Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 18 страница



— Уый æз ныффыстон, де скъæты йæ, мыййаг, ма сæвæр.

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуай! Æз кæсын нæ зонын, фæлæ искуы бацу æмæ нын æй бакæс.

— Уый дын мæ быгъдуан. Иу-æртæ боны фæстæ Дауытимæ бауайдзыстæм, æмæ уын æй уæд бакæсдзынæн. Æрмæст нæ катай, нæ сагъæс — уе ’нæзонд лæппутæ.

— Уыдонæн, æз куы бацæуон, уæд сæ саунад фæкæндзынæн, дæ размæ худгæ куыд уайой.

Къостайы арæзт куыроймæ устытæй фыццагдæр ссинаг бахаста Хъугърион. Ссинаг куы фæцæйхаста, уæд ыл Нарыхъæуы устытæ худынц:

— Хъугърионæн йæ сæры зонд, фæцыди æви ссинаг хъазæн куыроймæ кæдæм фæхæссы?

Хъугърион куыроймæ куы бакæстытæ кодта, уæд бацин кодта:

— Нæ хицæутты куырыхон лæгтæ дæ фæхъхъау фæуæд. Мæнæ цы диссаджы арæхст æмæ хъуыды ис ацы сабийы сæры! Уæ, дæ цин, дæ хурæй бафсæда дæ фыды фыд дæр æмæ Дæ фыды хотæ дæр, дæу цинæй æхсæв уылынг чи рæзы, бон та — уыдисн.

Хъугърион Къостайы арæзт куыройы раз æрбадти:

— Цы уа, уый уæд. Ахæм æрмæфтæуттæ мæнæй бирæ фесæфы. Алы хъæуы куыройдзау бирæ фæрауай-бауай кодтон. Кæд сæфа, уæд фесæфæд. Хъугърионы буар фидар у: бирæ ссæуæнтæ æмæ фæуырдыггæнæнты суади, кæм кæлгæ, кæм та хаугæ.

Бады Хъугърион, куыроймæ æнхъæлмæ кæсы, кæддæра цы ми кæнид.

— Кæд ма мæ сæр исты ахсы, уæд мæнæ замманайы ссад.

Куырой уайтагъд æрмæфтау ассадта. Хъугърион фæстæмæ цæуынмæ фæци:

— Æгас Нарыхъæуы устытæ ацы куыройы хабар куы бамбарой, уæд та кæрæдзийы сæрты хаудзысты.

Устытæ худæгæй мæлынц:

— Хъугърион, мах чындзытæй нал хъазæм кæнæ гуылбадæнтæй гыццыл чызджытау.

Хъугърион та дыккаг хатт дæр йе ссинагимæ араст. «Уадз æмæ сусу-бусу кæной. Мæнæ йæ куы базоной, уæд та кæрæдзийæн бар дæр нал дæтдзысты».

Иугæр Хъугърионы куыройæ ссад дзæкъулы рахæсгæ куы федтой, уæд сæ кæрæдзийы фæрсынмæ фесты:

— Акæс-ма, уæлæ Хъугърион куыройæ æцæгдæр ссад куы рахæссы.

— И-и-и, дæ хорзæхæй, мæнæн уал æй авæр раздæр. Абон мæ кусæгæн иу кæрдзыны æрдæг нывæрдтон, ссады хъæстæ мæм рагæй дæр нал ис. Къоста куырæйттæ аразын цæй хорз базыдта уæдæ. Ноджыдæр ма иу куы саразиккой.

— Уæ сæртæ кæм сты, Нарыхъæуы æфсинтæ, афтæ æнцон ацаразгæ у куырой? Уартæ сæ скъолайæ куы рауагътой, уæдæй ардæм æй куы рæвдз кодтой. Уæ цæстытæ хъæддаг галы къæлæтыйæстæ куы сты, уæд æппын уынгæ дæр нæ кæнут, кæдæй йыл тухитæ кодтой, уый? Уæлæ-иу Сына къæдзæхмæ куы сфардæг сты æмæ-иу дуртæ куы раппæрстой, уæд афтæ æнхъæл уыдыстут æмæ Хуыцауы дзæгъæлы фыдæбон кæнынц. Ныр ахуыры аз æрбахæццæ, æмæ сæ куырой аразыныл куы бафтауæм, уæд уыйбæрц сæ ахуырæй къуылымпы кæй кæнынц, уый уæ зæрдæйы кæрон дæр нæй, фæлæ Хъугърион алырдæм дæр хъуыды кæны. Къостайы йæ мады ’рвадæлтæм дæр бауайын хъæуы, царæй зæхмæ лæг æм æрбацыди уартæ Джинатæй.

