Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 4 страница



Замманайы чызг рауад Къæберы фыртæн йæ куырдуаты бадæг. Куыннæ-иу бахæлæг кодтаиккой, чындз æрхæссынмæ бæрæг адæмтæй æнхъæлмæ чи касти, уыдон.

Дауыт ацыд ахуыр кæнынмæ, чызг та йæ мад æмæ йæ фыдимæ хъомыл кодта, мад æй цæттæ кодта. Уыцы заманты бирæ адæмтæн сæ бон нæ уыд сæ фырты кæнæ сæ чызджы сахуыр кæнын æмæ-иу бæллæг бæллыд, ахуыр чи кæны, ахæм лæппутæм. Хъæбæр диссаг-иу сæм касти, ахуыргонд уыдзæн, зæгъгæ. Къæберы фырт конд æмæ уындæй дæр диссаг уыди.

Кæм ма уыди Дариханы амонды хуызæн, фæйнæрдыгæй йæм куыннæ хæлæг кодтаиккой. Мад ма уæд йæ хæдзары хорзæй цы уагъта: «Хъуамæ мæ чызджы Нармæ цæттæйæ арвитон. Цæмæн исчи рахъаст кæна, йæ чызг авдæнмæ кæнæ гуыбынмæ фидыд æрцыд, зæгъгæ. Ахæм ахуыргонд лæппуйы цинæй мыл æхсæв хуыссæг дæр куыд хъуамæ хæца?»

Æмæ та-иу аууоны рабадтысты Дарихан дæр æмæ йæ мад дæр. Дарихан астæубостæ нывæста æмæ сæ уæфта.

— Иу фондзыссæдз астæубосы уæддæр хъæуы, мæ чызг. Чындзхæсджытæн дзы цал хъæудзæн, Хуыцау сæ зонæг фæуæд. Æргъом хæдзар мах хæдзар дæр нæу. Уæдæ йæ лæппу ахуыр кæмæн кæны, уый та махæй дыууæ кæнæ æртæ хатты домбайдæр кæй уыдзæн. Уæдæ фæсбынтæ дæр цас æмæ цас хъæуы, мæ чызг, дæ фæхъхъау мæ Хуыцау куы фæкæнид. Цалдæр фæлысты дæ фæсбынтæ дæр хъæуы, уæдæ цухъхъайæ, куырæтæй — иу-фондз тыны дæр нын кæм сфаг уыдзысты. Хуыцау хорз æмæ нæхимæ сæгътæ бирæ ис, иу-фондз гæрзхоры сыгъдæг тинтычъийæ бауафдзынæн. Лæппуйæн йæхицæн дæр басылыхъхъаг, уæдæ йæ фыдæн, йæ фыды ’фсымæртæ дæр æртæ цыдæр куы сты. Иуæн дзы уæддæр хъæуы, сегасæн куы нæ уа, уæддæр. Уæдæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæн хъæуы, уæдæ мыггаджы хистæрæн дæр, мæ хур, хъæуы. Мацæмæйты нæу, æгъдауы сæрты та уæд цæй ахизæн ис? Мæнæй халгæ не сты нæ ирон хъуыддæгтæ æмæ æгъдæуттæ. Мæнæн мæ мад Гаджион фараст тыны куы срæвдз кодта фæндзгай гæрзхортæ. Уæдæ мæм иу-дæс та нымæттæ уыди. Мæ цъындайæ, мæ фæсбынтæй, мæ астæубостæй — нымайæг сæ бон-изæрмæ нымад кæм фæуыдаид. Уæдæ сыгъдæг хæрдгæбыдæй иу чырын уыд йæ тæккæ дзаг, уæдæ фындзы кæлмæрзæнæй, уæдæ къулы гауызæй, уæдæ бумбули базæй, къуымбил гобанæй — æртæйы фæлыст мæм хуыссæнтæ уыди, сыгъдæг дарийæ та кæд уыдысты сæ цъæрттæ. Алцæмæй дæр дыгай фæлыстытæ. Мæ фыды ’фсымæр мын сæ амал кодта, йæхицæн дуканитæ уыд раст уæлæ Сыласы бын. Фæлæ иу заманы Зыруггомы æнæрайы фæуинаг дон раивылд æмæ нын нæ фосдарæн дæр аласта æмæ нæ дукани дæр. Уæддæр ма хорз уыди, æмæ Нар фæфæдис сты æмæ фосы донæн ласын нæ бауагътой. Мæнæ не ’рбамбырд сты, уæд дæ балгъитæгыл дæр мах бон куы бакодтаид. Мæнг нæ фæзæгъынц: æнæ адæм цæрæн дæр нæй æмæ нæ уыди. Афтæ у, мæ чызг, хъуамæ фезмæлыны адæргæй адæймаг йæхимæ уайдзæф ма райса.

