Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 20 страница



— Уæ, адæмы хуыздæр куыд фæдæ, куыд æгъдауæй æрлæууыд дæ зæрдыл Нарыхъæумæ æрцæуын?

— Ау, куыд хъуамæ ма æрлæууа, мæ фыд кæм райгуырд æмæ кæцы ран ныгæд у, уырдæм æрцæуын?

Æцæгдзинад, Хакъойы фырт йæ фыдмæ райсомæй бацыд Нарыхъæуы уæлмæрдтæм, бирæ йыл фæкуыдта.

— Мæ фыд, хорз нæ бакодтай, æгæр раджы нæ кæй ныууагътай нæ мады бар, уымæй. Нары æфсæрмæй рацыдтæ махæй æмæ фæцардтæ ацы зынцæрæн уавæрты. Фæлæ ныр мах бахъомыл стæм. Нырмæ дæ кæй нæ бабæрæг кодтон, уымæй та дæ курын хатыр.

Хакъойы лæппуйы ныхæстæ Къостамæ тынг хорз фæкастысты.

— Зондджын æмæ хъуыдыджын лæппуйы ныхæстæ кæныс, ме ’фсымæр, æмæ хорзæй дæ амонд кæронмæ ахæццæ уæд. Хакъо, æцæгдзинадæй, Нары æфсæрмæй бирæ фыдæбæттæ кæй фæкодта, уый Нарыхъæу сегас дæр зонынц æмæ алы ран дæр йæ кой хорзæй фæкæнынц. Хакъойæн ма йæ бон бæргæ бауыдаид йæ хорз бинонтæм фæцæуын, фæлæ райгуырæн адæмæй фæиуварс кæнын иуæй йæ сæрмæ нал бахаста, аннæмæй та æфсæрмы дæр кодта Нары адæмæй, уæлдайдæр та сæ зæрæдтæй. Ахæм æнкъардæй-иу бабадт иуæй-иу хатт, æмæ-иу ын мах тынг тæригъæд кодтам. Рухсаг уæд Хакъо, бирæ æрымысинаг хорз хъуыддæгтæ ныууагъта йæ уæлион царды мидæг. Кадылмæлгæ лæг уыди, сабыр, никæд никæй зæрдæхудты бацыди. Йæ фæлмæн рæвдауæн ныхæстæ абоны онг дæр мæ хъусы фæрсты рауай-бауай кæнынц, æмæ мæ нæ ферох уыдзысты, цалынмæ мыл хур кæса, уæдмæ. Мæ зæрдæйы зæрдæйы тынг фидарæй æвæрд у. Æз Хакъойы ингæнмæ æрæгмæ куы сæфтын, уæд дзы æфсæрмы кæнын. Охх, мæгуыр Хакъо, кæд, мыййаг, афтæ фæдзурыс: «Нары фæсивæд мæ руаджы рухс федтой æмæ йæ кæд не ’мбарынц æмæ мæхи дзæгъæлы удхарæй фæмардтон». Хъуамæ хорз лæгæн йæ мардæй дæр кæнай æфсæрмы, йæ уæлион царды йæхи цæст уынгæйæ куыд æфсæрмы кæнай, афтæ.

Хакъойы лæппумæ диссаг фæкастысты Къостайы ныхæстæ.

Ноджыдæр ма йæ фæндыд, истытæ куы дзырдтаид, уый. Къоста йын амыдта Нарыхъæуы хорздзинæдтæ.

— Уæлæ уыцы ран Мамиаты хорз Хъарадзау ныгæд ис. Уæдæ бæрзонд хохы сæр та — нæ фыды фыд хъæбатыр Гоцъийы кады обау.

Мæйы бæрц фæрацу-бацу кодта Къоста Хакъойы фыртимæ. Хетæджы къабæзтæ кæцæй æмæ куыд æгъдауæй равзæрдысты, кæрæдзийæ куыд æгъдауæй фæхицæнтæ сты — тынг бæлвырдæй йын сæ фæдзырдта.

Хетæджы сæрыл абон дæр ма дыууæ адæмы быцæутæ кæнынц.

Кæсæг зæгъынц афтæ:

— Хетæг уыди кæсгон æмæ дарддæр дæр уыдзæн кæсгон.

