Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 16 страница



— Нæ зæгъдзынæн, æрхъуыны хъæдæй сæ кæй рахастам, уый, фæлæ мын дæхæдæг куыд бацамыдтай, афтæ радзурдзынæн.

— Цырæгътæй иу чысыл дæр Къæбертæм, мыййаг, ма бахæссай — Къæбер сæ уайтагъд базондзæн. Йæ цæст дардмæ уынаг у, мæнæ йæ афæливай, ахæм лæг нæу. Къæбер йæхæдæг дæр фæливаг нæу, тынг раст лæг у.

Хакъо æмæ Къоста æрцыдысты. Сæ къæссатæ сæ тæккæ дзагæй æрхастой. Цингæнгæ цыдысты, мæнæ цыма раст хæзнатæ ссардтой. Хæзна дæр куыннæ уыдысты, цырагъæй хæзнадæр ма дзы кæцы хъуамæ уыдзæн. Уæлдайдæр та зымæгон — митуарынты ацу æмæ цы самалгæнæн вæййы. Хус къæцæлтæ-иу цырагъдарæны æвæрдтой, фæлæ-иу цырагъы ад кæм лæвæрдтой. Уайтагъд-иу сау сыгъд акодтой æмæ ахуыргæнинæгтæн уæд æнæ рухсæй цы гæнæн уыдаид. Цыфæнды дæр ма уæд, куыдфæнды дæр ма уæд, уæддæр цырагъæй мæгуыр бынтон мæгуыр у.

Хакъо арфæтæ кодта:

— Йæ цæрæнбонтæ бирæ уæд ацы æрхъуын æрхъуыдыгæнæгæн. Ацы нæзы бæласыл æрхъуын æвæрд куы нæ уыдаид, уæд æй афонмæ Пыхси къæссайы дзагæй хаст раджы фæуыдаид. Уымæн æмæ æхсæв-бонмæ бадгæ фæкæны: кæм пиргæ, кæм æлвисгæ, нымæттæ æууæрдгæ, кæрцытæ хуыйгæ, æмæ йын бон кæм фаг кæны. Пыхсийæн йæ бон бирæ у, куыстæй фæлмæцгæ нæ кæны. Уæдæ зиуы куыстыл та æгæр бирæ фæлхас хъæуы æмæ дын Пыхсийыл сайд цæуы. Фæлтау афæдзæй-афæдзмæ дæр йæ æхсæвбадæн нæ ныууадздзæн. Уæдæ ма хъæдæй сугæй кæй хæссы, уыдон ын нымайæг дæр нæ банымайдзæн. Бон фондз кæнæ æхсæз хатты куырис куырисы фæстæ хъæдæй хæссы суг. Зымæгмæ рагацау райдайы хæссын. Пыхсийæн зымæг дæр бæрæггонд вæййы: уæдæ ацы зымæг хъæбæр уазал уыдзæн. Уайтагъд æй хæйрæгау базоны.

Къоста уæд Хакъойы афарста:

— Ау, Пыхсийæн зымæг чи базонын кæны? Цæмæй фæзоны, зымæг уазал кæй уыдзæни? Кæнæ афтæ дæр фæзæгъы: «Ацы аз раст Ногбонтæм уыдзæн саузым аз. Кæд Хуыцауы бафæнда, уæд нæ зымæг йæ хурæй бафсаддзæн».

Пыхсийæн хурбадæн дæр хъæбæр хорз уыди. Хурыскæсæнырдæм къæдзæхы уыди иу арфгомау хуынкъ, æмæ-иу æм зымæгон хур йæ рухс тынтæ ныддарта, цыма хур дæр Пыхсийæн тæригъæд кодта: «Мигæнаг ус у, бирæ бинонты хицау, сывæллæтты мад, æмæ йæ хъуамæ мæ хурæй æфсæст дарон». Пыхси-иу зымæг-зымæджы дæргъы арфæтæ кодта хурæн:

— Уæ, сызгъæрин тæбæгътæй дын фæкуывдæуа, сызгъæрин фестинаг хур. Мæнæ цæй диссаджы хур кæсы, цæрæнбонты нæ ферохгæнинаг хур кæсы Нарыхъæуы рындзмæ. Зымæг дæр цыбыр зымæг кæй уыдзæн, уый уайтагъддæр бамбæрстон æмæ-иу Нарыхъæуы устытæн дзырдтон: «Ма тæрсут, фарон зымæджы хуызæн нæ уыдзæн».

