Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 17 страница



— Ма дæ байрадæуа, кæд куыд фидар лæууыс! Уæ Къоста, къæвда, мыййаг, æрбацæуы?

Кæд-иу Къæбер цуанæй кæнæ æндæр искæцæй æрбацæйцыд, уæд-иу Къоста бахъæр кодта:

— О, Дауыт, къæвда.

Кæнæ:

— Дымгæ у.

Дауыт-иу уæд фембæрста: «Агъæц, Дада æрбацæуы». Рагæпп-иу ласта æмæ-иу Къостайы раз алæууыд уыцы фæлурсæй.

Къоста-иу Дауытмæ бадзырдта:

— Хорз куы афæлурс дæ, ме ’фсымæр. Лæгдзарм тæнæг у. Мæлын кæй фæнды, уымæн амæлæд йæ мад.

Ницы кæны, хорз та дзы бафтыд мæ къухы. Фæлæ ныр рæстæг кæд фæуыдзæн йæ ахæссынæн?

Ма тыхс, изæрæй йæ фосмæ зилын афон афардæг кæндзыстæм.

Иунæг Сопырхан нæ уыди Нары мæгуыр æмæ гæвзыкк, бирæ уыдысты. Мæгуыртæ æмæ гæвзыктæ фылдæр уыди Гаджитæм æмæ Цуцитæм, уымæн æмæ сын зæххытæ фаг нæ уыди. Цæвиттон, фæстагмæ Нармæ цæрынмæ чи æрбафтыд, уыдон уыдысты зæххæй уæлдай мæгуырдæр. Лæг кæй хæдзары уыди, уыдон дæр ма кæд тыхст цæрдтытæ кодтой, уæд ма æнæлæг устытæ куыд хъуамæ цардаиккой. Чи сын хуым кодтаид, чи та сын хос уæд карстаид? Мæхъитæ бийын хъуыди. Бирæ зын куыстытæ уыди хæхбæсты цæрæг адæмтæн. Къоста сæ йæ цæстæй уыдта æмæ сыл судзаджы хъарджытæ дæр уымæн кодта.

Хорз тауинаг хуымы куы байтауай, уæд нæ сæфы, мæгуырау тауинаг та æфсир дæр нæ раппары, цъæхæй бахус вæййы.

XXXI

Сæрдыгон-иу Нармæ куы бацыди Леуан, уæд-иу сондон бахаста æмæ-иу æй устытæн радта:

— Ацы сондон уæ алчидæр асудзæд. Сæрдыгон хæмпæлæй хилаг æрбабырыд, уæд ме знагыл Чичиты бон бакæнæд.

Цæвиттон, Нары иу мыггаг цардысты уæлхох быдыры. Нарыхъæуæй иу дзæвгар хæрдмæ суайын хъуыди. Фыццаг уæлмæрдтæм схæццæ уыдзæн цæуæг, уый фæстæ та ноджы уæлдæр суайын хъæуы. Уæлмæрды хæд сæрдмæ — Мамиаты Хъарадзауы цырт. Уый дæр та фæуадз æмæ схæццæ уыдзынæ Гоцъийы цыртмæ. Иу дзæвгар та суай æмæ бахæццæ уыдзынæ Пысимæ. Ноджы уæлдæр суай, æмæ уыцы ран ис рæсугъд уæлхох быдыр. Уым цардысты Чичитæ.

Мæгуырау цардæй бæргæ нæ цардысты. Тынг рæсугъд цæрæн бынат уыди. Хъæд æм уыд хæрз хæстæг, уæдæ йæ хосгæрст дæр йæ алфамбылай. Уадгуырой сын арæзт уыди тæккæ дымгæйы æрцæвæны. Суар сæ тæккæ разы. Уæдæ хъæддаг дыргъмæ уæлхох быдыртæм цыдысты Дæллаг Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ дæр.

Фæлæ æрхъуыды зонд у, зондæй архайын хъæуы. Алы адæймагмæ æрхъуыды æмæ зонд фаг нæй, æмæ йыл уымæн рæдыд рауайы. Чичитæн сæ æфсин Госæгъа мæгуырау ус бæргæ нæ уыди, хорз ус æй хуыдтой, кæрдзындæттон сылгоймаг, æрмæст дам-иу ахуыпгæнаг уыди.

