Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 19 страница



Сæ уæрыччытæ заргæ æрыскъæрынц. Мæнæ раст чындзхон уазджытау уыцы рæсугъдæй суагътой сæ хъæлæсыуаг.

Уæллаг Нарыхъæуы устытæ дуармæ рауадысты:

— Чидæр чындз кæцæйдæр æрбахæссы. Сæ размæ хуынтæ хæссын хъæуы, кæннод худинаг у.

Особайы заманты-иу чындзхæсджытæн сæ размæ хуынтæ хастой, кæцыфæнды хъæумæ дæр-иу куы бахæццæ сты, уæд: дурыны дзаг сау бæгæны, æртæ æртæдзыхоны, сæ уæлæ физонæг, афтæмæй.

— Марадз-ма, чындз, кæд æртæ æртæдзыхоны цалынмæ рæвдз кæной, уæдмæ фæзыниккой.

— Нæ, Нана, нырма дардæй цæуы сæ зарын.

— Рæвдз, уæдæ. Уæлæ замманайы дзуллаг хыссæ, изæры мæ хуымгæнджытæ цы бахæрдзысты, зæгъгæ, йæ срæвдз кодтон. Зынгуаты арт гуыр-гуырæй судзы. Цы амондджын чындз уыдзæн, конд хыссæ цæттæйæ чи æрбаййæфта.

Къæберы ус уайтагъд æртæ æртæдзыхоны арæвдз кодта, физонæг сын сæ уæлæ авæрдта. Дурыны дзаг бæгæны цæдджинагæй равгæдта:

— Мæ кусæджы фаг дæр ма у ардыгæй хуыцаубонмæ уæлдайджынтæй. Хуыцаубоны изæрырдæм та бæгæны ногæй фыцын хъæудзæни. Райсом уæлæ æхсæлытæм суайдзынæн. Къоста æмæ Дауыт дæр та мæм кæд фæкæсиккой. Æниу ныхас дзыхæй схауæд, уыййеддæмæ мæ разæй уайынмæ фæвæййынц.

Къæберы ус æд хуын дуармæ рахæццæ. Кæсы, æмæ уæлæ Къоста гъæйттæй заргæ æрцæуы, Дауыт æмæ йын Уардан та хъырнгæ кæнынц. Къæберы ус дæр æмæ иннæтæ дæр худæгæй бакъæцæл сты:

— Марадзут, лæппутæ, мæнæ уын Магда хуын æрбахаста.

Къоста куыддæрæй аззади:

— Цæмæн нын хъуамæ æрбахæсса хуын, мах зæронд лæгтæ, мыййаг, куы нæ стæм.

— Нæ, мæ къона, чындзхæсджытæ уæ фенхъæлдтой, диссаджы рæсугъд хъæлæсæй зарыдыстут.

Магда йæ хуын радта:

— Ацы æртæдзыхоны мæ хæдзармæ куы нæ бахæссон, уæд мæ хæдзар мæгуырдæр фæуыдзæн? Фых хойраг æвæрынмæ нал бæззы. Æгайтыдæр ма нæ хицæутты сидзæр лæппуйæн ахæм хорз æмæ диссаджы хъæлæсы суагъд ис. Раст йæ фыд Леуаны хъæлæсæй куыд зары, къæрттæй дзы цъула нæ аппæрста. Леуан-иу Мамиаты Хъарадзауы зарæг куы кодта, уæд-иу æм ацу æмæ хъусынæй бафсæд. Кæнæ чындзхон уазджыты зарæг. Дæллаг Нарыхъæуæй йæ зарын суанг Уæллаг Нарыхъæумæ хъуысти. Уæлдайдæр-иу зымæгон куы ныззарыд, уæд-иу цыма æнкъард зымæджы сургæ кодта, афтæ æхсызгон нын-иу уыди. Хæргæ кæнут, Нанайы кæрчытæ.

Лæппутæ сæхицæй куыннæ ныббуц уыдаиккой:

— Уæлæ та йæ Регахы лæппутæ куы фехъусой, уæд та фыр хæлæгæй фæйнæрдæм тондзысты: «Мах куы фæзарæм, уæд нын Регахы устытæ хуынтæ нæ фæхæссынц, фæлæ ма нæм кæд фæкæнынц хыл, ма хъæр кæнут карз дзуары бын, зæгъгæ». Мах та иннæ хатт дæр кæд зæргæ не ’рцæуæм, уæд бæрæг уыдзæни. Иннæ хатт та Нары бæрзонд Уастырджийы зарæг кæндзыстæм, кæнæ цуаноны зарæг дæр хорз зарæг у.

