Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 9 страница



— Фарон дæр ма нæ хуымтыл хорди æрцыди æмæ сæ фесæфта. Гага хъæдуртæй иу хуым дæр нал ныууагъта. Уæдæ мæнæутæ дæр фесæфта.

Нарыхъæуы хъугом ацы хатт Къостайы æххуысæй аирвæзти. Къæберы заманты дæр-иу Къæбер хордийæн йæ фæндаг фалæрдæм ацарæзта. Никæд уыдысты Къæбер æмæ Елберды заманты Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ хорæй хъуаг, футæгæй сæ хъомæн дæр хæринаг никæд кодтой.

Нарæн сæ ныхас хосгæрстмæ куы бахæццæ, Къоста хъугом хордийæ аирвæзын кодта, зæгъгæ, уæд сæ зæрдæтæ куыннæ барухс уыдаиккой:

— Агъæц, Къоста та нæ фервæзын кодта. Фарон дæр нын зæфцы фыдæй хорди нæ хуымтæ бабын кодта.

Къоста къаннæг лæппутимæ Нары хъугомы сæрмæ кæрæй-кæронмæ цæнд сарæзта. Бон-изæрмæ уыцы зæрдиагæй фæкуыстой, дуртæ хастой Байсайы адагæй хъугомы сæрмæ. Стыр сихор афонмæ дæр ма кусгæ кодтой. Уæд-иу Нарыхъæуы устытæ хъугоммæ скастысты:

— Уæ, дæ цард бирæ уа, нæ хицæутты зондджын æмæ фендджын лæппу! Зонын хъæуы, сывæллæттимæ дæр куыд дзургæ у, уый. Фарон хъугомыл хорди æрцыди æмæ бæстæппæт хортæ æмæ мæнæутæ хæрзбын бакодта, нæ мæнæуы къутутæ афтидæй баззадысты. Кæнæ æгас зымæг-зымæджы дæргъы иу хъæдуры хъæрмхуыппы хъæстæ дæр нæ фесты алкæмæн йæ кусæг дæр æмæ йæ сывæллæттæ дæр. Куыдзы бæлæгъæй нын дон бануазын кодта æнæнцой фæуинаджы хорди. Уæд цас диссаг уыди уæлæ ахæм цæнд саразын нæ хицæуттæн — лæппуты бафтау, æмæ къæйдуртæ, уæлæ ныр куыд хæссынц, афтæ хастаиккой. Акæс-ма, æзхуыздæрæй куыд архайынц. Хæрыны мæт дæр ма сæ кæм ис.

Иугæр хъугомы сæрмæ цæнд арæзт куы фæцис, уæд та уæлæмæ фæцæуынц. Дис кæнынц устытæ:

— Уæлæмæ та ма уæд цæмæн хъуамæ цæуой сæ кусæнгæрзтимæ? Нырма аходæн дæр куы нæ бахордтой. Чи зоны, æмæ цы аразын та йæ зæрдыл æрлæууыди. Фарон уæлæ куыроймæ дæр фæндаг саразын кодта. Уæвгæ дæр, куыд удхарæй-иу мардыстæм уыцы мæгуырау фæндагыл ссинаг сæккойсæккойгæнгæ. Уæдæ Æхсæны хъæды астæу суадонæн дæр цыхцыр скæнын никæй зæрдыл æрлæууыд, цалынмæ йын Къоста сарæзта, уæдмæ, æмæ-иу нæ къустæ немæ хастам дон æвгæнынмæ. Ныр та цыхцырмæ къæрта бадар æмæ уайтагъд айдзаг вæййы. Уæдæмæ худтæ чи хæссы, уыдон сегас лæгтæ куы уаиккой, уæд кæм бацæуиккой?

Кæсынц æмæ Къоста сывæллæттимæ Сынайы къæдзæхмæ сфардæг, цъымарайы алывæрсты аракæс-бакæс кодта æмæ лæппутæн афтæ зæгъы:

— Ныр ацæут æмæ баулæфут, æз уал мæхæдæг истытæ ацархайдзынæн, фæлæ райсомæй раджы ацы ран куыд уат, афтæ. Æгæр уæ афæстиат кодтон. Кæд, мыййаг, æххормаг стут, уæд мын дыккаг хатт нал бакоммæ кæсдзыстут.