Госæгъа арахъхъ ахуыпп кодта. Царв сфыхта æмæ йæ дуармæ æрæвæрдта ауазал кæнынмæ, куы асæла, уæд æй бахæсдзынæн æмæ сæвæрдзынæн мæ къæбицы, зæгъгæ. Чысыл æвæрæнтæ дзы цæмæн уыдаид Госæгъайы къæбицы?

Хурмæ йæ царвы фарсмæ æрхуыссыди Госæгъа æмæ афынæй. Калм æрбабырыд царвы тæфмæ æмæ дурыны ныббырыд. Царв ныссалди. Госæгъа кæдмæ райхъал уыдаид, хæйрæг йæ зонæг, хæйрæг йæ хъахъхъæнæг. Нозт фынæй кæнын уарзы. Фос æрцæуын афонмæ Госæгъа нæ райхъал. Фос иугæр фыййау æхситгæнгæ куы æрбатардта, уæд Госæгъа райхъал. Калм царвы дурыны ныббырыд, уый йæ зæрдыл кæцæй хъуамæ æрлæууыдаид? Бахаста йæ царв йæ къæбицмæ.

Царв æвæрд уыди Комбæттæн æхсæвмæ. Уалынмæ Комахсæны бæрæгбæттæ æрбахæццæ сты. Госæгъайæн йæ Комахсæны дурын кæдмæ æвæрд уыди, уæдæй раздæр æм цæмæн хъуамæ бавнæлдтаид? Йæ Комахсæны царв дæр хицæнæй æвæрд уыди.

Комахсæн бæргæ æнæмæтæй арвыстой Чичитæ, фæлæ сыл сæ комбæттæн æцæг комбаст æрцыди: æнусмæ сæ ком бабастой.

Комбæттæн æхсæвмæ сæхи фæрæвдз кодтой Госæгъа æмæ йæ чындзытæ. Дзаджджын улибæхтæ фæкодтой æмæ сæ буц фыхæй æвæрдтой фынгтыл. Куыннæма дзы уыдаид фыдджынæй, дзидзайы хорзагæй.

Хистæр хæдзар уыди Госæгъайы хæдзар. Иууылдæр Чичитæм фæдзырдта усæй, лæгæй, лæппуйæ, чызгæй, суанг сывæллоны онг дæр, хъуамæ сæ ком иумæ бабæттой.

Чичитæ æрæмбырд сты сæ хорз æфсин Госæгъайы нæргæ хæдзармæ. Фынгтыл æрбадтысты лæгтæ æмæ лæппутæ, устытæ æмæ чызджытæ. Чындзытæ та æндæр хæдзармæ ацыдысты, сæ хæйттæ ахастой, афтæмæй. Царв хъарм кæнынц æмæ йæ уæлибæхтыл цæстуарзонæй уадзынц. Фыццаг лæгтæн ныккодтой, уый фæстæ та сылгоймæгтæн.

Иугæр сæ фынгтæм куы æрæвнæлдтой æмæ куыдраздæрæй хæрын райдыдтой, афтæ дæнгæл кæнынмæ фесты. Иу сæ нал аирвæзти. Нозтджын адæм, æмæ уыцы иу мард акодтой. Нуазгæ дзы чи нæ кодта, уыдон дæр амардысты. Уæдæ сылгоймæгтæ дæр афтæ, сæ бынæтты бадгæйæ баззадысты.

Æртæ боны раздæр та чындзæхсæв скодтой. Хорз уыди æмæ уыцы царв Комбæттæнмæ кæй æвæрдтой, æндæр æгас Нарыхъæуы дæр бынцагъд фæкодтаиккой.

Хъæбæр æвгъау адæм уыдысты фесæфынмæ. Сæрдæй, зымæгæй Нарæн сæ куыст уæлхох быдыры уыд, æмæ-иу хос ласгæйæ куы суазал сты Нары хосласджытæ, уæд-иу сæ Чичитæ бахуыдтой æмæ-иу сын хæрд, нозт æрæвæрдтой, сæхи-иу схъарм кодтой. Сæрд дæр афтæ: кусæг сæххормаг вæййы æмæ-иу сæ фæндаг акодтой Чичитыл. Кæннод дæр-иу куыстуатмæ бахастой хъарм аходæн. Бирæ рæстæг ма сыл фæмаст кодтой Нары цæрæг адæмтæ. Аирвæзт ма дзы æрмæст иу дзидзидай лæппу. Мад йæ сывæллонæн дзидзи дарынмæ авдæныл куыд æрбадт, афтæ амард.

