Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 14 страница



Лекси дæр хæдзармæ цæуынмæ фæци.

— Цы фæдæ, ме ’фсымæр?

— Ницы мын у, мæнæ зарын.

Фæлæ ма фæстаджы зард кодта.

Фæсахсæвæрты Леуан йæ чызгмæ дæр фæдзырдта. Кæд Уæлга Леуанмæ чызджы зæрдæ нæ дардта, уæддæр ын Леуан тæригъæд кодта: йæ зонд нæ бæззы, никæд никæимæ базондзæн цæрын. Мæ хистæрты аххос уыди, бæргæ, искæй чызгæй чызг зæгъæн нæй. Зоны йæ æмæ мын мæ фыртмæ дæр тынг мæгуырау цæстæй кæсы. Бирæ хæттыты-иу сæм фæдзырдта:

— Æз куы мæлон, уæддæр сымах уæ кæрæдзийы хъуамæ зонат.

Леуан фæсахсæвæрты мæлыны къахыл ныллæууыд.

— Уæууау, мæлгæ кæнын, кæм дæ, мæ иунæг лæппу? Лекси кæм ис, фæдзурут-ма йæм.

Лекси æрбацыд:

— Цы кæныс, мæ дарæг æфсымæр, цæуынвæнд скодтай? Мæ сæр дæ сæрвæлтау куы фæуид, цæй тагъд фæкодтай? О, додойаг мæ мæгуыр зæронд сæр, дæуæй мæгуырæй чи зайдзæн, дæ уды зынтæ йæ зæрдæмæ чи хæсдзæн! Цæй-ма, мæ хорз æфсымæр, ныр æз дæу бынатмæ куыд бацæуон æмæ æз мæхи уынаффæгæнæг куыд скæндзынæн, куыд, уый-ма мын зæгъ. Дæ иунæг лæппуйæн йæ цард æрдæг арæзтæй кæй ныфсæй фæуагътай? Дæ хорз æфсымæртæ иууылдæр дæ разæй куы фесты мæрдтæм фыццаг. Лекси уын мæлæты хорз лæг куы нæ у, уæд кæуыл уæ зæрдæ дарут?

Лекси йæ уæздандзинадæй афтæ загъта, æндæр мæгуырау лæг нæ уыди.

Леуан йæ бæрзæй фæкъул кодта æмæ загъта:

— Дæхи цотæй хъауджыдæр ма уæд уыцы иунæгыл цæмæн афтæ мæт кæныс? Мæнæй йæ фылдæр кæй уарзыс, уый Леуан бæргæ зоны, бæргæ, Лекси, фæлæ цард, лæджы куыд фæнды, афтæ кæцæй хъуамæ ацæуа? Мæгуырæй дæ кæй уадзын, мæ кæстæр æфсымæр, уый тыххæй та мын хатыр бакæн. Домбай кусæг æфсымæр нын уыдтæ, цардæй дæр ницы уыйас федтай. Уыдтæ хæдзарæн йæ тæккæ домбай цæджындз, сæрдæй-зымæгæй дæ уæззау куыстытæй цух никæд уыдтæ, уалдзæг хуымгæнæгæй рахаудтæ. Алы куыстытæ дæр дæумæ кастысты, фосы куыстæй зæгъай, хоры куыстæй. Сæрдæй, зымæгæй Хъæрæсейы арф лæгæттæй никæд рацыдтæ, никæд дæ равдæлд, зонæм сæ бæргæ, зынаргъ æфсымæр, кæстæр æфсымæрау дæ бæхыл бадынмæ дæр, мæгуырæг, кæй никæд равдæлд дæ уæззау куыстытæй. Ныр мæм æфсæрмы ма кæн, цы зæгъын дæ фæнды, Лекси, уымæй.

— Ницы зæгъын мæ уыйас фæнды, фæлæ уæддæр Къостайыл мæ катай у. Дæу хуызæн уынаффæджын лæг уæд æз кæцæй дæн, кæцæй, мæ сæр мæ катайаг фæуæд, æмæ мын Къостайæн йæ цард кæронмæ куыд æмбæлы, афтæмæй арæзт алцæмæй куы æрцæуид.

