Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 8 страница



— Нæ хъæуы мах ахæм марды хæзна æппындæр. Лæг цæуыл бафыдæбон кæна, уый у йæхи, æндæр мæнæ ссарон кæнæ радавон, уыдон ницы сты, ахæмтæй хæдзар бæрзæйджын нæ кæны, фæлæ дзы кæны ныллæгдæр йæ кад дæр, уæдæ йæ цард дæр. Ме знагæн уæд йæ зæрдæ фæхудæд йæхиуыл дæр. Исчи дæ куы нæ фена, уæддæр адæймаг хъуамæ кæна йæхицæй дæр æфсæрмы æмæ кæна йæ аууонæй дæр тæрсгæ.

Уæд та дыккаг зæппадз дæр райстой. Къоста афтæ зæгъы:

— Къахгæ кæнут ацы мæрдтæн фæстæмæ ингæнтæ. Цалынмæ иннæ зæппадзы дæр цы хабар ис, уый базонон, уæдмæ уал архайут.

Уæд Иуане афтæ:

— Æз дæр байхъусон. Ингæн скъахын афтæ диссаг нæу, фæлæ ацы ран уыйбæрц диссæгтæ ис, æмæ сыл цард-цæрæнбон адæймаг дис кæндзæн.

Къоста та райсын кодта дыккаг чырын дæр. Бæрæг уыди, хуымæтæг лæджы чырын кæй нæу. Диссаджы æргъæу чырын дæр уыди — сыджыты бын нæ кодта æмбигæ дæр æмæ згæ дæр, калм, хъæндил дæр æй нæ хъыгдардта. Уæд кæсынц æмæ дæлæ чызгæн йæ чындздзон дзаумæттæ кæд сты йæ уæлæ. Йæ фарсмæ хуыссы йæ нæлгоймаг. Уыдысты уыдонæн дæр сæ хабæрттæ чиныджы фыстæй — чи уыд сæ марæг кæнæ сæ дарæг. Бирæ диссаг уыд уыцы мардмæ ныккæсын — мæнæ цыма раст фынæй ацис æваст. Йæ микæнинæгтæ дæр чыргъæдгонды йæ разы — судзинæй, хæсгардæй, æнгуырстуанæй, алцæмæй дæр уыд ифтонг.

Ацы чызг уыди тынг уæздан æмæ сабыр чызг, æмгары зæрдæхудты никæд бацыд. Хъæуæн кæд уыди сегасæн иумæйаг чызг, уыди адæмæн уд æмæ цæст, алчи йæ уарзта хи чызджы бæрц. Фæцыд æм, амонд кæй хъуыд удæмбалæн, ахæм сæрæн гуырд. Алцæмæй дæр æххæст, чиныгæй дæр уыд дæсны, хъыримаг ифтыгъдæй нæ дардта, кæнæ йæ кард цыргъæй ласт нæ уыд йæ кæрддзæмæй.

— Мæнæ удыгагайы хуызæн чызг ссардтон цардæмбалæн, — загъта. — Уæ Хуыцау, дæуæй фæдæн арфæгонд.

Фæсчындзæхсæвы фыццаг æхсæв мидбылты худгæйæ раст дыккаг кæркуасæнты райдыдта чызгæн йæ дзаумæттæ ласын. Диссаджы фидар хуыд сæхтæгæй, зын райхалæн дæр уыд. Хуыдтой йæ сиахсæн нысанæн: кæд уæздан уа, уæд уыдзæн уыцы сæхтæгæн йе суадзæггаг — сиахсæн хуынд уарзон æмбæлттимæ; дардыл дæр уыдзæн йæ кад — нæ апырхытæ кодта, сæрæн лæппу у, хæрзарæхст: кæрцæн йæ сæхтæг кæрæй-кæронмæ куыд æмбæлд, афтæ сыхæлдта.

— Уæд йæ цард бирæ, уæздан кæй уыдзæн, уый рабæрæг лæгау, бирæгъ, мыййаг, нæу. Тынг бæстон уыдзæн йæ хъуыды, кад кæндзæн хионæн, хæстæгæн, дардыл уыдзæн йæ хъуыды бæгуыдæр.

