Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 3 страница



Ныхасы лæгтæ уыцы къуындæгдзинадыл куы дзырдтой, уæд сæ дыууæйæн дæр сæ кæуын сæ хъуыррæбын æрбабадти — охх, уæдæ цы мæгуыр дæ, æвæд!

Ныхасы лæгтæм бацыдысты:

— Уæ бонтæ хорз уæнт!

— Уæ, алæбон нæм æгас цæут. Кæй кой кæнай — мæнг нæ фæзæгъынц — къæсæрмæ. Мæнæ сымахыл дзурæм, Хъугърион уæззау низы хай кæй фæци. Йæ къæхтыл нал лæууы, мæгуырæг, йæ æрдиаг цæуы, Къостамæ йæ фæдисы хъæр, уæдæ мæнæ мæлинагмæ дæр афтæ хъæр кæны. Уæллæй, знон мæ кæуын нал баурæдтон.

Къоста ныхасы лæгтæн фæтæригъæд кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Ма тыхсут, исты амал уыдзæн — лæг амалæн райгуырди. Уæлæ йæ Хъæрмæдонмæ мах та хæхты сæрты фæхæццæ кæндзыстæм. Хъæрмæдоны кой хъуысын райдыдта, хорз дзы æппæлгæ дæр кæнынц.

Ныхасы лæгтæ кæрæдзимæ дисгæнæгау бакæстытæ кодтой:

— Хъæрмæдонмæ йын халон йæ сæрбæттæн дæр зынтæй куы фæхæццæ кæндзæн. Хъæрмæдонмæ куыдæй фæцæудзæн, лæгтæй йæм бæхтыл фæцæуынмæ дæр йæ ныфс иу дæр куы нæ хæссы. Уæлдайдæр йæ къæхтыл куы нæ лæууы, уæд ын цы митæ кæндзыстут? Хæхты сæрты йæ куыд хъуамæ фæхæццæ кæндзыстут? Уый фыны фенгæйæ дæр зын бауырнæн у, мæ хæдзæрттæ.

Къоста афтæ зæгъы:

— Æз æм дыууæ хатты мæнæ Къæберимæ ацыдтæн цуаны хæхты сæрты, раст зноны хуызæн мæ зæрдыл лæууы. Мæ къухтæ йæм бадардтон æмæ тынг хъарм уыд, мæхи дæр дзы хорз цынадтон. Уæдæ дзы мæнæ Къæбер дæр цынадта. Нал æй хъуыды кæныс, Къæбер? Сырх дзæбидыр дæр дзы куы амардтай, физонæг дæр ма йæ разы куы скодтам. Уым ма ныл ноджыдæр æндæр цуанæттæ дæр куы бамбæлдысты, сæ ныхæстæм æз зæрдиагонæй хъуыстон, сæ хæйттæ мын куы лæвæрдтой, уæдæ сын суар дæр куы æрбахастон.

— Уæллæй, æцæгдæр дæ куыд нæ рох кæнынц, Къоста. Бирæ мæ фæудхарæй мардтай: хæхтæй-иу дын тæрсгæ кодтон рахауынæй æмæ-иу сусæгæй рацыдтæн. Кæс æмæ та дæлæ Къоста æрбауайы: «Фæлæуу, Къæбер, мæнмæ дæр, æз дæр цуаны цæуын. Мæнæн цы хæлæг кæныс?» Ацу æмæ-иу уæд мæ зæрдæ кæм фæлæууыдаид æмæ — фæнда дæ, нæ фæнда — уæддæр æй кæнгæ кæн демæ, Къæбер. Цы гæнæн ма-иу уыдаид? Цæугæ, раст зæгъын хъæуы, тынг цæрдæг кодта. Фæлæ-иу ын тæригъæд дæр кодтон: цуанон лæгæн йæ уд йæ роны дæр куыннæ вæййы цуаны цæугæйæ. Бирæ зын рæттæм дæр-иу куыннæ бафтыдаиккам. Уæдæ мын-иу иннæ цуанæттæ уайдзæфтæ дæр кодтой: «Къæбер, ацы лæппуйы иу-дыууæ хатты хорз пысырайæ фæнæм, æмæ дæ фæстæ мауал цæуа сусæгæй дæр æмæ æргомæй дæр. Цуаны цæуын афон ыл дзæбæхæй æрцæуæд, уæд æй кæндзынæ, фæлæ нырма хæрз сывæллон у». «О, уæ рын бахæрон, бæргæ йæ зонын мæхæдæг дæр, фæлæ æнæ мацæй баззад, æмæ мæ фæстæ куы скæуы, уæд мæ бон нал размæ рацæуын вæййы, нал фæстæмæ аздæхын. Ацу æмæ мын цыфæнды дæр дзур, куыдфæнды дæр зæгъ».