— Уæ Лекси, цард йæхæдæг йæхи амондзæн. Уартæ Нары нæ хистæртæ, уыдон дæр исты кой кæндзысты. Уæдæ Хайыр æмæ Текъомæ йæ чындздзон дзаумæттæ æвæрдæй лæууынц. Æз уæддæр Нарыхъæуы зæронд лæгты разæй хъуамæ цы загътаин? Кæд æй бахъомыл кæнын сæ бон баци, уæд æй дарддæр дæр æххæст кæнын бафæраздзысты. Мæн фæндондзинадæй, Лекси, ныр дæуæн ницуал пайда ис, фæлæ дæхæдæг архай дæ алы уынаффæйыл дæр. Леуан дæр «нæ» цæмæн хъуамæ зæгъдзæн? Дæхи загъдау, иунæг у. Бæргæ, дыууæ кæнæ æртæ куы бауид дæу фæндиаг дæр æмæ мæн фæндиаг дæр. Бæргæ мæ зæрдæйы бирæ цыдæртæ æвæрд уыди, фæлæ ницуал зæгъын мæ бон у. Махæй тыхджындæр æмæ домбайдæр — удхæссæг. Кæд кæцы ныллæууыд удхæссæджы ныхмæ æмæ кæцы фæтых карз удхæссæгыл?

Иугæр йæ ныхæстæ конд фæци, уæд æрæнцад Леуан, фынæйы хуызæнæй аззади. Йæ хо йын йæ цæстытыл æрхæцыд.

Æгъгъæд æмæ æгæр кад лæвæрд æрцыд Леуанæн йæ уарзон адæмтæй.

Лæг тауинаг куыд байтауы, афтæ йын зайгæ дæр æркæны. Леуан адæмæн æвзæр куы уыдаид, уæд ыл æппындæр никæй зæрдæ фæрыстаид. Фæлæ, йæхи загъдау: цалынмæ дæ бон уа, уæдмæ дæхицæн хорз фæндаг сараз æмæ дæ мард дæр уыдзæн кадджын.

Леуанæн Лабæйы цæрæг адæмтæ аргъуаны кæрты ингæн скодтой. Аргъуаны дзæвгар рæстæгмæ фæци ныгæд. 1918 азы хæстытæ тынг бахъыгдардтой Лабæйы аргъуаны дæр æмæ хæдзæртты дæр. Леуанæн йæхионтæ дæр æмæ иннæ адæмтæ дæр фæстæмæ йæ хæдзæрттæ барæвдз кодтой: Леуаны хæдзар хъуамæ Лабæйы æхсæн æдзæллагæй ма лæууа. Леуанæн йæ мардæй дæр Лабæйы цæрæг адæмтæ æфсæрмы кодтой.

... Цалынмæ та хæст райдыдта, уæдмæ Леуан баззад аргъуаны кæрты ныгæдæй. Фæлæ та иугæр 1941 азы хæст куы райдыдта, уæд Лабæйы хъæу дæр æмæ аргъуан дæр пырхгонд æрцыди. Лабæйы цæрæг адæмтæ аргъуанæй систой Леуаны æмæ йæ баныгæдтой фæстæмæ йæхи кæрты. Йæ хионтæ гал аргæвстой æмæ йын фынг скодтой: фыдæбонгæнджытæн уæздан зæгъын хъуыди. Уæдæ йыл судзаджы хъарджытæ дæр фæкодтой, Леуанæн уæлæ дуне змæлджытæ кæй нал баззад.

XV

Леуан куы марди, уæд бафæдзæхста:

— Мæ иунæджы æдзæрватæй[29] кæй уадзын, уый тыххæй размæ цæугæ кæнын, фæстæмæ та мæ зæрдæ æхсайы.

Лекси Леуаны фæдзæхстмæ гæсгæ загъта:

— Къоста, дæ рын бахæрон, мæ æфсымæр йæ мæлæты размæ загъта: «Лæппуйæн-иу бинонты амал æрæгмæ ма бакæнут». Йæ афæдзмæ дæр цæмæ кæсæм, марды ма цы хъæуы? Уæртæ Нарæй дæр рарвыстой: «Къостайæн йæ хъуыддаг æрæгмæ куыд нæ ахæссат, афтæ». Симон тынг фæдзæхста: иунæг у, æмæ йын афойнадыл удæмбалы кой куыд бакæнат, афтæ.