Уæдæ ир дæр афтæ зæгъынц:

— Нæ, мæ хур кæсæг, Хетæг уыди ирон.

Хетæгæн йæ фыд Инал уыди кæсгон хæрæфырт. Инал йæхæдæг дæр фæдзæхста йæ байзæддагæн, куы марди, уæд:

— Мæ фырттæ, дыууæ адæмыхатты æхсæн уæ дзырддагæй кæй уадзын, уымæй уæ курын хатыр. Æз уыдтæн сыгъдæг алантæй, Хъауыраты Хъауыры фырт. Æцæгдзинад, нæ мад та уыд кæсгон кънйазы чызг. Косегаты Дзаххотæй уæздандæр æмæ кадджындæр кæсгон дзыллæтæм лæг нæ уыди. Тынг рагæй фæстæмæ дæр алантимæ хæларæй цæрæг уыди, тынг бирæ сæ уарзгæ дæр кодта. Зыбыты иунæг чызг уыди нæ мад, нæ йын хо уыди, нæ æфсымæр. Нæ мады фыд тынг æнкъард кодта æмæ йын йæ лымæнтæ, йæ зонгæтæ æдзухдæр афтæ дзураг уыдысты: «Уарзон лæг нын дæ, Дзаххот, æмæ нын дæ æнкъард хъæбæр зын у». «Уæ рын бахæрон, кæсгон дзыллæтæ дæр æмæ ирон дзыллæтæ дæр, быны лæг дæн. Сылгоймаг бындар нæ комы, искæй хуымы цыргъ æхсырф у. Цы бон фæцъынд уон, уыцы бон мæ бирæ исбон дзæгъæлы зайдзысты. Дзаххот йæ дуæрттæ хъæбæр рахгæндзæн, хæлынбыттыртæ мæ дардыл æвæрд галуанты сæхицæн фидар ахстæттæ скæндзысты».

Дзаххоты чызг Миакъомæ тынг бирæ усгуртæ цыди кæсгон дзыллæтæй дæр æмæ иннæ адæмтæй дæр. Дзаххот-иу æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Мæ чызг дæр иннæ чызджытæй уæлдай нæу, мæ хуртæ. Ацы ран мæ чызгæй бирæ хуыздæр чызджытæ куы ис.

Куыннæ уыдаид зын кæсгон дзыллæтæн дæр æмæ иннæтæн дæр, Дзаххоты хæдзарæй мæгуырау дзуаппимæ кæй здæхтысты, уый. Фæлæ чызджы хицау тыхджын у, цалынмæ чызг йæ хæдзары вæййы, уæдмæ.

Цæвиттон, Хъауыратæм лæвæрд æрцыд Дзаххоты иунæг чызг. Хъæбæр домбай æфсымæртæ дæр уыдысты. Æхсæрдæс æфсымæры хистæрæн лæвæрд æрцыди Дзаххоты дардыл хъуыстгонд чызг, уымæн æмæ-иу Дзаххот афтæ дзураг уыди æдзухдæр:

— Æз фæллойджын лæгмæ бæллаг нæ дæн. Фæллой сты ссаргæ æмæ скæнгæ, фæлæ æз хæстæгæн уарзын къабазджын. Йæ къабæзтæ дардыл кæмæн ацæуой, ахæм лæджы фыртæн дæтдзынæн мæ чызджы.

Дзаххот куыд хъуыды кодта, йæ фæнд дæр æцæгдзинадæй: афтæ сæххæст кодта — йæ чызджы рарвыста æхсæрдæс æфсымæры хæдзармæ. Афæдзы фæстæ йæ чызг стыр кады хуынтимæ æрцыди хуындæджы бадынмæ. Дзаххоты чызгæн фыццаг ардæн æртæ лæппуйы райгуырди. Дзаххоты хæдзармæ цины рухс цырæгътæ бакасти. Стыр дардыл куывдтæ фæкодта, Ирæй, Кæсæгæй фехъусын кодта. Суанг ма дзы æндæр паддзахæдтæй дæр уыди хуынд уазджытæ. Иу дзырдæй, цæрынæй уæд хæрынмæ кæсгон дзыллæтæм уыйбæрц адæмтæ никуыма æрцыди. Даксукины стыр фæзы адæмæй фезмæлæнтæ нал уыди. Алы адæмæн дæр сæхи фынгтæ æвæрдтой. Акæс, уæд сæ фынгты бæркад фæйнæрдæм калди. Фæндзгай нуазæнтæй уазджыты хынцтой.

