Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 16 страница



— Уæдæ ир куыд зондджындæр разындысты. Иу фыстæг ныффыссæггаг дæр урс сом куы хъæуы. Мæ чызг куы сахуыр кæна, уæд мын бирæ æнцондæр уыдзæн. Махæн та нæ чызгæй æндæр цот дæр куы нæ ис. Хетæджы-фырт дæр афтæ куы дзырдта: «Ахуыргонд бирæ хуыздæр у».

Дзаххот йæ чызджы радта Агъабатыры хъæууон скъоламæ. Дзаххотыл кæсæг хъуамæ хъоды бакодтаиккой. Фæлæ уыцы заманты Къоста Агъабатырмæ бафтыди. Тынг бирæ сæ уарзгæ дæр кодта, æдзухдæр-иу сæ абæрæг кодта, скъоламæ дæр-иу бауади. Ахуыргæнæгмæ дæр-иу байхъуыста æмæ ахуыргæнинæгтæм дæр. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты чызгæй уæд, лæппуйæ. Къостайæн Дзаххоты чызгмæ йæ зæрдæ æхсайдта, цæвиттон æй Батойæн кæй ракурдзæн. Дзаххоты чызг Дæхæнакъойы ахуыргæнæг фæйнæгмæ ракодта. Йæ хынцинæгтæ мæлæты рæвдз акодта, раст æй цыма зонгæ кодта, абон Къоста кæй æрбацæудзæн ахуыргæнинæгты бæрæг кæнынмæ.

Къостайы цæсгом Дæхæнакъойæ ныррухс, фæлæ йын ахуыргæнæг рахабар кодта: Дзаххот йæ чызджы ахуырмæ кæй радта, уый тыххæй йыл кæсæг хъоды кæнынц. Агъабатыры цы кæсæг цæрынц, уыдон дæр æмæ Авалæфы цы кæсæг цæры, уыдон дæр сæ ныхас баиу кодтой æмæ аизæр Дзаххотыл хъоды кæндзысты.

Къоста бацыд сæ тæрхонмæ. Дзаххот Къостайы куы ауыдта, уæд йæ цæстæй ракаст. Къоста тæрхоны адæмæн арфæ ракодта:

— Фарн уæ тæрхоны уæд, уæздан кæсгон адæмтæ!

— Уæ, алæбон æгас цæуай, Хетæджы-фырт! Æрбад нæм.

— Кæд мын æмбæлы уæ разы бадын, уæд бадгæ дæр æркæндзыстæм, кæсгон дзыллæтæ.

Къоста цы зæгъынмæ хъавыд, уый тæрхоны лæгтæ фембæрстой, сæ тæрхон фæуагътой æмæ Къостайыл цин кæнынмæ фесты.

Дзаххот æфсæрмæй афтæ зæгъы:

— Уæллæй, тæрхон мæныл цæуы, æз мæ чызджы ахуыр кæнынмæ кæй балæвæрдтон, уый тыххæй.

Къоста загъта:

— Хъуамæ ма сæ иннæтæ дæр барвитой. Дзаххотыл хъоды нæ, фæлæ йын арфæ ракæнын хъæуы.

Къостайы ныхæстæ кæсгон дзыллæтæм тынг раст фæкастысты æмæ иууылдæр загътой: нæ чызджыты барвитдзыстæм ахуыр кæнынмæ, раст фæндагыл нын сæ æвæры.

— Хетæджы-фырт, фарн дæм бацыди, фарн та дæ фæстæмæ ацыди.

Къоста Дзаххоты чызгæй тынг раппæлыд:

— Уыдзæн ма уæм, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм чызджытæ. Курын уæ, æмæ сæ мауал къуылымпы кæнут, фæлæ сæ раттут ахуырмæ. Кæстæрты фæндаг къуылымпы нæ хъæуы, нæ.

Къостайы афтæ бирæ уарзтой, æмæ-иу æй сæ кæрæдзийæн хатыр дæр нæ кодтой. Иу лæг-иу æй куы бахуыдта, уæд иннæтæ мæсты кодтой: æз æй хъуамæ раздæр бахонон, æз хъæуы хистæр куы дæн.

