Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 7 страница



IX

Æхсæзæм бон фæкъæвда кодта, арв къыбар-къыбур кæнынмæ фæци, кæмдæр хæрз хæстæг æрцавта.

Къоста æмæ йæ æмбæлттæ бадтысты Нарыхъæуы уыцы æмбырдæй æмæ зарынц, фæндырмæ хъырнынц.

— Уарæд: уый æдде, мах мидæгæй. Мæнæ нард фынгтыл минас кæнæм хæларæй; хæрзад хойрагæй, уæд нозтæй — сæ цард бирæ уæд хуынтæ æрхæсджытæн дæр æмæ фысымты æфсинтæн дæр.

Иуане дзагдарæн диссаг уыди: раст-иу фæндзгай нуазæнтæй хынцта уазджыты, майдыма-иу дзы ферох уа — алкæмæн номæй-номмæ лæвæрдта, уыйбæрц бæркад йæ къухы дæр куыд уыди? Хъазын æмæ худынмæ та Иуанейы кæцы æййæфта! Фæлхатæг ныхасмæ та уæд Иуанейæ дæсныдæр кæцы уыди. Къоста дæр хъæлдзæг ныхæстæ кæны:

— Уæ Иуане, ды мæ куывды дзагдарæй хорз фæхынцтай уазæгæй уæд, раззагæй, фысымæй, хæрæфыртæй. Æз дæр бæззын дзагдарæн, уæдæ бæркадæй дæр цух, мыййаг, нæ уыдзынæн, æмæ дæ чындзæхсæвы æз лæудзынæн дзагдар.

— Уый дын загъдæуа, уый, мæ æфсымæр: дæ разæй Иуане саг-сæгуыт нæ фехсдзæн. Мæхæдæг та чындзæхсæвмæ дæр мæхи бацæттæ кæндзынæн. Ныр фæндзгай нуазæнтæй фæхынцтон, фæлæ дæ чындзæхсæвы æз дæсгай нуазæнтæй къаддæрæй нæ фæхынцдзынæн, майдыма, исчи уæд мæнæй рахъаст кæндзæн: «Иуане дзагдарæн нæ бæззы». Хъуамæ мæ кæной æппæлгæ.

Худынц. Хъæлдзæг уыд сæ бадт.

Къæвда дæр банцад, фæлæ уаргæ тынг ракодта, азмæлæнтæ нал уыд, бæстæ ивылд дон фестад. Рагон хуыскъ æрхытæ дæр та сæ хъæлæсæй калдысты. Акæс, уæд доны култæй фезмæлæнтæ дæр нал æмæ нал уыди.

Уæлыгæстæ сæ уæрыччыты нæзы бæлæсты бынмæ батардтой. Фæлæ къæвда куы банцад, уæд кæсынц арвы цæфтæм æмæ раст уæлмæрды астæу арф ныххауд. Хъæр кæнынц:

— Мачи бацæуæд уырдæм хæстæг, исчи дзы куы ныххауа, уæд йæ кой, йæ хъæр дæр нал фæзындзæн.

Нарыхъæумæ дæр хъæр кæнынц:

— Мæнæ уæлмæрдтæ арв æрцавта æмæ дæлиау ныххаудысты, æрмæст ма дзы мæнæ иу ранæй цавæрдæр чырынгонд зыны.

— Диссаг, уæдæ уый цавæр хабар уыдзæн? Кæд сайгæ, мыййаг, кæнынц?

— Нæ, сайгæ нæ кæнынц — арв хæстæг ран æрцавта. Искæд дæр ма арв уæлмæрдты æрцæвы?

Гуыбиан кæм ныгæд уыди, арвыцæф хæстæгдæр уырдæм æрæййæфта. Къостайы зæрдæ уайтагъд фехсайдта: «Æллæх, кæд Дада æмæ мæ мад Гуыбианы æрцавта». Хъуыдыгæнгæйæ аззади. Уæд æм Иуане комкоммæ бакасти:

— Цы кæныс, Къоста, цæуыл æрæнкъард дæ? Дæ хуыз дæр дæхимæ нал ис. Кæд дæм, мыййаг, хуыссын цæуы, уæд уал дæхи æруадз. Дысон-бонмæ кæм уырдыг лæугæйæ, кæм цырæгътæ схъауынмæ фест-фестæй бафæлладаис.

