Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 6 страница



Хетæгкатæ æмæ Гуыбатæ Къостайы куывды хъæбæр фæхылтæ сты. Къостайы мады ’рвадæлтæ сæхи дæр ныммæстджын кодтой æмæ Нарыхъæуы лæппуты дæр. Къоста кæдæмдæр ауад æмæ йæ æрбацыдмæ Гуыбатæ сæхицæй æгæр куы æппæлыдысты, уæд Гокк ай-уый нал фæкодта, фæлæ Гуыбатæй иуы сæрæн — хафт.

— Æ саубæрзæйтæ, сысджыхортæ, цы кæнут æмæ нæ мæнæ нæ уарзон адæмтыл цин кæнын уæд цæмæннæ уадзут?! Алы хатт дзæгъæл ныхас цы кæнут, саубæрзæй сысджыхортæ, быламыхъ æмæ тыппыронæй æндæр исты хæрут, уæ хойраг бахæрынмæ дæр куы нæ бæззы! Цы уæ хъæуы? Къоста кæй Къоста у? Уæдæ уæхимæ цæмæннæ гуыры Къостайы хуызæн лæппу, тыппыронхортæ?

Хъæр æмæ ахст, бæстæ лæбурдæй-лæбурдмæ цыди, иу иннæйы нал æмбæрста.

Гуыбатæ фæтæргай сты æмæ лидзынмæ фесты.

— Цæугæ кæнут æмæ нæ мæнæ нæ уарзон адæмтыл цин кæнын бауадзут. Кæсгæ-ма акæнут — ай бæрц дзыллæтæй уæд æфсæрмы дæр нæ кæнут? Сырдтæ не стут, гормæттæ, ардæм лæбурæг нæ рацыдыстут. Мæнæ ацы хорз бæркадæй уæд æфсæрмы дæр нæ кæнут?

Гуыбатæ иугæр Джерейы хурхмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм Нарыхъæуы зæронд лæгтæ ацыдысты æмæ сæ фæстæмæ раздæхтой:

— Хуыцауы хатырæй, зæххы хатырæй, уæ хæрæфырты хатырæй раздæхут — ай бæрц адæмтæн хъуамæ сымах кад æмæ æгъдау раттат.

— Уæ абырæг нæ хъæбæр бафхæрдта: алы фыдныхæстæ æмæ нын фыдфидистæ фæкодта. Йæ фыд дæр æмæ йæхæдæг дæр къæбæлæфцæг куы никæмæн ныууагътой, уæд цы фидистæ кæны? Мах кæд тыппырæттæ хæрæм, уæддæр нæхи фæллой хæрæм, искæй къæбæлæфцæгтæй, мыййаг, физонджытæ нæ фæкæнæм. Ныр æм уæд ничи кæсы, куыд фидистæ кæны. Уæллæй, ахæм фыдфидистæ уæд æрæджы ничи никæмæн дæр бакæндзæн.

— Кæй дзурут, уыдон мах хорз æмбарæм, фæлæ уæ курæм, æмæ фæстæмæ куыд раздæхат, афтæ. Мах æмæ сымахмæ адæм уæздан хуынтæ æрхастой. Къоста у, Гуыбатæ, уæ хæрæфырт, зонæм æй, махæн та у нæ лæппу, æмæ хъуамæ мах адæмæн уæздан зæгъæм абон, нæ куывд адæмы зæрдæмæ куыд фæцæуа, афтæ бакæнæм. Исчи давгæ кæны, кæнæ æндæр истытæ кæны, уыдон мах нæ хъæуынц. Мах цы хъæуы, уый саразæм, кæннод, дам, халон зиу ракодта, йæхæдæг уæлдур бабадт. Уый раст нæу, мæ хуртæ Гуыбатæ, уæздан адæм куы стут, уæд хъуамæ уæзданмæ уæздан æгъдæуттæ уа. Гокк дæр Хуыцауы дзæгъæлы не сдзырдта, фæлæ ныр ацы ран уыцы уæлдай ныхæстæ нæ хъæуынц.

Гуыбатæ фæстæмæ раздæхтысты.

