Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 10 страница



— Уæ, мæнæ мах заманмæ кæрæдзийы куыд кæрдынц!

Къоста сæ басабыр кодта.

Хыл кæм фæсабыр, уым чындзы аргъуанмæ бакæнын хъæуы, сихорафон у, чындзыл хъуамæ сауджын саргъауа. Раст зæгъын хъæуы, уыди ма дзы хорз лæгтæ æмæ хорз лæппутæ дæр. Уæдмæ Нарæй Ирыхъæуы чи царди, уыдон дæр уыцы æмбырдæй æрбахæццæ сты. Хетæгкаты чызджытæ дæр сæ катайæ æрсабыр сты: «Агъæц, ныр тæссаг нал у».

Чындзы аргъуанмæ ракодтой. Иугæр сауджын куы саргъуыдта, уæд хъазт сарæзтой æмæ кафынц. Чындзы Къостаимæ кафын кæнынц, æмæ Нары лæппутæн куыддæр ’нæфæндон у: кæд, мыййаг, хылкъахæнтæ кæнынц, уæддæр бæрæг нæу.

Уæд афтæ зæгъынц:

— Махæн фæндон нæу. Къостайы ног чындзимæ цæмæн кафын кæнут? Хыл цæмæй рауайа, уый уæ фæнды?

Нар куы нæ радтой бар, уæд æй æндæр лæппуимæ ракафын кодтой.

— Лæппу, кæм ис дæ мысайнаг — ног чындзимæ цæй ныфсæй ракафыдтæ?

Лæппуйы худ раппар-баппар кæнынц. Нар сæ басабыр кодтой. Лæппу радта, мæгуырæг, æхца, цы йæ бон уыди, уый.

Уæд райдыдтой хæснагыл дзурын. Бæрзонд уасинтæ уыди Ирыхъæуы аргъуаны. Фæлварынц фæйнæрдыгæй уæлбæхæй ссæуын, фæлæ нæй, ничи йæ ныфс хæссы. Уасинтыл чи схиза, уымæн хуынд, хуынды — кусæрттагæй, æндæрæй, сахат дæр ма дзы æрæвæрдтой, сыгъдæг сызгъæрин сахат. Бæхтæ дæр дзы мæлæты хорз уыди. Дзанайты Садуллæмæ ахæм бæхтæ уыди, æмæ-иу Ирыхъæуы дугъы сæр кæй бахъуыд, уый Садуллæмæ цыд кæддæриддæр бæхагур.

Иугæр йæ ныфс куы ничи хаста, уæд Къоста абадт бæхыл æмæ йæ æрцæфтæ кодта. Мæнæ æмбаргæ адæймаг куыд уа, афтæ сфардæг бæх уасинтыл. Куыннæ уыдаид уым адæмтæ, фæйнæрдыгæй кæсгæ аззадысты. Цæлыккаты Сиол дæр Къостамæ кæсгæйæ аззади: уый дын лæппу! Йæ æфсымæры чызг Аннæ та дзы фæндырæй цагъта, барæджы цагъд.

Аннæ фæндырæй иттæг хорз цагъта. Цæвиттон, уæд ницыма ныхас цыди Къоста æмæ Цæлыккаты Аннæйы тыххæй, фæлæ Къостайы хъару Аннæйæн дæр æмæ иннæтæн дæр сæ зæрдæмæ хъæбæр фæцыд.

Чындзæхсæвы адæмтæ Къостамæ лæвæрттæ куы бахастой, уæд Сиол тынг бахæлæг кодта: уæдæ бæгуы тæхудиаг нæ уыдзæн, Къоста кæй сиахс уыдзæн æмæ уымæ сиахсы номæй чи сдзурдзæн.

Уыцы бонæй фæстæмæ Сиол Садуллæмæ йæхи хæстæг хæссын байдыдта. Сиол кадджын лæг уыди, уæдæ Ирыхъæуы аргъуан дæр сæхи къухы уыд. Садуллæ йæ фыццаг не ’мбæрста, уæдæ Сиол цæмæн афтæ кæндзæн, уый. Алы хатт дæр-иу куывды кæнæ чындзæхсæвы хъуамæ сæ бадт иу ранмæ æрцыдаид.

