Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 22 страница



— Аса, мах дын раджы куы бамбарын кодтам, дæ урс бæхыл дæ хæдзары куыстмæ кæй нал æвдæлдзæн.

Асайæн фæнды дзур, фæнды ма дзур. Кæцы ранмæ-иу йæ зæрдыл æрбалæууыд балцы ацæуын, уырдæм-иу фæраст и.

Иу заманты раст Хуссар Ирмæ афардæг. Йæ зæрдæмæ фæцыд Хуссар Иры бæстæ. Асайæн йæ кой, йæ хъæр нал ис.

Æфсымæртæ сау æрдиаг кодтой:

— Асайы чидæр кæмдæр амардта, æмæ йæ сывæллæттæ мæгуырæй баззадысты Есбейы.

Аса Хуссар Иры æрцарди æмæ ус ракуырдта, Дзукъаты чызджы. Дардыл къабаз ын ауагъта Дзукъаты чызг.

Аса иугæр Хуссар Ирæй куынæуал цыди, уæд Балайы хистæр фырт Фыранг Асайы бинонты фæстæмæ Нарыхъæумæ ракодта, æмæ сарæзтой сæхицæн къæдзæхы сæрыл хæдзæрттæ. Мæгуырау цот нæ рауадысты Туаты хæрæфырттæ: цыппар æфсымæры æмæ фараст хойы. Æрдиаджы рæсугъд хотæ дæр уыдысты Туаты хæрæфырттæ. Уайтагъд усгуртæ фæзынд. Ирæд уыцы заманты хъæбæр тыхджын уыди. Дыууæ дзы Захъамæ лæвæрд æрцыдысты, ирæд сæ бирæ райстой, суанг ма уыгæрдæнтæ дæр, галæй, бæхæй, дуцгæ хъуццытæ. Асамæ сæ чидæр фæхабар кодта: дæ чызджытæ номы ирæдыл лæвæрд æрцыдысты.

Аса рацыд æмæ йæхи хылгæнæг скодта:

— Чи уын загъта, Нар, æмæ Аса амард? Цæрдудæй мæ уæд цæмæн баныгæдтат?

Аса дыууæ галы æмæ дыууæ хъуджы æхсæвыгон акодта æмæ афардæг фæстæмæ йæ хæдзармæ.

Туатæ загътой:

— Сар йæ сæр кæндзæни, кæмдæриддæр ыл андзæвæм — маргæ йæ кæндзыстæм. Хъаст-иу нæ ма ракæнут, Гоцъийы фырттæ, мах нæ хойы маст Асайæн нæ ныббардзыстæм.

Асайæн та йæ кæстæр чызг дæр хъæбæр домбай ирæдыл лæвæрд æрцыди, суанг ма дзы йæ мады ’рвадæлтæм дæр къобор галтæ æрхауд, йæ фыды ’фсымæртæм дæр — галтæ.

Туатæ ма бæргæ æнхъæлмæ кастысты: Аса искæцæй куы фæзынид, уæд ын раст уырды над скæниккам, бæргæ.

Лæппутæ дæр устытæ курынхъом фесты, тынг хорз лæппутæ дæр рауадысты, диссаджы домбай хæдзæрттæ сарæзтой. Раст къæдзæхы сæрыл бæрзонд хæдзæрттæ сарæзтой æмæ-иу сæ гонвæрстæй ракæс Захъайы доны ’рдæм, уæд-иу дзы фыр бæрзондæй адæймаджы сæр разылд.

Хетæг, дам, зæронд нæ кодта. Авд азæй авд азмæ цыди балцы, Кæдæм цыди, уый никæд никæмæн схъæр кодта. Æрмæст-иу йæ урс бæхыл саргъ бавæрдта æмæ-иу афардæг, йæ фæстæ-иу ракæсынæн дæр бар нæ лæвæрдта.

Хетæгæн баззади Кæсæджы куырдуаты бадæг чызг Асанакъо. Иугæр Хетæг Кæсæгæй лидзæг куы фæци, уæд Асанакъо йæ хъæлæсджын фæндырæй нал ацагъта, хъæлдзæг кафтмæ кæнæ симдмæ нал рацыди, йæ милæнгом æфснайд къуымы дуæрттæ фидар æрбахгæдта, усгур йæхимæ хæстæг нал æрбауагъта.

