Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 5 страница



Иугæр сæ уынаффæ куы ахицæн кодтой, уæд Къоста Кæсæгмæ фæцыд æмæ уырдыгæй дæр дугъы бæхтæ æмæ барджытæ æркодта. Дугъ уагътой дардæй, суанг Нузалæй. Нузайлаг Быгъуылты Салам уыди дугъы фысым. Тынг уæздан лæг уыди Салам, æгъгъæд æгъдау æмæ кад радта Къостайæн. Нузалæй Нармæ дугъ рауагътой. Фыццаг дугъон уыди Къоста йæхæдæг. Сызгъæрин нуазæн радтой Къостайæн Нарыхъæуы иу бæрзонд къæдзæхы сæр. Хъуамæ дугъон уыцы къæдзæхы бынмæ уæлбæхæй бацæуа æмæ йæ бæх ныууадза къæдзæхы хæд бын, йæхæдæг ссæуа нысанмæ фистæгæй. Къоста къæдзæхы бынмæ куы æрбахæццæ, уæд æм Нары зæронд лæгтæ фæйнæрдыгæй дзурынц:

— Дæ хорзæхæй, къæдзæхы сæрмæ уæлбæхæй ссæуын ма сфæнд кæн.

Къоста æд бæх сфардæг, нысан сагъд кæм уыди, уырдæм. Уæлбæхæй Къæберы фырты цыртмæ куы фæцæйцыди, уæд Нары зæронд лæгтæ адæргæй зæххыл дæлгоммæ ахуыссыдысты: ныртæккæ хаугæ кæндзæн æмæ йæ тъæпп раст Лиайы доны астæу фæцæудзæн æмæ уæд сæфгæ кæнæм бынтондæр.

Фыццаг лæвар райста Къоста. Иннæ дыууæ лæвары та райстой, Кæсæгæй цы дыууæ лæппуйы æрбацыди, уыдон. Тынг дисгæнгæ фæцыдысты Кæсæгмæ: уыцы бæрзонд къæдзæхы сæрмæ халон зынтæй куы стæхдзæн...

Тынг хорз æгъдау лæвæрд æрцыд Къæберы фырт Дауытæн. Къоста йæ фæндон куы бæххæст кодта, уæд Батоимæ Нарæй рараст сты æмæ загътой:

— Нары хистæртæ, стыр хатыр уæ курæм: кæд-иу уæ нæ сæртæ хъæуой бахъуыды заманты, уæд нæм хабар кæнут. Махæн нæ зæрдæтæ фæрыстысты Къæберы фыртæй дæр æмæ Уарданæй дæр.

VII

Дауыт ма, мæгуырæг, йæ мæлæты размæ Ладо, Асо æмæ Сардомæ хъæр кодта:

— Кæм стут, гормæттæ, фæзынут мæм, уæ хорзæхæй! Цавæр фидар ран стут? Кæд ма мæ, мыййаг, фæнды сымахæн исты фидар ныхæстæ зæгъын.

Фæлæ ацу æмæ цы: уыцы заманты Ладо, Асо æмæ Сардо Уыдысты уартæ Хъарсы, фидары гонмæ къахтой фæндæгтæ. Даринæгты хицæуттæ уыдысты, æппæрстой дæрддаг бынæттæм сæ хъуагæй сæхи: кæд нæ бинонтæн сæ цард исты фæхуыздæр кæниккам.

Иу ахæмы сæм хабар фæхæццæ:

— Уæ Хетæджы къабæзтæ, нæ йæ зонут, уæ хуыздæр кæй фесæфт бынтон æдзардæй?

Сагъдауæй аззадысты æртæ дæр сæ къахæнтимæ. Гон арф уыди, йæ кæрон нæ зынди.

— Уæ, хæрз сæфты хабар нæм куыд æрбахастай! — Сæ сæртæ ныххостой.

