Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 18 страница



Кафар æмæ уал чызг сæхимæ рацыдысты, иугæр куы бафидыдтой, уæд. Фатимæ тинтычъи тын æрдæгуæфтæй ныууагъта æмæ йæ хъуамæ бауафа æмæ цалдæр басылыхъхъы сараза. Дзанайты Кафары чызг иуæй номдзыд лæджы чызг уыд, иннæ ахæм Садуллæ дæр хъæбæр домбай хæдзарыл нымад уыди Дзæуджыхъæуы æхсæн.

Лæппуйæн йæ хæдзар уыди Лабæйы, кусгæ кодта Дзæуджыхъæуы. Баскаты номдзыд лæппу Дзанайты Кафары чызджы ракуырдта, уыцы хабар Лабæмæ куы ныхъхъуысти, уæд сын тынг æхсызгон уыди. Уæздан мыггаг сты Баскатæ, уæдæ хæдзарæй дæр мæгуырау хæдзар, мыййаг, не сты. Аннæмæй та нæ хо нæ размæ фæхæстæгдæр уыдзæн. Уадз æмæ нæм Кафар арæхдæр цæуа, кæннод фондз азæй фондз азмæ иу цыд æркæны æмæ иу къуыри дæр æххæст нæ афæстиат кæны, уайтагъд цæуынмæ фæвæййы. Кафары Дзанайтæ хъулон уарзтæй уарзтой, сæ сæртæ дзы бæрзонд хастой. Йæ зæнæг дæр сын уæлдай адджындæр уыдысты.

Кафар æмæ йæ чызг сæхимæ бахæццæ сты. Кафары ус Тинайæн тынг æхсызгон нæ уыди хабар:

— Уæхицæй хуыздæр цæмæн агурут? Хъуамæ адæймагæн йæ уат куыд у, йæ къæхтæ афтæ адаргъ кæна, кæннод зымæгон сийгæ кæнынц. Мæнæн ахæмтæ æхсызгон не сты, мæ бон зонгæ кæнын. Хорз хæдзары лæппуйы цыдæртæ хъæуы. Мæнæ дыууæ азы ныр иу тинтычъи тын кæнын, æмæ мын уæфтцух фæци, æртæ айчымæдзы[31] уæртæ Мæдийæ райстон. Уæддæр ма мын кæй фæцух уыдзæн, уый зонгæ кæнын.

Кафар афтæ зæгъы:

— Нæ зонын, мæ сывæллæтты мад. Садуллæйы арæзт хъуыддаг у, æмæ æз хъуамæ йæ ныхмæ куыд ныллæууыдаин? Мыггаджы чызг у, æмæ сæ цы фæнды, уый кæнæнт. Æз тынтæ уафын нæ зонын — цуаны цæуын æмæ уын сырды фыд хæссын. Уæ фагæй уæ уæлдай уадзут сыгъдæг дзæбидыры дзидзайæ. Уæдæ дзы адæмæн кæй фыцын æмæ дæттын, уыдоны нымайæг дæр нæ банымайдзæн. Тагъд мын ирон нымадæй мин ахицæн уыдзæн, кæй фæмардтон, уыдон.

— Цæмæй йæ зоныс, нæ лæг?

— Куыд æй нæ зонын? Уæлæ мын Тъеплейы хохыл бæрæггонд сты.

— Æмæ ма дæ цас хъæуы?

— Уый дæуæн зæгъгæ нæу. Ацæуай æмæ йæ дæлæ устытæн раппæлай: «Нæ лæджы бирæ нал хъæуы минмæ».

— Цыма мæлæты дзураг дæн, кæнæ æппæлаг. Æнæуый дæр мæ ныртæккæ æппæлыны мæт нæй, мæнæ фыр æфсæрмæй зæххы бын куы аныгъуылин, уый дæр мæ бафæндид. Дзæбидыртæ марынæй мæхицæй цæмæн хъуамæ раппæлон? Мæнæ мæ æппæлыны сæр цæмæйты хъæуы, уыдон мæ бон куы бауид.

— Нырмæ дæ тын рæвдзгонд цæуылнæ у? Тинтычъи дæр ма кæд махмæ нæ вæййы. Фæлæ ды уæзданæй архайыс. Цæмæй æфсæрмы фæкæныс æмæ дæхи чи хъæуы, уый искæмæн цæмæн лæвар кæныс? Хиуайы усæй дæ стыр æфсæрмы бацыдис?

