Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 15 страница



Мариа рацыди, Къостайы ныууагъта йæ каистæм. Куы цыди, уæд ын бафæдзæхста:

— Æнафоны-иу, мыййаг, ма рацу, фыдбылыз цы нæ вæййы. Цæлыккаты чызгмæ Ирыхъæуæй дæр бирæ лæппутæ æнхъæлмæ касти, æмæ лæппуйæн та чызгæй «нæ» райсын у раст йæ сæры акъуырды хуызæн. Кæцыфæнды маст дæр йæ бон у бауромын, фæлæ ахæм маст у хъæбæр зын бауромæн. Къостайæн та хионтæ алы къахдзæфы дæр тæрсгæ кодтой.

— Фæлтау-иу ахсæв ныллæуу æмæ райсом бон дзæбæх куы æрбарухс уа, уæд-иу рацу нæхимæ. Æз кæрты дуар раджы байгом кæндзынæн, иу дæр дæ хистæртæй нæ фендзæн.

— Хорз, уæ зæрдæ-иу ма æхсайæд. Ма та-иу мæт кæнут.

— Мæт дæр цы диссаг у?

Æртæ æхсæвы раздæр иу лæппуйы амардтой — Ирыхъæумæ рагæй дæр ахæм галиу æмæ æнамонд хъуыддæгтæ уыди. Цæвиттон, дыууæ лæппуйы иу чызгыл ныхæй-ныхмæ систы, иу дæр æй куырдта, иннæ дæр, сæ кæрæдзийæн бар нæ лæвæрдтой. Фæлæ лæвæрд æрцыд бынтон æндæрæн. Дыууæ лæппуйы сæ кæрæдзийыл рамбæлдысты раст фæсахсæвæрты æмæ сæм загъд рауад: «Ды мæнæн бар куы раттаис, уæд æй æз ракуырдтаин. Ныр дæу дæр куы нæ фæцис æмæ мæн дæр». Ницы сын бафæрæзтой иргъæвджытæ дæр, æмæ иу иннæйы хъамайæ барæхуыста. Хъама раст йæ зæрдæйы бауад. «Уæ, Хуыцау дын хорз ма ракæна, кæд мæ цæмæн амардтай! Иу фæрныг ус хæссы, аннæ фæрныг чындзы цæуы, æз та цы кодтон?» Лæппу ма, мæгуырæг, йæхиуыл сау сагъæстæ фæкодта цасдæр, фæлæ уыцы сагъæстæй цы хъуамæ рауадаид?

Чызгыл иу лæппу дзуры, уæд æй уый бар уадз, цалынмæ хъуыддаг иуырдæм æрхауа, уæдмæ. Дыууæ кæнæ æртæ лæппуйы хъуамæ иу æхсæв бацæуой усгур? Раздæр кæцы сдзура, уый сæрты ма кæдæм хизыс, бауадз æй, фондз азы йыл нæ фæдзурдзæн. Фæлæ иуæй-иу чызджытæ дæр барæй лæппуты сæхиуыл фæагъуыйын кæнынц, мæнæ мæ бирæ курджытæ ис, зæгъгæ. Нæ, уæдæ усгур амондæн ницы æххуыс кæны, æрмæст дзы чызг катайаг фæвæййы: «Уæдæ дзы ныр кæцыйæ смой кæнон?» Фæцæуынц, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хорз лæппутæ, æмæ дзы иуæй смой кæны, сегасы цæуынæй цы хъуамæ рауайдзæн?

Афтæ дæр рауайы, æмæ чызг дæр æмæ чызджы хицæуттæ дæр нæ базонынц лæппу равзарын, æмæ уыцы бирæ усгуртæй сæ тæккæ нуазагдæр æмæ магусайæн лæвæрд æрцæуы, чызг сагъæссаг фæвæййы: «Мæнæ цæй рæдыд фæкодтон! Адæмы арæхæй мæ хай нæ фæци, мæхи аххосæй мæхи бабын кодтон». Цард-цæрæнбонты йæхимæ мæсты фæкæны, афтæмæй фæсмонгондæй йæ царды бонтæ фервиты.