Ласта чызгæн йæ дзаумæттæ. Чызг æй йæ фыны дæр никæд федта. Калд чызгæн фыр æфсæрмæй йæ хид дæр йæ къæхты бынæй.

Ног чындзæн йæ мой куыддæр йæ дзаумæттæ ласт фæци, афтæ чындз фыр æфсæрмæй зæхмæ æрхауд æмæ уыйадыл фæмард йæ фыр уæзданæй.

Лæппу сагъдауæй баззад:

— Мæнæ царæфтыд куыд фæдæн!

Дуарæй йæм дзурынц:

— Цы кодтай, лæппу, куыд фæдæ, кæд адæмы хуыздæр æмæ уæздандæр чызг дæуæн лæвæрд æрцыд мыггаджы æхсæнæй.

— Уæууау, заман дæр уый у — мæнæ фæмард фыр æфсæрмæй. Мидæмæ иу чысыл ма ма æрбацæут, сисон æй зæххæй сынтæгмæ, кæд ма æрчъицид йæ уд. Фæлæ сымахæй дæр та куы фæуа æфсæрмæй мард фæстæмæ.

Лæппу систа чызджы сынтæгмæ, бауигъ-бауигъ ма йæ фæкодта, фæлæ нал æрыхъал, нал æрчъицыдта, лæппуйы фæкодта мæрдон. Нал ардта, нал, сахъ лæппу йæхицæн æнцой:

— Фæлтау мæлæт хуыздæр у! Кард куыд нытътъыссон мæ зæрдæйы, кæнæ хъыримагæй куыд фехсон мæхи цъæх бирæгъ æхсæгау? Цард дæр мæнгард у, дардæй нæ зыны, уæд мæнæ сырдау мæлæтмæ ацу æмæ йæ агур — нал ис уæд йæ кой, йæ хъæр.

Чызг уал æрцыд ныгæд зæппадзы.

Æртæ мæйы фæстæ æнæкæрон ивылдтытæ ракодтой кæмтты дæттæ, суанг Хобамæ ахæццæ сæ лами, сæ лакъон. Уалдзæг фæци, сæрд ралæууыд, фосæн нард кæрдæг æрзад, хъугæмтты мæнæуы хуымтæ тугуарæн кодтой фыр задæй, адæм сæ раст карды фындзæй кæнæ ехсы фындзæй нымадтой уæлбæхæй:

— Минас кæндзыстæм, мæнæуы дзæрнайæ нæ кæрæдзийы хынцдзыстæм фыр буцдæрæн.

Уæды заман кæмттæ сæ тæккæ дзагæй цардысты сыгъдæг бердзенаг адæмæй. Сегасæн дæр уыди Нартубыр æлдарæн, фæлæ дзы иу дæр нæ хъаст кодта, уыд йæ адæмæн алцæмæй дæр хорз. Кад æмæ радæй дæр цæмæн хъуамæ уыдаид цух, кæд æмæ æндæр æлдæрттау йæ комы нæ дардта залиаг калмау марг лæгæн.

Бахъуыд ног чындзы мойы хонæг фæцæуын хъæутæм — бердзены адæмы æгъдаумæ гæсгæ йæ удæмбалæн радта мæрдон æгъдау.

Хистæртæ йын загътой:

— Сисæд лæппу йæ сау, æгъгъæд у æртæ мæйы. Рухсаг уæд ног чындз дæр, æнустæм иу дæр нæ баззайдзæн цæргæйæ, алкæмæн дæр ис мæлæтæн бонтæ нымадæй, фондзыссæдз азы ис фылдæрæн цæрæг удæн, фæлæ кæм ис уыйбæрц адæмæн сегасæн дæр цæрæнбон? Кæй куыд æрæййафы йæ мæлæт, афтæ æрцæуы. Ис сывæллонæн дæр рад мæлæтæн, уæдæ афтæ лæппу кæнæ чызг дæр куы бацæуа йæ лæппуйы æмæ чызджы кармæ, уæд афтæмæй дæр мæлынц дзыллæтæ. Мæлæт зæронд æмæ ноджы сæрыл нæ уыд æмæ нæ уыдзæн. Алчидæр бæргæ фæхъахъхъæны мæлæтæй йæхи, фæлæ хъахъхъæнынæй дæр нæу. Уæдæ ног чындз дæр мæлæт, мыййаг, æлхæнгæ кæд нæ бакодта. Кæдмæ хъуамæ цæра уæд лæппу дæр иунæгæй? Кæдмæ уыдзæн усгурау чызгæн йæ фæдагур, ау, нæма бафæллад? Æппын иу нæ ары йæхицæн удæмбалæн, кæд æмæ ис хъæуты æмæ бæстæтыл удыгагайы хуызæн чызджытæ?