— Цæмæн зæгъыс — фарон мын уæлæ Сындзы сæры æртæ боны хуымтæ фæкарста. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, йæ дзидзидай сывæллоны ныууагъта, мæ æхсызгон мын ацарæзта тæккæ хуымтæ кæрдын афон. Мæ хъæбæрхоры хуымтæ сæ тæккæ кæрдынмæ бахæццæ сты. Мæн нæ февдæлы — чызджытæ чындзы цæуынмæ фæрæвдз кæнын. Искæй хæдзар аразгæ кæнæм, нæхи хæдзар та уыйбæрц æдзæллаг кæны. Мæ чызджыты мын чызджы ранмæ бадын дæр нæ бауадзынц нæ хицæуттæ. Фаронæй ацы азмæ мæ боны гæлæбутæ куы нæ æрцагътон, кæцæй æрхæсгæ вæййынц? Ирæд райсæм, зæгъгæ, дзы чызджы хæдзарæй дæр къаддæр фæлхас, мыййаг, нæ ацæуы. Уæлдайдæр уæлæ кæцондæр æнæзонгæ. Сæ æгъдауæй дæр ма сын исты куы зонид адæймаг, уæддæр ма цы нæ вæййы, фæлæ, дам, хорз хæдзар æмæ хорз лæппу у. Хорз бæхæн дæр хорз цæфхæдтæ хъæуы. Мæ чызг цас чызг у? Ахæм хорз хæдзар æмæ хорз лæппуйæн гъæйтт чызг хъæуы, мæ хуртæ. Уый дын зыруггаг хæдзар, мыййаг, нæу.

Тина йæ мойæн йæ ныхæстæ уайдзæфæмхасæнтæй фæкодта.

— Канд тын нæ вæййы, фæлæ дзы бирæ цыдæртæ кæй вæййы, уый Тина зонгæ кæны. Лæг хæдзарæн уазæгæй хъауджыдæр цы зоны? Хæринаг ын æрæвæр цæттæйæ æмæ йын нозт дæр ссар уазæгæн дæр æмæ йæхицæн дæр, æмæ бахъуыды заман дæр. Ницыйæ, дам, хорз æфсин истытæ ацаразы.

Дзанайтæ сæ чызджы Стыр Джиуæргуыбатæм куыд цæттæ кодтой, афтæ Къоста Нармæ æрбацыди. Тынг æгуыдзæгæй æрбаййæфта йæ æрвад Симоны хæдзар, йæ зæрдæ дзы хъæбæр бауазал ис. Сывæллæттæн нæ сæ къæхтыл исты, нæ сæ уæлæ, уыцы мæгуырхуыз.

Къоста-иу Нармæ куы цыди, уæд-иу Симоны æнæмад сывæллæттæн æдзухдæр исты рæвдауæн хæссаг уыди, æмæ йын-иу йæ кой куы фехъуыстой, Къоста æрбацæуинаг у, зæгъгæ, уæд-иу былтыл слæууыдысты æмæ-иу Дæллаг Нарыхъæуы ’рдæм акæс-акæс кодтой, кæнæ та-иу цæуæг адæмтæм хъæр кæнын байдыдтой, Къостайы нæ федтат, зæгъгæ. Чи-иу сæ сайгæ кодта, чи та-иу æцæгæй дзырдта, дæлæ йæ мады ’рвадæлтæм бауад, зæгъгæ. Цымийы цардысты йæ мады ’рвадæлтæ цалдæр хæдзарæй, буц æй дардтой. Къоста æрбацыд, зæгъгæ йын-иу кусартгæнаг уыдысты. Æрæмбырд-иу кодтой фæсивæды æмæ-иу ыл ацинтæ кодтой. Куыдфæнды дæр ма уæд, цыфæнды дæр, кæй загъдæуы, хæрæфырт стыр бынат ахсы йæ мады ’рвадæлтæм. Сидзæр, дам, йæхи фæбуц кæны. Къоста-иу йæ мады ’рвадæлтæм куы бацыд, уæд-иу йæ зæрдæ къуындæггæнаг уыди, æмæ-иу йæ цæстытæ доны разылдысты.