Къоста-иу хаттæй-хатт кæугæ дæр скодта, йæ сывæллоны бонтæ-иу ын куы дзырдтой, уæд.

— Акæс-ма, Къæберы куыд удхарæй мардтон. Цæмæй бафидын бауыдзæн мæ бон Къæберæн дæр æмæ иннæтæн дæр сæ хæрзтæ?

Къоста æмæ Дауыт Хъугърионы хæхты сæрты хæссын байдыдтой.

Джимарайы цардысты Балатæй æртæ хæдзары æмæ æхсæвы уырдæм бахастой Хъугърионы. Тынг æхсызгон сын уыди тынг сыл цин дæр куыннæ бакодтаиккой.

— Хур фенæгау ма мæнæ æрвадæлон лæгтæ федтам. Цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста, уый сызгъæрин куы фестид, махæн ма æрвадæлон лæппуты чи фенын кодта æмæ адæмы хуыздæр фæуат, чи ма нæ бабæрæг кодта.

Хъугърионæн фæлмæн уат бакодтой æмæ йæ схуыссын кодтой. Райсомæй йæ Хъæрмæдонмæ бахастой. Диссагæн баззадысты: хохы сæрты ахæм рынчыны куыд æрбахæццæ кодтой се ’ккой. Æртæ бонмæ йæ фæхæццæ кодтой: Нарæй Хъæрмæдонмæ бирæ хæхтæ æмæ къæдзæхтæ ис.

Хъугърионимæ æртæ боны фесты. Уыцы æртæ боны мидæг йæ низæй цух кæнынмæ фæци. Джимарайы Балатæн загътой:

— Махæн нæй рæстæг фæлæууынмæ, фæлæ йæм, уæ хорзæх уæд, æмæ сымах фæкæсут. Æгас Нарыхъæуæн дæр мадиуæг кæны. Нарæй ардæм æй фæхастам, кæд йæ низæй фервæзид.

Балатæ загътой:

— Уæ зæрдæ æппындæр ма æхсайæд: мах æй раст мады рæвдыд кæндзыстæм. Куыддæр фæсæрæн уа, афтæ йæ Нармæ æмбæлын кæндзыстæм.

Къостамæ диссаг фæкасти:

— Иннæ Балатæй хъауджыдæр сымах ардæм цæмæн æрбафтыдыстут?

Уыдон загътой:

— Нæ фыды фыд Уырызмæг лæг амардта æмæ раст æхсæвыгон ралыгъдис æд бононтæ æмæ ацы ран æрцардыстæм. Хъусæм æй, нæ фыдæлты æрнæджытæ æмæ гæнæхтæ уартæ Нарыхъæуы кæй сты, æрмæст цæугæ никæд акодтам.

Къоста æмæ Дауытæн цæугæ уыди, сæ ахуыры тæккæ кæронмæ бахæццæ сты.

— Фæндараст фæут, уæ рынчынмæ та уæ зæрдæ ма æхсайæд.

Тынг буцæй рацыдысты Джимарайæ.

— Уæдæ ма æххæст Дæргъæвсы дæр цæры Балатæй, уыдоны дæр хъуамæ бабæрæг кæнæм, уыдон та куыд æгъдауæй æрбафтыдаиккой?

Раст сæм уыгæрдæнмæ бацыдысты. Æртæ æфсымæрæй хос карстой, гъæйтт кодтой астæумæ кæрдæг. Сæ тæккæ аходæн: хæрын афон дæр уыди. Кæсынц хосгæрдджытæ, æмæ далæ дыууæ лæппуйы, мæнæ цыма раст ацы ран гуыргæ ракодтой, афтæ хионы цыдæй æрбацæуынц, тынг хæрзконд лæппутæ уыдысты. Кæсгæйæ сæм аззадысты фæйнæрдыгæй: ацы бæлццонты Дæргъæвсы æгуыдзæг коммæ уæд цы æрбахаста? Усгур уазджытæ сæ Хуыцау куы фæкæнид.

