Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг



I

Хуырымты Иорамæн уыдис æртæ чызджы æмæ æртæйы дæр Къоста айсын кодта ахуырмæ. Уæды заман ахуыргæнджытæ уыд тынг стæм, уæлдайдæр хæхбæстæм ахуыргонд адæмтæй искуы иу йеддæмæ нæ цыди.

Къоста та хъуыды кодта: «Уадз æмæ хæхбæстæм дæр цæуой ахуыргæнджытæ æмæ ахуыр кæной хохаг фæллойгæнæг адæмты фæсивæды».

Хæхбæсты фæсивæд бирæ хуыздæр ахуыр кодтой, сæ мæгуыры бонтæ æмбæрстой æмæ-иу тынг зæрдиагæй бавнæлдтой.

Канд Хуырымты чызджытæн нæ баххуыс кодта Къоста, фæлæ бирæтæн — уæртæ Куырттаты кæмтты цы адæмтæ цардысты, уыдоны фæсивæдæн, уæдæ Уæлладжыры кæмтты цæрæг адæмты фæсивæдæн дæр. Иу дзырдæй, æххуыс кодта адæмтæн сæ мæгуырдæртæн, уымæн æмæ уыцы заман ахуырæн хъуыди бирæ æхца бафидын æмæ кæй бон уыди ахæм æхцатæ фидын. Фæлæ Къоста йæ тыхтæ сæвæрдта æмæ тынг зæрдиагонæй архайдта:

— Мæрдтыбæстæйы баххуыс кæнæн нæй, уæлион царды мидæг куы нæ баххуыс кæнай, уæд.

Иорамы æртæ чызджы хорз ахуыр кодтой, уыдысты тынг хæрзæгъдау чызджытæ. Уæлдай диссагдæр уыди сæ хистæр хо Леля. Канд ахуырмæ зæрдæргъæвдæй уæлдай йæм бирæ хорздзинæдтæ уыд: хæларзæрдæ чызг; уæдæ йæ фæндыры æрцагъдæй диссагдæр ма уæд цы уыдаид.

Гимназы фæсахуыр дæр æмæ улæфæн бонты дæр арæх арæзтой хъæлдзæг кæфтытæ. Къоста та хъæлдзæг кæфтытæ бирæ уарзта, хонгæ кафты мидæг-иу æдзухдæр фæндырдзæгъдæгæн заргæ кодта æмæ-иу æм ахуыргæнæгæй зæгъай, ахуыргæнинæгтæй зæгъай, чызгæй уæд, лæппуйæ фæйнæрдыгæй хъусгæйæ аззадысты:

— Уæ, тæхудиаг, Къоста, æмæ ма дæу хуызæн сахъ æмæ æххæст гуырдтæ бæргæ фылдæр куы уаид нæ ирон дзыллæты æхсæн. Уæдæ иуæй-иу адæймаг æппæтæй æххæст куыд рауайы, уый хъæбæр диссаг у.

Хуырымты чызг дæр Къостайы хуызæн алцæмæй æххæст уыди. Къоста-иу æдзухдæр Леляимæ симдта, йæ зæрдæ уыд Иорамы чызджы ракурын, тынг бирæ йæ уарзгæ дæр кодта. Кæд æмæ-иу Леляйы æндæр искæимæ симгæ дæр æмæ кафгæ дæр федта, уæд-иу Къостайæн куыддæр зын уыди — йæ бындар фæуæд лæппуйы зæрдæ — куыддæр ын тæрсгæ кодта, уымæн æмæ чызгæн бирæ нæ хъæуы, уымæн æмæ чызг тæнзæрдæ у. Аннæмæй та йын скъæфынæй дæр тынг тарсти — бирæ лæппуты зæрдæтæ йæм хъазыди. Сæрдыгон-иу дардта сæнт урс-урсид дари къабатæ æмæ-иу дзыккутæ дыууæ быды кæнаг уыди, сатæг сау сынты базырты хуызæн-иу æрттывдтытæ калдтой. Ацу æмæ-иу кæсынæй бафсæд Хуырымты рæсугъд чызгмæ.

Бирæ уыди уыцы заманты мæхъхъæлæй дæр æмæ кæсæгæй дæр усгур лæппутæ, Хуырымты чызгмæ хъавджытæ, æмæ-иу хъæлдзæг кафты кæнæ симды мидæг Къоста Хуырымты чызджы симын никæимæ уагъта.

— Симгæ дæр æмæ кафгæ дæр кæн æрмæст мæнимæ, фæндырæй дæр æгæр арæх ма цæгъд. Искæдæм куы цæуай, уæд дæр мæн æвастæй ма цу.

Леля дæр зæрдиагæй хъуыста Къостамæ, комкоммæ-иу æм бакасти æмæ-иу æй йæ цæстæнгасæй базонаг уыди, æмæ-иу уæд афтæ:

— Нæ кафын, ма мæм хат, уæртæ хъазты бирæ чызджытæ æмæ уыдонимæ кафгæ дæр кæнут æмæ симгæ дæр.

Уæд иу хатт Хоранты Азанбег иу ран нал æмæ нал уадзы Хуырымты чызджы:

— Рауай тагъд, æз æрыдойнаг куы дæн, уæд мемæ цæмæннæ симгæ дæр кæныс, цæмæннæ кафгæ дæр?

Йæ цонгыл ын ныххæцыд æмæ йæ раиваз-раиваз кæны.

— Суадз мæ, ма мæм æвнал, ацы ран æрыдойнæгтæй фылдæр цы ис æмæ сегасимæ куы кафон кæнæ куы симон, уæд мæ сæр дæр куы хъæуы. Суадз мын мæ цонг.

