Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆНАХ. Æртыккаг чиныг 1 страница



II

Дзанайты Кафарæн иу хох дæр æнæ сгæрст нæ баззади, Балаты Къæберæн дæр. Афтæ Дзапарты Собыкъайæн дæр. Иу бон баныхас кодтой: хъуамæ мах бафæлварæм Тъеплейы бæрзонд хохы сæрмæ схизын. Цы уæлдай ма нын у — цуанон æмæ цуанон.

Кафар афтæ зæгъы:

— Кæрдгæ къæдзæх у. Махæй размæ цы цуанæттæ уыди, уыдон æм сæ ныфс куы никуы бахастой, уæд æм мах куыд бахæссæм?

— Нæй, Кафар, æнæ бафæлваргæ. Иу сырх сычъи дзы арæх ракæс-ракæс фæкæны.

Сæрд уыди йæ тæккæ тæмæны. Дидинджытæ сæ аив хуызтæ уыцы рæсугъдæй æвдыстой бæрзонд хæхты æхсæнтæй. Зæрдæ сæ бакаст, сæ фендæй рухс кодта. Иннæ ахæм — хæххон диссаджы уæлдæф зæрдæйы дуар гом кодта. Уæнгтæ рог кодтой, мæнæ цыма сираг бæхыл абадтысты фæллад цуанæттæ. Разæй цыди Къæбер, йæ хæд фæстæ та Кафар. Собыкъа дæр сæм дард нæ уыди. Иугæр хохы сæрмæ куы бахæццæ сты, уæд Собыкъайы нал фæндыди:

— Æгæр бæрзонд хох у, зынтæй дзы схиздзыстæм. Схызты мидæг дæр, мыййаг, куы ницæуыл фембæлæм.

— Ницы кæны, Мæликк Зæрæмæджы уæзæгæй куы раздæхти, æмæ уый паддзах куы уыди. Уæд мах та цуанæттæ куы стæм.

Хохы сæрмæ раздæр Къæбер сбырыд æмæ иннæты бæндæнæй ласта. Кафары раздæр сласта. Собыкъа бæзæрхыг лæг уыд, æмæ йæ дыууæйæ сластой.

Уайтагъд хæххон сычъитæ амардтой. Хохы сæрмæ сæ дзæкъултæ не схастой, æрмæст сæ хъыримæгтæ. Физонæгæн цæххыл тынг скъуындæг сты.

Уæд сæм лæгæтæй лæг рахъæр кодта:

— Акæсут æмæ хæхтæй бæрзонддæр кæцы ран у, уым ис цæхх.

Джихæй аззадысты: кæцæй схызтаид ардæм лæг кæнæ йæ цæмæй зона цæхх?

Кафар рацыди. Кæсы хохы сæрмæ æмæ дзы æцæгдæр цæхх тæдзы уыцы рæсугъдæй. Цæхх рафтыдта, йæ худ дзы айдзаг кодта. Кæсы æмæ йæм лæгæтæй иу лæг рацыди:

— Ныр фалдæр мауал бацу. Цæхх хæсгæ кæн, фæлæ йæ макæмæн схъæр кæн. Куыддæр æй схъæр кæнат, афтæ уæ амардзыстæм. Ардæм сымахæн бар чи радта? Мах сымах нæ хъыгдарæм, мах адæмы æхситтæй дæр дардмæ лидзæм. Цæуæг кæдæм нæ цæуы, мах ахæм ран цæрæм. Мах бон не ’вдисæм нæхи.

Кафар рахаста цæхх æмæ физонæг скодтой. Лæджы хабар дæр сын радзырдта. Æртæ цуаноны цæмæй хъуамæ фæтарстаиккой? Сæ хъыримæгтæ се ’ккой, афтæмæй фæцæуынц. Лæгæтæй сæ æхсын райдыдтой фаттæй. Лæгæт уыди тынг арф æмæ дзы алырдæм хуынчъытæ. Цуанæттæ сæ ныфс нал бахастой æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Нæ йæ схъæр кодтой цæххы хабар дæр. Нар сыл хъоды дæр кодтой, фæлæ нæ бакоммæ кастысты.

