Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 1 страница



Музафер

СÆРГÆНДТÆ

ДÆЛЛАГ ИР.. 3

ФЫЦЦАГ ХАЙ.. 3

ДЫККАГ ХАЙ.. 34

ÆРТЫККАГ ХАЙ.. 127

ЦЫППÆРÆМ ХАЙ.. 157

ÆРТÆ ФÆРВЫ (Радзырдтæ æмæ миниатюрæтæ). 198

Радзырдтæ.. 198

«Уый æваст æрбалæудзæн...». 198

«Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ...». 200

Æнамонд фæндаг. 201

Хæдзари-хæдзар. 204

Сыхæгты маст. 205

Талынг рудзгуытæ.. 207

Хонджытæ æмæ хъæргæнджытæ.. 208

Агъуылбийы къæлиндар. 210

Тъибылы цуан. 211

Тыхбегара. 212

Гæртам.. 213

Хуыпп дæр нал! 214

Миниатæрæтæ.. 217

Хъæбулты мæт. 217

Хуы æмæ цъымара. 218

Алыхуызон фæстиуджытæ.. 218

Дыууæ фæды.. 218

Æгæр адджын. 219

Æнæнхъæлæджы фембæлд. 219

Саууис. 219

Æмбисонд æмбисонд у. 220

Æртæ фæрвы.. 220

Æлцæмæн дæр — афон. 220

Калм æмæ тæрхъус. 221

Къæппæджы холлаг. 221

Куыдзыхсыр. 221

Куыройдон. 222

Чызг æви лæппу. 222

 

ДÆЛЛАГ ИР

(Автобиографион роман)

ФЫЦЦАГ ХАЙ

Мæхи куыд зонын, афтæ хорз æндæр искæй куы зонин, уæд мæхи тыххæй афтæ бирæ нæ фыссин.

Генри Дэвид Торо

I

Æз куы райгуырдтæн, уæд нæ хъæуыл фынддæс азы йеддæмæ нæма цыд...

Æвæдза, ахъуыды кæнгæйæ, диссаг та куыннæ у: дæ райгуырæн хъæуæй фынддæс азы кæстæр йеддæмæ ма у! Уæвгæ, хъуыддагмæ æндæр цæстæй куы акæсай, уæд дзы диссагæй ницы ис. Хъæуыл фынддæс азы нæ, фæлæ иунæг бон куы цæуа — кæд ахæм хъæутæ уæвгæ дæр ис, уæд — уæддæр ын бирæ хъæбултæ уæвæн ис, уымæн æмæ сывæллоны райгуырдæн боны хæрз чысыл хай дæр фаг у. Стæй, хъæбул йæ мадæй фынддæс азы кæстæр йеддæмæ кæд нæ уыд, ахæм хабæрттæ — цас дæ фæнды, уыйбæрц. Афæрсут-ма хистæрты, æртиссæдз — дæс æмæ æртиссæдзаздзыдты — карджындæрты кой нал кæнын — кæддæра сæ мадæлтыл, сæ амонд куы ссардтой, уæд цалгай азтæ цыди. Бирæтæ уын зæгъдзысты: мæ мад чындзы æрцыди æртындæс-цыппæрдæсаздзыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кæуыл цыд, уыдоны нымæц къаддæр нæ уыд, фæлæ чындзы хæрз æрыгонæй цæуын нæ фыдæлтæ æгъдауыл нымадтой.

О, мæ ныхас мæ хъæуы карæй райдыдтон. Адæймаг, цы хъæуы райгуыры, уымæй вæййы бирæ кæнæ чысыл кæстæр. Уæвæн ис æмæ уой æмгæрттæ. Æз, мæхи кой кæм кæнын, уым мæ дарддæры ныхас дæр мæ хъæуыл уыдзæн.

Уæдæ афтæ: уæлдæр куыд загътон, афтæмæй, боны рухс цы хъæуы федтон, уымæй дæн фынддæс азы кæстæр. Мæ райгуырдæй фынддæс уалдзæджы раздæр Урсдоны рахиз фарсмæ Уæлладжыры комæй æрлыгъдысты дыууæсæдæ фæндзай иу бинонтæ æмæ сæ хъæу схуыдтой Бæрæгъуын-Красногор.