Леля скуыдта æмæ йæм Къоста æрбауад. Уæд Азанбег чызджы суагъта æмæ йæм мæстæйдзагæй æртхъирæнтæ кæнынмæ фæцис:

— Мæнæ чызг, æз дæуæн лæппу цы у, уый кæй фенын кæндзынæн, уый зонгæ кæн. Æз дæу скъæфгæ кæндзынæн. Сар мын дæ сæр кæндзæн — æз ацы маст дæуæн нæ ныххатыр кæндзынæн.

Леля уæд ноджы тынгдæр ныккуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Æз хъазты чызг дæр куы нæма дæн, уæд дын уагæр цавæр маст скодтон? Æз ардæм кафынмæ не ’рбацыдтæн, æз ахуыр кæнын.

Къоста уæд Азанбегæн тынг бауайдзæфтæ кодта:

— Цæмæн тæрсын кæныс сывæллон чызджы? Æгайтдæр ма ахуыр кæны, бузныг дзы цæмæннæ дæ? Ноджыдæр ма нæм бæргæ куы уаид Хуырымты чызджыты хуызæттæ. Уæд фæллойгæнæг адæмтæн цæрынмæ зын бæргæ нæ уаид.

Къостайы ныхасæн дзыллæты æхсæн тынг стыр аргъ уыди. Азанбег хатыртæ курынмæ фæци:

— Бахатыр кæн, Къоста, æгæр кæй стыхсын кодтон чызджы, уымæй. Йæ бындар фæуæд лæппуйы зæрдæ — кæм лæууы чызджы аив митæм æмæ рæсугъддзинæдтæм, нæй йæм ахæм æгъдау — чызг æй уарзы кæнæ йæ нæ уарзы. Фæлæ тæхуды, мæнæ чызг, дæуимæ цæрынæй бафсæд. Бæгуы тæхудиаг уыдзæн, ды кæй хай фæуыдзынæ, уыцы амондджын лæппу. Атонæд дæ зæрдæ, а лæппу, нæ дын комы кæйдæр диссаджы чызг. Мæ бон нæу мæнæ Къостайы разæй саг уæд, сæгуыт фехсын, æфсæрмы дзы кæнын.

Кæддæр-уæддæр æрсабыр сты. Хоранты лæппу уайтагъд бамбæрста, Къостайы зæрдæ Хуырымты чызджы ракурынмæ кæй æхсайы.

Афтæ йæ цæст дардта Къоста Хуырымты диссаджы чызгмæ.

Асайы байзæддаг рагæй фæстæмæ дæр Хуырымтимæ хæстæггæнаг уыдысты, фыдæлты намыс та сафын нæ хъæуы. Къоста тынг фидарæй бæргæ сæвæрдта йæ зæрдæйы мидæг Леляйы, цыма раст йæ аргъуыд бинойнаг уыди. Фæлæ мæнæ афтæ кæй бакæнынц: амæндтæ рауадзæг æмæ рафæлдисæг мах не стæм æмæ сын зонгæ дæр ницы кæнæм, æрмæст цы æрцыди, уый федтам æмæ зонæм, цы æрцæудзæн, уый та мах нæ зонæм. Цард айдæны фенæгау куы уаид, уæд бæргæ хорз уаид, фæлæ афтæ нæу æмæ никæд уыдзæн.

Къостайы хъуыддæгтæ фæфæлдæхтытæ кодтой. Иугæр æгæр куы æххуыс кодта мæгуыр адæмæн, уæд ыл уæлдæр хицæуттæм хъасты гæххæттытæ цæуын байдыдта. Уæды заман Дзæуджыхъæуы хицауæй куыста Байаты Гаппо æмæ-иу хъасты гæххæттытæ фæаууон кодта. Гаппойæн йæ ус уыд Хетæгкаты хæрæфырт æмæ-иу ын алæгъстæ кодта:

— Дæ хорзæх уæд, æмæ Къостайы сафын ма бауадз. Къоста у тæригъæдгæнаг æмæ фыдæбонгæнаг. Адæмы тыххæй йæ сæр зын ранмæ дæр бахæсдзæн. Куыддæр æй нæ бахъахъхъæнай, афтæ æз дæуимæ нал фæцæрдзынæн. Мæ мадæн йæ хъулон уарзт Къостайы фыд Леуан уыд.

Гаппо-иу Къостамæ фæдзырдта:

— Къоста, æгæр æргом кæй æххуыс кæныс, уый тыххæй дыл хъæстытæ цæуын байдыдта æмæ сæ æз фæфæсвæд кæнын. Иу-дыууæ хатты ма дыл куы æрбацæуа, уæд дын мæ бон дæр ницуал бауыдзæн æмæ фесæфдзынæ дæ хорз зæрдæйы руаджы. Фæлтау уал ардыгæй иу-дыууæ азы ацу æмæ дæ кæд ферох кæниккой.

Къоста уæд ахъуыды кодта йæхæдæг дæр: «Раст мын зæгъы Гаппо. Уымæн æмæ мæм æххуысмæ куы æрбацæуынц фæллойгæнæг адæмтæ, уæд мæ зæрдæ фæйнæрдæм тъæппытæ куыннæ фæхауы: „Мæ лæппуйæн мын баххуыс кæн, мæ къухы ницы ис. Æхца кæцæй æрхæссон? Мæ лæппуйы та тынг зæрдиагонæй фæнды ахуыр кæнын. Мæ уыгæрдæнтæ, мæ зæххытæ куы ауæй кæнон, уæд дæр не сфаг уыдзынæн. Гал фондз æмæ ссæдз сомæй æндæр нæ райсдзæн, уæд ма мæ бинонты та цæмæй хъуамæ дардзынæн?“ Ацу, æмæ уæд ацы мæгуыр лæгæн ма баххуыс кæн. Кæй бон у ахæм тæригъæддаг адæмтæм кæсын? Тæхудиаг, æмæ цард чи нæ æмбары, уæд та ахæм куы уаин. Цард кæцытæ не ’мбарынц, уыдонмæ цард хъазæгау кæсы, фæлæ цардыл ахъуыды кæн, уæд сæр зилын райдайы. Адæймаг æрмæст йæхи тыххæй нæ райгуырд æмæ нæ цæры, фæлæ райгуырды ис æфсарм. Лæг фос нæу æмæ йæ скъæты нæ бакæндзынæ æмæ йыл фидар æмæ æнгом дуæрттæ нæ бассондзынæ».

