Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 13 страница



Ныхасы лæгтæ уазджытыл зæрдиагон цин куыннæ бакодтаиккой, бандæттæ сын авæрдтой, къæлæтджын бандæттæ.

— Æрбадут нæм, нæ буц уазджытæ.

— Буцæй бацæрут. Бадгæ дæр æркæндзыстæм, ай онг кæм æрбацыдыстæм, уым нæ фæндондзинад дæр суæнддзыстæм дзурын. Тынг рагæй уæм хъавыдыстæм ссаргæ хæстæг бакæнынмæ. Фехъуыстам, дыууæ фаззон чызджы уын кæй райгуырди. Махмæ та дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди, раст сызгъæринкоцораджын сахъ цæхæрцæст лæппутæ.

— Хуыцау уын сæ цæринаг гуырдтæ фæкæнæд. Бамбæрстам уын уæ фæндондзинад, фæлæ нæ бон нæу, уымæн æмæ Къоста куы цыди, уæд афтæ бафæдзæхста: «Авдæнмæ фидыд куыннæ æрцæуа ацы дыууæ фаззон чызджы тыххæй».

— Стыр ирæд уын ратдзыстæм, уæддæр ныл барвæссут, уæ хорзæхæй, Хетæгкатæ. Курæм уæ, агурæм уæ хæстæгмæ.

— Арфæгонд фæут хæстæг рауадзæг Уастырджийæ, фæлæ нæм ма бахатут — Къостайы ныхасыл мах иу кæнæ дыууæ никæд зæгъдзыстæм. Ахуыр кæнын сæ йæ зæрды ис, хъуамæ чиныгæй зоной.

— Уæ Хетæгкатæ, чызджыты ахуыр кæнынмæ ма раттут, уæхи зарæггаг ма фæкæнут.

— Уæллæй, къуыппæн зарæг æмæ ныл дзыхъхъæн симд куы кæной адæмтæ, уæддæр Къостайы фæндон мах нæ аивдзыстæм, кæйфæнды зæрдæ дæр ныл уадз æмæ фæхудæд. Лæппу æмæ чызг бафидауын у тынг стыр тæригъæд.

Цы ма сдзырдтаиккой Урстуалты зæронд лæгтæ. Уазæгæн æгъдау цы баззад хæрд, нозтæй, алцæмæй куыд æмбæлд, афтæмæй буцæй рацыдысты.

Æртыккаг бон та Уæлладжырæй дæр фæзынди ахæм усгуртæ: Æлборты Хъанцауæн фаззон дыууæ лæппуйы райгуырди. Тынг стырзæрдæйæ æрбацыдысты — иу дзырдæй, фидыд æрцæудзæн дыууæ мыггаджы æхсæн.

Бирæ та фæрадзур-бадзур кодтой, фæлæ амал не ’рцыди.

— Кæд Къостайæн йæхи фениккам, уæдмæ та кæд фæзынид. Бирæ йæ уарзгæ дæр кæнæм, уæдæ нæм арæх дæр сæмбæлы алы хъуыддаджы мидæг дæр. Буцæй бацæрæд фыццагдæр уæхи фæндиаг, дыккаг та уæд мах фæндиаг. Къоста æрбацæуы, зæгъгæ, куы фехъусæм, уæд былтæй фæкæсæм фæндæгтæм, æзфæраздæронæй йæм фæуайæм, кусарт нардæй уæд нарддæрæй фæкæнæм цæстуарзон æмæ зæрдиагонæй.

— Зонæм æй, зонæм, афтæ буцæй бацæрут. Уæллæй, канд Къоста нæ, фæлæ негасæн дæр сæрдæй уæд, зымæгæй хъарм фысым кæй стут. Сой цæуæд уæ къухæй, бæркадæй цух макуы фæут уæ адзалы бонмæ.

Цы зæгъæн ма уыдаид Æлбортæн дæр — ахæм дзуаппимæ рацыдысты Нарыхъæуæй.