Къоста афтæ:

— Ауай уал, Иуане, дæлæ уæлыгæстæ хъæр æмæ ахст систой, базон æй, цы хабар у, кæд нæ зивæг кæныс, уæд.

— Ау, Къоста, Иуане нырма зæронд куы нæма у, уæд куыд хъуамæ ма ауайон? Искæд мæм, мыййаг, дæ зæрдæ истæмæй фехсайдта, Иуанейы иу ранмæ æрвыстон æмæ мын фæзивæг кодта, зæгъгæ?

— Уæдæ куыд зæгъынмæ хъавыс — æфсымæр дæ, æфсымæр.

— Цæуын, уæдæ, æз, уæлыгæстæ цæуыл хъæр кæнынц, уый рабæрæг кæнон. Сар мын сæ сæртæ кæндзысты, кæд сайгæ кæной, уæд. Кæд исты хабар уа, уæд-иу цæугæ æркæнон æви-иу дæм хъæр æркæнон?

— Хъæр-иу æркæн, цы дыууæрдæм рацу-бацу кæныс ацы уымæл боны.

Иуане рацыди. Иу цасдæры фæстæ æцæгдæр æрхъæр кодта:

— Уæ Къоста, мæнæ диссагмæ рауай! Раст кувæндонæн йæ хæд фæсчъылдыммæ æрцавта æмæ дзы иу мусуаты бæрц бынмæ ныйиста. Дыууæ зæппадзыл уал дзы мæ цæст æрхæцыди, фæлæ рауай, дæ мады ингæнæн ма тæрс, уæдæ иннæтæй дæр никæй ингæнмæ бахæццæ.

Къостайы зæрдæ йæ фыды фыды зæппадзмæ æхсайдта, мадмæ дæр, уæдæ сæм Къæбер дæр хæстæг ныгæд уыди. Хъæбæр мæт кодта, уымæн æмæ-иу къæвдаты æнæ арвы æрцæфæй дæр арæх ралæбыраг уыдысты уæлмæрдтæ æмæ-иу сæ уæд дыккаг ныгæд хъуыди. Цæвиттон-иу хъуамæ Нары фæсивæд æрбамбырд уыдаиккой æмæ сын-иу кусарт акодтой, кæйфæнды мард дæр-иу ма ралæбырдаид. Уымæн æмæ дæрддаг хъæутæй дæр Нары уæлмæрдтæм хæссаг уыдысты. Мард Нарыхъæуы уæлмæрды ныгæд æрцыд, уæд-иу зианджынæн афтæ æхсызгон уыд, цыма йæ мард æгас раци. Зианджын-иу йæ сæр бæрзонд хаста: «Мæ мардæн хорз кад лæвæрд æрцыди — уæртæ йæ Нарыхъæуы уæлмæрды баныгæдтон». Дæрддаг хъæутæй-иу йæ марды ингæнмæ æрцæуыны фадат кæмæн нæ уыди, уыдонæн-иу Нары цæрæг адæмтæ базылдысты сæ уæлмæрдмæ, тынг сыгъдæг æй дардтой. Какон сындз-иу дзы, мыййаг, куы æрзади, кæнæ кæркæхсæлы, уæд-иу сæ бындзарæй къахтой, цæмæй мыггаг дардыл ма ауадза æмæ ма сбирæ уа. Уæдæ-иу уаллзæг куы ралæууыд, уæд-иу сыгъдæг кæнынмæ фесты Нарыхъæуы чызджытæ алкæй уæлмæрд дæр. Къоста æрбацæудзæн, зæгъгæ-иу куы фехъуыстой, уæд-иу цырд февнæлдтой: «Нæ уæлмæрд нын æнæзылдæй ма æрбаййафа, мыййаг ын хъыг куы уа». Фыццаг-иу Гуыбианы уæлмæрдмæ азылдысты, кæд-иу ингæныл уæлдай кæрдæг уыдис, уæд-иу сæ æртындтытæ кодтой. Хъæбæр рæсугъд ран дæр уыдис Нары уæлмæрд, мæнæ йæ цыма æрдз барæй аразгæ скодта рæсугъдæн: мард мæгуыр у, æмæ уадз æмæ рæсугъд раны йæ уæлмæрд уа. Нарыхъæуы уæлмæрд мæнæ раст чырыны хуызæн у — фидар ран, нæ йæ дон бахъыгдардзæн, цыфæнды ивылдæй куы рацæуа, уæддæр, фидар къæдзæхыл бæрзонд æвæрд кæй у, уый тыххæй; уæдæ зымæг дæр мит цыфæнды уард куы ракæна, уæддæр ын зæйæ аласынæй тас нæу. Дæсны æмæ зондджын лæджы æрхъуыды уыди. Иу фæзраны куы уыдаид, уæд æй дон раджы аластаид æмæ йæ кой, йæ хъæр дæр нал фæзындаид: кæцæй кæдæм бæстæйæ фæзтыл анхъæвзы Захъагомы æрра дон дæр æмæ Нарыхъæуæн йæхи ивылд дон дæр. Иугæр Лиайы æнусон стыр цъититыл къæвдайы дон уарын куы райдайы, уæд рагон цъититæ кæм хаугæ ракæнынц, кæм та фæйнæрдæм пырх дæр ныввæйынц æмæ дон уæд хъæлæсыдзагæй фæйнæрдæм апарахат вæййы. Ахæм гыбар-гыбурæй фæцæуы, æмæ кæмттæ байдзаг вæййынц ивылд лакъон донæй. Ноджы ма хæлæн къæдзæхтæ къæртгай кæмттæм фæхауынц æмæ раст хæдзары йас дуртæ дон уыцы рогæн куы рацæйласы, уæд адæймаджы зæрдæ йæхи къултыл ныххойы:

— Дæдæдæй, Лиайы ивылд донмæ ныккæсынæй ма уæдæ бæллæхдæр цы уыдзæни, нæ зонын. Уыйас стыр дуртæ чи ласы, уый нæ афтæмæй куыд ныууадздзæн, нæ зонын. Дæдæдæй, уыцы ивылд доны чи ныххауа, уый доныкъусы сæфтæй ма фесæфа. Бирæ хæдзардарæгты фесæфта æмæ ма фесафдзæн, бирæ цæрынхъуаг сабиты тæригъæды бацыди. Уæууау, бын бауай, кæд кæдæм размæ тындзыс æмæ бынтондæр адæмы демæ ласинаг нæ дæ! Доны бон бирæ у хорздзинадырдæм дæр æмæ фыдырдæм дæр.

— Хорздзинадæй та уæд кæмæн цы сарæзта дон? Искæмæн хуымтæ бакодта, кæнæ искæмæн хос æркарста? Адæмæй кæмæн йæ хъуг ласы, кæмæн йæ фосдарæн бырутæ пырх кæны, кæмæн уæд йæ хæдзармæ дæр бакæлы, æмæ адæмтæ донæй æмризæджы ризынц. Кæнæ йæ хæдзардарæджы кæмæн аласта, уымæн дон цы хорздзинæдтæ сарæзта, кæнæ йæ рæзгæ сабийы?