Уал æмæ уал азы рацыди, Хетæгæн ма æрцæуын æнхъæл дæр чи уыди. Уалынмæ Хетæг фæзынди. Кæсæджы цæрæг адæмтæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цыдысты:

— Нæ бæстæ та ныррухс, хур нæм йæ цæст ныддардта.

Асанакъомæ мидæмæ дзурынц:

— Дæ хæрзæггурæггаг мах фæуæд — Хетæг фæзынди!

— Уайдзаг уый зæгъæджы хæдзар фæуæд. Фыны фенæгау нæ уаид, æцæгдæр ма Хетæг куы фæзынид, уæд.

Уалынмæ Хетæг раст дыууæизæрастæу Асанакъомæ бацыди. Цины цырæгътæ куыннæ ссыгъдаид Хетæг æмæ Асанакъойы зæрдæйы мидæг. Къуырийы бонмæ чындзæхсæв фæрæвдз. Асанакъо фынддæсаздзыд чызгау мидбылты худти, урс цæсгом рахæмпус, сатæг сау æрфгуыты бын саубага цæстытæй худти:

— Уæ, мæнæ диссæгтæ! Диссаг дæр уæд куыд нæ у — уал æмæ уал азы мæ къухтæ тасгæ дæр нæ кодтой, мæ хъæлæсджын фæндырмæ нал бавнæлдтон.

Цæстуарзон хуынтæ хастой кæсгон дзыллæтæ Хетæджы чындзæхсæвмæ. Райгуырд ма Хетæгæн, йæ сæр зын ранмæ кæй тыххæй фæхаста, уыцы диссаджы Асанакъойæ лæппу æмæ чызг. Хетæг йæ чызг æмæ йæ лæппуимæ Нармæ æрцыд, Балайы хистæр фырт йæ чындзæхсæв кодта, афтæ.

Чындз къуымы лæууыди. Нары цæрæг адæмтæ дæр æмæ иннæтæ дæр къæрццæмдзæгъдæй кафыдысты, кæмттæ сæ зарынæй нæрыдысты. Хетæгæн диссаджы арфæтæ кодтой:

— Уæ, макуы фесæфа дæ кой, уый бонæй-бонмæ лæппудæр куы кæныс.

Асанакъо фæндыр райста, æмæ диссаг уыди уымæ бакæсын. Кады нуазæнтæ йæм хастой хистæртæ. Хетæджы устытæ сусу-бусу кодтой:

— Мах та уæд цы стæм йæ разы? Хорзæй хорз зæгъын хъæуы. Тæхуды, куы баззаид не ’хсæн цæргæйæ. Фæлæ уыцы амонд уæд кæцæй ракæсдзæн махмæ?

Асанакъойы цæгъдтытæм зæрдиаг кæфтытæ кодтой Нары зæронд лæгтæ, мондаджы симдмæ дæр бавнæлдтой. Асанакъойы лæппуйы хæрдмæ æппæрстой фыр цинæй, чызгæн дæр афтæ.

— Мæнæ нæм Кæсæджы бæстæй сызгъæрин цъиутæ æртахти. Уæ, цардæй нын бафсæдой!

Æртæ боны фæцин кодтой Хетæгыл æд бинонтæ. Стæй фæстæмæ цæуыныл ныллæууыд.

— Цæуын æз, мæ байзæддаг, фæлæ та уæм фæзындзынæн иу афоны. Цæрут хæларæй, уарзонæй, рæстæй.

Хетæг рацыди Нарæй, фæлæ нал бацыд уыцы бонæй фæстæмæ Нармæ. Æрыхъусæггагæй ма æрцыд йæ хабар: Абхазы хохыл баззад йæ бæх, йæхæдæг фæфардæг уæларвмæ.

Хетæгæй баззадысты Кæсæджы бæстыуагыл чызг æмæ лæппу; Дардыл та айхъуысти лæппуйы кой. Чызг ноджы диссагдæр фæци. Иу æнгуз бæласы бын кæсгон дзыллæтæ кодтой хорхоры бæрæгбон. Хетæджы чызджы, дам, ацы бæласы бынæй систой дауджытæ сæхимæ.

Уæдæ Хетæгæн йæ сæрæй уæд йæ кæронмæ бæрæггонд æрцыдысты йæ хабæрттæ. Афтæ йæ къабаз, йæ уидаг.