Гоны астæумæ бакæсай, цас дзы уыди кусæг дзыллæтæй, иууылдæр загътой:

— Рухсаг уæд уæ хорз æфсымæр. Кæуынæй мард æгас нал кæны. Ма кæут, мæ хуртæ, фæуромут уæхи.

Сæ кæуын, сæ уынæргъынæй гоны къултæ æмзыр-зыр кодтой:

— Уæ, æнæнцой заман ныл скодта, фесæфт нæ хуыздæр. Куыд тагъд фæкодта, мах ма йæм фервæзын æнхъæлмæ куы кастыстæм, æмæ нæ куыд феваст кодта. Уæ бецау Дауыт, дæ дардыл фæндтæ æрдæгкондæй куыд фæуагътай æмæ цæуынмæ куыд фæдæ? Мах та ма нæхи рæвдз кодтам: фæцæуæм æмæ йæ бабæрæг кæнæм. Ныр дыууæ мæйæ фылдæр нæхи нæ хицæуттæй курæм æмæ нын бонæй-бонмæ æмгъуыдтæ кодтой. Ныр нæ федтам мах Дауытæн йæ мæрдон уынд æмæ конд. Уæ, бæгуы мæгуырæй нæ фæуагътай алы рæтты. Не стыр ныфс ды куы уыдтæ, уæд ма мах æнæ дæу куыд цæрдзыстæм? Лæджы сæр нæ куы бахъæуа, уæд лæгагур кæдæм цæудзыстæм?

Цы гæнæн ма сын уыдаид? Зæрдæйы маст суадзынæн мардæн баззади марды æгъдæуттæ. Сæ маст суадзынæн сын се ’мбæлттæ радтой дыууæ боны бар. Фæкуыдтой, сæ къухы цы уыди, уымæй рухсаг срæвдз кодтой. Хъарсы гоны кусджытæй иу дæр нæ бахъыггæнгæ нæ баци. Цыдысты сæм суанг Ахъазы æфцæгрæбынæй, Турчы цы ир цардысты, уыдон.

Хостой æртæ æфсымæрæй дæр ставд лæдзджытæй сæ сæртæ. Мæсæллæй сын кодтой Иры дзыллæтæ.

— Уæ мæгуыр Дауыт, æгæр æрыгонæй фæдæлсыджыт. Зæрдæ дæр ахæм цæрынхъуаг æмæ æвæды мардæй фæсудзы.

Дыууæ боны изæрмæ æртæ æфсымæрæй куыд бафæрæзтой, уый диссаг дæр уыди.

— Уæ Дауыт, ма нæ рахъаст кæн, дæ уд дæтгæйæ дæ разы кæй нæ æрлæууыдыстæм. Ды дæ уд куы лæвæрдтай, уæд мах та нæ уæззау къахæнтимæ къæдзæхтæ хæлдтам. Цæмæй зыдтам, нæ хуыздæр катæйттæгæнгæ нæвæндонæй кæй хицæн кæны йæ уæлион цардæй. Уæ, тæхуды, æмæ нын цы зæгъынмæ хъавыдтæ, уый ма уæддæр куы фехъуыстаиккам, уæд абон нæ фæсмон кæниккам, нæ зæрдæты сау катай нæ бацыдаид.

Хъарсы Ладо, Асо æмæ Сардо хист скодтой Дауытæн раст Дозатыхъæуы. Тынг стыр кад сын скодтой Дозатæ. Цæвиттон, Дозатæй иу лæппу уыди Балаты сиахс æмæ йын йæ мыггаг кад радтой, йæ каисты хуыздæр куы амарди, уæд, стæй сæ зæронд лæгтæй бирæтæ Леуаны æмæ Хъазыбеджы кæй зыдтой, уый тыххæй.

Адæмы æхсæн ныхæстæй фылдæр цы вæййы зианы заман дæр æмæ цины заман дæр. Сæ кæрæдзийы дæр фылдæр ахæм рæстæг базонынц. Хæрз зæронд лæгтæ дзы уыди Иры дзыллæтæй, Иры бæстæй сæ куыд ацæуын кодтой, уый чи хъуыды кодта, ахæмтæ.