— Уый дæр афтæ у, фæлæ ма иу тæвд бон æнæ дон баназгæ фæу, кæддæра бафæразис. Кæнæ кæрдзынтæ цæмæй скæнис? Уæдæ адæмæн дон сæ ирвæзынгæнæг дæр у æмæ сæ сафæг дæр. Æнæ донæй цæрæн нæй. Мæнæ иу чысыл дæр адæймагæн йæ зæрдæ куы срисса, уæд-иу дон куы нæ ахуыпп кæнид, уæд ма сулæфын дæр бафæразид? Бæгуы, зæрдæ артау куы ссудзы, уæд æй дон ауазал кæны æмæ фервæзы мæлæтæй. Кæнæ ме ’нæуарзонæн дæр макуы ссудзæд йæ хæдзар. Дон æй куы нæ ахуыссын кæнид, уæд-иу цæмæй хъуамæ ахуыссид, æмæ æппæт хæдзæрттæ дæр саусыгъд нæ бакæниккой фосæй дæр æмæ адæмæй дæр? Дон, зынг, хойраг, хъæд, дам, фæбыцæу сты æмæ, дам, кæрдзын афтæ: «Бæстыл мæнæй æхсызгондæр адæмæн уæд кæцы у? Æз куы нæ уон, уæд адæм иууылдæр нæ цæриккой, амæликкой æххормагæй». Уæд, дам, дон худæгæй бакъæцæл æмæ афтæ зæгъы: «Уый дæр афтæ у, æнæ кæрдзынæй йæ бон кæмæн бауыдзæн цæрын, фæлæ æз куы нæ уаин, уæд кæрдзын дæр цæмæй скæнис æмæ дон куы нæ баназай, уæд дæ бон куыд бауыдзæн цæрын?» Уæд сæм зынг худы æмæ дзуры: «Цы диссаджы хорз ныхæстæ кæнут, тæхуды уæ къона фæуæд — хъусынæй уæм не ’фсæдын, фæлæ дзы мæ кой куы нæ ис. Ныр зынг куы нæ уаид, уæд хæринаг цæуыл сфыциккат?» Уæд та хъæд дæр дзуры: «Уæдæ мæ кой, мæ хъæр уæ ныхасы дæр куы нæ ис. Уæ хорзæхæй, æз куы нæ уаин, уæд арт та цæмæй скæниккат?» Абон дæр ма се ’хсæн цæуы быцæу, нæй сын бафидауæн, уымæн æмæ æнæ сæ кæрæдзийæ сæ бон цæрын дæр нæу æмæ исты саразын дæр.

Иуане Уæллаг Нарыхъæумæ куы æрхъæр кодта, уæд æм фæцыдысты Къоста æмæ иу къорд лæппуйы.

— Мæнæ диссаг, æцæгдæр куы æрцавта арв уæлмæрдты иу мусуат. Æвæццæгæн, загъта: «Нарæн ссарон, кæй æрнæг баззади цæрынæн. Рабæрæг уыдзæн ныртæккæ. Сисут зæппадзæй чырын, уым уыдзæн диссæгтæ уынынмæ дæр, диссæгтæ кæсынмæ дæр».

Къоста бирæ зыдта æвзæгтæ, суанг ма кæд зыдта бердзенаг æвзаг дæр. Райдыдтой мусуаты бынмæ кæсынтæ.

— Рахæссут къахæнтæ æмæ райдайæм къахын бындæр, æркæсæм бæстондæр.

Мусуатæй дарддæр цæвынмæ нæ авнæлдта арв дæр йæ судзгæ рæхысæй — дудгæ фæбадæнт мæрдтæ! Калынц сыджыт. Систой иу мардæн йæ чырын. Чырын уыди æдде фидар лакъонæй сæрст. Лакъон ахæм фидар уыд æмæ мæнæ афтæ кæй фæзæгъынц — топпы нæмыг дзы нæ хизы, кæнæ йæ фæринк кард нæ кæрды.

— Рагон мард у. Ацы чырыны цы ис, уый рабæрæг хъæуы æмæ йын фæстæмæ ног ингæн скъахын хъæуы. Дудгæ фæбадæд — мард куы у, уæд ма йæ йæ арв дæр цæмæн æрцавта?

Кæд уыди йæ чырын цæнгæтæй, цæнгæтмæ та арвы цæвын хæстæгдæр цæуы. Æрдæгæй уæлæмæ уыд авгæй рæсугъд арæзт. Бакодтой чырынæн йæ дуар. Диссаг уыд уырдæм ныккæсын кæд уыд сæ фыд дæр семæ ныгæд авд лæппуйæн. Сæ нывæрзæны та разынд чытапп[23] бердзенагау. Кæсын æй райдыдта Къоста.

— Æлдар уыд авд лæппуйы фыд. Куы марди фыд, уæд йæ фырттæн фæдзæхста: «Уадзын æз сымахæн сыгъдæг сызгъæрин тынтæ. Мæгуыр уыдзæн сымахæн мæ фæстæ уæ бон. Кæд æлдар уыдис уæ фыд, нал ис æлдарæн уæд æмгар — мард фесты, фæци сæ æнус. Æнус куы фæвæййы, уæд нæй æнусæй фылдæр цæрынæн — цардæн ис афонтæ».