Вæййы афтæ, æмæ чызгмæ иу курæг æрбацæуы æмæ смой кæны, диссаджы хорз цардмæ бахауы, æнæмæтæй йæхицæн фæцæры. Бирæ курджытæ кæй вæййы, уый йæм хæлæг фæкæны: «Акæс-ма, иу усгур йæ къæсæрæй нæ бакасти, æмæ йæ цæй диссаджы амонд фæци. Амæндтæ скæнæгæн цы загъдæуа? Мæныл та адæмы хорзæджытæ дæсгæйттæй дзырдтой, мидæмæ дуæрттæ тыдтой, æмæ мæхицæн амонд равзарын нæ базыдтон, æмæ фæсмойнаджы цæрдтытæй мæ цард æрвитын иу расыггæнагимæ, нæ хорз æмбары, нæ æвзæр. Уый дын мæ амонд, доныкъусы сæфт фæкодта. Мæ алывæрстæм хæлæгæй мæ царды бонтæ æрвитын. Мæнг нæ фæзæгъынц — амонд дæм кæцæй фæзындзæн, уый зын баууæндæн æмæ базонæн у».

Афтæ у цард, йæ бындар куы фæуид. Къостайæн уый æнхъæл чи уыд, æмæ уыцы хорз æгъдæуттæ ахæм уæззау зындзинадмæ разилдзысты.

Къостайыл-иу Цæлыккатæм кæуылты сбон, уый-иу нæ бамбæрстой кæрæдзийы цинæй.

— Цард цыбыр у, мæ хур Аннæ. Абон æз æмæ ды кæд нæ кæрæдзийы цинæй цы фæуæм, уый дæр нæ зонæм, уæддæр цы вæййы æмæ куыд вæййы, чи зоны, æмæ афтæ рауайа, æмæ дæм райсом изæрæй нал æрбацæуон, амæлдзынæн цард мысгæйæ. Цардæн базонæн нæй, мæ хур Аннæ.

Цæлыккаты чызгæн-иу уыцы уæззау ныхас йæ уæнгтæ ауазал кодта.

— О, мæнæ диссаг! Æдзух, Къоста, афтæ цæмæн дзурыс? Æндæр искæмæй-иу зæгъ, дæхицæй афтæ цæмæн дзурыс?

Къоста зæрдæрыст уыд алы зындзинæдтæй, фæлæ уæддæр афтæ хъуыды кодта: «Цæмæн мæ рахъаст кæна Аннæ: Хетæджы-фырт мæнмæ кæсы йæ зонды цæстæй, йæ хъаруйы цæстæй».

Аннæйы-иу Къоста фæндырæй цæгъдыныл дæр бацайдагъ кодта, фæндыримæ дæр ын-иу азарыд. Аннæ Къостамæ кæсынæй нæ бафсæст. Цæрынæй уæд хæрынмæ куырдуаты бадæг чызгæй Аннæйы бæрц йæ мойы никæд ничи бауарзта. Иугæр-иу кæрчытæ сæ бынæтты куы базмæлыдысты, уасæг-иу куы ныууасыдис, уæд-иу мæлæты зын уыдис Аннæйæн.

— Ныртæккæ та цæугæ кæндзынæ, исты-ма ахæр!

Аннæйы-иу йæ къах Къостайы разæй кæд рацæуынмæ нæ хаста, уæддæр-иу тагъд-тагъд рауад æмæ-иу хæринаг кæнын райдыдта — уæдæ цы хуыздæр ахæра.

Куыннæ-иу уыдаид Цæлыккаты домбай æмæ дардыл хъуыстгонд хæдзары хæринæгтæ. Цæстуарзон минас-иу æрбахаста, æмæ-иу хъазгæ æмæ худгæйæ бахордтой. Къоста æдзухдæр æфсæрмы кодта йæ каисты хистæртæй.

— Дæ хорзæх уæд, Аннæ, æмæ хистæрты дæ къæхты гыбар-гыбурæй, мыййаг, ма райхъал кæн. Мæнмæ хæринагæй дæ зæрдæ ма æхсайæд.

Хетæгкаты Бибойы хæдзар дæр нæргæ хæдзар уыди, авд æфсымæры хæдзар. Уæдæ сын дыууæ та хотæ уыди æмæ-иу уыцы дыууæ хойыл æхсæв-бонмæ Къостайы мæтæй хуыссæг дæр нал хæцыд: кæд, мыййаг, рацыд, æмæ фæндагыл исты бæллæх æрцыд. Дыууæ чызджы-иу сæ кæрæдзийы стæрсын кодтой, фæлæ-иу рацæуын дæр æнафоны кæм бауæндыдаиккой. Сæ хуыссæнты-иу бадтысты, бонмæ-иу æнхъæлмæ кастысты.