Цыдысты ма-иу туджджынтæ сæхи æмбæхсынмæ Нармæ дæр æмæ Зæрæмæгмæ дæр. Хетæг-иу бирæ туджджынты суазæг кодта. Туджджын мæгуыр у. Чи амæлы, уый ницуал фембары, фæлæ йæ фæстæ тæссæй зырзыргæнгæ чи баззайы, уый бирæ мæгуырдæр вæййы. Уæдæ Гаджи дæр лæг амардта. Цæвиттон, Гаджи æмæ Гуыба уыдысты хæрз æфсымæртæ. Сæ кæстæр æфсымæр лæг амардта, æмæ Гаджи æмæ Гуыбайæн цæрæн нал уыди Хуссар Ирыстоны æмæ рацыдысты Хетæджы фæдыл Нармæ. Хаси, Тоти, Епхи, Цуци та сын уыдысты æрвадæлтæ, Гаджи æмæ Гуыбайы тугмæ кæй мардзысты, уымæ гæстæ уыдон дæр сæхи райстой Нармæ. Æрцардысты Нары Хетæгмæ æввахс. Иу цасдæр рæстæджы бæрц цардысты тынг хæларæй. Фæлæ иугæр Хетæгæн йæ къабаз даргъ кæнын куы байдыдта, уæд зæххæй хъуаг кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ сæ цард нал цыди. Зæххы гæбæзты тыххæй сыл хъæбæр уæззау хабæрттæ цыди, суанг ма-иу дзы лæджы мæрдтæ дæр рауад.

Гуыбатæ уæд сыстадысты Хетæджы æрнæгæй æмæ иу коммæ балыгъдысты. Цæвиттон, Гуыба æмæ Гаджи Джинаты фырттæ уыдысты. Уыцы ком баззад абоны онг дæр Джинаты комæй.

Гаджитæ та æрбынат кодтой, Сылас, зæгъгæ, иу ран. Гаджи амарди, фæлæ йæ хистæр фырт хуынди Сылас, æмæ абоны онг дæр Сыласæй баззади Гаджиты хъæу.

Хаси æмæ Тоти та æрцардысты иу комы сæрмæ, Засых, зæгъгæ, сæ хъæуы ном.

Епхи та ссыди иу бæрзонд сæрвæтмæ.

Цуци та сын уыди дыккаг усы фырт æмæ цауддæрæй баззад, уымæн æмæ уыцы заман дыккаг усыл аргъаугæ нæ кодтой æмæ-иу сæ хуыдтой номылусы цот.

Ацы мыггæгтæ равзæрдысты сыгъдæг алантæй.

Гаджиты иу бонгæнд хуымы тыххæй Гоцъи хъæбæр скуынæг кодта, æндæр Гаджитæ дæр дардыл къабаз ауагътаиккой. Цæвиттон ма дзы иу чындз йæ цæгатмæ рацыд æмæ йын дыууæ лæппуйы райгуырд, æндæр Гаджитæй Гоцъи æмæ Джиуæр иу нал ныууагътой. Усæй, лæгæй, суанг сывæллоны онг дæр Сылас æдзæрæг фæци. Фæлæ та иугæр дыууæ сывæллоны куы рахъомыл сты, уæд сæ фыдæлты æрнæг бацагуырдтой æмæ йæ æдзæрæг нæ фæкодтой. Сæ фос, сæ фæллой уыдысты сæ æрвад Гуыбатæм. Иугæр дыууæ фаззоны куы схæдзар сты, уæд сын Гуыбатæ сæ фос, сæ хъæды хай, сæ хуымтæ фæстæмæ радтой.

Гаджитæ рагæй фæстæмæ дæр уыдысты æнæхъыгдард, сабыр фыды фырттæ. Кæд къаннæг мыггагæй баззадысты, уæддæр сæфт мыггаг нæ уыдысты, фæстæмæ та Хетæджы мыггагимæ ссаргæ къабæзтæ кæнын байдыдтой Гуыбатимæ дæр, Хаситимæ дæр.