Къоста йæм æрбацыд æмæ йæ бафарста:

— Пыхси, уæд зымæг та цæмæй базоныс, карз уыдзæн æви фæлмæн уыдзæн? Зымæг дын йæхæдæг, мыййаг, исты фæдзуры? Зæгъ мын æй, æмæ дын æз цырæгътæ æрхæсдзынæн уæртæ æхсæны хъæды адагæй.

Пыхси афтæ зæгъы:

— Уый дын мæ быгъдуан фæуæд. Карз зымæгæн дæр ис бæрæггæнæнтæ. Карз зымæг куы вæййы, уæд хърихъуппытæ фондз боны раздæр атæхынц хъарм бæстæм æмæ йæ уæд зон, зымæг рагацау кæй ралæудзæн, уæдæ хъæбæр карз зымæг дæр кæй уыдзæн. Ноджыдæр ма йын ис ахæм бæрæггæнæнтæ: хъæдмæ куы ацæуай, уæд кæс æмæ нæзы бæлæстæн сæ гыркъотæ рагагъоммæ сæхи батухынц, мæнæ дурты хуызæн сæхи æмдымбыл æрбатыхтытæ кæнынц, гыркъоты хуызæн дæр нал вæййынц. Искуы-иу сæ æрхъуыды кæн, æрæгвæззæджы хъæдмæ куы ссæуай, уæд. Зымæг сабыр æмæ хъарм куы вæййы, уæд та нæзы хъæдæн йæ гыркъотæ уыцы хæмпусæй бæлæсты къабæзтæй фæзынынц, зæрдæ сæм агæпп-агæпп фæкæны. Ноджыдæр кæс, æмæ кæд хуы йæ лыстæн æддæмæ хæсса, уæд уазал зымæг нæ уыдзæн, фæлæ уыдзæн хъарм æмæ фæлмæн зымæг. Кæд хуы йæ лыстæнмæ хъæмпытæ хæсса, уæд уыдзæн карз зымæг. Дуртæ бахæрæд, уастæн, уазал карз зымæг, мæ зæрдæ дзы судзгæ сау рыст у: мæ сывæллæттæй мæ бон нал вæййы.

Лиайы дон дæвдæг их куы ныввæйы, уæд ацу æмæ ды уыдоныл авд дуары сæхгæн.

Къостамæ-иу хатгай Пыхсийы ныхæстæ хорз кастысты æмæ сæм хъусгæ дæр зæрдиагæй кодта, фæлæ-иу куы фæмæсты, чысылдæр æй истæмæй куы фæхъыгдарай, уæд-иу хъæбæр карз æлгъыстытæ кæнынмæ фæци. Æмæ-иу æм уый тыххæй Хъугърион хыл кодта:

— Уæ Пыхси, сывæллæтты мад куы дæ, гормон, уæд ахæм карз æлгъыст цæмæн кæныс? Нарыхъæуы сывæллæттыл халер куы сыста, уæд дæхи зæйц[22] æгас баззайдзысты? Арæнтæй æддæдæр адæмы дæр афтæ карз æлгъыстытæ куы ничи ракæндзæн, уæд дæхи хъæбултæн дæр нæ тæрсыс?

— Мæхи хъæбултæн дæр афтæ хъæуы. Бон-изæрмæ уæлæ хурбадæнмæ æрæмбырд вæййынц æмæ сæ хъæрæй мæ хъусты дзæнгæрджытæ нал фæхъусынц.