Къоста йæхæдæг куыд загъта, афтæ æртæ боны фæстæ Джинатмæ фæцæуынц. Кæсынц, æмæ уартæ Джинаты лæппутæ сæ размæ худгæ æмæ хъазгæ рацæуынц, иннæ бонтау дурадзагъцæй нал хæцыдысты.

— Къоста, ды мах хæрæфырт дæ, дæ фыд Леуан махæй ахаста чызг. Мах ын куы нæ раттаиккам чызг, уæд ды абон рауай-бауай нæ кæнис. Мах дын дæ фыдæн замманайы хорз чызг раттам, æмæ уын амарди. Куы нæ йæ раттаиккам, уæд бирæ хуыздæр бæргæ уыдаид.

Къоста афтæ зæгъы:

— Цыдæр, уæддæр та хылкъахæнтæ кæнут. Фæлæ куыддæр дурадзагъдæй райдайат, афтæ уæ ныртæккæ ардаугæ кæндзынæн.

— Нæ, мах ныр ардыгæй фæстæмæ дæуыл иузæрдыгдæр уыдзыстæм. Ма тæрсут, иу дуры къæртт дæр нæ сисдзыстæм. Мæнæ уын хуыскъæлтæ рахастам. Ахæрут, æмæ та уæлæ ноджыдæр скъахдзыстæм: уæллаг хуымтæ сæ тæккæ дзагæй лæууынц.

— Хорз уæдæ.

Бафидыдтой. Иу хылы хъæр дæр сæ нал райхъуысти. Хорз фæхъазыдысты. Хуымты изæрмæ хуыскъæлкъахæн фæкодтой. Джинаты хуымгæндтæ хуыскъæлæй цух никæд уыдысты. Йæ хуыскъæл та сæкæрæй бирæ хæрзаддæр уыди, зæрдæ йæ тынг агургæ дæр кодта.

Уалынмæ хур дæр йæ бынатмæ цæуыныл ныллæууыд. Джинаты къуындæг æмæ тар кæмтты хур куы фæцæйныгуылы, уæд Джинаты æнкъард хъæутæ куыддæр нытталынг вæййынц. Сæрд ма-иу афтæ нæ уыди, фæлæ ме знаг зымæгон уыцы æнкъард хъæуты æрмæст иу æхсæв дæр куы бахсæвиуат кодтаид. Зæрдæ-иу уынгæг кæмтты бакастæй уæззау рыстæй рысти. Акæс, уæд кæмттыл сау мигътæ уыцы бæзджынæй тъæпæн æрбадынц. Мæнæ цыма фыддæрадæн афтæ фæкæны, уыйау æгæр-мæгуыр халон дæр нæ фæтæхы зымæгон уыцы тар кæмттæм. Æрмæст дзы сау цъиахтæ дзыгуыргай уыцы цъыбарцъыбургæнгæ фæтæхынц. Мæнæ саударæг сылгоймæгтау — зæрдæ сæ бакастæй куыддæр нынкъард вæййы. Акæс, уæд хуымæй, хъæдæй сау цъиахтæн баззайынц, бархи-уæгъдибарæй ратæх-батæх фæкæнынц Джинаты мæгуырау хъæуты. Хъæутæ дæр дзы цанæбæрæг уыди: æгасæй дзы æртæ хъæуы царди.

Хæрз рæбынæй Уаччейы хъæу, æфцæгмæ хæстæгдæр уыди. Зымæг дзы-иу хъæбæр уазал уыд. Фосы куыстæн бæззыд, æндæр дзы хор мæнæ-мæнæ хорз нæ зади... Уæдæ дзы цæхæрадоны халсарæн йæ кой, йæ хъæр нæ уыди уазалмæ гæсгæ. Сæрды æртæ мæйы дæр дзы-иу уыди халас.

