Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 21 страница



— Æхсæв у æви бон?

— Уæ, Хуыцау уын æй куыннæ ныббарста, мах уын куы загътам: раздæхут фæстæмæ. Бон у, бон.

Сæ сæртæ хойынмæ фесты:

— Хуыцау нæ саугуырм куы бакодта!

Ракодтой сæ кæсæг сæ хæдзæрттæм.

Хетæг иу цасдæры фæстæ бацыд Уæлладжыры коммæ. Куы бахæццæ, уæд йæ æфсургъ фæмарди. Хетæгæн йæ æфсургъ раст йæ хорз æмбалы хуызæн уыди. Хъæбæр уæззау зыны бахауд: æфсургъ дæр фæмард, йæ цардæн сæрфат дæр нæ уыди.

— Охх, ме ’фсургъ, уый мæ цæй мæгуырæй фæуагътай, кæсгон лæджы æлгъыст мыл куыд æрцыди.

Хетæгмæ ма йæ æфсургъ æртæ хатты скасти, æвæццæгæн, загъта: «Уæ Хетæг, бахатыр мын кæн, фыдвæндаг дæ кæй фæкодтон. Ныр цы кæндзынæ æнæ мæн? Дæ фæндагæн æгæр-мæгуыр йæ бæрæг сæрфат куы нæ зоныс».

Хетæг йæ æфсургъæн ингæн скъахид, æмæ йæм нæ фыййаг, нæ джебогъ ис. Фæлæ уæддæр лæг амалæн у — хъамайæ дзыхъгонд скодта æмæ йæ æфсургъы æрныгæдта.

Рацыд Уæлладжыры комæй тынг æнкъардæй. Раст изæрмæ æввахс æрбахæццæ Зæрæмæгмæ, иу хæдзармæ бадзырдта:

— Уæ хæдзаронтæ, ахсæв мын фысым куы фæуиккат, дард бæлццон дæн, тынг тыхст дæн.

Ус акатай кодта æмæ загъта:

— Нæ лæг цуаны фæцыд, æмæ мæ бон нæу нæлгоймаг уазæгæн фысымы бацæуын.

— Бахатыр кæн, хорз ус, раст кæй зæгъыс, уымæй дæ тынг фæбузныг дæн. Нæй сылгоймагæн ахæм бар.

Æрцыд Цымимæ. Уыцы ран царди бердзенаг лæг Бигъула. Хетæг æм бадзырдта:

— Фысым агурын.

— Уазæг Хуыцауы уазæг у, мидæмæ!

Хетæг Бигъуламæ æрфысым кодта. Иу цасдæр фæцарди æмæ йæхицæн загъта: «Абон цуаны куы фæцæуин». Ме знаг мæнг зæгъæд, æнкъард дæр тынг кодта.

Хетæг Нармæ бацыди. Нары цæрæг адæмы æртæ азы агъоммæ зæй тынг бахъыгдардта, фæласта сæ. Чи ма дзы баззад, уыдон фæйнæрдæмты фæлыгъдысты. Нары ма баззад Нартубырæн йæ кувæндон иу рæсугъд къуыбырыл.

Нары ма уыд хæдзæрттæ дæр кувæндоны алфамбылай. Хетæгæн Нар йæ зæрдæмæ тынг фæцыди æмæ загъта:

— Æз ацы ран хъуамæ æрцæрæнбынат кæнон.

Бигъуламæ уыди къаннæггомау чызг. Хетæг иугæр Нары куы æрцарди, уæд Бигъулайы чызджы ракуырдта æмæ йæ бахаста Нармæ. Бигъула йæ чызджы æд фæллой рарвыста Хетæгмæ. Хетæг уайтагъд фæцæрæг, Нартубыры кувæндоны раз замманайы хæдзар дæр срæвдз кодта.

Хетæг цæуаг лæг уыди æмæ та цæуын сфæнд кодта. Бигъуламæ бацыд æмæ йын загъта:

— Æз цæуын, фæлæ-иу дæ чызгмæ дæ цæст фæдар.

Хетæгæн Бигъула цы хъуамæ загътаид? Бæргæ йæ нæ фæндыд: сывæллон чызгæн йæ бон хæдзар дарын куыд бауыдзæн?