— Куыдфæнды дæр ма уæд, цыфæнды дæр ма уæд, нæй, райгуырæн бæстæ, дæуæй диссагдæр æмæ нæ уыдзæн. Тæхуды йæ къона фæуæд, æмæ йæ райгуырæн бæсты йæ мæлæт кæмæн æрцæуы æмæ йæ райгуырæн бæсты адæм уæххай кæмæн фæзæгъынц, кæнæ рухсаг дæр афтæ. Æцæгæлон ран дæ чи зоны æмæ де ’гъдау дæр кæй хъæуы? Дæуæй диссагдæр ма уæд — чи дын дæ хъарæгмæ скæудзæн, чи дын дæ зарæгмæ бахъырндзæн, чи дæ кæсгон цагъдмæ акæндзæн кæсгон кафт? Фæхæццæ кæнут, уæ хорзæх уæд, Дозаты Хъанберды фидар ныхæстæ: цæрут, зæгъ, нæ уарзон æфсымæртæ, фидар æмæ æнгомæй уæ Иры бæсты мидæг. Махыл сау сайд кæй æрцыд, уый уын зонын кæнæм, фæлæ, зæгъ, сымахыл ахæм сайд мауал æрцæуæд. Æцæгæлон адæмтимæ у тынг зын цæрæн. Тæхудиаг æмæ ма зиан фæндарастгæнгæйæ иу хъуыст бакæн хорз дзуапджын лæгмæ æмæ дыккаг бон æдзæммард куы фæуин. Кæнæ чындз хæсгæйæ чындзхæсджыты зарæгмæ байхъус. Мæ фыны мæ цæстытыл ахъазынц нæ диссаджы æгъдæуттæ: Ногбон æхсæв-иу къаннæг лæппутæй «сой-сой» куыд хъæр кодтам, хæмпæлтæй-иу стыр арт куыд сæндзæрстам. Кæнæ-иу стыр фæззæг куы ралæууыди, уæд рады куывдтæ куыд кодтам. Цæвиттон, цард мысын у тынг зын. Нæ рох кæнæм нæ Иры дзыллæты хорздзинæдтæ, мысæм сæ æмæ сæ нæ кæрæдзийæн фæдзурæм. Нæй ацы ран махæн ахæм бартæ, нæй, цы нæ фæнды, уый саразæн. Нæ чырыстон æгъдау раивтам пысылмон æгъдауæй, хорз уа, æвзæр уа, нæй дын сæ æнæ кæнгæ. Ацу æмæ дæ кæдæм фæнды, уырдæм хъаст кæн: чи дын айсдзæн дæ хъаст? Нæй ацы ран ахæм хъарутæ равдисæн. Фæлæ ма Иры бæсты чи баззад мах фæстæ цæргæ, уыдонæн сæ амонд хорз уæд, макуы фесæфæд сæ фыдæлты намыс æмæ æгъдау, хæцут сыл, мæ хуртæ, фидар.

Иу дзырдæй, Турчы цæрæг ирон адæмæн сæ бон ницæмæй раппæлын уыди. Сæ царды бонтæ тынг æнкъардæй æрвыстой, сæ ауæйгæнæгæн алы бон дæр карз æлгъыстытæ кодтой:

— Мах ирон дзыллæтæй кæй фæхауæггаг кодта æмæ йæхицæн цæсгом кæй скодта, йæ рæбынтæ сызгъæринæй кæй байдзаг кодта, уымæй раст нæ бакодта Куындыхаты Муссæ. Æрмæст йæхи кой бакодта, фæлывдæй уыйбæрц адæмтыл рацыди. Æфцæгрæбын æрцæрын кодта фæллойгæнæг адæмты, къуырдтытæн сæхи чи нæ хъуыдысты, уыцы кæройнаг зæххытыл. Уыцы зæххыты æгæр-мæгуыр кæрдæг дæр куыд æмбæлы, афтæ нæ зайы. Уæдæ фæззæг йæ тыхдымгæйæ бынтон куынæгмæ цæуæм. Æфцæгрæбын куы скъуыс-къуыс кæны, уæд хæхтæ дæр ракалы, лæджы дæр æмæ бæхы дæр фелвасы æмæ йæ дард искæдæм фæхæссы æмæ йæ кой, йæ хъæр дæр нал фæзыны. Уæдæ зымæг дæр хъæбæр уазал æмæ карз зымæгтæ фервитæм. Фыййæуттæй бирæтæ ныссæлынц, фос дæр афтæ. Ахæм карз зымæг дзы скæны иуæй-иу аз, æмæ цæрæг адæмтæн сæ бон ницуал вæййы саразын. Бирæ хæдзардарæг лæгтæн сæ къухтæ æмæ сæ къæхтæ саусыд бакæнынц æмæ ахауынц сæ къухтæ дæр æмæ сæ къæхтæ дæр. Сыдæн кæй буар хъуамæ фæлæууа, уазал æфсæйнаджы куы хъары, уæд лæджы буары цы ахъарын хъæуы ахæм карз уазал зымæгæн? Ме знагыл туркаг дымгæ фæндагыл сæмбæлæд, уæд фыдвæндаг фæци. Цард у бæстыхъæдмæ гæсгæ. Фылдæр хæдзæрттæ кæнынц зæххы бын, уазал æмæ дзы дымгæтæ дымаг кæй сты, уымæ гæсгæ.

VIII

Къоста куыддæр Бетъырбухæй сыздæхт, афтæ Нармæ æрбацыд йæ хорздзинад йæ хистæртæн бамбарын кæнынмæ.

Хур йæ рухс тынтæ Нарыхъæуы ныхасмæ ныддардта. Зæронд лæгтæ бадынц, Барзин сын хъисфæндырæй цæстуарзон цæгъдтытæ кæны, Хетæджы зарæг кæны, хъырны. Зæрдæ сæ бакаст, сæ фендæй рухс кодта.

Къостайы хабар сæм раздæр æрбайхъуыст, уæлдæр ахуырад, дам, каст фæци.

— Уæ Хуыцау, дæуæй буц æмæ рæвдыд лæгæй нæ макуы фæцух кæн. Ме знаджы бæстыуагыл ахуыргонд лæг ма уæд. Ахуыргонд лæгæн æмбал нæй, дардмæ уынгæ дæр кæны, уæдæ кад æмæ радæн дæр ахъаз у æмæ æххуыс.

— Нæ хорз хистæртæ, ныр уæд цы уынаффæ кæнынмæ хъавут? — Кæстæртæ хистæртæм сæ фæнд бахастой. — Куывдæн уæм цы уынаффæ уыдзæн?

— Уæ рын бахæрæм, Леуаны сидзæр лæппуйы мах не ’хсæн кæй бахъомыл кодтам, уый æгас Нарæй кæцы лæг нæ зондзæн? Кæцы лæджы нæ бафæнддзæн Къостайæн номы куывд скæнын? Канд Нарæй нæ, фæлæ дæлæ дæрддаг хъæутæй дæр ма алчи Къостайы хорздзинадмæ куы æнхъæлмæ кæсы.

Кæстæртæн бабар кодтой Дзуары хъæдæн йæ æрхъуын сисын. Куывды заманты-иу Дзуары хъæдæн йæ æрхъуын систой.