— Омæ Пыхси, сывæллæттæн се ’гъдау афтæ у. Ды дæр сывæллонæй пиргæ нæ кодтай кæнæ тынтæ нæ уæфтай. Мæнæн та мæ удыгага рацæйхауы тæссæй, уæлæ Саухъæдæй уыг куы фæуасы, уæд: «Дæдæй, Нарыхъæуы комкоммæ та куы уасыс». Уæдæмæ зæрдæйæн дæр хъæд ис. Тæхудиаг, Пыхси, дæ зæрдæйæ иу къæртт, уæд мæхи мæгуыр нæ хонин, никæд базæронд уыдаин.

— Ныууадз мæ, Нарыхъæуы хорз ус, хылмондагæй кæд нæ мæлыс. Нарыхъæуæн ды куы уай, уæд ма сæ цы хъæуы. Мæнæн дæр дæу хуызæн сæ куывдтæ æмæ сæ чындзæхсæвтæй цæстуарзон хæйттæ куы æрвитиккой нардæй нæрдмæ, уæд æз дæр хæйрæг нæ дæн, бамбарин сын сæ хорздзинæдтæ бæргæ. Фæлæ мæ карчы къахæй дæр никæд æрхъуыды кодтой, æмæ сын æз дæр хорз фæвæййын. Мæ æлгъыстытæ дзы кæуыл æрцæуынц, уыдонæн сæ хæдзæртты хисты хæйттæ уарæг хорз куы вæййын.

— Уæууа Пыхси, дæуимæ дзурынæй фæлтау æппындæр мацы дзур. Куы амæлай, уæд дын Нарыхъæу дæ мард дæлгоммæ куы нывæрой, уымæй дæр нæ тæрсыс? Уæдæмæ рагон æмбисæндтæ раст сты. Ахæм æмбисонд фæкæнынц: хæрæг, дам, цард-цæрæнбонты куы фæсира, уæддæр ын фæстагмæ сæпп-сæпмæ æнæ раздæхгæ нæй. Иу хæрæг та, дам, хæргæфсы царм скодта йæ уæлæ, кæд, дам, мæ адæм хæрæг нал хониккой, фæлæ мæ хæргæфс хониккой. Къорд бонты фæцард хæргæфсы цармы, фæлæ йæ мæлынмæ æввахс афтæ зæгъы: «Æз хæргæфс куы нæ дæн, уæд хæргæфсы номимæ цæмæн хъуамæ амæлон?» Æртæ хатты ныхъхъæр кодта: «Хъихъо-михъо, хорз адæмтæ, æз хæрæг дæн æмæ хъуамæ мæ хæрæджы номимæ бацæуон мæрдтæм». Хуыцау бахизæд, Пыхси, дæу сагайын: дæ иу комыкъулы калмау марг хæссыс, дæ аннæ комы та — хос. Æз афтæ, мыййаг, нæ зæгъын, æмæ æвзæр сылгоймаг дæ, нæ, хæдзардарæг ус дæ, алы хорздзинæдтæ дæр дæм ис, зонæм сæ. Дæ фæсвæд дæр сæ кæд нæ фæдзурын, уæд мын мæ мард фен. Комкоммæ æппæлын æфхæрды хуызæн у. Хуыцауы æваст дæр дзурæн нæй, Пыхси. Дыууæ хатты æз дæуæй ахæм мæгуырау ныхæстæ фехъуыстон, æмæ фæкуыдтон. Цæмæн загътай афтæ — Хъугърион къоппайы къуыдырæй баззади? Кæд къоппайы къуыдырæй баззадтæн нæ хицæутты æхсæн, уæддæр æз мæ бадтыл фæсмон нæ фæкодтон. Æгад æмæ æрадæй куы нæ арвыстон се ’хсæн мæ царды бонтæ, Хуыцау сæ афтæ рæвдыд æмæ буцæй куы бацæрын кæнид. Хъуамæ алы адæймаг дæр рагагъоммæ йæ мæрдтæм цæуæн фæндагæн йæ рæзтæ сыгъдæг кæна, йæ размæ цæндтæ æмæ дуртæ куыннæ лæууой, афтæ. Фæндаг та кæрдзын гæрды. Пыхси, алы бон дæр дын æй фæдзурын.

