Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 12 страница



— Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ ацы хæринаг та куыдæй рæвдз кæнут, баба?

— Уæ, баба дæ фæхъхъауæй фæцæра, ацы хæринаг та не ’фсинтæ кæнынц афтæ: мæнæуæн йæ æддаг цъар ныххафынц къоркъоти хафæнæй. Иугæр æй куы ныххафынц, уæд æй бауæларт кæнынц. Гогызы дзидзаимæ йæ фæфыцынц, цалынмæ дзидза стджытæй фæхицæн уа, уæдмæ. Иугæр куы ахицæн уа, уæд стджытæ сæвзарынц, сыгъдæг дзидза æмæ мæнæуы фых баззайынц. Хорз та сæ фæфыцынц. Фых фесты, уæд сыл ныккæнынц басгæрдджытæ, нурыйæ, хъæдындзæй, цывзыйæ. Иугæр æй тæбæгъы куы æркæнынц, уæд ма йыл æркæрдынц къуыдырфых æйчытæ. Уый дын къоркъотийы хабар. Къоркъоти иу бонмæ нæ рæвдз кæны.

Уæд та рахастой фæстæмæ туаг æхсыр, фæйнæ та дзы банызтой. Фынг та фæстæмæ асыгъдæг кодтой, уыцы рæвдзæй æрæвæрдтой ирон уæлибæхтæ.

— Хæргæ, уазæг.

Цæй æнæ бахæргæ уыди. Уæлибæхтæн царв хъазандары. Иннæтæ куыд хæрынц, Къоста дæр афтæ хæры. Уæлибæхтæн сæ цыхт æнхъæвзы уыцы хæрзадæй, царвимæ сæ тулынц.

Зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Царвимæ цæмæннæ тулыс?

Къоста афтæ зæгъы:

— Æмæ мæнæ сæ сой фæйнæрдæм куы кæлы.

— Ницы кæны — нæ фыдæлтæ царвæй рæгъытæ дæр ма куы уагътой. Фæйнæ нуазæны дзы мах дæр ныртæккæ бануаздзыстæм. Лæджы домбай сыгъдæг царв кæны.

Къоста афтæ зæгъы:

— Уæлибæх ма Нармæ дæр хорз кæнынц, иннæ хъæуты йæ афтæ хорз нæ кæнынц.

Зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Не ’фсинтæ фæлмæн хыссæ скæнынц дзуллаг ссадæй, хорз æй сæнхъизын кæнынц, æныгус цыхтæй[24] та кæнынц уæлибæхтæ. Цыхт ссæнд æмæ йæ цъары хуылфы акæн, афтæ нæ кæнынц. Хорз æй бассæндынц, æхсыры сæртæ дæр ма йыл акæнынц, иу чысыл ссад, цæхх, иу хъæрмхуыпцымæн уйдыджы дзаг дон дæр. Цыхтыл ссад, мыййаг, куы нæ ныккæной, уæд кæны згъæлгæ, ад дæр дзы мæнæ-мæнæ хорз нæ вæййы.

Ногæй та фынгыл æрæвæрдтой минас, дзидза дзы сыгъдæг йæхæдæг, халсарджынимæ.

— Уазæг, хæргæ.

Дзидзайæ ма хъуамæ цас ахордтаиккой. Фæлæ халсарджын кæй хуыдтой, уый хæрынц, æмæ та диссаджы хæринаг. Мард æм йæ рæмбынтыл рабаддзæн.

— Уæд ацы хорз минас та куыд аразут?

— Дзидза къуыдырфых скæнынц не ’фсинтæ æмæ йæ лыстæг скæрдынц. Æйчытæ къуыдырфых скæнынц æмæ уыдон дæр скæрдынц, хъилхъæдур сурфыхæй. Дзидзатимæ сæ хорз сæмхæццæ кæнынц хъæдындзæй, нурыйæ, басгæрдæгæй. Царв сыл тæвдæй акæн, цæхх ма ферох кæн. Цывзы кæнæ хремы ссад, иу дзырдæй, судзаг хал.

