Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 17 страница



Зæронд лæгмæ фæдзырдтой:

— Марадз, ацы æнамонд гуырды фæраст кæн, æгъдау куыд амоны, афтæмæй: зианы хурныгуылды ничи æвæры.

Зæронд лæг æрбацыд Батойы уæлсынтмæ. Фыццаг адæмæн арфæ ракодта, уый фæстæ райдыдта бæх фæлдисын. Æрбакодтой саулохаг. Йæ барц ын æрбыдтой сау дари хæцъилæй. Сызгъæрин саргъ æд идон. Саргъы гоппыл тинтычъи басылыхъхъ æрæвæрдтой, йæ коцоратæ сызгъæрин хæрдогæй тæмæнтæ калдтой, зæхмæ æрхæццæ сты йæ коцорайы хаутæ.

Саулохаджы Батойы размæ бакодтой.

— Уæ бецау Хетæджы-фырт, уый куыд æнæмæт тарф фынæйы бацыдтæ? Ракæс дæ цæстæй мæнæ дæ уарзон адæмтæм, сæ цæстысыг донау куы калынц. Æрхастай фæллойгæнæг адæмты тыхст царды тыххæй дæ сæр. Цыма уыдонæн сæ цард арæзт фæдæ æмæ ныр сæнæмæт дæ, раст уый хуызæн дæхи уæлгоммæ куы ауагътай. Фест-ма, сахъ лæппу, хæстон лæппу куы дæ, уыйбæрц рæстæг дын куы никæд уыди, куы никæд дæ æвдæлди афтæ уæлгоммæ хуыссынмæ. Ныр сæвдæлон дæ, ме ’фсымæр. Охх, мæгуыр мæ бон! Æфсымæр зынаргъ у, нæй йын ссарæн, уыгæрдæны нæ зайы, хуымы дæр нæ зайы. Фæлæ цы кæнон, зæрдæ судзгæ сау катайы куы бацыд — куыд зæгъон фæндараст, мæрдты дунемæ дæ куыд бафæдзæхсон? Хæссыс дæ домбай къабæзтæ фыдызнаджы судзгæ сау цæфтæй лыстæг згъæлæнтæ æмæ пырхæнтæй. Махæй ма ракæн хъаст, мæнæ дæ курынц хатыртæ уарзон адæмтæ, дæу фаг лæггад кæд, мыййаг, нæ бацис нæ бон.

— Терк-Туркмæ дын фæцыдыстæм, дæхи саулохагæй хуыздæрыл нæ фембæлдыстæм.

Бæхæн йæ идон Батойы къухмæ балæвæрдта, мæнæ цыма ныртæккæ рагæпп кæндзæн æмæ фæцæйуайдзæн йæ хъал бæхыл, раст уый хуызæн. Бæх æртæ хатты ныммыр-мыр кодта, Батойы къухтæм сысмыста. Уазал æм куы сдардтой, уæд саулохаг йæ къæхтæй зæхх фæйлауынмæ фæци, цæстысыг згъалы. О, мæнæ диссæгтæ! Диссаг дæр куыннæ у — искæд ма исчи федта æгомыг фосы афтæ кæугæ æмæ йæ гæндзæхтæ цæгъдгæ? Цæрынæй уæд хæрынмæ ничи. Æвæццæгæн, загъта: «Фест-ма, хæстон лæппу, уыйбæрц дын рæстæг куы никуы уыдис». Фæлæ саулохаг уайтагъд бамбæрста — нал у йæ сæрæн цардбæллон лæппу.

— Гъа, ныр фæндараст фæу. Бон цыбыр у, фæндаг та уæд даргъ у. Фæдзæхсæм дæ мæрдты дунейыл, махæй ахицæн дæ. Цы ма дæ æвæрæм нæхицæн фидар зæрдæ? Цы бæстæм, цы адæммæ цæуыс, уыдоны хорзæх-иу дæ уæд. Дæ мæрддзаг, дæ сыджыт рог уæнт. Ацы саулох дын мæрдты æгъдауæй цæмæн бæстаг уыдзæн, уымæн дын фæуæд ахъаззаг æххуыс. Мыййаг, хурныгуылды куы бахæццæ уай мæрдты дуармæ, дуар дын куы нæ гом кæной — æххуыс кæнæн дзы нæй, уый мæрдты дуне у — уæд-иу скув Хуыцаумæ: «Уæ Хуыцæутты Хуыцау, хур-ма рауадз хæхтыл уæд та». Хур дын рауадздзæн, хæхтæн сæ хæрз цъуппытыл уыдзæн дыдзы хур.