— Цæмæн хъуамæ æндзарæм мах Къостайы куывды цъæх æхсæлыйæ? Æхсæны мæнæуы къутутæн сæ хуыздæрæн йæ сæр байгом хъæудзæн. Æфсинтæн бамбарын кæнын хъæуы, мæнæу рагацау куыд ныхсой. Куыройы фыдтæм дæр æркæсын хъæуы. Уæлæ раст Къостайæн йæхи арæзт куыроймæ дон фылдæр рауадзын хъæудзæн. Уæдæ сын задæн дæр кæрвæдзæг хорæй раттын хъæудзæн æмæ йæ барæвдз кæной. Куывд у бархи, уæгъдибарæй æмæ цæстуарзонæй йæ саразын хъæуы.

Нары ныхасмæ бацæуыны бар уыди чызджытæн дæр, æрмæст чындзытæн нæ уыд ныхасмæ бацæуыны бар, уымæн æмæ æфсарм тынг тыхджын уыди. Нары ныхасы лæгтæй æрмæст ныхас рацæуæд, Хъугъирон-иу уайтагъд кæстæр файнустытæм фæдзырдта:

— Уæ мæ кæстæртæ, уæ фæхъхъау мæ Хуыцау куы фæкæнид. Нæ хицæуттæ сæ æхсæны хъæбулæн куывд кæнын сфæнд кодтой. Хорзæй сын бантысæд. Нар зæрондæй ногмæ кæй цинæй цæрынц, уыцы рахиз цæсты гагуыйæн куывд кæй ахицæн кодтой. Уалынмæ та йæ чындзæхсæв дæр уыдзæн. Цæстуарзон хуынтæ та нæм хæсдзысты уарзон адæмтæ мидбылты худгæйæ суанг уæртæ фæсхохæй, Захъайæ уæд Дзомагъæй, уартæ Рукъæй уæд Калакæй, уæдæ Уæлладжырæй, суанг Салыгæрдæнæй кæцы не ’рбацæудзæн Къостайы куывдмæ, нæ зонын, адæмæн уд æмæ цæсты ад кæны. Адæмы размæ та исты æрхæссын хъæуы. Махозайы куывдгæнæгау цæмæн скæной хъуамæ нæ хицæуттæ.

Мæнæу ныхсын кодта, зад бафтауын кодта. Задæн цæугæдонæй нæ уагъта дон хæссын, фæлæ Дзуары хъæды астæу сыгъдæг суадон цыди æмæ-иу уырдыгæй хæссын кодта дон зад æфтауынæн. Мæнæу-иу Лиайы доны был ныхсадтой æмæ-иу æй хурмæ хорз бахус кодтой. Хуыр кæнæ-иу згъæллаг нæ ныууагътой, сыхырнайæ-иу æй фæзылдтой. Мæнæу-иу рæсугъд æхсадæй куыройы бавгæдтой æмæ-иу дзы уæлибæхтæ куы скодтой, уæд сæ хусысмаг дардмæ былтæ куыннæ цавтаид.

Уæдæ бæгæны дæр хъæбæр хорз фыхтой, раст-иу фыр хорзæй хъуыры нæ цыди. Æмбисондæн кæрвæдзæджы хоры бæгæны уыди.

Иугæр-иу ныхасы лæгтæ сæ уынаффæ куы ахицæн кодтой, уæд-иу алы хатт дæр Нарыхъæуы æфсинтæ хуынтæ æрбарвыстой: ныхасы лæгтæ ахæрой, акувой сæ хорз хъуыддæгтæн.

Ныхасы лæгтæ хæрыныл куы æрбадтысты, афтæ уæлæ Къоста æрбауайы, ныхасмæ комкоммæ фæцæуы. Уыди тæккæ сыфтæры мæй. Фос раст Хъызларæй цыдысты æмæ акæс, уæд фысæй, уæрыккæй сæ кæрæдзийы агуырдтой æмæ уасыдысты. Сæ хъæрæй Нарыхъæуы цæрæг адæмтæн сæ зæрдæтæ куыннæ рухс кодтаиккой. Фыстæ-иу сæ уæрыччытæй хицæнгонд куы æрцыдысты, уæд-иу Къостайæн зын уыди сæ уасын, тæригъæд-иу сын кодта.