Дзанайты Кафар уыди рагон дæсны цуанон. Кафар кæцæйдæр хохæй хаста цъæх ацудас æмæ ноджыдæр ма ацудасы хуызæн, фæлæ уыди тынг адджын æмæ рæсугъд, мæнæ цъæх авджы хуызæн. Цæстытæ-иу куы срыстысты, уæд-иу Кафарæй хастой уыцы рæсугъд ацудас.

Кафармæ хицауад цыдысты:

— Дæ хорзæхæй, Кафар, ацы хорздзинæдтæ кæцæй хæссыс, уый нын бацамон. Дæ цард-цæрæнбонты цæмæй цæрай, уый дын уыдзæн лæварæн, дæ цоты цотмæ дæр дын фаг уыдзæн.

Кафар загъта:

— Иунæг æфсымæр мын уыди, мæрдтæм цæрынхъуагæй ацыд. Мæ иунæг æфсымæры мын мæрдтæй чи æркæна, уымæн дæр æй нæ зæгъдзынæн.

Суанг ма йæ ахсгæ дæр кодтой.

— Ахсгæ мæ кæнат, арты мæ судзат — нæ йæ зæгъдзынæн. Нæ цæуын мæ Хуыцауы зæрдæхудты. Æз нæ зæгъын афтæ: Хуыцаумæ кувут æмæ Хуыцауыл æууæндут. Мæхи тыххæй зæгъын.

Кафары хабар иугæр куы бамбæрстой, уæд ма йæм цы хъуамæ сдзырдтаиккой. Уæд Гæджийы фырт æмæ Къоста сфæнд кодтой: хъуамæ фæцæуæм Кафаримæ цуаны.

Къоста афтæ зæгъы:

— Мах цуаны куы ацæуæм Кафаримæ, уæд нæ йе згъæртæм нæ бакæндзæн. Сусæгæй ацæуын кæй хъæуы, уый дын æз зæгъын.

— Уæллæй æмæ раст зæгъыс. Æз уал цæуын нæхимæ. Ды уал базон, Кафар цуаны кæдмæ рæвдз кæны, йæ усы йын бафæрс.

Къоста афтæ зæгъы:

— Цы рафæрс-бафæрс кæныс? Кафар райсом куы нæ ацæуа цуаны, уæддæр иннæбон æнæ цæугæ нæ фæуыдзæн. Цуанон лæгæн цуаны цæуын ничи амоны — йæхæдæг йæхи зондæй цæуы.

— Хорз уæдæ. Æз райсомраджы æрбахæццæ уыдзынæн.

Гæджийы фырт райсомæй раджы Дæллаг Нарыхъæумæ бацыди. Бахъæр кодта. Хайыр æм ракасти.

— Къоста кæм ис?

— Уæртæ йæхи цæттæ кæны цуаны цæуынмæ. Дæумæ æнхъæлмæ кæсы.

— Æз дæр мæнæ дæн.

— Мидæмæ рацу. Хæргæ уал исты акæнут.

— Нал, хæрынмæ нæ не ’вдæлы. Афонмæ Кафар Тытыны рагъмæ бахæццæ.

Хайыр сын хæринаг авæрдта:

— Суармæ куы бахæццæ уат, уæд цæхджын цыхтимæ бахæрут. Суарæй фылдæр бануаздзыстут.

— Хорз, цæуæм уæдæ мах.

Кæсынц æмæ уалæ Кафар фæхæрдгæнæнæй иу чысыл уæддæр сфардæг. Къоста афтæ зæгъы:

— Агъæц, куыд кæсын, афтæмæй нæ цуаны хабар хорз уыдзæн. Æрмæст аууæтты цæуæм, Кафар нæ куыннæ фена, афтæ. Иугæр Лиайы бæрзонд хохæй куы схизæм, уæд нæ кæд нал раздахид. Фæтæригъæд та нын кæндзæн.

Гурæй-гурмæ цæуынц Кафары фæстæ. Уалынмæ баиу сты.

— Уæ, мæнæ куыд рахæццæ стут. Афтæ æнхъæл ма ут, æмæ уын Кафары цæст цуаны цæуын нæ уарзы. Кæд фехъуыстат цуанон лæгæй амондджын? Цуанон лæг йæ уд хæссы йæ роны, кæм цы фыдбылыз ссардзæн кæнæ кæцæй рахаудзæн, уый бæрæг нæу.

— Зонæм æй, Кафар, бæргæ. Курæм дæ хатыр, фæлæ нæ бакæн, згъæртæ кæцы ран зоныс, уырдæм.

