Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг



I

Къоста æмæ йе ’мбæлтты Балаты Хакъо хорз фæндагыл сæвæрдта.

— Нарыхъæуы лæппутæ, — дзырдта Хакъо, — мæнмæ уæ мæгуырау бæрæггæнæнтимæ каст ничи фæци. Уæ фылдæр хай хорз бæрæггæнæнтимæ каст фесты Нары хъæууон скъола, æмæ сæ мæнæ зæгъын ныхасы лæгтæн. Фыццаджыдæр Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтимæ. Балаты Къæберы фырт Дауыт дæр ахæм бæрæггæнæнтимæ. Джиоты Гæджийы фырт Дауыт дæр ахæм бæрæггæнæнтимæ каст фæци. Балаты Уардан дæр афтæ. Фæндараст фæуæнт, кæдæм сæ йæ фæндаг кæмæн арæхсы, уырдæм.

Нарыхъæуы адæмæн сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Хакъойы ныхæстæ æмæ йын стыр арфæтæ фæкодтой зæронд лæгтæ.

— Æз куыстон Турчы, æмæ мæм Хъазыбег æмæ Леуан бацыдысты. Загътой мын: «Ахуыргонд адæмæй йæ сæрмæ ничи хæссы фæцæуын, æмæ, Хакъо, ацу Нармæ ахуыргæнæгæй». Леуан æмæ Хъазыбегæн «нæ» зæгъын мæ цæсгом нæ бахъæцыди. Леуан загъта: «Афтæ рæхджы æз дæр цæугæ кæндзынæн». Æмæ ма авд азы фæци Уæрæсейы, стæй уый дæр рацыд Стъараполмæ æмæ уым райдыдта кусын. Хъазыбег баззад Уæрæсейы цæргæйæ, бæргæ йæ фæндыд, фæлæ йын нæ радтой ардæм рацæуыны бар.

Хакъойæн йæ ус æмæ йæ сывæллæттæ баззадысты Турчы цæргæйæ. Йæ усæн загъта: «Æз мæхионтæй цæмæн хъуамæ фæхицæн уон? Ус ссаргæ у, æфсымæр кæнæ хойæн ссарæн нæй». Хакъойы усæй рæсугъддæр сылгоймагæн уæвæн нæ уыди. Йæ дзыккутæ фондз быды кодта. Æрмæст иунæг хатт æрцыди Нармæ. Хакъо хæрз зæрондмæ фæцарди æнæ бинонтæй. Куы амарди, уæд æй баныгæдтой Нарыхъæуы уæлмæрды. Дардыл кад ын скодтой Нар. Фæци Хакъо, фæлæ баззади йæ кой. Лæг хорздзинад куы ракæна, уæд уыцы хорздзинад адæмæй рох нæу бирæ бонты. Сæ ныхасы бадгæйæ дæр æмæ сæ цины дæр Нары адæмтæ кодтой Хакъойы кой:

— Уæ, рухсаг фæуай, Хакъо, хъæбæр хорз лæг уыдтæ.

Мæгуырау уавæрты мидæг ахуыр кодта Нарыхъæуы скъоладзауты. Хакъо йæ буц цардæй йæхи фæцух кодта æмæ бафæрæзта уæззау уавæрты. Нарыхъæуы лæппутæ Хакъойы къухæй хъæддыхæй рацыдысты, дарддæр ахуыр кæнынмæ дзы фадат кæмæн нал æрцыди, уыдон куыстой æхсæны куысты. Чи дзы хъæуыхицауæй куыста, чи та æндæр уæлдæр куысты.

Ахуыр кæнынæн хорз фадæттæ хъуыди, æмæ уыцы хорз фадæттæ та æрмæст стæм лæгты къухы æфтыдысты. Ахуыр лæвар нæ уыди, фидын хъуыд. Лæгдыхæй ацыдысты Къоста æмæ Хетæгкаты Иналы фырт Бато, Балаты Къæберы фырт Дауыт, Балаты Уардан, Джиоты Дауыт. Адонæй кæмæн кæдæм йæ фадат амыдта, уырдæм самал кодтой.