Худгæ бацыд ныхасмæ:

— Æнхъæлдæн, æмæ та, Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ, уæ уæрыччыты сæ мадæлтæй фæхицæн кодтат.

— Уæ, алæбон нæм æгас цæуай! Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Мах дæу тæрхоны куы бадæм. Уæллæй, хъæбæр хорз хабар дæ фехъуыстам æмæ нæ зæрдæтæ ног райгуырдысты.

Ацы хаттæй æнæмастдæрæй никæд ма æрбаййæфта Нары цæрæг адæмы Къоста. Ныхасы лæгтæн йæ хабæрттæ ракодта.

Нар куывды сæрфат бæрæг хуыцаубонмæ ахицæн кодтой, хонджытæ фервыстой сæ хæстæг, сæ хион, сæ къабаз, сæ зонгæ уарзон адæмтæм.

— Фæсæфцæгмæ мæхæдæг фæцæудзынæн æмæ сын фехъусын кæндзынæн, — загъта Къоста. — Хæзнасыйы бинонты фенон, уæддæр сегас ардæм кæцæй хъуамæ æрцæудзысты хæрæфыртæй, чындзæй, сывæллонæй, æндæрæй.

— Фæцу, дæ фæхъхъау фæуæм. Æрмæст хуыцаубоны цæуинаг чи уа, уыдон хуыцауæхсæвы Нары куыд уой, афтæ. Æхсæвы-иу бафысым кæн, иу æхсæвæй фылдæр дзы ма фæу, ацы ран мах хъæугæ кæныс. Æнæуый дæр та адæмтæ дæумæ ардæм цæудзысты уынæг æмæ хæрзаг ма зæгъой: «Уартæ фæсæфцæгмæ фæцыди».

Къоста загъта:

— Дыууæ æхсæвы мын бар раттут. Иу æхсæв æгæр тагъд у, уымæн æмæ дыууæ Хæзнасæйы иу ран кæй нæ цæрынц, уый уæхæдæг дæр зонут. Иумæ бацу, уæд иннæ хо мæсты кæндзæн æмæ тæригъæд нæу? Æгæр дардмæ чызг дæттын бæргæ хорз нæу. Æдзухдæр мæ зæрдæ семæ фæдзуры.

Къоста ацыди дыууæ лæппуимæ фæсæфцæгмæ. Æцæгдзинад дзы дыууæ æхсæвы фæци. Æртыккаг бон рахæццæ сты Нармæ хойæ, сиахсæй, хæрæфыртæй. Стыр дыууæ галы раластойдыууæ Хæзнасæйы сæ цотимæ.

Нар сæ рагон нуазæнтæй райдыдтой куывды адæмы фæндзгай рæгъытæй хынцын. Иуане та уæд дзагдары бар кæмæн лæвæрдта? Иу лæгæн дæр нæ. Бæркадæй йæ дыууæ хъусмæ уыд, уæле исгæ, бынæй ахадгæ. Хæларзæрдæ лæг уыди, майдыма искæй уæд истæмæй фæхъулон кæна. Хъаматыл кафынмæ дæр Иуане тынг хæрзарæхст лæппу уыди, фæлæ тынгдæр уарзта дзагдар лæууын.

Тынг хъæлдзæг куывд дæр уыди Къостайы куывд, хъæбæр бирæ адæмтæ цæугæ дæр æркодта канд Нарæй нæ, фæлæ дæрддаг хъæутæй, Нузалæй зæгъай, суанг уалæ Уæллаг Мызурæй. Быгъуылтимæ Нар рагæй фæстæмæ дæр хæларæй цæраг уыдысты. Быгъуылты кадджын æмæ намысджын лæгтæм хонæг рарвыстой Леуанæн йæхи:

— Ацу, Леуан, æмæ сæ æрбакæн.