Кафар Къостайы ныхасыл иу кæнæ дыууæ никуы загъта.

— Мæнæ уæ Къостайы æфсæрмæй кæнын. Уæдæ цы кæнон — мæ ныгæнджытæ стут.

Гæджийы фырт уыди Кафарæн йæ хæрæфырт.

Цæуынц æмæ бахæццæ сты æнæбын цадмæ.

— Ай у æнæбын цад.

Гæджийы фырт дæсны уыд згъæртæ агурынмæ. Зæххы бын цы хæзнатæ уыди, уыдон дæр хъæбæр хорз зыдта. Цады дур ауагъта. Дур бынмæ цæуы.

— Нæ фæстæмæ раздæхынмæ бæрæг уыдзæни.

Кафар бахудт æмæ афтæ зæгъы:

— Ацы цад цуанæттæ къорд хатты бафæлвæрдтой. Дæ фæстæмæ раздæхынмæ нæ, фæлæ къуыримæ дæр дур нæ ныххæццæ уыдзæн цады бынмæ.

— Цæуæм уæдæ дарддæр.

Æнусон цъитийы размæ бахæццæ сты. Кæсынц, æмæ цъитийы бынæй иу бæлæгъ разынд. Бæлæгъæн зынд йæ иу кæрон, аннæ æнусон цъитийы бын уыди. Бæлæгъгонд сау писийæ сæрст. Æрбадтысты æмæ йæ сгарынц, уæдæ цы уыдаид: цымæ ардæм куыд æгъдауæй æрбафтыд? Гæджийы фырт афтæ зæгъы:

— Кавказ æнусты агъоммæ денджызы бынат уыд. Ай рагон адæмы бæрæггæнæн у, мæ хуртæ. Хъуамæ йæ базонæм.

Кафарæн афтæ зæгъынц:

— Дæ хъыримаг нæм авæр, æмæ мах бафæлварæм, фехсæм æй.

Кафар хъыримаг авæрдта. Дыууæ æхсты йæ фæкодтой æмæ йыл нæмыг уайгæ акæны, фæлæ дзы мидæмæ нæ хизы.

— Мæгуырау сæрызонды хицауы æрхъуыды нæ уыди, уæдæй ардæм уыцы æндон æмæ фидарæй чи лæууы. Уæдæ ныр цæуæм.

— Уæ амонд уыди æмæ Къоста рацыд, æндæр æз ацы ранмæ никæй ракодтаин. Зын бахизæн у, цæхх кæцæй фæхæссын, уырдæм.

— Бакæ нæ. Кæд нæ ныфс нæ бахæссæм, уæд дæ не стыхсын кæндзыстæм. Ма тæрс, ды кæд махæй фефсæрмы дæ, уæд мах дæуæй куыд æгъдауæй ма фефсæрмы кæнæм?

— Цæуæм уæдæ.

Иу ран дыууæ бæрзонд хохы — кæрæдзийы комкоммæ. Бынмæ та — айнæг. Сæр дзы зылди. Ме знаг уырдыгæй куы ныххаудаид, зæхмæ, зæгъон, æмæ дзы æмбисмæ дæр стæг нал æрхæццæ уыдаид.

Кафар иу ранæй бæндæн райста, фаллаг хохмæ фидаргонд уыди, иу къутæрмæ бæстытæ. Кафар бæндæнмæ февнæлдта æмæ фаллаг хохмæ багæпп кодта.

— Гъа, ныр уæ чи лæгдæр у, уый æрбагæпп кæнæд.

Бирæ фæкатай кодтой. Къоста бæндæны кæроныл хæцы.

— Фидар хæц уæдæ!

Кафар Къостайы йæхимæ æрбаласта. Уæд та фæстæмæ бæндæны кæрон Гæджийы фырт рацахста. Кафар æмæ Къоста æрбаластой Гæджийы фырты дæр.

— Федтат уæхи цæстæй? Уæдæ Кафар цæмæн нæ хъæр кæны, цæхх кæцæй хæссы, уый. Ацы ран бирæ адæмтæ фесæфид, æмæ Кафар йæхи тæригъæдджын нæ кæны. Ныр тæрсгæ мауал кæнут.

Кæсынц, æмæ уæртæ иу къæдзæх хурмæ æрттывдтытæ калы. Куыннæ бацин кодтаиккой. Уæлдайдæр Гæджийы фырт загъта:

— Акæс-ма, ацы хохы хъæбæр бирæ ис сызгъæрин.