Уаччейы дæле та иу цалдæр хæдзары царди Гаджитæй. Хъæуæн йæ ном хуынди Мæсыгджын, уымæн æмæ дзы иу-фондз раны мæсгуытæ арæзт уыди. Чысыл дарддæр цардысты цалдæр хæдзары, Дæллаг Джинат æй хуыдтой, уыдон дæр уыдысты Гуыбатæн сæхицæй.

Дæллаг хъæуæй иу дзæвгар рауайгæйæ ма иу бæрзонд ран та цардысты Камах, зæгъгæ, иу цалдæр хæдзары. Уыдон дæр уыдысты, иунæг хæдзарæй чи апарахат, ахæм хъæу, Еналдытæ сæ хуыдтой. Тынг бæрзонд ран цардысты. Сæ куырой уыди комы бын. Комæй хъæумæ скæсын уыди тынг диссаг: йæ бындар фæуæд кусæг лæг, царды фæрæзтæ куыд амал фæкæны. Кæнæ дзы хуымтæ куыд сарæзтой æмæ сæ куыд сфæлмæн кодтой, уый дæр ма хъæбæр диссаг уыди.

 

Хæрз изæрмæ Къоста йæ цæстытæ хъæутыл фæрахæсс-бахæсс кодта: чи дзы куыд бæрзонддæр у, кæнæ дзы чи куыд арæзт у, кæнæ дзы кæмæ куыд ссæуын хъæуы. Кæмæ дзы уыди æмхæрд фæндаг, кæмæ та дзы уыди гакъон-макъон фæндæгтæ æмæ ма ноджыдæр фæндæгтыл æнцайæнтæ.

Цард тынгдæр бæстыхъæд æмæ æрдзыхъæдмæ гæсгæ арæзт кæй æрцæуы, уый хъæбæр диссаг у. Уæдæ Камахмæ гакъон-макъон фæндæгтыл æнцайæнтæ арæзт уæд цæмæн хъуамæ уыдзæн? Зын бамбарæн æмæ базонæн нæу ацы хабар дæр. Уымæн æмæ Камах тынг бæрзонд ран цæрынц, сæ куырой та арæзт у сæ бынмæ. Уæлæмæ цæуæгæн у зын, уымæ гæсгæ йæ хъæуы æрынцайын. Уæдæ фæуырдыггæнæны дæр хъæуы æрынцайын, уымæн æмæ уаргъимæ уырдыгмæ цæуын дæр у зын.

— Хорз æрхъуыды кодтой, гакъон-макъон фæндагыл æнцайæнтæ кæй сарæзтой, уымæй. Мæгуырау зонды хицау нæ уыди, уыцы фæнд чи æрхъуыды кодта, уый.

Уæдæ Джинаты хъæутæ дæр сты æрдзыхъæд æмæ бæстыхъæдмæ гæсгæ арæзт. Фæздæр ран у, фæлæ дзы уæддæр у зын цæрæн. Лæг кæцы ран æрæнцайы, уым фæцайдагъ вæййы, æмæ йын бонæй-бон адджындæр кæны йæ цæрæн бынат.

— Уæдæ æз Нарыхъæуы райгуырдтæн, æмæ мæм Нарæй хуыздæр иу ран дæр нæ кæсы. Цæвиттон мæм афтæ кæсы, цыма иннæ хъæутæй никæцы ран бафæразин цæрын. Нарæн мын йæ къæдзæхтæ дæр куыддæр адджын сты. Уæдæ мын йæ дон дæр адджындæр у. Æхсæв нæ сæрмæ арвмæ куы скæсын, уæд мын стъалытæ дæр мæ зæрдæмæ цавæрдæр рухс æмæ хъæлдзæгдзинад бавдисынц. Джинаты дыууæ æхсæвы куы бафысым кæнын, уæд мыл афæдзæй даргъдæр ныввæйы рæстæг. Цыма Нар мæ ацыдмæ дард искæдæм алидздзæн, æмæ йæ нал фендзынæн. Мæхинымæр катайы бацæуын. Уæдæ æз куыд бирæ уарзын Нары, иннæтæ дæр æй афтæ бирæ уарзынц?

Дауыты афарста:

— Дауыт, кæм уарзыс фылдæр цæрын, раст-ма зæгъ?

Дауыт афтæ зæгъы:

— Ды кæм фылдæр уарзыс цæрын?

