæ арæзтæдтæ дæр къаддæр сагъæсы не ’фтыдтой. Бынæттæ хъуыди фос æмæ мæргътæн, бынæттæ хъуыди, сæ зæххы хæйттыл цы хор зайын кодтой, уымæн дæр. Аразын хъуыди, æппæт хъæуæн иумæйаг чи уыд, ахæм бæстыхæйттæ: куырой, скъола, медицинон пункт, дукани, кæсæндон.

Æппæты фыццаг куырой саразыныл кæй батыхстысты, уым диссагæй ницы уыд, уымæн æмæ афтид голлаг хъен нæ лæууы. Зондджын лæджы загъдау, цæмæй цардаиккой, уый тыххæй сæ хæрын хъуыди, æмæ тæккæ гæрзармдæртæ бавнæлдтой уыцы хъуыддагмæ. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ нартхорыссæны фыдтæ разылдысты, зымæг сæлгæ чи нæ кодта, сæрд — ивылгæ, уыцы суадоныл. Чи зоны, уымæй размæ йын æндæр ном уыди, фæлæ куырой куы скуыста, уæд æй иууылдæр Куыройыдон хонын райдыдтой.

Бирæ хæрзты бацыд уыцы куырой мæ хъæуккæгтæн. Бирæ ссинаг æм фæхастон æз дæр. Уæд дзы куыройгæстæй Хуыцауы сконд дыууæ лæджы куыста — Бæцойты Тегка æмæ Икъаты Цæрай. Хæсты фæстæ, хор бынтон кадавар куы уыд, уæд дæр мæ куыройы мызд никуы айстой, афтæмæй нын-иу алы хатт дæр нæ нартхоры цалдæр килæйы æрыссадтой. Ссинаг, куыд мæхæдæг, афтæ не ’ннæ бинонтæ дæр фылдæр æккойæ хастам. Цæуыл аластаиккам, уый дæр нæм нæ уыд, уæрдоны цы бавæрдтаиккам, уый бæрц хор дæр нæ рæбыны нæ зыдтам æмæ уымæн.

Куыройы фæстæ мæ хъæуккæгтæ æппæты тынгдæр цæуыл батыхстысты, уый уыди скъола. Æртæ азы йеддæмæ нæ бауагътой сæ кæстæрты æнхъæлмæ кæсын. Рагацау куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй скъолайæн бынат ныууагътой хъæуы бæрæгастæу æнæхъæн цыппæрдигъон тъæпæн. Чысыл фæстæдæр скуыста медицинон пункт, байгом кæсæндон. Цыбыр дзырдæй, цæрæг уд йæхиуæттæ домдта, фæлæ ног бынат цæрæг уды цæуылты домдта, уымæ бирæтæ цæттæ нæ уыдысты. Цæвиттон, хъæубæстæ кæм æрæнцад, уый цъымарабын уыд. Æрлидзджытæ йæ куыннæ зыдтой, фæлæ се ’нæниздзинадыл æвзæрæрдæм афтæ тагъд æмæ тынг фæзындзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Сæрд йæ тæмæны куы бацыд, уæд къогъо сарæх, тæфсæджы къогъо, æмæ адæм ризæгæй рынчын кæнын райдыдтой. Хæххон сыгъдæг уæлдæфыл чи сахуыр, цъитийы сатæгæй чи улæфыд, уыцы адæмы канд тæфсæг нæ тыхсын кодта, фæлæ сахъат кæнын райдыдтой сæ рæуджытæ дæр. Бирæты-иу фæстæмæ сæхи дзæбæх кæнынмæ хохмæ цæуын бахъуыд. Уым-иу спайда кодтой сæ фыдæлты хостæй. Хохы цæрджытæй-иу йæ рæуджытæм йæ зæрдæ кæмæн фехсайдта, уымæн-иу амыдтой ахæм мадзал: цъитийы фæзгъæртæм хъуджы æрдуц æмæ, ихы къæрттытæ куы стайой, уæд уыцы æхсыр нуаз. Сæрдон-сæрддæргъы ахæм æхсырæй йæхимæ чи фæкаст, уый-иу фæстæмæ дзæбæхæй æрыздæхт.