Балаты Дауытæн йæ фыды ’фсымæр Калачы куыста сауджынæй. Къæберы фырт, Джиоты Дауыт æмæ Балаты Уардан Калачы ахуыр кæнынмæ бацыдысты æфсæнвæндаджы инженерты скъоламæ. Хорз ахуыр кодтой æртæйæ дæр. Фæлæ иу заманты Уардан сомихы лæппутимæ фæбыцæу æмæ дзы дыууæ фæмард кодта. Уарданæн ма Калачы цæй ахуыргæнæн уыди æмæ Сураммæ раивта, бацыди сæудæджеры ахуырмæ. Къоста æмæ Батомæ Уарданы хабар Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт куы ныффыстой, уæд сау додой куыннæ кодтаиккой:

— Домбай лæппу уыди Уардан. Мах ма Уарданыл нæ зæрдæ куы дардтам, æмæ дзы ныр нæ зæрдæ куы бауазал ис. Бæрæг у, кæй фæфыдуаг. Æвгъау гуырд уыдтæ, Уардан.

Къоста Къæберы фыртмæ æрбарвыста: «Уарданæн кæд Калачы ахуыр кæнæн нал ис, уæд æй Бетъырбухмæ куыд æрбарвитат, афтæ, кæннод уымæй махæн лæг пайда нал ис. Цы ныфс ма дзы бавæрæм — сæфт æмæ æрдиаг».

Уардан уайтагъд иу персайнаг кънйазмæ — йæ ном Дæулæт — кусынмæ бацыд. Мæгуырау цæстæй нæ касти кънйаз Уарданмæ. Фæлæ Дæулæтæн уыди дыууæ фаззон чызджы, тынг буц сæ дардта. Авд уаты мидæгæй сын уыди хæдзар, цæуæг кæдæм нæ уыди, уынæг кæй нæ уыди. Фаззæттæн уыди хъахъхъæнджытæ æмæ сæм чи касти, ахæм сылгоймæгтæ. Дæулæты чызджыты кой дардыл айхъуысти, уынæг сæм цыдысты дард хъæутæй æмæ горæттæй. Сæ диссаджы уынд æмæ кондимæ курджытæ дæр куыннæ цыдаид Дæулæты чызджытæм. Арфæтæ дæр куыннæ цыдаид Дæулæтмæ йæ фаззæтты тыххæй стыр æлдæрттæй, хорз чызджытæ кæй схъомыл кодта, нæлгоймаджы комытæф сæм кæй нæ фæхæццæ.

Уардан кæуылдæрты Дæулæты чызджытæм бацыди æмæ сæ сæнæфæразгæ кодта дыууæйы дæр. Хъахъхъæнджытæ дис кодтой: уæдæ Дæулæты чызджытæ æдæрсгæ хурмæ дæр куы нæма рацыдысты, уæд раст сывæрджын сылгоймæгты хуызæн куы сты, уæд цы хабар уыдзæн? Кæд Хуыцауы комытæфæй сты, уæддæр цы бæрæг уыдзæн? Чызджытæ æнæ Уардан куы нал фæрæзтой, уæд иу æхсæв ралыгъди. Фаззæттæ дæр йæ фæстæ. Уардан сын афтæ зæгъы:

— Ацæут уæхимæ, æз мæнæ доны мæхи æппарын, æмæ мæ дон хъуамæ аласа.

Уардан кæуылдæрты рауади. Чызджытæ доны ныллæсыдысты æмæ йæ уым агурынц. Дон ласгæ кæны, уый дæр не ’мбæрстой. Уæд сæ чидæртæ ауыдтой æмæ куыннæ ныддис кодтаиккой:

— Адон Дæулæты чызджытæ куы сты, уæд доны цы агурынц?

Чызджытæм куы бакастысты, уæд мæнæ аринаг устытæ.

— Доны цы агурут?

Чызджытæ ныккуыдтой:

— Нæ лæппу донмæ ныххызти...

Цы базонын ма хъуыди, Дæулæты чызджыты Уардан кæй афæлывта. Дæулæт йæхи амардта, фæлæ ма йын уыди фыды ’фсымæр æмæ йæхицæн æртæ æфсымæры. Уыдон сæ цæст куыннæ дардтаиккой Уарданмæ, хъахъхъæнджытæ сæвæрдтой. Уардан ма-иу фæзынди хаттæй-хатт. Перс æй æрцахстой æмæ йæ цæджындзмæ æфсæн рæхыстæй ныббастой.