Зын хабæрттæ уыдысты уыдон: дæ фыдæлтæ бирæ ’нустæ кæм фæцардысты, уырдыгæй сыст, иу кауы мих сагъд дæр кæм нæ уыд, уым хæдзар аразынмæ бавнал, дæ абонæй дæ сом мигъæмбæрзтдæр уæвгæйæ. Фæлæ адæмы ницы урæдта. Куыддæр сын бар лæвæрд æрцыд, афтæ хохæй быдырмæ цæуыныл ныллæууыдысты. Туг хæссы, æвæццæгæн, æмæ хохæгтæ сæ рагфыдæлты уæзæгмæ атындзыдтой. Уыимæ иугæйттæй нæ, фæлæ бирæгæйттæй, иу хъæуæй нæ, фæлæ дæсæй фылдæр. Красногоры чи æрцард, уыдон ралыгъдысты Бадыхъæу æмæ Дæйыхъæуæй, Æрхон æмæ Холыстæй, Цъамад æмæ Уыналæй, Луар æмæ Джимийæ, Нузал æмæ Нæзыджынæй, Куырæйттæ æмæ Тæмискъæй, Цъæй, Цъус æмæ Къорайæ, æдæппæт фынддæс хъæуæй.

Куы зæгъын, райгуырæн бæстæ ныууадзын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Уымæй æнцондæр нæ уыд ног ран æрбынæттон уæвын. Куыд дзурынц, афтæмæй хъæуæн бынат æнцонæй нæ равзæрстой. Ног æрлидзджытæн фыццаг радих кодтой мин æмæ æрдæг дæсæтины зæхх. Алы удыл æй куы байуæрстой, уæд сын не сфаг æмæ ма сын ноджыдæр фондзыссæдз дæсæтины бафтыдтой, Урсдон æмæ Дур-Дуры доны рахиз фарс цы зæххытæ уыд, уыдон. Уырдæм хауди, уырыссагау зæронд станицæ кæй хонынц, уыцы дæргъæццон уæлкъуыбыр — Хъæууат, стæй Фæсхъæууат æмæ Хуыдзых.

«Хъæууат» цы амоны, уый, æвæццæгæн, алкæмæн дæр æмбæрстгонд у, фæлæ, йæ фæзуат фынддæс æмæ æхсæзыссæдз гектары бæрц кæмæн ахсы, уыцы хъæздыг саумæр зæххы хайæн ахæм æнамонд ном цæмæн раттой, уый бирæтæ нæ зондзысты. Цæвиттон, ныртæккæйы Николаевскы станицæ раздæр ам уыдис. Хъазахъхъæгтæ сæ бынатæй цæмæн сыстадысты, уый бæлвырддзинадæн мæхи дæсны нæ хонын, фæлæ, цы фехъуыстон, уый зæгъдзынæн. Хъусгæ та фæкодтон дыууæ хабары: рын, дам, сыстади хъæуыл, æмæ адæмы сæ бынат ивын бахъуыди. Уый иу хъуыды. Иннæ хъуыды та донимæ баст у. Уæлкъуыбыр цыдæриддæр ахаста — дон æм хæстæг никуы ис. Чи зоны, дыууæ хъуыдыйæ иу дæр раст нæу, фæлæ раздæры нæргæ хъæу æдзæрæгæй кæй баззад, уый бæлвырд у. Ууыл дзуры, абоны онг цы ном хæссы, уый дæр — «Хъæууат».