— Уæ нарон лæг, мæнæ ма мæ размæ рауай æмæ иумæ æрбадæм. Бирæ уарзын æз нарон адæмты — хъæбæр хъаруджын дæр стут.

Къостайæ дæр-иу æй арæх фарста:

— Уæдæ дæ хæстæг ус нæма куры?

— Нырма йæ хæдзæрттæ арæзт куы нæма фесты, уæд кæцæй куры.

— Уæдæ æз æмæ ды ноджы хуыздæр нæ кæрæдзийы хъæр куы бамбариккам, уæд куыд уаид?

Садуллæ-иу куыддæрæй аззад: цæмæн афтæ зæгъа, цымæ? Мæнæй цы йæ зæрдæмæ нæ цæуы? Ацу, æмæ цæй фæдыл дзуры, уый йæ бамбар. Уæдæ йæ Къостайы ус курыны мæт дæр цæмæн афтæ ис?

Уæд иу бон Садуллæ йæ усæн афтæ зæгъы:

— Не ’фсин, Цæлыккаты Сиол мæ æдзух Къостайæ фæфæрсы. Ныхасы Къостайы кой æппындæр нæ уыдзæн, уæддæр Сиол хъуамæ Къостайы кой исты æфсæнтты ракæна. Хорз у, кæй зæгъын æй хъæуы, Къостайы канд Сиол нæ, фæлæ ирон дзыллæтæ сегас дæр кæй зонынц, уый. Уæдæ Къостайы хорздзинад мæнæн Цæлыккаты амонын нæ хъæуы, æз æй уыдонæй раздæрæй зонын.

— Æз дын æй бамбарын кæндзынæн, Сиол дæм йæхи цæмæн фæласы. Нæлгоймаг цы зоны æмæ уæд цы уыны сыкъайæ æндæр? Уый, æвæдза, Къостайы йæ сиахс бакæнынмæ хъавы, фæлæ йын æй сабыргай йæ хъусыл æруадз. Къостайæн дæр æй зæгъ. Мæ фыдыстæн, Цæлыккаты чызг хорз чызг у, уæлæ мæсыджы бадæгæй дæлдæр нæу.

Дзæуджыхъæуы цардысты Бадилатæ æмæ Тæгиатæ, фæллойджын хæдзæрттæ. Бадилаты Хъуыбадыйæн райгуырд фæд-фæдыл фараст лæппуйы, Тæгуыраты хæрæфырттæ. Куыннæ цин кодтаиккой Бадилатæ дæр æмæ Тæгуыратæ дæр. Фараст лæппуйæн дæр номы куывд скодтой, суанг Нармæ дæр хонæг барвыстой. Къостайы агуырдтой тынг зæрдиагонæй:

— Кадджын æмæ намысджын Къоста хъуамæ мæ куывды заргæ дæр акæна, уæдæ дзы кафгæ дæр акæна, кæй загъдæуы. Хъуамæ Дзæуджыхъæуы цæрæг адæмтыл айхъуыса, Хъуыбады йæ фараст фыртæн номы куывд кæй кæны æмæ йæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста дæр кæй саккаг кодта.

Уыцы рæстæг Къоста Нары уыд, фæлæ та йæ фыды хотæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ та фæцыд фæсæфцæгмæ абæрæг кæнынмæ. Нары ныхасы лæгтæн бафæдзæхста:

— Мыййаг дзы куы афæстиат уон, уæд мæм-иу уæ зæрдæ ма æхсайæд.

— Уæ Къоста, иууыл зæрдæ æхсайынæй дæр бæргæ нæ вæййы, дæ рын бахæрæм, фæлæ дæм кæсынæй нæма бафсæстыстæм. Дæ сызгъæрин хъæлæсмæ нæ зæрдиагонæй фæфæнды байхъусын. Мах зæронд адæм стæм, фæлæ дæ цард бирæ уæд, дæ фыды хоты кæй абæрæг кæныс. Уыдон дæр махæй сты, мæгуыртæг, æмæ дæ уыдон дæр æрымысынц. Ацу, уæдæ, фæндараст фæу, нæ зæрдæлæууæн Къоста, нæхæдæг дæ дзидзигурæй кæй бахъомыл кодтам, уый тыххæй дæ уарзгæ дæр уæлдай фылдæр кæнæм.