— Ма дæ зæрдæ риссын кæн, нæ буц хæрæфырт. Дæ мады æгасæй дæ мах афтæ буц нæ дардтаиккам. Дæ мад мард кæй у, уый тыххæй дæ буцдæр дарæм, æндæр Гуыбатæн хæрæфырттæ бирæ ис, æмæ уыдонæн се ’ппæтæн кусæрттæ куы кæниккам, уæд нæм фосы мыггаг æппын куы ницы баззаид.

Къоста-иу уæд фæхъæлдзæгдæр. Симоны сидзæр сывæллæттæм йæ зæрдæ æхсайдта æмæ та сæ-иу афарста:

— Нæхи æнæмад сидзæртæ та уæд куыд сты?

— Рынчынæй Хуыцау бахизæд, фæлæ, мæгуырæг, æнæмад æнахъом сабитæ. Ма сæм дæ зæрдæ æхсайæд. Тынг сæ æппæлынц, уæлдайдæр æртæ кæстæрæй, тынг хорз, дам, ахуыр кæнынц. Нары хъæууон скъолайы сывæллæттæй, дам, уыцы æртæ лæппуйæ хуыздæр ничи ахуыр кæны. Хистæры кæстæрæй ахуыр кæнынæй уыйас ничи æппæлы. Мæнæ сæ фыды хойы афæрсæм æмæ нын сæ уый кæугæйæ фæдзуры. Кæстæр лæппу, дам, йæ фыдæн тынг хорз у, йæ цума йын кæны. Æнæуый дæр, дам, нæ Калачы цы æфсымæр амарди, уый хæдхуызæн у.

— Хуыцау сæ дзæбæхæй цæрынхъом уадзæд! Искæд уый фехъуыстат æмæ Къæберы хæдзары мæгуырау гуырд уыди?!

Къоста-иу йæ мады ’рвадæлтæй куы рацыди, уæд-иу раздæр Хайыр æмæ Текъомæ цæй æнæ бауайгæ уыди. Дыууæ хойыл-иу сæ хур ракасти. Дардæй-иу æй куы ауыдтой, уæд-иу йæ размæ згъорынмæ æмæ-иу ын Симоны сидзæр сывæллæтты ныхæстæ дзурынмæ фесты, цæуджыты куыд фæфæрсынц, Къостайы нæ федтат, зæгъгæ.

Къоста дæр-иу куыннæ бацин кодтаид, кæд-иу Нарыхъæу æнæ зианæй æрбаййæфта, уæд. Симоны сидзæртæн та, иуæй æнæмад кæй уыдысты, уый тыххæй тæригъæд кодта, аннæмæй та сæ йæ зæрдæ дæр рухс кодта. Ме знагæй макуы мацы уæд, кæнæ та ме знаджы мыггаджы æхсæн мæгуырау фæсивæд рахъомыл уæд.

Цыдæр рæвдауæнтæ та сын авæрдта æмæ та йыл ацъиу-цъиу кодтой, хъæбыстæ йын кæнынц.

— Ничи нын ницы ратты быдырæй фæткъуытæ куы æрбаласынц иннæтæ, уæд. Мах мæстæй фæмарынц, «æцц-æцц» нын байдайынц: «Махæн нæ фыд дæлæ Салыгæрдæнæй къæссайы дзаг дыргътæ хорз куы æрбаласы».

Къостайæн-иу зын уыди, сæ мæгуыры хъæстытæ-иу куы кодтой, уæд. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, куыд хъаст кæнынц. Кæд сывæллæттæ сты, уæддæр зонынц, чи сæ рæвдауы, уыдоны.

Æдзухдæр-иу ныхасы лæгтæн дзураг уыди:

— Афтæ ма кæнут, рæвдауын сæ хъæуы. Æмпъузгæ дæр сæ цæмæннæ кæнут, зымæгон бæгъæввадæй ахуыр кæнынмæ дæр цæмæн фæцæуынц? Хъугърионæн дæр æнцон нæ уыди мах рæвдауын. Уæллæй, фæрсгæ дæр æй нæ кодтам. Йæ хæдзары хæринагæй цы уыди, уый мах хордтам. Йæ хæндыгæй дæр ын бирæ хæттыты цыхтытæ систам.

