Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 19 страница



Гоцъитæ æртæ лæппуйыл дуæрттæ фидар бахгæдтой.

Уалынмæ Дзанайтæ рафæдис кодтой:

— Æриут нын нæ туджджынты! Цæмæн сæ суазæг кодтат, мах сымахимæ адджын хæстæг куы бакодтам.

Дзанайтæ мидæмæ дуæрттæ тонынц. Гоцъитæ исдуг æфсæрмы кæнынц — мæстджын адæм æмæ сын хатыр кæнæм. Фæлæ фыдбылыз ма ракъахæнт: мах нæ уазджыты марынмæ куыд хъуамæ раттæм? Сабыргай сæхи куыд айсой, афтæ.

Нæй, Дзанайтæ сæ маст калынц:

— Рауадзут нын нæ туджджынты! Мах сымахæй æфсæрмы кæнæм, уæд сымах махæй æфсæрмы цæй тыххæй нæ кæнут?

Иугæр куы нæ уисæн кодтой, уæд Гоцъитæ хæстæввонгæй æрлæууыдысты:

— Цы хабар у, нæ хистæртæ, цы нæ агурынц Дзанайтæ?

Симон æмæ Адаммæ дзурынц:

— Цы нын зæгъут, нæ хорз хистæртæ? Фыдæй-фыртмæ ахæм диссаг кæд чи федта: лæг дæм æрбацæуæд æмæ мыггаджы уазæг йæхи бакæнæд, мæлæтæй мæ фервæзын кæнут, зæгъгæ, мах та сæ марын акæнæм?

Адам сæ разы æрлæууыд æмæ сын дзуры:

— Хуыцауы хатыр бакæнут, Дзанайтæ, æмæ фыдбылыз ма ракъахут, мæн дæр ма фесафут æмæ уæхи дæр. Мæнæ кæстæртæ сты æмæ сæ тыххæй уромын.

Гоцъитæм хъæбæр домбай лæппутæ уыди. Æрмæст Цæукъайы фырттæ сæхæдæг дæр хæстфаг уыдысты, арв сæ нæрын нæ уæндыд, тыхгæнæг тых кæмæн нæ кодта.

Кæрæдзимæ хъаматæ сластой. Зæронд лæгтæ сæ тыххæй уромынц:

— Ма кæнут, Дзанайтæ, Гоцъитæм цæмæн лæбурут, цы уæ хæсджын сты?

Иннæтæ дæр сын дзурынц — уыдис ма дзы æндæр мыггæгтæй дæр.

Чызджытæ Дæллаг Нарыхъæумæ фæфæдис сты сæ сæры хъуынтæ тонгæ:

Уыга фæмæсты æмæ афтæ зæгъы:

— Цы кæныс, Дзанайты хорз лæппу? Мæнæ иннæ адæмтæ фынгыл куыд бадынц, æз дæр афтæ бадын. Лæбургæ куы нæ кæнын, уæд мæм цæмæн ахæм дзыхæй дзурыс? Ау, куыдзмæ дæр ма хæргæ-хæрын куы нæ фæдзурынц, уæд цавæр диссаг у? Гъа, уæдæ мæ кæд нал ныууадздзынæ, уæд дын Уыга Уыга ма фæуæд!

Уыга йæ кард фехста æмæ Гигойы зæрдæйы бауад. Гиго ма иу хъæр ныккодта:

— Æллæх, Уыга мæ амардта, Дзанайтæ, мæ туг-иу мын ма ныууадзут!

Йæ фыд Налыхъмæ Гигойы хъæр байхъуысти æмæ Налыхъæй афтæ мæнæ исты уæлæнгай цæф фæци, æндæр Уыга лæг амардта, уый Налыхъы зæрдæйы кæроны дæр кæцæй хъуамæ æрлæууыдаид.

Налыхъ ныхъхъæр кодта йæ фыртмæ:

— Кæд Уыгайы цæфæй мæлыс, уæд дæ Хохы дзуар мауал суадзæд!

Гиго амарди. Дзуары хуызæн лæппулæг хæдзары астæу дæргъæй аззади.

Æнамонд хабар уайтагъд айхъуысти.

— Уæ, мæнæ диссæгтæ — цардыл æууæнк куыннæ ис! Ныртæккæ дæр ма Гиго уазджытæн уырдыгыстæг куы лæууыди.