— Уæ æфсинты бæркад бирæ уæд, сæ цард дæр уæд амондимæ. Сæ къухæй сой цæуæд æнусмæ. Сылгоймаг хæдзары фыццаг цæджындз у. Сылгоймаг у нæлгоймагæн йæ дарæг. Кæцыфæнды хорз нæлгоймагæн дæр сылгоймаг куы нæ уа, уæд йæ бон цæрын нæу. Нæлгоймагмæ æртæ мины ратт — уыцы иу бон сæ бануазын у йæ бон. Райсомы бон дæр ма йæ хъæудзæн, уый дæр нал ахъуыды кæндзæн. Æппæт нæлгоймæгтæ, чи зоны, афтæ не сты, фæлæ бирæ ис ахæм лæгтæ. Сылгоймагмæ иу урс сом куы вæййы, мæгуырæг, уæддæр фæхъуыды кæны: сапон дзы балхæнон æви æндах, æнгуырстуан æви теман, сæрвасæн æви сæкæр. Йæ хæдзарæн кæцы ранмæ хуыздæр феххуыс уыдзæн, ууыл ахъуыды кæны хорз сылгоймаг алы къахдзæфæн дæр уымæн фæзæгъынц афтæ: мадæй сидзæр, дам, у æцæг сидзæр, фыдæй сидзæр та æрдæг сидзæр. Лæгæн, дам, йæ сылгоймаг куы амæлы, уæд мæрддзыгойы устытыл йæ цæст фæхæссы, мæ сылгоймаг амарди, æмæ мæ ныр ус курын хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ, мæгуырæг, сылгоймагæн йæ мой куы амæлы, уæд фæкатай кæны: ныр мæ сывæллæтты цæмæй дардзынæн? Дæдæй, куыд удхæрттæ æмæ цы мадзæлттæ кæндзынæн? Удхæрттæн дæр ма сæ бар сæхи фæуæд, фæлæ, дæдæдæй, зæрæстон хуым — дурæппарæн, æнæмой ус та, дам, дзырдæппарæн.

— Уæллæй, раст зæгъыс, Хетæджы-фырт. Дæ цард бирæ уæд, ноджы фылдæр гуырæд нæ ирон дзыллæтæм дæу хуызон сахъ лæппутæ.

Фæстæмæ та зæронд лæг йæ чындзытæм дзуры:

— Уæ фынджы кой кæнут.

Чындзытæ сæ сæртæй амонынц, кæй цæттæ кæнынц минас. Фæстæмæ та фынг рæсугъд акодтой. Къоста дисы бацыд: уæдæ ма цавæр минас хъуамæ æрæвæрой? Кæсы æмæ тæбæгъы иу дзулы хуызæн æрбахæссынц, уыцы рæсугъд фыхæй. Кæсы, æмæ дзул нæу, фæлæ цыдæр æнахуыр кæрстытæ, куыддæр æрттывдтытæ калынц. Чындзытæ æрæвæрдтой уыцы диссаджы дзул, фæстæмæ ма ауадысты æмæ та дзы кæрстытæ къаннæг тæбæгъы æрбахастой.

— Хæргæ, уазæг. Ацы хæринаг дæр хъуамæ фенæм. Цæстæй уынгæйæ йын ницы равзарæн ис, дзыхæй йæ равзарын хъæуы. Йæ бакаст куыд рæсугъд у, йæ ад, мыййаг, кæд афтæ нæу.

Тынг диссаджы хæринаг та уыди, цас дзы хордта, ноджыдæр ма йæ дзы хъуыди.

Уæдæ уæ хорз хорз у, æмæ ацы хæринаг куыд аразынц уæ æфсинтæ, уый та куы радзуриккат.