Къоста кæцы ранмæ нæ арæхст, иу дæр ахæм нæ уыд. Чындз хæсгæйæ-иу куы ныззарыд, кæнæ-иу фæндыримæ куы ныззарыд кæсгон кафгæйæ. Уæдæ йæ зиан фæндараст кæнынмæ дзыллæтæ хъуыры цъарæй агуырдтой.

Уынакъаты Микъойæн иунæг лæппу уыди æмæ йын æваст фæмард. Тынг судзæггаг мард уыди. Микъо, мæгуырæг, Къостайы йæ зианы раз куы ауыдта, уæд загъта:

— Къостайы уынд мын афтæ æхсызгон уыди, æмæ цыма мæ иунæг лæппуйæн чындзæхсæв кæнын, афтæ фенцондæр мæ зæрдæйæн.

Къоста-иу æнæус лæппуйæн кодта тынг тæригъæддаг ныхæстæ бæхфæлдисгæйæ дæр æмæ зиан фæндараст кæнгæйæ дæр. Чындздзон чызгæн дæр чындздзон чызджы ныхæстæ, уæдæ хæдзардарæг лæгæн дæр, уæдæ сылгоймагæн дæр. Зæрдæ-иу йæ диссаджы ныхæстæм агæпп-агæпп кодта. Уæдæ къаннæг сывæллонæн та кодта сабийы рухс:

— Уæ мæнæ саби, боны рухс куы нæма федтай, уæд кæдæм цæуыс, мæгуыр дæ бон фæуа, мад, фыды рæвдыдæй чи нæ бафсæсти. Фæдзæхсæм дæ, кæцы ранмæ цæуыс, уыцы адæмтыл: мад, фыды рæвдыд дын куыд кæной, сидзæры буц рæвдыд.

Кæсæг-иу Къостайы кæддæриддæр тынг æхсызгонæй агуырдтой, цыма-иу сын сæ сидзæрты мæрдты дуарæй раздæхтаид.

Уæдæ чындз æрбахæсгæйæ дæр диссаг уыди уый арæхстджын куывдтытæм байхъусын. Кæд бирæ рæстæг нæ рацард, уæддæр адæмæн уыд цæст æмæ уд. Йæ æххуыс æмæ йæ ахъаз алырдæм дæр фаг кодта. Иугæр ныхас йæ дзыхæй схауд, уæд ницæй тыххæй афæлывтаид, æхсæвæй уæд, бонæй — нæ лæвæрдта йæ удæн æнцой.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Къоста Дзаххоты чызгмæ минæвæрттæ барвыста Батойы тыххæй. Батойæн Дæхæнакъойы ракуырдтой. Куыддæр Агъабатыры хъæууон скъола каст фæцис, афтæ кæсæджы усгур лæппутæ Дзаххоты хæдзармæ дуæрттæ тыдтой хæлофæй.

Батойы уыцы заманты тынг стыхсын кодтой. Стъараполы цæрæг адæмтæй алчи иста йæхицæн стыр ном. Чи иста кънйазы ном, чи иста хъæздыг лæджы ном æмæ кад. Æрвыстой Бетъырбухмæ, уырдыгæй куыд æрцæуой æмæ кæмæн куыд æмбæлы, ахæм ном раттой. Бетъырбухæй чи цыди, уыдонимæ фæци иу немыцаг лæг, Фриц Файбер, стыр бонджын лæджы фырт. Иугæр Стъараполы бонджын лæгтæй кæмæн цы ном æмбæлди, уый куы радтой, уæд немыцаг йæхинымæр хъуыдытæ кодта: «Æз ацы парахат быдыртæй мæхицæн цæстуарзон хай райсдзынæн».

Немыцаг куыддæр ацыд, афтæ баныхас кодта, Стъараполы парахат быдыртæй кæцы ран йæ зæрдæмæ фæцæуа, уыцы ран йæхицæн цæрæн бынат куыд сараза, афтæ. Фæстæмæ æрбаздæхт кусæг адæмтимæ æмæ Фæсалæгатæм хæстæг райдыдта йæхицæн хæдзæрттæ аразын. Фæсалæгаты кадджын æмæ намысджын лæгтæ бацыдысты:

— Чи дæ, цавæр дæ? Ацы ран дын мах зæххыл хæдзæрттæ саразынæн бар чи радта? Кæй бафарстай? Уæртæ иу чысыл фалдæр сараз — бæстæ быдыртæ.