Хетæг авд азы балцы фæцыди. Бигъулайы чызгæн лæппу райгуырд. Ном ыл сæвæрдтой Джиуæр. Хетæгæн йæхи хæдхуызæн уыди. Диссаджы цæрдæг сывæллон дæр уыди Хетæджы фырт Джиуæр. Хетæгæн йæ авд азы сæххæст сты æмæ рацыд йæ хæдзарон фæндагыл. Куыннæ ма вæййы фæндагыл цæуæг адæмтæ дæр.

Уæд раст дыууæизæрастæумæ æввахс Хетæгыл иу зæронд лæг æрбамбæлд фæндагыл. Зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Уæллæй, уæртæ иу дæу цахъхъæн лæппуйыл æрбамбæлдтæн. Тынг ын ныллæгъстæ кодтон: «И-и, дæ хорзæх уæд, тынг бафæлладтæн, изæр дæр мæ æрбаййафы. Мæ хæдзармæ нал бахæццæ уыдзынæн, æмæ куыддæр ахсæв дуармæ баззайон, афтæ мæ бирæгътæ къабазгай бакæндзысты. Ацы ран бирæгъты бынат у». Дæ фæсарц мæ авæр, зæгъгæ, йын ныллæгъстæ кодтон. Нæ бакоммæ касти: «Ныр ацы ран фæндагыл цал зæронд лæгыл æмбæлон, уыдон мæ фæсарц куы æвæрон, уæд мæ сæр бахъуыди».

Хетæг йæ бæхæй æргæпп кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнæ сбад мæ бæхыл, æз та дæ фæсарц.

— Уæ, Хуыцау дын арфæ ракæна, мæнæ фæндаггон.

Зæронд лæг Хетæджы бæхмæ схызти, Хетæг йæ фæсарцмæ багæпп кодта. Иу ранмæ бахæццæ сты. Зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Ныр æз уæртæ хæстæг цæрын. Фервæзын мæ кодтай æмæ дын цы балæвар кæнон? Ис мæм, дæуæн цы балæвар кæнон, ахæмтæ. Кæнæ дын сызгъæрин тын балæвар кæндзынæн, кæнæ дын æртæ ныхасы бацамондзынæн. Æз ацæргæ зæронд лæг дæн, бирæ федтон æмæ бирæ зонын.

— Ницы мæ хъæуы. Æгайтдæр ма дзæбæхæй дæ хæдзармæ æрбахæццæ дæ. Кæд дын зын нæу дзурын, уæд мын æртæ ныхасы бацамон.

Зæронд лæг загъта:

— Фыццаг ныхас дæ зæрдыл бадар: куы смæсты уай, уæд-иу дæ галиу цонгæй рахизы рацахс, иугæр лæг марынмæ æрцыдтæ, уæд, æмæ æнæ фыдбылызæй баззайдзынæ. Дыккаг ныхасæн та дын амонын: кæцы ран дыл баталынг уа, уым-иу бахсæвиуат кæн, æхсæвдзу макуы ракæн. Æртыккаг: федтонæй нæ федтон хуыздæр. Ныр цæугæ кæн, ацы æртæ ныхасы дæ ацы фæндагыл кæй бахъæудзысты, уый-иу зон.

Хетæг цæуы æмæ йыл иу ран æрталынг. Æртæ уæрдонджыны дæр ыл æрбамбæлди. Хетæгæн зæронд лæджы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ уæрдонджынтæн афтæ зæгъы:

— Ацы ран лæгæты куы бахсæвиуат кæниккам, уæд хуыздæр нæ уаид æхсæвдзуйы бæсты?

Уæрдонджынтæ афтæ зæгъынц:

— Æхсæвиуæттæгæнгæ куы цæуæм, уæд нæ хæдзæрттæм кæд фæхæццæ уыдзыстæм? Махæн гæнæн нæй, дæуæн дæ бар дæхи фæуæд.

Хетæг загъта:

— Уæдæ фæндараст фæут.

Хетæг æхсæвы лæгæты ныллæууыд, физонæг скодта, йæхи хорз федта, фæфынæй кодта. Райсомы фыццаг кæркуасæнты рабадти, фæстæмæ та лæгæты арт акодта — цæуæг лæгæн йæ фæндаг хъуыдыйаг вæййы. Физонæг та акодта, хорз йæхи федта æмæ сбадт йæ бæхыл.