— Агъæц, фæсæмбисæхсæв уыдзæн, нырма нæ рацæудзæн. Изæры йæ нал ауадздзыстæм.

— Аннæ дæр диссаг у — алы æхсæв æй цæмæн цæуын кæны? Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы. Алкæмæн йæ æмбисонд йæхи, Къостамæ дзы мацы æрхæццæ уæд, фæлæ Ирыхъæуы чысыл фыдбылызтæ, мыййаг, куы нæ цæуы. Уæд ахæм маст йæхимæ куыд исы?

— Уæдæмæ иуæй-иу æгæр куыддæр у. Мæнæ афтæ кæй бакæнынц — тас мæлæтæн ахъаз нæу. Аннæмæ, æвæдза, Къоста Къианы хохы фидарыл нымад у.

Чызджыты та-иу хуыссæг æрбалхъывта, иу чысыл-иу æррæдзæ-мæдзæ кодтой æмæ-иу цыма Къоста исты кодта, ахæм фынтæ сæ цæстытыл уадысты. Уымæн æмæ адæймаг зæрдæдзургæйæ куы ныххуысса, уæд фыны дæр ахæм цыдæртæ йæ цæстытыл фæуайынц. Кæнæ та-иу сæм фыны æрбадзырдæуыд: «Къоста кæм ис, нæма æрбацыд?» Æмæ та-иу сæ кæрæдзийæн сæ фынтæ дзурынмæ фесты. Уалынмæ та-иу рудзынгæй ахъахъхъæдтой:

— Нæй, фæлæ уæлæ уынгæй цыдæр хъæлæба цæуы, æмæ цы хабар уа?

Сæ æфсымæртæм-иу бадзурын мæнæ-мæнæ тынг нæ уæндыдысты.

— Къостайы ахæм афон Аннæ хъуамæ ма рауадза. Æвзæр хъæлæба куы хъуысы. Æвзæргæнджытæ адæмы тынгдæр хъыгдарынц фæсахсæвæртæй чысыл фæстæдæр.

— Уæ, æвзæр бон сыл куы бакæнид адæмы тæригъæдæй! Куыд сæ зæрдæтæ фæтæрынц искæй фæнæмын? Кæнæ искæмæн йæ дзыппытæ сфæлдах æмæ йæ сбæгънæг кæн. Кæнæ йæ амар. Тæригъæд сæм куыннæ фæкæсы?

— Адæм æмхуызон хорз куы уаиккой, уæд цæрын зын бæргæ нæ уаид. Фæлæ адæм æмхуызон кæд уыдзысты? Иу мадæй райгуыргæ мады зæнæг дæр ма куы нæ вæййынц æмхуызон, алкæмæ сæ алыхуызон зонд æмæ зæрдæ куы вæййы.

Уалынмæ-иу бон ивайын байдыдта, уасджытæ-иу уасын райдыдтой. Кусæг адæмтæй сæ куыстмæ раджы цæуын кæй хъуыди, уыдон-иу сæ бæхты аифтыгътой, æмæ-иу уайтагъд бæхты гыбар-гыбур хъуысын байдыдта. Уæд-иу Мариа рауад æмæ-иу кулдуар байгом кодта. Фæстæмæ-иу æрбауад æмæ-иу йæ дзаумæттæ акодта. Кулдуарæй-иу рахызт æмæ-иу уынг мæрзынмæ фæци, кæд-иу мæрзинаг нæ уыд, уæддæр. Йæ зæрдæ Къостамæ куыд æхсайдта, афтæмæй-иу ыл йæ рæстæг цæмæй ивгъуыйа, уый адæргæй.

Мад-иу æй бамбæрста:

— Нæ чызг та йæ ног чындзы митæм бахæццæ. Чындзытæ æнцад сæ фынæйы кой кæнынц, уый та боныцъæхæй уынгтæ сæрфынмæ фæвæййы. Ахæм ходыгъд дзы куы нæ уа. Мæнæн та мæ ходыгъдтæ уынг сæрфын сæ сæрмæ дæр нæ хастой.