Немыцаг загъта:

— Мæнæн сымах амонын нæ хъæуы. Кæцы ран мæ фæнды, уыцы ран аразын.

Дыккаг хатт дæр та йын загътой:

— Раст нæ кæныс, хорз лæг. Акæс-ма, цас æнæкæрон парахат быдыртæ ис. Кæрæдзийы знаггадæй ма кæнæм тыхсын.

Нæй, нæ байхъуыста, йæ цæсгомæй хид нæ рацыди. Сарæзта æртæ раны хæдзæрттæ йæ æртæ фыртæн. Суанг ма раст Хъызлармæ хæстæг дæр авнæлдтой, уыйбæрц зæххытæ сын фаг нал кодтой. Уайтагъд немыцаг хъæутæй айдзаг сты Стъараполы парахат быдыртæ. Исдуг æм бæргæ хъæддых лæууыдысты, фæлæ фæстагмæ сæ бон нал уыд йæ ныхмæ ныллæууын, уымæн æмæ баныхас кодта уæлдæр бонджын хицæуттимæ. Сæдæгай мин уæрдæттæй ласта Германмæ стъарапойлаг сырх мæнæу. Диссаг йæ авналæнтæ уыдысты, сарæзта дуканитæ дæр.

Стъараполы цæрæг ир æмæ кæсæджы сæрыл Бато хъæбæр тох кодта. Фæзынд ма ноджыдæр Батоимæ лæппутæ, Азаниаты Темырыхъо. Нæ уарзта уый дæр æдзæсгом хъæздыг адæмты. Ноджы ма немыцаг хъæздыг лæджы фырт кæд бауарзта, Батойæн куырдуаты цы чызг бадт, уый, Дæхæнакъойы.

Куыддæр Агъабатыры хъæууон скъола каст фесты, афтæ стыр куывд скодтой сæ мадæлтæ æмæ сæ фыдæлтæ. Диссаг уыд Дзаххоты чызгмæ бакæсын, хуры чызгæй кæнæ мæйы чызгæй хъауджыдæр нæ уыди. Фæндырæй уæд уый хуызæн кæцы чызг æрцагътаид.

— Уæ, йæ бонæй уа Хетæгкаты афицер Бато, хъæбæр хорз хай дæр æй фæци, — загъта Файберы фырт. — Цас федтон æз мæ царды чызджытæ, ахæм чызг зæххон адæмæй — нæма. Мæ мæлæт скæндзынæн æз Батоимæ. Хъуамæ йæ æрцахсын кæнон, æндæр гæнæн æмæ амал нæй. Лæууы стыр, бонджын адæмты ныхмæ.

Куывды цæрæнбоны рæгъытæ кодтой. Хетæгкаты Къостайы цæрæнбоны, Батойы цæрæнбоны, ноджыдæр Азаниаты Темырыхъойы цæрæнбоны тыххæй, ноджыдæр бирæ кæстæрты цæрæнбоны тыххæй.

Мастдарæгæн атонæд йæ зæрдæ. Уайтагъд Бато æмæ Темырыхъойы батардтой ахæстонмæ. Стъараполы цæрæг адæмтæ Иналæй афтæ æфсæрмы кодтой, æмæ раст зæххы бын куы аныгъуылдаиккой, уый дæр сæ фæндыди. Иналы ницы сæр хъуыди, фæлæ йæ фырт фæллойгæнæг адæмы маст нæ барста. Йæ бындар фæуæд, фыдлæджы бон хъæбæр бирæ баци. Файбер бæрзонд хицæутты сыгъдæг сызгъæринæй балхæдта. Батойыл тынг уæззау хъæстытæ цыди ахæстонмæ, хъæздыг адæмты ныхмæ дзуры, зæгъгæ. Хъæбæр зын раны дæр уыди Бато. Йæ сæр ын тынг фæнадтой, æмæ йæ сæры зонд фæдзæгъæл. Къоста йæхæдæг дæр уыцы заманты ахæстоны бадти. Бирæ бадыны тæрхон ын нæ уыди, фæлæ уæддæр йæ бон Батойæн ницы баххуыс кæнын уыд.