Асиат æмæ Агуындæ иугæр куы фæхъомыл сты, уæд сæ Къоста радта Нары хъæууон скъоламæ. Ныхасы лæгтæн дæр сæ бон ницуал зæгъын уыди, тынг хорз ахуыр кодтой. Дыууæ фаззон чызджы адæмæн ард уыдысты алы хъаруйæ дæр, уыцы иухуызон уындæй дæр, кондæй дæр, ничи сæ иртæста, чи сæ кæцы у. Къоста сын æлхæдта иухуызон дарæс, уæлæйы дарæсæй дæр, къахыдарæсæй дæр. Ирон будзукъа фæндыр сын балхæдта, фæндырæй дæр хъæбæр дæсны уыдысты. Куыннæ-иу уыдаид Хохы дзуары бон дзыллæтæ куывддоны, кæнæ-иу куыннæ уыдаид Поты уæрæх фæзы стыр симд æмæ кæфтытæ дæр. Дыууæ фаззонæй-иу сæ иу фæндырæй цагъта, аннæимæ та Къоста зæрдиагон кафтæй кафыди.

Иугæр Нары хъæууон скъола куы фесты каст, уæд усгуртæн нал æмæ нал уыди кæрон, суанг далæ Кæсæгæй дæр цыдысты, кæм ма баззад хорз лæг амæй-ай диссагдæрæй.

Асиат лæвæрд æрцыд кæсгон кънйазы фыртæн, дардыл кæдтæ йын фæкодтой, уæдæ, æгъдау куыд амыдта, афтæ дзы ирæд дæр куыннæ уыдаид. Цæвиттон, Къоста ирæд нæ уарзта, фæлæ уæддæр кæсæг сæхæдæг кад æмæ радыл стыр лæвæрттæ кодтой: æдсаргъ, æдуидон саргъы бæх, зæронд лæгтæн кадджын сызгъæрин тынтæ, къæлæтджын бандон æд фынг. Кæсæджы бæстыуагыл Хетæгкаты чызджы хорзы кой айхъуысти, арфæтæ æрвыстой Нарыхъæумæ:

— Макуы фесæфæд уæ кой, мах уæ куыд буц æмæ рæвдыд æрцыдыстæм: хорз чызг нын радтат. Тæхудиаг, æмæ ма нæм иу ахæм хорз чындз куы æрбацæуид, уæд махæй амондджындæр кæм уаид кæсгон дзыллæтæм.

Æппæт мыггагæй дæр уыцы иу дзыхæй дзырдтой лæгæй, усæй, зæрондæй ногмæ. Асиат-иу уæлибæхтæ куы скодта, уæд сæм Кæсæджы дæрддаг хъæутæй дæр уынæг цыдысты. Уæдæ кæрдаг æмæ хуыйаг дæр хъæбæр уыдысты дыууæ фаззон хойы. Уæдæ сæ сыгъдæгдзинадæн кæрон дæр ма кæм уыди. Уæдæ чиныджы кæсынмæ дæр хъæбæр дæсны. Сæ бахъуыды заманты-иу сæ фыстæг æрбахастой Асиатмæ:

— Бакæс нын æй, Хетæгкаты уæздан чызг, дæ хорзæхæй.

Йæ цыфæнды куыстытæ дæр-иу фæуагъта æмæ-иу æхсызгон хъуыддаг аразынмæ фæци. Уæдæ-иу хъасты гæххæтты сæр фыссын кæй бахъуыди, уыдон дæр Хетæгкаты чызгмæ цыдысты.

Агуындæ та лæвæрд æрцыди Куырттаты коммæ Быгъуылтæм. Кад æмæ рады хъуыддæгтæ фæкодтой Быгъуылты мыггаг дæр. Агуындæ куыста ахуыргæнæгæй. Иугæр Нары хъæууон скъола каст куы фæци, уæд æй моймæ радтой, ома йын афтæмæй дарддæр ахуыр кæнынмæ фадат нæ уыди: иуæй хъæбæр уындджын чызг уыд, аннæмæй та рæстæгмæ гæсгæ уыцы заманты фыддæрадæн фегад кæнынæй тæссаг уыди, уæдæ йын аскъæфынæй хъæбæр тарсти Къоста дæр æмæ иннæтæ дæр.

Агуындæйы тыххæй Къоста Быгъуылты мыггагмæ бацыди — ахуыр кæнынмæ йын бар куыд раттой. Быгъуылты мыггагæн хъæбæр æхсызгон дæр уыди:

— Дæ хорзæхæй, Къоста, мах дæу ныхасыл иу кæнæ дыууæ куы зæгъæм, уæд нæ иу дæр мауал баззайæд.