Уалынмæ-иу Къоста дæр уыцы сабыргай æрбацæйцыд.

— Хистæртæ, мыййаг, мæн фарстой, Къоста кæм ис, зæгъгæ?

— «Нæ» зæгъин, æмæ дæ куыд асайон? Куыд дæ хъуамæ ма бафæрсой? Æхсæвæр куы фæхæрынц бинонтæ, уæд сын сæ хæрд ад дæр куы нæ фæкæны. Фæлæ мах исты æрхъуыды кæнæм æдзухдæр: уæлæ рынчын бæрæггæнæг ауад кæнæ та æндæр исты. Раст зæгъын хъæуы, мæнæн дæр æмæ Лизæйæн дæр нæ зæрдæтæ тынг фехсайынц. Æхсæв ныл афæдзæй даргъдæр кæд нæ ныввæййы, уæд мæ авд æфсымæры быныл баззайон.

— Иу хатт æмæ уын æй дыууæ хатты куы нæ фæзæгъын: æз ахæм афон уынджы цы хъуамæ архайон. Цæмæ уæхи стæрсын кæнут? Ау, Къоста далæ дард рæтты куы вæййы, уæд дæр æй йæ хотæ фæхъахъхъæнынц?

— Уый бæргæ афтæ у, фæлæ Ирыхъæуы æвзæргæнджытæй нæ зæрдæтæ хъæбæр рыст сты. Мæнæ æрæджы кæйдæр мæгуыр лæппуйæн цытæ бакодтой, уыдæттæй кæй зæрдæ нæ фæрисдзæн? Уымæн дæр, мæгуырæг, йæ хотæ уый æнхъæл нæ уыдысты, сæ æфсымæр сæ хæдзарæй дзæбæхæй рацæудзæн, æмæ сæм йæ мард æрбахæсдзысты. Æрцæуыны размæ бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уый æцæг у. Иугæр куы æрцæуа, уæд бахъахъхъæнæн нал вæййы. Куыдфæнды дæр уæд, ахсæв дæ нал ауадздзыстæм.

— Нæ, мæ хо, æнæ цæугæ нæй, уымæн æмæ йын æз мæхæдæг зæгъгæ кодтон, æрбацæудзынæн, зæгъгæ.

Къоста ныхас сайын нæ уарзта. Йæ каистæй-иу куы æрбацыд, уæд-иу алы хатт дæр афынæй кодта.

Афтæ æрвыстой сæ цард Аннæ æмæ Къоста сæ куырдуаты бадгæйæ. Аннæ Къостайыл къæсæрæй дуармæ дæр нæ хъæцыд. Фæлæ та ацы ран дæр хъуыддæгтæ цъары мидæг ауадысты.

Цæвиттон, дыууæ мыггаджы æхсæн фыдæвзаг хæсджытæ фæци. Къостайæн йæ фыды ’фсымæр Лексийæн фæндон нæ уыди. Хъуамæ Садуллæмæ æрцыдаид æмæ йын хъæбæр алывыд фæдзырдтаид: «Цы дæ хъуыддаг уыди мæ æфсымæры лæппу йæн чызг курынмæ? Ды Нары разагъды лæгты, мæн нæ бафæрсгæйæ, æнæзонгæ адæммæ цæмæн барвыстай? Къоста æфсармджын лæппу у æмæ æфсæрмæй ахæм хъуыддаг сарæзта. Къостайæн кæд мæ сæр æгас уыди, уæд Садуллæ йæ ныхас цæмæ хъуамæ фæтыхджындæр кодта?»

Лексийы ныхæстæ иугæр уæлдайджынæй Цæлыккатæм хæссын куы байдыдтой, уæд Аннæйы фыды хо тынг смæстджын адæргæй рауай-бауай кодта. Лæгтæ тынг нæ хъуыстой уæлдай æмæ дзæгъæл ныхæстæм.