Хъæбæр уæззау хабар уыди. Фыдæй-фыртмæ дæр Нарыхъæуы ахæм уæззау хабар нæма æрцыди.

Дзанайтæ æртæ раны цардысты. Иутæ дзы цардысты Сындзысæры, иннæтæ — Ецъынайы, æртыккæгтæ — Елгонайы. Фæйнæрдæм фæдисонтæ куы фæхабар кодтой, уæд Дзанайтæ фæдисы цæуынмæ фесты, сæ чызджытæ сæ сæры хил сæ цæнгтыл тыхтытæ кодтой:

— Уæ, цæмæй тарстыстæм, уый нæ куыд æрбаййæфта — Уыга нын нæ хуыздæры куыд амардта! Уæ, фесæфтыстæм, не сæфтæн хос мауал æрцæуа! Уыгамæ сдзурын та уæд дæ сæрмæ куыд бахастай, Гиго? Уæ, дæ иунæг зынг дын куыд бахуыссын кодта. Нырма дæ усы æрхастыл дыууæ мæйы æндæр куы нæма цæуы, уæд дын дæ чызгон идæдзы кæй зæрдæйæ арвитдзысты стыр мыггаг Дзанайтæ? Уæ, æнæ мыггаг дæ куыд фестæм, Гиго!

Цæвиттон, Дзанайтæн Уыга сæ тугмæ амарынмæ нæ бæззыди. Канд Уыга нæ, фæлæ Цъецъатæ æгас мыггагæй дæр. Æрмæст дзы уæздан адæмы хæрæфырттæ кæцытæ уыдысты, уыдонмæ хабар хæссæг фæци, Уыга лæг амардта æмæ уæ æртæйæ агурынц, зæгъгæ.

Ехх-мардзæ, уæдæ туджджын дæр хъæбæр мæгуыр у æмæ тугагур дæр. Уæлдайдæр Гиго йæ мæлæты размæ йæ туг исын кæй фæдзæхста, уымæй Дзанайтæ уыдысты хъæбæр мæгуыр.

— Ныртæккæ дыууæ мыггаджы кæрæдзийы бынцагъд кæндзысты, æмæ ма цы фæуæм?

Цалынмæ чызджытæ Дæллаг Нарыхъæумæ цыдысты, уæдмæ Дзанайтæ сæ чызджы акодтой. Гоцъиты хистæртæ сæ кæстæрты тыххæй баурæдтой:

— Уæ рын бахæрæм, мæстджын адæм сты æмæ сын бахатыр кæнут. Аннæмæй та нæ ног хæстæг сты, сæ чызгыл сын цин кæнæм.

Бæргæ сæ къухтæ сæ дзыхы акодтой, фæлæ хистæртæ сæ зоныгыл куы æрлæууыдысты, уæд кæстæртæн сæ бон нæ уыди хистæрты сæрты ахизын.

— Ницы кæны, мах куы фæбарæм, уæд уымæй нæ фæрæдидзыстæм. Куы, дам, смæсты уай, уæд дæ галиу къухæй рахизы рацахс æмæ æнæ фыдбылызæй баззайай. Дзанайтæ раст нæ кодтой, фæлæ сын уæддæр Гоцъитæ хорз ныббарстой. Чындзы та мах фæстæмæ ракæндзыстæм. Кæд хорзæй нæ уа, уæд хæст æмæ хæст, æндæр гæнæн нæй. Ныртæккæ уал басабыр кæнут, мæ хуртæ.

Уалынмæ Къоста дæр Дæллаг Нарыхъæуæй æрбахæццæ.

— Хъæбæр уæззау хабар æрцыд Дзанайтыл, фæлæ мах заманты цæмæн æрцыд?

Фæсивæд загътой:

— Ныртæккæ нын бар дæттут æви нæ дæттут? Дзанайтæ махæн сæрызæды бынæй нæ чындзы цæмæн акодтой?

Къоста загъта:

— Басабыр уал кæнут ардыгæй райсоммæ. Æз уал цæуын мæхæдæг Дзанайтæм.

Нарыхъæуы фæсивæд дæр æмæ зæронд лæгтæ дæр загътой:

— Афтæ нæ, Къоста. Мах дæу иунæгæй нæ уадзæм. Мæстджын адæм — цы сæм хъыг фæкæсдзæн, уый сæхæдæг дæр нæ бамбардзысты.