XX

Нарыхъæуæн се скъола уыди хæххон уæлхæдзар æмæ зæронд дæр баци. Къоста æмæ дзы йæ æмбæлттæ къаннæг лæппутæй кæд ахуыр кодтой, уæдæй-уæдмæ скæлæддзаг æмæ дзы тæссаг уыди. Хæдзар иугæр куы фæцуда, уæд кæд ракæлдзæн, уый зын базонæн вæййы. Хурыскæсæнырдыгæй йæ къул афаз æмæ Нар æдзухдæр мæт кодтой. Уалдзæг-иу уæлхæдзары тæдзын куы байдыдта, уæд-иу лæгтæ сæ къулджытæ бахастой æмæ-иу уæлхæдзар надтой. Кæннод-иу де знаг къæвда боны уыцы скъоламæ куы бакастаид, тæдзынæджы бын-иу сывæллæттæн сæ уæлæдарæс дæр ма ныллæхъир.

Уæд иу уалдзыгон бон Къоста бацыд, Нары ныхасы лæгты уал ауынон, зæгъгæ.

— Фарн уæ ныхасы уа, нæ хорз кадджын тæрхоны лæгтæ!

Къоста-иу Нарыхъæумæ куыддæриддæр бацыд, афтæ-иу æнæмæнг раздæр ныхасы лæгты бабæрæг кодта. Уый фæстæ та-иу Нарыхъæуы уæлмæрдтæм цыди, йæ мады ингæныл-иу æдзухдæр йæ къух авæраг уыди. Иугæр Хъугърион куы амард, уæд та-иу раздæр Хъугърионмæ бацыд. «Мæ мад, бахатыр кæн, раздæр Хъугърионмæ æмæ Дада æмæ Къæбермæ кæй бацыдтæн. Уыдон дæуæй хистæртæ сты. Ды, мæ мад, æгæр раджы фæуагътай кæугæ дæ дзидзидай сабийы. Мæнæй æндæр чи уаид, уый дæм нæ бацæуид».

Устытæй-иу йæ мæрдты бæрæггæнæг чи суади, уыдон-иу æм фæсаууонæй кастысты æмæ-иу ын хъæбæр тæригъæд дæр кодтой, æдзухдæр куыдтой Къостайы æнкъард ныхæстæм.

Къоста хъарæгмæ хъусын тынг уарзта, бирæ хæттыты-иу Хайыры дæр скодта уæлмæрдтæм:

— Хайыр, рахъарæг кæн, æмæ мæ зæрдæйы тыппыр суадзон. Æз уæлмæрдтæм зарынмæ æмæ кафынмæ не ссæуын.

Хайыр, мæгуырæг, кæуын йæ былалгъыл дардта æмæ-иу ын æдзухдæр рахъарæг кодта.

— Уæ Къоста, кæуынæй цæмæн æлхæныс дæ мады зæрдæ, худгæ йæм цæмæннæ бауайыс? Уæд дзы хатыр та цæмæн курыс, уый дæуæн дæ дзидзийы хъуыртт дæ хъуырæй куы фелвæста æмæ сау мæрмæ лидзæг куы фæци, уæ, сауæй баззайон мæ фыды бынтыл! Хайыр Нарыхъæуы уæлмæрдтыл кæуынæй бафæллади, фæлæ дын, мæ сидзæр мадызæнæджы хъæбул, иу кæнæ дыууæ куыд зæгъон? Уæ, уынгты фæниуон Леуан æмæ Данелы мæрдæй, мæн кæуынæй цы дарæг æфсымæртæ бафæллайын кодтой! Хайыр æмæ Текъо сæ саутæ сауæй ивгæ фæцæуой, уæ нæ саутæ кæрæдзимæ аууæттæ фæдарой! Уæ, нæ тæвд цæстысыг нын нæ царды бонтæ фæласа, Лиайы цæугæдонмæ сæ æнæвгъау фæкала. Ныр дæ куыд фæкæуын кæнон, ды авд азы сау кæуыл фæдардтай, уыцы уарзон æфсымæры кой та дын куыд скæнон? Уымæ дард Калакмæ кæуынæй куы бафæлладыстæм. Уæд Хъугърионыл та цæмæн ныддæлгом вæййыс, Хъугърион цæрынхъуагæй, мыййаг, куы нæ бацыдис быны сау мæрмæ, фæлæ дæ ныййарæджы рæвдыд куы фæкодта. Хъугърион бындурзылдæй афардæг быны сау мæрмæ. Уæд дæ зæронд фыдыл та цæмæн кæуыс, цæрынхъуагæй дын, мыййаг, куы нæ ацыди. Къæберыл дæр ма ку, Къæбер æдзардæй нæ ацыд быны саумæрмæ, æдзардæй æмæ кæуинагæй йæ æххæст ахуыргонд лæппу ацыд. Уый кæйдæр чызгæй хатыртæ кургæ ацыд йæ æнусы бынатмæ. Йæ æвæд фыды ’фсымæр Малхаз ыл ма баууæнда æмæ йæ йæхирдыгæй акæна, боныцъæхмæ Малхаз саумæрмæ фæдисы цæуæг фæуа. Малхаз йæ чындзæхсæв хистæй кæй раивта, бынтон зæрдæдзæф уымæй фæци, сау фæбадæм! Æнæвзæрст диссаг нын мацуал баззайа, нæма бафсæстæ, Къоста, хъарæгæй? Мæ уд дын цард æмæ бон феста.