Фæдзæхсын дын: куыддæр дын дуар фегом уа, афтæ-иу фæмидæг у. Æгæр мæ, зæгъ, афæстиат кодтой, æз, зæгъ, уыдтæн адæмæн уарзон, æмгары зæрдæхудты, зæгъ, никуы бацыдтæн, уарзтон рæстаг. Уымæ гæсгæ мын нæ лæвæрдтой мæрдтæм афойнадыл фæндаг. Гъе ныр, зæгъ, æрбацыдтæн, дæн сымах бар: хæрдмæ мæ æппарат — ницы зæгъын у мæ бон. Уырдыгмæ дæр афтæ.

Фæндагыл дыл куы æмбæла фæллад æмæ зæронд лæгтæ — æри-ма, хорз лæппу, дæ бæхыл мæ авæр — «нæ»-иу, мыййаг, ма зæгъ. Алкæмæн-иу кæн тæригъæд, фæлтау-иу дæхæдæг ауай фистæгæй, фæндаг дын йæхæдæг йæхи амондзæн.

Абабау, ма-иу ацу уæллаг фæндагыл — туджджынты фæндаг у. Æз, зæгъ, уыдон нæ кодтон, фæлæ æрвыстон мæ цард рæстагæй мæ уарзон адæмты æхсæн. Хур — ме ’вдисæн, зæхх — мæ лæууæндон, æз, зæгъ, лæгæй-лæгмæ раст лæджы зæрдæхъыджы никæд бацыдтæн, фысы комæй хал никæд раластон, давæггаг фыд карз арахъхъимæ никæд бахордтон, дыууæ уарзон æмгары æхсæн ныхас галиумæ никæд бахастон.

Æз дæр мæрдты дунейы никæд уыдтæн, ницы йын зонын. Фæлæ тынг рагæй фæстæмæ дæр марды фæфæдзæхсынц мæрдты дунейыл. Къодахы ныгæд та дын уæд цæмæн бакæнæм? Мард дæр агуры йæ æгъдау, мардæн хъæуы уæд марды æгъдау. Кæд æмæ дзыллæтæ мæн фæагурынц зианы фæндараст кæнынмæ, уæд æз абон мæ дарæг æфсымæрæн фæндараст цæмæннæ зæгъон, уарзон æмæ рæстагæй куы фæцарди.

Фыццаг бахæццæ уыдзынæ иу рæсугъд цъæх нæумæ. Уыцы ран дзæнæтон сывæллæттæ сызгъæрин пуртийæ гæппытæй хъаздзысты. Иугæр дæ куы ауыной, уæд дæм цингæнгæйæ уайдзысты. Чи дæ йæ мад хондзæн, чи та уæд йæ фыд хондзæн, чи — йæ фыды ’фсымæр, чи та уæд — йæ мады ’фсымæр. Сегасæн дæр дæ æгъдау дæттын кæй хъæудзæн, ме ’фсымæр, уый дæ рох ма уæд. Кæмæн йæ дзабыртæ уæд йæ къухы уыдзысты, кæмæн йæ хæдон йæ дæлармы уыдзæн. Сегасыл дæр-иу дæ цæст ахæсс, чи дын сæ цы зæгъы, уый æххæст кæн.

Дзæнæтæй иу дзæвгар фалдæр бауайдзынæ. Нал уыдзæн дæ бæх дæ къухы, ис уыцы ран бæхрæгъæуттæн бынæттæ. Æрмæст уыдзæн дæ марды чырын дæхимæ. Ласдзынæ дæ чырын дæ фæстæ, туджы къæвда дыл уардзæн. Дæ уæраджы сæртæм доны цæудзынæ. Дæ цæстысыг уыдзæн уыцы дон. Туджы къæвда та — мæнæ дæ сау хотæ сæ рустæм кæй лæбурынц.

Фалдæр та бацæудзынæ. Иу рæсугъд цъæх нæууыл кафынц дзæнæтон чызджытæ æмæ лæппутæ. Сыгъдæг сызгъæрин фæндырæй сын аив цæгъдтытæ кæндзæн иу чызг. Дæ къах дæ бæргæ нал хæсдзæн, фæлæ дæ дарддæр цæуын хъæудзæн.