Къостайæн Цæлыккаты Алыксандыр уыд тынг лымæн. Цæлыккатæ йæ дыууæ æфсымæрæй дæр тынг бирæ уарзтой. Алыксандырмæ йæ хабæрттæ сæрæй бынмæ фæфыста Къоста Пятигорскмæ. Алыксандыр ын дзуапп радта:

— Æхсæвбон мауал банымай, афтæмæй æрцу мæнмæ, цалынмæ дæ далæ дард Сыбырмæ нæ ахастой, уæдмæ. Ис дын мæнмæ бынат, æппындæр мацæуыл тыхс.

Къостайы бæргæ нæ фæндыд Дзæуджыхъæуæй ацæуын, фæлæ йын хуыздæр гæнæн æмæ амал кæй нал уыд, уымæ гæсгæ ацыди Пятигорскмæ. Куыннæ йыл бацинтæ кодтаиккой Алыксандыр æмæ йæ бинонтæ.

Алыксандыр рагæй кæмæ бæллыд, уыцы хорздзинад ыл æрцыди: Къоста бавнæлдта нывтæ кæнынмæ. Æппæты разæй райдыдта хæхты нывтæ аразын. Нæзы бæлæстæ тынг бирæ уарзта. Нары Дзуарыхъæды тынг стыр нæзы бæлæстæ зади, цæст сыл не ’ххæссыд. Сæрмагонд бæлас ын дзы уыд йæхицæн Уæллаг Нарыхъæуы акомкоммæ. Йæ быны йын æвæрд уыд фыссæн фынг æмæ бандон. Къоста-иу уыцы ран тынг зæрдиагон бадтæй бадти æмæ арæзта цæугæдæтты нывтæ, æрдзы скондтытæ. Уыдоны фæстæ та райдыдта цæрæгойты нывтæ кæнын. Саг тынг бирæ уарзта, дзуарса сæгъты[33] нывтæ, фос æд фыййау, сагтæн сæ сæныччытæ сæ фæстæ дыгæйттæй, афтæ фысвос дæр, бæх æд барæг, цуанон æмæ йæ хъыримаг, хуымион галтæ æд дзывырдарæг. Уæдæ йæхи ныв къаннæг лæппуйæ Къæберы фырт Дауытимæ уæлыгæсæй, сæ уæрыччытæ æмæ сæныччытимæ, бынтон бæгъæввæдтæй сæ уæлæдарæн нымæттæ æмæ сæ хæлын хызынтимæ, сæ лæдзджытæ æмæ æхситгæнæн уадындзтимæ. Зæрдæ сæ куыддæр къуындæг кодта — сæ къаннæджы бонтæ куыд диссаг уыдысты, æмæ фос куыд бирæ уарзтой. Хæххон бæрзонд хъæутæ, сæ гакъон-макъон фæндæгтыл-иу сылгоймæгтæ сæ къæссатимæ уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр куыд æрцæйцыдысты; къада куыройы нывтæ — иу дзырдæй, хæххон адæмты тыхст цæрдтытæ æвдыста йе сконд нывты дæр. Хъæбæр хорз аргъ сын кодтой, æмæ хъæбæр диссаг дæр кастысты адæмтæм. Уыдоны фæстæ та райдыдта дзуæртты нывтæ кæнын, ноджы диссагдæр та уыдон уыдысты. Уæдæ рагон адæмты нывтæ. Сыкъаджын хæйрæджыты нывтæ, кæрæдзи-иу куыд пырх кодтой, цъылынкъуди хæйрæджыты нывтæ, сæ цъылын къудитæй-иу уынгтæ куыд марзтой; Косораты — нарты размæ цы диссаджы адæмтæ царди, уыдоны нывтæ; Борæты размæ ставд адæмтæ уыдысты, сæ устыты хастой сæ галиу дзыппыты, уыдысты тынг уæздан æмæ домбай адæмтæ. Уæдæ ма ноджыдæр арæзта уæйгуыты нывтæ, Авдсæрон уæйыг, лалымгуыбын гуымиры уæйгуытæ, Иуцæстон уæйыг фос цæуæткæнын куыд нæ уагъта, авд фысы йын иу хæрдæн фаг дæр нæ кодтой; стыр бæлассæр мæргътæ; уæларвмæ чи тахти, ахæм бæхтæ. Косоратæй уыди базырджын лæгтæ, сæ базыртæ-иу сæ уæлæ æрбакодтой æмæ-иу уæларвмæ атахтысты; Стъараполы ирон Мадымайрæм разгом къабаты мидæг куыд фæцæйтахти уæларвмæ йæ къаннæг лæппуимæ, стæй Мадымайрæм йæ хоимæ куыд лæууыдысты, дзуттытæ Чырыстийы ставд зæгæлтæй къулмæ куы ныххуыдтой, уæд; Стыр Мæздæджы аргъуаны дæр уыдысты Къостайы сконд нывтæ.

Асаты Джиуæры ус уыди Хуырымты Иорамæн йæ хо æмæ райдыдтой хъуыддагыл архайын. Хетæгкаты æмæ Хуырымты æхсæн фидыд рауади. Æрыдоны цæрæг адæмтæн хъæбæр æхсызгон уыди, Къостайы цинæй хæрдмæ хауæгау кодтой.