Æфсинтæ фынгтыл хъармæй-хъарммæ æвæрдтой цæстуарзон минас. Хъазыбег къæдзæхы мидæмæ къаннæггомау уæрмытæ бакъахта æмæ сæ хорз арт бандзарын кодта. Уыцы заманты кодтой ирон артдзæстытæ æмæ цæхæры фыхтой фынджы бæркад. Фæлæ Хъазыбег федта кæмдæр ахæм зынгуæттæ æмæ-иу диссаджы хорз дæр афыхтысты уæлибæхæй дæр æмæ халыввæйæ дæр, уæдæ физонæгæй уæд, фыдджынæй. Мæлæты хорз чындзытæ дæр уыдысты Хетæгкаты æвзаргæ чындзытæ, цæттæ кодтой цæстуарзон минæстæ æмæ сæ хастой фынгтæм. Хъæбæр хорз ус уыди Хъазыбегæн, фендджын сылгоймаг, алырдæм дæр арæхсти. Хъугърион дзы куыннæ æппæлыдаид:

— Адæмы хуыздæр фæуай, лæппу замманайы сылгоймаг куыд ссардта. Æппын ын амонын ницы хъæуы, мæнæ раст æлхынцъытæ халæгау кæны алцыдæр. Иннæтæн дæр ма мын ахæм хорз сылгоймæгтæ куы фæуид, уæд Хъугърион йæ сæр ноджы бæрзонддæр бæргæ хæссид.

Къостайы куывд æмбисондæн баззади. Фондз бонмæ нæ рауагътой, куывдмæ дæрддаг хъæутæй чи æрбацыди, уыдоны, уæдæ хуынды лæгты дæр. Уазæгæн йæ мидæмæ æрбацыд йæхи бар вæййы, фæлæ йæ фæстæмæ фæцæуын та у фысымты бар.

Хъугърионмæ-иу уæлдай цæстуарзон минæстæ уыд. Уæдæ Къостайы куывдæн уыцы адджын минæстæ куыннæ саразын кодтаид. Сылгоймæгтæн сыгъдæг фысы цыхтæй стыр аг байдзаг кæнын кодта. Сылгоймагæн хъуамæ фынгыл уа ивæзгæ дзыкка.

Хетæгæн иу бердзенаг лæг дыууадæс къаннæг нуазæны балæвар кодта, сæ кæмттыл уыди сыгъдæг сызгъæрин нывæфтыдтæ æмæ-иу сæ куывды дæр æмæ чындзæхсæвы дæр Хъугърион сыгъдæг царвæй рæгъытæ рауадзын кодта. Хъуамæ алы лæг дæр иу нуазæн сыгъдæг царв бануаза. Уæдæ басыл дæр кодтой стад фиутæ. Ногæргæвст фыдæй арæзтой турæджын бас æмæ дзы хъуамæ алы лæг дæр иу къус йæ былтæй калгæ фæуа. Турæджын бас кæцы ран нæ уыдаид, уый чындзæхсæвыл дæр æмæ куывдыл дæр нымад нæ уыди. Цæхæрадоны зайæгойæ ницы кодтой уыцы заманты, æрмæст сыгъдæг дзидза æмæ урсаг. Арахъхъ дæр мæнæ-мæнæ арæх нæ уыди, фæлæ сау бæгæны уыд куывды дæр æмæ алы ран дæр.

— Ацы хатт хъуамæ фынгыл лæгтæн дæр дзыкка æрæвæрон, лæгтæн дæр кæд ницы кæнид, мæ хуртæ.

Хъугърионы диссаджы минас фыццаг хатт бацыд лæгты фынгмæ.

— Ахæм хорз минас куыд рантыст сылгоймæгтæй, уый диссаг дæр ма у.

Сылгоймæгтæ афтæ дзураг уыдысты:

— Аланты заманæй ардæм нæлгоймаг дзыкка нæ хæры.