— Уый та уæд цæмæн ахæм карз сомы кæнут? Хуыцауы уазæгæй уæ цард æрвитут хъæлдзæг æмæ æнæмаст-æнæнизæй.

Агуындæйы Къоста ракодта æмæ йæ балæвæрдта ахуыргæнджыты скъоламæ. Канд Агуындæйæн нæ баххуыс кодта, фæлæ бирæ хæххон сылгоймæгты бакодта ахуырмæ, уæдæ лæппутæ дæр хъæбæр бирæ, Дыгуры хъæутæй дæр, иннæ хъæутæй дæр — Дæргъæвсæй, Санибайæ, Æрыдонæй, иу дзæвгар лæппутæ Салыгæрдæнæй дæр, Уæлладжыры хъæутæй дæр, уымæн æмæ уыцы заманты, уæлдайдæр хæххон хъæутæм, ахуыргæнджытæ нæ куымдтой; хæххон хъæутæ иуæй зынвадат уыдысты, аннæмæй та талынг дæр уыдысты. Кæм цырагъ нæ уыди, кæм та адæймаджы йæ царды мидæг æхсызгондæр цы хъуыди, уый. Кæцы ахуыргонд лæг дын бацыдаид Къасарагæмтты уæлæ хæхты сæрты? Салыгæрдæнæй иу чысыл фалдæр-иу куы бацыдысты, уæд-иу фæстæмæ лидзæг фесты. Уæдæ Дыгуры хæххон хъæутæм дæр нæ цыдысты, æмæ уыдон дæр хъæбæр тыхстысты, ахуыргæнджытæ сæм кæй нæ уыди, уымæй. Фæлæ сын Къостайы фæрцы фенцондæр. Ахуыр та хæххон адæмы фæсивæд хуыздæр кодтой, уымæн æмæ сæ бон зыдтой, хъал митæ кæнынмæ сын рæстæг кæм уыди. Хæххон адæмтæ алы зынæн дæр сты фæразон.

Куырттаты комæй дзы ахуыр кодта æрмæст Быгъуылты чындз Агуындæ. Фæци тынг хорзæй йе скъола. Райдыдта Куырттаты комы ахуыргæнæгæй кусын. Агуындæйы Осы дæр урæдтой ахуыргæнæг, фæлæ йæ бинонты зæрдæхудты нæ бацыди.

— Ницы кæны, хъæуы дæр мын æвзæр нæ уыдзæн. Бинонтыл ахуыр дæн æмæ сæ мысгæ кæнын.

Бирæ бинонтæ уыдысты, нæргæ хæдзар сæ хуыдтой. Аннæмæй та сын уыди тынг адджын йæ бинонтæн дæр æмæ хъæубæсты цæрæг адæмтæн дæр. Куырттаты кæмттæм-иу паддзахæй хабар куы æрцыди, уæд-иу сæ фыстæг бакæсынмæ хастой Агуындæмæ.

Уæдæ-иу сæ тæрхоны сæр куы бахъуыди, уæддæр-иу Быгъуылты мыггагмæ цæуынмæ фесты, мæнæ раст фæринк кард куыддæриддæр уа, афтæ уыди. Дыууæ хатты стыр тæрхон уыди Бетъырбухы, æмæ Куырттаты кæмттæ æрæмбырд сты æмæ арвыстой Агуындæйы:

— Ацу, мæ хур, кæд дын цыфæнды зын у, уæддæр, махæй гæххæтт иу лæг дæр нæ зоны.

Цæвиттон, паддзах Куырттатæм хабар æрбарвыста, хæстмæ сæ æфсад цæттæ кæнын кæй хъуыди. Иууылдæр арвыстой ирон дзыллæтæ сæ фæсивæды, фæлæ Куырттат æгæр кæй афæстаит сты, уый тыххæй сæм паддзах Бетъырбухмæ сидын кодта, ома, куыд æгъдауæй афæстиат сты? Паддзахы бон та бирæ у, уæлдайдæр хæстмæ цæттæ кæнын кæй хъуыди. Хæст ифтонгæй хъуамæ æрæййафа, кæннод хæстмæ куыд æмбæлы, афтæ цæттæгонд куы нæ уой хæстон адæмтæ, уæд уæлæнгай хъуыддагæй кæм хицæн кæны. Уый тыххæй рагагъоммæ цæттæ кодтой — хæцæнгарзæй, уæлæдарæсæй, бæхæй, барæгæй, уæрдонæй, хæринагæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Куырттат хъæбæр тарст дæр кодтой.