XXXIV

Ехх, уæдæ цæй уынгæджы бон скодта уыцы бон Къостайыл: нæвæндонæй йæ раласта Леуан Дзæуджыхъæумæ. Йæ фыд ын цы ног фæлыст бахаста фæндагмæ, уый дæр æй нал æндæвта. Кæуынæй ныддæнгæл, йæхи ма бæргæ æппæрстытæ кодта Хайыр æмæ Текъойыл, Елберд æмæ Къæберыл. Бынтон ратонæн та йын Хъугърионæй нал уыд.

Фæлæ уæрдон фенкъуысыд æмæ гыбаргыбургæнгæ рараст дард балцы.

Зæрæмæгæй æддæдæр никуы рахæццæ Къоста, æмæ йæм кæд балц ингæнмæ цæуæгау каст, уæддæр цымыдисæй фæлгæсыд. Къасарайы уынгæг кæмттæм.

Иу фæзилæны хохы фахсыл фæкомкоммæ зæппæдзтæм æмæ Леуаны афарста:

— Баба, уæлæ уыдон та цы сты?

Æмæ уæд Леуан дæр, кæд сабийæ йæ хъуынтъыз хъуыдытæ байрох уаиккой, зæгъгæ, дардыл таурæгъ нывæндын байдыдта.

— Иу заманты адæмыл низ сыстад, емынæ йæ хуыдтой. Ахæм низ уыд æмæ хæдзармæ бацыд, æмæ дзы бинонтæй иу фæрынчын, уæд уыцы бинонтæй иу дæр нал фервæзтаид, сегас дæр-иу уыциу мард акодтой. Ахæм низ уыди, æмæ-иу сæ ахсæнтæ æмæ гуыбынтæ скæлм сты, æмæ-иу кæлмытæ цæстыхуынчъытæй бырыдысты, фындзыхуынчъытæй. Ахсæн-иу бахордтой, тъæнгтæ-иу фегом кодтой.

Иу дзырдæй, адæм дзы хъæбæр цагъды фесты.

Нары иу хъæу — Тæбæгъау æй хуыдтой — иу хæдзарæй иу бон фондзæй амардысты. Сæ кæуынмæ-иу дуармæ æрбацыдысты Дæллаг Нарыхъæуæй. Хæцгæ низ æй хуыдтой, æмæ-иу хæдзармæ цæуын нал уæндыдысты. Ингæнтæ-иу къахгæ бæргæ скодтой, фæлæ мæрдтæ хæдзарæй рахæссынæн стыр ныфс æмæ хъару хъуыди. Бæргæ сыл аргъуыдтой сауджынтæ дæр, фæлæ ацу æмæ цы: рын, дам, куыста, æмæ сауджын хордта. Уыцы ныхас уæдæй фæстæмæ баззад цæрæг адæмты æхсæн.

Хетæджы-фырт Джиуæр бацыд Темырхъанты мæрдтæ хæссынмæ, æндæр сæм Дæллаг Нарыхъæуæй хæстæг бацæуын дæр ничиуал уæндыд. Фæлæ Джиуæр загъта:

— Ау, мæрдтæ æнæ ныгæдæй куыд ныууадзæм? Чи амард, уыдон низ, мыййаг, æлхæнгæ бакодтой æви цы хабар у?

Нарыхъæуы лæгтæ загътой Джиуæрæн:

— Дæллаг Нары ацы низ нæй, уый зонгæ кæн. Ды куы амæлай, уæд дæ махæй кæцы лæг хъуамæ рахæсдзæн? Емынæйæ адæм сæхи куы хъахъхъæнынц...

— Уæлдай ныхæстæ мауал кæнут, фæлæ уарын цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ мæнæ мæрдтæ хæсгæ кæнут уæлмæрдтæм.

Нарыхъæуæй иу лæг дæр хæстæг нæ бацыд, æрмæст ма йæм фæкаст Асо, Бырнацтæн се сиахс уыди.