Къоста йæ уарзон фыды æфсымæрæн загъта:

— Уæхи куыд фæнды, афтæ кæнут. Æз уæ ныхасыл иу кæнæ дыууæ куы зæгъон, уæд уыцы бон мæ мæлæты бон фæуæд.

Лексийы Зæгæлаты чызг фæндыд, йæ фыдимæ рагæй кæрæдзийы хорз æмбæрстой. Тынг арæх-иу куывдты дæр æмæ чындзæхсæвты дæр уыдысты фембæлаг, уæд уæззау бонты дæр. Хъæбæр хорз лæг дæр уыди Зæгæлайы-фырт, йæ авналæнтæ дæр цыбыр, мыййаг, нæ уыдысты. Уæдæ адæмæн дæр æвзæр нæ уыд, никæд никæй зæрдæхудты бацыд. Стыр Мæздæджы йын куырой уыди. Уыцы заманты ахæм куырæйттæ бирæ лæгтæм нæма уыди. Куыроймæ Зæгæлатæм ластой иууылдæр Стъараполы цæрæг адæмтæ, алкæмæн дæр уыд хъарм фысым. Æнæ бахонгæйæ иунæг лæджы дæр никæд рауагъта Зæгæлайы-фырт, йæ уазæджы фынг кæддæриддæр рæвдзæй лæууыд, уæлдайдæр зымæгон уазал заманты хъарм хæринаг — фæлмæн дзулæй, гогызы фыдæй, карчы фыдæй, сæнæй зæгъай. Адæмæн уд æмæ цæст уыди.

Лекси æдзухдæр сæ хæдзармæ исты æфсон бауайаг уыди. Чызджы мад æмæ фыд æй æмбаргæ дæр кодтой, сæ чызджы ракурынмæ йæ зæрдæ кæй æхсайы. Фæлæ уыцы заманты сæ чызг моймæ цæуынмæ нæма бæззыд, æгæр æвзонг уыди, дæс азæй фылдæр ыл нæма цыди. Ахуыр кодта йæхи хæдзары, ус ахуыргæнæг ын æххуырст уыди. Ахуыр æй кодта уырыссаг æвзагыл æмæ иронау дæр.

Куыннæ-иу æрцыдаид Лексимæ ныхас:

— Мæ æфсымæры лæппуйæн мын уæ чызджы раттут.

Чызджы фыд «нæ» никуы загъта, фæлæ-иу афтæ дзураг уыди:

— Бæргæ хорз адæм стут, уæ кой-иу хорзæй кæнаг уыди нæ фыд дæр, фæлæ раст куы зæгъон, уæд æз æнæгæды лæг дæн, зоныс мæ дæхæдæг дæр, Хетæджы-фырт. Мæ хæдзары дæ æфсымæры лæппуйы аккаг чызг нæма ис. Мæ чызг йæхи цæхсынхъом дæр нæма у, æмæ йæ афтæмæй кæй фыццаг скæнон? Йæхи дæр удхарæй мардзæн æмæ, кæй хай фæуа, уыдоны дæр.

— Ницы кæны, нæхæдæг æй схъомыл кæндзыстæм. Кæд дæм, мыййаг, дæ зæрдæ афтæ дзуры: «Мæнæн мæ чызг ахуыр кæны æмæ йæ ахуырæй цæмæн хъуамæ фæхауæггаг кæнон?» Нæ йæ фæцух кæндзыстæм йæ ахуырæй дæр.

Лексийы хорз ныхасмæ Зæгæлайы-фырт ницуал уæлдай загъта.

Къоста Зæгæлаты къаннæг чызджы нæ зыдта, фæлæ æнæуый та йæ хъустыл цыди, Лекси сæм хæстæджы зæрдæ кæй дардта, æмæ-иу цыфæнды уæрдонджын дæр уыдаиккой, кæддæриддæр сын Зæгæлатæ хъарм фысым кæй уыдысты.

Иу дзырдæй, Зæгæлатæй фидар ныхас ист бæргæ æрцыд. Чызгыл дыууадæс азы сæххæст. Дыууæ кæнæ æртæ азы, науæд фондз азы дæр фæуæд, уæддæр сæ чызг агурыны мæт нал уыд. Чызджытæ йын бирæ рæтты амыдтой Къостайæн. Уыцы заманты фылдæр амындмæ гæсгæ куырдтой, æндæр мæнæ чызгæн йæхиимæ баныхас кæнай, ахæм æгъдау нæма уыди ирон адæммæ дæр æмæ иу къорд адæмыхæттытæм дæр.

