Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 11 страница



Устытæ дæр стыр хатыртæ ракуырдтой.

Уæд иу зæронд лæг æрбацыди, йæ урс зачъе раст йæ астæуæй бирæ дæлдæр. Райдыдта Къостайæн арфæтæ кæнын:

— Дæ цард бирæ уæд, Хетæджы домбай сæры зонды хицау, цы мыггаг, цы Нары райгуырдтæ, уыдон дæ хуртæй æфсæст æрцæуæд, сæхи куыд фæнды, афтæмæй. Лæг кæм ис, дæхи загъдау, дард хъæдмæ фæлыгъдысты кæнæ сæгъы сыкъаты бабырыдысты. Ай бæрц адæмтæ сæ кæрæдзийы сырх туджы æвдылдысты æмæ дæ руаджы абон басабыр сты. Ныр ацы адæмтæй ардыгæй фæстæмæ иу иннæмæ куыддæр тызмæг ныхас скæна — хъоды сыл бакæндзыстæм æмæ сæ Дзæуджыхъæуæй раст æхсæвыгон сурæг фæуыдзыстæм. Нал у махæн нæ бон ахæм æбуалгъ хъуыддæгтæм кæсын. Мæнæ ацы сылгоймæгты тæригъæдæй ма суанг хъæддаг сырдтæ дæр, бауырнæд уæ, хъæдæй ноджы дарддæр фæлидздзысты. Фидар ныхас сæ куыд райсæм мах абон.