Къоста-иу Хайыры æдзухдæр уымæн кодта уæлмæрдтæм, æмæ Хайыр хъæбæр дæсны уыд хъарæг кæнынмæ. Хайыр-иу кæуын куы райдыдта, уæд-иу тæхгæ мæргътæ сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбур фæуагътой æмæ-иу Нары дзуары хъæды бæрзонд бæлæсты сæртæй уырдыгмæ кастысты. Нарыхъæуы ныхас дæр дард нæ уыди уæлмæрдтæм æмæ-иу бирæ хæттыты ныхасы лæгтæ Хайыры хъарæгмæ æрбацыдысты æмæ-иу уыдон дæр фаг фæкуыдтой. Къостайæн тæригъæд куыд кодтой, афтæ-иу æй ракодтой уæлмæрдтæй:

— Уæ Къоста, ма ку, цы ма æрхæсдзыстæм кæуынæй? Уæ гормон Хайыр, æгæр даргъ хъарæгыл сбæндæн вæййыс.

Къоста-иу Хайыры азымы нæ лæвæрдта:

— Æз æй рахъарæг кæнын кодтон, бахатыр кæнут. Чи мах хуызæн, чи та уæд махæй мæгуырдæр.

Къоста фондз боны æмгъуыдмæ бацыд Нармæ. Фондз бонмæ Нар сæ тæрхон ахицæн кодтой: Хъугърионы хæдзары дуæрттæ куыд байгом кæной æмæ дзы сывæллæттæ ахуыр кæнын куыд райдайой, афтæ. Æрмæст ма сæ мæт æмæ сæ катай уыди ахуыргæнæгыл — кæцæй йæ хъуамæ æркæной? Зын ссарæн уыди.

Къоста загъта:

— Агуырдзынæн, æмæ куыддæр фембæлон, афтæ йæ рарвитдзынæн, тыхсгæ ма кæнут.

Уыди тæккæ уалдзыгон. Зæгъы къæвда уыцы уардæй уарыд. Скъоладзаутæ куыддæр Хъугърионы хæдзармæ бацыдысты, афтæ раст æмбисбон, раздæр кæм ахуыр кодтой, уыцы хæдзар уыциу калд ныккодта. Нары цæрæг адæмтæ фæйнæрдыгæй джихауæй аззадысты:

— Æллæх, хæрз сæфт куы фестæм — скъола ныккалди!

Устытæ сæ рустæ тонгæ Уæллаг Нарыхъæумæ згъорынмæ фесты, чи дзы ахаудта йæ зæрдæйæ. Фæдисонтæ хъæр кæнынц:

— Ма тæрсут, хæдзары никæй æрæййæфта!

Фæлæ ацу æмæ кæй уырныдта, сæхи фыр тарстæй зæххытыл хостой. Ныхасы лæгтæм дæр хабархæссæг фæци. Ацы хатт ныхасы дæр ничи бæрæг уыди. Къæвда заман уыди æмæ алчи йæ уæлхæдзар къулæгæй хоста, цæмæй къæвдайы дон ма тæдза.

Ныхасы бадти Балаты Хъæвдын. Йæ дзыхы æууилæн бакодта æмæ æнхъæлмæ кæсы Нарыхъæуы лæгтæм, куыд æрæгмæ цæуынц. Хъыг кæны æмæ та ракæсы къæдзæхы сæрæй. Захъайы дон уыцы ивылдæй гыбаргыбургæнгæ уайы, цыма йæ исчи фæсте сургæ кæны.