Иу дзырдæй, фыстæг хæссæгыл тæрккъæвда æрцыди æмæ йыл хæхтæ æрбафæлдæхтысты иу комæй уæд аннæ коммæ. Цалынмæ фыййæуттæ фæйнæрдæмты къуыззитт кодтой, уæдмæ йæ цæмæй хъуамæ базыдтаиккой. Фæлæ иугæр фыййæуттæ фæдисон къуыззитт куы самадтой, уæд кæмттæ фæфæдис сты:

— Уæ, Хуыца ун æкуыд федта — паддзах нæ сафгæ кæндзæн! Хуыцау зоны, цы хабæрттæ нæм хаста, мæгуырæг.

Къæвда дæр йæ уарынæй нал æмæ уæд нал æнцад, хæхтæ тынгæй-тынгдæр лæбырыдысты.

— Мæнæ диссæгтæ, алæмæты æмбисæндтæ — хæхтæ æмдзырд бакодтой æви уæд цавæр хабар у — арв æмæ зæхх кæрæдзийы куы хойынц! Ныр цы кæнæм æмæ куыд кæнæм?

Уалынмæ къæвда йæ уарынæй дæр иу чысыл фенцади, фæдисонтæ дæр рæвдзæй бæргæ архайынц, фæлæ, йæ бындар фæуæд, æрдзы бон дæр бирæ уыди рагæй-æрæгмæ дæр. Кæлынц хæхтæ. Устытæ судзаджы хъарджытæ кæнынц:

— Уæ, мæгуыр дæ бон куыд фæци, паддзахы фидар гæххæттимæ дыл Куырттаты бæрзонд хæхтæ æмæ кæмттæ æмдзырд куы бакодтой æмæ дæ сæ быны куыд бацъист кодтой!

Де знаг дæр ахæммæ куы ныккастаид — тары дзыппы ма паддзахы хъулон гæххæттæй иу цалдæр гæбазы баззади, уыдон дæр туджы хъулæттæ, туг сыл ныхъхъæбæр.

— Уæ бецау, уæ бецау, æрдз æмæ дыл Куырттатгомы бæрзонд хæхтæ фыд тæрхон куыд скодтой æмæ дæ сæ быны куыд бацъист кодтой. Уæ бецау дæ бон, мæнг нæ фæзæгъынц, мæгуыры, дам, уæд тулгæ дуртæ хæрдмæ ссурынц. Уæ, дæ къорд даринæгты паддзахы бар куыд бакодтай, Куырттаты комы дын дзæгъæлы куыд баззадысты. Дæхæдæг дæр сидзæрæй бахъомыл дæ, кæмæн родгæс, кæмæн хъомгæсæй, рады фыййауæй-иу куы зылдтæ Куырттаты хъæутæн аслам фыййауæй. Ныр та дæхи байрæзинаг сабитæ дæр афтæ кæндзысты, уæдæ сын цы хуыздæр фæрæз æмæ мадзал уыдзæн. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, æрдз дæр, дам, мæгуырыл йæ тых æмæ йæ маст калы. Уæ, дæ урс сæры магъз дын дон куыд фæласта, дæ сæры кæхцы та доны цæрæгойтæ ахстæттæ куыд фæкодтой!

Хабархæссæгæн ма, мæгуырæг, паддзахы хъулон гæххæттæй цыдæр гæбæзтæ систой йæ дзыппæй æмæ сæ бахастой Агуындæмæ:

— Гъа, Хетæгкаты чызг, ацы гæххæтты гæбæзтæн ма кæд исты гæнæн ис — цы нæм хаста ацы мæгуыр хабархæссæг паддзахæй? Дæдæй, кæд нæ, мыййаг, хæстмæ æфсад агуырдта, уæд нæ сафгæ кæндзæн, афойнадыл кæй нæ сæмбæлдыстæм.