Раст зæгъын хъæуы, Кафарæн хъæбæр хъыг уыди, йæ чызджы йын фæстæмæ кæй ракодтой, уый.

— Гоцъитæ уæ цы хæсджын уыдысты, цæмæн сæ мæстджын кæнут?

Кафар Къостамæ рацыд Дæллаг Нарыхъæумæ:

— Æз дæу æфсæрмæй мæ чызджы радтон æмæ мæн аххос нæу, Къоста, æфсæрмы уæ кæнын.

Къоста загъта:

— Зонын æй, Кафар.

Кафар дыккаг бон Къостайæн йæ чызджы фæстæмæ рарвыста:

— Ацы чызджы æз схъомыл кодтон. Мæнæй хицаудæр ын кæцы у? Цæмæн мæстджын кæнынц мæн дæр æмæ Гоцъиты дæр? Ацы ран Гоцъитæ æппын аххосджын не сты.

Дзанайты æмæ Цъецъаты фидауын хъуыди зиан баныгæныны агъоммæ. Адæмтæ æрæмбырд сты. Тæрхоны лæгтæ уыдис Дзанайтæй Цъецъаты æхсæн Къоста, Джиоты Гæджийы фырт Дауыт, ноджыдæр ма иу цалдæр зæронд лæджы. Бæргæ зын уыди ахæм уæззау æмæ æнамонд хабар, фæлæ цы хуыздæр фæрæз ис, уый саразын хъæуы, цæмæй дыууæ мыггаджы сæ кæрæдзийы ма фæцæгъдой.

Гоцъитæ хъæбæр уæздан мыггаг кæй разындысты, уый адæмтæ сегас дæр æмдзыхæй дзырдтой. Дзанайтæ хатыр ракуырдтой, Хуыцауы дзæгъæлы сæ кæй смæстджын кодтой, уый тыххæй.

Фæлæ Цъецъатæн туджы тæрхонæй цæй фæхицæн уыдаид? Уыга кæд мæгуырау лæг уыди, уæддæр лæг Уыгайы къухæй мард æрцыди.

Иугæр адæмтæ куы æрæмбырд сты, уæд Къоста райдыдта дыууæ мыггаджы æхсæн рæстауазæн.

— Уæ рын бахæрон, уæздан мыггаг Дзанайтæ, зонæм æй, уæ хуыздæр кæй амарди, уый. Ме знагæн ма йæ карчы цъиу дæр исчи амарæд. Лæг Хуыцауы низæй амард, уæд Хуыцауимæ хæцæн нæй: адæймаг гуыргæ куыд ракæны, афтæ мæлгæ дæр акæны, йæ рæстæг куы æрæййафы, уæд. Абон Дзанайтыл хъæбæр уæззау бон бакодта, зæхх ризы сæ тæригъæдæй. Зæронд фыд баззад æнæ дарæг, фæлæ йæ æз фæрсын: йæ фырты мард Уыгайы аххос уыди? Фыццагдæр уал æз фæрсын Налыхъ æмæ Кафары, уæззау бон уыдоныл бакодта. Уæ Налыхъ, мад мæла, фыд мæла, уæддæр йæ дарæг хъæбул макæмæн амæла, уæлдайдæр искæй къухæй мард иу мард нæу, фæлæ фондз марды у.

Налыхъ æрбацыди Къостайы размæ:

— Уæ Къоста, мæ лæппуйæн уыди йæхи аххос. Уыгайæн йæхи загъдау, мæнæ лæгтæ куыд хæрынц, æз дæр афтæ, лæбургæ никæмæ кæнын. Мæ лæппуйæн йæ адзал, æвæццæгæн, афтæмæй уыди æмæ йæ баййæфта. Уыгайæ цы агуырдта, уый дзы райста. Уыгайæн йæхи загъдау, хæргæ-хæрын куыдзмæ дæр ничи фæдзуры. Æз мæ лæппуйы аххос кæнын, æмæ абонæй фæстæмæ мæ лæппуйы тыххæй Дзанайтæ Цъецъатæм туджджыны зæрдæ куыд нал дарой, афтæ.