— Нæ, Къоста, мах алы бон дæр кусгæ кæндзыстæм дæуимæ. Ды нын куыд зæгъай, афтæ кæндзыстæм. Фæлæ ныртæккæ мах дæр æнæ дæу нæ цæуæм. Ды ацы ран иунæгæй хъуамæ архайай?

— Ацæут, æз дæр ныртæккæ цæугæ кæнын.

Лæппутæ дæр сæхицæй æппæлгæ рафардæг сты:

— Хорз лæгты куыст бакодтам. Къоста нын цы хорз аргъæуттæ фæкæны кусгæ-кусыны дæр. Мах та райсомраджы Сынамæ сфардæг уыдзыстæм æд къахæнтæ. Нарыхъæуæн сæ кусинæгтæ мах хъуамæ бакæнæм, кæсгæ кæндзыстут. Къоста афтæ загъта, уæлæ, дам, хосласæн фæндаг дæр аразын хъæудзæни.

Къоста райсомæй раджы фестади, æмæ йæ лæппутæ куы ауыдтой, уæд йæ фæстæ уайынмæ фесты æзраздæронæй. Чи хъæр кæны:

— Мæнмæ æри хæринаг æмæ йæ æз ахæссон.

Чи та хъæр кæны:

— Æз донгарз хæссын.

Къостайы къахæнтæ райстой:

— Мах сæ ахæсдзыстæм, ды афтæ цу.

Сынайы цъымарайæн дæр та йæ алы фæрстæ скъæхтытæ кодтой, Къоста сын куыд амыдта, афтæ.

— Кæсгæ кæнут, мæ чысыл æфсымæртæ, æз уæ куыд ахуыр кæнон, афтæ кæнут.

Фыццаг дуртæн бынæттæ скодтой, уый фæстæ дуртæ хæссын байдыдтой. Æмбонд самадтой тынг фидар, йæ дунемæ дæр дзы хордийæн æрцæуынæй тæссаг куыд нал уа, афтæ. Стыр сихорафонмæ фæкуыстой.

Уалынмæ хуыцауæхсæв æрбаййæфта. Нарыхъæуы лæгтæ сæ цæвджытæ сæ æккæйтты скодтой, афтæмæй иу нарæг фæндагыл æрбацæйцыдысты. Доны сæрмæ иу лæбырдгонды æнæбары къахвæндаг уыди. Ахауынæй дæр дзы тынг тæссаг уыд, уæлдайдæр уарын заманты — хох-иу æрлæбырди.

Къоста кæсы æмæ йæхи мидæг хъуыды кæны: «Ацы зынцæуæн фæндагыл хосгæрдджытæ дæр æмæ иннæ цæуæг адæмтæ дæр зырзыргæнгæ кæй фæцæуынц, уый æцæг у. Уæлдайдæр сылгоймæгтæй куыстуæттæй чи фæцæуы, уыдон хъæбæр тæригъæд сты. Хосласæн фæндагæй дæр уал уæлмæрдты бын фæндаг у раздæр саразгæ».

Нарыхъæуы лæгтæ хъугомы сæрмæ цæндмæ кæсгæйæ аззадысты:

— Хордийы хох зынтæй куы бауромдзæн, уæд ацы стыр диссаг йæ бон куыд баци, хорди иннæрдæм куыд азылдта?

— Къостайæн йæ бон бирæ у, мæ хуртæ. Сæр куы куса, уæд лæгæн йæ бон алцы саразын дæр бауыдзæн. Сæр куы нæ куса, уæд бынæй гуыр у къодах. Кæдæй цæуы æмæ цыди нæ хъугомы астæуты ацы бæллæхы хорди. Иу азæй иннæ азмæ тынгæй-тынгдæрæй рæцæуы тæккæ æфсирæфтауæн афонты.

— Уæллæй, сæ бакастæй-иу зæрдæ рухс кодта, фæлæ-иу сыл Сынайы æнамонд лами куы рауылæн кодта, уæд-иу сау сæфтæй фесæфтысты. Уæ, сыгъзæрин феста дæ рафæлдисæг Хуыцауы хай, Къоста мæнæ бæстæ куы сарæзта, Нарыхъæуы хъугом ног нæ райгуырди уæдæ!