Къоста афтæ зæгъы:

— Æз фылдæр уарзын нæхимæ Нарыхъæуы цæрын.

Уæд Дауыт дæр бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Æз Нарæй фылдæр иу ран дæр нæ уарзын. Дысон нæхимæ æрбаймысыдтæн, æмæ мæ зæрдæ тынг скъуындæг, цыма Нары хъæдтæ æмæ фæзтæ нæ ацыдмæ уым дæр нал уыдзысты, дард искæдæм фæцæудзысты. Абон цæуæм нæхимæ, мæ бон нал у ацы ран мæнæн. Кæд дæуæн дæ мады ’рвадæлтæ ацы ран кæй цæрынц, уый тыххæй йæ уарзыс, уæд дзы дæу хатырæй ныр дыууæ æхсæвы фæдæн.

Къостайæн йæ фыстæг йæ мады æфсымæр бакæсын кодта. Тынг йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ загъта:

— Раст æй мæ хæдзары Сафайы рæхысы бын нывæрдзынæн, скъæтмæ та иннæ къæйтæ сæфтаудзынæн æмæ сæ скъæты къæйдзарыл нывæрдзынæн.

Къостайæн йæ зæрдæ куыддæр уынгæг кодта, Зикъарайы æфцæгыл-иу ацырдæм дæр æмæ фалæмæ дæр куы цыди, уæд. Канд Къостайы зæрдæ нæ уынгæг кодта уыцы бæрзонд уазал хохæй, фæлæ дзы алы цæуæджы зæрдæ дæр кæуын фæагуры, уымæн æмæ дзы-иу бирæ фыдбылызтæ æрцыди. Сæрдæй, зымæгæй, уалдзæгæй уæд, фæззæгæй кæй нæ бахъыгдардта æнусон хох Зикъара, ахæм кæцы хъуамæ рацыдаид Зикъарайы æхсæйнаг хохыл. Ноджы ма дзы иу цавæрдæр цъиу цыдæрхуызон уастæй фæуасы, мæнæ цыма уазал кæнæ æххормагæй фæцæймæлы æмæ йæхицæн æххуыс фæагуры. Халонау комкоммæ фæкæсы фæндаггонмæ, уæ, фæндаггон, хорз фæндагыл цыд нæ фæдæ, зæгъгæ, ныддодой кæны.

Уыцы цъиу хуыйны хиуа. Цæвиттон, кæддæр, дам, æй иу хиуаг лæг рахаста æмæ йæ фыддæрадæн Зикъарайы ауагъта. Ахæм цъиуы мыггаг у, æмæ æхсæв æрбахъуызы кæрчытæм æмæ сæ бахæры, кæнæ сæ фæйнæрдæм ныппырх кæны. Иу дзырдæй, æлгъыст маргъ у. Зикъара ахæм маргъæн у йæ æцæг бынат. Хиуа цъиуы мыггаг у хъулон. Йæ дзых у раст цæргæсы дзыхы хуызæн, цæргæсæй у тыхджындæр, фыс дæр ахæсдзæн. Сæрд фыййæуттæн у хъæбæр знаг сæ фосæн. Уазалæн у фидар, тæхгæ дардмæ кæны, фæлæ æхсæв йæ бынатмæ æрбаздæхы фæстæмæ. Хих кæнæ æнусон цъити дæр хæры тынг адджынæн. Мит тынг куы ныууары бæрзонд хæхты, уæд хиуа миты бынæй цъити дæр скъахы æмæ йæ уыцы зыдæй фæхæры, йæ дзыхы йæ куыддæр раскъæф-баскъæф фæкæны.

Хиуа у хиуарзон маргъы мыггаг, йæ æмбæлттæй йæхи иуварс аласы. Мыггаг дæр бирæ нæ уадзы, дыууæ кæнæ æртæ айкæй фылдæр йæ бон нæ цæуы цъиутæ рауадзыныл. Куы сæххормаг уа, уæд йæ къуыртт дæр бахæры, йæ цъиуты дæр ахæры. Асæй дæр у егъау, йæ дзидза зымæгон у нард æмæ адджын.