Алы ныхас дæр уыд бæстон фыст, рæсугъд æмæ фидарæй. Æлдарæн уыд йæ худ сыгъдæг сызгъæринæй, хурау калдта тæмæнтæ, цæстытæ йæм нæ лæууыдысты. Къоста кæсы, æмæ иннæ лæппутæ хъусынц.

Сæ фыды худ, æлдары худ, фырттæн уыд уаринаг. Авд лæппуйæн сæ фендæй диссагдæр ма уæд цы уыдаид, мæнæ цыма фынæй сты, афтæ уыдысты, удæгасæй хорзæй никæй ауагътаиккой. Сæ конд æмæ сæ уындмæ гæсгæ уыд сæ бакаст, сæ фенд, раст зæрдæйы дуар гом кодтой. Домбай у, домбай, сыджыт дæр, уымæн æппæлы æдзух йæхицæй: «Чи у лæг, чи у сылгоймаг — кæд цæуынц цæрынмæ мæнæ мæнмæ, сегасæй мæхæдæг дæн фæлмæндæр, лæгдæр кæй дæн, уый уæ рох ма уæд, мæ хуртæ». Ацы авд фыртæн уæд сæ мад дæр кæд уыди сæ разы ныгæд. Бæрæг уыди йæ бакастæй — уыд æлдары ус цардæй фаг æфсæст. Кæддæр-уæддæр чи æрцыд, ахæм мæрддзæгтæ — зынаргъ камарийæ, цонгдарæнæй, зынаргъ æргъæвæг æргъæуæй, йæ хъуырыл — цыкурайы фæрдгуытæ; ноджы диссагдæр уыд йæ хъуырыл конд дзуар, уыд йæ дин чырыстон динмæ дæр дард æмæ пысылмон динмæ дæр, сæ ингæн та уыд чырыстон динæй фаг рæвдыд. Авд лæппуйы мад æнæнымад дæр цæмæн уыдаид йæ уарзон адæмтæй. Гъæйтт цардæй цардысты, сой нызтой донау, дзул мыды тылдтой. Сæ разы нæзы хъæд дæр уыд, фæлæ нæзы цырагъæй цы кодтой, уыд сыгъдæг мыдадз сæ рухсаг. Уыд æлдарæн номы кады аргъуан чысыл уæлдæр. Иу дзырдæй, нæ уыд уыцы æлдарæй лæгдæр бердзенмæ. Ном дæр амоны лæджы кадмæ: Нартубыр — нæмттæн сæ хуыздæр. Хуымæтæджы лæгæн ахæм ном сæвæрынæн кæд чи лæвæрдта бар дæр? Хъапре дæр уыд уыцы æлдарæн æфсымæр. Джере дæр уыдонæй уыд.

Уæдæ ацы æлдарæн йæ фырттæ цæмæн уыдысты æнæустытæ æмæ мæрдтæм дæр æрцыдысты усгур лæппутæй. Уымæн æмæ агуырдта сæ фыд ахæм-ахæм æлдар, кæцы æлдарæн уыдаид авд чызджы нымадæй. Уæдæ кондæй адæмæн ардæн куыд уыдаид сæ конд. Уæдæ æлдар дæр мæгуырау лæгæй цæй æлдар хъуамæ уыдаид. Æмсæр æлдар агуырдта авд лæппуйы фыд.

Бердзены бæстæм фæцыд авд лæппуйы фыд. Æрцыд æмæ æрхаста йæ фырттæм хорз хабар, кæй ссардта ахæм чызджытæ, уынд æмæ кондæй дæр адæмæн нард æмæ уард кæй хуыдтой. Авд лæппуйы фыд æлдар йæ усæн йæ хабæрттæ кодта цингæнгæ:

— Дæ бонæй уай, мæ æфсин, авд чындзæн цы хъæуы æгъдауæн, уый куы зонис, уæд фыр цинæй цы кæнис, цы? Мæнæ кæй агуырдтон, ахæмтыл фембæлдтæн.

Уыд нымад æлдарæн алцы дæр бæргæ, фæлæ ма йæ сæр не ’рцахста, — сылгоймаг у мастæн лæмæгъдæр, уæдæ цинæн дæр афтæ. Æлдары ус уæд фыр цинæй нал кодта кæд фынæй дæр. Раст мæйæ фылдæр нал уыд йе фынæй, йе цæрæг адæмæй. Фыр цинæй иугæр хуыссæг куы фæлыгъд, хæринаг дæр ма уæд зæрдæ агуырдта бæгуы?