Уалынмæ Къостайы рауагътой, фæлæ йæ бон рацæуын дæр нал уыд, стджыты низ æй хъæбæр стыхсын кодта. Йæ низы мæт дæр æй нал уыди, алырдæм хъасты гæххæттытæ æрвыста. Къостайæн йæ низ бауромын йæ бон куы нал уыди, уæд загъта:

— Уæдæ мæлгæ кæндзынæн, уый бæрæг у, æмæ мæ мард фæхæссон мæ райгуырæн Нарыхъæумæ, мæ фыды фыд Дада æмæ мæ мад Гуыбиан, мæ уарзон æрвад Къæберы раз ныгæд куыд æрцæуон, афтæ. Охх, Хъугърион, ды мæнæн мады рæвдыд куы кодтай æмæ ды мæнæй мæрдтæм иу кæрдæйнаджы гæбаз уæддæр куы фæхастаис, уæд абон Къоста фæсаууонмæ дæуæй æфсæрмы нæ кæнид.

Æцæгдзинад, Къоста Нарыхъæумæ бацыд, æртæ мæйы дзы фæци. Дзанайты Макси йæ фервæзын кодта йæ уæззау низæй.

Къоста рацыд Нарæй. Раздæр бацыд Лабæмæ, йæ хæстæг, йæ хионты фенынмæ. Уæлга Къостайæн æнæбары æгасцуай загъта, кæсгæ æндæр ранмæ кодта, афтæмæй Къостамæ йæ къух авæрдта. Къоста йын афтæ зæгъы:

— Уæлга, уый мын тæрхъусы æгасцуай куы кæныс, æмæ æз мæлæтæй куы аирвæзтæн. Мæныл мæ хотæ цæрдудæй сæхи куы тыдтой, мæ уындæй фыр тæссæй суртæ æмæ дыдæгътæ куы кодтой. Æргом-ма мын æй зæгъ, Уæлга, цæмæн ахæм цæстæй кæсыс мæнмæ, куы ницы мæ зæрдæмæ хæссын. Мыггагмæ мах куы нæ цæрдзыстæм.

Къоста ма йæ фыдыусы сæрæгасæй ныууагъта, фæлæ йæ бацыдмæ Сохион дæр амарди.

— Уæлга, ай бинонтæй хæдзар куы равдæлон, уæд иунæг цардмæ цæмæн бæллыс? Кæд дын мæ уынд ахæм зын у, уæд æз ардæм цæрынмæ не ’рцыдтæн, мæ хъуыддæгтæ алы рæтты дыдæгътæй куы дзой-дзой кæнынц, æнæбары ма куы лæууын мæ къæхтыл. Мæ ингæнæн йæ бæрæг бынат уартæ Нарыхъæуы уæлмæрды, мæ мад Гуыбианæн йæ дæллаг фарс. Дард не сты уырдæм Дада æмæ Къæбер дæр. Фæхаста мæ мад Гуыбиан йæ фæндыр йæ риуыл. Æвæццæгæн, загъта: æрцæудзæн мæ лæппу дæр мæ цурмæ цæрынмæ.

Къоста та фæстæмæ ацыд Бетъырбухмæ, Батойы хабар базонынмæ. Зæрдæ йын бавæрдтой, тагъд æй кæй рауадздзысты.

Къостайæн йæ хæдзæрттæ дæр æрдæг арæзт уыдысты Дзæуджыхъæуы, æмæ йæ уыдон бæрæггæнæг дæр цæуын хъуыди. Йæ чингуытæ дæр мыхуырмæ лæвæрд уыдысты, иу чысыл дæр ын рæстæг нæ уыди.

Уалынмæ Батойы уадзгæ ракодтой, фæлæ, мæгуырæг, йæ сæр дзæгъæл тынг фæцис, нал ардта йæхицæн бынат. Азаниаты Темырыхъо дæр тынг уæззау рынчынæй рацыди.

Батойы мæгуыр фæллойгæнæг адæмтæ хъахъхъæнгæ дæр кодтой, фæлæ тынг зын хъахъхъæнæн уыди. Раст-иу æхсæвыгон дæр хæдзарæй лидзæг фæци. Кæдæм лыгъди, уый та зонгæ дæр нæ кодта, æрмæст-иу хъæр кодта:

— Ахæстоны адæмæн — дон, донæй сæ бафсадут! Дон æнæуæрст у. Удисæг доны мондагæн йæ былыцъæрттæ дæндагæй æхсынгæ йæ уд дæттыныл куы архайы. Цæвут, гауыртæ, Хетæджы-фырты! Нал æм хъарынц йæ судзгæ цæфтæ, мæнæ мæ цыма дыдынтæ æлхысчъытæ кæнынц, афтæ.