— Зонын æй, зонын, мæ хорз хистæртæ, мæ зæрдыл куы æрбалæуут, уæд æхсæв фынæй дæр нал фæкæнын æмæ та уæд мæхи арæвдз кæнын: йæ бындар фæуæд райгуырæн адджын Нарыхъæу.

Къостаимæ рацыдысты Барзин æмæ Гокк дæр — иунæгæй йыл кæм баууæндыдаиккой.

Дыккаг райсом Дзæуджыхъæуæй Къостайы агур фараст барæджы æрбахæццæ сты. Ныхасы лæгтæм бацыдысты.

— Фарн уæ ныхасы уæд, Къостайы æфсымæртæ!

— Алæбон æгас нæм цæут, æнахуыр уазджытæ. Бадгæ æркæнут æмæ нæм æнæ хъуыддаджы фараст барæгæй не ’рбацыдаиккат. Уæ рын бахæрæм, хъусæм уæм.

Уазджытæ загътой:

— Бадилаты Хъуыбады стыр номы куывд кæны йæ фараст лæппуйæн.

— Рæстмæ фæуæд йæ куывд. Къоста уартæ фæсæфцæгмæ фæцыди. Куыддæр æрбацæуа, афтæ уæм æй арвитдзыстæм. Кæд райсом изæрмæ нæ фæзыной, уæд сæм мæнæ лæппуты арвитдзыстæм. Ахæм хорз хабæрттæ нæм фылдæр куы хæссиккат.

Уазджытæн Нар уæздан загътой:

— Кæд уын гæнæн æмæ амал ис, уæд нæм ахсæв бафысым кæнут, уæ хорзæх уæд. Цæхх æмæ кæрдзынæй — табу фæуæд Хуыцауæн — уæздан зæгъынхъом стæм.

— Бузныг, нæй нын ныллæууынмæ уæвæн.

— Уæдæ-иу уæ хистæртæн арфæ ракæнут Нарыхъæуы зæронд лæгты номæй. Уæ фараст лæппуйы, зæгъ, цæринаг гуырдтæ фæуæнт домбай амондимæ, кæронмæ куыд ахæццæ уа сæ амонд.

— Бузныг, мах фæхæццæ кæндзыстæм уæ хорз арфæтæ.

Уазджытæ рацыдысты.

Нары ныхасы лæгтæ Ладо æмæ Асойы саргъы бæхтыл абадын кодтой:

— Цæугæ кæнут уартæ фæсæфцæгмæ Къостамæ, Нары ныхасы лæгтæ нæ, зæгъ, дæумæ æрбарвыстой: Дзæуджыхъæуæй фараст барæгæй æрбацыдысты. Хъæбæр уæздандзинад у уый, мæ хуртæ.

Куыддæр хонджытæ ацыдысты, афтæ та дæлæ ног уазджытæ æрбахæццæ сты. Поты фæзмæ куы æрбахæццæ сты, уæд фæрсынмæ фесты:

— Фæрсæг сонт у, фæзæгъынц, фæлæ нын хатырæй фæуæд: мах фыццаг хатт сæмбæлдыстæм æмæ нæ зонæм, Нарыхъæуы ныхас кæцы ран ис, уый.

Иу лæппу сæ бакодта ныхасмæ.

— Мидæмæ, æфсæрмы ма кæнут, æнæхъуаджы дæр нæм кæй не ’рбацыдаиккат.

Уазджытæ загътой сæ хабар:

— Уæззау бæллæхы фæдыл æрбацыдыстæм: цалдæр мыггаджы æнæкæрон тох кæнынц æмæ сæ кæрæдзийы туджы æвдулынц. Къостамæ нæ æрбарвыстой, кæд ам ис, уæд нæм куыд рацæуа æмæ фервæзын кæна.