Хиуайы сой хъæдгомæн у агургæ æмæ æнæссаргæ хос. Тарнизæн дæр у хорз хос. Цæст куы рисса кæнæ хъус куы рисса, уæд хиуайы сой тынг æххуыс у. Хæлмагæн дæр афтæ. Æрмæст у тынг зын амарæн. Мæнæ йæм бахъуызай æмæ йæ амарай — куыннæ стæй! Халонау кæд кæсы йæ уæны.

XXXIII

Бериты Захи йæ кæройнаг зæххытæ къахта къæпийæ. Тынг гæвзыкк æмæ мæгуыр лæг уыди. Цæргæ дæр иу бæрзонд ран кодта, Нары хъугомы сæрмæ, Цъахты доны адаг æй хуыдтой. Йæ ус та уыди мамысойнаг.

Захи йæ кæройнаг зæххытæ къахы. Къоста, Уардан æмæ Дауыт æм бацыдысты. Йæ къæпи йын фыццаг Къоста райста æмæ йын иу дзæвгар йæ хуымтæ фæкъахта. Куы бафæллад, уæд къæпи Уарданмæ дæтты:

— Гъа, Уардан, ныр та ды акъах.

Уардан нæ коммæ кæсы:

— Æндæр ма мæ цы мæт ис, ацы ран Захийæн куыннæ къахон. Фарон уын уæлæ хъæды цы алывыдтæ фæдзырдта, уыдон дæ куыд тагъд ферох сты? Халонæн афтæ куы загъта: «Ацу, халон, цы хъуахъхъ-хъуахъхъ кæныс? Дæлæ хъæд цы Хъугърион ныццагъта, уый сæр дæ дзыхы фæуæд». Уæд Хъугърионæй æндæр хъæдæй куыристæ ничи фæхæссы? Мæнæй уыцы æлгъыст никуы ферох уыдзæн. Æз Захийæн цæмæн фæтæригъæд кæнон? Фыддæр фыдтæ ма йын куы фенин, уæд мыл хур бæргæ ракæсид.

Къоста та Уарданæн афтæ зæгъы:

— Фароныл бирæ бонтæ æмæ æхсæвтæ куы рацыди, уæд ма уый кой цы кæныс?

— Мæнæ стъæлхатæ рамбырд кæнæм æмæ нæхимæ ацæуæм. Захи алы бон дæр йæ зæххытæ къæпийæ къахинаг у æмæ йын алы бон дæр æххуыс хъуамæ кæнæм? Æххормагæй куы амæлид бæргæ.

Къоста уæд Дауытмæ авæрдта йæ къахæн:

— Дауыт, ды уал акъах, цалынмæ мæнæн мæ фæллад цæуа, уæдмæ. Уардан нæ коммæ кæсы — кæддæр фарон Захи цыдæртæ сдзырдта, æмæ ацы азмæ дæр Уардан йæ масты дзæкъул нæ фæкъаддæр кодта.

Дауыт уыцы æнæсдзургæйæ Къостайы къухæй къахæн райста æмæ Захийæн æххуыс кæнын райдыдта. Уардан сыл худæгæй мæлы:

— Акусут, акусут Захийæн, æмæ та уæ ацы хатт ноджы тынгдæр ралгъитдзæн.

Уардан кæсы, æмæ Захийæн йæ æрчъитæ иу ран сыджыты бын ныгæдæй лæууынц. «Ацы æрчъитæ æз нæхимæ бæргæ фæхæццæ кæндзынæн. Æвæдза сыл Захи ауæрдгæ кæны, цæмæй йын куадзæнтæм ногæй баззайой. Йæ къæхтæй сæ куыд раласта æмæ йæхæдæг сывæллонау хъæбæр зæххыл бæгъæввадæй кусы». Уардан уыцы æнцадæй рафардæг. Фæндагыл æрбадти, Къоста æмæ Дауытмæ æнхъæлмæ кæсы. Захийы æрчъитæ иу ран дуры бын бамбæхста, йæхæдæг та фæстæмæ бацыди æмæ кæм къуыбар хойы, кæм та дуртæ дæр рамбырдтæ кæны æмæ сæ хуымы кæронмæ хæссы цæндмæ. Хорз фæкуыста, стæй Захийы фæрсы:

— Захи, бæгъæввадæй цæмæн кусыс, дæ къæхтæ дуртыл рисгæ дæр нæ кæнынц?