— Уæлæ та сывæллæттимæ цыдæр аразы ноджыдæр. Уæ Хуыцау, Къостайы нын сæрæгас уадз, уæд дыууæ Нарыхъæуæн дæр цæрын уыдзæн æнцон. Ныртæккæ нæ цæвджытæ æрæвæрæм æмæ йæм суайæм, кæд æм фæкæсын хъæуы.

Нарыхъæуы хосгæрдджытæ сæ цæвджытæ куыддæр æрæвæрдтой, афтæ хæргæ дæр нæма бакодтой, фæлæ Къостамæ цæуынмæ фесты. Бæрзонд ран уыди, хæрдмæ йæм цæуын хъуыд. Фæллад лæгтæн сæ хид акалд. Къостамæ дардæй дзургæ фæцæуыни:

— Адæмы хуыздæр фæуай, дæ æрбацыдæй дæ куыстытæ цалдæр хатты раздæр куы фæвæййынц. Уæд куыд æгъдауæй дæ зæрдыл æрлæууынц? Мах ацы ран куы цæрæм æмæ удхар кæнæм, æмæ сын нæ бон æппындæр куы ницы æрхъуыды кæнын вæййы. Уæллæй, Хуыцау хорз æмæ ма нæ æхсæны хортæ саразынц, æндæр ныл фарон хъæбæр фыд аз скодтаид æмæ нæ бинонтæ фыр æххормагæй Нартæ æмæ Борæты сæфтæй фесæфтаиккой. Хуыцауæй дæ бауырнæд, Къоста, фараст къутуйы равдæлон кодтам.

— Тыхсгæ ма кæнут, афтæ дæр рауайы. Æхсæны къутутæ дæр уæхи куыст сты, искæмæй сæ, мыййаг, нæ райстат. Ме знагмæ æхсæны фæллой дæр ма уæд.

— Бауырнæд дæ, Къоста, æхсæны хуымтæм хорди никæд бакалд. Уæдæ æнæбыны хорз задæй дæр æрзайынц. Фаронхъæдуры хуымтæ ахæм хорз æрзадысты æмæ диссаг: фараст къæссайы хæххон гага хъæдурæй сæ былтæй калгæ ныккодтам. Фæзæй хъугоммæ акæс, уæд-иу цыма мæнæ зæлдаг кæлмæрзæн хуымты астæу исчи барæй байтыдта, афтæ зынди. Сывæллæттæ-иу æхсæвæй хъæдуры хуымты астæу балæууыдысты. Йæ кæронмæ йын цыдысты алы бон дæр æмæ йын хæрынæн ницы фæрæзтой. Йæ æфсиртæй йын цас тыдтой, уыйас фылдæрæй-фылдæр кодтой, раст цыма мæстæй марынæн æрзадысты, уый хуызæн. Мæнæ ма-иу Суарысæры ’рдыгæй зади ахæм хъоппæг хъæдур, йæ гагатæ йын ехсы фындзæй банымадтаид нымайæг.

— Уæ фæллад дæр æххæст куы нæма суагътат, уæд цæмæн æрбацыдыстут? Æз мæ чысыл æфсымæртимæ дзæбæх арæхсын, рахъастгæнæн сæ нæй: хорз лæгты куыст кæнынц. Сымахæн уæ хосгæрсты хабар куыд у, Гаджитимæ ма истæуыл, мыййаг, быцæу кæнут? Бæргæ уæм мæ зæрдæ фехсайы, фæлæ мæ ацы ран куыстæгтæ бакъуылымпы кодтой. Хъуамæ знон бауадаин æхсæны уыгæрдæнтæм дæр абæрæг кæнынмæ. Сымахæй алкæмæн йæхи хæдзары хосгæрстæн дæр рæстæг кæй нæ фаг кæны, уый бæргæ æмбарын, фæлæ ма тыхсут — ракæрддзынæн сæ.