— Æгайтма дæр дæ фæнды йæ базонын. Уый дæр, мæ хур, аланты хæринæгтæй у. Нæ фыдæлтæ дæсны уыдысты фынджы бæркад аразынмæ. Ацы хæринаг иу адæймагæй аразгæ нæу, хъæуы йын дыууæ кæнæ æртæ адæймаджы. Дзуллаг ссад æйчытимæ скæн, фондз æмæ ссæдз айчы нымадæй. Хорз æй нæмын хъæуы. Хыссæ кæнгæйæ иу чысыл цæхх акæнын, мыййаг, ма ферох уæд. Дарддæр уыцы нымæцæн хъæуы иу æртæ хъасыхъы дзаг мыд. Æрмæст мыд фыцын хъæуы. Мыдæй фыцгæ-фыцын иу æртах сис æмæ йæ уазал доныл æркæн. Кæд мыд апырх уа, уæд ма йæ æнæмæнг хъæуы фыцын, кæд атымбыл уа раст хохаг хъæдуры гагайы хуызæн, уæд æй æйчытимæ цы хыссæ снæмай, уым æй атæнæг кæн лауаситæ, æмæ лауаситæ хæнкъæлы кæрстытæ скæн кардæй. Сой хъуамæ фыца аджы мыдимæ нæ, фæлæ хицæнæй. Архайджытæ кæсæнт æмæ кæд сой рафыца, уæд хæнкъæлы кæрстытæ сойы æппар æмæ сæ змæнт, цалынмæ бур-бурид суой, уæдмæ. Иууылдæр фых куы фæуой, уæд мыд уыдзæн уæларт. Мыдыл-ма акæн иу чысыл сæкæр дæр, мыдимæ куыд рафыца, афтæ. Уæдæ æнгузы æппытæ дæр лыстæгæй. Иу стыр тæбæгъы сæ змæнтын хъæуы хæнкъæлы кæрстытимæ. Хорз сæ куы схæццæ кæнай, уæд хуынхæссæн тæбæгъ дæ разы æрæвæр æмæ сæ уырдæм ис. Иу архайæг уазал донæй йæ къухтæ суымæл кæнæд. Афтæмæй сæ рауайдзæн рæсугъд дзулы хуызæн. Куы æруазал уой, уæд æй хæрын хъæуы. Уый та дын мыдадже хæнкъæлы хабар. Ацы мыдадже дын у уæхимæ хæсгæ — уыцы æгъдау нæ хорз фыдæлтæй баззади.

Къоста афтæ хъуыды кодта: «Хъуамæ дзы иу карст нæхимæ ахæссон æмæ йæ фенын кæнон не ’фсинтæн». Уалынмæ та æрбахастой æндæр хæринаг. Тынг диссаджы хæринаг уыди уый дæр, æнгузтæ æмæ мыдимæ фыхæй, ноджыдæр ма æхсæры æппытæ. Сегас ныффыссынмæ кæй къухы æфтынц, фæлæ сæ бафарста:

— Дзул та уын уæд афтæ фæлмæн æмæ хæрзад цæмæн вæййы?

— Дзулы хабар дæр дын бацамондзыстæм. Дзуллаг ссад мæнæ цымгæйау рафыцын хъæуы, куыннæ фæкъуыбар уа, афтæ. Мыййаг, куы фæкъуыбар уа, уæддæр ын йæ къуыбæрттæ бассæндын фæхъæуы. Дзул дæр æнцон кæнæн нæу. Цымгæйы фыхы иугæр куы ныууазал кæнай, уæд ыл æнхъизæн ныккæн. Куы сæнхъиза, уæд та йыл фæстæмæ дзуллаг ссад бастауын хъæуы. Хорз сæнхъизын кæн дæ æнхъизæн æмæ дзы хыссæ скæн егъаугомау арынджы. Æртæ хатты йæ сæнхъизын кæн, æртæ хатты йæ снæмын хъæуы æнæ æвдулæнæй. Фыццаг хатт æй, цалынмæ къæрцц райдайа, уæдмæ йæ нæмын хъæуы. Алантæ, дам-иу, афтæ загътой: хыссæ арынджы куы нæ сфыцай, уæд зынгуаты зын фыцæн у. Цыппæрæм хатт дæ хыссæ хорз куы сæнхъиза, уæд дзы тымбыл дзултæ скæн æмæ сæ тебæты æвæр. Æрмæст тебæты хъæудзæн сæрдæнæй сæрдын, дзултæ куыннæ ныххæцой, афтæ. Хорз конд куы уа дæ хыссæ, уæд хæцгæ дæр нæ фæкæнынц. Зынгуат стæвд кæн, расыгъдæг æй кæн. Дзултæ иугæр сæхиуыл куы схæцой, уæд сæ дзулфыцæн зынгуаты æппар дзулæппарæнæй. Йæ дуар ын æнгом бассон æмæ сæ иу цасдæр бауадз. Сылгоймаг хъуамæ зона йæ дзулты хабар, цас бауадзгæ сты. Дзæгъæлы байгомгæнæн нæй зынгуатæн, уæд дзултæн сæ хуыз мæгуырау кæны. Сæ рæстæг куы æрцæуа, уæд сæ райс æмæ сæ сыгъдæг хæцъилæй донæй æхсæгау акæн æмæ сыл сыгъдæг супра айтау. Сæ адджын тæф суанг дыууæ хъæуы сæрты дæр кæлдзæн. Мæй куы фæлæууой, уæддæр згъæлгæ нæ кæндзысты, уыцы фæлмæнæй лæудзысты. Аланты конд дзултæ згъæлгæ нæ кодтой, сæрдæй уæд, зымæгæй, хæрынмæ та уыдысты тынг хæрзад, ахсæн хъыг нæ дардтой. Аланты хуызæн дæсны хæринаг никуы кодтой зæххы уæлцъары мидæг. Уæдæ цыхт дæр уыдонæй хуыздæр ничи ахста.