Хуынды уазджытæ иугæр фынгтæм куы æркастысты, уæд фыццаг фынгыл нымад æрцыди аланты кадджын фынг: æртæ уæлибæхы физонæгимæ, сау бæгæны. Кæсæг сæхæдæг дæр туаг æхсырæй хорз бæгæны фæкæнынц, фæлæ уæлибæх кæнæ æртæтигъон нæ зонынц. Лæппуты цæрæнбоны рæгъытæ кодтой. Нæмттæ сыл æвæрдтой. Хистæр лæппуйыл сæвæрдтой Инал, астæуккагыл — Иналыхъо, кæстæрыл — Инберд. Æртæ боны куывды адæм сæ хæрд æмæ сæ нозты кой кодтой, фынгтæ дзагæй-дзагдæр кодтой.

Æртæ боны фæстæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ фæцыди. Миакъо дæр йæхи барæвдз кодта æмæ рацыд кад æмæ номы лæвæрттимæ. Хистæр лæппуйы ныууагъта Дзаххотæн, дыууæйы ракодта. Йæ хæдзармæ цины цырæгътæ бакасти, сæ уарзон хæстæгæн дæр кæй баззади бындар, уымæй дæр сæ сæртыл бæрзонд схæцыдысты.

Æххæст лæг рауад Дзаххоты хæрæфырт Инал. Кæсæджы бæсты Иналæй лæппудæр нæ уыди. Иналæн йæ ус курыны афон куы æрцыди, уæд ын Дзаххот ус æрхаста, Уырысаты Дзæрæхмæты чызджы. Бирæ тæхудиаджы мондæгтæ иста кæсгон дзыллæтæй Дзæрæхмæты чызг Чабæхан. Кæсгон дзыллæтæм ахæм уæздан чындзытæ арæх нæ уыдысты. Æртæ лæппуйы мад та дзы рауад: йæ хистæр фырт Биаслан, астæуккаг — Аслан, кæстæр фырт — Хетæг.

Дзаххот амард. Инал йæ бæсты баззад хæдзары бæрны. Кънйазы ном та райста Инал дæр. Æгъгъæд æмæ æгæр лæппуты фыд дзы рауад. Иналы сахъ лæппутæм кæсгон дзыллæтæ кæсынæй дæр не ’фсæстысты. Уæдæ хъаруйæ дæр адæмæн ард уыдысты, тынг дардыл сæ кой айхъуысти.

— Уæ, мæнæ диссæгтæ, уæдæ мах дæр цот куы фæхъомыл кодтам, уæд Иналы фыртты хуызæн сахъ фырттæ махæн цæмæннæ рауадысты? Уæ, тæхуды йæ мæрдты къона куы æрбауид Иналæн.

Диссаджы сау рæсугъд чызг та фæзынди кæсæджы бæсты — Уæнаты Асанакъо йæ ном. Куыннæ уыди кæсгон дзыллæтæм чызджытæ, фæлæ дзы Асанакъойæ диссагдæр æмæ æрдиагдæр чызг нæма уыди. Кæсæджы бæсты-иу чындзæхсæв куы уыди, уæд-иу алы кънйаз дæр йæ цæстытæ ахаста Асанакъойыл. Уæд фæндырæй зæгъай, кæцы чызг уыди Асанакъойæ дæсныдæр.

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуай, Асанакъо, Кæсæджы дзыллæты зæрдæмæдзæугæ чи кæны. Уæ, дæ фæндыры æрцагъд, уæ дæ алы фæзылд хъуыды æмæ арæхстимæ.

Хетæгæн йæ хистæр æфсымæр Биаслан ус æрхаста. Астæуккагмæ ма æнхъæлмæ касти Хетæг: нæ уыди уыцы рæстæг æгъдауы сæрты ахизæн.