Фæлæ иугæр Къостайы куывды куы æрæвæрдтой лæгтæн нæртон минас, уæд фæйнæрдыгæй джихауæй аззадысты: ай бæрц адæмæн куыд раххæссыд, цавæр аджы йæ сæвдылдтой Нарыхъæуы æфсинтæ. Цæвиттон-иу нæ æнтысти ахæм минас лæгтæм, æмæ сылтæ æрхъуыды кодтой — нæлгоймаг ахæм хæринаг нæ хæры. Уыцы бонæй фæстæмæ Нары куывд дæр æмæ чындзæхсæв дæр куы уыди, уæд-иу лæгтæ агуырдтой фынгæн кæддæриддæр дзыкка.

Къоста тынг бирæ уарзта дзыкка æмæ-иу хион хæдзармæ куы бацыд, уæд æм дзæгъæл ракæ-бакæ нæ уыд. Хъуамæ-иу дуарæй дзургæ бацыдаид:

— Кæд Хъугърионы минас ис, уæд нæ уымæй раздæр никæцы минас хъæуы.

— Мидæмæ! Цæттæ стæм алцæмæй, Хъугърионы минасæй дæр цух не стæм. Æгайтдæр ма дæ зæрдæ хæрын агуры.

Хъугърионы хъулон уарзт лæппу уыди Къоста, кæцыфæнды ран дæр æй уæлдай рæвдыд кодта:

— Ахæр, мæ удыгага ды куы дæ.

Нарыхъæуы лæппутæм дæр-иу хъыг нæ касти, уымæн æмæ Къоста Нарыхъæуæн æхсæны лæппуйыл нымад уыди.

Фондз боны куывды фæбадынæн тых дæр хъуыди æмæ ныфс дæр хъуыди уыйбæрц адæмæн. Фæлæ Нармæ хъæбæр домбай тыхтæ уыди особайы заманты. Бæрзонд хæхты дардтой сæрд сæ дуцгæ хъомты дæр æмæ сæ дуцгæ фысты дæр, цæмæй урсаг фылдæр æмбырд кæной. Зымæгмæ-иу цалдæргай хæндгуытæ срæвдз кодтой. Хорæй, раст зæгъын хъæуы, мæнæ-мæнæ рæвдз кæм уыдаиккой, фæлæ амал кодтой быдыры хъæуты æмæ-иу сæ хастой фылдæр æккойæ дæр, уæддæр сæхи æгуыдзæг нæ уагътой. Куыст у цардæн йæ фæрæз æмæ амал. Цыхтытæ-иу рахастой æмæ сæ уæй кодтой, сæхи дзы хъуаг нæ уагътой. Уæлдай хуыздæр-иу уыдысты Нарыхъæуы цыхтытæ, æлхæнджытæ дæр-иу уыдоны цыхтытæ æлхæдтой: хъæбæр дæсны уыдысты урсаджы куыстмæ дæр æмæ царвы куыстмæ дæр. Хъæбæр хорз устытæ уыди Нарыхъæуы, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц: сой дойныйæн нуæзтой. Йæ бындар фæуæд, цард у сылгоймагæй аразгæ. Лæг у амалæн, сылгоймаг та лæджы амал кæны бæстон. Ахæм æфсинтæ уыд Нарыхъæуы, æмæ-иу сæ хæндгуытæ цалдæргай азтæ куы баззадаиккой, уæддæр уыцы рæсугъд хæрзадæй лæууыдысты. Цыхт алы ран дæр фынгыл æвæрдтой фыр буцæн. Цæхджын цыхт цас фылдæр фæлæууыдаид, уыйас ноджы хæрзаддæр кодта, уымæн æмæ йын йæ куыст хъæбæр хорз æмбæрстой.

Уæдæ дзидзайы куыстмæ дæр уыдысты хъæбæр дæсны. Сæрд-иу дзидзатæ цæхдоны сæвæрдтой, хорз-иу сæ цæхх куы ахъардта, уæд-иу сын сæ быны пысыратæй арт бандзæрстой æмæ-иу сæ хурмæ схус кодтой. Цалфæнды азмæ дæр-иу уыцы хæрзадæй лæууыдысты, рæмпæг сæ нæ хордта.