Нæ хицау Хъызлар-бæстæ агурæг рацыди æмæ йын Уырысы хицæуттæ бар радтой Стъараполы æрцæрынмæ. Сыгъдæг сызгъæрин сын бафыста æмæ денджызмæ æввахс цард фесты. Иу дзæвгар дзы рацардысты, фæлæ сæ дон æгæр тыхсын кодта æмæ æрцыдысты мæнæ Стъараполы хус быдырмæ. Цæрæм нæхицæн æнцад. Бирæ хъæутæ ис ацы ран. Дарæм фос. Зæххы куыст дæр кæнæм. Цæхæрадоны куыст, æцæгдзинад, тынг нæ кæнæм. Пефы нын ис, ахуыр кæм кæнынц, ахæм бынат, фæлæ нæм у дардгомау. Нæ сывæллæттæн дардмæ цæуын у тынг зын, уæлдайдæр зымæгон. Стъараполы хъуыддаг у афтæ, æмæ у тыгъд æмæ быгъдæг быдыртæ, бæласцух бæстæ. Хæхтæ дæр нæм æввахс не сты æмæ зымæг мит куы фæуары, уæд фезмæлæнтæ нал вæййы. Мит дзы уараг у. Алы аз афтæ нæ вæййы, фæлæ иугæр хъызт куы вæййы, уæд хъæбæр стыхсæм. Дымгæ фыдуаг богъау быдырты къуыззитт фæкæны. Мит иу ранæй фелвасы æмæ йæ иннæ ран авæры. Ацу æмæ дзы ссар фæндаг. Афтæмæй нæ сабитæ удхарæй мæлынц.

Къоста загъта:

— Æз уыцы хæс исын мæхимæ.

XIII

Асиат æмæ Агуындæ, фаззæттæ, райгуырдысты комахсæны, галæргæвдæн хуыцаубоны. Сæ мад æмæ сæ фыдæн уыди фондз лæппуйы, æрмæст сын чызджытæ нæма уыди. Къалоз Гаджиты сиахс уыди, дыууæ чызджы йын иумæ райгуырди, уый куы байхъуыст ныхасы лæгтæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæ лæппуйы райгуырдыл куыд бацин кæнай, ахæм цинтæ сыл нæ бакодтой. Къоста æмæ Дауыт бахастой Нарыхъæуы ныхасмæ хабар, æнхъæлмæ кæсынц, кæд нын исты хорз зæгъиккой, хæрзæггурæггаг нын кæд авæриккой. Уæд Къоста афтæ зæгъы:

— Куыд кæсын, афтæмæй уын, æнхъæлдæн, Гаджионы фаззон чызджыты райгуырд æхсызгон нæ уыди.

Уæд Бибо афтæ зæгъы:

— Лæппутæ куы уыдаиккой, уæд бирæ хуыздæр уыдаид, бæргæ, тæккæ бæрæгбонты заман.

Къоста æмæ Дауытмæ уыцы ныхас афтæ худæг фæкасти, æмæ сæ дыууæ дæр сæ былтыл ныххæцыдысты, хъæрæй ацу æмæ бауæнд ныхасы лæгты раз. Къæдзæхы сæрмæ рацыдысты æмæ худæгæй къæцæлтæ кæнынц. Зымæгон заман, æмæ сæ худын комы цæгатварсæй хуссарварсмæ хъуысти. Уæллаг Нарыхъæуы устытæ дисгæнгæйæ аззадысты:

— Ацы лæппутæ мæлæты зæрдиагон худтæй дæр худынц. Худгæ дæр цæмæннæ кæной — мæнæ та сыл дыууæ хойы бафтыди. Къоста хотыл бынтон иузæрдыг у.