— Стыр бузныг, мæнæ зæронд лæг, тынг раст æй кæй зæгъыс. Иу ран, дам, царди иу æлдар. Уæд æм бафтыд иу сохъыр мæликк æххуырстæй. Æлдар æй фæрсы: «Исын дæ мæхимæ æххуырстæй, фæлæ дæм лæгдзинадæй цы ис, сохъыр мæликк?» «Растæхстон дæн, алы изæр дæр дын хъæддаг карк хæсдзынæн, маргъы фыдæй дæ фагæй фылдæр хæрдзынæ». — «Хорз у уыцы хабар, маргъы фыдæй мæ фагæй мæ уæлдай куы уадзон, уæд мын æгъгъæд у». Мæликк райдыдта æлдарæн цуан кæнын. Цас фæцуан кодтаид — хæйрæг йæ зонæг, хæйрæг йæ хъахъхъæнæг, фæлæ иу бон цуангæнгæ бацыд уæлæ Лиайы бæрзонд хохмæ. Иу ран æхсыры цады раз æрбадти. Уæд кæсы æмæ Хуры чызджытæ цадмæ æрбацыдысты. А сохъыр гауыр мæликк йæхи уæд фынæйæфсон скодта. Чызджытæ сæ уæлæдарæс раластой æмæ æхсыры цады ныггæппытæ ластой. Мæликк фæгæпп ласта æмæ дзы иуы дзаумæттæ рамбырд кодта: «Агъæц, ныр мæнæ дæ». Чызджы дзаумæттæ йæ быны бакодта æмæ æнæмæт фынæй кæны. Уалынмæ Хур йæ бынатмæ цæуынмæ фæлæууыди. Хуры чызджытæ сæ дзаумæттæ сæ уæлæ акодтой. Уæд æртыккаг чызгæн нал æмæ нал сты йæ дзаумæттæ. Цадæй куыд рахиза, кæд æмæ нæлгоймаг цады раз хуыссы, уæд? Хуры чызджытæ кæуынц: «Æри нын нæ хойы дзаумæттæ — Хур фæныгуылы, æмæ нæ Дада нал бауадздзæн хæдзармæ». Ацу, æмæ фæнды дзур, фæнды ма дзур гауыр мæликмæ. «Ацæут мæ разæй, фынæй кæнын мæ бауадзут. Æлдар фыдлæг у, тæригъæд нæ зоны: изæры йын карчы мард куы нæ ныххæссон, уæд мæ йæ уæрдондоны къуыммæ нал бауадздзæн æмæ мæ искуы хъæддаг бирæгътæ бахæрдзысты». Чызджытæн ма уæд цы хуыздæр фæрæз уыдаид — афардæг сты сæ хæдзармæ, сæ хойы цады астæу фæуагътой. Уæд хо ныккуыдта æмæ афтæ зæгъы: «Мауал мæ удхарæй мар — кæдмæ бадон цады? Æри мын мæ дзаумæттæ. Хуыцау мæ дæуæн саккаг кодта æмæ уæд цы кæнон». Мæликк радта уæд Хуры чызгæн йæ дзаумæттæ, скодта сæ æмæ йæ гауыр мæликк йæхицæн æрурæдта цардæмбалæн. Физонæг скодта, хорз цæмæннæ фæминас кодтаид. Изæрæй ракодта Хуры чызджы уæрдондоны къуыммæ, йæхæдæг æлдарæй хатыр курынмæ бацыд: «Æлдар, бахатыр кæн, фæлæ дын ацы изæр маргъ не ’рхастон: уæлæ мæхи хуызæн иу мæгуырау сылгоймаг æрбакодтон æмæ йæ уыимæ бахордтон». Æлдар загъта: «Ницы кæны, æгайтдæр ма истæуыл фембæлдтæ». Æлдармæ диссаг фæкасти мæличчы ныхас. Ауад йæ уæрдондонмæ. Хуры чызджы цæсгомы рухсæй уæрдондон ныррухс и. Æлдар рацыд тынг æнкъардæй: «Мæ цард ма циу — мæликкæн цы ус и!» Райсомæй йæ адæмы æркодта: хъуамæ æлдар мæличчы усæй сараза йæхицæн ус. Адæмтæ æрæмбырд сты. Хъуамæ исты зæгъой, цæмæй мæличчы ус æлдары бауа. Уæд сæ æлдар афарста: «Адæм иууылдæр ам сты?» «Ам сты, æрмæст ма уæлæ хъуынайы лæг нæй». Æлдар афтæ зæгъы: «Ацæут æмæ йæ æрбаласут уый дæр». Æлдары фæсдзæуинтæ рацыдысты. Æлдар сын куыд загъта, афтæ хъуынайы лæджы уæрдоны сæвæрдтой. Йæ æмбыды тæфæй сæ бон нал уыди, фыр зæрондæй бамбыд, йæ кæлмытæ йæ уæлæ рахил-бахил кодтой. Æрбаластой йæ. Адæм йæ æмбыды смагæй дардмæ сæхи ластой. Райдыдтой уынаффæ кæнын: «Ныр цы зæгъæм, цæмæй мæликк йæ усы радта æлдарæн?» Чи цы фæзæгъы, чи цы, фæлæ ницы. Уæд хъуынайы лæг афтæ зæгъы: «Бавдæлæд мæликк æмæ æлдарæн æрхæссæд. Цы æрхæсса, уый æлдар дæр нæ зоны, уæдæ йæ мæликк дæр нæ зоны. Æрхæсс мын æмæ мын цы æрхæссай, уый мæхæдæг дæр нæ зонын». Хъуынайы лæджы ныхасыл тæрхон ахицæн. Мæликк кæугæ йæ усмæ бацыди: «Æлдары бадæ». Усæн дæр æхсызгон цæмæн уыдаид. «Мæнæ ахæсс мæ къухдарæн, уæлæ Саухохы мæ мады хо цæры, æмæ дын уый исты кæд бацамонид». Мæликк рацыд. Æлдар мæличчы усы бакодта йæхицæн. Мæликк рахау-бахау фæкодта, йæ усы мады хо дæр ын ницы загъта. «Никæд фехъуыстон ахæм æнахуыр ныхас — æрхæсс мын, æмæ мын цы æрхæссай, мæхæдæг дæр æй нæ зонын». Уæд гæды къонайыл хуыссы æмæ афтæ зæгъы: «Æз æй зонын, фæлæ мæ хæсгæ кæн». Мæликк гæдыйы хæссынтæ байдыдта, æмæ уæлæ иу лæг кард æрбахæссы. «Уæ, тæхуды дæ къона æрбауа, мæнæ лæг, дæ гæды мын ратт: мыстытæ мын мæ сызгъæрин тынтæ бахордтой». Мæликк афтæ зæгъы: «Æмæ мын ды та уæд цы ратдзынæ? Мæнæн мæ гæды мыстытæй иу дæр нал ныууадздзæн, суанг æндæр хъæутæм дæр фæцæудзæн æмæ мыстæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал ныууадздзæн». «Мæнæ дын мæ кард. Мæсты кæмæ уай, уымæн афтæ зæгъ: «Кард, лыг кæн!» Карды бар уадз, лыг кæндзæн». «Хорз уæдæ». Радта гæдыйы. Иу цасдæр куы рауад карды хицау, уæд гæды лæджы цæсгоммæ февнæлдта, йæ цæстытæ йын фæцæйкъахта. «Уæ, æнæрай дæ куыд фæчындæуыд!» Ауагъта гæдыйы. Мæликмæ æрбахæццæ. Систа та мæликк гæдыйы. Иу цасдæр та куы рауадысты, уæд та дæлæ иу лæг æндзалм æрбахæссы. «Дæлæ та мæ уыцы лæгæн дæр ратдзынæ». Лæг æрбахæццæ. «Уæ, дæ бонæй уай, мæнæ лæг, цы хорз гæды хæссыс. Мæн мыстытæ æмæ уырытæ хæрзбын кæнынц. Мæ сæндæттæ мын бахордтой, мæ мæнæуы къутутæ дæр афтæ. Æри дæ гæды мæнæн æмæ дын мæнæ мæ æндзалм». «Æндзалмæй цы кæнын? Хъæды уæлæ æндзалмтæ ракæндзынæн, куы мæ хъæуа, уæд». «Дæ бонæй уай, ахæм æндзалм нæу. Мæсты кæмæ уай, уымæн афтæ зæгъ: «Æндзалм, нæмгæ кæн! Уæд æндзалмы бар уадз». «Хорз уæдæ. Мæ гæды дæуæн мыст дæр нал ныууадздзæн æмæ уыры дæр. Алы бон мæ цæрæнбонтæ кувдзынæ». Мæликк æндзалм райста. Æрцыди æмæ йæ ус нал. Уæд æлдармæ бацыди æмæ йын загъта: «Фæцыдтæн, æлдар, æмæ йæ ничи зоны — æрхæсс мын, æмæ мын цы æрхæссай — мæхæдæг дæр æй нæ зонын». «Омæ дын нæ загътон, дæхи ма уæд цæуыл тухæнæй марыс?» «Хорз уæдæ, æлдар, райсом дæ адæмы æркæн æмæ йæ зæгъ адæмæн: «Мæликк ницæуыл фембæлд, йæ ус мæн баци». Æлдар райсомæй фестад, йæ фæсдзæуинтæн фехъусын кодта: «Ацæут æмæ адæмтæ æркæнут, иу дзырдæй мæличчы ус æлдары кæй баци». Фæсдзæуинтæ адæмы æрæмбырд кодтой. Æлдар æрбацыд, мæликк дæр. Уæд мæликк афтæ зæгъы: «Хъуынайы лæг дæр ам ис?» Æлдар афтæ: «Нæй. Уый цæмæн хъæуы йæ смаг калгæ? Иу бон дæр мын мæ адæмы йæ смагæй ныттыппыр кодта». «Хъæугæ уый куы кæны, ацæут æмæ йæ æрбаласут». Æрбаластой йæ. Уæд мæликк афтæ зæгъы: «Кард, лыг кæн! Æндзалм, цæвгæ кæн!». Кард лыг кæны, æндзалм къупп кæны. Æлдар кæуы: «Дæ хорзæх уæд, мæликк, ма мæ амар. Мæхи ус дæр дæу фæуæд, дæхи ус дæр дæхи фæуæд, мæ æлдардзинад дæр дæу фæуæд, æз дын уыдзынæн фæсдзæуин, ды уыдзынæ æлдар». Афтæ у, мæ хуртæ кæстæртæ, зæронд бирæ зоны, зæронды фæрсут æмæ ма кæнат рæдигæ.