Рæуджыты низ дæр куыннæ, фæлæ мæ хъæуккæгтæн ноджы фылдæр хъыцъыдæттæ баназын кодта тæфсæг. Бирæ дзы фæсадтæн мæхæдæг дæр. Хæсты фæстæ азтæй иу дæр ахæм нæ хъуыды кæнын, тæфсæгæй кæд нæ фæрынчын дæн. Фæрынчын-иу сты мæ дыууæ хойы дæр. Адæймагмæ-иу хæрын нал цыд. Цыбыр рæстæгмæ-иу йæ зæнгты хъару нал уыд. Слæмæгъ-иу. Йæ сæр-иу зылди. Ноджы йæ дзæбæх цы хинæтæй кодтой, уыдонæн-иу æрмæст сæ уындæй дæр адæймаг ныккæрзыдта. Уыцы бур-бурид лыстæг цæппæргæндтæ-иу лæг куы ауыдта, уæд-иу бакатай кодта, уыдон та чи нуаздзæн, зæгъгæ. Æнæ нуазгæ та сын нæ уыди. Æндæр æй ницæмæй дзæбæх кодтой. Кæд æй дзæбæх кодтой, уæддæр ын мах ницы зыдтам.

Кæд Хуыцауы фæнда, уæд мыл аст мæйы фæстæ æртиссæдз азы сæххæст уыдзæн. Уыцы рæстæджы дæргъы рынчын дæр куыннæ фæуыдаин æмæ хостæ дæр куыннæ фæнызтаин, фæлæ дзы уæддæр хинæйæ мастдæр хосыл нæ сæмбæлдтæн. Иу-фондз æмæ йыл дыууиссæдз азæй фылдæр мæ цæст хæцгæ дæр нал æркодта, фæлæ мæм æй дардæй дæр куы равдыстæуаид, уæд ивгъуыд бонтæ мæ цæстыты раз сног уаиккой, мæ уд мын гæркъайы хуынчъы аластæуаид, катайы бахауин, кæд мын æй нуазын кæнынц, зæгъгæ. Йæ нуазын дæр зын куыннæ уыд, фæлæ-иу дзыхы маст кæд æмæ кæдмæ не ссыд. Сæкæр кæнæ къафетт ахæргæйæ-иу адæймаг хъизæмарæй бæргæ тагъддæр фервæзтаид, фæлæ ахæм буц хæринæгтæ æххормаг азты тъæнджы мæй хъуыдыдыйæ æнцондæр ссарæн нæ уыдысты.

Уыцы рæстæджытыл куы фæхъуыды кæнын, уæд, Белогорцев Тимофейы кæд не ’рымысын, ахæм заман нæ вæййы. Уæздан адæймаг уыд. Хæдæфсарм, хъæрæй дзурын зонгæ дæр нæ кодта. Адæм æй бирæ уарзтой. Алы хæдзармæ дæр æнæхойгæйæ цыд. Уыцы дæргъæй-дæргъмæ æртæ уынджы-иу кæй кæртмæ нæ бахызт, ахæм нæ разындаид, фæлæ йыл иу куыдз дæр никуы срæйдта. Иууылдæр æй хион хуыдтой æмæ-иу сæ къæдзилтæ тилгæ йæ размæ ратахтысты. Тимофей хъæубæстæн ахæм уарзон уыдис, æмæ йæм йæ фыды номæй ничи дзырдта. Стæй йын йæ фыды ном æз абон дæр нæ зонын. Хистæрæй-кæстæрæй йæ иууылдæр Тимафе хуыдтой. Мæ нымадмæ гæсгæ йыл иу-æртиссæдз азмæ ’ввахс цыдаид, фæлæ йæм, йæ фыды номæй кæй нæ дзырдтой, уый йæм нымады дæр нæ уыди. Цыма æмбæлгæ афтæ кодта, йæхи уый хуызæн дардта.

Тимафе канд хæларзæрдæ адæймаг нæ уыд, фæлæ ма уыд хорз дохтыр дæр. Хуымæтæджы фелсыр уæвгæйæ, йæ зонындзинæдтæ бирæ дохтырæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ уыдысты.