Иугæр Къæберы фырт куы амард, уæд Къоста хъæбæр æнкъард кодта. Цалдæр азы Нарыхъæумæ цæугæ дæр нал бакодта йæ фыр зæрдæрыстæй, фæлæ та уæддæр — райгуырæн адджын бæстæ.

Нарыхъæуы зæронд лæгтæ-иу Къостайы куы æрымысыдысты, уæд-иу алы цæуæгæн дæр æрвитгæ кодтой:

— Уæ Къоста, мæгуырæй нæ куы ныууагътай, уæд цы кæнæм? Мæлæт Хуыцауæй кæфойы дзагæй куы агурæм, æмæ нын æй йæ цæст куы нæ уарзы, уæд цы кæнæм? Ды та ма нæ кæмæн ныууагътай?

Къостайæн-иу уыцы æнкъард ныхæстæ куы ракодтой цæуæг адæм, уæд-иу йæ зæрдæ фыр тæригъæдæй фæйнæрдæм фæцæйтыдта. Къоста уыди тынг тæнзæрдæ æмæ-иу уæд йæ фыд Леуаны дæр рынчынæй фæуагътаид:

— Æллæх, Нарыхъæуы зæронд лæгтæ мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, тæригъæд сты. Лекси æмæ мæ фыд, бар мын кæд на дæттут, мыййаг, уæддæр мын Нарыхъæумæ æнæ бауайгæ цы хос ис. Тæккæ æхсызгон заман у, фæлæ уыдон дæр цы фæуой?

Леуан-иу кæддæриддæр Къостайы Нарыхъæумæ æрвыста, фæлæ-иу Лексийы куыддæр нæ фæндыд, æдзухдæр ын-иу тæрсгæ кодта: Къасарайы фыдфæндæгтыл бæлццонæн æнцон бацæуæн нæ уыди. Уæддæр-иу æй ауагъта:

— Ацу, Къоста, мæ хур, Нарыхъæуы зæронд лæгтæ алы цæуæгæн дæр фæдзæхсынц. Фæлæ-иу дæхи æгæр ма фæриссын кæн. Нæ зонын, æз демæ нæ вæййын, фæлæ Нар алы цæуæгæн афтæ фервитынц: «Нæ зынвадат куыстытæ нын Къоста æмæ Къæберы фырт бакæнынц».

Уымæ гæсгæ Лекси кæддæриддæр тынг зивæг кодта Къостайы Нармæ барвитыныл: æгæр æфсæрмы кæны æмæ алы куыстытæм дæр йæхи феппары.

Къоста та иугæр Нармæ цæуын куы байдыдта, уæд та Хъапрейы зынкæрдæн хосгæрст Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ кæрдын райдыдтой. Къæберы фырты амарды фæстæ Къоста æртæ азы Нармæ кæсгæ дæр нал бакодта, Хъапрейы хосгæрст æртæ азы цæвæджы хъæстæ нал фæци. Нар-иу зымæджы хосæй кодтой хъуаг, холлаг фаг нал уыди æмæ-иу тынг мæт кодтой, уæлдайдæр та æхсæны фæллойыл.

Къоста æдзæллагдзинадмæ кæсын нæ уарзта. Хорз та сын баххуыс кодта сæ алы куыстæгтæн дæр. Сынайы цъымара дæр рæвдзгонд фæци.

— Ацы ранæй ныр тæрсгæ мауал кæнут. Иу цалдæр азмæ зæгъон æмæ иу къорд азмæ дæр сфаг уыдзæн нæ æхгæд. Æрмæст ма мæ зæрды уæлæ хосласæн фæндаг саразын дæр ис. Уæдæ уæлæ Къахыры фæндаг дæр у тынг зынцæуæн. Æндæр иннæ фæндæгтæ бæргæ куыстгонд фесты.

— Уæ, дæ цард æмæ дæ амонд бирæ уа! Хосгæрстмæ нæм хъуысыдысты, Къоста æппæт куыстытæ кæй бакодта. Суанг ма, дам, Бериты бын куыроймæ дæр фæндаг скодта. Уæллæй, нæ æфсинтæ дардæй æппæлгæ цыдысты.