Ныхас «хъæууат» фехъусгæйæ, зæрдæ бамæгуыр вæййы, фæлæ «Хъæууат» ном чи хæссы, уыцы цъæхфæлыст бæрзонд рагъы уындæй красногойрæгтæй кæй зæрдæ нæ барухс уыдзæн, ахæм зынæй ссардзынæ. Хъæууат æнæбарæвдаугæ нæ фæвæййы Кæрдзыны сæрты уæрæх лæгъз фæндагыл цæуæг бæлццæтты цæст дæр. Уæлдай рæсугъддæрæй разыны, Елхоты гæмæхтæм хæстæг цы уæлбыл ис, уырдыгæй. Красногорæй йæм хæрдмæ кæсын хъæуы, ардыгæй — Æрджынарæджы бæрзонддæр цъуппæй та — бынмæ. Ардыгæй ма зынынц, Красногормæ чи нæ зыны, уыцы зæххытæ дæр — Фæсхъæууат æмæ Хуыдзых. Гъе æмæ ма ног æрлидзджыты зæххытæм Хъæууат, Фæсхъæууат, Хуыдзых æмæ, уым уæлæмæ цы тъæпæнтæ ахаста, уыдон куы бафтыдтой, уæд бавнæлдтой фидæны хъæуæн бындур æвæрынмæ. Уый та, раздæр ма йæ куы загътон, æнцон нæ уыд. Чи зоны, ныртæккæ нæ горæты ног сыхтæ чи аразы, уыдоны куы фæзмыдтаиккой, уæд сæ бирæ фыдæбон кæнын нæ бахъуыдаид: кæй кæм фæнды, уым йæ хæдзарæн бындур æрæвæрдтаид æмæ, сых бæрæг дæр кæм нæй, йæ уынгтæ уынджы хуызæн дæр кæмæн не сты, лæг йæ зонгæ, йæ хæстæгмæ æнцонæй фæндаг кæм не ссардзæн, ахæм хъæу иу заман йæ къæхтыл слæууыдаид. Фæлæ мæ хъæуккæгтæ æндæр фæндагыл ацыдысты.

Æппæты фыццаг хъæуæн бынат равзарын хъуыд. Ам æрлидзджыты дзырддзæугæ лæгтæ иу хъуыдыйыл хæст нæ уыдысты. Чи загъта, Урсдоны тæккæ былæй дзы хуыздæр бынат нæй. Чи амыдта уæлбылмæ — ныртæккæ уæлмæрдтæ кæм сты, уымæй чысыл уæлдæр, фæстæдæр силосы дзыхъхъ кæм скъахтой, уый æркомкоммæ. Николаевскаг хъазахъхъаг та сын хуыздæрæн Джермецыччы рæгъты бын равзæрста. Уыцы фæндон иуты зæрдæмæ дæр нæ фæцыд. Фыццаджыдæр, ног æрлидзджытæ Джермецыччы рæгъты быны зæххытæм ницы бар дардтой, дыккагæй та сын хъазахъхъаг уынаффæгæнæг кæй фæлæууыд, уый сæм хардзау æркаст. Уæлладжырæгтæй кæд ног зæххытыл иуæн дæр хæдзар нæма уыд, уæддæр алчи йæхи фысымыл нымадта, хъазахъхъаджы та — уазæгыл, æмæ сæхи æгуыдзæджы бынаты æвæрыныл разы нæ уыдысты, ома æвзæр фысымæн уазæг уынаффæ кæны, зæгъгæ.

Хъуыдытæ æмæ уынаффæтæ кæрæдзиимæ цас фæбыцæу кодтой — Хуыцау йæ зонæг, фæлæ фылдæры зонд фæуæлахиз: равзæрстой Урсдоны был. Раст зæгъын хъæуы, уæлбыл чи æрцард, иу ахæм адæймаг дæр разынд: Гаситы Коки. Суанг ма æрхы был хæдзар дæр сарæзта. Куыд дзурынц, афтæмæй мæлгæ дæр уым акодта, фæлæ йæ фæдыл куы ничи ацыд, уæд ма йæ байзæддæгтæн иннæты æнæбафæзмгæ цы уыди, æмæ уыдон дæр дæлбылмæ æрлыгъдысты.