Джиуæр æмæ Асо мæрдты хастой уæлмæрдтæм æмæ сæ ныгæдтой. Нар фæйнæрдыгæй хыл кодтой Джиуæр æмæ Асомæ:

— Дæллаг Нармæ ацы бæллæхы рын куы ахæссат, уæд æгас Нарыхъæуы дæр скуынæг кæндзæн.

Джиуæр сыл сбустæ кодта:

— Уый та уæд цавæр хыл самадтат? Уæдæ сæ ныгæнын нæ хъæуы? Афтæ æнæ ныгæдæй куы баззайой, уæд хæхбæсты змæлæг дæр кæй нал баззайдзæн бынтондæр, уый зонгæ кæнут! Тæккæ сæрдыгон бындз бады, æмæ бындзæй арæх кæны хæцгæ низ. Куыд æнхъæл стут, чи дзы амард, уыдон мæлынмæ сæ былтæ æхсыдтой? Фæлæ цард лæджы куыд æрбасуры, афтæ йæ æппары кæнæ былæй, кæнæ йæ искуы доны фесафы, кæнæ та йæ бынтон хорз ранмæ дæр бахæссы.

Мæрдтæ иугæр ныгæныны онг куы æрæвæрдтой Тæбæгъауы хуссарварсы, уæд Джиуæр фæндараст загъта. Иу хæдзарæй фондзы рахастой, иннæ хæдзарæй — æртæйы, аннæ хæдзарæй — цыппары. Уыдон иу бон. Кæуыл ма дзы хъуамæ мæрддзыгойы адæм скуыдтаиккой? Аннæмæй та адæм фыр тæссæй зыр-зыр кодтой. Джиуæр сын загъта:

— Фæндараст. Æнамонд заман уыл скодта. Æнæмæлгæ дуне нæй æмæ нæ уыд, фæлæ рын кæнæ емынæйæ амæлын у стыр æнамонд мæлæт. Цы ранмæ цæут, уырдæм фæндараст фæут. Мардæн у сыджыт йæ æмбæрзæн. Чи уыл фыдæбон кæны, уыдонæн сæ цард бирæ уæд. Абонæй фæстæмæ ацы уæлмæрдтæ ахæм зиантæй цухгонд æрцæуæд.

Иугæр зиантæ ныгæд куы æрцыдысты, уæд мæрддзыгойы адæм уæлмæрдæй раздæхтысты. Зианджынты хæдзармæ низæй нал бауæндыдысты. Хæрнæгæн цы срæвдз кодтой, уыдон рухсгонд куы æрцыдысты, уæд сæ чи хъуамæ бахордтаид æмæ сæ доны бакалдтой.

Джиуæр æмæ Асо скæсæны бын сæ дзаумæттæ ныхсадтой, сæхи дæр цынадтой. Сæ дзаумæттæ цалынмæ хæрз хус систы, уæдмæ доны бадтысты, сæхи сыгъдæг кодтой.

Цæвиттон, низ сыстад Гуыркъуымты цæрæг адæмыл. Уый дæр Нарыл нымад хъæу уыди. Фæлæ Дæллаг Нарыхъæумæ уыцы карз емынæ не ’рбахæццæ. Регахы дæр дзы бирæтæ фæмарди.

Рынчынтæм-иу фæрсæг куы бацыдысты, уæд-иу хъæумæ хæстæг нæ уæндыдысты, рын цы ран уыди, уырдæм, фæлæ-иу ныхъхъæр кодтой хъæуы бынæй:

— Уæ рынчынтæ цы хуызæн сты, уый нæм æрхъæр кæнут.

Æмæ-иу æрхъæр кодтой:

— Уæззау рынчынтæ сты — зæрдæдаргæ нал сты. Сæфæм æгас хъæуæй дæр. Хуыцауæй курæгау уæ курæм, уæхи бахъахъхъæнут.

Алкæмæн йæ хæстæг, йæ хионмæ зæрдæ куыд æхсайдта, афтæмæй та иу цасдæры фæстæ рынчынты бæрæггæнæг бацыдысты æмæ та-иу ныхъхъæр кодтой:

— Уæ рынчынтæ цы фесты?

— Амардысты.