— Уæллæй, Хъугърионы хуызæн ус махмæ уазæгуаты дæр нал æрцæудзæн. Цырагъы рухсæй куы агурæм, уæд дæр нал ссардзыстæм ахæм сылгоймаг. Рухсаг уæд, йæ кой макуы фесæфæд мах æхсæн, кæд, мæгуыр, æвæдæй фесæфти, уæддæр. Хорзæй искуы иуæн баззайы фæстаг. Уæллæй, дæлæ-иу æй Алыксийы æвзæр дæр ныммæстджын кодта, фæлæ-иу æй æмпъузгæ дæр кодта æмæ æхсгæ дæр. Алыксийæн, та, мæгуырæг, цы йæ бон у æмæ цы хорзæн зоны, цы æвзæрæн зоны?

Къоста ныхасы лæгтæн бамбарын кодта:

— Фыццаг уал цæуæм уæлæ Регахмæ, Дауытимæ Гæджийы фенæм. Уырдыгæй та цæуын хъæуы Кафармæ. Куы фехъуса, Къоста Нары рацу-бацу кæны, уæд фæтæргай уыдзæн.

— Кафары дæр кæм æвдæлы — йæ кæстæр чызджы дæр та моймæ радта, фехъуыстам.

Канд ацы хатт нæ, фæлæ алы хатт дæр Къоста Кафары æнæ фенгæйæ Нарыхъæуæй ницы хуызы рацыдаид.

Къоста йæхи мидæг хъуыды кæны: «Уæдæ Нарыхъæуы зæронд лæгтæ Симоны сидзæртæн æппын ницы уынаффæ кæнынц? Кæдмæ афтæ æдзæллагæй сæ цард хъуамæ æрвитой? Агъæц, ныр йæ хистæр фыртæн бинонтæ æрхæссын хъæуы, æмæ Симон дæр æмæ йæ сывæллæттæ дæр мауал удхарæй сæ бонтæ æрвитой сæрдæй, зымæгæй уыцы бæгънæг æмæ æдзæллагæй».

Кафар цуаны уыди. Йæ ус Тина цыдæртæ архайдта хæдзары. Уалынмæ раздæр Гæджийы фырт Дауыт бахызти:

— Фарн уæ хæдзары уæд, мæ мады ’рвадæлтæ!

— Уæ, алæбон æгас цæуай! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? Дæ хорзæхæй, фаронæй ардæм кæм уыдтæ? Дæ мады ’фсымæр алы бон дæ кой кæны.

— Кæм ис Кафар?

— Цуаны фæцыдис — йæ куыст ын нæ зоныс?

— Къоста дæр дæлæ дуармæ лæууы.

— Адæмы хуыздæр фæуæд, æгайтдæр ма нæ абæрæг кодта. Мидæмæ йæ æрбакæн. Нæ лæг ам нæй, зæгъгæ, хæдзар цуаны йæ æккой, мыййаг, нæ ахаста.

Къоста æрбахызти хæдзармæ. Куыннæ бацин кодтаиккой Къостайыл Кафары бинонтæ. Тина йæ чызгæн уæлибæхтæ ракæнын кодта. Уыцы заманы цæхæры фыхтой уæлибæхтæ, æмæ-иу диссаджы хæрзад уыдысты. Сæ сой-иу хæрдмæ пæр-пæр кодта. Кæд цæхæры фых уыдысты, уæддæр-иу уыцы рæсугъд бур-бурид фых акодтой. Уыди сæм гуыдынсæрфæн базгонд, æмæ-иу сæ уыцы гуыдынсæрфæнæй асæрфтытæ кодтой.

Дауыт хæрæфырт уыди, физонæг акодта. Уалынмæ Кафар дæр æд дзæбидыр æрхæццæ.

— Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Мах та ма дæу кой куы кæнæм уæдæй нырмæ.

— Уæ, амондимæ мын фæцæрат уæ дыууæ дæр, дардыл къабаз куыд ауадзат!

— Бузныг, Кафар, бузныг дæ рæвдыд ныхæстæй.