Нарыхъæуы хосгæрдджытæн сæ зæрдæтæ куыннæ барухс уыдаиккой. Сæхæдæг дæр ма фæкастысты, хæрз изæрмæ йæ арæзт фесты. Изæрæй уыцы зæрдæуæрæхæй цæуынц, сæ ныхæстæ сæ кæрæдзийæн кæнынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ Гаджитимæ сæ хосгæрстыл быцæутæ цыд æмæ цæуы, Къоста та быцæуæй дардмæ дæр тæрсгæ кодта, рæстдзинад дзурын уарзта.

— Нæ, Гоцъитæ, сымах уæхи æгæр зыдæй ма æвдисут. Гаджитæ сабыр адæм кæй сты, уый æз зонын. Сымах æгæр сæртæг зондыл хæст стут, сонт мæсты равæййут. Гаджиты дæр хъæуы хорз уыгæрдæнтæ æмæ сыл адзурын æмбæлы. Кæй аххос у, уый æз рабæрæг кæндзынæн, цæмæй мæ зæрдæ сымахмæ дæр исты фыдбылыз рауайынæй ма æхсайа æмæ уыдонмæ дæр. Фыдбылыз та рауайы кæм масты фæдыл, кæм та лæгæн йæ хъуаджы фæдыл дæр. Æз уал ацы ран куыстæгтæ фæуадздзынæн, мæнæ сæ лæппуты бар бакæндзынæн, æмæ уæ Гаджитимæ сраст кæнын хъæуы.

Къоста райсомæй Гаджитæм дæр фæдзырдта, Нары ныхасмæ куыд æрæмбырд уой, афтæ, дыууæ мыггагæн дæр сæ хосгæрст раст куыд ахицæн кæнæм, афтæ. Гоцъитæ æмæ Гаджиты Къоста æмдзых æмæ æмвæнд скодта.

— Абон æз хъуамæ базонон, уæ быцæу цæуыл цæуы ныр иу цалдæр азы. Фыццагдæр уал дзырды бар ис Гаджийы фыды фыртæн, дыккаг дзырды бар та дæттæм Гоцъийы фыды фыртæн.

Гаджитæ загътой:

— Къоста, мах фыццагдæр дæуæй курæм хатыр, æмæ нын æй ныббар, кæд, мыййаг, истæмæй рæдийæм. Фыдæлтæй ардæм дæр дзурæм уæлæ Цъурайы хосгæрстыл. Бынтондæр нын æй нæхи бар куы ныууадзиккой, уæд æдзух загъд-замана нæ кæниккам. Мах та сын сæхи бар уадзæм, Цъыппы комы цыдæриддæр хосгæрстытæ ис, уыдон. Кæрдæнт, куыд сæ фæнды, афтæмæй. Кæннод Цъурамæ хос кæрдынмæ уыдон дæр рацæуынц, мах дæр, æмæ иу зæгъдзæн — мæ уыгæрдæнæй мын цалдæр уисы æркарстат, иннæ дæр афтæ. Дыууæ мыггагмæ кæддæриддæр цæуы быцæутæ. Мах дæр æмæ Гоцъийы фыды фырттæ дæр кæрæдзийæн нæ барæм. Мах ма иу гыццыл куы фæбарæм, уæддæр Гоцъитæн нæй ныббарæн, дзырдæй дзырд уæрæхдæр кæныныл фæархайынц. Æппын сын нæ хосгæрдджытæ сæ уыгæрдæнтæм æввахс дæр куы нæ бацæуой, уæддæр та фæзæгъынц: мæ уыгæрдæнæй мын цас æркарстат.

Къоста загъта:

— Æз тæрсын фыдбылыз рауайынæй. Хор æмæ кæрдæгау кæрæдзиимæ равзæрдыстут, Гаджитæ æмæ Гоцъитæ, Хаситæ æмæ Епхитæ, Тотитæ æмæ Цуцитæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæххæй рагæй фæстæмæ дæр хъуаг хæссут. Фæлæ уын куыд гæнæн æмæ амал цæуы, афтæмæй цæрын хъæуы. Бирæйæ бирæгъ дæр не ’фсæды. Уæдæ æрбайхъусут, куыд æмæ цы æгъдауæй кæрæдзимæ тауыз мауал хæссат: Засых фæуæд Тотктæ æмæ Хаситы хосгæрстæй дæр, хуымгæндæй дæр, хъæдæй дæр, къæдзæх æмæ дурæй дæр. Засыхмæ абонæй фæстæмæ Нары цæрæг адæмæй иу дæр бар мауал дарæд, сæхи бар сын æй куыд ныууадзат, афтæ.