Чызг дæр мæлæты тагъд фæкуринаг ис, азтæ кæуылты афардæг вæййынц, уый лæг зонгæ дæр нæ бакæны.

Къоста Дзæуджыхъæумæ абæрæг кæнынмæ суади. Хæдзары хайыл дæр фæнд кодта: балхæнон æмæ мæхæдæг саразон. Хетæгкатæй иу хæдзармæ чындзæхсæв баййæфта.

Чындзхæсджытæ рарастæввонгæй лæууыдысты, афтæмæй чидæр æрбауад:

— Уæ хæрзæггурæггаг мæн фæуæд — Къоста уæлæ Дзанайтæм.

Чындзхæсджытæ æваст сæ бæхтæ фæурæдтой:

— Кæд Къоста ам ис, уæд дардмæ кæмæ бæллæм, уый хæстæгмæ куы æрбацыди. Ныртæккæ йæ ардæм куыд æрбакæнат, афтæ.

Чындзхæсджытæм Къостайы æрбакодтой. Арфæ ракодта:

— Уæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт, фыццагдæр уæхи фæндиаг, уый фæстæ уæ чи уарзы æмæ кæй уарзут, уыдоны фæндиаг.

Къостайы куыддæр нæ фæндыд, цыдæр уæззаугонд уыди. Æргомæй дзы ницы рысти, фæлæ цы кодта, уый йæхидæг дæр не ’мбæрста. Цы гæнæн уыд æмæ рацыд чындзхæссæг. Чындзæхсæв Дзæуджыхъæуæн йæхи мидæг уыди, æрмæст Хетæгкатæ цардысты Ирыхъæуы, чызг та — фаллаг фарсы.

Чындзыцæуæг чызг Цæлыккаты Аннæйæн уыди йæ мады хо. Аннæ чызджы цæттæ кодта. Къухджын чызг уыди, фæндырæй дæр хорз цагъта, ирон будзукъа фæндыртæй йæм сæ тæккæ хуыздæр уыди. Æххæст чызг кæй хонынц, ахæм уыд, кондæй дæр æххæст, уындæй дæр афтæ.

Дзанайты Садуллæйæн йæ зæрды рагæй уыди, Къостайæн æй ракурын хъæудзæн, зæгъгæ.

Иугæр чындзыл йæ дзаумæттæ куы скодтой, уæд Къоста кувын райдыдта. Цæрæнбонты диссæгтæ хауди йæ дзыхæй. Чындзæхсæвы адæмтæ йæм фæйнæрдыгæй хæлиудзыхæй баззадысты:

— Цæрынæй уæд хæрынмæ ахæм дзыхарæхст лæг нæма федтам, мæнæ сæ цыма чиныджы кæсы.

Иу ныхас дæр дзы ахæм нæ уыди, æмæ адæймаг ма бадис кæна. Аннæйы хъустыл æрцыд, усгур лæппу кæй у, уый. Чызг дæр мæнгард у ахæм заманты. Аннæ мæнæ раст атæхинаг маргъæй рогдæр иста алырдæм дæр йæхи: уæ кафынæй, уæ фæндыры æрцагъдæй; йæ алы февнæлдыл цæст дæр ма кæм хæцыди. Садуллæ-иу Къостамæ цæстæй ацамыдта, кæс, ома, мæнæ чызджы фезмæлд æмæ аивтæм. Куыд хъуамæ ма фæцыдаид Аннæ Къостайы зæрдæмæ: хуры чызджы хуызæн. Уæдæ Къоста дæр Аннæйы зæрдæмæ куыннæ фæцыдаид.