— Уæ, æнæнцой уардæй фæуарай, кæд фæстаджы уардæй нæ уарыс!

Уалынмæ Хъæвдыны хъустыл цыдæр æнахуыр хъæр ауади: «Æллæх, уый хæрзбын куы баисты Нар!» Хъæвдын кæсы, æмæ уæлæ скъола ныккалд, йæ алыварс усæй, лæгæй лæууынц. Хъæвдын йæ сæр лæдзæгæй хойгæ Уæллаг Нарыхъæумæ цæуынмæ фæци. Ног чындз Хъæвдынæн тæригъæд куыд кодта, афтæ йын зæгъид ма тæрс, ницы знаггад æрцыди, ма хой лæдзæгæй дæ сæр. Фæлæ уайсадгæ кæны æмæ куыд сдзура, мыййаг æм куы фæхъыг кæса: «Мæныйас дур дæ æркъуырæд! Æз Нары хистæр куы дæн, уæд мæм куыд сдзырдтай? Уайсадгæ та ма уæд кæмæ бакæнай? Цыдæр налат æдзæсгом чындз æрцыд Нармæ». Чи зоны æмæ йæ махонæн дæр рахъаст кæна, æмæ мæ уæд масты хай бакæндзæн.

Чындз хæдзармæ тагъд-тагъд бауад, йæ æфсинæн æй адзырдта:

— Дæлæ мæгуыр зæронд лæг йæ сæр хойы. Зæгъ ын, ницы зиан дзы æрцыд.

Æфсин бакатай кодта:

— Æз дæр æм уайсадгæ кæнын æмæ йæм исты куы фæхъыг кæса, сæ кæстæртæй сæ разы схуыфын куы ничи фæуæнды. Марадз-ма, лæппу, уæртæ зæронд лæгмæ фæуай, доны æрбацæуынмæ хъавы. Хиды дон аласта æмæ йæм бадзур, ма, зæгъ, тæрс. Доны дæр цæмæ цæуы, аздæхæд фæстæмæ.

Лæппу Хъæвдынмæ дзуры:

— Ма æрбахиз, фæстæмæ аздæх. Ницы знаггад æрцыди» хæдзары ничи уыд.

Ацу, æмæ Хъæвдын кæуыл æууæнды, æрбалæгæрста уыцы ивылд доны.

Лæппу дисгæнгæ хæдзармæ бауад:

— Нана, Хъæвдын уыцы арф доны бодзау куыд æрбафардæг, уый диссаг нæу? Уагæр афтæ уый лæппуйæ куыд уыдаид?

— Ацы мыггагæн сæ зæрæдтæ дæр рогстæг сты, дон дæр сын ницы кæны.

Хъæвдын уыцы мæстæйдзагæй бацыд:

— Цы фестут?

— Уæууа, Хъæвдын, уый дæ сæр хойгæ куы æрбацыдтæ æмæ дæм махæй дæр кæсæг куы нæ фæци. Стыр хатыр бакæн. Ницы зиан æрцыди. Скъоладзаутæ ацы ран нал сты, уартæ Хъугърионы хæдзары сты.

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуа, уый кæй дзыхы æрбабадти.

— Къостайы дзыхы æрбабадти, æндæр æй чи хъуамæ æрхъуыды кодтаид.

— Уæллæй, лæджы фырт у, лæджы, Къоста. Леуан дæр хъуыдыджын лæппу уыди... Бæстæ сæфти сæ тæригъæдæй. Уæллæй, стыр фыдбылызæй нæ аирвæзын кодта Гуыбаты хæрæфырт. Кæм ис Къоста?

— Уартæ Джинатмæ ацыд знон. Йæ мады ’рвад чындз хæссы уæлæ Дзомагъæй.

— Мæгуырау заман у. Хæхтæн сæ кæлæн. Махæн ахсæнимæ куы нæ ахсы нæ æхсыр, уæд ма нын æнæ ахсæнæй куыд бацахсдзæн?

— Ма тæрс, Хъæвдын, чындзхæсджыты къæвда уромы?

Дзомагъмæ ахæм æгъдау уыди — чындзхæсджыты-иу къуырийы æмгъуыдæй дæр нæ рауагътаиккой, дыууæ къуырийы-иу чындзхæсджыты хъуамæ фæрахон-бахон кодтаиккой. Уый сæм уыд стыр кад æмæ номæн. Алы хæдзары дæр хъуамæ уазджытæн минас уыдаид.