Бафæллад кæуынæй ног чындзы мой, афтæ цæуынæй дæр. Уæлбæхæй зилы кæмттæ æмæ хъæутыл. Кæуыл æмбæлди, уыдонæн фæдзырдта:

— Дæн ног чындзы мой. Кæмæн амард æфсæрмæй мæнау йæ удыхай, уый дæр у тæригъæд. Ныр исын æз мæ саутæ: бердзенаг æгъдаумæ гæсгæ æртæ мæйæ фылдæр нæ хъæуы саудард.

— Рухсаг уæд дæ зиан, раст у дæ ныхас. Æртæ мæйы дæр æгæр у, фæлæ дæ ус æфсæрмæй кæй фæмард, уый тыххæй дын уыцы уæздандзинад ивд æрцæуæд дæ царды хуыздæрæй. Уæ мæ хур, ныр кæд уыдзæн дæуæн дæ сау сисынæн йæ рæстæг, йæ бон? Хъуамæ йæ зонæм бон раздæр, кæнæ дыууæ боны раздæр. Цæй цæуæн ис алкæмæн — у алцæмæй куыстафон дæр — кæм хос кæрдын хъæуы, кæм та ссивын дæр; уæдæ уыныс, мæнæ хуымтæн дæр сæ тæккæ рувынафон, уæдæ рувæнтæ алкæмæн дæр цыргъ кæнын хъæуы, цигæсмæ дæр уæлиау цæуын хъæуы; иннæ ахæм мæхъитæ бийын, гъа, сæ бийын дæр ма афтæ зын нæу, фæлæ сæ фæхæссын уæлæ куыстуатмæ — кæм и, кæм! — хæрæг дзы ныммæлæд! — уымæн æмæ рыст у алкæмæн дæр йæ зæрдæ уæззау куыстæй. Фæлæ цард иууыл нæу æнцонæй — зианджын у сегасæй мæгуырдæр.

— О, æмбæрстгонд у мæнæн дæр, раст майрæмбон у бердзенаг æгъдаумæ гæсгæ мардæн йæ сау сисæн.