— Цы кæныс, куы ныффæлурс дæ, æфсин? Сис хæринаг, цы дæ зæрдæ агуры.

Мæнæуы дзæрна мыдимæ рагæй-æрæгмæ дæр бердзенæн сæ хуыздæр минасыл уыд нымад. Ноджы ма йыл ныккæнынц æнгузтæ — уадз æмæ ноджы хæрзаддæр уа.

— Уæ нæ лæг, нал цæуы хъуыры.

— Аназ ронг дæр — хос у. Ноджы рогдæр уыдзæн де уæнг дæр.

Усæн фæлыгъд йæ хуыссæг, нал æрцыд æмгæрон. Уæуу, дæдæй, мæлынæн кæй хъуыд æфсон. Низæй йæ уæнджы дæр ницы уыд æппындæр.

— Хуыссæг та уæд цæмæн хъæуы? — Худæг æм смидæг.

Иу зæронд ус, дам, афтæ зæгъы:

— Хуыссæг сæрæй куы ахицæн уа, уæд цардæмбис кæны адæймаг.

Æлдары усмæ диссаг фæкаст æмæ ма фыр цинæй хъæлæсыдзагæй дæр бакъæцæл, йæ худæг нал уыд бауромын йæ бон æмæ фæмард. Ой, куыд зын уыд æлдарæн — æмкъайы мард хъæбулы мардæй къаддæр кæд уыди рагæй-æрæгмæ дæр?

Ус ныгæд æрцыд. Фидар чырын дæр ын арæзт æрцыд цæнгæтæй æмæ æргъæуæй.

Нал уыд æлдар дæр йæ сæрæн. Зæрдæ риссын куы райдыдта, уæд загъта:

— Уæдæ ныр кæндзынæн, æвæццæгæн, мæлгæ дæр. Нæй æнæ æмкъай цæрæн дæр, у æнкъард цард, уæлдайдæр та лæг куы фæас уа, хæлд у уæд йæ цард æнæ усæй. Æлгъыст æй хонынц ахæм цард æнусмæ. Охх, мæ ус, цы фæдæ, кæм дæ — мæнæ куы мæлын, нал дæ уынын, нал, уæд цы кæнон, нæ зонын. Цæй, æрхæссон уал мæ фырттæн устытæ, скæнон мæ удæгасæй чындзæхсæвтæ.

Авд чындзæхсæвæн авд галы уыд нымадæй, иу цæдджинаг мæнæуы дзæрнайæ æвæрд, уыд æлдарæн йæ зæрды уырдæм дурыны мыд дæр бафтауын. Уыд йæ хæдзары алцыдæр, æнгузæй уæд, алцæмæй уæд. Иу дзырдæй, ронг дæр лæууыд цæттæйæ.

Уæдæ ма дзы уыди минасæн гогызы дзидза хуыздæрæн.

Æлдар куы бамбæрста, мæлæт йæ цардмæ кæй æрцыд, уæд фæдзырдта йæ фырттæм:

— Рауайут, мæ хъæбултæ, мæнæ уын цы зæгъон, уыдон бадарут уæ зæрдыл. Зынг зæгъынæй, мыййаг, ком нæ судзы. Уыд рагæй-æрæгмæ нæ бердзенмæ æгъдау. Мæнæ уын уыдзæн уæ фыдæй сызгъæрин худ лæварæн. Уæдæ ма дзы кæй уыдзæн ноджыдæр сыгъдæг сызгъæрин зынаргъ тынтæ, аргъгæнæг аргъ дæр кæмæн нæ кæны. Авд чындзаджы мæнæн æвзæрст æрцыдысты, кондæй раст къахæй-къухмæ уыдысты алцæмæй дæр хæрзконд. Майдыма, мæнæ иуæй-иу сылгоймагæн куы уа рихитæ лæгау, ма йæм бабæлл, лæппу, мыййаг, — фæуыдзæн додойаг дæ цард. Уæдæ иуæй-иу сылгоймагæн йæ къухтæ вæййынц хæрз фыдуынд, къæдзкъух чызг ме знагмæ æрхауæд. Даргъ фындз дæр ма йын куы уа, уæдæ йæ зæнгтæ дæр куы вæййынц æнæхæцъæф лыстæг — ма йæм бабæлл, æнæрцæф лæппу, нæ уарзы æлдар ахæм чындз — хæдзары у æнад. Уæдæ къæдзкъух куы кæна арынджы хыссæ дæр, уæд куыд тæнæг кæндзæн йæ лауаси — исты тулæнæй йæ тулдзæн. Нæ уарзы, нæ, рагон æлдар ахæм æнад чындз, кæй цæсты ахаддзæн, нæ зонын. Уæдæ йæ зонд дæр нæ уыдзæн æгъдауыл, иууыл уыдзæн галиу.