Къæртт дзы раппæрста, сæвæрдта йæ йæхимæ. Фалдæр бауадысты, æмæ уæртæ иу ран къæдзæхæй цæхх тæдзы æмæ бынæй стыр рагъгонд ссыд.

— Ай та уын мæнæ Кафары цæхх.

Райстой та дзы къæрттытæ, сæвæрдтой сæ. Чысыл фалдæр бауадысты, иу къæдзæхыл — ацудас. Туаг ацудас, йæ фаллаг фарс та адджын ацудас. Хорз дзы хæргæ дæр бакодтой, къæрттытæ дзы æфтауынц. Кафар афтæ зæгъы:

— Лæппутæ, амæй нæ фæтчы, хæдзармæ хæссын ма сфæнд кæнут, уæ хорзæх уæд.

Ацу æмæ Кафары ныхасыл «нæ» зæгъ, фæлæ дзы сусæгæй авæрцтой.

Иу чысыл фалдæр бауадысты, æмæ иу ранæй хъары цъæх-цъæхид дон. Аннæ ранæй та хъары бур дон. Иу дзæвгар фалдæр та бауадысты. Уыцы ран та уыдис зынгхос, сондон. Гæджийы фырт афтæ зæгъы:

— Ацы хъуыддæгтæ æз фæхæццæ кæндзынæн хицауадмæ æмæ сыл иугæр кусын куы райдайой, уæд æппæт зæххыл цыдæриддæр паддзахæдтæ ис, Уæрæсейæ хъæздыгдæр дзы нал уыдзæн.

Уæд та иу рæбынгондмæ бацыдысты. Уым та — урс цад. Кафарæн дзы æвæрд уыд нуазæн. Нуазæн систа æмæ дзы акуывта.

— Гъа, кæстæртæ, кувæггаг.

Кафар дзы ацудас ныппæрста æмæ хæрдмæ æнхъызти. Къоста дзы раздæр анызта æмæ загъта:

— Мæнæ диссаг, ай цы у?

Кафар афтæ зæгъы:

— Ай рагон адæм ронг кæй хуыдтой, уый у, мæ хуртæ. Цы ис, уый а хæхты ис.

Хорз дзы бануæзтой, уæнгтæ дæр кодта рог.

— Уæдæ цадæй ахуыпп кæнут æнæ ацудасæй, кæддæра уæм куыд фæкæсид.

Ахуыппытæ та дзы кодтой æмæ бынтон æхсыры ад нæ кодта, куыддæр туаг ад здæхта, мæнæ мисыныл дон куыд акæнай, ахæм хæрзад. Диссагдæр ма уæд цы уыдзæнис? Уæд афтæ зæгъынц:

— Цады дур ауадзæм.

Кафар нæ бауагъта.

— Ацы цад æнæбын цад у, цæмæн дзы æппарут дур?

— Уæдæ дзы лалымы ныккæнæм æмæ йæ фæхæссæм.

— Цы йæ хæссут, суарæй хъауджыдæр куы нæ у? Урс у, æндæр ма цы хъауджыдæр у? Цыдæриддæр лæджы царды хорздзинадæй ис, уыдон сты хæхты мидæг æмæ зæххы бын. Уæдæ уыцы хæзнатæ куы нæ уаиккой, уæд адæм сæ цард цæмæй аразиккой?

— Кафар, ды ма ноджыдæр истытæ зондзынæ æмæ нын сæ бацамон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бæргæ ма зыдта, фæлæ æндæр ницуал схъæр кодта.

— Уæдæ ныр физонæгæн дæр амал скæнæм. Ацы ран цуанон дзæбидыр нæ фæмары, фæлæ дзы ис мæргътæ, æмæ уын хъуамæ ныртæккæ иу нæл хърихъупп амарон кæнæ хъæддаг гогыз.

Къоста афтæ зæгъы:

— Хърихъупп ма кæддæр бахордтон, фæлæ хъæддаг гогыз никæд ма федтон.

Кафар ауад æмæ иу хъæддаг гогызы мард æрбахаста, асыгъдæг æй кодта. Къæдзæхы хуынкъ уыди æмæ дзы сугæй арт андзæрста. Арт иугæр куы æрмынæг, уæд фæнык ракалдта æмæ дзы гогызы дзидза бавæрдта, хъæддаг хъæдындзтæ йыл акодта, цæхх.