Дæргъæвсгомы чызджытæ мæгуырау нæ уыдысты уындæй дæр æмæ кондæй дæр.

Къоста дзургæ фæцæуы:

— Байриат, мæнæ хосгæрдджытæ! Уæ цæвджыты хъæрæй Дæргъæвсгæмттæ араугæ куы цæуынц.

Балатæ æртæ æфсымæрæй дæр сæ хос кæрдын фæуагътой, сæ хъæлæсæй сæ базыдтой, адон, бæрæг у, нарон лæппутæ кæй сты. Сæ размæ цæуынмæ фесты:

— Уæ, æгас нæм цæуат. Кæдæй-уæдæй ма мæнæ хур фенæгау фыдæлтæй змæлæг федтам. Хуыцау, дæу номардыстæн, уæ хъæлæсæй уæ базыдтам, нарон кæй стут.

Абадын сæ кодтой. Ног чындз æмæ чызг аходæн æрбахастой.

— Æрбадут, ахсæв уæ мах нæ ауадздзыстæм. Хъуамæ уын кусарт акæнæм æмæ зæрдиагон цинтæ кæрæдзийыл фæкæндзыстæм.

Къоста загъта:

— Бæргæ нæ фæнды, фæлæ нын гæнæн нæй, уæлæ Хъæрмæдонæй цæуæм.

Сæхи бацамыдтой. Тынг сыл фæцин кодтой.

Уæд сæ Къоста афарста:

— Ардæм кæцæй æрбафтгæ стут?

— Уæлæ Джимарайы цы Балатæ цæрынц, уыдон дæр махæй сты, иу хæдзарæй дих стæм. Æрмæст мах уыдонæй фылдæр стæм. Махæн дæр нæ фыды фыд Джимарайы цард æмæ уыдысты дыууæ æфсымæры. Хистæр æфсымæрæн уыди аст лæппуйы æмæ æртæ чызджы æмæ уыцы иу бон амардысты, сæ чындз дæр ма семæ, афтæмæй.

Къостамæ хабар диссаг куыннæ фæкастаид æмæ сæ афарста:

— Уæд куыд æгъдауæй амардысты уыцы иу бон?

— Хос карстой аст æфсымæрæй æмæ сæ хотæ, æмæ хистæр æфсымæры усæн сæ мад аходæн рарвыста: «Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæлæ хосгæрстмæ аходæн фæхæссут». Чындз æмæ чызджытæ рахастой, цы хъуыди аходæнæн уыдон, нозтæй дæр æмæ уæд хæринагæй дæр. Бæласы сæр сæ æрцауыгътой, сæхæдæг суармæ ацыдысты: «Æххæст ма сын суар дæр æрбахæссæм æмæ цæуæм нæхимæ рæвдздæр, изæры фос æрцæуынмæ куыд ныххæццæ уæм, афтæ». Чындз æмæ чызджытæ цалынмæ суармæ: хæццæ кодтой, суарæй ардæм фæстæмæ цыдысты, уæдмæ хилæг бæласы сæрмæ урсаджы тæфмæ сбырыд æмæ аходæны хæринæгтæм йæ марг бауагъта. Чындз æмæ чызджытæ цæмæй хæйрæг уыдысты æмæ калм ахæм æнамонд хъуыддаг бакодта. Чызджытæ схъæр кодтой:

— Рацæут аходæн хæрынмæ!

Аст æфсымæры аходæн хæрынмæ æрцыдысты. Хотæ дæр семæ æрбадтысты. Чындз лæууы, лæггад кæны. Уæд кæсы æмæ куыд хæрынц, афтæмæй фæйнæрдæм хауынц, хъæрахст кæнынц:

— Судзæм, судзæм!

Уæд фæйнæрдыгæй иннæ хосгæрдджытæ фæдисоны уадæй æрбахæццæ сты:

— Цы хабар æрцыди? Аст æфсымæры æмæ æртæ хойы уыциу мард куыд акодтой?

Уайтагъд æй бамбæрстой.

— Уæ аходæн кæм æрцауыгътат?