Фæци йæ ныхæстæ æлдар. Йæ ныхæстæ иууылдæр нымад æрцыдысты растыл. Мæлы æлдар, зæрдæ судзы цырын артау, агуры дон.

— Уæ мæ фырттæ, дон! Донæй мæ бафсадут!

Ронг ын бæргæ дæттынц, фæлæ йын нæ саста йæ дойны. Мæлæг рынчынæн рахастой дурыны уазал дон. Æлдар дзы фаг фæнуæзта æмæ загъта:

— Цæуын æз ныр сымахæй. Бæргæ у зын сымахæн, фæлæ æрцыд æлдарæн йæ мæлæт.

Æрлæууын кодта йæ фыртты хистæрæй кæстæрмæ.

— Охх, бæргæ нæ бафсæстæн уæ фæстæ кæсынæй; фехæлæнт уæд æлдарæн йæ фæрстæ. Хаст у æлдарæн йæ уд. Мæ ус куы марди, уæд æй федтон мæ цæстæй, кæй нал сбæздзынæн цæрынæн. Зын у удæмбалæй фæцух дæр, уæлдайдæр карджынæй. Ацу æмæ агур æмкъай дæр — нæу лæгæн кадæн дыккаг ус дæр, æгадæй та мæлæт уæд хуыздæр у.

Уыйадыл æлдар «уæуу, мæлын!» дæр нал загъта, æруазал. Æмбæрзт æрцыд хъуымацæй, сыгъдæг дарийæ.

Йæ фæстæ йæ авд лæппуйы ахъуыды кодтой æмæ загътой:

— Уæдæ нæ хорз фыды ныхæстæ мах хъуамæ сæххæст кæнæм, æнæ афтæ уæвæн æмæ амал нæй. Хъуамæ уал фæцæуæм, нæ фыд нын чызджытæ кæм ссардта, уырдæм, алчидæр йæ амонд хъуамæ базона. Куыддæр нæ фыдæн йæ афæдзы фæндараст сæххæст кæнæм, афтæ нæ чындзæхсæвты кой бакæндзыстæм.

Æфсымæртæ сæ ныхас куыд ахицæн кодтой, афтæ сæхи: рæвдз кодтой сæ фыды æвзæрст чызджытæ фенынмæ.

Сæ фыды худ райстой æмæ йыл тæрхон кæнынц:

— Уæдæ ацы худ кæмæн саккаг кæнæм? Нæ, фæлæ йæ бафæлварæм: куыдхистæрæй райдайæм, кæддæра нæ фыды худæй нæ фыды хуызæн кæцы у.

Хистæр лæппуйы уæлæ йæ æркодтой — æмæ раст йæ фыды хуызæн.

— Мæнæ нæ фыд райгас!

Уыйадыл хистæры кæстæры зæрдæ атыдта æмæ фæмард. Уæд иннæтæ дæр афтæ: авд æфсымæры уыцы иу бон ссардтой сæ мæлæт, ныгæд æрцыдысты Нарыхъæуы уæлмæрдты.

 

Цæвиттон, уыдысты Нартубыр, йæ фырттæ æмæ йæ ус.

Къоста сын скъахын кодта ингæнтæ. Фыстæг дæр фæстæмæ сæвæрдтой. Уæдæ дзаумæттæй дæр ницæмæ бавнæлдтой. Рагæй-æрæгмæ дæр Нармæ уыд ахæм æгъдæуттæ — мæнæ марды зынаргъ дзаумæттæм бавналæм — абабау! Ничи дзы ницæмæ бахæлæг кодта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.