Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 24 страница



— Ды цы мыггаджы æхсæн хъомыл кæныс, уыдонмæ гуырæд ноджыдæр дæу хуызæн сахъгуырдтæ. Дæ хурæй æфсæст æрцæуæнт. Нæ йæ ферох кæндзыстæм мах ацы хорздзинад. Ныртæккæ цæуæм фæндагыл — фæндаггонæн цы йæ бон у?

Къоста рацыд Нармæ. Ахæм уæззау хабæрттæ-иу йæ хистæртæн зæгъын никæд уæндыд — сæ зæрдæ сын цæмæн хъуамæ фæриссын кæнон? Фæлæ сын Хæзнасæйы хабар ракодта, кæлмæрзæн кæй агуры.

Нары ныхасы лæгтæ ныккуыдтой:

— Нæ хоты хуыздæр уыди, мæгуырæг, Хæзнасæ, фæлæ йæ моймæ æгæр дард ранмæ радтам æмæ дзы нæхи фæтæригъæдджын кодтам. Ирæд дæр дзы хъæбæр бирæ райстам. Хъуамæ йын хорз кæлмæрзæн балхæнæм, æдзæгат чызджы ныгæдæй йæ цæмæн хъуамæ баныгæной Харебатæ? Домбай хæрæфырттæ дæр нын дзы ис, табу фæуæд хæстæг рауадзæг Уастырджийæн — фондз лæппуйы æмæ æртæ чызджы мæнæ кæм ис. Райсом уæлæ Цымимæ ацæуын хъæуы æмæ йын Гуыбаты Сардионы дуканийы хорз хъуымбылхау кæлмæрзæн балхæнæм мæнæ æхсæны æхцайæ.

Къоста афтæ зæгъы:

— Æз мæхæдæг цæуын, фæлæ ма мын — иу æмбал.

— Мæнæ Хайыры акæн — сылгоймагæн сылгоймаджы дзаума йæ цæст фылдæр ацахсдзæн.

Райсомæй æхсæны æхцайæ систой бексыл æмæ йæ Къостамæ радтой:

— Ацы бексыл ахæсс æмæ дæ цыхуызæн кæлмæрзæн хъæуа, ахæм дзы равзардзынæ. Кæд æмæ æнæуый исты хъæуа, уæд фендзыстут.

Къоста æмæ Хайыр бексыл ахастой æмæ йæ дуканийы уæйгæнæг айста:

— Цы уæ хъæуы, уый райсут.

— Хуыздæр дæм цавæр кæлмæрзæнтæ ис, уыдонæй дæ цæст бауарзæд.

— Ау, уый та уæд куыд зæгъут? Æз мæ хорз каистæн мæгуырау кæлмæрзæн куыд хъуамæ раттон? Æз уæ æхца дæр нæ агурын.

— Йæ цæгатæй агуры нæ хо кæлмæрзæн.

Сардион хорз хъуымбылхау кæлмæрзæн радта Къостамæ.

— Уæдæ ма цæсгомы æмбæрзæн дæр вæййы. Уый та мæнæй фæуæд чырыны цъаримæ.

Къоста Сардионæн загъта:

— Хорз, уый дæр цауд ныхас нæу, дæ бинонты хо у. Фæлæ ма нын къабайаг дæр ратт.

Хорз тæбын къабайаг дæр ма сын сæвæрдта.

Къоста æмæ Хайыр Нарыхъæуы ныхасы лæгтæм равдыстой сæ дзаумæттæ.

— Æртæ боны цыдæй цæуæм уæдæ æз æмæ Хайыр. Йæ хабар уæм хæссæг уыдзæн, фæлæ уал ын мах йæ удæгасæй йæ кæлмæрзæн йæ цæстæн фенын кæнæм.

Нары ныхасы лæгтæн æхсызгон уыди Къостайы дардыл хъуыды æмæ цин кодтой: «Агъæц, нæ мард дæр дзæгъæл нæ уыдзæн æмæ нæ удæгас дæр, кæй загъдæуы, хорз кæстæртæ нын ис».

Къоста æмæ Хайыр раст фыццаг кæркуасæнты фестадысты æмæ хурыскастмæ Зикъарайы æфцæджы бынмæ бахæццæ сты. Диссаджы хур бон дæр сын скодта.

— Куыд кæсæм, афтæмæй нæ фæндаджы хабар мæгуырау нæ уыдзæн.

Уалынмæ бахæццæ сты Хæзнасæйы хæдзармæ.

— Цы фæдæ, нæ хо?

Хайыр Хæзнасæйыл йæхи ныддæлгом кодта.

— Мæнæ дын кæлмæрзæн æрбахæццæ кодтам.

— Мæ цæстæн мын æй фенын кæнут.

Хæзнасæ æркаст йæ мæрддзæгтæм æмæ загъта:

— Дзæнæты дуар мын цыма байгом, афтæ æхсызгон мын уыди сæ фенд. Мæ нывæрзæн мын сæ акæнут.

Хайыр ын сæ йæ нывæрзæны авæрдта.

— Æз уал фæлæудзынæн, Къостайæн цæугæ у. Райсом æй йæ бынатмæ цæуын хъæуы.

Къоста Хайыры Хæзнасæйы раз ныууагъта, йæхæдæг хæрзбон загъта æмæ рафардæг.

ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.