— Хорз, фæцæудзыстæм, æгъдауæй нæм цы баззад, уыдонæй мах дæр зианы цух ницы ныууадздзыстæм. Усæй уæд лæгæй, лæппуйæ, чызгæй фæцæудзыстæм, хъуамæ ма дзы уа ног чындзытæ дæр, уый дæр ахæм ног чындз уыд, хъуамæ йын уа алцæмæй йæ адæмæй фаг æгъдау лæвæрд, ма уа, ма, ахæм уæздан, йæ дзыллæтæ йæ бирæ æнустæм фæмысой. Хъуамæ ног чындзытæ фаг фæкæуой: «Уæууау, фæсайдтай нæ æмбалæй, афынæйау дæ ды æфсармæй, нал ракастæ дæ цæстæй. Уæ, мæгуыр дæ бон, ног чындз, нал дæ фæци, нал, чындзау æгъдау раттынæн рæстæг, уыд дæ рæстæг лыг цыбырæй, ой-май, цы фæдæ, нал дæ!» — «Нал дæн, ацыдтæн, нал дæн. Ды мæн сынтæгыл куы æрæвæрдтай, уæд уыдтæн бынтон мард. Кодтай ды мæнмæ ныхас: «Цæй-ма, ракæс ды дæ цæстæй, уæ, фæкæн, мæнæн тæригъæд». Фæлæ нал цыд мæнæн бынтон мæ бар мæхиуыл, зæхх мæ айста йæхимæ: «Ныр мæ бар дæ, мæнæ чызг, зæххæн лæваргонд æрцыдтæ». Нал дæн, нал, æз ныр хæдзарæн, ис мæнæн лæварæн æндæр хæдзар бындуронæй цæрынæн. Ой, куыд цин кодтон, куыд: райсомæй хъуамæ фыццаг кæркуасæнты сыстон дзæвгар раздæр, авд кæртæй фылдæр нымадтон — сыгъдæг марзт уыдзысты, уæдæ уынгæй уæд цы зæгъон, алырдæм дæр кодтон куыстаг нымайгæ. Фæлæ нæ ацыд цард рæстмæ, фæбынæй, аздæхт сыджытмæ, бынмæ. Куы мæ æрæвæрдтой уарзон ног бинонты æхсæн марды чырыны уæлгоммæ. Охх, нана, фæлтау æз дæуæн, уæууау, куы нæ райгуырдаин чызгæн. Куыд зын у мæнæн, мæ ног царды мидæг кæй нæ фæци мæхи равдисын мæ бон чындзау. Мæнмæ ног чындзытæ сау марой куы кодтой: «Уæ, мæгуыр дæ бон, чындзы митæм дæ куы нæ равдæлд, махимæ рацæуыны бон дæ куы нæ фæци. Ныр цæуыс де ’нусы цардмæ æдзардæй, фæндараст фæу, ды махæй нал дæ, нал. Ныккæут иууылдæр, цыдæриддæр ис ног чындзытæ бердзены бæстыуагыл. Дард у дæ фæндаг, мауал кæн фæстиат. Ацу, ацу, нал дæ уромæм, нал дæ ды махæй. Схæцут, ног чындзытæ, уарзон адæймагыл æмæ йæ фæхæссæм уæлæ уæлмæрдтæм. Цард дæр бæргæ у даргъ, фæлæ дæуæн разынд хæрз цыбыр. Ныр-ма нæм ракæс, ракæс дæ цæстæй. Афтæ куы фæзæгъынц, мард ма, дам, æртæ хатты куы ракæсы уæлсынтæй. Уастæн, уый зæгъæг мардау æрцæуæд ныгæд дæлиау».

— Уæ, мæгуыр мæ бон фæуæд, — дзуры уæд мард дæр йæ чырынæй, — ныр мыл куы кодтат мæрдон марой, уæд фенхъæлдтон, хъæлдзæг кафтæй мыл цин кæнут, уарзон æмгæрттæ. Куы мыл æрæвæрдтат мæ фидар чырыны дуæрттæ æнгом, уæд æз фенхъæлдтон, мæ цардæмбал у. Мæн арф ингæны куы нывæрдтат, уæд æй фембæрстон — нал дæн, нал, цардæй æрцыдтæн хицæнгонд.

Лæппу хонæг фæзылд йæ адæмтыл, сисон, загъта, æз мæ саутæ. Раст Хобамæ куыд хæццæ кодта, афтæ дон тынгæй-тынгдæр ивылд. Иуæй бæх дæр сираг уыди, адæмæн ардæн баззади, цъиуау тæхгæ кодта, бæхау та уайгæ.

Уалынмæ барæджы æваст фæуæлгоммæ кодта ивылд дон, раст æй аласта дæлæ фæзилæнмæ. Иу дзырдæй, Уарцъегомы иу ран хуыдтой Фæзилæн, аннæ ран та хуыдтой Худисæн, æмæ кæд разынд барæгæн æд бæх удисæн.

Фæдисонтæ сонтæй-сонтдæрмæ фесты.

— Уæууа, ацы барæг куы фæмарди! Ныр ма йæ мад æмæ йæ фыд куыд уыдзысты, ацы иунæгæн куы кодтой фæллой, уæд фыдæбон, каркау куыстой ныхбынæй, галау та куыстой уæхскæй-уæхскуæзæй.

Раластой лæппуйæн йæ мард. Де знаг куы бакастаид ахæм мад æмæ фыдмæ. Фыд-иу мадмæ бадодой кодта:

— Ныр цы уыдзынæ, чи ма дæ баныгæндзæн?