Чындзы æрбахастой. Райсомæй хуындзæуттæ Хетæгкатæм хуын æрбахастой, æфсины гуыдын. Аннæ дæр семæ. Уайтагъд сæ иумæ ракафын кодтой Къостаимæ. Мæлæты аив дæр скодта Аннæ йæхи ногхуыд дари къабаты. Разгом уыцы диссаджы рæсугъд хуыдæй, камарийæ, риуæгънæгæй. Хъæбæр рæсугъд дæр фидыдтой Къоста æмæ Аннæ, адæмæн сæ каст уыди дыууæмæ дæр. Кæмæй сæ хъуамæ æппæлæг хуыздæр раппæла? Дыууæ дæр хуры чызг æмæ мæйы лæппуйау уыдысты. Æгъдау куыд амыдта, афтæ ма сæ дыккаг хатт дæр иумæ ракафын кодта Дзанайты Садуллæ, фидгæ кафт-иу æй хуыдтой.

Сæ кæрæдзийæ сæ цæстытæ нал истой. Бæргæ, бон даргъдæр куы уыдаид Аннæйы фæндиаг, фаг куы фæкастаид Хетæджы-фыртмæ. Кæнæ ма иу-дыууæ кафты уæддæр куы акодтаид. Фæлæ Къоста алцæмæй дæр куыд æмбæлы, афтæ кодта. Майдыма, уæд исчи Хетæджы-фыртæй æгæр туаг ныхас кæнæ æгæр цæхджын ныхас зæгъа. Фæндыримæ дæр ма азарыди Аннæйæн æмæ уæд бынтондæр байгом йæ зæрдæйы дуар.

Аннæйы фыд сауджын уыд, йæ æфсымæр дæр уыд сауджын. Дзанайты Садуллæ Аннæйы фыд Алыксандыримæ уыд æрхорд æфсымæр. Садуллæ дæр уыд Ирыхъæуы æхсæн нымад лæг.

Хъæбæр бирæ бауарзта Аннæ Къостайы. Уырнгæ дæр æй нæ кодта, минæвар æм барвитдзæн, уый. Фæлæ уайтагъд Садуллæ: Цæлыккатæм минæвар бацыди. Дыууæ бонмæ сæ ныхас ахицæн тынг фæндон æмæ уарзонæй. Къоста фидауджытæм Нармæ барвыста. Балаты Симон рарвыста Асаты Бысал æмæ Нарсауы. Дзанайты Садуллæимæ бацыдысты. Сызгъæрин тынтæ балæвар кодтой фидауæггаг. Хорз сæ суазæг кодтой. Мæйы æмгъуыдмæ Цæлыккаты чызджы хъуамæ Нармæ æрбахастаиккой.

Тынг фæндон сын уыди Цæлыккатæн зæрондæй ногмæ, чызгæй, лæппуйæ.

Фидауджытæн фынг æрæвæрдта Аннæ, æгъдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ. Фидауджыты зæрдæмæ дæр фæцыди:

— Агъæц, Хуыцауы цæст нын æй бауарзæд. Йæ конд æмæ йæ уындмæ гæсгæ кæд уа, уæд дзы нæ зæрдæтæ тынг барухс, сты. Сылгоймаджы æгъдæуттæй цух кæй нæ уыдзæн, уый йæ, февнæлдыл бæрæг у.

Уæдæ хæдзарæй дæр мæгуырау хæдзар нæ уыдысты Цæлыккатæ, дардыл хъуыстгонд хæдзар уыдысты. Сæ кæрæдзийæн тынг фæадджын сты дыууæ мыггаджы хъуыддаггæнджытæ. Дарддæр цы уыдзæн æмæ куыд уыдзæн, уымæн та цы базонæн уыдаид.

Нармæ тынг хъæлдзæгæй æрбацыдысты, сæ лæвæрттæ ныууагътой.

Къоста сиахсы цыд бакодта, бахаста цонгдарæнæй, хъусцæгæй, фæрдыгæй, дзегъанæйæ[30] — иууылдæр уыдысты сыгъдæг сызгъæринæй Хетæджы буц æвæрæнтæ. Уæдæ хъæбатыр Гоцъи дæр чысыл лæвæрттæ нæ фæхаста. Леуанæн дæр иу цалдæр хатты сызгъæрин тынтæ балæвар кодтой, кæм-иу дугъы фæразæй, кæм-иу чындз хæсгæйæ ныззарыд. Дыууæ хатты уартæ фæсæфцæгæй рахаста лæвæрттæ, уæдæ иу цалдæр хатты æрбахаста Кæсæгæй дæр. Уæдæ Къоста дæр хъæбæр дæсны уыди бахъуыды заманты. Дугъы заман-иу алы хатт дæр фыццаг лæвар райста. Фондз хатты æрбахаста тынг хорз лæвæрттæ Хетæджы фидар къæбицмæ. Æвæрд-иу уыдысты Хетæджы æфснайд æмæ фидар къæбицы æфсæйнаг чырыны мидæг, сæ бахъуыды заманты рæвдз æмæ цæттæ куыд уыдаиккой, афтæ. Хетæджы фидар хæдзары дæгъæлтæ та-иу лæвæрд уыдысты мыггаджы хистæр зæронд лæгмæ. Уыцы лæг-иу йæ амæлæты бонмæ дæгъæлтæ йæхимæ æвæрдæй дардта. Иугæр-иу мæлæтдзаг рынчын куы фæци, уæд та-иу мыггаджы уымæй дæлдæр хистæрмæ фæдзырдта йæ удæгасæй:

— Мæнæ къæбицы дæгъæлтæ æз дæумæ дæттын, æмæ-иу дæ бар фæуæнт. Кæс, мæ хур, æмæ амон дæ кæстæртæн, æз куыд амыдтон, афтæ. Лæг куыд райгуыры, афтæ мæлгæ дæр акæны. Цард-цæрæнбонты уын æз нæ цардаин. Уæд мæ размæ цы хистæртæ уыди, уыдон дæр ма абон цæриккой. Фæлæ, мæ хæдзæрттæ, цард афтæ æвæрд нæу. Фæлтæртæ сæ кæрæдзийы ивгæ цæуынц.

Цы фæрæз ма-иу уыди, райста-иу сæ дыккаг хистæр йæ цæстысыг калгæ. Æфсымæрæй ахицæн алкæмæн дæр зын вæййы, цыфæнды зæронд дæр ма уæд. Зæрондæн дæр йæ ноджы уд фæхауы. Низæй та кæй буар нæ фæриссы, цалынмæ адæймаджы уд схауы, уæдмæ.

Цæвиттон, хистæр-иу каст, æмæ сызгъæрин тынтæй кæй кæдæм æмбæлди, уырдæм лæвæрдта. Нар-иу сæ ныхасмæ æрæмбырд сты æмæ-иу сæ ныхас баиу кодтой. Сызгъæрин тын афтæ æнцон райсгæ нæ уыди, уæдæ йæ æрбайсын дæр афтæ æнцон кæм уыдаид. Нары цæрæг адæмтæ сегас ахæм лæвæрттæ кæцæй хъуамæ хастаиккой? Хетæгкатæ сæ æхсæны хъæбулæн сæ хæзнатæй куыд хъуамæ ма раттаиккой.

— Цæлыккаты уæздан мыггаджы æхсæн хъуамæ афтæ ма зæгъой: «Сæ дардыл хъуыстгонд лæппуйæн хъуыддаг кодтой æмæ сæ хорз хæзнатæй сæхицæн цæсгом не скодтой».

Чысыл усгуртæ нæ цыд Цæлыккаты чызгмæ. Иугæр хабар куы айхъуысти, Цæлыккатæ сæ чызджы Хетæджы-фыртæн дæттынц, зæгъгæ, уæд марды хуызæн куыннæ фæуыдаиккой. Ракурынмæ ма йæм æнхъæлмæ чи касти, уыцы сахъ лæппутæ сæ сæртæ æргуыбыр кодтой æмæ-иу æнæбарыгомау арфæтæ ракодтой:

— Уæ хъуыддæгтæ уæхи фæндиаг уæнт.

— Арфæгонд фæут. Сымахæн дæр уæ амонд хорз фæуæд. Хорз чызджытæ уæ хай фæуæд. Чызджытæй фылдæр цы ис? Ирмæ бирæ хорз чызджытæ уыд æмæ уыдзæн.

Лабæмæ иугæр Къостайы хабар куы ныхъхъуыст, уæд Лекси марды хуызæн фæци:

— Уый та уæд цавæр хабар у? Мах Зæгæлатимæ кæрæдзимæ куы æнхъæлмæ кастыстæм хæстæг бакæнынмæ.

Сæ чызгыл сæххæст фынддæс азы нымадæй. Цæуын райдыдтой уымæ дæр фæйнæрдыгæй усгур лæппутæ.