Иу дзырдæй, Дариханы йæ мад рагацау ахуыр кодта.

— Хорз бæхæн та, мæ чызг, хорз саргъ дæр кæй хъæуы. Уæдæ бæх хорз, саргъ та мæгуырау, уæд уыцы бæх кæй цæсты хъуамæ сахада? Дæлæ Басыл хорз лæг у, йæ усы та мæгуырау Мыччы хуыдтой йæ фыр æвзæрæй, фæлæ йæ Басыл цоты тыххæй нæ арвыста. Æнæуый дæр ирæд бирæ хъæуы. Хуыцау ахæм мæгуырау сылгоймаджы хæдзармæ нæ, фæлæ скъæтмæ дæр ма æрбауадзæд, йæхи ныхсынæн дæр нæ уыди, йæ сæр-иу пеперетæй рахаста, йæ уæлæдарæс дæр дæлæ-уæлæтæ, кæлмæрзæн зылын-мылынтæй йæ уæлæ: иу кæрон йæ сæрыл, аннæ кæрон та зæххыл ласгæ хаста. Хуымæтæджы кæлмæрзæн дæр куы уыдаид, фæлæ хорз хъуымбылхау кæлмæрзæн. Басыл хуымæтæджы лæгыл нымад, мыййаг, куы нæ уыди, фæлæ йæ сылгоймагæй амонд нæ фæци. Мад хорз сылгоймаг уыди æмæ сывæллæтты уый хъомыл кодта. Пехцелсæр Мыччы йæхи ныхсынæн куы нæ уыди, уæд ма сывæллæттæм кæсын фæрæзта? Уæвджийæ та Басыл цард-цæрæнбонты цæй æвзæримæ фæцарди! Хъаруйæ та уæд Басылы чи аййæфтаид, фæлæ мæгуыр у, сылгоймагæй амонд кæй нæ фæуа, ахæм лæг. Мæ чызг, дæ фæхъхъау фæуон, дæ зæрдыл сæ дар: нæлгоймагимæ арæхстгай æмæ хъуыды кæнгæйæ цæрын кæй хъæуы. Хъуамæ, дæ мой нозтджынæй æрбацыд, уæд æм февналай æмæ йæ асыгъдæг кæнай. Изæрæй дæр дæ бинонты æгъдаумæ кæс, райсомæй дæр афтæ. Хъуамæ бинонты разæй рацæуай æмæ схуыссай? Нæ, мæ къона. Хъарм дон дæм уæд æмæ дæ зæронд хицауæн йæ къæхтæ цæхсай, уæдæ æфсинæн дæр. Сæ хуыссæнуæттæ сын бакæн. Куыннæ уыдзæн хæдзары змæлд, змæлдæй дæхи иуфæрсыг ма лас. Ме знагмæ дæр йæ бинонтæ фæбыцæу уæнт, нæ хъæуы, мæ чызг. Бинон хорз у, ме знагæн ма уæд йæ хæдзары бинонтæ дæр ма фезмæлой. Уæдæ сбад æмæ дæ бынатæй змæлгæ дæр ма кæн, уæд уый цы у? Кæнæ ма бинонтæ сæ чындзæй ма раппæлæнт, фæлæ дзы хъаст ракæнæнт йæ налат, йе та уæзбын хела-мелайæн. Рæвдзæй хъуамæ æвналай, æрмæст мæнæ дугъон бæхау ма згъор, фæлæ дæ къах хъæр кæнæ гыбар-гыбур куыннæ кæна зæронд лæгмæ, уыцы разаивтыл архайын хъæуы. Хæринагмæ дæр кæсын хъæуы, цалынмæ срæвдз уа, уæдмæ. Уазæг хъæнтæ бæрæг кæны; алцæмæй дæр хъуамæ сылгоймаг йæхимæ уайдзæф ма иса, уый уæд худинаг у, худинаг. Кæннод хуырым гал хуыдымы куы смидæг уа, афтæ у чызджы хабар дæр: иу хæдзармæ иу æгъдау ис, иннæмæ та æндæр хæдзары æгъдау уыдзæн. Цæмæн æз мæхи æлгъыстаг фæкæнон, хъуамæ мын афтæ дзурой: «Чи дæ схъомыл кодта æмæ цы хæдзарæй рацыдтæ, уыцы хæдзарæй дæуæй хуыздæр ма рацæуæд æмæ сæ къух сындзтонæн фæуæд, какон сындзытыл та сæ фæндаг фæуæд»? Фæлæ, Нанайы чызг, хъуамæ Нана дæу цæрæнбонты кæйдæр уæздан мыггагæй арфæтæ иса æмæ зæгъой: «Йæ цард бирæ уæд, уый дын ус!» Мыггаджы æхсæнмæ чызг барвитын хъæуы. Уæдæ ме знаджы чындзæй къæйных æмæ æдзæсгомæй дæр рахъаст чындæуæд. Хорзæн æмбал нæй, уæд бинонты æхсæн дæр ахадæндæр уыдзынæ, дæ сæры хицауы цæсты дæр кадджындæр уыдзынæ. Уæлдайдæр та æд чиныг лæг. Хохæй адæмтæ ахуыргонд лæгмæ дардмæ дæр бæлгæ кæнынц, ахæмтæ арæх дæр не сты. Чи мæ уарзы, æмæ кæй уарзын, уый ахæм чиныгæй зонаг лæгмæ фæцæуæд.