Фалдæр та бауайдзынæ. Иу ран чызджытæ кафынц сындзæй быруйы мидæг. Лæппутæ сæм мидæмæ гæпп кæнынц, сындзытæ сæ ныхсынц æмæ сæ туг раст сæ уæлæ сахатæ кæны. Ай та уæд цы диссаг у? Адон сæ уæлион царды сæхи устытыл хинæй цыдысты, æндæр сылты фæстæ рауай-бауай кодтой. Ай дын ныр сæ тæрхон мæрдты æгъдауæй.

Ауай та уырдыгæй. Иу ран та лæппутæ сындзæй быруйы мидæг кафынц. Чызджытæ сæм мидæмæ гæппытæ кæнынц, уыдон дæр сæ туджы æвдулынц. Ай та уæд цы хабар уа? Адон та сæ уæлион царды сæхи лæгтыл хинæй зылдысты, æндæр лæгтæ дардтой. Ай сын ныр мæрдты æгъдауæй тæрхон хицæнгонд æрцыд.

Иу ран та æнæбын цады мидæг æвæрд уыдзæн дыууæ хъæды хидæн. Хъæдтæ уыдзысты сойæ сæрст. Майдыма, уыцы сойæ сæрст хидыл уæд исчи, мыййаг, бахиза кæронмæ. Фæцæй-иу цыдысты æмæ та-иу æнæбын цады аирвæзтысты, сæ кой, сæ хъæр дæр-иу нал фæзынди. Адон та уæд афтæ цæмæн хъуамæ уыдзысты? Адон сæ уæлион царды сæ галиу митæ не ’ппæрстой, адæмы хъыгдардтой. Ныр сын мæрдты æгъдауæй ахæм фыд тæрхон ахицæн: дыккаг мæлæт.

Ацу та уырдыгæй. Адæм та фыр æххормагæй зæххы цъар стигъдзысты. Адон Нартæ уыциу мард акодтой, нæй сын фæлдисинаг. Мæрдты самалгæнæн нæй, мæ хуртæ. Мæнæ дæ фынгтæ фæйнæрдæм куы кæлынц фыр дзагæй. Бафсад-иу сæ стырæй уæд чысылмæ, уды бæстæ дын уыдзæн, ме ’фсымæр.

Иу ранмæ та бахæццæ уыдзынæ. Иу чындз йæ æвзагæй ауыгъд уыдзæн йæ æфсин æмæ йæ хицауы раз. Ай та уæд цы диссаг у? Амæн йæ дзых нæ бæззыди, йæ æфсинæн тынг æвзæр уыди, хин, кæлæнгæнæгæй йæ тыдта. Ныр ын мæрдты æгъдауæй ахицæн ахæм фыд тæрхон.

Фалдæр та бауайдзынæ. Иу бæрзонд къæдзæхы сæрæй чызг æмæ лæппу «хауын-хауын» хъæр кæндзысты, сæ сæртæ къæдзæхæй разæбул сты. Ай та уæд цы диссаг у? Адон сæ уæлион царды мидæг тугхæстæг æххæссыдысты, афтæмæй ус æмæ лæджы цардæй цардысты. Ныр сын мæрдты æгъдауæй ахæм фыд тæрхон ахицæн.

Ацу та уырдыгæй. Иу ран адæмтæ цырын арты судздзысты. Ай та уæд цы уыдзæн? Адон сæ уæлион царды нæ зыдтой сæ галиу митæн кæрон. Ныр сын мæрдты æгъдауæй ахицæн ахæм фыд тæрхон. Чи зоны дзы уыдзæн, рæстæй чи бахауд, ахæмтæ. Сæ тæрхоны-иу фæлæуу. Зылыны-иу макуы сраст кæн. Уыдзæн дæм бирæ бартæ лæвæрд, дæ уæлион царды рæстагæй кæй архайдтай. Ныр дын дæ æнусон царды бирæ феххуыс уыдзысты. Фæндараст фæу. Цæуыс æххæст лæг æмæ æдзардæй. Ныууагътай дæ хæдзар хæрз сæфт æмæ хæрз хæлдæй. Бынтон амардтæ. Фыды фыртæй фæстаг куы нæ баззайы, уæд уый бынтон амарди. Абон Инал йæ хæдзары дуæрттæ бынтон куы рахгæдта. Сылгоймаг бындар нæ комы. Уæ бецау Инал, мад мæла, фыд мæла, уæддæр йæ дарæг хъæбул макæмæн амæла. Хъæбулы мардæй, уæууау, бæрзонд сæр уырдыгмæ куы æрхауы. Бирæ æрымысинаг хъуыддæгтæ ныууагъта Бато йæ уарзон адæмы æхсæн. Уарзта хистæрæн лæггад кæнын бирæ. Уарзта иуыл фæлмæн æмæ аив ныхас. Майдыма, исчи фехъуса Хетæджы-фыртæй рæдыд ныхас. Уæдæ сидзæрты чи уарзта Батойæ фылдæр? Адæмæн уд æмæ цæсты ад кодта. Уæ бецау, Хетæджы сахъ фырт, цæуыс де ’нусы сыджытмæ дæ былыцъæрттæ раст дæндагæй æхсынгæ. Удæмбал цы ад кæны, уый нæ бамбæрстай, нæ райхæлдтай кæйдæр уæздан чызгæн хъазгæ æмæ худгæ йæ сæхтæг, йæ хæлын кæрц. Нæ бамбæрстай, каисмæ сиахсæн цæй хорз æгъдау вæййы.