XXX

Фондз сывæллонимæ баззад Дзидаханты Сопырхан.

Сопырханæн йæ мой куыста Æрыдоны иу хæдзармæ æххуырстæй. Даринæгтæ йын уыди Сопырханы мой Сандырæн, йæ зæронд мад æмæ фыд дæр уыдысты сæрæгас. Хорæй кæддæриддæр хъуаг æййæфтой. Сандырæн алы хатт дæр Нар сæ æхсæны фæллойæ æххуыс кодтой. Сандыр Нарæй æфсæрмы кæнын райдыдта.

— Нар æдзух сæ æхсæны фæллойæ мæнæн æххуыс кæнынц. Уый æгæр уæздандзинад у. Уыцы хорздзинад æз Нарæн цæмæй бафиддзынæн? Цард-цæрæнбонты дæр Сандыр мæгуыр уыди æмæ мæгуырæй баззайдзæн. Ацы хатт æз Нарæн сæ æхсæны фæллойæ нал райсдзынæн. Цæсгом дæр хъæуы, не ’фсин. Далæ фæцæуон Æрыдонмæ æмæ кæд искæмæн нартхор тауын мæ бон бауид. Рынчын лæг дæн, фæлæ цы хуыздæр фæрæз скæнон? Удæгас лæгыл мæ кæд нымайынц, уæддæр мардæй уæлдай нæ дæн. Мæ бон ницы у. Сæр, йæ бындар фæуæд, йæ риссынæй нал æнцайы. Уымæн æмæ лæгæн йæ дардыл хъуыдытæй фæкæны йæ сæр уæззау рыст. Лæг мæтæй иуварс куы вæййы, уæд хъуыдытæ къаддæр вæййынц, æмæ йæ сæр нæ фæриссы.

Сандыр, мæгуырæг, фæцыди Æрыдонмæ. Кусын йæ бон ницы уыд, æрмæст иу хæдзармæ цыппар мæйы куыройгæсæй фæкуыста æмæ йын фондз меркъайы рахицæн кодтой. Сандыр рацыд, йæ хор дæр рахаста. Цас фæцыдаид Къасарагомы æд æргъом сæккойсæккойгæнгæ рынчын лæг. Тыххæй бахæццæ. Нары цæрæг адæмтæй алчи йæ фæззæджы куыст дæр бакодта æмæ йæ зымæджы куыст дæр. Æрцыди æрæгвæззæг дæр, карз зымæджырдæм йæхи аздæхта. Сандыр йæ хор йæ хæдзармæ куы бахаста, уæд йæ æххормаг сабитæ сæхицæн цæкуытæ акодтой.

— Уæ Нана, фыд цæй хорз у уæдæ. Дада нæ цæй хорз бафсæста. Дон нуаздзыстæм нæ фаг. Исты нæ дардмæ цæуын хъæуы — Лиайы дон нæ хæдраз.

Сывæллæттæ сæ хæлд донхæссæн къæртаимæ цингæнгæ уадысты æмæ дон хастой. Цæкуыты фæстæ дон сæ зæрдæ уыцы æхсызгонæн агуырдта.

— Мæнæ дон ацы хаттæй фылдæр никуы банызтам.

— Нана уæ фæхъхъау фæуа, æххормаг адæймагæн йæ зæрдæ дон фæагуры?

Сандыры сывæллæттæ фыр цинæй хæрдмæ хаудысты:

— Махæн Дада быдырæй фондз меркъайы нартхор дзæбæх куы æрбахаста.

Сандырæн йæ хосы мæкъуылтæ æфтауцмæ ласт не ’рцыдысты. Уыйбæрц афæстиат уыдзæни, уый хæйрæг цæмæй уыди. Нарыхъæуæй куы цыди, уæд зæгъгæ дæр ницы кодта, æндæр та йын сæ Нары фæсивæд бæргæ æрбамбырд кодтаиккой. Сандырæн иу гал æмæ хъуг хæссинаг уыди æмæ катайы бацыд: «Фæззыгон мит, мыййаг, куы рауара, уæд ме сæфт æрцыди. Мæ хæдзар иунæг хъуг æмæ галæй хæдзар у, æмæ мын бынтон æххормагæй куы баззайдзысты. Фæлтау, цалынмæ мит уарын нæма райдыдта, уæдмæ фæцæуон æмæ мæ хосы мæкъуылтæ æфтауцмæ æрбахæццæ кæнон».