Раст цы æхсæв фидыдтой, уыцы æхсæв мæй йæ тæккæ цалхыдзагæй ныккасти, Æрыдоны стыр хъæумæ йæ рухс тынтæ ныддардта. Фæсивæд къæрццæмдзæгъдæй кафыдысты, афтæ æваст мæй фæталынг, мæйхортæ мæйы алывæрсты айдзаг сты. Фæйнæрдыгæй дисы куыннæ бацыдаиккой:

— Ай та уæд цавæр хабар уыдзæн?

Æхстой мæйхорты, уæдæ æфсæйнæгтæ дæр хостой.

Корам уыди сауджын æмæ тынг фенкъард и:

— Уæууа, мæйхортæ мах заманмæ уæдæ цæмæн хъуамæ æрцыдысты? Ацы хъуыддагæй исты рауайа, уый зын зæгъæн у.

Иорамы зæрдæ тары баныгъуылди.

Къоста Хуырымтæм иу цалдæр лæппуимæ сусæг цыд бакодта. Тынг хорз сыл фæцин кодтой Æрыдоны нæргæ фæсивæд, фæсæмбисæхсæвтæм сæ къæрццæмдзæгъдæй нæ банцадысты. Къоста æмæ Леляйы иумæ ракафын кодтой. Хуры чызг æмæ мæйы лæппу цы уыдысты Къоста æмæ Хуырымты диссаджы чызджы раз! Фæсивæд сæм кæсынæй дæр нал æмæ нал æфсæстысты. Фæсивæд рацыдысты, фæлæ ма Къоста баззад йæ каистæм. Куыннæ уыдаид се ’хсæн уарзон ныхæстæ, кæд æмæ сæ царды дуæрттæ байгом сты. Æмбисондæн куы баззади: чызг æмæ, дам, лæппу куырдуаты кæй ацæрынц, цард-цæрæнбоны, дам, уыцы цард фæмысынц æмæ сæ нæ ферох вæййы сæ амæлæты бонмæ.

Къостайы дард Лабæмæ цæуын хъуыд мæйы æмгъуыдæй.

— Мæйы фæстæ æрыздæхдзынæн æмæ мæ чындзæхсæвы хабар бакæндзынæн.

***

Ирæд лæвæрд æрцыд Хетæгкаты æмæ Хуырымты æхсæн — уыцы заманты ирæд хъæбæр домбай уыди. Хуырымтæ сæ ирæд айстой, суанг ма дзы сыгъдæг сызгъæрин тынтæ дæр уыд, Иорамæн — хорз сыкъа, дзæбидыры сыкъа, раст ыл сызгъæрин тæлм æвæрд; Леуанæн æй дард бæстæй æрластой æмæ йæ йæ иунæг лæппуйæн сæвæрдта, хъуыддаг кæнын æй хъæудзæн, зæгъгæ. Чызджы мадæн та балæвар кодтой сызгъæрин къухдарæн, йæ фыды хойæн та — сызгъæрин æнгуырстуан.

Къоста балцы ацыд, фæлæ Хетæгкатæ сæ хъуыддæгтæ арæзтой. Суанг тиуы цыдæй, æфсины цыдæй, ходыгъды цыдæй зæгъай — алцæмæй дæр æгъдау цы хъуыди, уыдон иууылдæр æххæстгонд æрцыдысты. Тиуы цыдæн ирон фæндыр балхæдта Симоны фырт Барис. Хуырымты чызг йæ тиуы æлхæд фæндырæй куы æрцагъта, уæд йæ хъæлæс дардмæ зыланг кодта.

Тынг бауарзтой Хетæгкаты фæсивæд Иорамы чызджы:

— Уæдæ мæнæ цæй диссаджы чындзагыл фембæлдыстæм, æрмæст йæ иу фæндыры æрцагъд дæр у цалдæр чызджы аргъ.

Хæдзарæй дæр Æрыдоны æхсæн нымад хæдзар уыд Иорамы хæдзар.

— Чындзхаст уыдзæн Хетæджы райдиан хæдзармæ, — скарстой Хетæгкатæ.

Хетæгкатæн кæмдæриддæр сæ хъæстæ, сæ хион уыдысты, уырдæм фервыстой — дæлæ дард Лабæмæ, уæртæ Нæртонмæ фæйнæрдæмты фæцыдысты хабархæсджытæ: стыр кад æмæ ном хъуамæ лæвæрд æрцæуа Къостайы чындзæхсæвæн. Дзæуджыхъæуы дæр ын уыд хæдзар æмæ Лабæйы дæр, фæлæ нæ хаста Дзæуджыхъæумæ дæр æмæ Лабæмæ дæр:

— Мæ мад Гуыбиан цы хæдзармæ æрцыди, æз мæ чындзæхсæв уым кæндзынæн.

Æфсинтæ къутумæ бавнæлдтой æмæ Лиайы цæугæдоны æхсадтой мæнæу, раст æй лæг ехсы фындзæй банымадтаид, ахæм ставд æмæ сырх-сырхид мæнæу, дардмæ йæ хусысмаг калди.

Сæрд уыди йæ тæккæ гъæйттыл; фысвосæн сæ уæрыччытæ иртæст æрцыдысты æмæ сæ мадæлтæм уасыдысты. Алырдыгæй цыд фосы уасын, фыййæутты зарын, мæргъты цъыбар-цъыбур. Чызджытæ сæ фæндыр рахастой Уæлвæз быдырмæ æмæ диссаджы аив æмæ зæрдæмæдзæугæ цæгъдтытæ кодтой. Чызджытæй иутæ сæхицæй лæппутæ ацарæзтой æмæ ма сæ чи æййæфта. Уæлдæр та лæппутæ хос карстой æмæ сæ куыст фæуагътой.

— Дæлæ ничи кæсы нæ чызджытæм — сæхицæй лæппутæ куыд ацарæзтой æмæ цы диссаджы кæфтытæ кæнынц. Мæлæты дæсны дæр сты лæппуйы кæфтытæм. Уыдонмæ цæвджытæ раттын хъæуы æмæ уадз æмæ хос дæр кæрдой. Лæппутау кæд кафгæ æмæ заргæ кæнынц, уæд бафæлварæнт иннæ хъуыддæгтæ дæр.