Ног чындз та хæдзары бинонтæн лæггад кодта æмæ нæма сахуыста: «Агъæц, æххæст бахæрой, æмæ уæд æз дæр исты кæндзынæн». Особайы заманты бинонтæ иууылдæр цалынмæ бахæрой, уæдмæ æгъдауы нæ уыди, чындз æрбада æмæ бахæра, уый. Фæсахсæвæртæм дæр-иу йæ куыстытæ конд нæма фесты: кæмæн йæ дзабыр рæвдз кодта, кæмæн — йæ цъында, кæм бинонтæй искæмæн йæ дзаумæттæ ахсын хъуыди. Хæрд-иу куы фесты æхсæвæр, уæд та хуыссæнуæттæ кæнын хъуыди. Зæронд лæгтæй кæмæн йæ къæхтæ хъæрмуст доны сæнхъæвзын дæр хъуыди.

Ног чындз йæ куыстытæ кæны, æмæ сылтæ кæм бадтысты, уырдыгæй сывæллоны хъæр æмæ ахст цæуы. Чындз дисы бацыд: «Ай цы хабар уа, йæ уд куы схауы сывæллонæн фыр куыдæй. Алæ-ма, бауайон, цы хабар у. Кæд сæ æнæуый дæр мæ сæр истæмæн хъæуы, уæддæр цы бæрæг ис».

Чындз бакаст, æмæ цагъды мæрдтæй уæлгом, дæлгомæй лæууынц. Авдæны уæлхъус цы ус амард, фыццаг уый ныттылдта æмæ ус æрхауд. Чындз йæхимæ фæлæбурдта: «Уæ, мæнæ æбуалгъы æмбисондæй куыд фесæфтысты!.. Алæ-ма, лæгтæм дæр бакæсон».

Де знаг дæр ахæм цагъды мæрдтæм куы бакæсид. Ног чындз сывæллоны рахæсс-бахæсс кæны æмæ кæуы: «Уæ, мæнæ цы уынгæджы фæдæн!»

Кæддæр-уæддæр сывæллон бафынæй. Чындз кæуы, тоны йæхи: «Ныр кæдæм адзурон? Хъæу æввахс нæй, хъæды кæрон кæдæм фæцæуон, куы никæй зонын. Хъæды халæттæн мæ хъаст ракæнон æви уæлæ фæтæнтæн? Тæхуды, уæд та фыййауы æхситт искæцæй куы æрбайхъуысид».

Кæдмæ кæуын йæ бон бауыдаид. Æрхауд æмæ иу цасдæр марды хуызæнæй баззад. Уалынмæ бон дæр ивайын байдыдта. Чындз дæр та, мæгуырæг, йæхи хойгæ рауай-бауай кæны. Сывæллон дæр та райхъал: дзидзидайы дзидзи куы æрхъæуы, уæд фæкæуы. Чындз та сывæллонимæ кæугæ рауай-бауай кæны.

Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ хос ласынмæ фыццаг кæркуасæнтимæ цыдысты. Чындз кæуы æмæ тæ ракæсы: «Кæд уæдмæ хосласджытæ дæр зыниккой».

Уалынмæ чындзы кæуынмæ хосласджытæ джихауæй аззадысты:

— Ай цы хабары куыд у, бон дæр куы нæма æрбарухс? Æмбисæхсæв сылгоймаг дуармæ цы рауай-бауай кæны æд сывæллон?

Чындзмæ дзурынц:

— Цы хабар у?

Ног чындз та ныккæуы æмæ хæдзармæ къухæй ацамоны. Хосласджытæ уæд хæдзармæ уайынмæ фесты. Ме знаг ахæм зын ранмæ куы бакæсид. Дæллаг Нарыхъæуæй Уæллаг Нарыхъæумæ фæдис ныхъхъæр кодтой:

— Фæдис, мæнæ Чичитæ фесæфтысты, æммард акодтой!