Къоста йæ цæстытæ донæй айдзаг кодта æмæ Кафармæ дæр сдзырдта:

— Кафар, фарн дæм бадзурæд, фæлæ ды та цы зæгъыс уæ судзаг æмæ дудаг зианы тыххæй?

— Уæ, цыфыддæр нæ сæртæ куы фæуыдаиккой, æмæ, Къоста, дæу куы нæ смæстджын кодтаиккой. Нæхи аххосæй фесæфтыстæм, нæхи. Фынгыл хæринаг уымæн æрæвæрынц фысымтæ, æмæ сæ адæм бахæрой. Ме знагæн ма йæ цины хойраг дæр хæрæг ма уæд æмæ йæ зианы хойраг дæр. Фыдбылыз дарддæр урæд куыд æрцæуа, фæнды абон, фæнды райсом уæд.

Адæм æмдзыхæй кæй зæгъой æмæ кæй феной, уымæн йæ хос дæр зонынц æмæ йæ аххос дæр.

Къоста Дзанайты басабыр кодта. Раст лæджы бон бирæ у, зылын лæгæн йæ бон ницы у, уымæн æмæ йæ зылын фæзоны.

Цъецъатæ ирон æгъдаумæ гæсгæ туджы фынг сарæзтой æмæ се ’хсæн фидыд æрцыд.

Гигойы баныгæдтой. Мардæн йæ сау сыджыт æмбæрзæн, æндæр ма йын цы хос вæййы. Гигойы Къоста рафæндараст кодта. Фидар ныхасæй Дзанайты æмæ Цъецъаты бафидауын кодта.

XIX

Иу заманты Хакъойы лæппу Нармæ æрцыди йæ фыдæлты бæстæ бæрæггæнæг: мæ фыд Хакъо кæцы ран ныгæд æрцыди, уыцы диссаджы Нарыхъæу хъуамæ фенон.

Хакъойы лæппу каст фæци уæлдæр ахуырад æмæ йæ бон баци Нармæ бацæуын. Къæберы фырт Дауыт æмæ Гæджийы фырт Хъарсмæ куы ацыдысты, уæд сын сæ хабар фехъуыста, хорз лæгтæ кæй æрбацыд Иры бæстæй Туркмæ æххуыс кæнынмæ. Иу цасдæр сæ фæфарста. Къостайы кой дæр-иу куыннæ кодтаиккой æмæ иннæты кой дæр.

Хакъойы лæппу йæ зæрдыл куыннæ бадардтаид, æгайтма йын ахæм хорз æфсымæртæ уыди, æмæ рагагъоммæ йæхицæн ныфсытæ æвæрдта.

Сæрды æртыккаг мæй æрдæгыл ныллæууыд, афтæ Нармæ æрхæццæ. Къоста дæр та уыцы сæрд Нармæ бацыди, Хайыр æмæ Текъойы куыстæгтæм йæ зæрдæ куыд æхсайдта, афтæмæй. Сæ хос сын тагъдгомау ракарста.

— Æртæ бонмæ сæ хъуамæ иууылдæр карст фæуон, æмæ ма иннæтæн дæр æркæрдын хъæуы. Лæг йæ хæдзары кæмæн нæй, ахæмтæм фæкæсын хъæуы.

Цъыппы комы уыгæрдæнтæм ацыдысты кæрдынмæ Нар иууылдæр æмхуызонæй. Хъуамæ иу къуыри сæ хосгæрстæй ма рацыдаиккой, уымæн æмæ дардгомау уыди. Къуырийы фаг-иу хæринаг ахастой. Къуыри-иу фæкуыстой æмæ-иу хуыцауæхсæв алчи йæ хæдзармæ рацыди. Хосгæрсты мидæг-иу æхсæвиуат кодтой. Иу ран-иу сарæзтой мусонггонд, хосæй-иу ын йæ сæр æрæмбæрзтой, æнæуый та арæзт уыди кауæй. Иу-æртæ хæдзаргонды-иу сарæзтой: лæгтæн хицæн, сылгоймæгтæн дæр хицæн, ссивынмæ-иу чи бацыд, ахæм чызджытæн, чындзытæн. Зæронд устытæ ахæм дард ранмæ ссивынмæ нæ цыдысты, фæлæ-иу кусджытæн хæринаг цæттæ кодтой. Хосгæрст æмæ-иу хуымтæ кæрдын иу ранмæ æрцыдысты æмæ-иу чысыл рæстæг дæр куыстæгтæй никæй æвдæлд. Сылгоймæгтæ-иу хуымтæ карстой, лæгтæ æмæ лæппутæ та хосгæрсты куыст кодтой. Уæдæ чызджытæ æмæ чындзытæ дæр афтæ. Хос-иу куы æркарстой, уæд æй æртæ боны фæстæ æнæмæнг хъуыди ссивын, кæннод сæфгæ кодта.