Асанакъо Хетæджы уарзта æмæ æндæр усгур лæппутæм кæсгæ дæр нæ кодта. Хетæг-иу кафын куы байдыдта, уæд-иу Асанакъо цæстуарзон цæгъдтытæ кодта. Диссаг-иу касти кънйæзты лæппутæм:

— Асанакъо афтæ цæмæн кæна? Махæй хъауджыдæр ма Хетæгæн йæ фæндыр æндæр хъæр куы фæкæны. Хъуамæ йæ рабæрæг кæнæм — кæсæгæй ахæмтæ нæ аирвæздзæн. Куыддæр нæ зæрдæ истæмæ фехсайа, афтæ мах Хетæджы маргæ кæндзыстæм. Æнæуый дæр пысылмон динмæ æмгæрон кæй нæ цæуы, уымæ йæм нæ хистæртæ дæр æмæ нæ кæстæртæ дæр тыхджын мæсты кæнынц.

Хетæгæн уыди æрдхорд æмгар дæр, иу дзырдæй, æрдхорд æфсымæр, æмæ йыл хинæй цыди. О Аллах, ды йæ равзар, искæд ма уæд хæрынæй цæрынмæ æрдхорд æфсымæр хин æмæ кæлæнæй фæцæуы Хуыцауы раз? Нæй уымæн Аллахы раз бынат, у стыр тæригъæдджын.

Хетæгæн йæ чындз бамбарын кодта:

— Лæппу, дæ æрдхордыл ма æууæнд. Хин æмæ дыл кæлæнæй кæй цæуы, уый дын æз æмбарын кæнын. Сылгоймагæн ахæм ныхас не ’мбæлы зæгъынмæ. Аллахæй курын хатыр. Цæйнæфæлтау дæ зын фенон, фæлтау авд хатты цæуын мæлæтмæ, арф ингæн фæуæд мæ бынат.

Хетæг йæ чындзæн тынг фæтæригъæд кодта. Хетæджы чындз бирæ уарзта, иу чысыл рæстæг дæр йæ бон æнæ Хетæг цæрын нæ уыди.

Хетæг-иу хъуыды кодта: уæдæ цæмæн афтæ маст дарой? Иуæй дины сæраппонд, аннæмæй та, кæй зæгъын æй хъæуы Асанакъойы тыххæй. Цыфæнды мæсты куы кæной, уæддæр æз Асанакъойы никæмæн ауадздзынæн хæссын, уыцы бон уыдзæн мæ мæлæт.

Бирæ рæстæг нал ахаста, афтæмæй Кæсæджы бæстæм уæззау хабар æрбайхъуысти: Мамайы карз паддзах схæцыди, дард ныгуылæны бæстæй арт судзгæ кæй æрбацæуы, арт ахуыссын кæй хъæуы.

Кæсгон дзыллæтæ стыр фæзмæ сæргуыбырæй æмбырд кæнын байдыдтой, хæстмæ сæ хæстон фæсивæды æрвитын кæй хъæуы. Кънйæзтæй бирæтæ сæ лæппуты бамбæхстой, алы æфсæнттæ сын фæкодтой. Чи загъта:

— Мæнæн мæ лæппу у уæззау рынчын: цы бауыдзæн, уый бæрæг дæр нæй. Аллах æй бамбарæд, кæд мæнг зæгъын, уæд.

Иу дзырдæй, хæст хъæбæр уæззау хæст уыди, сау зæххыл сау арт ссыди. Иналы æртæ фырты бар бакодтой кæсгон дзыллæтæ сæ хæстон фæсивæды. Стыр фæзæй сæ рарвыстой:

— Фæндараст фæут! Хæстон Уастырджийыл фæдзæхст ут!

Кæсæджы зæронд лæгтæ дыдæгътæ кодтой, Иналæй хъæбæр æфсæрмы дæр кодтой: æртæ æфсымæрæй иу фæсте нал баззади.

Фондз боны фæхæцыдысты кæсæджы хæстон адæмтæ. Уалынмæ Аслан мæлæтдзаг цæф фæци:

— Уæ Хетæг, кæм дæ, мæлгæ кæнын! Уæ Биаслан, кæм дæ, мæлгæ куы кæнын!