Къорд азтæм нæ ферох Къостайы номы куывд. Фынгтæй кады нуазæнтæ æрвыстой хистæртæ, алы хъæутæй сæм чи æрбацыд, уыдонæн. Кадджын æмæ намысджынæй зæронд лæгтæ цæстуарзон буц куывдтытæ кодтой æртæдзыхон æмæ физонæгæй:

— Уæ Хуыцау, кувæм дæм, курæм дæ, лæгæй нæ макуы фæцух кæн. Нæ иунæгæн абон мах кæнæм номы куывд, барстæн æй айс. Нар æй бахъомыл кодтой тыхамæлттæ æмæ фæрæзтæй. Нæ фыдæбон дзæгъæл нæ фæци, стыр лæг дзы рауад, уæлдæр ахуырад каст хорзæй фæци.

Кæстæртæ «аммен» кодтой. Къостамæ кувæггаг авæрдтой:

— Ацаход, Къоста. Хуыцау дæ хъæлдзæг æмæ æнæмастæй фæцæрын кæнæд. Цы хорз хъуыддæгтыл архайыс, уыдон хорзæй æххæстгонд куыд æрцæуой, ахæм амонд дæ уæд. Дыууæ ныхасы зæгъ атæппæт дзыллæйæн æмæ ацаход.

Къоста райста нуазæн æмæ адæмы раз æрлæууыд.