Чындз йæхи тоны, йæ сæры хилмæ лæбуры æмæ загъта:

— Дæлæ бæласыл.

Лæппутæ бæласмæ цæуынмæ фесты æмæ кæсынц: бæласыл стыр сау калм йæхи æртыхтытæ кодта æмæ къуыззитт кæны. Калмы амарæм, зæгъгæ, æмæ калм йæхи фехста, æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта. Аст æфсымæры æмæ æртæ хойæн сæ цыртытæ хосгæрсты рæнхъæй ралæууыдысты. Кæстæр æфсымæр уæд Джимарайы æнамонд комæй ралыгъди Дæргъæвсмæ. Уæдæй абонмæ цæрæм ацы ран. Бæргæ бирæ уыдаиккам, аст æфсымæрæй уыцы мард куы нæ акодтаиккам, уæд.

— Тынг уæззау хабар у, не ’рвадæлтæ, ахæм хабарæй кæй зæрдæ нæ фæрисдзæн.

Аныхæстæ кодтой æмæ рацыдысты. Нармæ куы æрхæццæ сты, уæд сын рахабæрттæ кодтой, сæхæдæг сæ фæндагыл рацыдысты, бафæдзæхстой:

— Хъугърионæй цы хабар уыдзæн, уый нæм бæлвырдæй куыд ныффыссат, афтæ, кæннод нæ зæрдæ тынг æхсайдзæн.

Хъугърион раст цыма ног райгуырди, афтæ мæймæ йæ тыхджын низæй феуæгъди. Джимарайы Балатæ йæ алы бон бæрæг кодтой. Иугæр йæ низæй цух кæнынмæ куы фæци, уæд æй фарстой:

— Нарыхъæумæ цавæр хорздзинæдтæ ис уагæр афтæ, сæ кой дардыл афтæ хорзæй цæмæн айхъуысти?

Хъугърион загъта:

— Нарæй уæздандæр æмæ уæд фендджындæр адæмтæ иу ран дæр нæ цæры, уæ фæхъхъау мæ Хуыцау фæкæнæд. Туг хæссы. Мæнæ уæм кæсын æмæ сымахмæ дæр ис бирæ уæздандзинад, тынг бирæ. Уазæгæн уæм уазæджы æгъдау, цинæн цины æгъдæуттæ, зианæн та уæд зианы æгъдæуттæ. Цардæн алырдæм дæр ис фæндæгтæ æмæ уыцы хорз фæндæгтæ зонын хъæуы. Фæндаг куы нæ зонай, уæд цæуæг кæдæм хъуамæ фæцæудзæн?

VI

Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт тынг хорз ахуыр кодтой. Куыддæр ахуыр фесты, афтæ сæ Хъарсмæ арвыстой. Хъарсы арæзтой цавæрдæр тъунел æмæ-иу йæ барст хорз нæ рауад, тъунел-иу ныккалд, æмæ та дзы-иу бирæ адæмтæ фесæфтысты. Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт куы сбарстой, уæд йæ барст тынг хорз рауад. Уымæй размæ фондз хатты ныккалд тъунел, бирæ адæмтæ дзы фæмард. Фæлæ иугæр йæ барст куы фæрæстмæ, уæд Къæберы фыртæн æмæ Гæджийы фыртæн тынг бирæ лæвæрттæ радтой. Джиоты Дауыт æмæ Къæберы фырт уыцы æхца сæ дзыппытæм нæ райстой, фæлæ загътой æфсæнвæндаджы хицæуттæн:

— Бар нын раттут Хуссар Ирæй Цæгат Иры æхсæн машинæвæндаг саразынæн.

Хуссар Иры цæрæг адæмтæ-иу цыдысты Цæгат Ирмæ хоры фæдыл сæрдæй-зымæгæй. Æмæ-иу сæ сæрд тулгæ дуртæ цавтой, афтæмæй сæфт æмæ куынæгмæ цыдысты. Куыддæр-иу уалдзæг къæвдатæ цæуын байдыдтой, афтæ-иу æнусон цъититæ хаудысты æмæ уыдоны уæзæй хæхтæ дæр лæбырыдысты, кæмттæм къæртгай хаудысты. Бæлццон адæмтæй-иу кæуыл сæмбæлдысты, уыдоны-иу семæ коммæ ахастой æмæ-иу доны къусы сæфт фæкодтой. Æрæгвæззæджы та-иу мигъ æнгом ныббадт æфцæгыл, бæлццон-иу фæндагæй адзæгъæл æмæ-иу цъитийы скъуыды аирвæзт.