Батойæн дæр æмæ иннæ ахст адæмтæн дæр сæ фæрстæ хъæбæр пырх ныккодтой. Бато, мæгуырæг, хæргæ дæр нал кодта, дон баназын дæр нал æмбæрста. Йæ фыды хо Ксена-иу йæ разы къулбæрзæйæ бадти:

— Уæ Бато, мæ уд дæ фæхъхъау æрбауа, исты-ма ахæр, исты.

Цæстысыг донау калди, зæрдæ фæйнæрдæм судзгæ сау рæхуыстытæ кодта. Батойы дыууæ хойы сау марой кодтой:

— Уæууау, ныр цы кæнæм? Уæ Къоста, кæм дæ, куы сæфæм, уæд цы кæнæм? Нæ домбай æфсымæр æппындæр нал æмбары йæ сæр, йæ фат, куы лидзы кæдæмдæр, æххормаг, дойныйæ куы нал у йæ бон. Фыр дойныйæ йæ ком хус куы кæны, фæлæ, царæфтыд нæ сæртæ, дон нуазын нал æмбары. Ахæр-ма, Бато, куы фæзæгъæм, уæд нын фæзæгъы: «Авæрут уæртæ æххормаг адæмæн хæринаг, æз мæхи хорз федтон минасæй».

Азаниаты Барис уыд Батойæн йæ фыды хойы лæппу. Фæцыд ногъаймæ йæ катай, йæ мæтимæ, ис, дам, дзы кæмдæр молло. Ме знагæн йæ хосгæнæг фæуæд молло: сæфт æмæ стъæлд.

Уæд иу æхсæв ахæм уарын уыд, æмæ цæрынæй хæрынмæ ахæм уарын никæд ма рацыд Стыр Мæздæджы. Уыцы æхсæв Бато йæ тæккæ уæззауыл уыд. Фæсахсæвæрты рудзынгæй рагæпп кодта æмæ лидзынмæ фæци, йæ дыууæ хойы дæр сæхи хойгæ йæ фæстæ, фехæлæнт, уас, сæ фæрстæ. Ахæм мæйдар æхсæв уыди, æмæ цæсты къух акæн, уæд нæ фæзындаид.

— Уæ, кæм дæ, цы фæдæ, нæ домбай æфсымæр? Кæм æнæ цæстытыл хæцæгæй мæлыс? Уæ, цы кæнæм, уæ, куыд кæнæм?

Æртæ боны раздæр та сын ралыгъд иу хур боны æмæ раст ногъайы быдырты ’рдæм ацыди. Уыцы бон фæндагыл цыдысты иу къордæй чызджытæ. Айхъуысти дзыллæтæн сегасыл дæр, Хетæгкаты афицер кæй ссæра. Бато-иу хаттæй-хатт æрæмбæрста иу чысыл йæхи дæр. Бады хурмæ уыцы æнкъардæй, чызджытæ нал уæндынц размæ. Чи зоны, цы загътой. Уæд сæ Бато бамбæрста æмæ дзуры чызджытæм:

— Уæ чызджытæ, ма тæрсут мæнæй, цæугæ кæнут уæ фæндагыл, — æмæ, охх-мардзæ, Бато йæ сæр хойынмæ фæци:

— Гъе, уæууæй, Хетæджы-фырт, уый дæ адæмтæ фæндагыл цæуын дæр куы нал уæндынц.

Цæстысыг донау згъæлы, йæ къухтæй йæ сæр хойы. Чызджытæ дæр кæуынц йæ кæуынмæ.

— Цæуæм-ма рæвдздæр нæ фæндагыл, кæд ныл фембæлид, мыййаг, ацы рынчынæн йæхионтæй исчи, уæд ын æй радзуриккам, кæй судзы хурмæ, мæгуырæг.