Нар фæфæдис сты лæгæй, усæй, чызгæй, лæппуйæ. Фæдисы адæм иугæр куы схæццæ сты, уæд къуымтæм ракæс-бакæс кæнынц — уæдæ цы хабар уа? Хæндгуытæ сгарынц, ссадмæ дæр ныккæсынц — ницы дзы ис.

Уæд Хъугърион афтæ зæгъы:

— Уый æнæмæнг бабын сты хъæстæ хæринагæй. Сæ царвы дурын-ма сын фенут.

Царв ракъахтой, æмæ дзы калм ныммарди.

— Уæ, æнæнцой дæ рауадзæг куыд фæци. Уæ хорзæх уæд, æмæ царвы дурынæн дзыхъхъ скъахут æмæ йæ уым баныгæнут, æндæр искæй куыннæуал фесафа, афтæ, мæ хуртæ. Фыдбылыз куы æрцæуа, уæд ма дзы цæй бахъахъхъæнæн вæййы, æрцæуыны размæ дзы хъахъхъæнын хъæуы. Хилæгæй бирæ æмбисæндтæ баззад, йæ уынд æмæ йе скойæ дæр адæмы зæрдæ уымæн риссы.

Чичитæн ма цы гæнæн уыди, сæ чызджытæ æмæ се сиæхстæ сæ баныгæдтой. Хистытæ сын фæкодтой, марды ма æндæр цы фæхъæуы?

XXXII

Иу заман Зикъарайы фахс ралæбырыд. Къæй коммæ æрхæццæ. Ахæм лæгъз къæйтæ-иу æхсызгон хъуыдысты, кæм-иу сæ æвæрдтой артдзæсты, кæнæ-иу сæ æвæрдтой скъæты дæр, цæмæй мæрзгæйæ æнцондæр уа йæ бын сæрфынмæ, æмæ-иу сæ æхсгæ дæр кодтой. Хæххон скъæттæ-иу уыдысты къæйтæй æмбæрзт.

Уæдæ-иу уыди ахæм цæрæн хæдзæрттæ дæр, æмæ-иу уæладзыг æхгæд уыди лæгъз къæйтæй. Тынг рæсугъд-иу уыдысты, мæнæ фæйнæг куыд æхсай, афтæ-иу сæ рахсадтой, фæйнæгæй мæгыраудæр нæ уыдысты.

Гуыбаты Сидæйы фырт Местъорæн йæ хæдзары бын уыди фосдарæн скъæттæ иу цалдæр раны, иу ран уыдысты йе стуртæ галæй дæр æмæ хуыскъаг хъомæй дæр, иннæ ран та уыдысты йæ лыстæг фос фысæй дæр æмæ сæгъæй дæр, кæй загъдæуы.

Местъор бацыд Зикъарайы фахсмæ къæйтæ æфтауынмæ, иу цалдæр æй хъуыди.

— Агъæц, мæнæ замманайы ранмæ æрбафтыдтæн. Хуыцауы фæрцы ме скъæттæ сегас дæр къæйдзæф бæргæ скæндзынæн, Джинаты цæрæг адæмтæ мæм дисгæнгæ куыд аззайой.

Сидæйы фыртæн йæ къæйтæй иу цалдæр хохы фахсæй раст комы бынмæ фæхаудысты — уæддæр сæ комы бынмæ тулын хъуыди. Кæнæ-иу афтæ дæр рауад: къæйтæ-иу фахсæй коммæ тылд куы фесты, уæд ма-иу дзы иу ныууагътой, абадтысты-иу ыл æмæ-иу раст комы бынмæ къæйыл бадгæ æрхæццæ уыдаиккой. Ахæм хъуыдыджын лæгтæ уыди хæххон адæмæй. Зондæй фидар адæм уыдысты, тынг дардыл уыди сæ хъуыды дæр æмæ сæ архайд дæр. Зынцæрæн бынæтты кæд цардысты, уæддæр мæгуырау цардæй, мыййаг, нæ цардысты. Иу дзырдæй, цард у фыццагдæр бæстыхъæдмæ гæсгæ, уый фæстæ та дæ амал æмæ дæ фæрæз, дæ арæхст æмæ дæ тых куыд амыдта, афтæ.