— Уæ, алæбон æгас цæут, мæ уарзон ирон дзыллæтæ, мæ сæр æз бæрзонд кæмæй хæссын, мæ цин, мæ хур ирон дзыллæтæ! Арфæ уын кæнын æз абон, фыццагдæр ас адæмæй ардæм кæцытæ саккаг кодтой, уæлдайдæр мæнæ сылгоймæгтæн. Стыр бузныг сымахæй, нæ мадæлтæ, мах урс æхсырæй чи бахъомыл кодта, махæн хур чи фенын кодта, мах сæккойсæккойгæнгæ чи фæхъомыл кодта, уыцы мадæлтæ, махæн сæ къухты сой чи фæдардта, нæ разæй комдзаг сæ дзыхмæ цы мадæлтæ нæ хастой, сæхицæн сылы æмæ хуырхæй чи кодта хуыппаг, махæн та — хъайла, уæлибæх сыгъдæг царвимæ, æхсырæн йæ сæртæ æмæ йæ сыгъдæг. Куыдфæнды дæр ма уæд, цыфæнды дæр ма уæд, хæдзары уæз ис фылдæр сылгоймагыл, æрмæст афæдзæй уæд афæдзмæ йæ гуыбыны сывæллон чи хæссы, зæгъæм æй — фараст мæйы дæр фараст боны кæй не сты. Адæймаг ма дон æгæр куы баназы, уæддæр ма йын зын куы вæййы — оххай, æгæр бахордтон æмæ мын зын у, — уæд, мæгуырæг, махæн нæ мадæлтæн цымæ æнцон уыди ахæм уæззау уæзимæ цæуын — макуы фæкæлон, мыййаг, куы фæкæлон æмæ мын ацы уæзимæ зындæр рауайдзæн. Уæдæ сывæллон иу цалдæр азмæ кæй хъæуы хъомыл кæнын, æртæ азы дæр уæд æртæ боны кæй не сты. Адæймаг фос нæу, æмæ иу бонмæ, кæнæ дыууæ бонмæ йæ къахыл дæр не слæууы, æмæ йæм уæд кæсын дæр нал хъæуы. Фæлæ адæймагæн афтæ кæнæн нæй, æппынкъаддæр хъæуы цæуæты хæссын мад æмæ фыдæн дыууадæс азы сæхи фæллойæ, цалынмæ сæхицæн къæбæр кусынхъом фæуой, уæдмæ. Афтæ у, нæ хорз мадæлтæ æмæ фыдæлтæ, уæ фæстæ мах дæр та афтæ кæй уыдзыстæм. Цæвиттон, кæдæй зæххы уæлцъары мидæг адæмтæ фæзынд, уæдæй ардæм афтæ у хъомылгæнæджы хъуыддаг. Хъомылад бирæ цыдæртæ домы æмæ агуры. Хъуамæ кæстæртæ хистæртæн кæной аргъ, æмæ уæд хистæртæн у сæ зæрдæйæн æнцондæр. Уæдæ ме знаджы хистæрæн йæ кæстæр аргъ дæр ма кæнæд, уæд хистæр мæт кæны: «Уæууа, æз цæуæт уымæн фæхъомыл кодтон, æмæ мын мæ ныхасæн кæной аргъ, уæдæ мæ базæронды бон дæр мæ зæронд хауæггаг куыннæ фæуа æмæ уынгты къæбæргур куыннæ зилæн кæнон». Цæуæт хъæуынц мады æмæ фыды, гъæй-мардзæ, сæ бахъуыды заманты. Охх-мардзæ, лæджы фырт, сæр дæ бахъуыд, сæр — дæ фыды зæронды хъуамæ дæ сæрастæуты хæссын фæразай, уæдæ дæ мады дæр афтæ. Охх-мардзæ, сахъ лæппу, цы фæдæ, кæм дæ? Фæдисы боны дæр куыд бæззай, хæсты боны дæр. Лæг у бахъуыдæн, æмæ бахъуыды заманы фæсте куыннæ баззайай. Алы адæймаг дæр хъуамæ æгадæй æмæ æрадæй цæрын йæ сæрмæ ма хæсса, фæлæ уа царды мидæг бæззон æмæ уæд нымад. Ме знаг уæд æнæнымад! Гъе ныр мын бахатыр кæнут æмæ хорз сахаты æмбæлд фæут, фарн сымахимæ куыд ацæуа, фарн та фысымтæн куыд баззайа. Уæ нæ буц уазджытæ, буцæй бацæрут уæ адзалы бонмæ æнæниз æмæ æнæмастæй. Мадæлтæ сæ хъæбулты хурæй куыд бафсæдой, фыдæлтæ дæр афтæ. Зæронд лæгтæ æмæ устытæ цоты хурæй æфсæст уæнт, домбай уæд сæ цард. Чындзытæн сæ цард сæхи куыд фæнды, афтæ, лæппуты мадæлтæ куыд фæуой, фарастгай лæппуты; дыгай чызджытæ куыд уа сæ æфсымæртæн хотæ. Уæдæ ацы ран амондагурæй чызгæй дæр æмæ уæд лæппуйæ дæр кæцытæ ис, уыдонæй алчидæр йæ амондыл хорзæй куыд