Къоста йæхи мидæг ахъуыды кодта: «Уæллæй, Кафары чызг Симоны хæдзары тынг хорз уаид. Кафар йæ чызджы мæгуырау зондыл нæ сардаудзæн. Уæдæ чызгæн йæ мад дæр хорз ус у. Тинайы хуызæн зондджын устытæ тынг стæм сты. Нæхи Хъугърионы мондæгтæ дзы исын. Алы хатт дæр мæ зæрдыл Хъугърион æрлæууы, Тинайы куы фенын, уæд».

Кафарæн сабыргай-сабыргай йæ зæрдæйы фæнд бамбарын кодта. Кафар куыддæр джихауæй аззади иу цасдæр, фæлæ та йæ Къоста афæрсы:

— Куыд дæм кæсы мæ ныхас?

— Уæллæй, Къоста, нæ зонын — мæ чызг моймæ лæвæрд у.

— Ницы кæны, Кафар, уый нырма лæвæрд нæу.

Кафар афтæ зæгъы:

— Уæллæй, Къоста, дæу тыххæй æз мæ чызджы доны дæр баппардзынæн. Иу чызг дон дæр аласы.

— Кафар, баууæнд мыл, æз мæнг ныхæстæ кæй нæ фæкæнын, уый хорз куы зоныс. Мæ зæрдæйы зæрдæйæ дын æй зæгъын — кæд Гоцъитæм Симоны фырттæй хуыздæр ис. Нæй, зæгъгæ, дын зæгъын, æрмæст сты æнæмад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдзæллаг æмæ гæвзыкк. Ома, фæллойæ мæгуыр не сты, фæлæ хæдзар сылгоймагыл арæзт у, уый дæхæдæг дæр хорз æмбарыс.

Кафар ма цы зæгъа? Къостайы ныхасыл иу æмæ дыууæ куыд хъуамæ зæгъинаг уа?

Къоста æмæ Дауыт бæркады нуазæн Кафармæ авæрдтой.

Кафар дæр бæркад загъта:

— Лæппутæ стут æмæ уæм куыд хъуамæ бахатон? Æнæуый дæр уæ зонæм, кæй нæ нуазут, уый. Æххæст лæгтæ стут æмæ кæронмæ фæцæрут уæ дыууæ дæр. Нарыхъæуы зæронд лæгтæн мын-иу саламтæ фæкæнут. Иу изæр ауай æмæ ныхасы абад. Нæ мæ æвдæлы: кæм хæдзары куыстытæ дæр сбирæ вæййынц, кæм цуаны дæр ауайæм. Цуанон лæгæн, дам, йæ мæлæт кæм æрæййафы, уыцы ран амæлы, фæлæ, дам, йæ мард уæлмæрдтæм дæр не ’рхæццæ вæййы, кæмдæр хохыл баззайы æмæ йæ сау сынтытæ бахæрынц.

— Уæллæй, Кафар, мах дæуæн дæ мард хохы сæрыл нæ ныууадздзыстæм, фæлæ дын æй дæлæ Нарыхъæуы уæлмæрдтæм не ’ккойы дæр кæй фæхæццæ кæндзыстæм, уый дæ зæрдыл дар. Ныр уал фæцæр æнæниз æмæ хъæлдзæгæй мах фæндиаг. Цæстмæхъус ныхас нæ уарзын, фæлæ дын раст куы зæгъон, уæд мын тынг адджын хæдзары фæндаг стут. Дадайы бæрц дæ уарзгæ дæр кæнын, нымад дæр мæм афтæ дæ. Уæдæ мын дæ сылгоймаг дæр афтæ кадджын у — раст æй нæхи Хъугърионы бæрц уарзын. Хи разы æппæлын æфхæрды хуызæн у, фæлæ афтæ у.

— Зонæм æй, зонæм, Тинайы рахиз цæсты гагуы. Иннæтæ ма мæм мæсты дæр фæкæнынц, Къоста, дам, сымахæй фылдæр никæй уарзы.

— Уарзгæ, зæгъ, алкæй дæр кæнын, фæлæ, зæгъ, уарзын Тина æмæ Кафары. Кафар æнæхъыгдард лæг у. Мæгуырау ныхас дзы никæд ма фехъуыстон. Кæдæй йæ зонын, уæдæй ардæм никæд фехъуыстон, Кафар лæгимæ фæхыл, уый дæр.