— Ахæм адджын физонæг нæ бахордтам никæд.

Цуанон лæгмæ цæй бæрц зонд æмæ хъару вæййы, йæ алы амал, йæ алы хъуыды дæр цæй диссаг у! Гъе уымæн фæзæгъынц: хуымæтæджы гуымиры лæгæн цуан кæнын нæ бæззы, искуы хохæй рахаудзæн. Уæдæ зивæггæнаг лæгæн дæр цуан кæнынмæ уæвæн нæй. Йæ фосæн сæрд хос æркæрдынмæ зивæг чи кæны, уыцы лæг ма цуаны та уæд куыд хъуамæ ацæуа?

Æхсæвы баззадысты бæрзонд хохы сæр. Иу рæсугъд уæлдæф дзы уыд æмæ диссаг. Тæккæ фæззыгон фæснайгæнæнты, дзæбидыртæ дæр нард кæнынмæ уæд бахæццæ вæййынц. Лæгæттæ ахæм хъарм вæййынц æмæ сæ цыма исчи арт бандзары.

— Уæллæй, Кафар, диссæгтæ нын фенын кодтай, мæлæт дын макуы уа.

Райсомæй æнæбын цадыл сæ фæндаг ракодтой. Дур ма цæуы бынмæ, æмæ дон пæр-пæр кæны.

Къоста дæр æмæ Гæджийы фырт дæр цы федтой, уый фæфыстой.

Гæджийы фырт йæхицæй æппæлаг уыди. Къоста йын æдзух дзырдта:

— Хорз лæг дæ, Гæджийы фырт, фæлæ дæхицæй ма æппæл. Дæ хорздзинад нæ бамбæхсдзæн, адæмæй ницы ирвæзы. Хорзы дæр æмбарынц, æвзæры дæр афтæ.

Æцæгдзинадæй Къостайы ныхæстæ карды карстау æрцыдысты Гæджийы фыртыл. Иугæр Лиайы хæзнатыл архайын куы райдыдта, уæд уым чысыл диссæгтæ цæмæн разындаид? Иу дзырдæй, тых кодта йæ æмбæлттыл алырдæм дæр, лæгдзинадæй дæр æмæ архайдæй дæр. Йæ æмбæлттæ йæм хæлæг кæй кодтой, уымæ гæсгæ йæ фæстæ зилæн кæнын байдыдтой. Хæрæндонмæ йæ бакодтой æмæ йын марг бадардтой. Гæджийы фырт амарди. Лиайы хæзнатæ дæр рабæрæггæнæг нал фæци.

III

Захъагоммæ æввахс Къæберæн уыди стыр уыгæрдæн, Закайы зæйуат æй хуыдтой. Уыцы уыгæрдæнтæм Къæбер кæддæриддæр зиу кодта. Кæм хъуыди дæлæмæ-уæлæмæ кæрдын, кæм та хъуыди уырдыгмæ кæрдын. Иннæ ахæм сæ ласын хъуыди сæ фæззыгон бынатмæ. Иу кæнæ дыууæ лæгæн нæ уыди сæ бон Закайы зæйуаты хос кæрдын æмæ йæ ласын. Зынвадат уыдысты Захъагомы хосгæрсттæ. Мит дзы уарыди афонæй раздæр æмæ бирæ. Закайы зæйуат дæр æй уымæн хуыдтой. Иу фæззæг Хъесаты Зака уыцы зынвадат уыгæрдæнтæй мæкъуылтæ йæ дыууæ æфсымæримæ æфтауцмæ ластой, æмæ сыл фæтæнтæй зæй рацыд, Закайы йæ дыууæ æфсымæримæ фæласта... Уыцы хабары фæстæ адæмæй Закайы уыгæрдæнтæм йæ ныфс ничиуал хаста æмæ иу къорд азы зæрæстонæй лæууыдысты, фæлæ иугæр Къоста æмæ Дауыт хос кæрдынхъом куы фесты, уæд-иу сæ Къæбер æркарста. Къоста хос кæрдынмæ ахæм рæвдз уыди, æмæ иу бон фондз кæнæ æхсæз хосдзауы цы ныккарстаиккой, уыйбæрц-иу йæхæдæг æркарста. Уæдæ та ацы хатт дæр Къоста Дауытимæ диссаджы карстæй карстой. Раст сæ бакомкоммæ Захъайы хосгæрдджытæ сæ къухтæ кæрæдзийыл цавтой:

— Уæуу, мæнæ диссаг! Ацы дыууæ лæппуйы утæппæт уыгæрдæнтæ куыд афæлдæхтой. Уæллæй, ахæм хосдзаутæ зиуы мидæг æрбахаудысты, уæд иунæг бонмæ зиугæнæгæн йæ хосгæрст æфснайд фæуид. Бæгуы тæхудиаджы сахъгуырдтæ не сты? Йæ бындар фæуæд, рагæй фæстæмæ дæр лæгдзинад Нарыхъæуæн баззад. Цæмæн дзурæм, кæуыл нæхи барыс?

Захъайы хосдзаутæ се ’ппæт дæр уыцы иу ныхас кодтой:

— Цад цаддоны фидауы. Адæмæн сегасæн хорздзинæдтæ райсын сæ бон нæу. Акæс-ма, ацы дыууæ лæппуйы кæцæйдæр ахуыр кæнынæй ссыдысты, сæ улæфт дæр нæма суагътой, афтæмæй сæ цæвджыты къуыззиттæй Захъайы кæмттæ раст арвнæрдау кæнынц. Уæллæй, абон Захъайы зæйуаты зынвадат уыгæрдæнтæ карст фæуыдзысты. Кæм уырдыгмæ кæрдынц, кæм хæрдмæ кæрдынц.

Къоста æмæ Дауыт аходæнмæ карст фесты æмæ сæхицæн ныхæстæ кæнынц:

— Ныр изæры Нармæ куы ныццæуæм, уæд Къæберæн хъуамæ кусарт акæнын кæнæм. Уыйбæрц хос æркæрдын æнцон нæу. Чи зоны йæ уырнгæ дæр нæ бакæна, уыйбæрц иу бон куыд æркарстат, зæгъгæ.

Хосгæрсты алфамбылай уыди хъæддаг дыргъ. Мæнæ-мæнæ кодтой мæнæргъыйæ, рагъзисæй, саунæмыгæй, хъæлæрдзыйæ, цъуйæ, æхсæрæй. Сæ адджын тæф дардмæ былтæ цавта. Къоста æмæ Дауыт сæ уыгæрдæн карст куы фесты, уæд хæринаг сæ зæрдыл æрлæууыд. Минасæй цух цæмæн хъуамæ уыдаид Къæберы хæдзар? Аходæнмæ сæ цы хъуыди, уый сын æвæрд уыд, уæдæ сæ сихорæн цы хъуыди, уый дæр сын æвæрд уыд. Систой суадоны раз сæ хæринæгтæ. Хорз фæминас кодтой. Уæд Къоста афтæ зæгъы:

— Иу чысыл гагадзуан акæнæм, уæдæ нæ уæнгтæ дæр аивазæм.

Диссаджы сыгъдæг уæлдæф дæр дзы куыннæ уыдаид. Акæс, уæд хъæддаг мыдыбындзытæ уыцы дыв-дыв кодтой. Булæмæргъ къуыззитт самадта. Уæдæ цæгатварсæй та хъустæ æмыр кодта уасæгойы уасын. Зымтæ сæ ахстæтты цъыбар-цъыбур кодтой.

Иу цасдæр ацуан кодтой. Кæсынц, æмæ уæлæ иу къордæй чызджытæ сæ къæртатæм гагатæ калынц. Мæнæ диссаджы арæхджынмæ куы æрбацыдыстæм, зæгъгæ, цин кæнынц, афтæмæй уыцы рæвдзæй тонынц, алчидæр дзы архайы, цæмæй йæ къæрта айдзаг уа.

Къостайæн дæр æмæ Дауытæн дæр мæлæты æхсызгон уыд сæ фенд. Диссаджы рæсугъд æмæ аив чызджытæ дæр уыдысты, мæнæ раст хæххон рæсугъд дидинджытау дардмæ æрттывдтытæ калдтой. Се ’ппæт дæр разгом къабаты, сæ дзыккутæ дыгай быдтæ. Мæнæ цыма чындзхæссæг рацыдысты, кæнæ сæ хъазтмæ исчи хонгæ æрбакодта. Сегасæй дæр аивдæрæй æмæ хæрзконддæрæй зынди Хъесаты Аханæ. Къоста уæд Дауытмæ дзуры:

— Дауыт, ацы чызджытæй дæ бар куы уаид, уæд дзы кæцы райсис удæмбалæн?