Цæуы, æмæ уæртæ æртæ уæрдонджыны сæ кæрæдзийæн сау над кæнынц. Хетæгмæ диссаг фæкасти: «Адон, æз кæй урæдтон, уыцы бæлццæттæ куы сты, уæд цы хабар уа? Дард дæр куы нæ рацыдысты». Хетæг бацыд æмæ сæ афæйнæрдæмыты кодта:

— Цæуыл уæ кæрæдзийы марут ацы ран, уæ бинонтæ уæм æнхъæлмæ куы кæсынц, нæ хæдзардарджытæ хор ласынмæ фæцыдысты, зæгъгæ.

Бæлццæттæ Хетæгæн сæ хъæстытæ кæнынц. Иу афтæ зæгъы:

— Дысон-бонмæ мын йæ бæхæн мæ къæссатæ байгом кодта, æмæ мын мæ хор æрдæг фæкодта йæ бæх.

Иннæ та афтæ зæгъы:

— Мæ хос мын сусæгæй лæвæрдæй фæци йæ бæхæн.

Аннæ та сæ иргъæвгæ кодта, æмæ йæ æхсæны фæхостой, йæ туджы æвдылди. Хетæг сæ басабыр кодта æмæ сын афтæ зæгъы:

— Мæнмæ куы байхъуыстаиккат, уæд абон уæ кæрæдзийы нæ бахъыгдардтаиккат. Æхсæвдзу хорз нæу, макуал ракæнут. Ныр та ацæут уæ хæдзæрттæм.

Иу дзæвгар та рауад, æмæ уæртæ иу лæджы марды цур лæууынц цалдæр лæджы. Хетæджы афарстой:

— Ацы лæджы чи амардта, уыдонæн ницы бамбæрстай, ды дæр ам куы æхсæвиуат кодтай дысон, уæд ын йæ хъæр дæр нæ фехъуыстай?

Хетæг афтæ зæгъы:

— Нæ зонын, æз ницы федтон. Фæрсгæ дæр мæ цæмæн кæнут? Сымах дæр æй уынут, æз дæр æй уынын.

Цæвиттон, иргъæвгæ сæ чи кодта, уыцы лæджы амардтой. Хетæг сæ нæ бафарста, кæдæм цæут кæнæ кæмæй стут. Лæджы мард та æгас нал рауыдаид. Федтон дыууæ у, нæ федтон та иу у.

Хетæг æнæ фыдбылызæй рацыд йæ фæндагыл. Раст фæсахсæвæрты æрбахæццæ Нармæ.

Хетæг йæ хæдзары дуар бахоста:

— Дуар бакæн, Бигъулайы чызг, Хетæг дæн, Хетæг!

Бигъулайы чызг рауад:

— Уæ, алæбон æгас цæуай, нæ лæджы хай, хорз афон фæзындтæ.

Хетæг мидæмæ бахызт, æмæ йæ фырт Джиуæр Хетæджы пылыстæг сынтæгыл хуыссы.

— Ай дын чи у, Бигъулайы чызг, мæ сынтæджы цы архайы?

Æхсаргард фелвæста, æрцæвон куыд загъта, афтæ та Хетæгæн зæронд лæджы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ галиу цонгæй йæ рахизы рацахста.

Ус загъта:

— Мæнæ диссаг, куыдæй мæ ныууагътай, уый нæ зоныс? Дæхи лæппу у.

Хетæг фыр цинæй фехъал кодта йæ фырты. Раст сыгъдæгæй дæр Хетæгæн йæхи хуызæн саубагацæст лæппу.

Райсомæй Хетæгмæ йæ зонгæтæ, йæ лымæнтæ цингæнгæ уадысты цæстуарзон хуынтимæ.

Хетæг йæ фырт Джиуæрæн Уæлладжырæй чызг æрбахаста, Быгъуылты чызджы. Хъæбæр домбай гуырд дæр дзы рауад Джиуæрæй, æххæст лæг кæй фæхонынц, ахæм. Арв дзы нæрын нæ уæндыди, дардыл йæ кой айхъуысти. Æрмæст ын лæппутæ бирæ нæ рацыди, дыууæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Гъе ныр Джиуæр у бердзенаг хæрæфырт. Джиуæры цот та Быгъуылты хæрæфырттæ: Дзида æмæ Мами. Чызджытæ чындзы фæцыдысты. Чи Уæлладжыры коммæ фæцыди, чи та фæцыди Урстуалтæм. Хетæгæн йæ кæстæр чызг та лæвæрд æрцыди Туатæм.