Ахæм ран-иу æрцардысты æмæ-иу уыди бынтон бæрзонд. Хæхтæ хæлдтой æмæ къæйтæ æмæ дуртæй хæдзæрттæн сæ систæ амадтой фидар. Иу азæн хæдзар нæ фæрæвдз кæнынц, фæлæ иу цалдæр азмæ. Систæ-иу арæзт куы фесты, уæд та-иу сын агуырдтой хъæдтæ, цæджындзæгтæ. Кæнæ зæрæстон зæххытæ къæпийæ къах æмæ сæ фæлмæн кæн. Æнцон нæ уыдысты ахæм уæззау куыстытæ, фæлæ цы хуыздæр фæрæз уыди? Лæгæн æххормагæй кæнæ æнæ хæдзарæй цæрæн кæд уыди æмæ уыдзæн?

Гуыбаты Сидæйы фыртæн Джинаты домбай хæдзæрттæ уыди, иу фондз æм скъæттæ уыд, иу ахæм — хæдзæрттæ. Йæ цæрæн хæдзар ахæм стыр уыди, æмæ дзы мин адæймаджы дæр парахатæй бацыдаид. Иу фæсарт дзы уыди стыр хъæдын сынтæджытæ, тынг рæсугъд арæзт дæр уыдысты, хъулджын сынтæджытæ. Уæдæ дзы иу цалдæр раны та уыди къæлæтджын бандæттæ.

Къоста уыди Сидæйæн йæ кæстæр хойы лæппу. Хъæбæр бирæ йæ уарзгæ дæр кодтой Сидæ æмæ Гæби сæ кæстæр хойы. Сидæ хорз лæг дæр уыди, йæ кæстæр æфсымæр Гæби та уыд иу чысыл цауддæр лæг.

Сидæйæн уыди æртæ фырты æмæ æртæ чызджы. Местъор хъæбæр домбай лæг рауад. Хохæй къæйтæ бирæты бон нæ уыд раппарын, фæлæ Местъорæн йæ бон бацис Зикъарайы фахсæй къæйдуртæ комы бынмæ æрæппарын. Уæдæ Зикъарайы фахсæй комы бынмæ къæйы уæлæ сбадын дæр тынг зын уыди. Фæлæ иуæй-иу лæгæн йæ бон бирæ ахсы: Местъор къæйдурыл раст Зикъарайы бын балæууыд. Къæйтæ хаста йæ æккойы, гæрзбæндæнæй-иу сæ бабаста æмæ-иу сæ раст Уаччейы рæбын æрæвæрдта.

Местъор къæйтæ хаст фæци æмæ ма йын баззад иу стыр къæй.

— Ацы стыр къæйæн иунæгæй сæккой кæнынмæ уæвæн нæй, — бакой кодта йæ æфсымæр Гæбийæн.

Гæби афтæ зæгъы:

— Æндæр мæт дæр мæ нæй, ныр дын Зикъарайы хохы бынмæ къæйтæ хæссынмæ куы ацæуин.

— Ау, æвзæр, мæнæн сæ хæссыс, дæхи цæрын нæ хъæуы? Ус курын афон дын кæй у, уый нæ зоныс? Кæдмæ Гæбийæ дæ цард æрвитдзынæ, уый ма ды мæнæн зæгъ? Æз къæйдуртæ, мыййаг, хæргæ кæнын æви сæ мæхицæн хисты фосæн æвæрын?

Ацу æмæ æвзæрæн уæздан æмæ аив кæнæ зондджын ныхæстæ кæн — тæрхъусы хъусы уад уайы.

Гæби райсомæй раджы фестад æмæ Дæллаг Джинатмæ рафардæг. Местъор ма цы сдзырдтаид, уыцы æнкъардæй къæйдуртæ хæссынмæ ацыд.