Уæд та фæстæмæ бауадысты:

— Афтæ хъыг уын уыди, уый куы зыдтаиккам, уæд уæм не ’рбацыдаиккам.

— Нæ, афтæ тынг хъыг та нын цæмæн уыд, — загъта дыккаг хистæр Таймураз. — Чызг дæр хорз у. Ме знаджы мыггаджы æхсæн ма чызджытæ дæр ма уæд. Ирæдгуыпп та дзы уыдзæн къобор галтæ æмæ лæувæздон хъуццытæ. Уæдæ сиахсæй цы зæгъай кæнæ хæрæфыртæй?

— Уæллæй, æмæ раст зæгъыс, æфсымæр. — Барзин хъазаг лæппу уыди. — Уæдæ та æз дæр мæ урс куырæт æмæ сау цухъхъа скæндзынæн æмæ ирæд исынмæ афардæг уыдзынæн — мæтæй мæлдзæн Барзин. Уæдæ та дзы минас дæр хъуырмæ.

Къостайæн-иу ахæм ныхæстæ уæлдай æхсызгондæр уыдысты æмæ-иу æнхъæлмæ касти: уæдæ та Барзин кæд ныхасы лæгты зæрдиагон худтæй фæхудын кæнид. Цырын-иу æй кодта:

— Афтæ у, Барзин. Комахсæн дын хъæбæр хорз дæр баххуыс кодта æмæ дын ирæд исынмæ дæр хъæбæр фадат фæци. Уæдæ сыл нæмттæ та æз æвæрын: Асиат æмæ Агуындæ.

— Уæллæй, агургæ æмæ æнæаргæ нæмттæ куы æрхъуыды кодтай, Къоста. Уыдон рагон нæмттæ сты, рагон адæмы хорзæх дæ уа, сæ кад æмæ дын сæ фарнæй хай бакæнæнт. Агуындæ æмæ Асиат дæр фаззон хотæ уыдысты, Косораты Фæрныджы чызджытæ. Фæрныгæн зæдтæ æмæ дауджытимæ дæр ныхасы бар уыди, уæллæй. Уæдæ йыл тыхгæнæг адæмтæ фондзыссæдзæй куы æрæмбырд уыдаиккой, уæд дæр ыл нæ фæтых уыдаиккой, фæйнæгфарс лæг уыди. Уæллæй, уæйгуытæ дзы тæрсгæ кодтой.

Къоста ахæм ныхæстæм зæрдиагæй хъусæг уыди. Уæд сæ афарста:

— Косоратæ сæ цæмæн хуыдтой?

— Уæ, дæ фæхъхъау фæуæм, Косоратæ сæ уымæн хуыдтой, æмæ сын коцоратæ уыди сыгъдæг сызгъæринæй, раст сæ тæккæ сæры астæу. Косораты размæ та Базыргантæ уыдысты. Уыдон дæр домбай æмæ хæрзконд адæмыхатт уыдысты.

Къостайæн мæлæты æхсызгон уыдысты рагон адæмы хабæрттæ, мидбылты худгæйæ дзурынмæ фæци:

— Базыргантæ никæд фехъуыстон æз Къæберæй дæр æмæ Дадайæ дæр. Косораты кой мын-иу тынг арæх кодтой, фæлæ Базырганты кой никæд ракодтой. Афтæмæй Къæбер кæцы хабар нæ зыдта, иу хабар дæр æмæ иу аргъау дæр ахæм нæ уыди ацы бæсты уагыл.