Цардбæллон сахъ лæппу, цæуыс дæ æнусы цардмæ цард мысгæйæ. Уæ бецау, мæрдты бæсты цардæмбалæн ссарæн нал ис. Нæй мæрдты дунейы мидæг хъæбулæн ссарæн. Уæлион цардæй фæлтау фыдбоны цард уæддæр æнцондæр у мæрдты цардæй: нæй дзы хъæрæй сдзурæн, нæй дзы бархи-уæгъдибарæй рацæрæн. Нæй мæрдтыбæстæйæ рацæуæн. Мæрдтæй никæд ма уæд ничи æрцыди, нæй уымæн уæвæн. Мады рæвдыд дæ ничи бакæндзæн, фыды тæригъæд дын ничи бакæндзæн. Тæхудиаг уый уыдзæн, æмæ йæ уæлион царды рæстагæй чи царди. Уымæн йæ æцæджы бæсты ис тæхудиаджы цард. Афтæ у дзæнæтон цард, бæргæ.

Ацу та уырдыгæй. Бирæ дæ нал хъæудзæн дæ æцæджы бынатмæ. Фæндаг дын йæхæдæг йæхи амондзæн. Мæрдтыбæсты бафæрсæн нæй. Кæй дзы хъуамæ бафæрсай, чи дын ратдзæн дæ ныхасæн дзуапп?

Ацу та уырдыгæй. Бахæццæ уыдзынæ дзæнæты дыргъдонмæ. Сæры йас фæткъуытæ фыр рæгъæдæй мæнæ-мæнæ кæндзысты. Дыууæ лæппуйы дзæнæты цæхæрадонмæ æрбауайдзысты. Иу лæппу сæвнæлдта æмæ фæткъуы æриста, аннæ лæппу сæвналы æмæ фæткъуы йæ къухы не ’фты, иугæр куы сæвналы, уæд фæткъуы хæрдмæ фесхъиуы. Ай та уæд цы хабар у? Амæн йæ мад дыргъы ком нæ бадардта, йæ лæппуйæн нæй дзæнæты цæхæрадонæй хай. Майрæмы ком дыргъæй кæцытæ бадарынц, уыдонæн ис дзæнæты дыргъæй хай сæ цотæн. Хъуыддæгтæ иууылдæр уæлион цардæй аразгæ сты.

Ацу та уырдыгæй. Иу æрыгон сылгоймагæн сау калм йæ дзидзиты йæ сæр ныссагъта, сылгоймаг хъæрахст кæны: «Дæдæй, мæнæ мæ калм бахордта!» Кæсгæ дæр æм ничи кæны. Ай та цавæр диссаг у? Амæн йæ диссаг æцæг диссаг у: уæлион дунейы мидæг йæ файнуст йæ разæй мæрдтæм рацыди, ныууагъта дзидзидай сабийы. Йæ мад кæмæн амарди, уыцы сабийы дзидзи дарынмæ ныр æрбахæсдзысты, уæд-иу йæ дзидзи зæхмæ ныддыгъта. Æнамонд сабийы дзидзи æнхъæлæй æххормагæй мардта. Саби иугæр йæ сæрæн куы нал уыди, уæд зæронд лæг бамбæрста йæ чындзы хабар æмæ йын æндæр дзидзидарæг ссардтой. Сидзæр саби уайтагъд фæхæрзхуыз. Ай дын йæ диссаг. Мæрдты æгъдауæй йын авд азы ахицæн ахæм фыд тæрхон. Чи йын цы баххуыс кæна ам, мæрдты дунейы? Нæй дзы баххуысгæнæн.