Дауыт æй уайтагъд фембæрста, Къоста дзы кæйдæр кæй бауарзта.

— Æз дæ разæй саг-сæгуыт дæр нæ фехсдзынæн, уый хорз куы зоныс, уæд ма мæ цы къахыс? Иу хатт æмæ дын æй дыууæ хатты, мыййаг, куы нæ фæзæгъын. Дæхæдæг уал æй зæгъ, дæ зæрдæмæ дзы кæцы фæцыд? Дæуæн мæнæй хистæры бар.

Къоста бахудти:

— Уæдæ æз дæлæ раст цъæх къаба кæуыл ис, уый райсин удæмбалæн.

Дауыт дæр бахудти:

— Нæ дын зоны, бæгуы, чызг æвзарын Къоста. Ме ’фсымæр уæд мард уыдзæн, уый чызг æвзарын куы нæ базона. Сæ бæгуыдæрмæ сын хорз куы бахъавыдтæ. Хайыр дын фæуæд, хайыр, хъазгæ æмæ худгæйæ уæ цард куыд æрвитат!

Къостайæн тынг æхсызгон уыдысты Дауыты зæрдиаг арфæтæ. Кæсынц, æмæ чызджытæ раст Захъагомы ’рдæм се ’ргом аздæхтой. Æвæццæгæн, Къоста æмæ Дауытæй куыддæр тæрсгæ дæр фæкодтой. Уæды заман чызгæн йæ алы къахдзæф дæр нымад уыди.

Къоста уæд афтæ зæгъы:

— Ацы чызджыты куыд æгъдауæй фæкæсын кæнæм фæстæмæ?

— Ды схуыф, æмæ фæкæсдзысты дæ хуыфынмæ.

Къоста æцæгдæр схуыфыд. Чызджытæ фæстæмæ фæкастысты. Уæд сæм Къоста сдзырдта:

— Чызджытæ, тæрсгæ ма кæнут, фæлæ мын тынг дойны у, æмæ уæ дон кæд исчи зоны, уæд мын æй бацамонут.

Чызджытæ афтæ зæгъынц:

— Дæлæ иу чысыл дæлдæр диссаджы уазал суадон куы цæуы къæдзæхы рæбынæй.

— Ма фæзивæг кæнут æмæ мын дзы æрбахæссут.

Аханæ ауад æмæ донгарзы дзаг уазал дон æрбахæццæ кодта. Лæппуты дон кæд хъæугæ дæр нæ кодта, уæддæр дзы зæрдиагæй фæнызтой, стæй уæд Къоста афтæ зæгъы:

— Чызг, дæ амонд бирæ уæд, цæй диссаджы уазал дон æрбахæццæ кодтай.

Аханæйæн йæ къæрта йæ тæккæ дзаг уыди хæххон адджын саунæмгуытæй. Залмысыф ратыдта æмæ йæ Къоста æмæ Дауыты раз æрæвæрдта саунæмгуытимæ. Уæд ма дзы ноджыдæр иу чызг æрбахаста.

— Æгъгъæд, чызджытæ, абонсарæй гагадзуан фæкодтат æмæ сæ ныр махæн раттынмæ хъавут? Стыр бузныг, мах дæр уæ чындзæхсæвты куыд фæбадæм.

Чызджытæ фыр æфсæрмæй цæуынмæ фесты.

Къостайы зæрдæ Аханæйы баззади.

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, абондæргъы гагадзуан фæкодта æмæ дзы дыууæ стыр къусы та мах раз æрæвæрдта. Уæд залмысыф ратонын та кæцæй йæ зæрды бафтыд? Мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц — æнæ дон ранæй дон райгуырын кæндзæн кæнæ æнæ агæй дзидзатæ афыцдзæн. Æнæкæрон уæздан ми бакодта æмæ йæм хъуыды æмæ арæхст фаг кæй ис, уый бæрæг у. Уагæр йæ хæдзары куыд у, ацы ран залмысыфæй фынг чи æрцарæзта. Хъуамæ йын йæ хæдзар дæр бабæрæг кæнæм.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.