Лæппутæ сæ хос кæрдын ныууагътой æмæ уыдон дæр хъазтмæ æрбацыдысты æмæ гъæйттæй кафт систой Уæлвæз быдыры. Суанг изæрмæ фæкафыдысты, изæрæй фосимæ æрцыдысты æмæ сæ алчи йæ хæдзары куыстытæ кæнынмæ фæци.

Уалынмæ сæм хабар сыхъуысти: Хуырымты чызг, дам, уæззау рынчын у.

— Нæ зонын, нæ цинæй исты рауайдзæн — мæнæ та сау халæттæ хъуахъхъуахъгæнгæ нæ сæрты куы зилынц.

— Хуыцау, де уазæг, Къоста йæхиуыл нал схæцдзæн.

— Охх, цытæ дзурут, цытæ, мардыл æй куы анымадтат — адзæбæх уыдзæн.

— Нæ зонын, нæ зонын, хуымæтæджы рынчыны хабар ардæм хъуысгæ дæр не ’рбакодтаид, фæлæ мæнæ афтæ кæй акæнынц: иуæй-иу лæджы, дам, тулгæ дур хæрдмæ ссуры æмæ йæ уæззау цæф æркæны.

Уалынмæ Хуырымты чызг æцæгдæр мæлæты къахыл ныллæууыди. Ахуыргæнæгæй куыста æмæ хъæр кæны:

— Æллæх, мæлгæ кæнын æмæ мын ме скъоладзауты уæддæр фенын кæнут.

Иугæр ын куы старстысты, уæд æм йе скъоладзауты æрбакодтой, дыгæйттæ-дыгæйттæй йæм цыдысты.

— Мæлгæ кæнын æз, фæлæ-иу уæ ахуыр мæгуыраудæр ма фæкæнут, хорз ахуыр кодтат мæнмæ.

Скъоладзаутæ фæстæмæ кæугæ цыдысты.

Чызг нæ уромы йæ уæззау рыст æмæ та армыдзаггай йæ сæры хъуынтæ æррæдувы. Уæд, мæгуырæг, афтæ зæгъы:

— Мæ дзыккутæй мын иу быд ралыг кæнут æмæ-иу сæ Къостамæ раттут, уадз æмæ сæ фæдара мæ фæстæ. Охх, Къоста, мæнæ дæ удæмбалæй куыд фæсайдтон. Акæсут-ма, Къоста нæма æрбацæуы? Уæ, тæхудиаг, æмæ æз Хетæгкаты нæргæ фæсивæдæн чындзы митæй куы афæлладаин, уæ, тæхудиаг, æмæ æз Къостамæ сæры хицауæй куы сдзырдтаин æмæ йын, тæхудиаг, дæлфæдты къуыдыр уæддæр куы фестадаин. Уæ Къоста, кæм, дæ æмæ цы фæдæ? Лулу дын мæлгæ куы кæны, ды та чындзы дзаумæттæ æлхæнынмæ дард рæттæм куы фæцыдтæ.

— Ма тæрс, мæ къона, адзæбæх уыдзынæ, Нана дын царды бонтæ феста.

— Нæ, нæ, Нана, æз мæлгæ кæнын. Мæ фыны мæ иу сау уæныг ныппырх кодта, стæг мæ стæгыл дæр нал баззад. Ноджы ма мæ фыны мæрдтыбæсты дæр фестадтæн æмæ сын куы загътон: «Ауадзут мæ, цæугæ кæнын æз, Къостайæ æфсæрмы кæнын», уæд мын дуаргæс афтæ: «Дæуæн ардыгæй цæугæ нал у, мæнæ дзæнæтон сывæллæттæн уыдзынæ ахуыргæнæг. Ды уæлион дунемæ нал æнтысыс». Бæргæ ма архайдтон, бирæ сын фæлæгъстæ кодтон, фæлæ мын нал байгом кодтой мæрдты фидар дуæрттæ.

— Ма тæрс, Нанайы чызг, уый дæ сæр дзæгъæл кæны дæ уæззау низæй æмæ уымæн уыдæттæ дæ цæстыл уайынц. Ницы дын уыдзæн, Хетæгкатæм чындзы афардæг уыдзынæ. Къостайы дæр тагъд ардæм хъæуы — мæйы æмгъуыд бирæ нæу. Уæдмæ мах, цыдæриддæр хъæуы, уыдон иууылдæр срæвдз кæндзыстæм.

— Дзæгъæлы мын митæй бæрзонд хæхтæ амайыс, Нана, нал дæн æз уæлион адæмæй. Мæнæ мæ тыхджын рыст куыннæ уромын, мæнæ мæлын цæй зын у! Нана, цы кæнон, исты-ма мын зæгъ...

— Уæ, Нана дæ фæхъхъау куыд фæци æмæ низ райсгæ куы уаид, уæд дын æй Нана бæргæ райсид. Уæ Хуыцау, мæ чызджы бæсты мæн айс, мæн ауадз мæрдтæм, мæ æдзард æмæ суинаг чызджы мын мæрдтæм ма бауадз — кæйдæр домбай мыггагæй æфсæрмы кæнæм. Дæдæй, мæ рахиз цæсты гагуы, дæ фыдæн дæр æмæ Нанайæн дæр хъулон уарзт куы уыдтæ. Дæ фыд дæр адæргæй цы фæуа, уый куы нал зоны, дысон-бонмæ хæдзары къуымты куы рауай-бауай кæны йæ сæр хойгæ.