Къоста райсомæй раджы фестаг уыди. Чындзытæм бадзурын-иу æфсæрмы кодта, фæлæ-иу хъæр кодта йæ хотæм:

— Уæлæмæ рабадут, чызджытæ! Цалынмæ хур къуыппæй-дзыхъхъæй æмкаст нæ ныккодта, уæдмæ иу-дæс мæкъуылхор хъуамæ рассиват. Никæд фехъуыстат: раджы бадаг æвæсмон у, бирæ хуыссаг та у фæсмойнаг.

Чындзытæ-иу уайтагъд Къостайы ныхас фембæрстой æмæ-иу фæгæппытæ кодтой:

— Æллæх, æгæр кæд афынæй стæм, æмæ лæппу махмæ нæ уæнды йæ фыр æфсæрмæй æрбадзурын, фæлæ йæ хотæм дзуры.

Чындзытæ-иу уайтагъд сæ кæлмæрзæнтæ сæ сæртыл абæстытæ кодтой æмæ-иу уыцы бæлвырд æмæ аивæй сæ халамæрзæнтæ сæ æккæйтты акодтой æмæ-иу ссивинагыл рахæцыдысты. Чызджытæ дæр-иу худæгæй мæлгæ сæ фæстæ цæуынмæ фесты. Дæс мæкъуылы нæ, фæлæ-иу фондз æмæ ссæдз мæкъуылы хурæрбакастмæ æрыссывтой.

Сихор дæр хордтой иу ран, уæдæ аходæн дæр афтæ. Бирæ хатт-иу куыстуаты тымбыл хъазт дæр ацарæзтой, сæ фæндыр-иу куыстуатмæ ахастой. Уæлдайдæр-иу Къоста куыстуаты куы уыди, уæд-иу Нарыхъæуы чызджытæм æмæ лæппутæм бакæсай: фыр цинæй-иу цы фæуыдаиккой, уый дæр-иу нал æмбæрстой. Къоста уыд куыстагыл рæвдз, цæмæй тагъд фæуой æмæ хосгæрстыл къæвда ма æрцæуа æмæ хос ма фæтар уа, кæнæ ма бамбийа. Къоста-иу цы хосгæрсты уыди, уыцы ран рæвдзæй гъæйтт кодтой, сæ цæвджыты къуыззиттæй-иу кæмттæ нæрæгау кодтой.

— Гъæйтт-мардзæ, лæппутæ, хурæркастмæ уæ уыгæрдæнтæ карст куыд фæуат æмæ та тымбыл кафтæй дæр куыд акафат.

Худын æмæ хъæлдзæгæй-иу сæхи схастой, сæ фæллад дæр-иу ницæмæуал дардтой. Мæлæты рæвдз дæр-иу æвнæлдтой чызгæй уæд, лæппуйæ.

— Лæппутæ, аходæнмæ фондз мæкъуылхор чи æркæрда, уымæн Къоста фæззæджы стыр номы чындзæхсæв скæндзæн. Къухылхæцæг дæр ын мæхæдæг уыдзынæн.

Ацу æмæ ма-иу Нарыхъæуы лæппуты куыстæй чи æфсæста. Фæллад кæнæ фæлмастæн-иу йæ кой, йæ хъæр дард кæдæмдæр фæлыгъд.

Аннæмæй та Зикъарайы доны сыбар-сыбур, цыма-иу уый дæр размæ тындзыдта: ацы фыдвæндæгтæй кæд тагъддæр быдыры бæсты лæгъзмæ фæхæццæ уаин.

Джинатгæмтты маргъ дæр нæ уыди, æрмæст-иу дзы сау халæттæ ратæх-батæх кодтой, хъæрццыгъатæ-иу цъиуты расур-басур кодтой æмæ та сыл-иу хосгæрдджытæ схъæр кодтой:

— Уæлæ æнæрайы тугдзых хъæрццыгъатæ, тагъд ардыгæй цæугæ кæнут!