Уæлладжыры цæрæг адæмтæ Леуаны уæлдай уарзт кодтой, йæ кад æмæ намысæн сæм кæрон нæ уыди. Канд Быгъуылтæ нæ, фæлæ бирæ адæмтæ бацыди чызгæй, лæппуйæ, усæй, лæгæй. Цæстуарзон хуынтæ хастой зæрдæрухсæй.

Цыппар галы æргæвст æрцыди Къостайы куывдæн.

Тынг дардыл уыди сæ бадт дæр — Поты фæзæй суанг уалæ Саухъæды бынмæ рахаста. Хуынд уазджытæ дзы уыди далæ Кæсæгæй, зæронд лæгтæ дæр æмæ усгур лæппутæ дæр, уæдæ чындздзон чызджытæ дæр.

Байаты Гаппо дæр дзы уыди иу цалдæр лæппуимæ. Тæгиаты Саламбег йæ дыууæ хоимæ. Хъæбæр фæндырдзæгъдаг чызджытæ дæр уыдысты, сæ фæндыры æрцагъдæй Нарыхъæуы кæмттæ æрвнæрæгау кодтой.

Æрыдонæй дæр иу цалдæр лæджы: Хуырымты Иуæрам, Æмбалты Хазби, Хъороты Габо.

Къостайы ракафын кодтой Тæгиаты чызгимæ. Мæнæ тæхгæ маргъ куыд аиваза йæ базыртæ, афтæ Тæгиаты чызг æд фæндыр йæ цæнгтæ куы аивæзта, уæд куывды адæмтæ Къоста æмæ Тæгиаты чызгмæ кæсгæйæ баззадысты. Уæды заманты æд фæндыр кафын кодтой. Чызгмæ лæппуйы зæрдæ фехсайдта, уæд æй хъару æмæ арæхстæй æвзаргæ кодтой. Чызг хъуамæ уыдаид æлвæстастæу. Къоста чызджытæн сæ нарæгастæуджынтимæ æмæ даргъдзыккуджынтимæ уарзта симын дæр æмæ кафын дæр.

Къоста йæхицæн нæ равзæрста Тæгиаты диссаджы чызджы, фæлæ Хетæгкаты хæрæфыртæн, хистæр Хæзнасæйы лæппуйæн. Фыццаг йæхæдæг акафыд, уый фæстæ та сæ ракафын кодтой Хæзнасæйы лæппуимæ. Хъæбæр хорз лæппу уыди Хæзнасæйы фырт дæр. Хæрдмæ-иу куы фæхауди, уæд æм адæмтæ фæйнæрдыгæй кæсгæйæ аззадысты:

— Мæнæ диссаг, ацы лæппу Къостайы хæдхуызæн куыд рауад. Йæ бындар фæуæд, туг куыд хæссы.

Леуан ракафыди Хъугърионимæ. Леуан тынг дæсны уыди рагон аланты кафтмæ, худ-иу иста астæуты. Цæвиттон, чызг кафы, уæд ын худ йæ астæуты æрбайс, чызг та сира къахфындзтыл, йæ зæвæттыл ма лæууа, афтæмæй. Лыстæг каст-иу уыди уыцы диссаджы кæфтытæм. Хъугърион мæнæ раст Нарты Сатанайау рæсугъд æмæ хæрзконд сылгоймаг уыди, уыцы заманты афтæ хæрз зæронд дæр нæма баци. Йæ цæсгомæй хуры рухс тынтæ каст, уæлдайдæр Къостайы цинæй.

Мидбылты худæгау кодтой Нары кадджын æмæ разагътайы лæгтæ. Леуан сын фæстаг тохы зарæг дæр акодта. Къоста та æдзухдæр фæндыримæ зарын бирæ уарзта.

 

Уæлæ мын тархъæды бæлас дуары хуызæн,

дуары хуызæн,

Нанайы буц чызг кæд у дзыуары хуызæн,

дзыуары хуызæн.

Уæлæ мын тархъæды бæлас калын нæ комы,

калын нæ комы,

Нанайы чызг та мын кафын нæ комы,

кафын нæ комы.