Уæды хабæрттæ хъусгæйæ, мæ фыдæлтæм нæ хæлæг кодтон, уымæн æмæ, уыдоны бынаты æз цы кодтаин, уый зын зæгъæн у. Горæты сæрмæ мын иу зæххы гæппæл ис æмæ дзы, кæм цы ныссадзон, ууыл сагъæсæй батыхсын. Раст-равджы дзы бæлас нæ, фæлæ хъæдындзы хуым дæр никуы ныссагътон. Бирæ бæргæ фæхъуыды кæнын, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ алы хатт дæр фæрæдийын, мæ хуымæн дæр тæккæ æвзæрдæр бынат равзарын, мæ бæлас та ахæм ран ныссадзын, иу кæнæ йæ дыууæ хатты къахын кæцæй бахъæуы. Уæд хъæуæн хуыздæр бынат равзарын æнцон уыд! Нæ уыд, æмæ хъуыддаг тæккæ дзырддзæугæдæр лæгты бæрны дæр уымæн бакодтой. Уыдон та уыдысты Хуыдæлты Тасолтан, Габанты Дадогка, Къутæрты Сабан, Æккæлаты Гаппо, Цæллагты Ярослав æмæ иннæтæ. (Амæй фæстæмæ ма мæм мæ хъæуккæгтæй бирæты кой уыдзæн, æмæ дзы, æгас чи нал у, уыдонæн иумæйаг рухсаг зæгъын. Фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, мард, дам, рухсаг зæгъынæй не ’фсæды. Стæй ма-иу афтæ дæр загътой: цалынмæ мардæн рухсаг зæгъæг уа, уæдмæ мæрдтыл нымад нæу. Мæ хъæуккæгтæй æгас чи нал у, уыдон иууылдæр — никæй дзы хъулон кæнын — дзæнæты бадæнт. Мæрдты сызгъæрин талатæ суадзæнт! Мард аудæг дзуары аудæгæй хуыздæр у, зæгъгæ, хъусын, æмæ, сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдоныл цардаудæн кæнæнт!)

Кæд æвзæрст лæгтæ хъæутæн бындурæвæрджытæй нæ базæронд сты, уæддæр, сæрмагонд скъолаты чи бакаст æмæ ахæм хъуыддæгтæ йæ цард-цæрæнбонты чи фæкодта, уыдонæй æвзæрдæр нæ сарæхстысты. Уæвгæ ныхас «æвзæр» та мæ дзыхæй куыд ссыд, бирæ хуыздæр куы сарæхстысты, уæд? Топпы фаты хуызæн раст уыдысты канд уынгтæ нæ, фæлæ цæхгæрмæ уынгтæ дæр. Алы сыхы дæр кæрæдзийы комкоммæ фæндзгай æмхуызон хæйттæ. Уыимæ хъуамæ хæдзæрттæ дæр арæзт æрцыдаиккой кæрæдзийы комкоммæ, цæмæй уынг рæсугъддæр уыдаид, уый тыххæй. Æндæрхуызон хъуыдыгæнджытæ дзы ма уыдаид, уый мæ нæ уырны, æрмæст дзы йæхи фæндыл ничи ацыд. Йæ хæдзар йæ зæххы хайыл рæбындæр дæр ничи бахаста, астæумæ дæр æй нæ фæхæстæг кодта æмæ, æз цы хъæу æрæййæфтон, уый иу адæймаджы къухæй арæзты хуызæн уымæн уыди.

Нæ хъæу хъæуыл нымад æрцыд, ацы æнусæй дыууæ æмæ ссæдз азы куы рауад, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, афæдзмæ хъæу саразæн нæ уыд. Уæлдайдæр уыцы тыхст æмæ æвадат рæстæджы. Хъæу аразынмæ дыууæ азы раздæр бавнæлдтой. Æнæзæхх æмæ зæххъуаг хохæгтæн Николаевскы станицæйы зæххыты иу хай куы ’рдих кодтой, уæд сæм уæлладжырæгтæ уалдзæджы фæзындысты, бахуым сæ кодтой, базылдысты сæм æмæ-иу фæззæджы сæ хуымты бæркад бафснайдтой. Уыцы рæстæджы, кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ арæзта рæстæгмæ цæрæн бынæттæ, бирæтæ та цардысты хуымæтæджы мусонгты. Дыууæ азмæ хъæу хъæуы хуызæн куы фæци, уæд та дзырддзæугæдæртæ æрæмбырд сты, ном ыл сæвæрæм, зæгъгæ. Уæды хабæртты бæлвырддзинæдтæ зын базонæн бæргæ нæ уыдысты, фæлæ, цæрæнбонты цы низтæй сæйын, уыдон мæ бахъыгдардтой. Мæ мад мын-иу афтæ загъта: «Дæ зивæджы дæ мæлæт ис». Æмæ нæ рæдыди. Ме ’ннæ низ та — стырзæрдæ. Зивæг куы нæ кодтаин, стырзæрдæ куы нæ уыдаин, уæд, æз цы хистæрты æрæййæфтон, уыдонæй мын уæды хабæрттæ сæрæй бынмæ чи нæ радзырдтаид, ахæмтæ бирæ нæ разындаид, уымæн æмæ хъæуаразджытæ сæхæдæг уыдысты. Фæлæ, бирæтæ бонæн баизæрæй куыннæ тæрсынц, афтæ æз та хистæрты цардæн фæуын æнхъæл нæ уыдтæн, уыдонæй искæй фындз амæрзын æмæ йæ зондæй бафæрсын хуыздæр рæстæджытæм æргъæвтон, цалынмæ æппынфæстаг нæ байрæджы, уæдмæ...