Дарихан мадмæ хъусаг чызг уыди, æмæ йын йæ мад цыдæриддæр дзырдта, уыдон хъуыды кодта, кæнгæ дæр сæ кодта рæвдзæй.

Рæвдзгонд дæр фесты. Йæ бындар фæуæд, алцæмæй дæр фаг уыди Дариханы чырыны йæ чындзы цæуæн бонмæ, зæрондæй, ногæй кæмæн цы хъуыди, бинонæй дæр æмæ хæстæг хионæй дæр. Особа карзæй-карздæрæй домдта домæнтæ: кæй чындзмæ фылдæр лæвæрттæ уа, уый хуыздæр, кæмтты йæ кой кодтой.

Фæлæ, йæ бындар фæуæд, æхсæвæй райсоммæ цы æрцæудзæн, уый зын базонæн у. Къæберы фырт иугæр хуыссæнуатæй куы нал хызти, уæд-иу Дарихан йæ мадæн алæгъстæ кодта:

— Цæй-ма, Нана, иу изæр бауайон, Дауыты мæлинаг рынчын куы хонынц. Сæ рудзынгæй уæддæр бакæсон.

— Нæй, мæ чызг, æз мæхи зарæггаг цæмæн фæкæнон? Мæ файнустытæ мын æй уайтагъд мæ цæстытæй акъахдзысты, дæ чызг йæхи къахæй Балатæм куы бацыди, зæгъгæ.

— Уæуу, мæнæ диссаг! Уæдæ ныр Дауыты мæ цæстæй нал фендзынæн? Уæ Нана, хæрз æнамонд куы фæдæн. Æз мой дæр нал скæндзынæн.

— Афтæ ма дзур, мæ чызг, мой дын цæй æнæ скæнгæ уыдзæн? Мæнæн дæр бæргæ зын у. Хуры фырты хуызæн уыд кæйдæр уæздан лæппу. Фæлæ дудгæ æмæ судзгæ фæбадæнт, уый кæмæй фæхаудзæн, уыцы фыды фырттæ, сау хотæ, уый мидбылты худгæ кæмæ нал рауайдзæн! Уæ, судзгæ фæбадай, Малхаз, йæхиуыл сау додой чи кæны. Знон, дам, йæ сæр лæдзæгæй хоста. Цы хæрам ис Малхазмæ, йæ сау рæхыс хурмæ чи хæсдзæн, йæ дардыл æвæрд галуантæ дзæгъæлæй кæмæн зайдзысты. Махæн та кæд æндæр ран дæр нæ амонд фæзынид.