Æмæ та-иу сын уæд ингæнтæ къахынмæ цыдысты, марды чырынтæ-иу сын цæттæ кодтой, фæйнæджы куыстмæ кæцытæ арæхстысты, уыдон.

Зыруг, Мамысонгомы дæр тынг скуынæг кодта. Цæрæг адæмтæй бирæтæ сæ хæдзæртты дуæрттæ рахгæдтой.

Уыцы емынæ æмæ рын канд хæхбæсты нæ фæцагътой адæмы, фæлæ алы хъæуты дæр. Ламардоны хъæбæр бирæ хъæутæ равдæлон кодта. Тæригъæддаг мардæй куыннæ мардысты Ламардоны адæмтæ. Уыцы ран та ноджы карздæрæй æмæ тыхджындæрæй фæзындысты дыууæ низы дæр. Рынчыны бон дæр сæ нал уыди, цæугæ-цæуыны-иу фæмардысты. Куыроймæ-иу устытæ ссинаг сæ æккæйтты фæцæйхастой, мæ бинонтæ æххормаг сты, зæгъгæ, æмæ-иу чи цæугæ-цæуыны фæндагыл амард æд æргъом, чи та-иу йе ссинаг куыройы бавгæдта æмæ-иу, мæгуырæг, куыройы уаг æвæргæйæ йæ уд систа. Йæ бинонтæ-иу æм æнхъæлмæ кастысты: «Агъæц, нæ куыройдзау гъа-ныр æрбацæудзæн, гъа-уæд». Фæлæ-иу нал фæзынди, уæд ацу æмæ йын йæ мард æрбахæсс æмæ йæ баныгæн.

Низ бонæй-бон тыхджындæр куы кодта, уæд райдыдтой удæгасæй сæхицæн зæппæдзтæ аразын, уымæн æмæ дзы ничи ирвæзти. Иу хъæу бынтон цагъды фесты, æмæ сæ фос уынгты рауай-бауай кодтой. Хуры цæст тары куыннæ бацыдаид. Ацу, æмæ сæм хæстæг чи хъуамæ бацыдаид, кæд æмæ Ламардоны цæрæг адæм сегас дæр æмзыр-зыр кодтой, алчи йæхицæн æмæ йæ хæдзары бинонтæн зæппæдзтæ амадта.

Уæд æрбахастой сæ зæппæдзтæм сæ арынгтæ, се ссæдтæ, сæ хæндгуытæ, иу дзырдæй, цалынмæ амæлой, уæдмæ сæ хæринагæй цы хъуыди, уыдон.

— Æххормагæй амæлыны бæсты хæрдджынæй уадз æмæ амæлæм, уæддæр нын дзæгъæлы куы зайдзысты. Бирæгътæн нын хæринаг куы фесты нæ æхсырджын дуцгæ хъом.

Хъуццытæ-иу зæппæдзты дуармæ схуыссыдысты. Кæд ма-иу бинонтæ сæрæгас уыдысты, уæд-иу сæ æрдыгътой æмæ-иу зæппадзы мидæг цыхт дæр бацахстой.

Чи зоны, æмæ ма дзы аирвæзынмæ дæр исчитæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ дзы ничиуал ирвæзти.

Иу хæдзар та дзы, мæгуырæг, чындзæхсæв скодта. Уыдысты авд æфсымæры. Авдæй дæр уыдысты нæргæ хæдзæрттæ. Ламардон-иу сæ æмбисонд хаста, Габосты нæргæ хæдзар, зæгъгæ. Авд æфсымæрæй дæр уыдысты бинонджынтæ. Сæ хистæр æфсымæры лæппуйæн ус ракуырдтой Дæргъæвсы комæй Берозты чызджы.

Сæхи хуымæтæджы цæттæ нæ кодтой, фæлæ хъуамæ стыр чындзæхсæв скæной. Дардыл хъуыстгонд хæдзарæн йæ кой дæр хуымæтæджы койæ нæ айхъуысы, фæлæ йæ адæмтæ кæрæдзийæн стыр диссагæн фæдзурынц.

Æнамонд рæстæг æрæййæфта Габосты нæргæ хæдзарæн сæ чындзæхсæвы хабар. Канд Габостæ нæ, фæлæ Ламардоны цæрæг адæмыл æнæхъæнæй дæр сау бон бакодта, удхæссæг сæ æввонгæй хæссын байдыдта. Цы зæрдæйæ-иу бацыдысты зæппадзмæ, мæнæ фысы æргæвдæн фынгыл куы æрæвæрай, уыйау?