Агуындæ гæххæтты гæбæзтæ кæрæдзийыл авæрдта, афтæмæй сæ кæсын райдыдта. Иууылдæр хабæрттæ куы бакасти, уæд загъта:

— Хæстмæ уæ нæ агуырдта, фæлæ уæ хæстон ахуырмæ агуырдта фæсивæд.

Уалынмæ та æртæ къуырийы фæстæ хабар сæмбæлди æртхъирæнтимæ: «Сар уæ сæртæ кæндзысты, паддзахы ныхмæ цæмæн лæуут?»

Куырттаты кæмтты адæмтæ æмризæджы куыннæ рызтаиккой. Агуындæмæ та æрбахастой фыстæг. Бакасти фыстæг æмæ сын æй бамбарын кодта:

— Хъасты гæххæтт уæ ныффыссын хъæуы, уæ хабархæссæг хохы бын кæй фæци æмæ уæм афойнадыл хабар кæй нæ æрбахæццæ.

Куырттатæ тæрхонмæ æрæмбырд сты:

— Агуындæйы бар бакæнæм нæ паддзахадон хабар, кæннод нæ паддзах сафгæ кæндзæни. Паддзахы бон бирæ у, чи зоны, йæ уырнгæ дæр нæ бакæндзæни, нæ хабархæссæг кæй бацъист хæхты бын. Чи зоны, æмæ цы зæгъдзæн — мæнæ уæ нæ бафæндыд æмæ йæ уæхæдæг барæй хæхты бын фæкодтат.

Агуындæ загъта:

— Уæхи ма тæрсын кæнут, исты амал кæндзыстæм.

Агуындæ сын сæ хабæрттæ фæфыста æмæ рацыди фондз лæгимæ паддзахмæ. Раздæр бацыдысты Къостамæ. Куырттатгомы хабæрттæ йын куы радзырдтой, уæд хорзау нал фæци:

— Уый уæззау хабар у.

Агуындæ Къостайæн бакæсын кодта йæ фыстытæ, тынг хорз æм фæкастысты.

— Дæ цард бирæ уа, кæд куыд дæсны фæдæ паддзахы хъуыддæгтæм.

Агуындæ æмæ Куырттаты кадджын зæронд лæгтæ сæ зоныгыл æрлæууыдысты. Паддзах исдуг хъæртæ кæныныл схæцыд:

— Уæ цыппæртыл мæнмæ ма цæут!

Агуындæ сабыргай райдыдта дзурын, гæххæтт æм радта.

Паддзах уæд æрсабыр æмæ загъта:

— Хæстон хабæрттæ хъæбæр тыхджын сты. Хæст абон рауад, уæд хъуамæ цæттæ уа алы паддзах дæр.

Агуындæ та загъта:

— Зонæм æй, фæлæ ахæм æнамонд хабарæн уæд кæй бон цы хъуамæ бауа? Æрдзимæ кæй бон у схæцын? Æрдзимæ лæгау баныхас кæнæн куы уаид, уæд бæргæ. Ардыгæй райсоммæ æрдзы бон утæппæт хъæутæ фесафын йе донæй, йе хурæй. Дон зæххы бынæй стыдта, уæд æй дæ бон бауыдзæн, паддзах, бауромын, кæд æмæ дон зæххæй æртæ хатты фылдæр у? Кæнæ тыхджын къæвдайæн дæ бон цы бауыдзæн, йе та уæд тыхджын дымгæйæн?

Домбай паддзах йæ сæр аныхта æмæ ницуал сдзырдта.

— Домбай сæры хицау дæ, Быгъуылты чындз, мæ бон дæм ницуал баци сдзурын, фæлæ дыккаг хатт афтæ æрæгмæ мауал сæмбæлæнт.

— Уый та уæд цæмæн зæгъыс? Хæстон ахуырæн æфсонгæнæн нæй, чи хъæуы, ахæм хъуыддаг у. Дыккаг хатт æмбæлдзысты, ныр та сæ бахъыгдардта æгомыг домбай æрдз, йæ ныхмæ æрлæууæн кæмæн нæй, мæгуырæн тæригъæд чи нæ зоны.

Паддзах сын ныххатыр кодта.