сæмбæла. Къостамæ цæстуарзон хуынтимæ æрцыдыстут, уарзон хотæ æмæ æфсымæртæ уæ мадæлтæ æмæ уæ фыдæлтимæ. Къостайæн стыр кад æмæ номы куывд кæнут — Къоста уый аккаг никæд уыди, æмæ ахæм уарзон цæстæй фаг кæй ракастыстут. Къоста йæхи сидзæр никæд хуыдта, фæлæ ныр бынтондæр мæ сæр афтæ бæрзонд систон, æмæ Къостайы зæрдæмæ ныккæсæн куы уаид, уæд бæргæ: уæ цин, уæ фендæй кæд ныддардта хур мæнмæ йæ рухс тынтæ. Уæ, дæ бонæй уай, Хетæджы-фырт, хуры фырт кæнæ мæйы фыртæн дæр ма уæд куы кæниккой уарзон адæмтæ ахæм аргъ. Кæс-ма: бæстæ кæд байдзаг бæркадджын æмæ намысджын хуынтæй. Искæд ма уæд ахæм буц хуынтæй самадæуыд мæсгуытæ — акæс, уæд Поты стыр фæзы нал цæуынц. Уæ, дæ бонæй уай, Хетæджы-фырт, хуры фырт дæм кæй кæсы æмæ дæм кæй кæны тæхуды: «Дæлæ зæххон лæджы фыртæн цас æмæ цас адæмтæ æрæмбырд сты йæ куывдмæ! Куыд сæм худы цæстытæй!» Куыннæ худа уæд худгæ дæр — уыйбæрц адæмтæ дзыллæтæй никæд ма æрцыд иу ранмæ. Нарæн Поты фæз тохы бонæн дæр фаг кæны, уыйбæрц парахат у. Фæлæ Къостамæ уарзон адæмтæ буц хуынтæ фæхастой алы кæмттæй, алы хъæутæй, хæстæгæй уæд хионæй, зонгæйæ уæд лымæнæй — нал фаг кæны Поты стыр фæз. Уæлæ сæ кæд хæссынц Малхарамæ, уым сæ кæд амайынц рæнхъгай. Уæ, мæнæ диссæгтæ! Диссагдæр уæд цы диссаг у — нырма Къоста адæмæн салам дæр фаг куы нæма радта: уыйбæрц нæма рацарди, хæдзары бæрны дæр кæй нæма бацыдтæн, уазæг мæ хæдзарæй уæд куынæма рацыд сæрдæй уæд фæззæгæй, зымæгæй уæд уалдзæгæй. Уæ, тæхудиаг, æмæ уазæгæн æз фаг цæстæнгасæй «мидæмæ, хæдзармæ рауай» куы зæгъин, уæд бæгуы диссаг нæ уаид! Уæ, дæ бонæй уай, дæ бонæй, Хетæджы-фырт, мæнæ уарзон адæмтæ зæрдиагон цин кæуыл кæнынц, уагæр афтæ ацы адæмæй кæмæн цы хорз фæдæ? Уæ, дæ бонæй уай, дæ бонæй, уыйбæрц адæмтæ цæстуарзонæй кæй куывдмæ æрæмбырд сты. Уæ, дæ бонæй уай, Хетæджы-фырт, адæмæн кæд кæныс уд æмæ цæсты ад. Цæстырухсæй фæцæрут, уарзон адæмтæ, мæныл куыд цин кæнут, ахæм цинтæ фæкæнут кæрæдзийыл кæддæриддæр. Кæрæдзийы цинæй кæддæриддæр хайджын ут, хæлар æмæ рæстæй цæрут царды мидæг, рæстæй зылынмæ уæ макæд мачи бахауæд, амондыл ут фæдзæхст, сæдæ-сæдæ бонты уæ къухæй цæуæд сой æмæ мыд, нæрæд æрвнæрæгау уæ амонд, уæ цард, уæ фидæн ноджы хуыздæрæй. Фæуæд ацы буц хуынтæ фидынхъом дæр Хетæджы-фырт йæ уарзон адæмтæн зæрдæйы уæрæхæй. Адæмæн сегасыл хур дæр не ’ххæссы тавынмæ, фæлæ дарут уæ зæрдæ Хетæджы-фыртыл, дзыллæтæн сегасæн алцæмæй кæй скæндзæн кад æмæ æгъдау, куыд æмбæлы, афтæмæй, домдзæн сидзæртæн цардæн хостæ, мадау рæвдаудзæн адæмæн сæ мæгуырты хъæдæй дæр æмæ хорæй дæр. Дон бануазынмæ фаг кæмæн нæй æгæр-мæгуыр, дæлæ комы бынæй комы сæрмæ лалымты дон кæцытæ хæссынц, уыдонæн фæуыдзæн лæгъз быдырты цæрынæн фадæттæ. Ис ма кæмдæрты зæххæй дæр уæлдæйттæ æмæ дзы хай, фаг хай хъæуы, хор кæмæн нæй, уыцы мæгуыртæн, уыцы æргъæвст адæмтæн: ма хæссой, ма, уæлæ хохы сæртæм æккойæ сæ хоры мæртытæ æмæ æртæгтæ. Мæн хъæуы фыццагдæр адæмæн сæ хорзæх, адæмæн мæ бон исты хорздзинад куы бауид.