Мамийæн Хетæг ракуырдта Хуырымты Тархъойы чызджы. Хъæбæр хорз сылгоймаг дæр рауад Хуырымты чызг, цыппар лæппуйы мад фæци.

Гоцъи, Дзапар, Уæтар, Бала — адон сты Мамийы сахъ фырттæ. Адонæй уæлдай хæстæгдæр Хетæгкатæм ничи у, цыппарæй дæр сты Хетæджы фырты фырттæ.

Уæдæ ныр Къоста Хетæгæн йæ цалæймаг фыды фырттæй у? Къоста у Хетæгæн йæ дæсæймаг фыды фырттæй, Асатæй, Гуыбаты хæрæфырт.

Хетæгæн йæ къабæзтæ тынг дардыл ацыдысты, авд усы йын уыди, уартæ йын Гуырдзыйы дæр ус уыд. Фæлæ ма йыл æндæр мыггæгтæ дæр æрцыди фыст, зæгъæм, Гуыбатæ, Исахътæ. Цæвиттон, Хетæгкатæй лæг амардæуыд æмæ йын йæ туг райстой Исахътæ. Æмæ уымæ гæсгæ фыст æрцыдысты Хетæгыл, уæдæ Гуыбатæ дæр афтæ.

Хетæгкатæ Гуыбатимæ кодтой хæстæг. Гуыбатæ Хетæгкатæн тугхæстæг нæ хæссынц. Гуыбатæй Хетæгкатæ чызг куы ракурынц, уæд афтæ дæр рауайы: «Кæмæй дæ?» «Хетæгкатæй». «Кæй сиахс дæ?» «Хетæгкаты». Гуыбатæм чызг куы раттынц, уæд дæр афтæ. Цæвиттон, хорз нæу, цыма мæнæ сæ хоты ракуырдтой, афтæ.

Туатæ амардтой лæг æмæ Хетæджы фæдыл бацыдысты Уæллаг Зæрæмæгмæ. Сатъат, зæгъгæ, иу ран æрбынат кодтой. Ныр иутæ фыссынц афтæ, Туа, дам, Хетæджы æфсымæр уыди. Нæ, уый раст нæу. Туа у Тæгиайы къабæзтæй. Хетæгæн йæ æфсымæртæ бæрæг куы сты — Биаслан æмæ Аслан. Цæвиттон, Аслан Мамайы хæсты фæмард. Биаслан та баззад кæсгон дзыллæты æхсæн, рауагъта дардыл къабаз. Биаслантæ, ирон уæвгæйæ, баззадысты кæсгон адæмтимæ æмæ сæ рауад кæсгон адæмыхатт. Тынг уæздан адæмыл нымад уыдысты Биаслантæ Кæсæджы. Уæдæ дзы Стъараполы хус быдыры дæр царди Авалæфы хъæуы. Уыдысты чырыстон диныл хæцæг, цæвиттон, сæ равзæрд алантæй кæй уыди, уый амыдта сæ дин. Налцыккæй дæр ралыгъдысты, пысылмон дин сæ нæ хъуыди, нæ цыд сæ зæрдæмæ, кодтой сыл хъоды æмæ сæхи райстой Стъараполмæ.

Уæдæ Гоцъийы байзæддагæй фылдæр æмæ домбайдæр кæцы рауади?

Бала уыди ахуыргонд лæг, Асайы уæлдай фылдæр уарзта, иуæй кæстæр æфсымæр уыди, аннæмæй та зæрдæисгæ лæппу уыди. Балайы фæндыди, Аса куы сахуыр кæнид, уый. Дард Уæрæсемæ йæ фæкодта, радта йæ сауджынты ахуырмæ. Иу дзырдæй, Нартубыры аргъуан арæзтæй баззад Уæллаг Нары комкоммæ. Куыста дзы бердзенаг сауджын, хæрз зæронд баци. Бала йæ кæстæр æфсымæр Асайыл йæ зæрдæ тынг дардта:

— Агъæц, мæ кæстæр æфсымæр у иннæ æфсымæрты бæгуыдæр.