Фæлæ ацу æмæ хъæрццыгъайы чи басæтдзæн. Иуæй бæрзонд тæхы, аннæмæй та йæ зоны: кæй бон мын цы бауыдзæн, зæххæй мæм кæй цонг хъуамæ схæццæ уа? Хъæрццыгъа у тынг зондджын маргъы мыггаг, цалынмæ йæм хæрз хæстæг бацæуай, уæдмæ нæ тæрсы. Иугæр йæхицæн истæмæй куы стæрса, уæд æваст хæрдмæ тæхынмæ фæвæййы.

Хосгæрстæн йæ комкоммæ цардысты Еналдытæ цалдæр хæдзарæй иу бæрзонд ран. Сæ хъæуы ном хуынди Камах. Къоста кæсы, æмæ уæлæ хъæрццыгъа Камахы кæрчыты йæ разæй скъуымбил кодта. Карк раскъæфта æмæ йæ иу бæрзонд къæдзæхы сæр хæрын райдыдта.

— Дæлдзæх фæуай, уæлæ Камахы кæрчытыл тугдзых хъæрццыгъа бафтыд: амæй изæрмæ сæ хаст фæуыдзысты. Хъæрццыгъайæн йæ хабар афтæ у — иу карк раскъæфта, уæд йæ æмбæлттæм дæр фæхабар кæны, æмæ уыдон дæр уæд хæлофæй скъæфын райдайынц. Иу фæкастæн сæ фæуыдзысты.

Къоста хъыримагæй райдыдта æхсын æмæ хъæрццыгъа раст Малхайы бæрзонд æфцæгмæ тæхынмæ фæци. Майдыма, цæст дæр æй нал ауыдта. Кæрчытæ се знагæй фервæзтысты.

Камахæй стыр хуын æрбацыди Нары хосгæрдджытæм. Фыс аргæвстой, лæппæг уæлибæхтæ скодтой æмæ раст сихорафонмæ бахъавыдысты. Еналдытæ фондз лæппуйæ бацыдысты:

— Байриат, Нарыхъæуы хосгæрдджытæ! Амонды хал æркæрдат, уæ сæрды куыстытæй уæ фæззæджы бæрæгбæтты стыр куывдтытæ æмæ чындзæхсæвтæ фæкæнат.

— Алæбон æгас нæм цæуат, Еналдытæ! Стыр бузныг, уæ хуын бирæ уæд уæ амондимæ.

— Уæллæй, Къоста, уайтагъддæр та дæ базыдтам: Нарыхъæуы фæсивæды та райхъал кодта æмæ та сæ цæвджыты къуыззиттæй кæмттæ æмризæджы ризынц. Уæ, райгæ уат, райгæ.

Сихорафон Нар дæр хæрынмæ æрбацыдысты. Куыннæ фæминас кодтаиккой.

Уыцы бонæй фылдæр хос дæр никæд æркарстой. Уæдæ ма кафгæ дæр фæкодтой куыстуаты мидæг. Бон дæр диссаджы хорз бон уыди, куыддæр асæстгомау. Кусджытæн сегасæн дæр сæ уæнгтæ кодтой рог.

— Хъуамæ хæрзизæрмæ ссивгæ дæр фæкæндзыстæм æмæ кæрдгæ дæр. Чи зоны, æмæ ахсæв мæйрухсы дæр кусгæ кæндзыстæм. Зæронддæр лæгтæн фæлмæн фæсалæй хуыссæнтæ бакæндзыстæм, кæстæртæ та ахсæв куы акусой, уæд дæр сын ницы уыдзæн, сæ уæнг ноджы рогдæр кæндзæн.

Уалынмæ сæ хæрд дæр æмæ сæ кафт дæр куы ныууагътой, уæд кæсынц æмæ уæлæ иу æнахуыр лæппу хионы цыд æрбакæны. Цыма хосгæрсты бирæ хæттыты уыд, уыйау комкоммæ æрбацæуы. Куы æрбахæццæ, уæд афтæ зæгъы:

— Байриат, Нарыхъæу! Куыд бæрзонд ранмæ схастат уæ хосгæрст, уырдыгæй дæлдæр дзы уæ фаг нал ис кæрдæг?