— Тынг хорз у! — Ныхасы лæгтæн сегасæн дæр Къостайы ныхас уыди фæндон.

— Уæдæ Цъурайы цыдæриддæр хосгæрст ис, уыдон лæвæрд æрцыдысты Гаджитæн. Абонæй фæстæмæ Нарæй иу лæг дæр Цъурамæ хос кæрдынмæ куыннæуал бацæуа, афтæ. Куыд уæм кæсы, Гоцъитæ?

— Хорзæн исæм мах дæр дæ ныхас.

— Цъыппы ком дæр æмæ Хъапре дæр хъæдæй, хосгæрстæй, хохæй, дурæй, къæдзæхæй лæвæрд æрцыд Гоцъийы фыды фыртæн. Абонæй фæстæмæ Цъыппы коммæ Нарæй дæр æмæ иннæ кæмттæй дæр бар дарæг куыд нал уа, афтæ. Цъыппы ком у зæйуат ком, фæлæ Гоцъитæ фылдæр кæй сты, уымæ гæсгæ ма сын ис уæлæ уæлвæз быдыры дæр хосгæрст, Биасты фæзы. Цъура кæд зæйуат нæу, уæддæр дзы у тынг зын кæрдæн, донæн дзы йæ хъæр, йæ кой дæр нæй, хур æм кæсы сæрд комкоммæ. Абонæй фæстæмæ хицæнгонд æрцыдысты Нары цæрæг адæмтæн сæ зæххытæ. Кæмæ уæ цы зæххы гæбаз æрхауди, уымæн хæлар фæуæд, афтæмæй уæ алчи йæ уалдзæджы куыстытæй йæ фæззæджы бонты куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ фæкæнæд. Абон у хуыцаубон, улæфæн бон. Райсом къуырийы сæр у, алчи æрлæууæд йæ хосгæрсты раз, æмæ кусут æнæниз, уæнгрогæй. Уæ цард бирæ уæд уæ дыууæтæн дæр!

Гаджитæ Къостайæн стыр арфæтæ куыннæ ракодтаиккой. Зæххытæ куыддæр хицæнгонд æрцыдысты, афтæ Нарæй хыл æмæ загъды хъæр никæдуал райхъуысти. Сæ кæрæдзийæн сæ бахъуыды заманты кæддæриддæр уыдысты аргъгæнæг. Къоста Нарæй мæгуырау ныхас райхъуысын нал бауагъта:

— Кæд мæ сæр дæр æмæ иннæты сæр дæр хъуыды кæнут, уæд арæнтыл дæр цæмæн хылтæ кæнут? Зæххытæн фæуæн æмæ баихсийæн нæй æмæ нæ уыди, бирæ æнустæ æмæ фæлтæрты фаг сты.

Къостайы сæр хъуыдыгæнгæйæ Нар бирæ хорздзинæдтæ кодтой. Къорд хатты-иу сæм æрцыди арфæйы ныхæстæ. Ома, канд Къоста нæ, фæлæ Нармæ Къостайы размæ дæр хорз лæгтæ кæй уыди, уый æппæт ирон дзыллæтыл хъуыстгонд æрцыди. Кæд Къостайæн дунейы мидæг бæрзонд кад æмæ аргъ уыди, уæд Нарæн дæр сæ хæс цы уыди, уый кодтой алы æгъдауæй дæр кæрæй-кæронмæ. Сывæллæттæ дæр-иу скъоламæ ахуыр кæнынмæ куы бацыдысты, уæд-иу сын ахуыргæнджытæ æдзухдæр афтæ дзураг уыдысты:

— Нарон лæппу, хорз ахуыр кæнын де хæс у. Къостайы цæсгом хъуамæ зонай æмæ йæ хъахъхъæнгæ дæр кæнай, мæ хур.