Захи афтæ зæгъы:

— Дæ цард бирæ уа, Хетæджы-фырт, мæ къæхтæ фыдæбæттыл фæлтæрд сты. Кæд риссынц, уæддæр цы бакæнон? Уæлæ мын уæхи Къæбер дыууæ æрчъихоры радта, æмæ сын фæуынæй дæр куыннæ тæрсын, фæлæ куы ныххус уой, уæд хъæбæрæй баззайдзысты, æмæ сæ уæлæ иу ран сыджыты бын баныгæдтон.

Уардан йæхинымæр худæгæй бакъæцæл: «Дæ æрчъитæн дын æз сæ бынат бæргæ ссардтон».

Къостамæ куыддæр диссаг фæкасти: кæд Уардан Захийæн тæригъæд кæны, уæд йæ бæсты иу чысыл дæр куыннæ акъахта?

Уалынмæ Уардан æрбахъæр кодта:

— Цæуын хъæуы, ныр афон у — хур авд бæндæнбæрцæй фылдæр нал у. Афонмæ уæрыччытæ сæ мадæлты бададтой, уый уæ зæрдæйы кæрон дæр нал ис æви ацы ран ахсæв лæууынвæнд скодтат?

Къостамæ Уарданы ныхæстæ раст фæкастысты.

— Уардан раст зæгъы: уæрыччытæ сæ мадæлты куыддæр бадæйой, афтæ та Къæбер загъд самайдзæн. Фæлтау рагацау ацæуæм æмæ нæ куыстытæ бакæнæм. Цæугæ кæнæм, Захи, мах нæхимæ. Афонмæ дуцгæ фос æрцæуынц. Нæ уæрыччытæ уæлæ дыууæ къуыппы æхсæн хизынц æмæ сæ аскъæрæм рагацау.

— Ацæут, уæ фæхъхъау фæуон. Хорз лæгты æххуыс мын куы бакодтат, уæд ма уæ цы хъуамæ домон? Мæнæн куыд баххуыс кодтат, афтæ уын уæлæ Нары бæрзонд Уастырджи æххуысгæнæг фæуæд.

Иу цасдæр куы рауадысты уæд сæм Уардан æрчъитæ февдис-февдис кæны.

— Ахæсс сæ, Уардан. Захи йæхæдæг уæлæ удхарæй куы мæлы, уæд дæ цæмæн хъæуынц Захийы æрчъитæ?

— Уый мæхæдæг зонын: мæ мад мын Куадзæнмæ дзабыртæ бахуыдта æмæ сын уæфстæ нæй. Æз хъуамæ Куадзæнмæ мæхицæн уæфсаг ма самал кæнон?

Дауыт скуыдта:

— Махæй зæгъдзæн, æмæ нæ Дада фæнæмдзæн. Æз, Уардан, дæуимæ никæдуал рацæудзынæн.

Къоста дæр кæуы:

— Ацу æмæ сæ кæцы ранæй рахастай, уыцы ран сæ фæстæмæ сæвæр.

Уардан нæ байхъуыста.

Захи хæрз изæрмæ фæкуыста. Иугæр хур йæ бынатмæ куы афардæг, уæд Захи дæр йæ куыст ныууагъта, йæ къахæнтæ иу ранмæ бахаста æмæ сæ ауæдзгонды нывæрдта, райсомæй йын сæ агурын куыннæ бахъуыдаид, афтæ. Уалынмæ йæ усы дзурын дæр æрбайхъуысти:

— Нæ лæг, ацы изæр дæхи маринаг дæ, æви абондæргъы дойны дæр нæ кæныс? Мæнæ нæ чызджытæ суар æрбахастой, æмæ дзы рацу æмæ дæ ком уæддæр бауымæл кæн. Цæхæраджынтæ дæр скодтон.

— Ацу, ныртæккæ дæ феййафын, фæлæ мын мæ бацыдмæ дон схъарм кæн мæ къæхтæ цæхсынмæ. Хуыцауы сконд лæппутæ мын диссаджы куыст дæр бакодтой. Ахæм фыр фæллад дæр нæ дæн, иннæ бонты дæр-иу Хуыцау ахæм хорз æххуысгæнджытæ куы æрбарвитид. Суанг ма мын Уардан дæр феххуыс кодта: кæм къуыбæрттæ фæхоста, кæм та дуртæ цæндмæ фæхаста.