Хъæуы хистæртæ æрæмбырд сты, уæдæ цы уыдаид, æмæ тæрхон кæнын райдыдтой, цæмæй, кæм æрцардысты, сæ хæдзæрттæй цы хъæу рауад, уымæн ном раттаиккой. Куы зæгъын, бæлвырддзинæдтæ, чи зоны, æмæ макуыуал базонæм, фæлæ, ног цæрæн бынат «Красногор» кæй схуыдтой, уый уайтагъд æппæт адæмыл дæр ахъæр. Ахæм ном ыл цæмæн сæвæрдтой, уый дæр ничиуал зоны.

Æвæдза, иуæй-иу хъуыддæгтæ адæмæй æгæр тагъд айрох вæййынц. Æмæ хуымæтæджы хъуыддæгтæ мауал хъуыды кæн, фæлæ, цæрынмæ кæдæм æрцыдтæ (хохæй чи ралыгъд, уыдонæй ма дæсгæйттæ ныр дæр æгас сты), кæнæ боны рухс кæм федтай, уыцы хъæу цыппæрдæс æмæ æртиссæдз азы размæ афтæ цæмæн схуыдтой, уымæн бæлвырд дзуапп раттын макæйуал бон уæд, уæд уый кæцырдæм фидауы? Ацы уайдзæф æппæты фыццаг мæхицæн кæнын, уымæн æмæ мæ хъæуы, мæхимæ гæсгæ, мæнæй фылдæр ничи уарзы. Стæй мæм канд кæсгæ нæ кæны, фæлæ æцæгæй дæр афтæ у. Чи зоны, мæнæй йæ къаддæр чи уарзы, ахæмтæ куыд нæй, афтæ нæй, мæнæй йæ фылдæр чи уарзы, ахæмтæ дæр. Хаттæй-хатт мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма Красногор æрмæстдæр мæн райгуырæн хъæу у. Исты хорздзинад дзы куы ’рцæуы, уæд ыл цыма мæнæй тынгдæр ничи фæцин кæны, йæ зын та мæнæй зындæр никæмæн вæййы, цæмæдæр гæсгæ афтæ фæнымайын.

Кæддæр, райдайæн скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд мæм æнæнхъæлæджы цавæрдæр газет æрбахауд, æмæ дзы бакастæн диссаджы хабар: кæд æмæ ма мæ хъæуæн разынд æмном. Уæвгæ бынтон æмнæмттæ нæ уыдысты, уымæн æмæ газеты цы горæты тыххæй фыстой, уымæн ма йæ кæрон уыд дыууæ уæлдай дамгъæйы (Красногорск), фæлæ мæм уыдон раззæгты цинæй нымады дæр нæ уыдысты. Мæскуыйы облæсты Красногорск горæт кæй «раргом» кодтон, уымæй мæхи Колумбæй къаддæр сгуыхтыл нæ нымадтон. Нæ сыхæгтыл æрзылдтæн æмæ йæ ме ’мгæрттæй кæмæ нæ равдыстон, ахæм нал баззад. Дыккаг бон газет мемæ скъоламæ ахастон. Æрмæст ыл иу ран дæр мæ хуызæн нæ бацин кодтой.