— Мах Хетæгкаты намысджын æмæ кадджын зæронд лæгтимæ хъæбæр уарзон хæстæг бакодтам. Чифæнды дæр цыфæнды дзурæд. Адæмæн сæ фылдæрæн се ’гъдау афтæ у. Дзырд æмæ ныхасæн æрмæст фæндаг байгом уæд, æндæр ын фараст фæндаджы æнæмæнг разындзæн. Кæнæ иу чысыл æндахы халæй фараст хъæуы дæр бабæтдзысты. Уæлдайдæр сылгоймæгтæ ныхасы фыдæй авд хохы сæрты дæр ахиздзысты.

Фыды хойæн алы ныхас кодтой. Уый та-иу Аннæйæн дзырдта æдзухдæр афтæ:

— Дæхи хъахъхъæ, мæ хур, ма æууæнд Хетæджы-фыртыл. Йæ дæллаг бинонты нæ фæндгæйæ, дам, сарæзта ацы хъуыддаг. Æмæ, мыййаг, хъуыддаг фехæлдтой, уæд фегад уыдзæн дæ кадджын сæр. Адæмы хорзæджытыл не ’рвæссонтæ фæкодтай æмæ дыл ныр сæ цæст скæсдзæн, æгас мыггагæй дæр ма сау худинаг фæуыдзыстæм.

Аннæйæн хъæбæр зын уыди æмæ-иу кæуынмæ фæци:

— Мæнæ диссаг! Уый цавæр æнæкæрон ныхас у? Æппын кæрон куы нал ис ацы хъуыддагæн. Кæцырдæм цы кæнон æмæ æрхъуыды кæнон? Нæ, æз мæ сæрмæ Къостайæн исты маст скæнын нæ бахæсдзынæн.

Аннæ иу бон балцы рацыд. Фыды хо бауад æмæ, Аннæйæн Къоста цы къухдарæн æмæ хъусцæджытæ бахаста сиахсы цыды, уыдон æмæ сызгъæрин тынтæ къоппы авæрдта. Раст фæсаходæнты цæуынмæ фæци, фæстæмæ дæр нал фæкасти. Фыр мæстæй йæм арвæй рухсы таг дæр нал касти. Уыди хур бон, фæлæ мæнæ тар мигътæ бон куы ныттар кæнынц, афтæ йæм каст. Хетæгкаты дуар бахоста. Хетæгкаты устытæ дыууæйæ рауадысты:

— Мидæмæ рауай, нæ ног хæстæг. Мидæмæ!

— Нæ, мидæмæ нæ цæуын. Зад хус кæнинаг мын ис, æмæ хур нал кæсы.

Цæлыккаты ус лæвæрттæ æрæвæрдта зæххыл æмæ цæуынмæ фæци. Иу ныхас ма афтæ фæкодта:

— Мах дæр хъазинаг хæдзар, мыййаг, не стæм.

Къоста та уыцы æхсæв дæр æнафонмæ фæбадти. Куы æрбацыди, уæд æм устытæй никæцы бауæндыд, фæлæ йæ Мариа афарста:

— Хуыцауы тыххæй, Къоста, дæ каистæ цытæ кæнынц? Æррайы хос, мыййаг, бахордтой? Сæ лæвæрттæ цæмæн æрбахастой?

Къоста куыддæрæй аззади. Аннæ, дам, цыдæр æнкъард æмæ кæуындзаст уыди. Хъус-хъусæй ныхас Къостайы хъусыл дæр цæуын байдыдта. Цæвиттон, кæй фæтæргай сты æмæ сæхи кæй буц кодтой. Фæлæ Къоста дæр уæлдай ницуал загъта.

Цæлыккатæн сæ лæгтæ æнхъæлмæ кæсын байдыдтой: Хетæгкаты зæронд лæгтæ цалынмæ æрцæуой, уæдмæ мах нæ хæстæгдзинад нæ фехалдзыстæм, бæстæ иннæрдæм куы ныззила, уæд дæр. Афтæ дæр фидауæггаг кæй радтой, уыдон баззадысты Цæлыккатæм. Сылгоймæгты дзыхæй æмæ уæлдай галиу ныхæстæй дыууæ мыггаджы фидардзинад ахицæн.