Ахуыргонд адæмтæ куы нæма уыдысты, уæд дæр-иу æнахуыргонд адæмтæй уыди хорз зондджын лæгтæ æмæ-иу сын уыдон уынаффæ кодтой сæ бахъуыды, сæ тыхсты заманты. Ахæм тæрхоны лæгтæ бирæ нæ уыдысты, фæлæ иу цалдæр. Особайы заманты бынтон æндæр царды уавæртæ уыди. Лæгмардæн дæр æмæ рæдыд хъуыддæгтæн дæр цæмæй хъуамæ раст кодтаиккой сæ рæдыдтытæ? Кодтой сыл хъоды æмæ ме знагыл хъоды бакæнæнт. Хъодыгонд лæг ма уæд лæгыл нымад кæд æмæ кæдмæ хъуамæ æрцыдаид, бирæ фæлтæртæм ахастаид. Уæдæ рæдыд лæгæн дæр афтæ — кæд дæ рæдыдыл сæттыс, уæд хорз. Давдæн кодтой ахæм тæрхон: «Карз дзуары бын ард бахæр, кæд нæ радавтай, уæд». Æмæ-иу кæд ницы радавта æмæ йыл мæнг ныхæстæ мысыдысты, уæд-иу ард хæрынмæ бацыди. Худинагæй дардмæ кодтой тæрсгæ, фыдæлтæй мæнгæн нæ баззад: «Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у».