— Цы уын зæгъæм, нæ зонæм. Уæвгæ ам ис, фæлæ уæртæ фæсæфцæгмæ фæцыди æмæ йæм фервыстам иу чысыл раздæр. Ацы ран хонджытæ уыди дæлæ раст Дзæуджыхъæуæй, Хуыцауæй уæ бауырнæд — фараст барæджы. Бадилаты Хъуыбады йæм номы куывдмæ хонджытæ æрбарвыста. Кадгæнæгæн йæ кад æмæ амонд бирæ уæд. Ам сæ куы æрбаййæфтаиккат, уæд бæргæ хорз уыди, уæхæдæг кæрæдзийæн «а» æмæ «о» загътаиккат. Мах дæр Къостайы цал æмæ уæд цал ранмæ хъуамæ фервитæм, фæлæ уæддæр сымах тыхст адæм стут æмæ уал сымах кой бакæнын хъæуы. Туджджын у мæгуыр, уæдæ тугагур дæр афтæ. Ахсæв уын ацы ран бафысым кæнгæйæ у æмæ ныллæуут, хуыздæр уæхæдæг дæр куыд ахъуыды кæнат, афтæ. Кæннод та ардыгæй изæрмæ иу цалдæр ранæй агурджытæ фæзындзæн. Иу бон æм æхсæз ранæй уыд хонджытæ, чи цины фæдыл, чи та мæнæ сымах хуызæн уæззаудзинады фæдыл. Уæд кæцæй æрбафтгæ стут, амонд уæ хъахъхъæнæг куы фæуид? Бæрзондыл бадæг хъæбатыр Нары Уастырджийы бынмæ æрбафтыдыстут — æххуыс æмæ уын ахъаз бакæнæд. Мыкалгабыр та у фыдбылыз сафæг — уæ фыдбылыз сæфт уæд, амонд уæ хъахъхъæнæг фæуæд.

— Бузныг уæ рæвдыд æмæ буц ныхæстæй. Мах æрбацыдыстæм Дзæуджыхъæуæй, фесты иу цалдæр мыггаджы туджджынтæ æмæ тугагуртæ. Кæрон нал ис сæ тохæн, бонæй-бонмæ тыхджындæр кæны.

— Уæллæй, ма уæм фæхъыг кæсæд — мах фæндиаг куы уаиккат, фæлæ фыдбылызтæ Дзæуджыхъæуæй фылдæр никæцы ранæй хъуысы. Цы уарынц æмæ сæ кæрæдзийы уæд цæуыл марынц æмæ цæгъдынц?

Уазджытæ ныуулæфыдысты æмæ загътой:

— Уыд арæх Дзæуджыхъæуы фыдбылызтæ, фæлæ ацы хаттæй тынгдæр никæд ранхъæвзта фыдбылыз. Иу дзырдæй, чызджы фæдыл рауадысты фыдбылызтæ. Барсæгатæм чызг уыди æмæ йæ Бегъойтæ тынг зæрдиагонæй агуырдтой. Хуыздæр лæгтæ нал баззад Дзæуджыхъæуы — минæвæрттæ фервыстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, сразы сты, фæндон хæстæг бакодтой. Гъа, ныр хуыцауæхсæв чындзхæсджытæ бацыдысты, фынгтыл минасы бадынц, сæ чындзы цæрæнбонтæ фæндзгай нуазæнтæй уазæгæй, фысымæй сæ кæрæдзимæ сидтысты: «Хуыцау нæ уарзон хæстæг фæкæнæд, дыууæ адæймаджы цæрæнбоны тыххæй æцæгæлон мыггæгтæ иу ранмæ æрцыдысты». Куыннæ дзы уыдаид чызг æрвитгæйæ буц куывдтытæ æмæ рæвдауæн ныхæстæ. Æхсæв-бонмæ къæрццæмдзæгъдæй фæбадтысты. Уазджытæ цæмæй хæйрæг уыдысты, æмæ сыл чызгæрвитджытæ хин æнæ кæлæнæй кæй архайдтой. Гъа, ныр афон у чындзхæсджытæн сæ чындзы йæ фæрныг хæдзармæ фæхæссынæн, афтæ сæ чызджы æндæр ранмæ ахæссын кодтой — дывæр ирæдыл. «Уæ уазджытæ, мæнæ нын нæ чызджы чидæр тыхæй фæхæссы». — «Уый та уæд цавæр хаст у? Уæ, мæнæ диссаг, диссагдæр ма уæд цы уыдзæн!» Уазджыты æмæ фысымты æхсæн карз тохтæ рауад: чи хъуамæ ахæм хъуыддаг ныббарстаид? Æгады царды бæсты мæлæт; кæд æмæ кæдæй ирон адæмтæ фæзындысты, уæдæй абонмæ кад æмæ радыл æвæрд кæй у ирон дзыллæты царды бындур. Фысымтæ раздæр сæхæдæг дыууæ лæджы фæмард кодтой уазджытæй: «Цæугæ кæнут ардыгæй! Мах бæгуыдæр раттам дæлæ Тæгиатæн нæ чызджы». Уазджытæ дæр уæд сæ тох фæтыхджындæр кодтой — ау, ахæм хъуыддаг йæ сæрмæ кæцы лæг бахæсдзæн: «Кæмæй хъазут уæд, цавæр хабар у?» Фысымтæй цыппар лæджы фæмард кодтой, иу цалдæр та дзы мæлæтдзагæй «оф, оф» кодтой. Уый дын нæ хабæрттæ. Ныр суанг Ирæй Кæсæгмæ цæуæм мах дæр æмæ чызджы хицæуттæ дæр. Нæ хъæр, нæ фæдис сымахмæ хæссæм, Нар, цæмæй фыдбылыз цæрæг адæмтыл бынтон ма апырх уа.

Нар сæ сæртæ нынкъуыстой æмæ загътой:

— Никæд ма фехъуыстам ахæм уæззау бæллæх, хъæбæр зын уромæн маст уыди, чызджы кæмæн радтой æмæ чындз æрбахæссынмæ чи æнхъæлмæ касти, уыцы мыггагæн. Хуыцау сын æй ма ныббарæд чызг кæй уыди, уыдонæн дæр æмæ йæ сусæгæй кæмæн радтой, уыдонæн дæр. Ацы ран чындзхæсджытæ аххосджын нæ уыдысты. Уæхи загъдау, хорз лæджы сæр бахъуыди дыууæ мыггаджы æхсæн. Кæд афонмæ дæр ма æрцыд иу цалдæр лæджы мæрдтæ. Нæй уын ахсæв ацы ран æнæ ныллæугæ. Куыддæр райсом æрбахæццæ уа Къоста, афтæ йæ мæнæ иу цалдæр лæппуимæ афæндараст кæндзыстæм. Мах дæр ыл не ’ууæндæм иунæгæй. Æхсæв æгæр куы афынæй вæййы, уæд ын уымæй дæр кæд фæкæнæм, мæ хуртæ, тæрсгæ.

Уазджытæ Нары ныхасы баззадысты æхсæвы. Нарæн-иу уыди сæ ныхасы æрбафтæггаг уазджытæн кæддæриддæр хæрд-нозт, тымбылкъах фынгыл физонæгæй, фыдджынæй уæд, хæбизджынæй. Уазæгæн та кад Нарæй хуыздæр чи лæвæрдта рагæй-æрæгмæ? Уæдæ ма уазджыты æфсæрмæй Нары лæгтæ дæр ныхасы бонмæ бадгæйæ баззадысты.

— Уазджытæ, мæрдджын æмæ мæстджын стут, уæ хорзæхæй.

Иугæр сын куы бахæрын кодтой, уæд сæ æрхуыссын кодтой. Фаг фæлладæй тыххуыссæг уæд кæм нæ рацахсы — уайтагъд афынæйтæ сты, куыд æрбабон, уымæн зонгæ дæр ницуал бакодтой.

Дыккаг бон Къоста рахæццæ йе ’фсымæртимæ. Йæ фæллад дæр нæма суагъта, афтæмæй афарста:

— Мæ хорз хистæртæ, уæ уазджытæн цы зæгъут?