— Уый дын æфсымæр. Мæн æфсымæрæй дæр, мæгуыр мæ бон фæуа, амонд нæ фæци. Уæ Гæби, де ’гæр калай, æз дын куы амæлон, уæд дын чи йæ хæдзары фидар дуар байгом кæндзæн: «Рацу, Гæби, мæнмæ цæрынмæ»? Иу бон дын кæд бахæрын кæной хæринаг, уæддæр дын дыккаг бон кæй нал бахæрын кæндзысты, уый зонгæ кæн. Лæгæн йæхицæн хæдзар æмæ цæрæн фæрæзтæ куы нæ уа, уæд иу иннæмæн хæдзаргæнæг нæу. Уæдæ йын хуымтæ дæр нæ балæвар кæндзæн. Алкæмæн дæр ис къухтæ февналынмæ æмæ февналын хъæуы. Хуыздæр амал нæй, фыдæлты дæр кусгæ æрæййæфтам. Æввонг фæллой бирæ нæ лæууы, фæллойыл æфтгæ куы нæ кæна бонæй-бонмæ, уæд, уайтагъд цыдæр æрбавæййы, цæст æй нал ауыны. Гæбийæ афтæ æмæ мæн нæ фæнды æнцад бадын. Хурмæ бæргæ схуыссин. Цæхджын дзидза сфыц æмæ дзы дæхи хорз фен, ноджыдæр ма истытæ бахæр, бæгæны бануаз. Гæби афтæ хъуыды кæны, æмæ цæхджын дзидзатæ уалæ аххæрæгмæ сæхæдæг схизынц. Фыдæбон сыл кæй хъæуы, уый йæ зæрдæйы кæрон дæр нæй. Уæдæ фæззæг най кæнын афон уæлæ хъæдмæ сфардæг вæййы æмæ къæбырттæгхæрæн фæкæны. Далæ Суары коммæ афардæг вæййы æмæ суарæй йæхи хорз ныттыппыр кæны. Уый фæстæ Хапасджыны коммæ бацæуы, æхсæрхæрæн фæкæны, йæ рæттæ æмæ дзы йæ дзыппытæ байдзаг кæны æмæ къæрцц кæны æхсæр. Куыд, æй фæнды, афтæ цæры йæхицæн æнæ мæтæй. Тæхудиаг, æмæ уый зæрдæйæ иу къæртт, уæд лæг кæд хъуамæ базæронд уаид. Сидæйы ном хæссын хъæуы бæргæ, Сидæйæн йæ кадæн кæрон нæ уыд. Ме ’фсымæрæн йæ зонд кæнæ хъуыды дардыл нæ цæуы, цыбырзондæй архайы. Уæ, дæ райгуырæн бон бонты дæлдæр куы фæуид, кæнæ æппындæр гуыргæ дæр куы нæ ракодтаис, уæд бирæ хуыздæр уыдаид. Нæй æмæ нæйы ныхмæ цы лæууы? Мæ цард тæригъæддаджы цардæй кæдмæ æрвитдзынæн? Мæ сывæллæттæ цалынмæ хъомыл кæной, уæдмæ ис æфсымæрæй иунæджы тухитæй мæ царды бонтæ куыд æрвитдзынæн?

Местъор бацыд æмæ кæсы: иу замманайы къæй зæххыл æрдæгхъилгондæй. Ай уæд кæцæй хъуамæ æрхаудтаид? Уыцы рæсугъд æмæ сыгъдæгæй лæууы зæххыл. Кæсы, æмæ къæйæн йæ фарсыл — фыстытæ.

— Мæнæ диссаг, ацы къæйыл чи хъуамæ ныффыстаид? Фæракæс-бакæс æм кодта. Къæй у хорз къæйдзарæн.

Сидæйы фырт æй рахаста. Йæ цæст æй скъæты нывæрын нæ бауарзта, йæ хæдзары къулмæ йæ сарæзта.

Дыккаг бон Нармæ рацыди. Къоста доны был цыдæртæ архайы. Иу чысыл рæстæг дæр Къостайæн иу ран æрбадæн нæ уыди: кæм-иу доны ауæзты истытæ куыста, къаннæг куырæйттæ-иу арæзтой. Хъазгæ-хъазын куырой алцæмæй дæр сæххæст кодтой. Суанг куыройы фыдтæ дæр сарæзтой, цынадурæй сæ уыцы рæсугъд æмдымбыл скодтой. Уæдæ куыройы цалхæй, донмарæнæй кæнæ куыройы къутуйæ, куыройы цыхцырæй барæвдз кодтой æмæ йæ уæд разилын кодтой. Кæфойы дзаг мæнæу бавгæдтой, æмæ уæд Къоста ныхъхъæр кодта:

— Уæ Нарыхъæуы устытæ, мæнæ куырой разылди, сымах та куыройы радыл кæрæдзийæн фæмаст кæнут.