Къоста афтæ зæгъы:

— Уæллæй, куы дзы уаид, уæд ма нæ нæ къæхтæ хæрынц ацы бæрзонд ранмæ? Фæлæ æндæр гæнæн æмæ мадзал нæй. Амæй ноджы бæрзонддæр ран дæр ма вæййæм. Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ цыма цыдæр хион дæ, афтæ мæм кæсынц дæ аивтæ æмæ æгъдæуттæ.

Лæппу йæ цæстытæ донæй айдзаг кодта æмæ Къостайыл йæхи баппæрста, хъæрæй ныббогъ-богъ кодта. Уæд æй Къоста афæрсын нал уæнды: «Агъæц, бакæсон ын йæхимæ, уадз æмæ уал йæ æрхæндæг æрцæуа. Бæрæг у, хион кæй у, уый».

Лæппу цас фæкуыдтаид, Хуыцау йæ зонæг, нал æмæ нал æнцад. Хæрз æрæджиау та Къостайæн афтæ зæгъы:

— Æрбакæс-ма мæм, кæй хуызæн дæм хъуамæ фæкæсин?

Къоста лæппумæ комкоммæ бакасти æмæ афтæ зæгъы:

— Уæллæй, кæд ма исты зонын, уæд Хакъойы хæдхуызæн дæ.

— Уæдæ æз æцæгæй дæр дæн уæхи Хакъойы лæппу.

Куыннæ фæцинтæ кодтаиккой сæ кæрæдзийыл.

— Мæнæ нæм Туркæй сызгъæрин фестинаг маргъ куы ратахти!

Чызджытæ æмæ лæппутæ фыр цинæй фæстæмæ кафынмæ бавнæлдтой. Цикы цырæгътæ куыннæ ссыгъдаид сæ зæрдæты. Тæккæ хуыцауæхсæв æрæййæфта, сæ куысты мæт дæр ма сæ кæм уыди.

— Цæуæм æмæ не ’фсымæрæн йæ фыдæлты æрнæджытæ фенын кæнæм.

Чызгæй, лæппуйæ уыцы цингæнгæ цæуынц.

— Нары ныхасмæ уал æй бакæнæм.

Фæсахсæвæртæй раздæр-иу нæ бацыдысты Нарыхъæуы зæронд лæгтæ сæ хæдзæрттæм: кæстæртæн-иу истытæ арæзтой, чи-иу арæзта халамæрзæн, чи та-иу цыргъ кодта цæвæг, кæм та-иу сæ ныхæстæ кæнын дæр фæндыдаид.

Кусджытæ ацы æхсæв рагацаудæр æрхæццæ сты. Уæддæр ма Суары фæзы афæстиат кодтой. Сæ фæллад-иу кæддæриддæр уагътой Суары фæзы. Суарæй-иу нуазгæ дæр хорз куыннæ бакодтаиккой æмæ-иу цыма адæймаг ног райгуырди, ахсæн-иу скуыста. Йæ разы-иу хæргæ дæр бакодтой. Уæлдайдæр та ацы хатт æнæзонгæ æфсымæры цинæй хæрдмæ хаудысты. Хакъойы диссаджы лæппу куыннæ цин кодтаид йæхæдæг дæр:

— Уæуу, мæнæ мын цæй хорз æфсымæртæ æмæ хотæ ис. Мæнæ цæй диссаджы фæндагыл рараст кодтон. Мæ мад мæ нæ уагъта иунæгæй, зын цæуæн, дам, у. Фæлæ йæ æз нал бафарстон. Мæн ме ’рвадæлты базонын нæ фæнды? Фарон дæр мæ нæ рауагъта æмæ мын тынг зын уыди. Адæймаг цы сфæнд кæна, уыцы хъуыддагимæ йæ зæрдæ дзургæ фæкæны, цалынмæ йæ сæххæст кæнын йæ бон бавæййы, уæдмæ. Алкæмæн дæр йæ хион зынаргъ у.

Нары ныхасмæ куы бацыдысты, уæд æй уайтагъд йæ хуызæй базыдтой æмæ йæ фæрсгæ дæр нæма бакодтой, афтæмæй йын хъæбыстæм фесты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.