Габостæ дыууæ раны сарæзтой зæппæдзтæ — сæ чындзæн йæ сæры хицауимæ къаннæггомау хицæн зæппадз. Сæ кусарт ма акодтой, скувыны æмæ саходыны бон ма сæ баци. Зæппæдзтæй æддæмæ рацæуын ничиуал уæндыд, куы амæлон æмæ мæ мард къæхты бын куы баззайа, куыйтæ æмæ йæ халæттæ зыдæй куыннæ хæссой, зæгъгæ.

Тæккæ сусæны мæйы æрæййæфта мæлæт цалдæр хъæуы.

Габостæ хастой сæ чындзæхсæвы хæйттæ тагъд-тагъд зæппæдзтæм; кæй ма-иу баййæфтой сæрæгасæй, чи та-иу æппæт бинонтæй дæр мардæй баззадысты, мæнæ цыма фынæй кодтой, уый хуызæн. Чи æмбæрзт уыди йæ хъæццулæй, чи та амард хæргæ-хæрын: йæ хæринаг йæ разы, йæ комдзаг йæ къухы, йæ дзыхмæ йæ куыд фæцæйиста, афтæ.

Габостæ ма сæ чындзы бакодтой йæ сæры хицауимæ удæгасæй зæппадзмæ. Йæ разгом къабатæ йæ уæлæ. Йæ мой йæм куыд æрбахызт — гъа ныр ын раласон йæ дзаумæттæ, йæ камари йын куыд райхæлдта, афтæ лæппу дæр æмæ ног чындз дæр амардысты. Чындзы ма, мæгуырæг, æфсæрмы мæт дæр уыди: фынæйы хуызæнæй аззади, йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзта фыр æфсæрмæй. Æвæццæгæн, загъта: «Исчи мæ мард æнаивæй куы фена, мыййаг, уæд худинаг у».

Иу чындз та амард аргæ-арын, йæ сывæллон йæ дæлфæдтæм. Зæрдæ йæ бакастæй судзгæ сау рæхуыстытæ куыннæ кодтаид.

Аннæ чындз та йæ сывæллонæн дзидзи куыд дардта, афтæ авдæны хъæдыл амарди.

Ламардоны цардысты тынг стыр мыггагæй Куыйантæ. Дыууæ раны цардысты: Дæллаг Куыйантæ æмæ сæ Уæллаг Куыйантæ хуыдтой. Хъæбæр хъал адæм дæр уыдысты. Цардæй фаг æфсæст куы уа лæг, уæд хъал вæййы.

Уæд иу къаннæггомау чызджы йæ мад донмæ рарвыста: «Ацу, мæ чызг, æмæ мын дæлæ Куыйанты уазал суадонæй дон æрбахæсс». Чызг гогон йæ уæхскыл авæрдта æмæ Куыйанты бынмæ куыд æрхæццæ, афтæ йыл дыууæ ас лæджы æрбамбæлдысты, Куыйантæй сæ хуыдтой. Чызджы систой уыцы цъæхахстгæнгæ æмæ йæ аууон ранмæ бахастой иу хæдзары хæлдмæ. Сывæллон чызджы фæраууæрд-баууæрд кодтой, цы сæ фæндыд æвзæрдзинадæй, уый йын бакодтой.

Фыййау сæм аууонæй касти.

Чызджы уыцы ран ныууагътой. Иу чысыл куы рауадысты, уæд сыл хæцаг калм фембæлди. Калмы лæдзæгæй тулгæ-тулгæ чызджы размæ бакодтой æмæ йыл калмы баппæрстой, сæхæдæг худæгæй мæлгæ рафардæг сты.

Дыккаг бон афтæ зæгъынц:

— Цымæ уыцы чызг цы фæуыдаид? Уым ма уыдзæн?

Сæ хъалæй цы бакодтаиккой, уый дæр нал æмбæрстой.

Бацыдысты та хæдзары хæлдмæ. Чызгыл калм фæхæцыд æмæ ныддæнгæл, дондæппæлттæ сси. Сæ иу йæ лæдзæджы фындзæй чызджы фæкъæртт кодта. Чызджы буарæй дон ныссæххæтт кодта æмæ дзы иу лæгæн йæ цæстмæ бахауди.