Уалынмæ бахæццæ уыдзынæ де ’нусон бынатмæ. Дæ мад дæм рауайдзæн, йæ хъæбысы дæ акæндзæн. Ма-иу ску, мыййаг, уæд дын цыдæр æрбауыдзæн. Уайтагъд дæ фæрсдзæн йæ чызджытæй: куыд цæрынц, куыд у мæ сæры хицау, мæ ходыгъд Ксена? Зоныс, цы зæгъын хъæуы, уыдæттæ. Бæрæг уыдзысты дæ туджы къæвдайæ дæ хабæрттæ, ницы дæ хъæудзæн зæгъын. Æрбаддзынæ уалынмæ дæ бынаты. Дæ фынгтæ фæйнæрдæм кæлдзысты фыр дзагæй. Æрмæст нæ фыдæлтæй хъуыстон тынг рагæй фæстæмæ дæр: мæрдтыбæсты дон у тынг зын ссарæн. Мæнæ мæ хион дæ, мæнæ мæ лæппу дæ — нæй дзы æппындæр уыцы бар. Æрмæст дæуæн уыдзæн дзæнæты суадонæй бануазыны бар дæр æмæ дæхи цæхсыны бар дæр, дæ ком ранхъæвзынæн дæр бар. Фендзынæ, доны мондагæн сау зæххытæ чи æхсыны, уыцы адæмты дæр. Дæ уæлион зæрдæ ахæсс мæрдты бæстæм дæр. Хур комкоммæ куы ныккæсы, уæд ком фыр дойныйæ хус фæкæны. Уыдзæн дын бар баххуыс кæнынмæ, бафсад-иу сæ дзæнæты суадонæй. Ис дзы раст адæмтæ дзæнæты, уыдон дæр дæ фарс фæуыдзысты. Уыдон дæр нæ барстой сæ уæлион дунейы мидæг адæмы хъыгдарджытæн. Дæ фыды фыд Аса, уый фыд Гоцъи уыд хъæбæр домбай лæг, уарзта растæй цæрын, нæ уарзта арæнтæй давын. Гоцъи дæр у дзæнæтдоны хицау. Йæ дæллаг фарс та Дзанайты Тохти — адæмæн сæ туг дойныйæн чи цъырдта, уыцы æлдары амардта. Бирæ сабиты æнахъомæй фæхицæн кодта сæ мадæлтæ æмæ сæ фыдæлтæй. Дзанайты Тохти йын фæци лæджы хуызæн, лыстæг кæрдæнтæ йæ ныккодта. Дзанайты хъæбатыр Тохтийæн дæр ис бар дзæнæты адæмтимæ. Хорз-иу ын бамбарын кæн, чи дын фæндараст зæгъы дæ мæрдон фæндагыл. Кæдæм цæуыс, кæм æрлæууай — фæдзæхсын дæ раст адæмтыл. Кæс-иу æгъдаумæ, уыдзæн ма зындоны бирæ срастгæнинаг адæмтæ. Ма-иу фæтæрс, зилгæ куыройæ дæ куы ссой, уæддæр. Æз, зæгъ, уæлион царды адæмы сæрыл куы радтон мæ цард, дыккаг мардæй дæр, зæгъ, нæ тæрсын. Исын мæхимæ уыцы зындзинад иууылдæр, уæддæр нæ быхсын раст адæмæн зындоны цардæй. Гъе ныр фæндараст, нал дæ уромæм.

Саулохаг ын æрзилын кодта æртæ хатты йæ алфамбылай.

— Уæ, мæнæ хур æмæ мæйы фæдыл дзыназгæ куы баззадыстæм, — ныхъхъарæг кодта Батойы хо Асиат. — Уæ мæнæ хорз адæмтæ, бавдæлут æмæ йын нæ фыды хо Ксенайы дæр йемæ бавæрут, йæ зæронд фыд Иналы дæр. Махæн та Зæринæимæ йæ разы сындзæй халагъуд скæнут. Уæ, дзæгъæл æмæ нæ мæгуырæй куыд фæуагъта. Уæ Къоста, иууылдæр дæуæн зæрдæнизтæ куы кæнынц. Хъуыды дæр ма сæ мауал кæн: уыдон дæуæн æфсымæртæ нал сты, фæлæ ма сæ дæхицæн знаг скæн. Сау мæры æфсымæртæ, сау фæбадой сæ сау хотæ. Ма аком, Бато, цалынмæ дæм Калакæй Къæберы фырт фæзына, уæдмæ. Уæ, кæм стут, нæ разагъды бæрзонд фыды ’фсымæртæ? Инал уын Стыр Мæздæджы хæрз бын куы баци. Дæдæй, сау бон нæ баййæфта, нæ арвы хай ныл æрхауд, нæ зæхх нæ быны ныттыдта!