Дарихан ныккуыдта:

— Уæ Нана, уый та куыд загътай?..

Къæберы фырт æдзух «Къоста, Къоста» кодта.

— Мæлгæ кæнын, Къоста, цавæр арф ран дæ? Кæд, мыййаг, Къоста ахст у, æмæ мын æй нæ хъæр кæнынц.

Уæд иу бон афтæ зæгъы:

— Æз иу бон хъуамæ мæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кæнон æмæ Къостамæ мæ хабæрттæ мæхи къухæй фæфыссон.

Дауыт ма, мæгуыр, зырзыргæнгæ йæ уæззау хабæрттæ Къостамæ фæфыста, йæ фыссинæгтæ Малхазы усмæ радта: «Ацу æмæ йæ фервит». Малхазы ус кæугæ рахаста Дауыты фыстæг æмæ йæ ныппæрста.

Къоста Дауыты уæззау рынчын куы фехъуыста, уæд йæ сæр хоста:

— Хæдзары сæфтæй куы баззадтæн, амæй та ма уæд мæхи кæм хъахъхъæдтаин? Къæберы домбай фырт мæлгæ куы кæны мæлæтдзаг рынчынæй йæ хуыссæнуатæй куы нал хизы, уæд мæнæ цæй уæззау бонтæ цæуы мæ мæгуыр æмæ сидзæр сæрыл. Фæлтау мæ Нар куы нæ бахъомыл кодтаиккой, Нарыхъæуы æхсæн мæ дзидзигур куы рахæсс-бахæсс кодтой. Уæ хæдзархæлдæй мæ марынвæнд, куы скодтай, мæ зæрдæ фæйнæрдæм уымæн куы тоны!

Къоста катай кодта: «Уæдæ ныр Къæберы фыртæн цы баххуыс кæнон, кæд ма йæ уд йæ мидæг ис, уæд?»

Къостайæн йæ хæстæг æрвад Бетъырбухы куыста дæсны дохтырæй. Иу дзырдæй, мард æгасгæнæг æй хуыдтой Андухъапары. Къоста йæм бацыд:

— Калакмæ дын мемæ æнæ цæугæ нæй. Къæберы фырт мæлæтдзаг рынчын у, æмæ йæ хъуамæ фенай.

— Калакмæ æз нæ ацæудзынæн. Мæлгæ цы рынчын кæны, уымæн ма дын мæ бон цы бауыдзæн? Мæнæй дæсныдæр дохтыр уæлæ дзуттаг лæг Данел. Тарнизæн уый кæны хос.

— Хорз мæ куы ардауыс, хорз. Нар сæ бирæгъы Захъамæ куыд ардыдтой, афтæ: «Ацу, бирæгъ, уæлæ Захъайы бирæ фос æмæ уырдыгæй рахæсдзынæ». Æз, мæ хорз æрвад, дæумæ мæ амæлæты бонмæ дзыхæй нал сдзурдзынæн. Къоста æргом ныхас кæй у, уый алчидæр зоны. Гъе ныр мыл абонæй мæгуырдæр бон кæд хъуамæ бакæндзæн? Мæ цæст мæ размæ хаугæ кæны, гормон, мæлæг рынчынæн кæд хос нæ кæныс, уæд æнæниз адæймагæн та хос цæмæн хъæуы?

Къоста æмæ Бато Калакмæ уыцы кæугæ рацыдысты. Фæндаг сыл уæлдай даргъдæр ныцци. Къоста афтæ зæгъы:

— Уæуу, мæнæ диссаг, ныр та Къæберы фырты уæлингæны раз дæр æрлæудзынæн?

— Цы гæнæн ис, Къоста, лæг зынтæн райгуырд.

Калакмæ бахæццæ сты Къоста æмæ Бато. Ме знаг ахæм рынчынмæ куы бакæсид — зæрдæ йæ уындæй судзгæ сау рæхуыстытæ куыд нæ кæны. Къоста æмæ Батойы зонгæ бакодта, йæхимæ сæ æрæлхъывта. Къоста йæ кæуын тыххæй уромы:

— Цы кæныс, Къæберы фырт? Уый куыд ауагътай дæхи?