— Уæ, цыфыддæр дæ сæр фæуæд, мæ лæджы хай, нæ арвы хай ныл уый тыххæй куы кодта кæугæ! Уæдæ цæмæн уарыд æртæ боны, донау куы калди арвæй уырдыгмæ. Ныр уæд скъахæм нæхицæн цæрдудæй ингæнтæ, уадз æмæ æрцæуæм иумæ ныгæд!

Уыйадыл раздæр мад фæмард зæрдæдзæфæй, нал сулæфыд.

Лæппуйы уæлсынтыл куы æрæвæрдтой, уæд мæнæ хуры фыртау мидбылты худæгау кодта. Æвæццæгæн, загъта: «Мæнæй раздæр фæцыд саурæсугъд, ныр мæм æрбацыд — „Цæуæм, мæ сæры хицау, цæрынмæ“». Фæлæ ма уæд мад æмæ фыды дæр кæмæн уадзæм, кæцы æрлæудзæн сæ зыны уæд сæ разы лæппуйау, кæнæ сын кæцы балæггад кæндзæн се ’нæбоны уæд чындзау? Уæ, бецау, фæуæд æлгъыст сæ бон дæр, фæуæд, бецау, сæ æхсæв дæр.

Фæмард та аннæ зæронд дæр — æваст фæци сæ цард сæ кæстæрты тæссæй. Иумæ ныгæд æрцыдысты уарзон бинонтæ».

Къоста сæ касти цæстысыг калгæ. Уыцы заманты-иу кæд фыстой мардæн бæлвырдæй йæ хабæрттæ. Адæймаг амард, уæд цæмæй амард, уыдон-иу кодтой фысгæ, æмæ-иу сыл хъуамæ сауджынтæ саргъуыдтаиккой æмæ сæ афтæмæй æвæрдтой мардæн йæ ингæны, йæ хабæрттæ иууылдæр, адæмимæ куыд царди. Кæд хорз лæг уыдаид, адæмты нæ хъыгдардта, кæнæ кæд æвзæргæнæг уыдаид, давæг, адæмæн знаггæдтæ кодта. Иу дзырдæй, дам-иу, мæрдты æгъдаумæ гæсгæ хъуыдысты, цæмæй сын мæрдты бæсты уыдаид бынæттæ. Кæд хорз уыдаид, уæд ын уæлион адæмæй ис хорз бынат раттыны бар. Кæд уыдаид æнæтæригъæд, уæд ын мæрдты бæсты уыдаид æнæмæнг дзæнæт. Кæннод, дам-иу, раст адæмæй бирæты зындонмæ барвыстой æмæ уым удхарæй мардысты. Уæдæ, дам-иу, йæ уæлион царды мидæг галиудзинæдтæ чи кодта, уыдоны та, дам-иу, рæстыты бынæттæм барвыстой. Цæвиттон, мæрдты æгъдаумæ гæсгæ, дзæнæтмæ тынгдæр æмбæлы, æнæмоймæдзыд чызджытæн сыгъдæг бынæттæ куыд уа, афтæ. Сывæллæттæй чи бацыдаид мæрдтæм, уыдонæй йæ мад, йæ фыд кæмæн куыд цардысты, кæимæ уыд йæ мыггаг, йæ фыд кæй хæрæфырт уыди, уæдæ йæ мад дæр афтæ. Авд фыдыивдмæ хъуамæ фыст уыдаиккой бæлвырдæй.

Диссаг уыд ног чындзмæ бакæсын, хуры чызгау кæд кодта худгæ, мæтæй мард — йæ бинонтæ кæд фесты иууылдæр йæхирдыгæй, уæд худын дæр цас диссаг уыд? Иннæ ахæм лæппу дæр ныссих йæхицæй — рахицæн бынтон уæлион цардæй, нал æхсайы йæ зæрдæ йæ мад, йæ фыдмæ, сæ цин, сæ зын дæр кæй уыдзæн йæ разы.

Къоста сын фæци сæ фыстæг каст æмæ сын æй фæстæмæ уыцы бæлвырдæй сæвæрдта. Ныгæд та æрцыдысты, куыд æмбæлд, афтæ.

Нары фæсивæд кæрæдзийæн диссагæн дзырдтой:

— Ахæм æлдарæн уæлæмæ йæ зæппадзæй æппындæр ницы зынд, цæмæн афтæ хъуамæ уыдаид? Къоста, ды фендджындæр лæппу дæ, хъуамæ йæ зонай.