Къоста-иу æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Æз чындзæхсæв кæндзынæн мæ райгуырæн Нарыхъæуы. Нæдæр æй Лабæйы скæндзынæн, нæдæр Дзæуджыхъæуы. Мæ мад Гуыбиан цы хæдзармæ æрбацыд, уыцы ран уыдзæн Къостайæн йæ чындзæхсæвы хабар. Иууылдæр мæнæн мæ хионтæ мæ циндзинадыл фæцин кæной мадырвадæй дæр, æрвадæй дæр, хæрæфыртæй дæр, сиахсæй дæр. Уымæй дарддæр уарзон адæмтæй дæр. Бузныг дæн æз мæ райгуырæн Нары адæмæй, мæн фæхъомыл кодтой сæ комыкомдзæгтæй. Мадджын æмæ фыдджын лæппутæй буцдæр уыдтæн. Цæмæн ферох кæнон æз уыцы хорздзинæдтæ? Сæрæгас ма дзы чи у, уыдон хъуамæ мæ цины фæйнæ кафты скæной, фæйнæ нуазæны дæр дзы бануазой. Къостайы æмæ, Къоста уарзон адæмтæй барæвзарæгау кæй равзæрста уарзон æмæ адджын удæмбалæн, уый тыххæй. Уæдæ мæлгæ чи акодта, уыдонæн дæр рухсаг рауадзын кæнон. Уадз æмæ зæрдыл хуыздæр лæууой, æндæр дзы цы ис рухсагæй.

Цæвиттон, Къостайæн Хъазыбег æмæ йæ ус цæттæ кодтой чындздзон дзаумæттæ. Уыцы хæс Хъазыбег йæхимæ айста гауызæй дæр æмæ æндæрæй дæр. Иу цалдæр дзы уыди хъуымбылхау кæлмæрзæнтæ æмæ хорз къабайæгтæ чындзæн йæхицæн дæр æмæ йæхионтæн дæр, лæвар кæнын дзы кæмæн хъуыди, уыдон куыд нæ рахъаст кодтаиккой: «Мæнæ Хетæгкатæ сæ иунæгæн куыд æмбæлы, афтæ кад не скодтой». Фæлæ хъуамæ зæгъой: «Хъæбæр хорз кад скодтой сæ иунæгæн, цардæй сын афтæ куы бафсæдид».

Хъуымæтæджы хъуымæцтæ дæр цæмæн хъуамæ балхæдтаиккой Хъазыбег æмæ йæ ус, уымæн æмæ-иу чындзы дзаумæттæ рагæй цæттæ кодтой, лæппу ма-иу хæрз къаннæг куы уыди, уæд.

Хъазыбег загъта:

— Æз мæ удæгасæй хъуамæ мæ сидзæр байрæзинагæн йæ чындздзон дзаумæттæ балхæнон, мæрдтæм уыцы хъуыддагмæ мæ зæрдæ æхсайгæ куыд нæ ацæуон афтæ.

Иу стыр чырын йæ тæккæ дзагæй лæууыд æхгæдæй. Хайыр æмæ Текъо сæ-иу сæрдыгон хурмæ ракалдтой, ма суымæл уой, зæгъгæ. Хъуамæ дзы уыдаид тиуты цыд дæр, ходыгъды цыд дæр æмæ æфсины гуыдын дæр.

Къабайаг æм лæвæрдтой Къостамæ сиахсы цыды, æмæ йæ нæ рахаста.

— Мæн къабайæгтимæ ницы хъуыддаг ис. Нары ис, мæ фæстæ чи рацæуа, ахæмтæ. Къабайаг хæссой, кæлмæрзæн хæссой — сæ бар сæхи уыдзæн æмæ сæ-иу хæсгæ кæнæнт.

Нарæй рацыд Гуыбаты Сардионимæ. Сардион хъуамæ уыдаид къухылхæцæг, æмдзуарджын та Хетæгкаты хæрæфырт — фæсæфцæггаг Хæзнасæйы фырт. Суанг хистæр уазджытæ дæр бæрæг уыдысты, дзæвгар дзы уыди, кæмæн бамбарын кодтой, ахæмтæ. Фæндыр дæр уыди æлхæд, хорз ирон будзукъа фæндыр. Хайыр æмæ-иу дзы Текъо куы æрцагътой, уæд йæ цъæхснаг аив хъæлæс Дæллаг Нарыхъæуæй Уæллаг Нарыхъæумæ араугæ цыди.