Уалынмæ Бала йæ æфсымæртæй иуæн, Амыранæн, афтæ зæгъы:

— Ацу æмæ Асайы бабæрæг кæн.

Амыран ацыд æмæ Асайы бабæрæг кодта. Аса ахуыр ныууагъта, фæлæ давджытимæ фæиу. Æрбацыд æмæ йæ Балайæн радзырдта. Бала марды хуызæн фæци:

— Уæ, Хуыцау мæ куыд ралгъыста, мæ æфсымæрты хуыздæр куы уыди! Цы хуыздæр фæрæз ма йын æрхъуыды кæнон?

Уæтар уыди тыхджын æмæ куыддæр гуымирыгонд лæг. Бала Уæтаримæ рацыд Асайы агурæг. Бирæ йæ фæцагуырдтой æмæ йæ ссардтой раст ныгуылæны уазал бæстæйы. Аса хæстæг нæ цæуы Баламæ, фæлæ дардæй-дарддæр лидзы. Уæтар дæр йæ фæстæ даргъ къахдзæфтæгæнгæ згъоры. Уалынмæ йæ рацахста, сбæстытæ йæ кодтой, æмæ йæ Уæтар йæ æккойы хæссын байдыдта. Йæ къухтæ йын бахсыдта Аса.

— Цыфæнды мын кæн, Аса, æз дæу нал ауадздзынæн.

Балайы разæй рарвыста:

— Ацу ды, Бала. Нæ хистæр æфсымæр дæ æмæ нæ хæдзармæ фæцу. Адæмы æфсæрм бирæ у.

Бала куыста хицауæй. Æхсæны куыстгæнæг лæгæн рагæй фæстæмæ дæр уæлдай ацæуæнтæ кæм ис. Бала ма иу цасдæр афæстиат, афтæ Уæтар Асайы æрбахаста Нармæ, Хетæджы фидары йæ бакодтой, лидзынæй йын куыд тарстысты, афтæмæй. Уалынмæ Бала дæр æрбацыд, бирæ фæныхæстæ кодта уарзон æмæ зынаргъ æфсымæрæн:

— Цы кæныс, Аса, æз дæуыл мæ зæрдæ куы дарын, мæ хуыздæр æфсымæр ды куы дæ.

Аса ахуыр кæнынмæ нал бакоммæ касти, мæ сæр зилгæ кæны ахуыргæнгæйæ, зæгъгæ, сæфсон кодта.

Бала йæ æфсымæртæн загъта:

— Асайæн бинонты мадзал бакæнæм, кæннод та фæлидздзæн.

Дзапар йæ хистæр уыди, фæлæ Асайæн бинонтæ раздæр æрхастой, Туаты чызджы. Уарзон хæстæг бакодтой Гоцъийы фырттæ Туатимæ. Сæ кæрæдзийæн адджын дæр уыдысты. Мæгуырау цот нæ рацыди Туаты чызгæй: фараст лæппуйы æмæ æртæ чызджы.

Асатæй фылдæр цот сæ никæмæн рацыд Гоцъийы фырттæй, æрмæст уыдысты зæххæй хъуаг, уымæн æмæ иугæр Бала куы амард, уæд æфсымæртæ кæрæдзийæ нæвæндонæй фæхицæн сты, хæйттæ дæр ахицæнтæ кодтой. Фондз æфсымæрæн цот дæр тынг бирæ уыдис, цардысты Хетæджы райдиан хæдзары. Хæдзар уыди тынг стыр. Хæдзарæн йæ быны уыдис скъæт. Фондз æмæ дыууиссæдз бинойнаджы уыдысты. Кусарт-иу куы акодтой, уæд-иу дзы бирæтæм хай дæр нал æрхауди, кæнæ-иу рох фæци, кæнæ-иу нал раххæстис. Стыр аг сын уыди, æрхуы аг æй хуыдтой, иу фараст къæртайы сæ былæй кæлгæ дзы бацыдаид. Уыцы æрхуы аджы-иу дзыкка кодтой. Дыууæ кæнæ æртæ къæртайы дзы-иу сыгъдæг царв систа сæ зæронд æфсин Хуырымон. Чындзытæ-иу уæлибæхтæ кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд-иу хуры ныгуылдмæ конд нæ фесты. Хетæджы къæбицы-иу æвæрæнтæй фылдæр цы уыди. Иуырдыгæй-иу цæхджын дзидзатæн сæ сой зæхмæ тагъд æмæ-иу зæххыл обæуттæй лæууыдысты сойы тæдзæнтæ. Царвæй, цæхджын цыхтæй фæндзгай хæндгуытæ сæ былтæй кæлгæ. Суанг ма дзы-иу уыди дзæбидыры цæхджынтæ дæр, фиуæй, зормæйæ. Хетæджы къæбицы дуар-иу гомæй куы аззади æфсинтæн, уæд-иу сывæллæттæ цингæнгæ уадысты къæбицмæ, диссаг-иу сæм касти:

— Ай бæрц цыхтытæ хæрд та кæд фæуыдзысты, Нана?

— Нана уæ фæхъхъау фæуа, зымæг даргъ у, уадз æмæ дзагæй-дзагдæр уа нæ хицæутты дзаджджын къæбиц.

Буц цардæй фаг æфсæст уыдысты Хетæджы къабæзтæ. Цалынмæ æфсымæртæ нæ ахицæн вæййынц, уæдмæ æфсымæртæ вæййынц. Фæлæ иугæр куы ахицæн вæййынц, уæд æфсымæртæ нал вæййынц, сæ æфсымæрад æрвадмæ раивынц. Уарын зын у, нæргæ хæдзар ныддихтæ кæнын зын у.

Гоцъийы фыртты тынгдæр змæста Аса, тæргæйттæ-иу кодта. Уæлдайдæр Бала куы амард, уæдæй фæстæмæ Аса æмуд нал цыди йæ æфсымæртæм.

Иу Ногбон æхсæв та Гоцъийы фырттæ гал аргæвстой, авдхъусыг цæдджинаг бæгæны афыхтой. Æфсинтæ лæппæг уæлибæхтæ æмæ нард фæлмæн фыдæй фыдджынтæ кодтой. Гъа, ныр дзидзатæ агæй сисæм, афтæ Аса хылкъахæнтæ кæны:

— Ацы ран мæ сылгоймагæй фылдæр ничи змæлы.

— Уæ Аса, бæрæгæхсæв у, æруадз нæ. Уарын дæ æрфæндыд æмæ йæ æргомæй зæгъ. Райсом куы æрбабон уа, уæд дæ ахицæн кæндзыстæм.

Асайы ус ныккуыдта æмæ загъта:

— Æз мæ бинонтæй нæ хицæн кæнын. Файнустытæй мæнæй налатдæр нæй, æви цы хабар у?

Аса йæ бынатæй фæгæпп кодта, æмæ мит раст уæраджы сæртæм уарыд, афтæмæй хъæдмæ сфардæг æмæ-иу миты бынæй бирæгъы ниуд ныккодта. Æфсымæртæ йæ агурынц. Хъæдæй ниугæ кодта, æфсымæртæ та йæ агуырдтой хуссарырдыгæй, уымæн æмæ-иу цæгатырдыгæй куы нынниудта, уæд-иу цыма мæнæ хуссарырдыгæй ниуы, афтæ амыдта.

Бинонтæн сæ бæрæгæхсæв фенад кодта, æхсæв-бонмæ йæ фæагуырдтой. Иугæр сæ бон куынæуал уыди, уæд бацыдысты æмæ алчи йæ хуыссæны æххормаг æмæ фæллад, мæстджынæй схуыссыд. Иугæр бинонтæ куы схуыссыдысты, уæд Аса дæр хъæдæй æрфардæг, йæхи хорз федта æмæ бацыд йæ хуыссæнмæ.

Райсомæй йæ ус рахабар кодта:

— Мауал æй агурут, уæртæ хуыссы.

Ахæм фыдуаг æгъдæуттæ-иу æм уыди. Цы гæнæн ма уыд æфсымæртæн дæр, ахицæн æй кодтой. Кæстæртæн цанæбæрæджы хай вæййы, фæлæ йæ Бала бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ йын цæстуарзон хæйттæ радих кодтой.