Гатойы хотæ та рацæуынц агурæг. Чызджытæ ныккуыдтой æмæ сын Батойы хабар радзырдтой. Уайтагъд бахæццæ сты сæ домбай æфсымæры размæ:

— Рацу нæхимæ, ацы ран хурмæ басыгътай дæ æфхæрд уды. Уæ, царæфтыд дæ сау хотæн сæ сæртæ, дæуæй чи баззад мæгуыр æмæ дзæгъæлæй, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал уыдзынæ.

Рацыд Бато, мæгуырæг, уыцы æнæзивæгæй. Батойы хотæ та сау катай кодтой: «Дæдæй, ныр та ахсæв куы ралидза, уæд ма куыд æгъдауæй бафтдзæн нæ къухы?»

Къæвда йæ уарынæй нал æмæ нал æнцайы.

— Дæдæй, мæнæ цы раны фестæм! Уæ, фæстаджы уардæй кæд нæ уарыс!

Батойы хотæ астæумæ доны лæгæрдынц. Æхсæв уыди сабыр, æгæр-мæгуыр рæйæджы рæйын дæр никæцæй хъуысти. Æрмæст-иу арвы ферттывдмæ дыууæ хойы сæ цæстытæ ацарæзтой æмæ-иу быдыртыл сæ цæстытæ уыцы æвастæй ахастой. Дард бæргæ нæ рацыди, фæлæ дыууæ хойы сæ дарæг æфсымæры катайæ дзæгъæл быдырмæ ацыдысты.

— Уæ, додойаг нæ сæртæ куы фæуиккой, æмæ мах нæ иунæг æфсымæрæй раздæр куы бацæуиккам мæрдтæм.

Нал сæ хæссынц размæ сæ къæхтæ, зæнгтæ раст дыдæгътæ кæнын байдыдтой. Уæлæдарæс бынтон ныххуылыдз, даргъ къабатæй акъахдзæфгæнæн нал ис. Уæд иу ран бæласмæ бахæццæ сты, бæласыл сæхи ныттыгътой. Бæласæн йæ хæд цъуппыл кæд бадти иу æнамонд уыг, уасыд æнад уастæй.

— Мах нæхи мæгуыры хъаст кæмæн ракæнæм, уый куы нæ зонæм, уæд ма дæуæн та цы кæнæм? Æгомыг бæласæй куы скодтам нæхицæн æфсымæр. Уæ, кæм дæ, цы фæдæ, нæ домбай æфсымæр? Мæнæ дæ сау хотæ мæйдар æхсæвы туджы къæвдайы дзæгъæл быдырты куы цоппай кæнынц. Фæлæ ма цы æмбарыс, дæ уæззау зондджын сæр хæрз дзæгъæл куы кæны. Уæ, ахсæвæй фæстæмæ нæ быны лæдзæг нæ къухмæ куы райстам, хур æмæ мæйы фæстæ дзыназгæ куы кæндзыстæм. Уæ мæнæ бæлас, нæхи дыл фæдзæхсæм, æндæр ма цы кæнæм? Уæ, æнæнцой уастæй фæуасай, мæнæ æнамонд уыг. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, калд, дам, кæлддзагыл банцайы — махæй мæгуырдæр кæй хъуамæ ссарай! Уæууау, бон та уæд куыд æрæгмæ цъæх кæны, ацы сæрдыгон æхсæв раст афæдзы дæргъæнæй куы равдыста йæхи. Бабын стæм, æвæццæгæн, нал ис нæ домбай æфсымæр, ацы тыхджын уарынæй фæмард кæмдæр. Уæ, нæ арвы хай дæр ныл куы кæны кæугæ.

Уалынмæ уасджыты уасын дæр райдыдта хъуысын, бон дæр æрбарухс. Сæрдыгон арвыл цас ис æууæнк дæр — хур къуыппæй уæд, дзыхъхъæй æмкаст ныккодта. Сæнт хус аисты дыууæ хойæн сæ уæлæдарæс.

— Цæуæм дарддæр, кæд фембæликкам, мыййаг, не ’фсымæрыл.

Уалынмæ сæ фæдисонтæ дæр æрбаййæфтой:

— Дзæгъæлы рацыдыстут ахæм дард ранмæ. Мах æй æрбакодтам Хъарсуйы ’рдыгæй.

Уалынмæ Батойы уæрдоны æрбаласынц. Сулæфыдысты сау хотæ: æгайтдæр ма дзæгъæл быдыры æнæ цæстытыл хæцæгæй нæ фесæфти.