О, æмæ уын уый дзырдтон. Нæ хъæуыл «Красногор» ном цæмæн сæвæрдтой, уый бæлвырддзинæдтæ кæд ничиуал зоны, уæддæр йæ равзæрды тыххæй ис æппынкъаддæр дыууæ хъуыдыйы. Фыццаг цыма фидардæр бындурыл æнцайы, афтæ мæм кæсы. Советон хицаудзинад куы фæуæлахиз, «сырхытæ» сæ уынаффæтæ æххæст кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд райдыдтой зæххæй. Кæмæн нæ фаг кодта, уыдонæн, æгæр бирæ кæмæн уыд, уыдоны хæйттæй æрлыг кодтой æмæ сын быдырмæ ралидзыны фадат фæци. Гъе, æмæ хæхты цæрджытæн ахæм хорздзинæдты чи бацыд, уыдоны нæ ферох кодтой, сæ номæй сæхи «сырх хохæгтæ», ома «красные горцы», зæгъгæ, рахуыдтой.

Дыккаг хуызы хъуыдыгæнджытæ та афтæ зæгъынц: хохæй цы хъæутæй æрлыгъдысты, уыдоны цур сырх хох уыди, æмæ сæ ног цæрæн бынат дæр ахæм номæй схуыдтой. Зын баууæндæн у, афтæ чи дзуры, уыдоныл, уымæн æмæ, кæд ахæм хох æцæгæй уыдис, уæд ныртæккæ дæр хъуамæ уаид æмæ йæ адæм зониккой. Цыбыр дзырдæй, дыккаг зондыл хæст адæм хъæуы номы равзæрды хабар суй цы кæнынц, æндæр æм ногдзинадæй ницы хæссынц.

Диссаг цы у: мæ хъæуæн йæ иу ном куыд равзæрд, уый бæрæг нæу, афтæмæй ма йын фæзынд дыккаг ном дæр — Бæрæгъуын. Быдырмæ ралидзджыты-иу сæ хæстæджытæ кæнæ сæ зонгæтæй бафæрсæг куы фæци, кæм æрцардыстут, зæгъгæ, уæд-иу дзуапп раттой: «Дæлæ Бæрæгъуыны зæххытыл». Цæмæн сæ хуыдтой «Бæрæгъуыны зæххытæ»? Чи уыди Бæрæгъуын? Адæймаг æви цæрæгой? Уыцы фæрстытæ дæр та абоны фæлтæрæн æнæ дзуаппæй баззадысты.

Цалынмæ хъæуы цардтæн — хъæуы та батыдтон мæ царды хуыздæр нудæс азы, уæдмæ, «Бæрæгъуын» дæр ма цæмæн хуыйнæм, ууыл ахъуыды кæнын мæ зæрды никуы æрæфтыд. Фæстæдæр, горæты цæрын куы райдыдтон, уæд-иу мæ арæх, кæцон дæ, зæгъгæ, бафарстæуыд, æмæ-иу дзуапп раттон:

— Красногойраг.

— Красногор... Красногор... — фылдæр хæттыты-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ме ’мныхасгæнджытæ.

— Æмæ уый та кæм и? — ногæй та-иу мæ бафарстæуыд.

Мæнæн-иу æхсызгон кæм уыдаид, афтæ сæрыстыр кæмæй уыдтæн, мæ уыцы райгуырæн хъæу, гуырд у æви гуыринаг, уый дæр чи нæ зоны, зæххыл ма ахæмтæ дæр кæй ис, ууыл баууæндын, фæлæ-иу мæхиуыл ныххæцгæйæ, дарддæр дзуапп лæвæрдтон:

— Æрыдоны районы... Æрыдонæй авд километры фалдæр.

Ахæм ныхæстæ фехъусгæйæ-иу фæрсæджы цæсгом фæрухсдæр æмæ-иу цыма къуырцдзæвæнæй раирвæзт, уый хуызæн-иудзæвгар фæхъæлдзæгдæр уæвгæйæ, загъта:

— Бæрæгъуын?

— О, о. Бæрæгъуын.

— Омæ афтæ загътаис, æндæр — Красногор.

Раст зæгъын хъæуы, бынтон æндæр уавæры дæр-иу бахаудтæн. Цæмæй мæ къаддæр фæрстытæн дзуапп дæттын хъуыдаид, уый тыххæй-иу æндæр хатт та, кæцон дæ, зæгъгæ, бафæрсджытæн ахæм дзуапп раттон:

— Бæрæгъуыйнаг.

— Бæрæгъуын... Бæрæгъуын... Ахæм хъæуы ном фыццаг хатт хъусын...