Тынг зæрдиаг бадтæй фæбадтысты Къоста æмæ Дауыт Кафаримæ. Хæрзбон загътой æмæ Нарыхъæуы ныхасмæ рацыдысты. Къоста хистæртæн бамбарын кодта, Кафары чызджы Симоны фыртæн кæй курын хъæуы.

Фæкæсут сæм, Нарыхъæу, Симоны фырттæм, æмæ сæ хæдзар æдзæллаг мауал уа.

— Тынг хорз хабар нæм æрбахастай: Кафары чызгæй хуыздæр мах кæй хъуамæ ракурæм!

XVIII

Къостайы фæстæ Фатимæ æмæ йæ мадмæ ныхас рауад.

— Куыд дæ фæнды, мæ чызг?

Фатимæ афтæ зæгъы:

— Къостайы ныхас мæм аивдæр кæсы.

Тина дæр афтæ зæгъы:

— Уæдæ мæнмæ дæр хуыздæр кæсы. Къостайы ныхасыл мах иу кæнæ дыууæ зæгъгæ дæр нæ кодтаиккам, фæлæ быдыры хъæутæм махырдыгон чызг куы бахауы, уæд æй туаллаг фæхонынц, сæхи уæлдæр кæнынц, кæд махæй хуыздæр не сты, уæддæр. Дæхи барæвдз кæндзынæ, мæ хур, кæдмæ загътой, уæдмæ. Далæ Лабæмæ чызг цæмæн раттон, бар мæ куы уа, уæд? Фæлтау мæхи раз цæрæд мæгуырæй дæр æмæ хъæздыгæй дæр.

Къоста та дыууæ боны фæстæ æрбацыд Дзанайтæм ныхас исынмæ. Фæндон сын уыди.

— Стыр Джиуæргуыбатæм нæ чызджы барæвдз кæндзыстæм.

Къоста загъта:

— Нæй уый гæнæн. Хæдзары сылгоймаг нæй æмæ хæдзар у тынг æдзæллаг. Цыбыр рæстæгмæ хъуамæ чындзæхсæв рæвдзгонд æрцæуа.

Дзанайтæ æмæ Гоцъитæ сæхи куыннæ рæвдз кодтаиккой. Уалынмæ Лабæйы Дзанайтæ æрбалæбурдтой. Тынг фæуайдзæфтæ кодтой Кафарæн дæр æмæ æфсымæртæн дæр:

— Цæмæн афтæ бакодтат? Замманайы цæрæг хæдзарæй уæ чызджы цæмæн цух кæнут?

Кафар дæр æмæ æфсымæртæ дæр загътой:

— Мах нæ чызджы Гоцъитæм радтам. Мауал мах дæр дызæрдыг кæнут æмæ уæхи дæр.

Лабæйы Дзанайтæ загътой:

— Уæдæ афтæ: мах æй сусæгæй ахæсдзыстæм. Зонгæ дæр æй ничи бакæндзæн. Дæлæ йæ хъæдты-хъæдты акæндзыстæм.

Гоцъитæм чидæр фæхабар кодта æмæ хъæды рацæуæны Нарыхъæуы фæсивæд сæ размæ бабадтысты. Дзанайтæ нал рауæндыдысты, фæстæмæ аздæхтысты.

Иу цасдæры фæстæ Гоцъитæ сæ чындзы хæссыныл ныллæууыдысты. Хорз чындзæхсæв куыннæ скодтаид Дзанайты Кафар: сыгъдæг дзæбидыры цæхджынæй зæгъай, ногæргæвст дзидзайæ — хуыздæр ма цы вæййы. Чындзы куы рахæссынц, уæд ма куыннæ вæййы фынгтыл æрбадæн æмæ фæминас кæнæн.

Уæд чызджы хицæуттæ бадынц. Зын вæййы чызг хæдзарæй ацæуын дæр, куыддæр хæдзар уыцы хастæй аззайы. Мадæн йæ зæрдæ уынгæг фæкæны — цыфæнды дæр ма уæд, уæддæр иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ бацæуын æнцон нæу. Уæлдайдæр та ахæм æрыгон чызг, лæппу дæр æрыгон, хæдзары æфсин нæй. Æнæ æфсин чындзæн хъæбæр зын вæййы.