— Асиат, дæ фæхъхъау æрбауон, абон æй махæй айстой мæнæ уарзон адæмтæ, æмæ йæ уыдоны бар уадз. Ис дын абонæй фæстæмæ кæуæн бонтæ, ме знаг дæр афтæ фæкæуæд.

Систой Батойы æмæ йæ Стыр Мæздæджы аргъуаны кæрты баныгæдтой. Къоста æртæ хатты адæргæй сау зæххыл адæлгом, йæ сæры хилмæ фæлæбурдта, армыдзагæй сæ рарæдывта, Батойы обаумæ сæ бакалдта. Асиат Къостайы сæры хил йæ роны акодта:

— Адон æз мæ мæлæты бонмæ хæсдзынæн мæ роны.

Зæронд та фæстæмæ йæхи фæрæвдз кодта: уæздан зæгъын хъæуы ацы адæмæн, ныр уал боны, уал æхсæвы фынæй чи нæ бакодта.

— Мæнæ уарзон адæмтæ! Хорзы боны зиан уын фæуæд Иналы иунæг лæппу. Сæдæ-сæдæ бонты ахæм судзаг æмæ дудаг зиантæй иртæст æрцæут, нæ уарзон дзыллæтæ. Ацы фыдæбæттæ уын Хетæджы къабæзтæ хорзы боны фидæг фæуæнт. Гъе ныр уæ курын — зæрондæй ногмæ, усæй, лæгæй, чызгæй, лæппуйæ — алчи йæ фыдæбон куыд ныххæлар кæна, афтæ. Иу адæймаг дæр æнæ саходгæйæ куыд нæ ацæуа, афтæ бакæнут, мæ хуртæ. Чи зæрондæй ссары йæ мæлæт, чи та йæ ссары цæрынхъуагæй.

Бато амарди Къостайæ æхсæз азы раздæр. Æгъгъæд кад ын лæвæрд æрцыд йæ уарзон адæмтæй: хъабахъхъ ын бабастой, стыр кады дугъ ын рауагътой уартæ Нæртоныхъæуæй Стыр Мæздæджы аргъуанмæ. Арсанатæ уыдысты домбай мыггаг, дугъы фысым фæлæууыдысты. Гал аргæвстой, фынджы бæркадæн цы хъуыди, уыдон сарæзтой. Стыр Мæздæджы цæрæг фæсивæд Батойыл зарæг скодтой.

XVII

Кафарæн æртæ чызджы уыди. Йæ хистæр чызг хуынди Иссæ, уый кæстæр Сасинкъа, æппæты кæстæр — Фатимæ. Сæ мад Тина дæр уыд хорз ус, кадылмæлгæ сылгоймаг. Хохаг хæдзары уæвгæйæ архайдта сыгъдæгдзинадыл. Мæнæ-мæнæ хъæздыг æмæ фæллойджын хæдзар нæ уыд Кафары хæдзар, фæлæ уыд рæстæмбис хæдзар.

Дыууæ лæппуйы уыди Кафарæн, хоты кæстæртæ. Дыууæ хистæр хойы чындзы фæцыдысты хæрз æрыгонæй. Хистæр чызг Иссæ фæцыд Калотæм. Уайтагъд йæ хорзы кой Захъайæ хъуысын байдыдта. Мæгуырау ирæд дæр нæ радтой Калотæ Иссæйыл. Кæрдаг, хуыйаг чындз уыди. Уæдæ ирон будзукъа фæндырæй Кафары чызджытæ сегас дæр уыдысты иттæг дæсны.

Хистæр чызджы Дзанайты мыггаг куыддæр буцдæр дардтой. Йæ фыды ’фсымæр исдуг Гуырдзыйы царди, æмæ-иу æй гуырдзиаг хуыдтой. Хъæбæр дæсны уыд Иссæйæн йæ фыды ’фсымæр фæндырæй цæгъдынмæ.