Бирæ тæригъæддаг æмæ къуындæг бонтæ æрвыстой Хуссар Иры цæрæг адæмтæ æфцæгыл цæугæйæ. Уæдæ-иу сæ зымæг та зæйтæ ластой сæдæгæйттæй. Зæйтæ-иу афтæ уæззауæй рацыдысты, æмæ-иу кæмттæ сæ былтæм айдзаг сты, кæй-иу æрæййæфтой, уыдон-иу суанг уалдзæгмæ зæйы бын баззадысты. Скъахынмæ сын фæрæз нæ уыди, уымæн æмæ-иу кæмттæ митæй байдзаг сты. Куыннæ-иу тæригъæдæй мардаиккой, зæйы бынмæ йæ бинойнагмæ чи касти, уыдон. Уалдзæг-иу миттæ тайын куы байдыдтой, уæд-иу сау марой кодтой сæ бинонтæ, сæ сæры хъуынтæ армыдзаггай рæдывтой, æмæ сæхи зæххытыл куыннæ хостаиккой. Ахæм уæззау бонтæ æрвыстой.

Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт сæ фæндагыл архайын куы байдыдтой, уæд Къоста æмæ Батомæ дæр ныффыстой, сæ куыст хорз кæй ацыди, æхца сын бирæ кæй рахинæн когтой æмæ сæ кæй фæнды Хуссар Ирæй Цæгат Ирмæ фæллойгæнæг адæмæн машинæвæндаг саразын. Къоста æмæ Бато дæр баххуыс кодтой Къæберы фыртæн æмæ Гæджийы фыртæн. Æфсæнвæндæгты хицæуттæ сын бар радтой, бирæ æхца сын радих кодтой. Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт уæд фæндаг барын райдыдтой. Калакæй Рукъмæ, Рукъæй Дзомагъмæ, Дзомагъы æфцæгæй та Зикъарайы æфцæгмæ, уырдыгæй Къасарамæ æмæ дарддæр раст Салыгæрдæнмæ фæндаджы барст ахицæн тынг хорзæй. Фæлæ та ацы ран дæр хабар хорз нæ рауади. Куыддæр фæндаг барст фæци, афтæ Къæберы фырт Дауыт фæрынчын. Фæндаг баргæйæ Захъайы æфцæгыл адзæгъæл æмæ ныххауди цъитийы скъуыды. Æхсæв-бонмæ баззади уыцы ран æмæ фæрынчын тарнизæй.

Къæберы фырт дыууæ азы уæззау рынчынæй хуыссыди Калачы йæ фыды æфсымæр Малхазы хæдзары.

— Мæлгæ кæндзæн мæ зæрдæйы рухс, мæ рахиз цæст мæ размæ хаугæ кæндзæн! — Сау додой куыннæ кодтаид Малхаз. — Хуыцау, уæдæ мæ Дауыты разæй куыд амарай, Дауыты мард мын мæ цæстытæн ма фенын кæн. Уæ, Хуыцау мæ йæ судзгæ рæхысæй куыд æрцавта, мæнæ цæрдудæй сагъæссаг æмæ кæуинаг куыд фæдæн: дзæгъæлæй зайгæ кæндзынæн.

Къæберы фыртæн йæ ус куырдуаты бадти — Джыккайты Цопаны чызг Дарихан.

Цæвиттон, Цопанæн Къæбер рагæй дæр хæлар æмæ уарзон лæг уыд. Кæс, æмæ дæлæ Цопан Къæбермæ æрбауайы æмæ сæ кæрæдзийыл цинтæ кæнынмæ фæвæййынц. Кæнæ-иу сæмбæлдысты фæндагыл — быдырмæ тынг арæх цыдысты кæм нартхор тонынмæ, кæм та уæд хор ласынмæ. Хохаг адæмтæм цанæбæрæджы хор зади — зæххæй къуындæггомау уыдысты. Цæуæг адæмтæ-иу кæддæриддæр Къасарагомы баиу сты. Уымæн æмæ сын Къасарагом уыдис æхсæйнаг Мамысонæй цæуæгæн дæр, Нарæй цæуæгæн дæр, Зыругæй цæуæгæн дæр, уæдæ Уарцъегомæй цæуæгæн дæр. Афтæ Саголæй дæр, Тоборзайæ дæр æмæ Цымийæ дæр. Суары фæзы-иу уыди се ’нцайæн сегасæн дæр. Суар-иу нуазгæ дæр бакодтой фæллад адæмтæ, уæдæ дзы-иу лалымты семæ хæсгæ дæр акодтой.