— Æллæх! — иу хъæр ма фæкодта. Иу чысыл рауад æмæ æрхауд. Хъæр кæны: — Судзын, судзын, дон мын авæр!

Иннæ лæг донгарз агуры æмæ кæцæй æрбахæсса. Уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Агъæц, знон уыцы чызгмæ донгарз куы уыди». Уыцы тагъд-тагъд фæуайы æмæ донгарзмæ куыд февнæлдта, афтæ калм йæхицæн фæтарсти, лæгыл йæхи фехста, йæ уæхскмæ багæпп кодта æмæ йын йæ хъуырыл йæхи æрбатыхта. Лæг ма рауай-бауай кæны:

— Фæдис, мæлын! Исчи мын феххуыс кæнæд!

Фыййау ныкъкъуыззитт кодта:

— Куыйанты зæронд лæгтæ куыйтимæ ныммæлæнт уыцы мæгуыр чызджы тæригъæдæй!

Дыууæ лæджы дæр калмы хæстæй амардысты. Калм лæджы хъуырыл йæхи куы стыхта, уæд афтæ арæсыд йæ хъуыр, æмæ калм дæр нал райхæлдта йæхи, зынгæ дæр нал кодта, иу чысыл ма йæ къæдзил зынди.

Куыйантæ сæ лæгты мæрдтæ аластой.

Фыййау сын радзырдта сæ хабæрттæ.

Чызджы хицæуттæ дæр æрхæццæ сты æмæ сæхи хойгæ ахастой сæ марды.

Фыййау загъта:

— Бæргæ сæ федтон, уыцы цъæхахстгæнгæ куы фæцæйхастой чызджы, уæд, фæлæ дыууæ уыдысты, æмæ сæм нæ бауæндыдтæн. Æмбисондæн уый баззад: дыууæ, дам, иуæн æфсад сты. Сывæллæттæ даринаг мын ис æмæ сæ мæхи бахъахъхъæдтон. Хæстæг сæм куы бацыдаин, уæд — хъал адæм — æмæ мæн дæр йе калмæн бахæрын кодтаиккой, йе та мæ фыдмардæй амардтаиккой.

Кæд æмæ кæд ферох уыдаид ахæм уæззау зындзинад уыцы мад æмæ фыдæй.

— Уæ Куыйантæ, мæрдты дунемæ дæр бацæуынмæ нæ бæззут! — Адæм сыл уыцы æмхуызонæй ерры кодтой.

Авд хъæуы рын æмæ емынæйæ фесæфтысты. Уыдис дзы хорз адæмтæ дæр. Уæдæ Куыйантæ дæр сегас мæгуырау адæм цæмæн уыдаиккой. Фæлæ дунеон арф чиныг сæрæй бынмæ цæуы адæмы бæрæггæнгæ: цард кæцæй райдыдта æмæ кæцы ран банцайдзæн. Лæгæн зæгъон, æмæ алы адæймагæн дæр ис дыууæ фæндаджы, æмæ йын уыцы дыууæ фæндагæй фæцух нæй: йæ райгуырды фæндаг æмæ йæ мæлæты фæндаг.

Адæймаг райгуыры, йæ ныййарджытæ йæ схъомыл кæнынц, фæнды мæгуырæй, фæнды хъæздыгæй: кæмæн куыд йæ фадат вæййы, афтæ. Иугæр саби йæ цард куы бамбары, уæд фæархайы. Цы куыст, цы архайдмæ фæбæззы, уый у йæ цардæн фæрæз. Бирæ ис цардæн фæрæзтæ æмæ амæлттæ, ис, ахуыры фæндаг, ис куыстæн амал. Ахуыргонд лæг дæр архайы йæхицæн кад æмæ рад скæныныл, йæ цард фæхуыздæрыл. Уæдæ æнахуыргонд лæгæн дæр ис кад æмæ рад скæныны бар. Кад равдисæн ис, цалынмæ адæймаг йæ мæлæты фæндагыл нæ ныллæууы, уæдмæ. Иугæр лæг амард, уæд кад равдисын дæр йæ бон нал у. Цалынмæ дæ мæлæты фæндаг нæ байгом, уæдмæ архай, цæмæй дæ ном баззайа хорзæй.