Хохы дзуар стыр бæрæгбон уыди. Нар æй афæдзæй-афæдзмæ иу хатт кодтой сæрды дыккаг мæйы мидæг. Æмæ-иу цыдысты хæхбæсты цæрæг адæмтæ иууылдæр Хохы дзуары бынмæ. Суанг-иу быдыры хъæутæй дæр мæй раздæр цæуын байдыдтой.

Исдуг дзы Дзанайты Кафар уыд дзуары лæг. Кафары фæстæ та дзы уыди Бырнацты Гокко. Адæм-иу лæвæрдтой дзуары тыххæй мысайнаг æртыгай суаритæ æмæ сæ иу ран æвæрдтой дзуары мидæг, бахъуыды заманмæ. Кæд-иу дзы кусæрттаг балхæдтой, уæд хорз, кæннод дæр-иу баззадысты дзуары æвæрдæй.

Кафары хистæр чызг-иу йæ фыды ’фсымæримæ æдзухдæр дзуары бын цагътой. Мард-иу рабадтаид сæ фæндыры цагъдмæ. Цалынмæ-иу уыцы дыууæ ацагътаиккой, уæдмæ Къоста никæй фæндыры цагъдмæ акафыдаид. Мæнæ-мæнæ арæх нæ кафыд, фæлæ йæ адæм æдзухдæр хъаматыл кафын кодтой, æмæ-иу адæмы æфсæрмæй ракафыд.

Кафары хистæр чызгæн иугæр йæ хорзы кой хъуысын куы байдыдта, уæд та Сасинкъайыл дæр усгуртæ сыстадысты. Фылдæр ирæдыл ныхас æрцыди. Кафары æфсымæр Налыхъ æмæ иннæтæ загътой:

— Кафар æфсармджын лæг у, фæлæ мах æфсæрмæй нæ хойы къаннæг ирæдыл кæй нæ ратдзыстæм, уый уын рагацау зæгъæм. Уартæ дзы иу чызджы Захъамæ раттам. Уæллæй, мах Иссæйы тыххæй арфæйы ныхас кæмæй нæ райстам, иу дæр ахæм нал ис. Бæрзонд дзы нæ сæртæ хæссæм. Уæдæ иннæтæ дæр ахæм чызджытæ сты. Мад хорз куы уа, уæд чызджытæ дæр мадæй исынц хорздзинад.

Дзырд дардыл цæуы, фæлæ та Сасинкъайы дæр радтой Зыругмæ, Таугазтæм. Куыд загътой, ахæм ирæд дæр дзы куыннæ райстаиккой.

Афæдз æххæст нæма рацыди Сасинкъайы моймæ лæвæрдыл, афтæ та Кафарæн йæ кæстæр чызгмæ дæр усгуртæ цæуын байдыдтой.

Кафарæн йе ’рвад Садуллæ Дзæуджыхъæуы цард æмæ Фатимæйы йæхимæ ракодта:

— Чызг у æмæ уадз æмæ иу чысыл чызджы цардæй рацæра мæ хæдзары. Кафар йæ чызджыты сывæллæттæй моймæ авæры, сæ хорзы кой уайтагъд райхъуысы, æмæ сæ кæмæ ратты, уыдонæн лæггадгæнджытæй кусынц. Ацы чызг та мæ бар фæуæд, æз ын цардмæ мæхæдæг фæндаг байгом кæндзынæн.

Садуллæ уайтагъд Фатимæйы моймæ радта иу дæлбулкъонæн. Чындзы цæуынмæ йæхи цæттæ кодта, афтæ дæлбулкъоны чидæр амардта. Дзанайтæм уыцы ныхас куы байхъуыст, уæд Садуллæ афæлурс æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнг нæ фæзæгъынц, мæгуыр уæрццæн сæндоны цæрын нæ фидауы, мæллæг далысæн та зад хуымы хизын.

Фатимæйыл та ногæй дзурæг фæци. Уый дæр та ахæм бонджын. Фидыд ныхас радтой — Стыр Джиуæргуыбатæм уыдзæн чындзæхсæв. Садуллæ дæр æмæ Кафар дæр сæхи цæттæ кодтой чызг æрвитынмæ: иу ранæй фæцух стæм, фæлæ нын кæд Хуыцауы цæст дыккаг ран бауарзид.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.