XII

Къоста иугæр ирон адæмты бæрæг кæнын куы райдыдта, уæд бирæ ног хъæутæ федта хус быдырты. Суанг Стыр Мæздæгæй уартæ Нæртонмæ бацыди — уæдæ кæцæй хъуамæ æрбафтыдаиккой? Дис дæр сыл кодта, уыйбæрц хъæутæ æнхъæл дæр дзы нæ уыди.

Акæс, уæд тæккæ сæрдыгон уыд. Фыййæуттæ къуыззиттæй зарыдысты. Фыстæ сæ уæрыччыты уасынмæ фæйнæрдыгæй згъордтой. Стъараполы рæсугъд къуыбыртæ раст хъазты чызджыты лæуд кодтой, цыма сæ исчи рæсугъдæй барæй аразгæ скодта. Кæрæдзийы фæстæ рæнхъæй ралæууыдысты. Быцырон тыхдымгæ сæ фæцарæзта цалдæр æнусы, уæдæ ма сын рæсугъддзинадæн та æрдз баххуыс кодта йæ цъæх кæрдæг æмæ йæ фидауаг алы рæсугъд дидинджытæй. Бæлццон куыддæр Стъараполы хус быдыртæм бафты, афтæ уайтагъд йæ цæстытæ саразы уыцы къуыбыртæм, зæрдæ сæ бакастæй рухс фæкæны. Ноджы ма сыл мæргътæ дæр æрбадынц, цыма уыдон дæр цин фæкæнынц: мæнæ цы рæсугъд къуыбыртæ ис. Уыцы рæсугъд хъæлæсæй цъыбар-цъыбур фæкæнынц. Стъараполы хус быдырты диссаджы рæсугъд мæргътæ дæр ис, зæхкъах мæргътæ сæ хонынц, уымæн æмæ зæххы бабырынц. Сæрдæй-зымæгæй сæ Стъараполы хус быдырæй сæ къах æндæр бæстæм атæхынмæ нæ хæссы. Сæ райгуырæн бæстæ тынг бирæ уарзынц, уæдæ сæ кæрæдзийы дæр хъæбæр бирæ уарзынц, мæнæ иннæ мæргътау сæ кæрæдзийы пакъуы нæ тонынц. Иу дзы хæринаг куы ссары, уæд аннæ мæргътæм ныцъцъыбар-цъыбур кæны. Иннæ мæргътау хицæнтæй нæ тæхынц, фæлæ тæхынц иумæ, хæргæ дæр кæнынц иумæ. Уæдæ уындæй дæр хъæбæр рæсугъд сты, цæстытæ сæ сæхи нал фæисынц. Æнæхъыгдард мæргътæ дæр сты. Мæнæ цæргæс кæнæ хуртуанхорау дзæгъæлы ратæх-батæх нæ кæнынц, фæлæ уыцы æнцад-æнцойæ кæрдæгыл фæхизынц иумæ, цыма сын исчи фæдзæхсгæ бакæны: æнцад уæ хизыны кой кæнут. Цæргæсы куы фенынц, уæд уыцы æмбырдæй сæ хæдзæрттæм тæхынмæ фæвæййынц.