Уæдæ Ламардоны цæрæг адæм æгуыдзæг адæм дæр нæ уыдысты. Æгуыдзæг лæгæн йæ бон нæу æмæ ахæм фидар ингæн дæ удæгасæй сараз. Зæрдæ дæр куыд тардта цæрдудæн ингæн срæвдз кæнын? Кæнæ-иу сæ хуыссæнтимæ куыд бараст кодтой, сæ дзаг домбай хæдзæрттæй-иу цы зæрдæйæ бараст кодтой талынг зæппæдзтæм, мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ?

Канд Ламардоны адæмтæ нæ мардысты уыцы æнæхос низæй, фæлæ дзы Дыгургомы дæр бирæ адæмтæ фæмарди. Уым дæр арæзтой ахæм фидар зæппæдзтæ.

Сечергомы уыд иу хохы сæр лæгæт. Лæгæт уыди тынг арф. Дыгургомы кæмтты æмæ хæхты цæрæг адæмтыл иугæр рын куы рапарахат, уæд сæ хистæртæ бакодтой ахæм уынаффæ:

— Уæдæ рын сыстад, никæй бон ын ницы бауыдзæн. Адæмæн сæ фæстаг кæрон æрцыди. Афтæ бакæнæм æмæ Сечеры бæрзонд хохы лæгæтмæ фæцæуæм. Фæкæнæм нæ фос дæр, нæ бинонты. Кæд мæлæм, уæд иумæ. Лæгæт ныккæндæй хуыздæр у.

Сечергомы дыгур лæгæты цардысты, сæ хæдзæрттæ ныууагътой. Фондз бонмæ дзы æмбис амарди.

Сæ мæлæты размæ-иу лæгæты кафт дæр сарæзтой, хæргæ дæр кодтой, цы сæ зæрдæ агуырдта, уый — уæддæр мæлæт æмæ мæлæт. Иу изæр симд дæр сарæзтой, райсом мæлгæ кæндзыстæм, зæгъгæ. Æцæгдзинадæй дæр райсомы нал ракастысты сæ цæстытæй, мæрдтæй баззадысты. Чи ма дзы уыди, уыдон дæр мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты. Рын æппындæр рынчын кæнын нæ уагъта: æваст-иу адæймаг йæ мидбынаты ныззылд æмæ-иу ахауд. Уыцы ахаудæй-иу змæлгæ дæр нал скодта, йæ туг-иу йæ хъæлæсæй хæрдмæ калд. Емынæ ма-иу рынчынæн бар радта, фæлæ уый дæр хъæбæр тыхджын низ уыди. Емынæйæ фылдæр мардысты хæхбæсты цæрæг адæмтæ.

Цæвиттон, уыцы тыхджын низ, дам, Туркæй æрбафтыд, Турчы цæрæг адæм, дам, дзы æмбис фесты. Цæгат Ирмæ, дам, æй æрбахастой Хуссар Иры цæрæг адæмтæ, сæ кæрæдзимæ рацу-бацу куыд кодтой, афтæмæй. Хуссар Ирæй-иу Цæгат Ирмæ куы рахæццæ сты, уæд-иу фæндагыл амардысты æмæ-иу фæндаджы былыл баззадысты. Цæгат Иры адæмтæ сын тæригъæд куыд кодтой, афтæмæй-иу сæ баныгæдтой, цæмæй сæ куыйтæ æмæ халæттæ ма бахæрой.

Уæд иу заманы иу æнамонд зонды хицау сылгоймаг кæмæйдæр цыдæр куырдта, æмæ сывæллæттæн сæ мад сæхимæ нæ уыд. Сывæллæттæ загътой:

— Мах нæ зонæм, изæры-иу æрбацу, æмæ дын æй Нана йæхæдæг ратдзæн.

Ус уыди рынчыны фæстинон. Йæ сывæллæтты цыппарæй иу бон баныгæдта. Йæ зæрдæ уыцы диссагæй рыст нæ уыди, фæлæ бавдæлд æмæ фæндаггæрон суарæй хорз куы банызта, йæ донгарз куы байдзаг кодта, уæд дзы фыццаг йæхи цынадта, уый фæстæ та дзы йæ дзаумæттæ цæхсадта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.