Къæберы фыртæн йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ йæ бæрзæй фæкъул кодта. Цыма сын афтæ загъта: «Æз цæуын нæвæндонæй мæ æнусы бынатмæ. Нал уын æй сусæг кæнын, мæ уарзон æфсымæртæ, æвæндонæй куы хицæн кæнын сымахæй. Цы ма уын æй æмбæхсон, уынгæ йæ куы кæнут уæ цæстытæй...»

Къоста йæ уарзон æфсымæры афарста:

— Дариханы фенын дæ нæ фæнды?

Дауыт йæ сæрæй ацамыдта, бæргæ мæ фæнды, зæгъгæ. Къоста æмæ Бато, æгъдау куыд æмбæлы, афтæмæй Цопаны хæдзармæ сæ куырдуаты бадæгмæ бацыдысты. Семæ бахастой сызгъæрин цонгдарæн æмæ къухдарæн æмæ сæ Дариханæн балæвар кодтой. Куыннæ уыдаид Цопаны чызгмæ дæр лæвар кæнинæгтæ. Къоста æмæ Батойæн балæвар кодта сыгъдæг тинтычъийæ басылыхътæ, сæ коцоратæ раст зæхмæ хæццæ кодтой, сызгъæрин хæрдгæбыдæй рæсугъд хуыд уыдысты. Къоста дæр æмæ Бато дæр Дариханы басылыхътæ сæ уæлæ акодтой æмæ загътой:

— Ацы хорз лæвæрттæ мах нæ амæлæты бонмæ нал фесафдзыстæм.

Æмæ сæ фæдардтой. Нал систой сæ амæлæты бонмæ сæ дыууæ дæр сæ уарзон чындзы лæвæрттæ.

Къоста æмæ Бато Дариханы ракодтой Дауыты размæ.

— Ракæс-ма дæ цæстæй, Къæберы домбай лæппу, мæнæ дæм Дариханы куы æрбакодтам.

Къæберы фырт хæрзконд, саухил лæппу уыд. Цæхæртæ калдтой йæ къæбæлдзыг сæры хъуынтæ.

Удисæг дон мондагæй фæагуры.

— Дон мын авæрут, донæй мæ бафсадут, уæ хорзæхæй.

Доны бæсты йæм фых æхсыр бахастой.

— Къоста, дон мæ хъæуы, донæй мæ бафсадут, — æхсыр фæстæмæ раздæхта.

Уæд Къоста афтæ зæгъы Дариханæн:

— Марадз, Дарихан, дæ сæры хицауæн уазал донæй йæ мондæгтæ суадзын кæн, мæрдтæм æй уазал дон мысгæ ма бауадз, дæ хорзæхæй. Нал дæ бадомдзæн дæ сæры хицау абонæй фæстæмæ ницæуыл. Нал зæгъдзæни: «Цæугæ кæнын дард балцы æмæ мæ арæвдз кæн, мæ уды æмбал». Нал исы Къæберы фырт йæ домбай уæрджытæ. Нал исы йæ сæр хæрдмæ. Хицæн кæны йæ уæлион цардæй. Уæ Дарихан, дæ хорзæхæй, ма дзы рахъаст кæн: «Нæ мæм скаст мидбылты худгæйæ. Куырдуаты бадæг чызг æмæ лæппуйау нæ кæрæдзийы фаг нæ барæвдыдтам». Йæ тых басæттæд тыхджын æмæ домбай низæн.

Дарихан йæ цæстысыг калгæ Дауытмæ кæхц йæ былтæм дзагæй уазал дон бахаста:

— Айс, Къæберы фырт, ракæс дæ цæстæй, кæд дын цыфæнды зын у дæхиуыл схæцын, уæддæр. Уæ бецау, дæ фæстаг тыхтæ æмæ хъарутæ баиу кæн æмæ Дариханы къухæй уазал донæй дæ мондæгтæ суадз.

Къæберы фырт æртæ хатты йæхиуыл уæлæмæ схæцын бæргæ сфæлвæрдта, фæлæ йæ бон нал баци. Æрбауад Къоста æмæ Къæберы фыртæн йæ сæры æнцой æрлæууыди.