Агуындæ æмæ Куырттаты зæронд лæгтæ æрбафардæг сты Куырттаты кæмттæм, хабар æрбахастой, стыр фыдбылызæй кæй фервæзтысты. Куырттаты кæмтты цæрæг адæмтæ æрæмбырд сты æмæ раст Найфаты раз æртæ хъулон галы аргæвстой, æхсидгæ бæгæны скодтой, фæйнæрдæм хонджытæ фервыстой. Нармæ фондз барæгæй бацыдысты, ныхасы лæгтæн сæ хабæрттæ ракодтой, иу дзырдæй, аккаг сæм куыд скæной Нарыхъæуы кадджын лæгтæ, æгъдау куыд амыдта, афтæмæй. Уæздандзинад иуырдæм куыд уа, иннæрдæм дæр афтæ хъуамæ уа — иу адæймагæй цæрæн нæй.

— Уæ цард бирæ уæд æмæ кæддæриддæр уæ амонд уæлахиз уæд, уæ фыдбылыз сæфт куыд уа.

Нарæй фараст барæджы рацыдысты Куырттаты буц æмæ амондджын куывдмæ: кæй уарзæм æмæ нæ чи уарзы, уыдонмæ куывдтæм æмбæлæг куыд фæуæм.

Куыннæ уыдаид Найфаты раз куывддон адæмтæ. Иугæр Нарыхъæуы лæгты куы ауыдтой, уæд сæ размæ кадджын нуазæн æмæ физонæгимæ рацыдысты — стыр дзæбидыры сыкъайы сау бæгæны.

— Алæбон нæм æгас цæуат, Нары разагътайы намысджын адæмтæ! Æгайтдæр ма нæм аккаг скодтат.

Сæ кæрæдзиуыл зæрдиагон цинтæ куыннæ фæкодтаиккой. Æнусмæ мысинаг куывд скодтой Найфаты кадджын дзуары бын. Сылгоймаджы цæрæнбонтæ фыдæлтæй фæстæмæ дæр куывды адæмтæ рæгъ никæд рауагътой, фæлæ Агуындæйы цæрæнбонты тынг зæрдиагонæй хъæбæр рæгъ рауагътой:

— Кад раттыны бар ис Найфаты бын нæ уæздан чындзæн, йæ амонд нын Хуыцау бирæ фæкæнæд, дардыл йæ къабаз куыд ауадза, Хетæгкатæй Быгъуылты æхсæн йæ сызгъæрин цъиутæ куыд ратæх-батæх кæной.

Абоны онг дæр ма ис Агуындæйы хорзы кой Куырттаты цæрæг адæмтæм. Æрмæст Агуындæ æмæ йæ бинонтæ Стъараполмæ алыгъдысты æмæ Мæздæгæй иу дзæвгар фалдæр æрцардысты. Абоны онг дæр ма ис Быгъуылты хъæу, Быгъуылты Цъай йæ хонынц.

XIV

Леуан бирæ фæрахау-бахау кодта. Иугæр æфсадæй куы æрбацыд, уæд йæ уæнг уæнгыл нал хæцыд, йæ фæллад æмæ йыл йæ тыхстытæ æртæфстысты. Йæ бирæ зонгæтæ æмæ лымæнтæ йæм цыдысты. Уæд иу райсом раджы йæ фыды æфсымæры ус Дзанианмæ фæдзырдта Леуан:

— Дæ хорзæхæй, иу чысыл мæ разы абад, æз дын диссаджы фын радзурон.

Дзаниан æрбауад:

— Ау, нæ лæппу, дæу разы куыд хъуамæ ма абадон? Дæуæй зынаргъдæр мæнæн кæцы у?

Леуан афтæ зæгъы:

— Дысон зæгъон, æмæ ныр иу-дыууæ хатты федтон Гуыбаты чызджы мæ фыны, Дзаниан.

— Рæстмæ дæм цæуæд. Куыдæй йæ федтай, уый-ма мын радзур.