Мæлгæ чи нæ акæндзæн, кæцы баззайдзæн уæлæуыл, фæлæ Хуырымты чызгæй тæригъæддагдæр мæрдтæм мард нæ бацыди. Йæ лыстæг тъæнгты талæу[34] фæзынди, аннæмæй йæ сæр дæр тынг рысти. Æхсæв-бонмæ фæхъæр кодта хъæлæсыдзагæй, йæ диссаджы рæсугъд буар сау хъулæттæ ссис, йæ рыст нæ урæдта. Фæлæ бонивайæнты Авд хойы арвы астæумæ куы рахæццæ сты, уæд йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Ацу, Нана, иу чысыл уæддæр афынæй кæн, кæннод тæригъæд дæ, тæригъæд. Уæ, фæлтау мæ хурмæ куы нæ рауагътаис, мæнæ дын цы зæрдæнизтæ скодтон. Уæдæ ма мæм мæ тиуы æлхæд фæндыр авæрут æмæ æз мæ фæстаджы цæгъдтытæ акæнон.

Хуырымты чызгмæ ма йæ фæндыр авæрдтой æмæ дзы кæсгон цагъд акодта, куыддæр æнкъардгомау цагъд.

— Æз цæуын æндæр бæстæм æмæ уын зæгъын хæрзбон мæ зараг æмæ хъæлæсджын фæндырæй, хæрзбонтæ. Мæ тиуы æлхæд фæндыр-иу мын сæвæрут мемæ, уадз æмæ йæ фæхæссон æз; мæрдтæм чи бацыд мæнау цардмæ бæлгæйæ, уыдонæн дзы цæгъдон æмæ сæ рыст цæрынхъуаг удтæн уадз æмæ уа æхсызгон.

Бон куыд æрбарухс, афтæ Хуырымты диссаджы чызг дæр, йæ уд дæттыныл фæлæууыди, йæ рæсугъд сау цæстытыл ын æрхæцыдысты. Майдыма, мæнæ мæрдонау уыди — раст хурау худæгау кодта, мæйау та уæд хъазæгау æвæлмац чындздзон чызг, мæнæ цыма Хетæгкатæм чындзы цыди. Сатæг сау къæлæт æрфгуытæ бæрзонд систа, йæ рæсугъд сатæг сау цæстыхаутæ цæлиау æрцыдысты, тæнæг сырх былтæй худæгау кодта.

— Мæнæ диссæгты диссагдæрмæ куыннæ кæсут — кæд чындзы нæ цæуыс, мыййаг, мидбылты та цæуыл худыс?

Дари рæсугъд къабатæ нарæг балвæстой сыгъдæг сызгъæрин камарийæ, иннæ ахæм риуы æгънæджытæ кæд калдтой цæхæртæ раст сæууон стъалыйау.

— Мæнæ диссæгтæ, зæхх дæр, уæдæ цытæ уромы! Сау зæхх, дам, афтæ фæзæгъы зынуромæн мардæй: «Уæ, хорз адæмтæ, сымах æй кæд, мыййаг, нæ уромут, уæд æй рауадзут мæнмæ, æз æй бауромдзынæн». Нал у уæдæ сымахæй, айста йæ сау зæхх йæхимæ. Мауал хæрут уæхи дæр, ма тонут уæ рустæ дæр, ма тонут, ма, уæ сæры хилтæ дæр. Фæлтау-ма ракæнут судзаджы хъарджытæ, уадз æмæ ссæуа зæрдæрыст сылгоймæгтæн сæ зæрдæйы рыст. Уæ, мæгуыр фæуæд, дæу хъазгæ æмæ худгæйæ цы ныййарæг фæхъомыл кодта дарæг æмæ адджын хъæбулæн, дæуæн авдæнмæ худгæ риуы сой æнæвгъауæй чи дардта: «Айрæз, айрæз, мæ хъæбул, кæйдæр лæппу дæм, кæд, мыййаг, фæзынид; нанайæн уый дæр уыдзæн хъæбулæй адджындæр». Фæлæ ныр сау халон сæумæраджы рудзынгæй æрбауасыди: «Уæу-уау, мæнæ хæдзар, хорз хабар уæм не ’рбахастон — уæ хъулон уарзт хъæбулæн удхæссæг фæхæсдзæн йæ уд. Халон та аххосджын уыдзæн уæд — уæ халон, æнæнцой уастæй фæуасай уæд! Уæ, халонтæхæн фæкæнон, мæн иунæгстæджы мур дæр нæ хъæуы Хуырымты чызджы хистæй. Фæлтау уæлæ Адайы хохмæ фæтæхдзынæн æмæ дзы къæйдурхæрæн фæкæндзынæн».

Иугæр дзыллæтæм куы айхъуысти Хуырымты чызджы зиан, уæд фæйнæрдыгæй хъыггæнæг адæмтæ сæхи хойгæ цыдысты тæригъæддаг мардмæ. Сæ сыхæгты саударæг Уæзæйы хъарæгмæ байхъусынæй диссагдæр та ма цы уыди уæд:

— Уæ мæнæ хъусæг адæмтæ, ныккæут-ма, ныккæут — Хуырымты цæрынхъуаг чындздзон чызджы хуызæн уæ мæрдтæм кæмæн бацыди, уыдонæн мæнæ цы кæуæн бон скодта! Дæдæдæй, дæдæдæй, мæнæ æвæлмас чындздзон чызг, сайд дыл æрцыди, сайд: тæккæ сæрдыгон, сæрд йæ дзæбæхмæ куы бахæццæ, дæдæдæй, сау фæбадæд дæ ныййарæг мад — сау мæр та уæд йæ мæгуыраумæ бахæццæ. Æллæх-æллæх, Леля, хорз нæ бакодтай — дæ чындзæхсæв хистæй раивтай. Уæу-уау, кæйдæр сидзæр лæппуйы зæрдæ цæмæн фæриссын кодтай? Уæу-уау, Къоста, дæ даргъ фæндæгтæ-ма цыбыр лыгтæ акæн æмæ тагъддæр фæзын. Уæу-уау, сау бон уæ дыууæйыл дæр куыд бакодта, уæ кæрæдзийы уындæй ма бафсæдат, ма, афтæмæй уæ сау мæр ахицæн кæна. Ныр, Леля, дæ сау сызгъæрин дзыккутæ та уæд цæмæн ралыг кодтай? Уый, мæ къона, Къостайæн зæрдæниз ныууагътай, уымæй ды Къостайы зæрдæ нæ барухс кæндзынæ. Уæ, уайых æрбауæд Хуыцау дæр, хъулон Хуыцау, Къоста æмæ Леляйы тæригъæды куы бацыди! Уæ, хъусæг адæмтæ, мæнæн дæр мæ чызг куырдуаты бадгæйæ амарди æмæ дзы мæхи зæрдæ сау рыст кæны, сау рыст. Уæ, боны калд æмæ боны мæгуырæй баззадтæн, мæнæ хъусæг адæмтæ! Уæд, Леля, дæ мидбылты та цæмæн худыс, исты дæм Къоста дуарæй худгæ куы нæ æрбацæудзæн æмæ дын дæ сæхтæг кæнæ дæ хæлын кæрц худгæйæ куы нæ райхалдзæн, уæ кæрæдзимæ уæ былыцъæрттæ фехсынат æмæ кæрæдзимæ ма фæхæццæ уат! Уæ Леля, ныр дæ фæндыр та уæд дæ риуыл æвæрд цæмæн у? Дæдæдæй, дæдæдæй, дæ сызгъæрин къухтæ сау мæрмæ дзуарæвæрдæй куы фæхастай! Дæдæй, дæдæй, Леля, ма аком сау мæрмæ, нырма, зæгъ, æз чындзы куы нæ фæцыдтæн, нырма, зæгъ, æз Хетæгкаты уæздан мыггаджы æхсæн мæ хъарутæ куы нæма равдыстон, мæ бæстон митæ; мæ хъæлæсджын фæндырæй сын куы нæма æрцагътон; æз сын сæ кадджын æмæ намысджын хистæртæн куы нæма алæггад кодтон. Уæ, мæгуыры бон бакæнæд дæ æдзард удыл! Дæдæй-дæдæй, чындздзон чызг æмæ усгур лæппуйы мард зын уромæн сты, уæ, мæ бон куыд бакалд! Дæдæй, Леля, быны сау мæры бирæ дæу хуызæн тæригъæддæгтæ ис, уым бирæ усгур лæппутæ æмæ чындздзон чызджытæ ис, уым бирæ дзидзидай сабитæ ис, дæдæй, дзидзимондагæн сæ кæмттæ хус кæнынц. Уæ, æнæ хицау æмæ дзæгъæл мæрдтæ цы мæгуыр сты — къулбæрзæйæ кæсынц, дзаг фынгтыл чи бады, уыдонмæ; уæ, мæгуыр сæ бон фæуæд — чи дзы хæстон цæфтæй бацыди мæрдты дунемæ, чи та уæд дзæгъæл мардæй амард æмæ йæ нæ зонынц йæ бинонтæ æмæ йæм æрцæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц. Нæ, нæ, сау мæрæй рацæуæнтæ нæй, уый фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндаг у. Дæ цæстæй-ма ракæс, æвæлмас чындздзон чызг, «Къоста, Къоста» кæнгæ мын дæ сызгъæрин уд куы истай, уæ, дæ хорз царды фæндтæм мауал фæхæццæ уай!

Къостайæн йæ мæй йæхи куыддæр фæци, афтæ балцæй æрбацæйцыди. Ахæм тæрккъæвда йæ æрæййæфта, æмæ ракæсæнтæ нал уыди, бæстæ доны бын фæци. Ахæм тыхджын уарын нæма уыди — хус быдыртæ донæй айдзаг сты, хæдтулгæйæн йæ бон нал уыди æмæ раст Прохладнæйы æрæнцади. Къæвдайы дон мидæмæ калди гуылфæй, цæуæг адæмтæ кæрæдзийæн дзырдтой:

— Цыдæр уæддæр хъаймæт æрцыди мæнæ, донæй хъаймæт, æндæр фыдæлтæй ардæм ахæм уарын нæма уыд.

Ныр арв та афтæ къыбар-къыбур кодта, æмæ фæтæгентæ цы хæдтулгæйы уыдысты, уый æрцавта æмæ уыциу гуыпп нылласта. Цæуæг адæмтæ дæр тынг стыхстысты. Къоста сын дзырдта:

— Тæрсгæ ма кæнут, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц.

Кæддæр-уæддæр къæвда сабырæй-сабырдæр кæнын байдыдта, хæдтулгæ дæр рацыди.

Цæмæй æнхъæл уыд Къоста, йæ чындзæхсæв хист æмæ хъыгæй ивд æрцæудзæн. Иугæр йæ хæдзарон фæндагыл куы ныллæууыд, уæд йæхинымæр бæргæ дзырдта: «Хорз чызгыл фæхæст дæн. Нæ фыдæлтæ дæр Хуырымтимæ хæстæггæнаг уыдысты, æз мæ хорз фыдæлты намыс æмæ æгъдæуттæ уæд цæмæн хъуамæ ферох кæнон? Ехх, уæдæ, Къæбер æмæ Дада ма æгас куы уаиккой, уæд бæргæ бацин кæниккой: — Агъæц, нæ сидзæрæй хъомыл лæппу хъуыддаг бакодта, Хуыцау æй рæстмæ фæкæнæд».

Уалынмæ Дзæуджыхъæумæ схæццæ сты. Цæуджытæ сыл æмбæлдысты æмæ Къостамæ бакæсын куыддæр æфсæрмы кодтой. Йемæ цы æмбæлттæ уыдис, уыдонæн хабар бамбарын кодтой: «Нæ йын æй хъæуы ацы ран зæгъын, сæхимæ куы бацæуа, уæд ын æй зæгъдзысты».