Къоста афтæ зæгъы:

— Ма уæм кæсæд диссаг. Адæмтæй бирæ ис мæрдкъахтæ, æмæ мардмæ исты хæзна куы вæййы, уæд æй скъахынц æмæ йын йæ хæзнатæ сисынц, мардæй фæхъазынц. Адæм сæм ницы кæсынц æмæ сæ æфсæрмы дæр нæ кæнынц. Хъуамæ адæймаг кæна алцæмæй дæр æфсæрмы, æфсарм та алы ран дæр кæны хъæугæ. Кæдæмфæнды дæр ма фæцу — де ’фсарм хъуамæ уа демæ. Уæдæ уæртæ искæдæм ацыдтæ æмæ де ’фсарм искуы фæндагыл ныууадзай, уый раст нæу. Цы бæстæм, цы адæмтæм фæцæуай, уырдæм хъуамæ фæхæссай дæ уæздандзинад, дæ æфсарм демæ. Хъуамæ кæм цæуай, кæм лæууай, уым дæ лæуды дæр уа кад æмæ дæ ацыд, де ’рбацыды дæр. Цард царды хуызæн уæд уыдзæн, кæннод цæрæн алы хуызы дæр ис.

X

Иуæй-иу ахуыргонд лæг чиныджы цы хорз кæнæ диссаджы хабæрттæ бакæсы, уыдон дзургæ дæр нæ ракæны, фæлæ-иу Къоста æдзухдæр хъæрæй касти чиныджы.

Къоста афтæ дзураг уыди:

— Иунæгæй хæринаг куы хæрай, уæд хæринаг хæринаджы ад дæр нæ кæны. Уæдæ сусæгæй чиныджы дæр ма кæс. Уадз æмæ дæм чиныджы кæсгæйæ кæстæртæ хъусой, уыдон дæр дзы исты бамбарой.

Къоста-иу чиныг йæ къухмæ куы райста, уæд-иу Нарыхъæуы лæппутæ æмæ чызджытæ йæ алыварс абадтысты. Сæ кæрæдзийæн-иу фæдзæхстой:

— Хъæрæй уæ мачи ныхас кæнæд, хъусын нæ куыд уадзат, афтæ. Куыддæр иу сыбыртт дæр искæмæй фехъусæм, афтæ сар йæ сæр кæндзæн. Мах чиныгмæ хъусын фæнды.

Иу хатт Къоста Уæллаг Нарыхъæуы комкоммæ бады нæзы бæласы бын. Бон куыддæр йæхи ивынмæ февнæлдта æвиппайды. Хур мигъты чъылдыммæ йæ рухс цæсгом бааууон кодта.

Чызджытæ-иу æй зонгæ кодтой: Къоста асæст бон нæзы бæласы бынмæ куы фæбады, уæд æдзухдæр ныккæнды бадæджы зарæг фæкæны. Хъуамæ та афонмæ райдыдта зарын. Тагъд кæнынц:

— Хъæдмæ нæ гыркъотæ уидзынмæ дæр цæуын хъæуы. Бæласы аууонæй йæм фаг фæхъусдзыстæм. Уæдæ йæм комкоммæ та уæд цы цæсгомæй бацæуæм? Йæ зарæг та фæуадздзæн. Æдзухдæр афтæ фæкæны, уымæн æмæ йæм стыр чызджыты зæрдæ кæуын фæагуры. Фæлæ мах нæхæдæг сусæгæй ацæуæм, стыр чызджытæй нæ куыд ничи фена. Нæ фæстæ та хъæргæнгæ цæуынмæ фæуыдзысты: «Æнæнтыстытæ фæуат, кæдæм та рараст кодтат уæ къæссатимæ?» Цыма нын хъæды гыркъотæ хæлæг фæкæнынц, уый хуызæн сæ нæ къæссаты мæт бацæуы. Мах дæр нæ мадæлтæ æрвитгæ уымæн ракæнынц, æмæ сæ артаг фæхъæуы. Хъæд рагæй нал федтам? Фæлæ нæ нæ мадæлтæ уымæн рарвитынц, æмæ мах дæр ныр цумахъом стæм.