— Цæр, Аса. Нæ хорз æфсымæр Балайы фæстæ нæ хæдзар ныддихтæ кæнын бæргæ нæ фæндыд, фæлæ дæм галиу митæ хорз цæмæн кæсынц, нæ зонæм. Дæхицæн дæр маст кæныс, махæн дæр. Цух та уæд цæмæй стæм? Нæ дзидзатæ, нæ фиутæ нын къуымты рæмпæджытæ куы хæрынц хæрыны фыдæй. Хицæн дæ кæнæм, нæ кæстæр æфсымæр. Бæргæ нæ нæ фæнды дæуæй ахицæн, фæлæ æввахс нал цæуыс æфсымæртæм. Хæдзары бæрны бацæуын дæр, Аса, мæ хур, æнцон кæй нæу, уый дын зонын кæнæм.

Уæтар ныккуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Дард ныгуылæны бæстæй мын мæ къухтæ æхсынгæ æрбацыдтæ, уæддæр нын афтæ адджын уыдтæ, æмæ нæм нæ хъардтой дæ фыдуаг æгъдæуттæ. Гъе ныр фæндараст фæу, хорз боны дæ куыд ахицæн кæнæм. Ахæсс дæ артдзæсты хай дæр. Цыдæриддæр дын адих кодтам, уыдон дын хорзы боны лæвæрд æрцæуæнт. Хорз цот дын ис, хорзæй дын байрæзæнт.

Асайы ахицæн кодтой.

Аса йæ æфсымæрты фыддæрагæн Нарæй иу чысыл фалдæр æрцæрæнбынат кодта. Йæ ус Туайон фыр æфсæрмæй зæххы бын куы аныгъуылдаид, уый дæр æй бафæндыдаид. Йæ цæгатмæ дæр фæцыд тæргай:

— Нæ лæг йæ бинонтæй цæмæн сфæлмæцыд, нæ зонын. Хуыцауы сконд бинонтæ сты. Нæ мæ фæндыд мæ хорз бинонтæй рахицæн кæнын.

— Цы гæнæн дын ис, мæ чызг.

Уыцы заманты сылгоймаджы бон цанæбæрæджы уыди. Æдцот сылгоймагæн йæ маст куы ссыди, уæд та фæстæмæ æрцыд.

Асайæн йæ æфсымæртæ йæ хæдзар аразынмæ фæкастысты. Бæргæ сæ нæ фæндыд, Аса Хетæджы æрнæгæй æддæдæр ацыдаид, уый, фæлæ цы сæ бон уыд зæгъын. Аса æрбынат кодта Есбейы.

Иугæр йæ цот куы фæхъомылдæр сты, уæд-иу Нарыхъæумæ рафардæг сты.

Уайтагъд Балайы хистæр фырт Фыранг Гоцъийы фырттæн дзурын райдыдта:

— Аса Есбейы цæмæн æрбынат кодта? Зæххæй дæр хъуаг цæмæн у?

Фыранг Асайы фырттæн бахай кæнын кодта Сау хъæды хæд рæбын иу-æртæ бонгæнды хуымтæ.

— Мæ фыды ’фсымæртæ, Асайæн даринæгтæ бирæ ис æмæ йæм зæхх та фаг нæй.

Аса кусынмæ дæр тынг рæвдз нæ уыди. Йæ хуымтæ-иу раст хæмпæлы бын фесты. Йæ ус-иу, мæгуырæг, йæ сывæллæтты хаста æд авдæнтæ куыстуæттæм кæугæйæ. Иунæгæй цæрын хæхбæсты мидæг æнцон кæм уыди. Асамæ йе ’фсымæртæ мæсты куыд уыдысты, афтæ йæм исдуг нæ кастысты: уадз æмæ бамбара, хæдзары æфсарм зын кæй у, уый. Фæлæ иугæр даринæгтæ куы фæбирæ сты Асайæн, уæд сын сæ фыды ’фсымæртæ тæригъæд кодтой, æмæ-иу сын хуым дæр кодтой, хос дæр карстой.

Асайæн урс бæх уыди æмæ-иу куыстафон дæр йæ урс бæхыл бабадт æмæ-иу балцы афардæг кæм чындзхæссæг, кæм та-иу тæрхоны лæг дæр фæлæууыд. Æфсымæртæ-иу ын æдзухдæр дзырдтой:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.