Аргъуаны фæстæ Сæмæдты скъола,

Сæмæдты скъола,

Тæхуды фæуа, ды кæй уыдзынæ —

Йæ мæрдты къона, йæ мæрдты къона.

 

Къостайæ дæсныдæр фæндыримæ зарынмæ ничи уыд. Фæйнæрдыгæй-иу æм адæм кæсгæйæ аззадысты:

— Уæ, тæхудиаг, æмæ ды цы мыггаджы æхсæн райгуырдтæ æмæ рахъомыл дæ.

Гуыбатæм хардзау æркаст æмæ æрбадзырдтой:

— Уый Гуыбатæй фæцис, Гуыбатæй.

Уыцы ныхас Къостайæн хъыг уыди, алы хатт æй кæй дзырдтой, уый тыххæй:

— Мæн Нар æхсæны схъомыл кодтой, Гуыбатæ. Мæнæн мæ мады Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ уæлдай буцдæр дардтой, æмæ сæм сымах цæмæн мæсты кæнут, нæ зонын. Надæй йæ нæ амардтой, уæдæ йæм мæгуырау ныхас дæр никæд ничи скодта. Уæдæ ныхасы дæр хъусын мæ хистæрты ныхæстæм тынг зæрдиагонæй, æдзух сæ цæстысыг калгæйæ дзурынц æмæ фæзæгъынц: «Гуыбаты чызгæй уæздандæр нæ Нарыхъæумæ чындз чындзы нæ æрцыд æмæ нæм нал æрцæудзæн». Цæуыл сæм хыл кæнут, уый æз нæ зонын. Уæдæ мæ фыды фыд кæугæйæ дзырдта: «Уæ мæ чындз, куыд мæ мæрдонæй фæуагътай! Уæ, мæ дыууæ боны хуры тын фæдæлдзæх æдзардæй! Уæ Гуыбаты чызг, мæнæ мын цæй зын скодтай — канд мæнæн нæ, фæлæ æгас Нарыхъæуæн дæр!» Нæ, уæдæ мæнæн мæ фыдæлтæ æмæ хистæртæ æгæр уæздан адæм дæр ма сты. Уæдæ Нарыхъæумæ мæ мадæй хуыздæр чындзытæ кæй æрцыд æмæ ма сæм ноджы хуыздæр чындзытæ дæр кæй æрцæудзæн, уый дæр зонут, кæд уæздандзинад æндæр хуыздæр не ’мбарут, уæд. Мæ фыдмæ дæр мын тынг мæгуырау цæстæй кæсут. Ницы уын ракодта мæ фыд дæр: авд азы сау фæдардта, æгæр дæр ма фæбадти. Мæн Нар æхсæны куы бахъомыл кодтой лæгæй дæр æмæ усæй дæр. Кæмæй хъуамæ рахъаст кæнон æз Нарæй, кæд æмæ «Къоста ахæра, Къоста адара»-йæ сæ нæфæтчиагæй дæр мæн æнæ хай никæд ничи ныууагъта. Курын уæ — ма мын мæ зæрдæ риссын кæнут. Уæд Дада дæр æмæ Къæбер дæр мæ зæрдыл æрбалæууынц, æмæ мæм кæуын фæцæуы. Нарыхъæуы уæ хæрæфыртæй хуыздæртæ уыд æмæ уыдзæн. Алы хатт афтæ ма дзурут. Къоста Хуыцау нæу, кæнæ йын сызгъæрин базыртæ нæй, иннæ лæппутæй хъауджыдæр зæдтæ æмæ дауджытимæ, мыййаг, нæ тæхы. Цæмæн ахæм æнæууылд ныхæстæ кæнут, мæ мады ’рвадæлтæ? Цин кæнут, æмæ уæ дыууæтæн дæр уæ цард бирæ фæуæд, мæнæй сымах зæрдæ куыд срухс уа, сымахæй та — мæ зæрдæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.