Дзаниан сæ размæ рауад æмæ ныккуыдта.

— Æрцыдтæ, лæппу? Хуырымтимæ уазал хицæн аистæм — Леляйæн йæ тæнæг тъæнгты талæу фæзынди æмæ «Къоста-Къоста» кæнгæ мæрдтæм афардæг.

Дыккаг бон Къоста уæлмæрдтæм рацыд æмæ Хуырымты чызджы ингæныл ныддæлгом:

— Уый цы бакодтай, Хуырымты чызг, дæ сау сызгъæрин дзыккутæ дæ удæгасæй куыд дæ цæст бауарзта ралыг кæнын? Уæ, мæгуыр фæуæд дæуæн дæр дæ бон æмæ Къостайæн дæр — амæй та ма уæд мæхи куыд бахызтаин? Мæ сæрыл зилгæ куырой нæ разылди, æндæр кæцы фыдæбон нæ федтон æмæ кæцы мастæй нæ фæдæн хайджын, ахæм куы нал разынди, фæлæ мын ацы маст сегас мæстытæй фылдæр у.

II

Къоста ахæстонмæ бахауд йе ’мном Хетæгкаты-Дзапарты Къостайы æфсон.

Цæвиттон, Дзапарты Къоста лæгтимæ фæхыл. Аххос кæй уыди, уый абон дæр бæрæг нæу. Хылгæнджытæм мæстыйæ ныхæстæ куыннæ вæййы, æмæ хъавыдысты Дзапарты Къостайы амарынмæ. Иугæр æй куы мардтой, уæд йæхæдæг фæрæвдздæр æмæ сыл фæтых ис. Иуы дзы маргæ акодта, иннæйы та мæлæтдзаг цæфтæ фæкодта, йæхæдæг кæдæмдæр фæлыгъди. Пъæлицæмæ номхыгъд уыди æмæ йæ агуырдтой, фæлæ йæ кой, йæ хъæр нал райхъуысти.

Къоста Дзæуджыхъæумæ æрбацыд йæхионты фенынмæ. Чидæр æм уынджы сдзырдта: «Æгас цæуай, Хетæджы фырт Къоста!» Пъæлицæ уыцы ныхас айхъуыстой æмæ йæ æрцахстой. Дыууæ Къостайы дæр æнгæс уыдысты, рæстæмбис асæй ныллæгдæр. Къоста ахæстоны тынг мæгуыр бонтæ бавзæрста. Фæрынчын стæгнизæй æмæ фæкъуылых, йæ къахыл слæууынæн æппындæр нал уыд.

Ахæстонæй куы рацыд, уæд ахъуыды кодта: уæдæ ныр кæдæм ацæуон? Уазал æй кæй бахъыгдардта, уый йын стæгниз расайдта, йæ синтæ фегæмттæ сты, тынг фæхæрам сты æмæ сæ цъæй мызти. Дохтыртæм дæр бирæ фæрауай-бауай кодта, фæлæ йын ницы хос ардтой. Йæ бон нал уыд æмæ загъта:

— Уæдæ мæлгæ кæндзынæн, æмæ мæ райгуырæн хъæумæ фæцæуон, уыцы ран кæд ныгæд æрцæуин мæ мад æмæ мæ фыды фыд Елберды раз Нарыхъæуы уæлмæрдты.

Къоста араст йæ райгуырæн Нармæ. Раст дыууæ изæрастæу бахæццæ. Нар æм цыдæр æнкъард фæкасти. Йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Дада-иу ацы ран къæдзæхыл куы бадти». Йæ райгуырæн хæдзары дуар æдде æхгæдæй баййæфта. Цæргæ Лабæйы кодтой йæ бинонтæ, фæлæ ма йæ райгуырæн хæдзары баззад йæ фыды æфсымæры чызг Хайыр. Къоста фæстаг хатт Нарæй куы цыди, уæд афтæ загъта:

— Æз цæуын æмæ Нармæ нал æрбаздæхдзынæн, иугæр Къæберы фырт куы амарди, уæд.

Æмæ уыцы æнкъард ныхас дæр йæ зæрдыл æрбалæууыд. Фæлæ нæй, уæддæр райгуырæн хъæу æмæ райгуырæн хæдзар зæрдæйы уидаг у.

— Стыр горæт Бетъырбухы раз уæддæр мæхи чысыл хъæу Нар бирæ фæцæрай, макуы фесæфа дæ кой.

Къоста къæдзæхыл æрбадти æмæ Уæллаг Нарыхъæуы ’рдæм скаст. Цæстысыг донау кæлы. Хъугърион дæр йæ зæрдыл æрбалæууыд.

— Уæ, бецау, Хъугърион, ныр уый куы зонис, æмæ дын Къоста стæгнизæй уæззау рынчынæй йæ мæгуыр, йæ гæвзыкк Нарыхъæумæ кæй æрбахаста, ацы ран къæдзæхыл зæрдæнкъардæй кæй бады...

Йæ сывæллоны бонтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Ехх, уæдæ лæг сывæллонæй кæй рацæры, уый цæй диссаджы цард вæййы.

Уыцы сагъæстæ кæнгæйæ æррæдзæ-мæдзæ кодта. Уалынмæ Ладойы хъæр кæцæйдæр фæцыди:

— Уæ Хайыр, мæнæ дæ хъугмæ ракæс! Æнхъæлдæн æмæ уым нæй. Хуыцау йæ зонæг, кæдæм та фæцыд мæ хо Хайыр.

Ладо хъуг йæ бынаты бакодта æмæ кæсы: уæртæ чидæр къæдзæхыл афынæй. Ладо йæм комкоммæ бацыд:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.