— Базыргантæ сæ уымæн хуыдтой, æмæ сын уыди базыртæ æмæ-иу сæ куы бафæндыд, уæд-иу уæларвмæ дæр сфардæг сты. Кæнæ-иу сæ дард фурдтæм цæуын дæр куы æрфæндыд, уæд-иу афардæг сты. Сæ базыртæ-иу фæйнæрдæм куы айтыгътой, уæд мæнæ цæргæстау уыдысты, æндæр бæстæм-иу фурды сæрты афардæг сты. Хорзæй кæцы ран цыдæриддæр уыди, уый хастой æмæ царды минасæй къæртт æппæрстой. Гуымиры уæйгуытæ та сын хуымтæ кодтой. Суанг ма сын æнгуз бæлæстæ дæр цагътой, уæдæ æхсæрæй цы зæгъай. Уæйгуытыл куыстой» сæ фæлхæрдтæ сын лæвæрдтой. Дыууæ уæйыджы-иу дзывыр ластой, æртыккаг уæйыг та-иу сæрбосыл хæцыди.

Къоста-иу худæгæй марди:

— Уæллæй, нæ хорз хистæртæ, мæлæт уын макуы уæд: хъæбæр хорз аргъæуттæ кæнут, цардæн йæ рахæцæнтæ дæр хъæбæр хорз зонут. Цард ахæмтæй фидауы. Нæ цæстæй кæй уынæм, уый зонæм, фæлæ нæ цæстæй кæй никæд федтам, уый нæ зонæм, кæнæ нæ хъустæй кæй никæд фехъуыстам, уый дæр афтæ. Уæ ныхас æмæ уæ кой макæд фесæфæд. Уæд Къудиантæ та цавæр адæмыхатт уыдысты æмæ сæ Къудиантæ цæмæн хуыдтой?

— Уый дын мах быгъдуан фæуæд. Уыдонæн та уыди къудитæ æмæ сæ уымæн афтæ хуыдтой. Уыдон мæгуырау адæмыхъæд уыдысты.

— Уæдæ Цъылынкъудитæ та уæд цавæр адæмыхъæд уыдысты?

— Уыдон дæр Къудиантæй бирæ хуыздæр нæ уыдысты. Цъылынкъудитæ сын уыди æмæ-иу бон-изæрмæ уынгтæ сæрфыны куыст кодтой. Сæ кæрæдзийы дæр сæ цъылын къудитæй надтой æмæ мардтой. Нæ, Къоста, ды сæ аргъæуттæ хоныс, фæлæ уыдон æцæгдзинад уыдысты.