Биаслан дардгомау уыди, фæлæ Хетæг æрбауад:

— Уæ, мæ зынджы хай куыд бахуыссыди, Аслан, уый мæлгæ куы кæныс!

Хетæгмæ ма Аслан æртæ хатты хæрдмæ скасти. Хетæг Асланы цæстытыл æрхæцыд:

— Уæ Аслан, цы кæнон, нæ зонын. Кæм дæ, Биаслан, фæзын, мæнæ фыдызнаджы судзгæ сау цæфæй не ’фсымæр куы фæмард! Цæй, ныр уал дæ уадзын, мæ зынаргъ æфсымæр, æз уал цæуын. Ды æрæнцадтæ, ницуал мæт дæ ис, фæлæ мæ мæ хæстон адæмы æфсарм ис.

Хетæг Асланы йæ нымæтæй æрæмбæрзта. Йæ æфсургъ йæ разы йæ гæндзæхтæ цæгъды, йæ раззаг къæхтæй зæхх фæйлауы æмæ мыр-мыр кæны, цæстысыг згъалы. Æвæццæгæн, загъта: «Уæ, мæнæ диссæгтæ! Уæлæмæ фест, хæстон лæппу — уыйбæрц адæмы æвджид куы дæ, гормон, уæд цæй тарф фынæйы бацыдтæ? Фест-ма, сахъ лæппу, сæфынц кæсгон дзыллæтæ, сау судзаджы судзгæ арт сыл куы сирвæзт».

Æфсургъы мыр-мырмæ хæстон адæмтæ сау катайы бацыдысты: сæфынц нæ хæстонтæ, кæд, мыййаг, Аслан фæмарди?

Уалынмæ Мамайы карз паддзахæн йæ тыхтæ хæрз лæмæгъмæ цæуын байдыдтой. Мамайы карз паддзах йæ къухтæ хæрдмæ дарынмæ фæци:

— Уæ бæрзонд кæсæджы хæстон адæмтæ, курын уæ, æмæ мауал хæцут, æз баззадтæн састы бынаты!

Иналы фырттæн цæрæнбонты къорд азтæ æмæ æнустæм кæсæгæн баззади уæзданæй сæ ном æмæ сæ кад.

Хæст æрæнцади. Кæсæг Иналы æртæ фыртмæ лæвæрд уыдысты. Сæ мæрдтæ рахастой. Цæвиттон, Мамайы карз паддзах Асланæн сыгъдæг сызгъæрин чырын сарæзта, æмæ йæ рахастой кæсæджы æфсæдтæ сæ сæртæ хойгæ.

Иугæр хабархæссæг куы фæхæццæ, уæд фыццаг хорз хабар ракодтой:

— Хæст фæци! Хæст фæци! Мамайы карз паддзах састы бынаты баззади!

Кæсæг кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цыдысты.

Уалынмæ дыккаг хабар куы æрбахастой, уæд марды хуызæнæй аззадысты. Инал йæ хæдзармæ бацыд уыцы æнкъардæй:

— Цы ма дын æй æмбæхсон, нæ сывæллæтты мад, — хæст банцад, фæлæ нæ лæппу фæмарди, Асланы мард кæсæджы хæстон адæм æрбахæссынц.

Иналы ус йæ дыууæ русмæ фæлæбурдта:

— Уæ, хæдзархæлдæй куыд баззадтæн! Уæ мæ хъæбул, цымæ ма кæмæ фæхъæр кодтай, кæй агуырдтай? Кæд мын «нана, нана» кæнгæ дæ уд схаудта? Фаты цæф дойны фæкæны, кæд дон мысгæйæ дæ уд схаудта?

Биасланы ус æрбауад:

— Цы кодтай, Нана?

— Нана дæ фæхъхъау æрбауæд — Аслан нын фæмард.

Чындз йæхи хойгæ йæ æфсиныл йæхи баппæрста.

— Уæ Нана, цæмæй тарстыстæм, уый нæ куы баййæфта! Мæнæн æфсымæртæ куы нæ ис, мæнæн Аслан æмæ Хетæг æфсымæртæ куы уыдысты. Ныр иунæг æфсымæры æвджид куы баззадтæн. Уæ Аслан, кæм дæ, мах дын чызгæвзарæнтæ куы кодтам. Кæм дæ, Хетæг, кæм схауд Асланы сызгъæрин уд?