Цы базонын ма йæ хъуыди, Дзанайты Садуллæйы зондæй куырд кæй æрцыди Цæлыккаты чызг. Лекси хъуыддаг халын сфæнд кодта. Фæлæ Хетæгкаты хистæртæ фидауæг кæй бацыдысты, уымæй тынг катай кодта, уæлдайдæр Симон дардыл хъуыстгонд лæг уыди. Иу дзырдæй, куыддæр фæкатайаг сты.

Цæлыккатæм уайтагъд ныхас хæсджытæ фæци, цæвиттон, цыма Хетæгкатæн фæндон нæу, фæлæ сæ исдуг уырнгæ дæр нæ кодта. Адæм цымыдис сты, чи зоны, æдзæстуарзон адæмы дзыхæй рацыд уыцы хъуыддагхалæн ныхас. Мæгуырау ныхас куы фехъусай, уæд æй уæлæмæ исын нæ хъæуы, фæлæ йæ къахы бын бакæн, æмæ уадз æмæ ма сирвæза уæлæмæ, адæмы æхсæн ма апырх уа.

Къоста Цæлыккатæм сиахсы цыд бакодта. Хорз кад лæвæрд, æрцыд Цæлыккаты мыггаджы æхсæн Къостайæн. Æмбисондæн куы баззади рагæй фæстæмæ дæр ирон дзыллæтæм сиахсы цыд. Буц лæвæрттæ ракодта Аннæ Къостайæн дæр æмæ йæ æмбæлттæн дæр. Æхсæв-бонмæ къæрццæмдзæгъдæй фæкафыдысты. Къоста æмæ Аннæйы иумæ ракафын кодтой, уæды заманы ахæм æгъдау уыди. Къоста лыстæг сасирæй луарæгау кодта алы æгъдау дæр.

Бонæй рацыди йæ æмбæлттимæ. Къоста уал йæ каистæм хъуамæ баззадаид: чызг æмæ лæппу иумæ абадой, аныхæстæ кæной, куыд вæййы, цы вæййы. Фæлæ Къоста рацыд йæ уазæг лæппутимæ. Аннæмæ куыддæр фæкасти: ау, искæддæр ма сиахс афтæ фæкæны? Хетæгкаты Мариайæн рахъаст кодта:

— Де ’фсымæр цæмæн ацыди? Адæмы æфсарм иууылдæр уый хъуамæ айса йæхимæ? Нæ Хуыцауæй цы хъуыддаг уæндæм æмæ бауæндыдыстæм, уый адæмæй нæ уæндæм?

Мариа афтæ зæгъы:

— Ма дæм фæхъыг кæсæд. Йæ æмбæлттæй æфсæрмы кодта æмæ уымæн ацыд. Хуыцауæхсæв та йæ ардæм хъæуы, тыхсгæ ма кæн, мæ чындз, — хъазæн ныхæстæ кодта Мариа, цæмæй Аннæ ма мæт кæна.

— Бæгуыдæр мæм фæхъыг касти. Æз дæр æфсæрмы кæнын, мæн цы адæмтæ зонынц, уыдонæй, кæд афтæ у, уæд.

Мариа рацыд æмæ Къостайæн хабар бамбарын кодта.

Къоста бахудт æмæ афтæ зæгъы:

— Ахст дæ ныр, цъиу, фæлæуу, нал аирвæздзынæ. Цæмæн æм фæхъыг касти? Ау, хъыджы хъуыддагæй куы ницыма бакодтам.

Къоста изæрæй йæ хо Мариаимæ фæстæмæ Цæлыккатæм бацыдысты. Хуыцауæхсæвмæ дæр ма цæмæ æнхъæлмæ кастаиккой? Æмбисондæн куы баззад куырдуаты бадæг чызджы цард. Чызг æмæ лæппу куырдуаты цы рацæрой, уый сын у тынг адджын цард, сæ цард-цæрæнбонты уыцы диссаджы цард куы фæмысынц, сæ амæлæты бонмæ дæр сæ нæ ферох вæййы. Чызгæн йæ цæстæнгас свæййы къæсæрмæ, кæд æрбахиздзæн кæйдæр лæппу, зæгъгæ. Лæппуйыл та бон нал фæизæр кæны. Уыцы заманты сиахсы хæрз изæрæй цæуын хъуыди, бонæй йæ каистæм цæугæ куыд ничи фена, афтæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.