Стъарапол куыддæр дæлвæзгонд ахаста, цыма цалдæр æнусы размæ донгъæрæг уыди, раст афтæ. Къоста иугæр Стъараполмæ куы бацыд, уæд дæлвæз хъæумæ бафтыд æмæ къуыбырыл æрбадт, йæ къах æй рацæуынмæ нал хаста, афтæ бирæ йæ бауарзта.

Иугæр сæ Хъызларæй дон куы стыхсын кодта, уæд хус быдыртæм бацыдысты æмæ сæхицæн æнцад-æнцой цард кодтой. Хъызлар дæр сæм фæдард и, уæдæ сæм Стыр Мæздæг дæр хæстæг нæ уыди. Сæ царды уавæртæ сæхи мидæг тынг хорз уыдысты. Сыгъдæг цард кодтой, æрмæст уыдысты хъæд æмæ цæугæдон цух.

Къоста фыццаг бафтыд Нæртоныхъæумæ. Хъæбæр гуыппырсар лæгтæ дæр дзы уыди, иу дзæвгар чи рацарди æмæ бирæ хорздзинæдтæ чи федта, иу дзырдæй, фендджын лæгтæ, уазæгæн уазæджы æгъдау чи лæвæрдта, фысымæн та фысымы æгъдау. Ирмæ ахæм æгъдау баззади рагæй фæстагмæ: уазæг, дам, хъæнтæ бæрæггæнæг у. Фæлæ Къоста Нæртоны цæрæг адæмæй цæмæй рахъаст кæна? Уæ сæ æвзаджыхъæд — тынг сыгъдæг ирон æвзагæй дзырдтой. Алы номдарæн дæр уыди иронау ном. Уæдæ акæс æмæ сæ сылгоймæгтæ уыцы уæздан, уыцы сабыргай дзырдтой, майдыма исчи дзы уынджы дæр хъæрæй сдзура, мæнæ иуæй-иу сылтæ сæ къæртатимæ уынджы астæу куыд æрлæууынц, æнæхъуаджы ныхæстæ куыд райдайынц. Сæ хæдзæрттæй сæ сывæллæтты цъиах-цъиах цæуын райдайы, уæддæр сæ ныхасы кой фæкæнынц.

Сæ хæдзæрттæ арæзт уыдысты къаннæггомау. Сæ цæрæн хæдзары, зæронд лæг æмæ ус кæм уыдысты сæ байрæзинаг сабитимæ, уыцы ран рæбынгомау арæзт уыди иу къулæй иннæ къулмæ тъахтин, бумбули гобанæй æмбæрзт. Зæронд лæг æмæ ус уым бадтысты, æмæ-иу сæм сæ чындзытæ сæ къахфындзтыл уыцы уæзданæй æрбауадысты — кæд, мыййаг, нæ хицау æмæ не ’фсины исты хъæуы — æмæ-иу сусæгæй аныхæстæ кодтой æфсинимæ. Æфсин сын амыдта, уæдæ æхсæвæрæн дæр цы бахæрын хъæуы æмæ аходæнæн дæр, уазæгæн дæр цы хæринаг скæнын хъæуы æмæ сывæллонæн дæр. Зæрдиагæй-иу сæм байхъуыстой æмæ-иу уайтагъд хæринаг арæвдз.

Къоста сæм йæ цæст дардта: уæдæ ацы адæм уыцы хорз æгъдæуттæ кæцæй хъуамæ рахастаиккой? Иры хъæутыл сегасыл дæр фæзылдтæн, æрмæст ма Стъараполы быдырты цы хъæутæ ис, уыдон нæма рабæрæг кодтон. Сæ алы фезмæлд æмæ февнæлдыл дæр æвæрдта йæ цæст. Уымæн æмæ-иу хорздзинад кæцы ран федта, уыдон пырх кодта иннæ хъæутыл, мæнæ хорз тауинаг куыд тауай, афтæ. Адæм хорздзинад хуымы нæ тауынц, кæнæ йæ æлхæнгæ нæ кæнынц, æрмæст æй исынц сæ кæрæдзийæ, кæм чингуыты руаджы, кæм та фенгæйæ.