Чызджытæ сæхицæн ныхасгæнгæ куыд цæуынц, афтæ уæлæ Къоста Нарыхъæуы хъугоммæ куыддæр тарстхуызæй кæсы.

Чызджытæ дæр акастысты æмæ уалæ хорди æрцæуы.

Къоста йæ чиныг дæр нал рахаста, фæлæ йæ бæласы мæрайы бавæрдта:

— Æллæх, уæлæ Нары хъугомыл хорди æрцæуы æмæ хæрзбын бакæндзæн.

Къоста хуссарварсмæ цæуынмæ фæци, къæпи æмæ фыййаг йæ æккойы акодта. Хордийæн йæ фæндаг иннæрдæм кæны. Чызджытæм хъæр кæны:

— Ацæут, чызджытæ, фæстæмæ, мæнæ уæ, мыййаг, хорди куы рацахса. Уалæ лæппутæм фæдзурут, Къоста уæм сиды, зæгъгæ.

Лæппутæй хъомылдæртæ кæцытæ уыдысты, уыдонæн дæр фыййæгтæ æмæ къæпитæ рахæссын кодта.

— Мæнæ уæ иутæ цæндæй дуртæ хæссæд тагъд, аннæтæ та мæнæ æз куыд къахын зæхх, афтæ къахут, хоры хуымтыл йæ фæндаг куыд нæ ракæна. Кæннод уæ гуыбынтæ æххормагæй баззайдзысты уазал хъызт зымæджы. Мæнæ замманайы хъæдуры хуымтæ æмæ мæнæуыл йæ фæндаг куы ракодта. Ахæм ма диссаг уыдзæн — уарынæн, гъа, гæнæн нæй, фæлæ зæхх уымæл дæр куы нæма уыди, уæд ацы æнамонд бæстæсафæн хорди кæцæй рацыди? Бæлвырд, уæлæ Сынайы цъымарайæ раивылди.

Мæлæты рæвдз дæр æм фæлæууыд æмæ йæ хоры хуымтыл цæуын нал æруагъта. Кæм къахгæ кодтой, кæм та дуртæ æвæрдтой йæ рацæуæн фæндагыл, хуымтæй йæ иуварс здæхтой.

Къоста хордийы фæндаг хъахъхъæдта æмæ та-иу куы æрцæйцыди, уæд-иу лæппутæм фæйнæрдæм фæхъæр кодта:

— Рæвдздæр, мæ хуртæ! Уæ фыдæлтæ уæртæ хосгæрсты уæззау куыстытæ кæнынц, ацы ран та сын сæ хъугомыл цъымарайы хорди рафæндаг кодта. Хорз уыди æмæ знон Джинатмæ нал ацыдтæн. Иугæр куы ацыдаин, уæд ацы æнамонд хорди рапырх уыдаид æмæ бæстæ мæгуырдзинадæй фесæфтаид. Замманайы зад хуымтæ, уыцы хæрзкуыст дæр сты, сæ бынты рухс кæлы, иу кæрдæджы мыггаг дæр дзы нал ныууагътой. Ацы хатт дзы халоны хъæдур дæр хæснагæн ничи фендзæн, кæнæ згъæллаг. Уæдæ мæнтæгæн йæ хъæр, йæ кой Нарыхъæуы хъугомы нал ис, цыма йæ мæнæ судзгæ бакодтой. Мæнтæг тынгдæр мæнæумæ æмхиц у. Хъæбæрхоры афтæ нæ хъыгдары, фæлæ мæнæу æмæ фæззыгæндæн марг у. Къæбер-иу нæ, мæгуырæг, — рухсаг уæд — мæнтæг сыгъдæг кæныныл бафтыдта.

Лæппутæ уæд афтæ зæгъынц:

— Махæн дæр-иу куы зæгъой, уæд-иу мах дæр кусдзыстæм.

— Сымах дæр хорз лæппутæ стут, мæнæ уæ хортæ сæфын нæ бауагътат. Алы хатт дæр-иу афтæ кусут æмæ сæрды даргъ бонты æххормаг ма уат.

Уæд лæппутæ афтæ зæгъынц:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.