— Уæ рын бахæрæм, бирæ уазджытæ нæм æрбацыд дæу фæстæ, фæлæ адон сегасæй зындæр æмæ уæззаудæр бынаты сты. Арæвдз кæнут уæхи æмæ цæугæ кæн, кæдæм дæ агурынц, уырдæм.

Къоста лæппутимæ рацыд уазджытимæ. Охх æмæ уæд ахх! — ме знаг ахæм ранмæ куы бакастаид: уыйбæрц адæмтæ иу ранмæ уæд цæугæ дæр куыд æркодтой. Дзæуджыхъæуы уынгтæ сау-сауид адардтой, сау марой кодтой устытæ, дыууæты зæгъон, æмæ цалдæр мыггаджы æхсæн, сæ зоныгыл бырыдысты, сæ уæрджыты къоппатыл. Зæрдæ йæхи къæдзæхтæ æмæ къултыл бахоста:

— Уæ, мæнæ цæйбæрц уæлдай зындзинæдтæ баззад!

Кæдæй ирон адæмтæ фæзындысты æмæ адæмы ном райстой, уæдæй фæстæмæ дæр баззад Ирмæ туджджынтæ-тугагуртæ, уæдæ чызгыскъæфынтæ. Уыдон бæргæ нæ хъæуынц, фæлæ сæ аппарын та сæ бон нæу. Уæдæ ирон дзыллæтæ сæ кæрæдзийы дæр ахæм хъуыддæгты фæдыл хъæбæр бирæ фæцагътой. Афтæ-иу рауад æмæ-иу æнæхъæн мыггаг цагъды фесты, мæнæ афтæ кæй бакæнынц: бынтон быныскъуыд-иу фесты.

Къоста фыццаг адæмæн арфæ ракодта:

— Мæнæ хорз адæмтæ, амонд уæ хъахъхъæнæг фæуæд дыууæрдыгæй дæр, уæ зиантæ та рухсаг уæнт. Зындзинады хъæддыхдæр хъæуы фæлæууын. Уæ æмбаргæ æмæ фендджын адæмтæ! Фыццагдæр уæ æз курын: ныхасы бар мын дæттут дыууæрдыгæй дæр, цæмæй уæ астæу æрцæуа фидыд, фесæфой уæ дыууæты ’рдыгæй дæр мæнæ ахæм уæззау зæрдæриссæн хъуыддæгтæ?

— Бузныг, Хетæджы-фырт, дæ уæздандзинадæй. Дзырды бар дын куыд хъуамæ ма раттæм, ай дыууæрдыгæй дæр цагъды куы кæнæм, уæд?

Къоста загъта:

— Уæдæ ацы ран уæ кæцы у аххосджын кæнæ растдæр? Æз уал уын уæхи фæрсын.

Чызджы хицау æрбацыди Къостамæ хæстæг, ныккуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Мах аххосæй ацы ран ницы ис — нæ хуыздæрты нын сауцагъд фæкодтой.