Нарæн иугæр сæ хæйттæ Къоста куы ахицæн кодта, уæд ма сын баззади Суарысæр уыгæрдæнтæ дæр æмæ хъæды хай дæр. Гаджитæ Суарысæры хъæд дæр æмæ уыгæрдæнтæ дæр балæвар кодтой Хетæгкаты Леуанæн, цалынмæ нæ райгуырæн Нары цæрæг уа, уæдмæ. Къоста дæр Леуаны фырт у, Леуанæй та мах бирæ хорздзинæдтæ зонæм æмæ сæ никуы ферох кæндзыстæм.

Кæй зæгъын æй хъуыди, Леуан дæр Лабæйæ Нармæ цæрынмæ нал æрбаздæхтаид, фæлæ сæ Гоцъитæ сæ æхсæны фæллойæн карстой.

XI

Ирыхъæуы Дауыратæй иу хæдзармæ чындзæхсæв уыди. Рагæй фæстæмæ дæр Ирыхъæуы фæсивæд хылмондаг уыдысты. Къоста-иу Ирыхъæумæ куы цыди, уæд-иу Хетæгкаты чызджытæ кæддæриддæр йемæ цыдысты, кæннод-иу ын тæрсгæ кодтой. Къоста-иу бæргæ ныфсытæ æвæрдта йæ хотæн:

— Ма мын тæрсут, Ирыхъæуæй мæнæн кæмæй тæссаг у?

— Уый та уæд цæмæн фæзæгъыс! Алы хатт дæр дзы лæджы мæрдтæ вæййы. Арахъхъæй не ’фсæдынц, сæ бындар фæуæнт, æмæ, дæхи загъдау, арахъхъ йæ кæнæгæн дæр нæ бары.

— Цæуæм, уæдæ. Ныр мын дыууæ къуырийы бæрц дзурынц. Уæллæй, бауырнæд уæ, мæ хотæ, Ирыхъæуæн æз дæр нæ уарзын сæ æгъдау. Æгæр хæлд сты: иу чындзæхсæв дæр сæм ахæм нæ вæййы, æмæ кæрæдзийы кæм нæ фæнæмынц.

— Къоста, мах дæр уымæй тæрсæм, уымæй, æмæ дæ иунæгæй уымæн нæ уадзæм. Нæ уарзынц, нуазгæ хорз чи нæ кæны, ахæмты сæхи хуызæн бирæнуазаг уазджыты уарзынц.

Чындзæхсæвмæ бацыдысты. Къостайыл хъæбæр бацинтæ кодтой. Фæйнæрдыгæй нуазæнтæ хæссынц.

Къоста афтæ зæгъы:

— Нуазæнæй мæм мачи хатæд: фæци гъе ныр уыцы ныхас. Кæдмæ йыл хъуамæ дзурæм?

Уалынмæ сæхи мидæг фесты, хъæр-хъæлæба, æндæр дзы ницуал уыди. Хетæгкаты чызджытæн, мæгуыртæг, сæ хуыз фæцыди.

— Æллæх, Къостамæ дæр дзы исты куы æрхауа кæм фыр хæлæгæн, кæм та æдзæстуарзонæн.

Кæрæдзимæ кæрдтæй куы лæбурдтой, уæд Хетæгкаты чызджытæ Нары лæппутыл сæ цæст ахастой, æмæ дзы ацы хатт иу дæр нæй.

— Мæнæ цы раны фестæм — нозтджын лæгмæ цы фæхъыг кæсдзæн, уый йæхæдæг дæр нæ бамбардзæн.

Иугæр цалдæры куы барæхуыстытæ кодтой, уæд сæм Къоста рауад:

— Фæлæуут-ма, Ирыхъæуы фæсивæд, цы уыл æрцыди, цæмæн кæрæдзийы кардæй кæрдут? Мæнæ кæй хæдзары минас кæнут, уый тæригъæд нæу — бæрзонд кæдтæ уын куы кæны, цæстуарзон фынгтæ уын куы æрæвæрдта. Цы ма уæ хъæуы, цæмæннæ æфсæрмы кæнут хæдзары хистæрæй?

Чындзы хицæуттæ сæхи хойгæ дыууæрдæм рауай-бауай кодтой адæргæй:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.