Тынг æнкъардæй бады Тина къонайы раз. Устытæ йын зæрдæвæрæн ныхæстæ кæнынц:

— Хорз хæдзармæ дын бахауди. Цыфæнды дæр ма уæд, нарон лæппу у. Хуыцауы дзæгъæлы маст кæныс дæхицæн — дæ чызджытæ хорз хæдзæрттæм фæцыдысты. Чызгæн Хуыцау искæй хæдзар загъта æмæ йæ бон афойнадыл куы базоны, уæд ын бирæ æнцондæр вæййы. Кæм чызг уыдзæн, кæм та уæд лæппу дæр. Чызг мадæн хуыздæр йæ алы бахъуыды заман дæр. Хæстæг ранмæ дын фæцыд дардмæ зæрдæ æхсайыны бæсты. Уæлæ дын Дзомагъмæ кæнæ Чъребамæ мæнау нæ ахаудысты. Мæнæн мæ чызджытæ дард ранмæ лæвæрд куы æрцыдысты, æмæ æз кæугæ дæр куы никуы скодтон, уæд, Тина, ды цæуыл кæуыс? Кæуынæй Хуыцау бахизæд. Мæнæ дæ хистæр лæппуйæн тагъд чындз æрхæсдзынæ.

Йæ чызджыты чындзы чи фервыста, ахæм устытæ йын зæрдæтæ æвæрдтой.

Уалынмæ Цъецъаты Уыга æрбахызти. Уыга уырдыг лæууыди, æгас æхсæв-бонмæ хуыссæг нæ федта. Йæхицæн æрбадти æмæ иннæтæ куыд хордтой, Уыга дæр афтæ хордта, уæдæ цы кодтаид. Хæринаг хæрынмæ у.

Уæд устытæ сусу-бусу кæнынц:

— Уыгайы гуыбындзæлмæ ничи кæсы — Дзанайты фынгыл уæлиау куыд æрбадти. Мæнæ диссæгтæ, мæнæ: Уыга дæр та нын уæллаг фарс бадæг. Алæ-ма, лæппутæй искæмæн зæгъæм æмæ Уыгайы сæр æмæ бæрзæйы разæй куыд сыстын кæной, афтæ.

Цæвиттон, Цъецъатæ куыддæр сау адæмыл нымад уыдысты Нары цæрæг адæмты æхсæн.

Дзанайтæм уыди иу лæппулæг, Гиго, зæгъгæ. Иу чысыл чиныджы дæр чи зыдта, ахæм. Нымад уыди хорз лæппулæгыл, йæ фыдæн зыбыты иунæг лæппу. Йæ усы æрхастыл æрмæст дыууæ мæйы цыди.

Гиго æрбауад йæ фыды ’фсымæры хæдзармæ. Устытæ Гигойæн афтæ зæгъынц:

— Марадз-ма, уæртæ Уыгайы æвзæры фынгæй ахизын кæн. Сæр æмæ бæрзæйыл куы нæ æрбада, уæд дзы уырдыгæй дæлæмæ йæ фаг нæй, тъæппытæ ахауа.

Гиго Уыгамæ хъазæн ныхæстæ кæны:

— Йæ, уыг фæуай, Уыга, кæд къутуйы бынæй, мыййаг, нæ раирвæзтæ. Кæнæ уалæ Суары сæры бирæгъ нæ дæ, мыййаг.

Уыга сæ разы слæууыди:

— Лæг æз амардтон æмæ мæн амарут!

Дзанайтæ Уыгамæ кæсгæ дæр нæ кодтой — гуырд у кæнæ гуыринаг у. «Мæнæ Хуыцауы диссаг, Уыгайы къухæй нæ хуыздæр йæ мæлæт куыд ссардта».

Уыгайæн йæ лæппу Дзапарты хæрæфырт уыди æмæ мады ’рвадæлты тыххæй баззад туг агурынмæ. Уыгайы фырт дæр æмæ иннæтæ дæр сæхи бафæсвæд кодтой. Уæллаг Нарыхъæуы чындзæхсæв уыди, æмæ сæ уыдон бауазæг кодтой.

Цæвиттон, Гоцъитæ уыдысты хъæбатырдæр адæмыхатт æмæ уырдæм цæуынмæ фесты. Уайтагъд хабар айхъуысти: Уыга Дзанайтæн сæ хуыздæры амардта кардæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.