— Æз дæн ацы ран тæрхоны лæг. Æгъдаумæ гæсгæ æз хъуамæ рæстдзинад бакæнон. Мыггæгтæ мæнæн сты æцæгæлон адæм, фæлæ мын хъæбæр зын у уæ зындзинад. Бауырнæд уæ, æз дыууæ æхсæвы хуыссæг нæ федтон. Дысон-бонмæ мæ æфсымæртимæ уæртæ фæсæфцæгæй раст фæдисы цыдыстæм, мæ хистæртæ мæм дыууæ барæджы куы æрбарвыстой, уæд. Мæнæ мард куыд фæуа, афтæ кæд нæ фæдæн, уæд уын цы зæгъон, нæ зонын. Уайтагъд æй мæ зæрдæ базыдта, кæмдæр цыдæр бæллæхтæ кæй æрцыди: мæнæн мæ хистæртæ хуымæтæджы уæлæнгай хъуыддæгтæм ардæм фæдисон лæгтæ не ’рбарвыстаиккой. Фынгыл бадтыстæм мæ фыды хойы хæдзары, мæ нуазæн фыр адæргæй раст мæ къухтæй кæд не ’рхауд, уæд мын иу боны цард дæр мауал уæд, кæнæ æлгъыст фæуон æз мæ уарзон адæмтæй. Ме знаг уæд æлгъыст фæуæд йæ уарзон адæмтæй — нæй æмæ нæ уыди æнæ адæмæй цæрæн. Æз афтæ, мыййаг, нæ зæгъын: цæмæн фæдæн æцæгæлон адæмты тыххæй дысон-бонмæ ахæм фыдфæндæгтыл цæуæг. Нæй уый зæгъæн, æмæ лæджы адæмы сæр кæд нæ бахъæудзæн, цинæн дæр адæмтæ хъæуынц, уæдæ зианæн дæр, уæдæ фæдисæн дæр. Ме знагæн йæ хæдзар ссудзæд — чи йын æй хъуамæ ахуыссын кæндзæн, адæм æй куы нæ ахуыссын кæной, уæд? Уæдæ чындзæхсæв кæмæн кæны, чындз чи æрхæссы, уый? Адæмæн æй кæны. Уæдæ зиан кæуыл æрцæуа, уымæн йæ зианы митæ адæм куы нæ бакæной, уæд йæ зиан йæ æккойы не скæндзæн зианы хицау æмæ йæ уæлмæрдмæ нæ фæхæсдзæн. Афтæ у, мæстджын адæмтæ. Уæхæдæг дæр ахъуыды кæнут уæ зылынтыл, цæмæй алы адæймаг дæр зона, ацы ран кæй аххос у. Уæдæ, чызджы хицау, æз дæу фæрсын, уымæн æмæ ахæм æмбисонд баззад: чызджы хицау у, мæ хуртæ, тыхджын æмæ домбайдæр, чызг чи хæсса, уымæй. Ныр дæ фæрсын, чызджы хицау: дæхи хоныс ацы ран æнæ рæдыд, фæлæ ды дæ фыртæн искæй уæздан мыггагæй чындз хæссыс, чызгæрвитæджы фынгыл бадынц уазджытæ, кувынц, нуазынц чызджы цæрæнбонтæ дæр, уæдæ афтæ лæппуйы цæрæнбонтæ дæр: «Арфæйаг хъуыддаг фæуæд, иу къорд адæмтæ дæр сæ дыууæйы амондыл дæр кувæг куыд фæуой! Аммен фæуæд! Фарн йемæ куыд ахæсса, фарн та уæд фысымтæн куыд баззайа!» Уазджытæ сæ чындзы рæвдзыл куы дзурой: «Уæ нæ буц фысымтæ, нæ фæндаг нын рауæгъд кæнут, уæ бæркад, уæ минас бирæ уæд!» æмæ дын дæ чындзы æндæрæн куы сфыццаг кæниккой, уæд дæм куыд фæкæсид, хорз лæг? Ды мæнæн ныртæккæ мæнæ ацы хорз адæмты раз дæ раст ныхас зæгъ — æз тæрхон кæнын. Мæнæ ахæм æнамонддзинадæй адæмы нæ, фæлæ ма уæлæ хъæды сырдты зæрдæ дæр фæрисдзæн. Охх, кæм дæ æмæ цы фæдæ, хорз лæг, кæм сæгъы сыкъайы бабырыдтæ кæнæ кæдæм дард хъæдмæ, фæлыгътæ! — Къостайæн йæ цæстысыг донау æркалди. — Ой, додой, додой, мæнæ цы зындзинад федтон!

Устытæм бакæс, уæд сæ русты туг сæ уæлæ сахатæ кодта, сæ сæры хилтæ сæ цæнгтыл тыхтытæ, сæ кæрæдзимæ мæнæ стонг бирæгътау хъырныдтой.

— Мæнæ рыст адæмтæ, тæрхоны лæгты бар уал бауадзут уæхи!

Къоста та чызджы фыдмæ бадзырдта:

— Уæ хорз лæг, зæгъ дæ фæндон. Адæмы фарн тыхджын у, мæ хур, адæмы фарнæй æндон къæдзæх дæр нырризы æмæ нынкъуысы.