— Нуазгæ кæн Дариханы къухæй. Нуазгæ кæн, Къæберы фырт, мæнæ кæйдæр чызгæй худинаг у. Уæ бецау, схæц-ма дæхиуыл. Дæ бонæй уай, Къæберы фырт, мæнæн дæр æнцон нæу бæргæ, фæлæ цы гæнæн ис? Æдых, фæллад адæм. Цардæфхæрдæй куы æрвитæм нæ царды бонтæ.

Æртæ боны ма фæудхар кодта Къæберы фырт æмæ афардæг. Къоста æмæ Бато сæ сæры хилмæ лæбурдтой æмæ йыл дæлгæмттæ кодтой. Æфсымæр зынаргъ у, нæй йын ссарæн, нæй йын балхæнæн. Хуымы нæ зайы, уæдæ уыгæрдæны дæр нæ зайы.

— Уæ бецау Къæберы фырт, уæрæх фæндаг куы кодтай Хуссар Ирæй Цæгат Иры астæу. Мæт æмæ катай куы кодтай фæллойгæнæг, фыдæбонгæнæг адæмтыл, уæд ныр уæлгоммæ куыд ауагътай дæхи, гормон?

Хуры цæст тар кодта Малхазы тæригъæдæй. Калакæй Гурмæ цыдысты судзгæ æмæ дудгæ зианмæ. Бацæуæнтæ æмæ фезмæлæнтæ нал уыди Малхазы стыр галуанты дзыллæтæн. Уæ бецау, цардбæллон лæппу, куыд фæуагътай дæ куырдуаты бадæджы?

Къæберы фыртмæ бакæс, уæд хуры фыртау худти, мæнæ цыма рагæппæввонг лæууыди. Æрбакодтой сауджыны, æгъдау куыд амыдта, афтæ. Сауджын хæстæг нæ цæуы:

— Уæртæ йæ мидбылты худгæ куы кæны, уæд æй æз куыд бафæдзæхсон мæрдты фæндагыл?

Бато уæд Къæберы фыртмæ хæстæг бацыди æмæ æркæстытæ кодта. Къæберы фырт уазал хид куы адардта, уæд Бато афтæ зæгъы:

— Де знаг дæр æмæ ме знаг дæр афтæ амæлæнт, уый куыд амарди.

Сауджын уæд зианыл саргъуыдта, зиан зианы æгъдæуттæ куыд фæагуры, афтæмæй.

Гæджийы фырт сау марой кодта:

— Уæ, мæнæ иунæгæй куыд аззадтæн. Æз ныр Хуссар Ирæй æнæ дæу фæндаг нал сараздзынæн. Мæнæн мæ тыхджын ныфс ды куы уыдтæ, уæд ма æз æнæ дæу цы кæндзынæн? Уæ Къоста, уæ Бато, ма мæ-иу рахъаст кæнут. Мæнæн иунæгæй мæ бон ахæм стыр хъуыддаг бакæнын нæ бауыдзæн.

Хур фæныгуылды Къостайы æрбакодтой йæ уарзон æфсымæры уæлцыртмæ. Дзыллæтæ æмдзыхæй æрхатыдысты:

— Къоста, де ’фсымæры фæраст кæн.

Судзгæ зианы чи афæндараст кодтаид, уыцы хъару никæмæ разынд утæппæт дзыллæтæй. Йæ бон сдзурын никæмæн уыди, кæуын-иу хъуыррæбын абадти.

Къоста куы бацыди йæ уарзон æфсымæры размæ, уæд фыццаг адæмæн раарфæ кодта:

— Мæнæ хорз адæм, фарн уæм бадзурæд. Æрбацыдыстут судзаг зианмæ, донау уæ цæстысыг калут усæй, лæгæй, чызгæй, лæппуйæ. Ацы зындзинад уын Хетæгкатæ хорз бонты куыд бафидой, цинты фæдыл уæм куыд фæцæуой, афтæмæй сæдæ сæдæ бонты мидæг судзаг æмæ дудаг зианæй иртæст куыд уой нæ уарзон дзыллæтæ сæ адзалы бонтæм, уый Хуыцауы бафæндæд. Цæуы Къæберы фырт æххæст лæг æмæ æдзардæй, бынтон амард фыды фыртæй. Фæстаг куы нæ баззайы, уæд уый амæлы бынтон. Малхазы хæдзармæ уæларвæй туг уарæгау кæны. Малхаз йæ æфсымæры лæппуйыл куы дардта йæ цард, мæ зæронд сæр кæд мæгуыр æмæ дзæгъæл нæ уаид, зæгъгæ. Ныр додой йæ зæронд сæр. Ололи йæ уæлхæдзарæй сау уыгмæ дзуры: «Рауай, мæнæ нын диссаджы хæдзар куы баззади уæгъдибарæй». Гъе-уæууæй Къæберы фырт, оххай-гъе Къæберы фырт, æнæ хай фæдæ дæ диссаджы цардæй, нæ бахæццæ дæ дæ диссаджы цардмæ, о бецау, цардбæллон сахъ лæппу.