Фæлæ Цæлыккатимæ Хетæгкаты хъуыддаг нæ ацыди. Цæлыккатæ Нарыхъæуы зæронд лæгтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ баззадысты. Сæ кæрæдзийыл фыр буцæй фæтæргай сты. Уыцы бонæй фæстæмæ Цæлыккаты æмæ Хетæгкаты æхсæн хæстæгдзинад нал рауад абоны онг дæр.

XVI

Къоста тынг баххуыс кодта Нæртоны цæрæг адæмæн дæр æмæ Агъабатыры цæрæг адæмтæн дæр.

Æхсæйнаг хъæу уыди Агъабатырыхъæу. Кæсæг дæр дзы цардысты, уæдæ дзы ир дæр цардысты. Аннæ хъæутæ дæр æм æввахс уыдысты.

Фондзазон скъола арæзт æрцыд Агъабатырыхъæуы, хъæбæр хорз скъола дæр рауади. Кæсæг дæр дзы ахуыр кодтой, ир дæр дзы ахуыр кодтой. Кæсæгæн дæр — сæхи æвзаг, ирæн дæр — сæхи мадæлон æвзаг. Ахуыргæнæгæй дзы куыста Фæрниаты Фарам. Бирæ адæмы æвзæгтæ зыдта: кæсгон дæр, ирон дæр, ногъайаг æвзаг дæр. Суанг ма немыцаг æвзаг дæр тынг хорз зыдта, англисаг æвзаг дæр. Бирæ паддзахæдтыл зилгæ дæр фæкодта.

Уыцы заманты чызгæн тынг аив нæ уыди ахуырмæ бацæуын. Фæлæ сын Къоста бафæдзæхста:

— Чызджыты дæр куыд ахуыр кæнат, афтæ. Царды мидæг хъæугæ кæнынц сылгоймæгтæ дæр. Сылгоймаг арæхсы, уæлдайдæр та ахуыргонд куы уа, уæд.

Мæнæ-мæнæ бирæ нæ бацыди, фæлæ иу цалдæр чызджы: Зæгæлаты Масурка, Къуыдзилаты Дзона, Гæбуаты Къатæ, Фæсалæгаты Аманетæ, Быгъуылты Зæринæ, Арсанаты Фатимæ, Хадыхъаты Леска. Сæ мадæлты сын æддæмæ ракæсын дæр нал уагътой. Кæсæг дзырдтой:

— Уæ чызджыты уын ничиуал ракурдзæн. Хъæбæр худинаг у чызджытæн лæппутимæ бадын. Уый у бæсты сæфт. Мах, кæсæджы чызджыты дæр, сæхи хуызæн скæндзысты.

Бирæ æфхæрæн ныхæстæ дæр куыннæ кодтаиккой. Фæлæ уæддæр нæ ныууагътой чызджытæ сæ ахуыр. Сæ фыдæлтæ сын загътой:

— Ахуыр кæнут. Кæсæг рагæй фæстæмæ дæр æгæр уæззау хъуыддæгтæ кæнынц. Сæ чызджыты ахуыр кæнынмæ нæ уадзынц. Махæн Къоста бафæдзæхста: уæ чызджыты-иу ахуыр кæнынмæ бауадзут, кæд æмæ скъола хорз сарæзтат. Дардмæ цæуын нæ хъæуы уæ чызджыты дæр æмæ уæ лæппуты дæр. Кæсæг кæд нæ уадзынц, уæд цы нæ бон у?

Уæд иу хатт бацыдысты:

— Уæ чызджытæн ахуыр кæнынмæ бар цæмæннæ дæттут?

Кæсæг зæгътой:

— Махæн нæ чызджыты уæд ничиуал ракурдзæн. Нæ хæдзæртты бадгæйæ баззайдзысты.

— Ма тæрсут. Искæд ма афтæ дæр вæййы?

— Нæ чызджытæ моймæ лæвæрд сты. Сæ ирæдтæ — нæ хæдзæртты.

— Уæд æппынфæстаг Сидакъойты Дзаххоты бафæндыд йæ чызджы скъоламæ раттын. Иу бон кæсы, æмæ чызджытæй скъоламæ чи цыди, уыдон уыцы рæсугъд æмæ аивæй сæ ермодзтæ ахуыр кодтой. Цъæх нæууыл бадынц, чиныджы кæсынц. Чи та æндæр ермодзтæ ахуыр кæны. Дзаххот афтæ зæгъы:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.