Уарданмæ-иу Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт куы æрцыдысты, уæд йæ хъæр, йæ кой нал уыди. Уыцы хабар Къоста æмæ Батомæ ныффыссын нæ уæндыдысты, фæлæ сæ хъус дарын байдыдтой. Нарæй ма Калачы куыста Силиты Къала, æмæ уый дæр мæсты кодта. Къала ныффыста Къоста æмæ Батомæ, Уардан кæй никæцæйуал зыны. Зын сын куыннæ уыдаид, æмæ та Къоста уæд Къаламæ æрбарвыста: «Агургæ кæн Уарданы».

Уалынмæ Къæберы фырты æмæ Гæджийы фырты хъустыл цæуын байдыдта, Уардан Дæулæты фидары баст кæй æрцыд. Къоста æмæ Батомæ уæддæр нæ бауæндыдысты хабар ныффыссын, фæлæ Нармæ арвыстой, Уарданы персайнæгтæ фидары бабастой, зæгъгæ. Нарæн уæд сæ домбай лæппутæ Дæулæты фидармæ æрцыдысты: Балаты Ладо, Асаты Сардо, Асаты Асо, Балаты Никъа, Дзапарты Аксо, Балаты Иликъо, Балаты Хъаппар. Сурамы станцæмæ сæ размæ рацыдысты Силиты Никъала, Къæберы фырт æмæ Гæджийы фырт. Раст æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Дæулæты фидары дуæрттæ ныппырх кодтой. Перс куыннæ фæфæдис уыдаиккой. Ладо хъæбæр домбай лæппу уыди æмæ-иу дзы иуы фелвæста æмæ та-иу æй иннæуыл ныццавта. Перс лидзынмæ фесты фæйнæрдæм.

Уарданы сыхæлдтой, фæлæ йæ цæсгом нал бахъæцыд, сæ къухтæй йæхи атыдта æмæ хъæдмæ фæлыгъди. Нар тынг æнкъардæй раздæхтысты; фесæфт лæг, абырæг суыдзæн. Æцæгæй дæр Уарданæй æнæкæрон абырæг рауади. Фæллойджын адæмæн сæ фос иста æмæ сæ лæвæрдта мæгуырдæр, гæвзыкдæр адæмтæн. Иу заманты Нармæ дæр тынг бирæ фос раскъæрдта æмæ сæ æхсæвыгон лæвæрдта мæгуыртæн. Се скъæты-иу сын фос бакодта æмæ-иу хæдзармæ бахъæр кодта:

— Уастырджи дын фос балæвар кодта!

Асаты Цæукъамæ æмæ Зæхджынмæ бирæ фос батардта. Цæвиттон сæ фæсномыгæй хуыдтой Цæукъа æмæ Зæхджын. Цæукъа хуынди Хъазыбег, Зæхджын та — Бысал. Хæрз мæгуыр уыдысты дыууæ æфсымæры дæр. Нары цæрæг адæмтæ сегас дæр базыдтой, Уардан сын фос кæй балæвар кодта æмæ-иу сæ кæрæдзийæн диссагæн дзырдтой:

— Уæдæ, табу Хуыцауæн, Уастырджи æргом æххуыс кæй кæны æмæ мæгуыртæн фос кæй лæвар кæны...

Фæстаг хатт Уардан фос рацæйтардта, æмæ йæ раст Сурамы амардтой. Нармæ фæхабар кодтой. Нарæй ацыдысты сæ сæртæ хойгæ æмæ Уарданы рахастой, Нарыхъæуы уæлмæрдты йæ баныгæдтой.

Къоста æмæ Батойæн тынг баххуыс кодта Батойы мадыфсымæр. Царди Бетъырбухы, куыста дзы стыр хицауæй. Дыууæ лæппуйы ахуыр мæгуыргомау нæ уыд: кæй сæ кæцы ранмæ фæндыд, уырдæм бацыд. Бато бацыди хæстон ахуырмæ, Къоста та ныв кæныны академимæ. Æрмæст Уарданмæ сæ зæрдæ тынг æхсайдта. Фыстой: «Кæм ис, Уардан?» Къæберы фырт дзуапп лæвæрдта: «Æз дæр æй нæ уынын». Кæд мард уыди, уæддæр æй нæ уæндыд ныффыссын Къостамæ, бирæ йæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ. Зæрдæтæ æвæрдта Къæберы фырт Къостайæн: «Уарданæн сæфынæй тас нæу, фæлæ ды дæ ахуыры кой кæн».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.