Ныр та-иу «æххуысмæ» Красногормæ фæдзырдтон. Æмæ-иу нæ фæрæдыдтæн. Бæрæгъуын чи нæ зыдта, уый æнæмæнг зонгæ уыд Красногоримæ, æмæ-иу ныхас фæлмæн уайдзæфæй ахицæн:

— Уый та цавæр Бæрæгъуын æрхъуыды кодтат, Красногор у æмæ йæ Красногорæй уадзут!

Мæнæн дыууæ номы дæр æмхуызон адджын сты. Кæцыфæндыйы кой дзы куы рацæуы, уæддæр зæрдæ æмхуызон адджын рæхуыст скæны, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ уæддæр «Бæрæгъуын» хæстæгдæр у. Цыма мады ном у, афтæ мæм кæсы. «Бæрæгъуынты М.», зæгъгæ ма мын суанг ахæм фæсномыг дæр уыди. Мæ уацхъуыдты бын ахæм фыст куы фæзынд, уæд мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, Бæрæгъуынтæй мыггаг æцæгæйдæр кæй ис. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Бæрæгъуынтæ нæ хъæумæ цæрынц тынг хæстæг — Кæрдзыны. Кæрдзынæй мах æхсæн та фондз километры йеддæмæ нæй. Хъыгагæн, уыцы мыггагæй лæгæй-лæгмæ никуыма никæуыл сæмбæлдтæн, сæхицæй та мæ агурæг никуы фæци. Чи зоны, мæ фыстытæ мын-иу куы бакастысты, уæд сæ зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ дзы алчидæр йæхинымæр скарста: «Ахæм фыстытæ кæй къухы бынæй рацыдысты, уыимæ цас нæ базонгæ уай, уыйас хуыздæр».

Чи зоны, Бæрæгъуынтæ Бæрæгъуынмæ хæстæг кæй цæрынц, уый хуымæтæджы нæу, фæлæ мæ хъæуимæ баст иннæ хъуыддæгты хуызæн ацы хабар сбæлвырд кæнын дæр мæ къухы нæма бафтыд. Мæ хъæуæн дыууæ номы кæй ис, уый та мæм куыдфæстæмæ хорз кæсын дæр ма райдыдта. Ныр мæ, кæцон дæ, зæгъгæ, исчи куы бафæрсы, уæд сын фæзæгъын:

— Бæрæгъуыйнаг. Мæ хъæу Красногор дæр хонынц. Номдзыд горæтты хуызæн ын дыууæ номы ис.

Цавæр номдзыд горæттæ, зæгъгæ, мæ куы бафæрсынц, уæд сын ранымайын:

— Ленинград — Бетъырбух, Куйбышев — Самарæ, Киров — Вяткæ...

Æвæдза, диссаджы хъæу у нæ хъæу. Диссаг у æппæты фыццаг йæ цæрджытæй. Ирыстоны хъæутæй йæ æппæты фыццаг, раздæр Хъырупс æмæ Салыгæрдæн кæй хуыдтой, уыцы Алагиримæ абарин. Нæмттæ æмæ мыггæгтæ куыд равзæрдысты, уыдон сæрмагонд ахуырад иртасы — ономастикæ. Æз уымæ ницы бар дарын, стæй йæ хæстæ мæхимæ исынмæ дæр нæ хъавын. Æз спайда кæнынмæ хъавын, адæмæй кæй фехъуыстон, уыцы ныхæстæй. Иуæй-иуты хъуыдымæ гæсгæ «Алагир» равзæрд дыууæ дзырдæй: «Уæллаг» æмæ «Ир»-æй. Кæд æцæг афтæ у, уæд нæ хъæуæн схонæн ис Дæллаг Ир, уымæн æмæ йæ цæрджытæ иууылдæр сты Уæлладжыры комæй рацæугæ, цæргæ та æркодтой Алагирæй дæлдæр. Цы хъæутæй ралыгъдысты, уыдон кæрæдзимæ æввахс лæууыдысты. Чи зоны, ныртæккæ се ’ппæтыл иу бонмæ æрзилæн уаид. Кæд дзы дарддæр исчи цард, уæд æрмæстдæр цъæййæгтæ. Уырдыгæй та йæм ралыгъдысты æрмæстдæр иу мыггаджы минæвæрттæ — Баситæ (дыууæ хæдзары).



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.