— Уæ, уæ рын бахæрон, мæ бинонтæ, хæст уæлæнгай хъуыддæгтæй нæ ахицæн вæййы. Нæ сывæллæтты мад, æртæ лæппуйы хæстмæ куы æрвыстай, уæд афтæ хъуыды кодтай, æмæ дæм æртæйæ дæр сæрæгасæй сыздæхдзысты?

Кæсæг усæй уæд, лæгæй, чызгæй, лæппуйæ Асланы размæ сау дари хæцъилтимæ цæуынмæ фесты.

Стыр кад æмæ радимæ бавæрдтой Асланы.

Иугæр Аслан ныгæд куы æрцыди, уæд кæсæг усæй, лæгæй саутæ ныккодтой. Иналы æфсæрмæй зæххы бын куы аныгъуылдаиккой, уæддæр сæ бафæндыдаид.

Хæстæй стыр лæвæрттæ æрбахастой кæсæг, хъуамæ сæ лæвæрттæн куывд скæной. Мард дæр йæ æгъдау агуры, уæдæ цин дæр цины æгъдау агуры.

Инал æмбаргæ лæг уыд. Æгъдау куыд амыдта, афтæмæй Инал кæсгон дзыллæтæн сæ саутæ сисын кодта:

— Æгъгъæд æгъдау раттат, мард æмæ цин та сæ кæрæдзийы ивынц. Хæст хæст у, æнæмæлгæ хæст кæд вæййы?

Иугæр кæсæг сæ саутæ куы систой, уæд стыр фæзмæ æрцыдысты сæ хъæбатырдæртæн арфæ ракæнынмæ. Куывды рабадтысты. Кæсæгæн сæ кънйæзтæ дæр сæ къæлæтджын бандæттæ рахæссын кодтой, сæхи дзаг фынгты раз фæстæуæз ауагътой. Уалынмæ райдыдтой арфæтæ кæнын Иналæн:

— Дæ фыртты цæрæнбон бирæ уæд. Хетæг æмæ Биасланы цард бирæ уæд, Аслан та — рухсаг, рухсаг æмæ рухсаг. Æгæр æвгъау гуырд уыди, не ’ппæты сæрвæлтау фæмард.

Иугæр Биаслан æмæ Хетæджы сæраппонд лæвæрттæ кæнын куы райдыдтой, уæд фæйнæрдыгæй кънйæзтæ схъуыр-хъуыр кодтой:

— Иналæй æндæр ацы ран махæй дæр ис лæппутæ. Уыдонæн дæр истæмæй уæздан зæгъын хъæуы.

— Уæ, дзæгъæлы мæсты кæнут, кæсæджы кънйæзтæ. Ныр уæ лæвæрттæ æрхъуыди, æмæ уæм кады нуазæнтæ куы дæттиккам. Уæ лæппуты куы æмбæхстат. Æз дыгурон лæг дæн æмæ дæн æргомныхас — Хъарданты Хъарабас. Ацы ран Иналы фырттæн ис лæвæрттæ æмæ сын хæлар фæуæнт. Кæсæджы кънйæзтæ, сымахæн та худинаг фæуæд, уæ фыртты кæй бамбæхстат, уый. Цæрынæй уæд хæрынмæ адæмы цæст уынаг у, мæ хæдзæрттæ æмæ мæ лымæнтæ.

Кæсæг дардыл симд æрцарæзтой. Асанакъо та йæ хъæлæсджын фæндырæй цæгъдын райдыдта. Диссаг уыди кæсæджы кафтмæ бакæсын. Сæ хъæлдзæг кафтмæ сын хур дæр ма йæ цæст ныддардта. Дардыл уыди сæ сиргæ кафт, уæдæ сæ хонгæ кафт дæр афтæ, иннахæм симдмæ бакæсай. Мæнæ цыма раст фæстагæй фыццагмæ сæ фæсивæд кафт дæр никæд федтой æмæ симд дæр, нал æмæ нал æфсæстысты хъæлдзæг кæфтытæй.