Фынгыл иугæр хæринæгтæ куы æрæвæрдтой, уæд Къоста кæсгæйæ аззади: уæдæ ацы диссаджы фынджы æвæрд æмæ бæркад кæцæй райстой? Хæргæ кæм кодтой, уый дæр сын уыди хицæн хæдзар. Хæдзарæн раст йæ бæрæгастæу стыр фынг. Дæргъæй-дæргъмæ фынгыл æрæвæрдтой фыццаг туаг æхсыр, мæнæ махмæ ирон хæдзары карз арахъхъ куыд æрæвæрынц, афтæ, хæрз æнхъызтæй, йæ сæр æнгом æхгæд, фæлмæн дзултимæ. Къуыдырфыхæй гогызы дзидза нурытимæ æмæ хъæдындзтимæ, рæсугъд карстæй, къаннæггомау тæбæгъты. Цыхт рæсугъд кæрстытæй уæлæнгай тæбæгъты. Æхсыры сæртæ сыл æркодтой. Фынгыл уæхстытæ æмæ къаннæггомау супратæ. Фынг дæр æмбæрзт уыди урс-урсид супрайæ, зынаргъ зæгъон æмæ ахæм зынаргъ хъуымацæй дæр нæ уыди, фæлæ уыд, иу дзырдæй, фидауцджын фынгæмбæрзæн.

Цæвиттон, алантæй баззайгæ нæмттæ алы номдарæн дæр.

— Ахæр, дæ фæхъхъау фæуон, нæ буц уазæг, куыд дæхи хæдзары дæхи фыд, дæхи мады къухæй.

Йæ рæвдыд ныхас Къостайы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ æцæгдæр цыма йæ фыд æмæ йæ мад райгас сты.

— Æхсыр уал ануаз.

Æхсыр ануæзта æмæ уайтагъд ахсæн скуыста, зæрдæ куыддæр фæрухс, уæнгтæ фæрог сты, хæрын дæр йæ зæрдæ хуыздæр æрцагуырдта. Хæры дзул æмæ цыхт дæр. Диссаджы хæлар хæринаг дæр уыдысты. Уалынмæ сæ афарста:

— Уæ туаг æхсыр уæд цæмæй æнхъизын кæнут? Мæ зæрдæйы рыст мын куы фесæфта.

— Æнхъизæнæй йæ æнхъизын кæнынц нæ æфсинтæ.

Уалынмæ уыцы хæринæгтæ айстой æмæ æрбахастой, къоркъотитæ кæй хуыдтой, ахæм хæринаг. Уæхстытæ айстой чындзытæ æмæ сæ донæй сæнхъæвзтой, фæстæмæ та сæ фынгыл æрæвæрдтой. Къоркъоти кæй хуыдтой, уый æрæвæрдтой къуырф тæбæгъы мидæг. Уалынмæ æрбахастой гогызы дзидза, карчы дзидза.

— Бесбармахъ дæр æрæвæрут, æфсинтæ. Ирон уæлибæхтæ, фыдджынтæ, халыввæтæ дæр æрæвæрут. Къаннæггомау гуылтæ рæсугъд фыхæй, халсарджын дæр æрæвæрут. Хъайла дæр.

Цыдæриддæр зæронд лæг дзырдта, уыдон чындзытæ кодтой. Цæттæ дæр-иу сæ куыд тагъд акодтой. Уыцы рæсугъдæй дæр-иу сæ куыд æрæвæрдтой.

— Уæдæ нæ буц уазæгæн мыдадже дæр скæнут, хæнкъæл мыдимæ фыхæй.

Кæсы йæхинымæр аивæй, фæлæ сæ хъуамæ фæрсгæ дæр бакæна.

— Хорз уазæг, мæнæ уал бесбармахъ ахæр.

Уыдис ма дзы лæппутæ дæр. Кæсы æмæ уыцы хæринаг хæрынц, сæ къухы нæ уидыг, нæ уæхст, афтæмæй.

— Уазæг, ахæр æнæ уæхстæй, февнал, æфсæрмы ма кæн. Ацы хæринаг лæппуйы сæрæндзинад бæрæг кæны, Хетæджы-фырт, уый дæ рох ма уæд. Уазæг фысымы бар у. Махмæ æнахуыр уазæг куы æрбацæуы искæцæй, кæнæ усгур лæппу, уæд ын йæ арæхст, йæ февнæлд ацы хæринагæй бæрæг кæнæм.