Уæдæ-иу фæллад адæмæй фæндаггаг кæмæ уыди, уыдон-иу Суары фæзы хæргæ дæр бакодтой, сæ кæрæдзийæн «а» æмæ «о» кодтой. Кæмæ цы уыди хæринагæй, уый иннæмæн лæвæрдта. Цанæбæрæджы хæринæгтæ сæм уыдаид, фæлæ уæддæр сæ кæрæдзийæн аргъ кодтой. Кæд-иу сæм нозт дæр уыдаид, уæд-иу ахуыппытæ кодтой фæндаггон адæм æмæ сæ фæндаг дардтой.

Уæд иу бон Цопан афтæ зæгъы:

— Къæбер, бахатыр кæн, фæлæ мæ бинонты æнæфæразгæйæ ныууагътон.

Уæд Къæбер дæр афтæ зæгъы:

— Уæллæй, уæдæ сæ æз дæр афтæмæй ныууагътон, мæ зæрдæ сæм хъæбæр æхсайы.

Æфсæрмы дæм кæнын, Къæбер, фæлæ, дам, цард лæджы куыд æрбасуры, афтæ йæ фервитынц. Æз æмæ ды кæрæдзийы бирæ уарзæм, æмæ куы бахæстæг кæниккам, уæд дæм куыд кæсы? Дæуæн дæр дæ сылгоймаг æнæфæразгæ, мæнæн дæр афтæ. Кæд дæуæн дæ усæн лæппу райгуыра, уæд дын æз мæ чызджы ратдзынæн чындзагæн. Балаты чызг дæ, ау, чындзагæн нæ хъæуы? Уæдæ кæд мæнæн мæ усæн лæппу райгуыра, уæд мæн дæр Джыккайты чызг хъæуы чындзагæн.

Ард бахордтой Хуыцау æмæ йæ дауджытæй дыууæ дæр, зæххæй та ракодтой карз сомы. Сæ къухтæ кæрæдзимæ радтой:

— Чи фæцæуа иннæуыл фæлывдæй — хæстæг рауадзæг хъæбатыр Уастырджийæ карз æлгъыст фæуæд, ард дæр уый æрдыгæй фæуæд!

Къæберæн йæ бацыдмæ райгуырд сауцæст лæппу, ном ыл сæвæрдтой Дауыт.

Цопаны чызгыл ном æвæрд æрцыд Дарихан. Диссаджы зæрдæисгæ сывæллон чызг. Джыккайтæн чызг рагæй фæстæмæ дæр мæгуырау нæ кæны, æрмæст иу чысыл налатгонд цæуынц. Фæлæ хорзæй налатæн ницы у, æвзæрæй налат у дудгæ бон.

Чызг æмæ лæппу иугæр куы бамбæрстой, сæ фыдæлты фидыд цæй фæдыл у, уый, уæд-иу Дауыт Къостаимæ сфардæг Сатъаты хъæумæ, Дариханы фенынмæ. Дауытæн дæр æмæ Къостайæн дæр сæ зæрдæмæ хъæбæр цыди Дарихан, сау рæсугъд, хъуырæгънæджы хуызæн чызг уыди. Уайтагъд-иу сæ размæ рауад.

Уæд та иу хуыцауæхсæвы Дауыт Къостайæн бамбарын кодта, Сатъатмæ йæ цæуын кæй хъæуы. Ацыдысты иууылдæр — Къоста, Дауыт, Бато, Уардан. Чызг та сæ размæ рауад; мæнæ цыма йæ æфсымæрты размæ рауад, афтæ бирæ сæ уарзгæ дæр кодта. Уæд æй йæ мад фæфиппайдта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæ чызг, цæсгом дæр дзы хъæуы — искæд ма уæд куырдуаты бадæг йæ мойы размæ худгæ рацæуы, кæнæ йæ тиуты размæ дæр?