Ацу æмæ дæлæ лæппутæ хъазынц.

Къаннæг чызджытæ сæм æруадысты æмæ цингæнгæ рауай-бауай кæнынц:

— Мæнæ æцæг ссад кæлы куыройы кæхцæй! Ахæм хорз ссы æмæ диссаг.

Хæххон хъæуты куыройæ тыхстдæр ницы уыди. Хъæуы мидæг-иу уыдаид иу-дæс æмæ ссæдз хæдзары, æмæ-иу уыдонæн уыдаид иу къада куырой. Уый дæр радæй, æмæ тынг тыхст цард кодтой куыройы фыдæй. Уæлдайдæр-иу фæззæг куы ралæууыд, уæд алчидæр йæхи рæвдз кодта, зымæг мæ æнæ ссадæй ма æрæййафа, зæгъгæ. Уымæн æмæ-иу зымæг Нарыхъæуы доны былтæ уыдысты дæвдæг их æмæ-иу уæд куыройæн разилæн нал уыди, цалынмæ куадзæн ралæууыдаид, уæдмæ. Иу дзырдæй, сыфтæры мæймæ-иу донгуыройы ихтæн асæттæн нал æмæ нал уыди, æмæ-иу уæд тынг стыхстысты Нарыхъæуы æфсинтæ куыройы адæргæй: фæнды æнæ хор, фæнды æнæ куырой.

Къостайы арæзт куырой мæлæты рæвдзæй ссадта. Иугæр æй куы бамбæрстой, хорз ссы, уæд æм раздæр къаннæг чызджытæ хастой сæ хæдзæрттæй кæфойы дзаг ссинæгтæ æмæ сæхицæн гуылбадæнтæ кодтой.

— Къостайы куыройы мах нæхицæн уæлибæхтаг хорз æрыссадтам.

Сидæйы фырт Къостамæ фæдзырдта:

— Ардæм-ма рауай, мæ къаннæг хæрæфырт. Æгасцуай дæр мын куы нæ зæгъыс. Цыдæр уæддæр дæ мады æфсымæры нæ уарзыс.

— Цытæ дзурыс! Куыннæ дæ уарзын, уæдæ ма кæй уарзын? Фæлæ мæнæ куырой аразыныл фæдæн, мæхинымæр цыдæртæ хъуыды кæнын, æмæ уæд никæдæм фæкæсын. Алæбон æгас нæм цу, мæ мады ’рвад. Цы хабæрттæ уæм ис, Джинаты цæрæг адæмтæ? Абæрæг кæнинаг уæ вæййын, фæлæ уæ лæппутæ иу къордæй нæ размæ рацæуынц хыл кæнынмæ, æмæ ацу æмæ уыдонимæ æцæгæлон знаджы тох-замана кæн.

— Ау, уый та уæд цавæр хабар у? Мæнæн æй цæмæн нæ фæзæгъыс?

— Æмæ дæу кæм ссарон, хъæумæ нæ æввахсдæр куы нæ бауадзынц, дурадзагъдæй ныл куы ралæууынц. Мæхи мæтдæр мæ афтæ нæ вæййы, фæлæ мемæ цы лæппутæ бацæуы, уыдонæн тынг фæтæрсын, стыр дуртæ куы æхсынц, уæд. Ацу, æмæ уыцы стыр дур кæй сæрыл суайа, уый æваст куы æрбамæлдзæн. Æмæ дыууæ мыггаджы уæд цæрæнбонты цæмæн хъуамæ фæтуджджын уой? Æз Гуыбатæн сæ астæуккаг цæджындз дæн, нæ мæ зонынц, мæнæй кæстæртæ куы нæ сты? Дынджыр хосдзау лæгтæ дзы куы вæййы, худинаг сын уæд.

Местъор марды хуызæн фæци.

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй куыд æнæмбаргæ сты... Къоста, мæ къона... Зикъарайыл искæд ацыдтæ? Иу къæйдурыл арæзт уыди бæх æд барæг. Диссаджы рæсугъдæй дæр баззади. Раст фахсæй рахауди комы бынмæ. Æз фахсæй къæйтæ ратылдтон — скъæттæ аразын — æмæ сыл федтон фыстытæ дæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.