— Æмбарын уын уæ ныхас, уæ хъуыды, фæлæ иу фæлтæр аннæ фæлтæрæн у аргъауы хуызæн. Мæнæ иу цалдæр азы фæстæ сымах дæр уыдзыстут ног фæлтæрæн раст аргъауы хуызæн. Уæ цард, уæ куыстытæ сæм диссаг кæсдзысты. Мæнæ фæнычы уæлибæхтæ куыд фыцут, хъæдын нæзы цырæгътæ куыд судзут, мæнæ комахсæйнæгтæ хæдзары куыд дарут, цæрæн хæдзары бынмæ скъæты фосæй, хъомæй, бæхæй куыд дарут, уæлдайдæр хохаг адæмы цард. Къæдзæхтæ куыд халут æмæ дуртæй хæдзæрттæ куыд фидар æмæ рæсугъд аразут. Иу дзырдæй, уæ уаргъæй куыстытæ сæм хъæбæр диссаг кæсдзысты, мæхъитæ бийын æмæ сæ хæссын хохы сæрмæ, уæ хос кæрдынтæ, уæ ласæн кæнынтæ. Фæстаг-фæстаг афтæ рауайдзæн, æмæ адæмтæ лæгдыхæй нал кусдзысты, фæлæ зондæй хæхтæ халдзысты, иу дзырдæй, хæхтæй сæ бон быдыртæ аразын уыдзæн. Бæхуæрдон ма уæд кæй хъæудзæн, хæдтулгæ уæрдæттæ сæм уыдзæн. Бæхыл ма уæд кæцы лæг кæнæ лæппу баддзæн? Къаннæг хæдтулгæ уæрдæттæ уыдзысты мæнæ мæлдзгуытæй арæхдæр. Æлвисгæ ма уæд чи кæндзæн, пирæн кæнæ тынуафæн бандон ма уæд кæй хъæудзæн? Искуы ма сæ бузæты сæвæрдзысты, æмæ сæм кæстæр фæсивæд диссагæн цæудзысты. Фат кæнæ æрдын ма цæстæй уæд чи уындзæн — æндæр хæцæнгарзæй ивд æрцæудзысты. Нæрв ма кæй хъæудзæн, кæрц ма кæй ус бахуыйдзæн, æлдыгъ ма уæд чи зондзæн кæнын, пæртдзæгъдæн ма уæд кæй сылгоймаг райсдзæн йæ къухмæ, тæбын цъында кæнын ма уæд чи зондзæн, астæубос ма уæд чи уафдзæн? Зæнгой кæнæ хæдбын сæрак дзабыр, схъæлфындз æрчъи ма уæд æд фатхос кæцы скæндзæн йæ къахыл, нымæты ма уæд кæй сабитæ хуысдзысты лыстæны? Хъæмпæй ма уæд чи кæндзæн мæнау Ногбон æхсæв сой-сой, бур фиуæй физонæг? Чи кæндзæн мæнау къодахы артыл гæппытæ? Иу дæр нал, ферох уыдзысты уыцы æгъдæуттæ. Мардæн ма чи уадздзæн дугъ, уæдæ ма мардæн чи садздзæн хъабахъхъ, Цыппурсы карзы ма уæд мæнау дойнаг ихыл чи бырдзæн бынтон бæгъæввадæй? Уазал нæ кодтой Къоста æмæ йе ’мбæлттæн сæ къæхтæ. Турæджын бас ма чи уындзæн уæд йæ цæстæй, къæлуа, быламыхъ, задын[25], тыппырон[26], ликъани[27], деда[28] — иу дедайæн дыууадæс хъæбыны, фыркъатæ, цæукъатæ, фыстæ, барæг æдбæхæй, таройтæ уыдысты сæ тæккæ дзагæй, доныскъæфæнтæм-иу сæм кастыстæм мондагæн, æртхурон бинонтæн хуыздæрæн уыд фæлварæн, уæд йæ арт дæр буц уыди нæзыхъæдæй, хус сугтæ цырагъ æмхæццæ: «Æндзар арт, сахъ лæппу! Фест-иу, фест, цырагъдарæнмæ дæр, асхъау æй, асхъау!» Кæй чындздзон чызг ма уæд скæндзæн Ногбон æхсæв амонд фенынмæ цæхджын гуылтæ æнгуырстуанæй баргæйæ, кæнæ кæй усгур лæппу бахæрдзæн мæнау цæхджын гуылтæ удæмбалы мондагæн. Уæдæ Фæлвæрайы кусарт кæнæ лæппæг уæлибæх, кæнæ æнгузцыхтæй ивазгæ дзыккайæ чи бахæрдзæн фыййауы къусыдзаг мæнау? Сойаг хæринагæн тых бирæ хъæуы, æлгъæдгæнаг у, мæ хуртæ. Чи ма ныккæндзæн уæд мæнау нымæтхуд йæ сæрыл фыр буцæн. Кæнæ мæнау чи дардзæн цухъхъа, уæд куырæт æд сæхтæг, æд æгънæг æнгом æвæрдæй, астæу æлвæстæй, хъамайыл къухтæ æвæрдæй.

***

Асиат æмæ Агуындæйыл Къоста нæмттæ куы сæвæрдта, уæд загъта:

— Ацы дыууæ фаззоны æз исын мæхимæ æмæ-иу фæуæнт мæ бар. Иугæр сыл æвдгай азтæ куы ацæуа, уæд сæ ратдзыстут Нары хъæууон ахуыргæнæн скъоламæ.

Куы сыл аргъуыдтой, уæд дæр загъта:

— Дзæгъæлы авдæнмæ фидыд куыннæ æрцæуой, афтæ.

Урстуалты Дзукъатæй иу лæгæн райгуырди дыууæ фаззон лæппуйы æмæ иугæр Асиат æмæ Агуындæйы кой куы айхъуысти, уæд Урстуалтæй лæгтæ Нармæ рацыдысты, Нарыхъæуы ныхасмæ бацыдысты.

— Фарн уæ ныхасы уæд, Хетæгкатæ!

— Уæ, алæбон нæм æгас цæуат. Мидæмæ нæм саккаг кæнут, Урстуалтæ. Цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста лæгæвзæрстæй?

Нарыхъæуы лæппутæ рауадысты, сæ бæхтæ сын бæхдонмæ бакодтой, бæхтæн хæринаг авæрдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.