Дарихан куыддæр джихауæй аззад:

— Нана, æз æй афтæ æмбарын, æмæ уыдон нæ хæстæджытæ сты. Уæдæ афтæ куы фæзæгъут: Нары нæ хæстæджытæ цæрынц.

Дауыт æй æмбæрста, фæлæ Дариханæн йæ зæрдæйы кæроны дæр куырдуаты бадæджы хабар кæцæй æрлæууыдаид. Ныхас бæстонæй æмбæрстгонд куы нæ æрцæуа, уæд ацу æмæ хæстæджытæй фылдæр цы вæййы. Уæлдайдæр та ирон адæмтæ кæрæдзийыл баст æмæ тыхтытæ сты алырдыгæй дæр: кæм мады æрвад, кæм та фыды мады æрвадæлтæ, кæм уымæй дарддæр зæронд хæстæджытæ дæр, цæвиттон, авд фыдыивдмæ алырдыгæй дæр — ацу æмæ сæ фосы дзугтау нымайгæ цу æмæ дын нымад дæр кæд фæуыдзысты.

Дарихан æрæнкъард:

— Нана, æз æй куы нæ зыдтон, куырдуаты кæй бадын, уый.

— Ницы кæны, Нанайы чызг. Хуры лæппуйы хуызæн — цы зæгъынмæ хъавыс нарон лæджы фыртæй?

Дарихан скуыдта:

— Ныр мæ Сатъаты чызджытæ куыд мæстæй мардзысты, уый мæ цæстытыл уайгæ кæны. Саунæмыг тонынмæ куы ацæуæм, уæд мын æгас бон дæр кæугæйæ ацæудзæн.

— Алæ, кæуинаг де знаг фæуæд. Цæуыл дæ хъуамæ кæуын кæной, фыццаг хатт ахæм хъуыддаджы мах куы нæ бахаудтам, уæд?

Уыцы бонæй фæстæмæ-иу Дарихан Дауыт æмæ йе ’мбæлтты размæ нал рауад худгæ, фæлæ-иу аууонмæ цæуынмæ фæци. Мад-иу сын фынг æрæвæрдта, хорз-иу сæ суазæг кодта. Сатъаты лæппутæ дæр-иу æрбамбырд сты æмæ ацин кæнаг уыдысты Дауытыл дæр æмæ иннæтыл дæр.

Дариханæн замманайы хъæлæсджын фæндыр балхæдтой. Йæ фыд цыхтытæ уæймæ раласта æмæ диссаджы хорз фæндырыл дæр фембæлд, мæнæ афтæ кæй бакæнынц, хæдцæгъдгæ у, зæгъгæ. Мæлæты рæвдз дæр дзы райдыдта аив зæрдæисгæ цæгъдтытæ, уайтагъд йæ хорзы кой хъуысын райдыдта. Чындзхаст кæм уыдаид, науæд куывд, уырдæм-иу Дариханы ракодтой æд фæндыр. Фæндырæй цæгъдын чызгæн йæ царды фæндагæн бирæ æххуыс уыд рагæй фæстæмæ дæр, уæдæ дзы кадæй дæр кадджындæр кæны. Уыцы заманты та фæндыртæ мæнæ-мæнæ арæх дæр нæ уыдысты. Кæй бон уыди фæндыр балхæнын, фæлæ иуæй-иу лæг уарзы хæдзары мидæг фæндыры цагъдмæ байхъусын æмæ йæ самал кæнын дæр йæ бон бавæййы. Æмбисондæн баззади, Джыккайтæ, дам, Дариханæн фондз æмæ ссæдз сомæй фæндыр балхæдтой. Фондз æмæ ссæдз сомæй особайы заманты хæдзар балхæдтаид хæдзар æлхæнæг, гал фондз сомæй æндæр кæд нæ иста, уæд фондз æмæ ссæдз сомæн бынат дæр хъуыди. Фæлæ Дауыт ахуыр кæм кодта, уæд хъуамæ чызгмæ та исты зонындзинæдтæ уа: кæм хуыйын дæр зона, кæм сылгоймагæн сылгоймаджы хъарутæй цы баззад, уыдонæй цухгонд мацæмæй уа.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.