Гуыбаты чындзхæсджыты дыууæ къуырийы нæ рауагътой Дзомагъæй. Дыууæ къуыримæ рæстæг дæр фæхорз, хур замантæ фæкодта. Ныр сæ хуымтæ конд фесты, адæгæй дæр ма сæ балæгъз кодтой. Æрмæст ма куадзæнмæ сæхи рæвдз кодтой. Чи хаста куыроймæ йæ чъириаг, чи та хаста хъæдæй артаг буцдæр æмæ хуыздæрæн, чи та амадта цырæгътæн нæзыйы фæрстæ, чи та цыргъ кодта йæ кусæрттагæн кæрдтæ, чи та амадта уæхстытæ физонæг арауынмæ.

Нар та сæ ныхасмæ цæуын байдыдтой уыцы æмбырдæй. Цæвиттон, лæгтæй кæмæн æмбæлд, уыдонæн цæй æнæ æрцæугæ уыди. Раздæр кæмæ уыдзæн лæгты бадт. Куыдхистæрæй-иу уыд æмбырд. Æгас мæйы дæргъы-иу уыцы къæрццæмдзæгъдæй гъæйтт кодтой, кæд-иу сæ зымæг æнæ зианæй арвыстой, уæд.

Кæд-иу Нарыхъæуы зиан уыди, уæд-иу куадзæн дæр æмæ иннæ бæрæгбæттæ дæр уыцы æнкъардæй арвыстой.

— Хуыздæр фæуæд Къостайы æрбацæуæн бон, стыр фыдбылызæй нæ фервæзын кодта. Кæд куадзæны хъазт аразын кæнæ, уæд уыдзæн Нарыхъæуы куадзæн хъæлдзæг. Кæдæй-уæдæй ацы зымæг æнæ зæй фæластæй баззадысты Нар хæстæгæй уæд, хионæй, табу фæуæд Хуыцауæн!

Ныхасы лæгтæ бауынаффæ кодтой: Къæбер кæд нал ис, уæддæр Нарыхъæуы хистæр хæдзар Къæберы хæдзар у. Куадзæнты æмбырд раздæр Къæберы хæдзары куыд арвитæм, афтæ.

Куадзæнмæ-иу Нарыхъæуæн алцыдæр бæлвырдгонд уыди. Замманайы хус сугтæй арт æндзарынц, æмæ рæвдзæй фыцынц, куадзæны фынгæн цы хъæуы хойрагæй, уыдон. Куывдæн дæр æмæ бинонты ком суадзынæн дæр ахицæн сæ хойраг. Бæгæны рафæрсыгътой, дзидзатæ дæр фых фесты, фыдисæй сæ систой.

Уалынмæ Нарыхъæуæн сæ кæстæр фæсивæд дуар ныххостой:

— Чырысти райгас!

— Æцæгдæр райгас! Мидæмæ. Æрмæст Къоста фынæй кæны, æмæ йæ иу чысыл куы бауадзиккат, цалынмæ хистæртæ æмбырд кæной, уæдмæ.

Уалынмæ Къоста дæр сыстади. «Алæ-ма, кæд æфсинтæм истæмæй фæкæсын хъæуы, мыййаг. Æгæр афынæй дæн».

Къоста хисæрфæн райста, сапон, йæ дæндæгтæ æхсæн æмæ Лиайы доны был йæхи цæхсадта, йæ уæнгтæ арæуæг кодта. Бацыд хæдзармæ æмæ фынгтæ рæвдз кæнын райдыдта.

— Хæргæ уал исты акæн, цалынмæ адæм не ’рцыдысты, уæдмæ.

Къостайæн хæринаг æрæвæрдтой. Бæгæны уарзаг уыди. Ахордта æмæ фынгтæ арæвдзытæ кодта. Къæберы чындзытæн дæр мæлæты æхсызгон уыди.

Къоста фынг рæвдз кæнынмæ тынг дæсны уыди, йæ цæст хæссаг уыд. Искæдæм-иу уазæгуаты куы бафтыд, уæд хорзæй кæм цы уыдта, уыдон йæ хотæн дæр амыдта æмæ йæ чындзытæн дæр. Дзомагъæй йæ фарстой æмæ дзы тынг æппæлыди:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.