Бирæ сæ нал хъуыди хæдзармæ, афтæмæй Бато уæрдонæй æваст рагæпп кодта æмæ лидзынмæ фæци. Фæдисонтæ фæйнæрдыгæй марды хуызæнæй аззадысты. Бато иу дзæвгар алыгъд, уалынмæ уæлгоммæ ахауди æмæ фæмард. Йæ уæлæдарæс лидзгæ-лидзыны аскъуыдтæ кодта, мадард бæгънæг акодта, мæгуырæг, йæхи.

Ехх-мардзæ, йæ дыууæ хойы сæхи хойгæ азгъордтой. Йæ хистæр хо Асиат сæ фыды пæлæз рахаста æмæ дзы Батойы хæрз æнгом æрæмбæрзта. Асиат йæ кæстæр хо Зæринæмæ фæдзырдта:

— Ацу æмæ йын йæ уæлæдарæс рахæсс. Ма ахæссой Хетæджы номдзыд фырты йæ фыдызнæгты цæстуынгæйæ мæгуырауæй кæнæ мадард бæгънæгæй, ма ракæсой былысчъилтæ æмæ цæсты ныкъуылдæй.

Адæм загътой:

— Сисæм æй. Сисæм æй æмæ йæ ахæссæм аргъуанмæ.

Асиат ныккуыдта æмæ загъта:

— Уæ, Хуыцау мæ уæ фæхъхъау куы фæкæнид. Бæргæ йæ зонын, зын кæй у сымахæн дæр. Фæлæ цалынмæ Зæринæ Батойæн йæ уæлæдарæс æрбахæсса, уæдмæ йæ æз зæххæй уæлæмæ сисын нæ бауадздзынæн.

Асиат Батойæн йæ сæр йæ хъæбысы æрбатыхта. Мард ма цы фембары, фæлæ мæгуыры бон бакодта Асиат æмæ Зæринæйыл.

Уалынмæ Зæринæ дæр æрбахаста Батойæн йæ афицеры дзаумæттæ. Систой æмæ йæ бахастой иу хæдзармæ. Цынадтой йæ, скодтой йыл йæ уæлæдарæс. Диссаг уыди Батомæ бакæсын. Адæмтæ сæ кæуын нал æмæ нал урæдтой.

— Ахæссæм æй Стыр Мæздæджы аргъуанмæ, хуыздæр ма дзы кæй сæвæрдзыстæм.

Инал загъта:

— Уæ мæнæ хорз адæм, фарн уæм бадзурæд, фæлæ уал æй йæхи хæдзармæ куы ахæссиккат.

Иналы фæндон сæххæст кодтой. Батойы бахастой йæ фыды хæдзармæ. Зианы хабархæсджытæ фæйнæрдæм фæхабар кодтой, суанг уæртæ Нæртоныхъæуæй Агъабатырмæ, дард Лабæйæ суанг уæлæ Кæсæгмæ. Базмæлæнтæ æмæ фезмæлæнтæ нал уыди Иналы дардыл æвæрд галуанты мидæг. Зианмæ уыйбæрц цæугæ дæр цæрынæй хæрынмæ никæд ма æрцыди. Фæйнæрдыгæй ластой галтæ æмæ нæл фыстæ цæстуарзондæрæн. Инал йæ чындзæхсæв хистæй раивта.

Уалынмæ Къоста дæр æрбахæццæ. Инал уайтагъд Къостамæ фæкомкоммæ: «Мæ иунæгæн ныр йæ фæндаг фæраст кæнынмæ амал фæци, ай бæрц адæмтæн æгъдау хъæудзæн. Мæнæ афтæ куы бакæнынц, фырвыд æвыд у, зæгъгæ. Хур дæр ма йæ цæст куы ныттар кодта, хионтæн сæ цæстытæй сæ туг куы калди. Уæ, мæнæ диссæгтæ! Диссаг дæр уæд куыннæ у — чи уыди ахæм домбай гуырдæн ахæм æнамонд сæфтæй фесæфын æнхъæл? Æппындæр ничи. Æгъгъæд у фæллад æмæ рыст адæмæн, фаг лæггад фæкодтой ацы судзаг æмæ дудаг зианæн».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.