Леуан афтæ зæгъы:

— Æрмæст æй Лекси куыннæ фехъуса, афтæ: æдзух кæугæ кæны æмæ тæригъæд у. Нарыхъæуы уæлмæрды фестадтæн æмæ мын Гуыбаты чызг мæ худ мæ сæрæй фелвæста æмæ уæртæ фезгъоры. Æз æм дзурын: «Фæлæуу, дæ хорзæхæй». Уый мæм нæ кæсы. Æз æй уæд аййафон, зæгъгæ, йæ фæдыл фæцæуын æмæ иу стыр кулдуары мидæг фæци, дуар рахгæдта. Дуаргæс мæ нæ бауагъта. Æз уыцы æнкъардæй раздæхтæн. Охх, куы ма йæ баййæфтаин! Охх, уæдæ, æз мæ цард Гуыбаты чызджы мысгæйæ куыд арвыстон, æдзух дæр мæ цæстытæй куыннæ цух кæны. Хатыр бакæн, фæлæ дæм уый диссаг нæ кæсы? Ныр та йæ дысон дæр федтон. Мæ худмæ та мын фæлæбурдта æмæ йæ фæхæссы. Æз æй тагъд-тагъд фæсте асырдтон æмæ та кулдуары мидæг фæци. Æз уæд мидæмæ бахызтæн, нал раздæхтæн. Кæсын æмæ уæртæ иу ран йæ фæндырæй диссаджы зæрдæисгæ цæгъдтытæ кæны, йæ алыварс бадынц. Кæй зыдтон, ахæм адæм дæр дзы бирæ уыди, фæлæ дзы бирæйы зонгæ дæр нæ кодтон.

— Нæ зонын, зын зæгъæн у. Хуыцау æй рæстмæ фын фæкæнæд.

— Нæ. Дзаниан, уый рæстмæ фын нæу, фæлæ ма мæ удæгасæй мæ иунæгæн бинонтæ куы æрхастаин. Мæ удæгасæй, тæхудиаг æмæ, чындзмæ куы бакæсин. Тæхудиаг, æмæ зæнæджы зæнæг цæй ад кæнынц, уый ма базон, мæрдтæм афтæмæй куы ацæуон, уæд мæ, æвæццæгæн, мæрдтæм дæр ницы бахæццæ уыдзæн.

— Ма тæрс, мæ лæппу, кæрдæгзмæлæн æмæ донабузæны фынтæ фæливгæ кæнынц. Чындзы ад дæр базондзынæ. Уæдæ сывæллоны ад дæр базондзынæ. Хуыцауы чырынтæ æмæ æвæрæнтæ сымах куы нæ фæкъахтат. Хуыцау дæр хъулон Хуыцау у, Гуыбаты чызгимæ дæ иу чысыл цæрæнбон уæддæр куы фæуыдаид, уæд æдзух дæ цæстытыл нæ уаид.

— Уæллæй, Дзаниан, тæхуды, æмæ мæрдтыбæсты æцæгæй дæр исты куы уаид. Абон дæр æз Гуыбаты чызгмæ дуæрттæ бæргæ батонин. Уæллæй, нæ зонын, лæг куы амæлы, уæд ыл цæмæн фæкæуынц, кæд мæрдтыбæсты исты ис, уæд? Лæджы райгуырд, æмæ фесæфтæй æндæр зæххы уæлцъары мидæг цы уыдзæн, æндæр, чи дзы æрцыди?

Йæ бындар фæуæд, мæлын кæй фæнды. Иугæр йæ удхæссæг куы æрбахæстæг, уæд æй, мæгуырæг, Гуыбаты чызджы мæт дæр нал уыд. Леуан дæр йæ тæккæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд амард. Цæвиттон, Куадзæн ма арвыста, фæлæ фæскуадзæн раст стыр цыппæрæм боны Леуанмæ куыддæр зарын æрцыд æмæ ма фæстаг тохы зарæг тынг хорз акодта. Ноджы ма Чырыстийы зарæг дæр кæнаг уыди. Диссаджы цин дæр бакодтой: «Агъæц, ныр, æвæццæгæн, Леуан йæ низæй цух кæнын райдыдта». Лексимæ хæрзæггурæггаг фесты:

— Ды дæхи мæтæй куы фæмарыс, Леуан мын мæлгæ кæны, зæгъгæ, фæлæ ахæм зардæй ныззарыди, æмæ уæ цæрæн хæдзары къултæ фæйнæрдæм фæцæйрæдывтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.