Къæсхуыртæ гуыбыргомау кæсæнцæстджын, Белогорцев-иу, йæ чысыл цыппæрдигъон чумæдангонд йæ къухы, афтæмæй уынджы куы фæзынди, уæд-иу адæм йæ размæ цæуын райдыдтой. Алчидæр-иу æй хуыдта йæ рынчыны фенынмæ. «Нагъ»-иу никуы никæмæн загъта. Цы рынчыны тыххæй йæм фæдзырдтой, уый бабæрæг кæныны фæстæ-иу йæ фæндаг иннæтыл ракодта æмæ-иу цалынмæ æппæт рынчынты дæр федта, уæдмæ нæ ныууагъта.

Сахатмæ гæсгæ нæ куыста. Бирæ бонты-иу нæ хъæуы æнафонтæм бафæстиат. Цæуын та йæ Николаевскмæ хъуыд: уым цард. Нæхи хъæуы куыста, уæлдæр ахуыргонддзинад кæмæ уыд, ахæм сылгоймаг дохтыр, фæлæ ууыл Тимафейы хуызæн не ’ууæндыдысты. Тимафе зæронд заманы хæдзарон дохтыры хуызæн дзæбæх кодта алы низтæй дæр. Стæй æрмæст афтеччы хостæй нæ. Хорз арæхст адæмон медицинæйы мадзæлттæй пайда кæнынмæ. Дзæбæх кодта кæрдæджытæй, зонгæ уыд ирон хостимæ.

Уæлдай фылдæр куыст ын уыди сæрдыгон, тæфсæг-иу куы сарæх, уæд. Рынчынтæм цæуынæй никуы бафæллад, фистæгæй зылди хъæуы уынгты, æмæ йæм алы хæдзары дæр æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй, уымæн æмæ зыдтой: Тимафе кæй фена, уымæн рафысдзæн, кæмæй адзæбæх уыдзæн, ахæм хостæ.

Тæфсæджы ныхмæ тох кодтой æндæр фæрæзтæй дæр: цъымараты калдтой, тæфсæг æфтауæг къогъотæ чи куынæг кодта, ахæм хостæ. Хæсты фæстæ уыцы хъуыддагыл куыста Цомайты Мæрзабег. Санэпидстанцæйæ уыдаид, æвæццæгæн, хостæ хаста æмæ сæ пырх кодта цъымараты. Мах хъæугæрон цардыстæм æмæ-иу нæ фосы фæдыл цæугæйæ, цъымаратæм æнæбафтгæ нæ уыди. Доны уæлцъар-иу, цыма йыл бензин ныккодтой, уый хуызæн хосæй хъулон дардта. Къогъоты ныхмæ тох æппынфæстаг йæ нысаныл сæмбæлд. Раздæр тугцъиртæ фесæфтысты, уый фæстæ — тæфсæг.

Кæд цыфæнды зын рæстæг уыд, уæддæр медицинæ йæ куыст кодта. Алыхуызон уколтæ кæнынмæ-иу нæм скъоламæ арæх фæзындысты. Мах уымæй тарстдæр ницæмæй кодтам, æмæ нын-иу дохтыртæ се ’рбацыд никуы схъæр кодтой. Æдзухдæр-иу фæзындысты урочы астæу. Фылдæр хæттыты-иу æрбацыдысты директоримæ. Ахæм заман æппæты хъæбатырдæр æмæ ныфсджындæр чи уыд, уый зыр-зыр дæр-иу ссыд, фæлæ-иу директор къæсæргæрон футболæйхъазæг дуаргæсы хуызæн куы ’рлæууыд, уæд-иу сæ уавæр бамбæрстой æмæ, скъæты кæй баййафынц, ахæм бирæгътау сæхи къуымтæм нылхъывтой.

Æз, уколæй æппæты тынгдæр чи тарст, уыдонимæ нымад уыдтæн. Цомайты Гришæ ма мæ абон дæр бафæрсы, иу хатт, дам, уколтæ кæндзысты, уый куы базыдтам, уæд Хъæууатмæ куыд алыгъдыстæм, уый, дам, нал хъуыды кæныс. Уколæй фервæзыны тыххæй æз Хъæууатмæ нæ, фæлæ Елхотмæ дæр фæлыгъдаин, уымæн æмæ уæды судзин ныры судзины хуызæн нæ уыд. Адæймагæн-иу йæ цонг ныррæсыд, йæ тæвд-иу ссыд. Цыбыр дзырдæй, фæрынчын, цалдæр боны-иу йæ чемы нал æрцыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.