Цы гæнæн ма уыди, райста. Уæлдай уадзæн дæр дзы нæй. Хæрын æй райдыдта арæхстгай, бахордта йæ. Уæд зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Уæ, дæ цæрæнбон бирæ æрбауа. Акæс-ма, куыд арæхстджынæй йæ бахордта: нæ дзы йæ къух ацахуырста, нæ дзы йæ былтæ сызмæста, афтæмæй фыццаг хатт федта хæринаг.

Ахæм хæрзад уыди, æмæ мæнæ афтæ кæй бакæнынц — æнусмæ мысинаг. Уæд сæ афарста:

— Ацы хæринаг куыдæй кæнут? Мæнæн йæ базонын у ме хæс.

Зæронд лæг загъта:

— Уæ, дæ фæхъхъау фæуон, адон иууылдæр нæ фыдæлтæй баззайгæ хæринæгтæ сты. Дзулладжы ссад æйчытимæ сызмæнтынц æмæ йæ хæрзнад скæнынц. Хыссæтулæнæй йæ атæнæг кæнынц. Лауаси цыппæрдигъон кæрстытæ ныккæнынц. Дзидза лыстæг ныккæрдынц. Аджы йæ бæрц доны рафыцынц. Кæд дзидза куыд æмбæлы, афтæ уа нардæй, уæд æгъгъæд фæуæд йæхи сой. Кæд ма, мыййаг, фæхъæуы сой, уæд ма йыл ныккæнынц. Нурытæ цæххимæ ныххойынц, хъæдындз ставдгомау скæрдынц. Раздæр дзулладжы кæрстытæ ныппарынц аджы, уый фæстæ сыл ныккæнынц хъæдындзтæ æмæ нурытæ, бирæ куыннæ рафыцой, афтæ.

Къоста сæ фыста йæхимæ. Фæстæмæ та йын хæрын кæнынц къоркъоти.

— Ацы хæринагæй дæр ахæр, дæ рын бахæрæм, нæ буц уазæг.

Къоста афтæ зæгъы:

— Ацы хæринагæн йæ æппæт бахæрын мæ бон нал бауыдзæн. Кæд цыфæнды рæдыд ныхас зæгъын, уæддæр мын æй ныххатыр кæн, баба.

— Марадзут, чындзытæ, къаннæг хъазандары йæ æркæнут.

Хъæбæр бахæлæг кодта чындзытæм. Ус курын æй гъе уæд æрфæндыд, æндæр йæ зæрды ус ракурын нæма уыд. Охх, зæгъгæ, загъта, мæнæ цæй диссаджы амондджын зæронд лæг федтон. Йæ хуыз зæронд нæ уыди, раст айдæнау æрттывта йæ цæсгом. Ахæм буц цардæй куыд хъуамæ базæронд уа лæг дæр æмæ ус дæр, зæрдæйы фæндиаг кæстæртæм чи кæсы. Уæд та сæ афарста:

— Ацы ран чызг мæ къухы куыдæй бафтдзæн, баба?

— Уæ, баба дæ фæхъхъау фæуа, чызджытæ дзы бæргæ ис, фæлæ чи гуыбынмæ фидыд æрцыд, чи авдæнмæ, кæмæн та йæ ирæд лæвæрд у. Чызг ацы ран у тынг зын бафтæн.

Уæд кæсы æмæ дыууæ фаззон чызджы, сæ хъазæн чындзытæ сæ къухы, афтæмæй æрбауадысты, сæ зæронд фыды афарстой:

— Баба, хъазынмæ ацæуæм уæлæ не ’рвадæлтæм?

Зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Ацæут, фæлæ дард ма ацæут. Сихор хæрынмæ-иу æрбаздæхут.

Чызджытæ цингæнгæ азгъордтой. Уæд зæронд лæг афтæ зæгъы:

— Ацы дыууæ къаннæг чызджы лæвæрд сты, сæ ирæд мæ хæдзары ис. Ацы ран чызг тынг зын ссарæн у... Къоркъоти ахæр, мæ буц уазæг.

Кæсы æмæ та райдыдтой хæрын. Ацы хæринагæн ис уæхстæй хæрæн. Диссаджы хæрзад хæринаг дæр уыди, йæ зæрдæмæ тынг фæцыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.