— Уæ Хетæджы-фырт, бахатыр кæн, нæ йæ баурæдтаин æз ахæм маст. Зонын мæ рæдыд.

Къоста загъта:

— Уæдæ æз тæрхоны лæг дæн, æз дæр æмæ ма дзы мæнæ иу цалдæр лæджы æмæ йæ зæгъæм: чызгæрвитджыты азымæй рауадысты ацы уæззау æнамонд хабæрттæ. Дыккаг та уæд, чызджы сусæгæй чи акодта, уый цавæр хъæды сырд уыди, цæмæн фесæфта ай бæрц адæмты? Ныр ницуал фæрæз æмæ амал ис: чи амарди, уыдон нал райгас уыдзысты, цыфæнды дæр ма уæд, нал ис, амарди, рухсаг уæнт. Кад æмæ рады фæдыл амардысты, баззайæд æнусмæ сæ кой, чындзхæсджытæй кæцытæ амард, уыдонæн. Аннæтæ та мард æрцыдысты аххосджынæй, Уæдæй ардæмæй фæдзырдтам мæнæ сæ азымтæ, зонынц сæ сæхæдæг. Дыккаг хатт ахæм рæдыдæй хъахъхъæд куыд фæразой сæхи дæр æмæ иннæ адæмты дæр. Тæрхоны лæгæн йæ хæс у раст тæрхон скæнын. Хетæджы-фырты бæргæ тынг нæ фæндыд ахæм зындзинадмæ хæстæг æрбацæуын. Уæдæ афтæ дæр нæ зæгъын: мæн никæд никæй сæр бахъæудзæн. Нæй ахæм адæймаг, кæцы нæ фæрæдидзæн æмæ нæ фæрæдыд, фæлæ рæдыдæн та ис хос: адæмтæ хорз кæй сты алцæмæн, мæ хуртæ. Ныр æрцæуæд фидыд, иу дæр тызмæг æмæ схуыст ныхас куыд нал скæна. Сæрдодой йæ сæр кæндзæн, кæцы ма уæд сфæнд кæна фыдбылыз саразын, афтæ басудздзысты æгас мыггагæй дæр. Æгъгъæд уæм цæмæн нæ кæсы, æгас Дзæуджыхъæуы адæмтæ æмсыгъд хъуамæ æрцæуой? Худинаг у, мæ хуртæ æмæ лымæнтæ. Фидыд æрцыди, мæнæ ацы ран кæрæдзийы чи фæцагъта, уыдоны æхсæн, кæрон сын скодтам. Ныр ардыгæй фæстæмæ фыдбылызтæ фæлидзæнт уалæ дард хъæдтæ æмæ къæдзæхтæм, кæнæ сæ тыхдымгæ фæхæссæд дæлæ дард фурдмæ, сæ кой, сæ хъæр Дзæуджыхъæуы куыд мауал уа. Уæ мæ хуртæ, сæдæ-сæдæ бонты мидæг ахæм æбуалгъ хъуыддæгтæй иртæст æрцæут, уарзон адæмтæ, уарзондзинад æмæ хæлардзинад, куыд фæуæлахиз уа, æнамонддзинæдтæн та сæ кой, сæ хъæр Дзæуджыхъæуы куыд мауал фæзына. Æгъгъæд фæуæд лæджы саразгæ фыдбылызтæн. Лæг бирæгъ нæу кæнæ арс нæу, лæг у сырдтæн сегасæй дæр тыхджындæр æмæ домбайдæр йæ зонд æмæ уæздандзинады фæрцы. Фидыд æмæ фидыд! Уæ сылгоймæгтæ, мауал тонут уæ рустæ, фæуромут уæхи. Уыдзæн уын амæй фæстæмæ кæуынæн рæстæг, сабатты уын уæлмæрдты кæуынæн фадат. Ацы ран æрцыд фидар фидыд! Мауал ардаут уæ сонт кæстæрты, æмæ мауал уæнцой галиу митæ, хорз кæй не сты, уый уæхæдæг дæр хорз куы зонут, уæд уæ рустæ æнауæрдонæй цæмæн рæдувут?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.