Ус афтæ зæгъы:

— Аларды йæ йæ фыццаг акæнæд, æгæр фыд фыдуаг у. Иу бон нæ уæлæ хъæды удхарæй фæмардта. Нæ куыристæ-иу куыддæр нæ æккой акодтам, афтæ-иу кæцæйдæр æрбауад æмæ та-иу сыл йæ тых, йæ бонæй фæстæмæ ахæцыд. Йæ æххуыс дæр дæлдзæхх фæуæд æмæ йæхæдæг дæр. Йæ фыд нывонды гал куы никæмæн уадзы.

— Ацу нæ хæдзармæ, мæнæн ахæм ныхæстæ ма кæн. Кæй нывондимæ дæ цы хъуыддаг ис? Æз æмæ дæу Уарданы фыд, мыййаг, смæгуыр кодта? Кæмæй хъæуы, уымæй давы Балаты Гокк, æндæр мæгуыр лæгмæ никæд ма бавнæлдта. Захи сылгоймаджы ныхæстæм кæй никæд ма байхъуыста, уый хорз куы зоныс, уæд мæм иу хаттæй иннæ хатмæ адæмы устыты ныхæстæ цæмæн æрбацæйхæссыс къæссайы дзагæй?

Къостамæ Захийы ныхæстæ мæлæты хорз фæкастысты æмæ афтæ зæгъы:

— Захи мæгуыр куы нæ уаид, уæд бæргæ хорз лæг у. Кæнæ йæ уынд дæр афтæ фыдуынд куы нæ уаид, уæд йæ зæрдæ тынг хорз у. Ацу, Уардан, æмæ йын йæ æрчъитæ сæ бынаты нывæр. Кæсыс, дæ фыдæй дын куыд æппæлы?

Уардан Къостамæ байхъуыста, ауад æмæ æрчъитæ сæ бынаты аныгæдта, йæхæдæг цыппæрвадæй уайынмæ фæци.

— Фæлæуут мæнмæ дæр! Дзабыртæ сæ бынаты аныгæдтон.

— Хорз бакодтай. Захи йæхæдæг æгæр тæригъæд у. Йæ ус дæр ма йæ удхарæй мары. Ныр та куадзæнты Захийæн зæнгæйттæ дæр нæ уыдзæн, йæ уыцы скъуыдтæ цухъхъайы бызгъуыры та рацу-бацу кæндзæн. Иннæ лæгтæн та сæ устытæ замманайы тынтæй ног цухъхъатæ бахуыйдзысты.

Уардан Къостайы афарста:

— Диссаг у: хорз лæгæн хорз ус цæмæн вæййы, æвзæр лæгæн та — æвзæр ус?

— Нæ зонын, Уардан. Хорз чызгæн хорз лæппу хъæуы. Ноджы ма мæгуыр лæгæн ирæд та уæд кæцæй æрцæуа? Захийæн хорз чызг чи хъуамæ раттаид? Фарон Хазбийæн уæлæ Регахæй чызг куы хастой, уæд ын цас фос аскъæрдтой, нал сæ хъуыды кæныс? Уæдæ ма дзы æхца дæр уыдаид. Кæнæ дзы хъуымац дæр цас уыдаид.

Уæд Дауыт афтæ зæгъы:

— Ныр Залийы Захи куы нæ ракуырдтаид, уæд æй цымæ цавæр лæппу ахастаид? Сæ чызджытæ рæсугъд цæмæн фесты, уый дæр диссаг у. Ныр сæ хъуамæ хорз лæппутæ ракурой. А зæры хъуамæ Хъугърионы бафæрсæм, кæддæра цы зæгъдзæн. Ныр уал нæ уæрыччытæ аскъæрæм, цалынмæ нæ фосы уасын нæма æрбайхъуыст, уæдмæ. Иугæр сæ фыййау куы раздаха уæлæ Хъилдурæй уырдыгмæ, уæд та фыстæ сæ уæрыччытæм уасгæ-уасгæ згъорынмæ фæуыдзысты. Диссаг у, фыс йæ уæрыччы цæмæй базоны? Гъа, бон уа, фæлæ æхсæв иннæ фысмæ куы бацæуы, уæд æй талынджы дæр йæхимæ нæ фæуадзы. Хъуамæ уымæй дæр искæй бафæрсæм.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.