Хетæг æмæ Асанакъойы иумæ ракафын кодтой. Кæсæджы усгур лæппутæн сæ зæрдæтæ фыр мæстæй рацæйтыдтой:

— Уæ, мæнæ диссæгтæ! Мах та ма цы стæм уæд ацы ран?

Иу кънйазы фырт загъта:

— Æз ацы изæр Хетæджы хъуамæ амарон.

Райдыдта хъаматыл кафын. Рагæй кодта Хетæгæй хылкъахæнтæ. Дзыллæтæн сæ фылдæр хай сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Кæстæртæ ма сæ кафты кой кодтой.

Хетæгмæ фæдзырдта кънйазы фырт:

— Рауай, æз æмæ ды хъуамæ сæттынæджы[32] хъаматыл акафæм.

Хетæгæн «нæ» зæгъæн нæ уыди. Цыфæнды дæр ма уыдаид, уæды заманты «нæ» зæгъæн нæ уыди. Зонгæ йæ бæргæ бакодта: «Абон мæ фæстаджы бон æмæ цард у кæсгон дзыллæты æхсæн. О, мæнæ диссаг, маст кæцæй нæ хауы, уыцы ран дæр Хетæгæн мастæй хай уæд цæмæн фæци?»

Изæр дæр тындзгæ йæхи æрбахаста.

Кънйазы фырт Хетæгмæ хъама фæдардта:

— Раст дæ ныртæккæ кæрдæнтæ скæндзынæн, рагæй дæм дарын маст.

— Дæ хорзæхæй, кæд афтæ зæгъыс, уæд фыццаг дæуæн бар.

Æрдхорд æфсымæрæн дæр бæрæг уыди йæ бакастыл, маст кæй дардта Хетæгмæ. Хетæгыл сæхи æрбаппæрстой дыууæйæ дæр.

— Æрдхорд æфсымæр, ард дæу æрдыгæй фæуæд, фыццаг цæфы бар уал дæу фæуæд, аннæмæн нæ дæттын фыццаг цæфы бар.

Хетæджы æрдхордæн йæ цæстытæ цæхæр акалдтой, иуварс йæхи айста. Хорз бæргæ нæ бакодта, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди.

Сæ дыууæйы дæр Хетæг фæмард кодта.

Адæм æваст куыддæрæй аззадысты:

— Мæнæ диссæгтæ! Диссаг дæр уæд куыд ма зæгъæм, Хетæгмæ аххосæй куы ницы уыдис.

Фæлæ туджджынтæ кæнæ тугагурæн раст чи радта равзарынмæ?

Хетæг лидзæг фæци. Æваст бахъæр кодта:

— Уæ Биаслан, лæг амардтон, лидзын!

Йæ æртыкъах æфсургъыл цæуынтæ байдыдта. Раст фæсахсæвæртæм æрбахæццæ иу ран тыгъд æмæ быгъдæг быдырмæ, фæллад æмæ фæлмастæй. Хетæджы йæ туджджынтæ дæр æрбаййафынц дыууæ дыууадæсæй.

Уæд æм уæларвæй æрхъæр чындæуыд:

— Уæ Хетæг, хъæдмæ, хъæдмæ!

Хетæгæн йæ дзыхы æрбабадт ахæм фидар ныхас:

— Хетæгæн йæ бон хъæдмæ фæцæуын нал у, фæлæ хъæд — Хетæгмæ, Хетæгмæ!

Хъæдæй, дам, уæд стыг расхъиудта æмæ раст тыгъд быдыры астæу тархъæд фестад.

Хетæджы сурджытæй дыууадæс фæстæмæ раздæхтысты. Аннæтæ уыцы æртхъирæнтæгæнгæ цæуынц хъæдмæ, нал æмæ, дам, нал хæццæ кодтой.

— Уæ, мæнæ диссаг, ай та уæд цавæр хабар у?

Уалынмæ нал æмæ нал уынынц сæ фæндаг. Æртæ бонмæ нал хæццæ кодтой. Уæд сæ агурынмæ рацыдысты. Де знаг уыдонмæ куы бакастаид, афарстой:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.