Къостайы ныхæстæм дзыллæтæ æмкуыд ныккодтой. Къоста рухсаг загъта:

— Цæугæ ныр, мæ хур, дæ æнусон бынатмæ. Мæнæ дыл дæ уарзон адæмтæ сæ цæстысыг калынц, æмæ дын хæлар фæуæд, мæрдты æгъдауæй дын цæмæн ахъаз æмæ бæсты уыдзæн, уымæн. Ма-иу нæ рахъаст кæн, кæд дæуæн фæндараст зæгъын нæ бон нæ баци, истæмæй ныл кæд дæ зæрдæ худы.

Къоста иугæр рухсаг куы загъта, уæд ныр зиан ингæны бавæрæм, афтæ Малхазæн йæ зæрдæ атыдта æмæ афардæг. О, мæнæ диссæгтæ, æлгъысты æмбисæндтæ. Малхазæн ма цы хуыздæр фæрæз уыдаид: йæ æфсымæры лæппуимæ сæ иумæ баныгæдтой. Дзыллæтæ загътой:

— Ахæм тæригъæддаг хъуыддаг Хуыцау макуал æрбауадзæд хæдзармæ.

Устыты судзаджы хъарджытæй Калачы адæмтæн сæ цæстысыгæй раст зилгæ куырой разылдаид.

— Уæ бецау, Малхаз, хуыздæр бакодтай, дæ цæрынхъуаг лæппуйы фæстæ кæй араст дæ æнусы цардмæ.

Малхазæн йæ хæдзары дуæрттæ хъæбæр бахгæдтой, раст ын уыцы бон йæ усы йæ цæгат ракодтой. Къоста æмæ Бато тынг зæрдæрыстæй куыннæ рараст уыдаиккой Калакæй. Къоста загъта:

— Мæнæ цард цæй диссаг у. Кæдæй райгуырдтæн æмæ мæхи зонынхъом фæдæн, уæдæй абонмæ мæ зæрдæмæ хуры рухс никуыма бакасти. Хъугърионæй федтон æрмæст рæвдыд. Мæ бон ын ницы хорздзинад бакæнын баци, мæгуырæг. Мæ зæрдæ ма рухс кодта Къæберы фыртæй. Гъе ныр дын уый Къæберы фырт.

Сæ хъыг æмæ сæ маст фæфылдæр сты, Къоста æмæ Бато Нарыхъæумæ куы рахæццæ сты, уæд. Нар чызгæй, лæппуйæ сæ сæртæ хойгæ Къостайыл сæхи æппæрстытæ кодтой:

— Къоста, мах дæумæ куы æнхъæлмæ кастыстæм, нæ домбай æмæ æххæст ахуыргонд æфсымæры нын Калачы цæмæн ныууагътай?! Уæ, дæдæй куы фæкодтай! Ныр куыд цæрдзынæ æнæ Дауыт, иу чысыл рæстæг дæр æнæ кæрæдзи куы нæ лæууыдыстут, дæдæй куыд фæкодтай! Дауытæн йæ сау хотæн се стыр бон куы ныккалд, Калачы сæ зынджы хай куы баххуыссыд, Калачы сæ дуæрттæ хъæбæр куы бахгæдтой, Нарыхъæуы та афтид цыртмæ сау марой куы кæндзысты.

Къоста уарзта мардæн дугъ уадзын æмæ уынаффæ бахаста ныхасмæ. Нары хистæр Балаты Идарыхъо загъта:

— Къостайы фæндон куыд сæххæст кæнæм, афтæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.