— Уæ, адæмы хорзæхæй фæуæд дæ цард. Дæ дзыхæй йæ куыд сдзырдтай, афтæ йæ дæ цæстæй дæр фен, мæ хур.

Нары хистæр арфæ ракодта æмæ йын кувæггаг ацаходын кодтой.

Леуан фыццаг хатт фехъуыста Къостайы куывд, фыр цинæй йæ хид акалд. Леуан афтæ дæсны нæ уыд кувынмæ. Уайтагъд та йæ Нары кадджын зæронд лæгтæ фæхъуыды кодтой:

— Агъæц, Леуан та фыр æфсæрмæй йæ хид куыд акалдта.

Леуанмæ дæр нуазæн авæрдтой:

— Гъа-ма Леуан, дæ фæхъхъау фæуæм, акув дæ лæппуйæн. Леуан афтæ зæгъы:

— Сымах кæй фæкуывтат, Леуан дæр уыцы буц æмæ хорз куывдтытыл «нæ» кæцæй зæгъдзæн. Æз æй сымахæй фылдæр, мыййаг, нæ уарзын. Уæхæдæг æй бахъомыл кодтат, уæхи фæндиагæй, фæцæрæд уæ æхсæны хъæбул. Мидхъæуы мидæг æй, уæллæй, фыр буцæй уæ сæры астæуты фæхъомыл кодтат. Уæхи куыд фæнды, йæ дарддæры фæндаг дæр æмæ хъуыддæгтæ дæр уын афтæ хорз ацæуæнт. Канд уæ æхсæны хъæбулæн нæ кувын, фæлæ уæ кæстæртæн сегасæн дæр. Кæстæры хæрам ма фенут, афтæмæй цæрæнт æмæ цæрæнт, æрмæст бæзгæ куыд кæной, афтæмæй, адæмæй фæстагдæр куыннæ баззайой. Ис ацы ран мæнæй хистæртæ, бахатыр мын кæнут, фæлæ уæ фæрсын: бар ис Къæбер æмæ Дадайæн рухсаг зæгъынмæ?

— Уæ, дæ рын бахæрæм, уый та куыд хъуамæ нæй бар? Фыццаг дæр афтæ уыди ирон адæммæ. Мард æмæ дзуар иу сты, куыд дæ бон у, афтæ кæн.

Дзагдарæн къæртайы дзаг сау бæгæны æрбахæссын кодта:

— Уæдæ уал нуазæн хистæр лæгтæм бадæттæм, рухсаджы рæгъытæ куыд рауадзой.

— Уæдæ Къæбер æмæ Елбердæй раздæр чи амард, уыдонæн уал зæгъæм.

Хетæгæн рухсаджы рæгъ рауагътой сæрæй уæд кæронмæ. Хетæджы фæстæ та рæгъ рауагътой Джиуæрæн, уый фæстæ Мамийæн, уый фæстæ хъæбатыр æмæ домбай лæг Гоцъийæн, Гоцъийы фæстæ Сидæйæн, уый фæстæ Амыранæн, уый фæстæ Асайæн. Уый фæстæ та рауагътой Елберд æмæ Къæберæн.

— Ном æрымысынæн ис царды рæсугъд æгъдæуттæ. Хъуамæ цæрæг адæмтæ сæ фыдæлты ма рох кæной. Хъуамæ фыды фырт зона йæ фыдæлты сæрæй уæд кæронмæ. Æмæ сын куыдæй ис базонæн? Хистæрты хъæуы фæрсын. Кæцы ран хъуамæ æрымысой кæстæртæ сæ хорз фыдæлты хъуыддæгтæ? Кæнæ куывды, кæнæ та чындзæхсæвы.

Къостайæн-иу уыди тынг фæндондзинад, хистæртæ-иу сæ фыдæлты кой куы кодтой, уæд. Хетæджы къабæзтæм та баззад тынг рагæй фæстæмæ дæр ахæм æгъдау: хъуамæ рауадзой рухсаджы рæгъ куывды дæр æмæ чындзæхсæвы дæр, уæдæ уæззау боны дæр.

Куывд ахицæн тынг хорзæй. Кафтæй, симдæй, суанг рагон особайаг кæфтытæ, чызгæй, лæппуйæ сæ уындæй алкæй зæрдæ дæр рад, Поты уæрæх фæзы дардыл ныззылд сæ симд дæр. Чызджытæ мæнæ хæххон рæсугъд алыхуызон дидинджытау тæмæнтæ каддтой сæ дари разгом къабаты. Хæрзконд æмæ хæрзуынд чызджытæ мæнæ суары бæлæттау куы ралæууыдысты, уæд ма уыдонмæ бакæсынæй диссагдæр цы уыдаид. Иннæ ахæм уæд лæппутæм бакæсай — цухъхъаты-иу кафгæ-кафын чызджытимæ сæхи куы айстой, уæд сæм исчи иу чысыл аипп дæр æрхæсса: удыгагайау сæ кафт дæр, удыгагайау сæ æрлæуд, сæ фенд дæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.