Сандыр рацыди йæ хистæр лæппуимæ. Куыддæр сæ мæкъуылтæм бахæццæ сты, афтæ мит уарын райдыдта.

— Мæнæ Хуыцауы æмбисонд, мæнæ мит уарынмæ куыд фæци. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: фæззыгон арвыл æууæнк нæй.

Ласæн кæнын бæргæ райдыдтой, фæлæ мит уары æмæ уары. Сандыр фыр тæссæй цы фæуа, уый дæр нал æмбары.

— Мæхи мæт мæ бæргæ нæй, фæлæ мæнæ ацы мæгуыр сывæллоны мит куы фæласа, уæд мæ мæрдтæ дæр сæхимæ хæстæг нæ бауадздзысты.

Сандыр, мæгуырæг, уайтагъд бамбæрста, сæфгæ кæй кæндзæн. Æртæ мæкъуылы куыддæр æрхæццæ кодтой æфтауцмæ, афтæ сæ зæй æрæййæфта æмæ сæ галтимæ раст комы бын анадта. Нармæ æнамонд хабар куы æрбайхъуысти, уæд Сандыры æмæ йæ лæппуйы тæригъæдæй сæхицæн бынат нал ардтой.

— Уæ, мæгуыры бон! Уæ, Хуыцау, хæрз æлгъыст куы фесты Сандыр æмæ йæ мæгуыр бинонтæ. Уæдæ йæ сидзæртæ дæр Нырыхъæуæн фыдæбойнаг куы фесты. Мæнæ та цæй уæззау хабар фехъуыстам. Нар та зымæг-зымæджы дæргъы Сандыры агурæг цæудзысты уазал миты бынмæ. Уæ, мæгуыры бон, куыд уынæргъдзысты къорд даринæгтæ!

Фондз боны мит æнæнцой уардæй фæуарыд. Нарæн цы хуыздæр фæрæз уыди — Сандыры æмæ йæ байрæзинаг лæппуйы агурынмæ цыдысты. Тыххæй-фыдæй сæ ссардтой. Нар лæгæй, лæппуйæ агурæг куы ацыдысты, уæд сын сæ хоры къутутæ зæй фæласта. Нарæн-иу сæ хоры къутутæ æвæрд уыдысты Хетæгæн йæ райдиан хæдзары. Фæрæз ма сын бæргæ уыдаид, фæлæ лæгтæ æмæ лæппутæ фæдисы уыдысты. Нарыл хъæбæр уæззау бон бакодта уыцы фæззæджы, хорæй сегас дæр фæцух сты.

Сандыры хæдзармæ куы бакæсай, уæд йæ тæригъæдæй дойнаг дуртæ дæр фæйнæрдæм куыннæ хæлдысты. Сывæллæттæн сæ гуыбынтæ гом, сæ къæхтæ гом. Уæдæ хæдзары дæр уазал дымгæ мидæмæ къуыззитт кодта. Адæм мæрдтыл нал куыдтой, фæлæ хæдзар бынтон æдзæллаг æмæ мæгуырæй кæй баззад, ууыл.

Нарыл хъæбæр уæззау æмæ тыхст рæстæг скодта. Сандыры æмæ йæ лæппуйы куы баныгæдтой, уæд сын хъуыди хæрнæг скæнын. Фæлæ цæмæй?

— Мæнæ цæй æнамонд боны зиан фæци! — йæ гæндзæхтæ цæгъды Хъугърион. — Хæрнæгæн исты мадзал æмæ фæрæз хъæуы, удæгас адæймаг та йæхицæн исты амал кæндзæн. Мард, мæгуыр у, æмæ уал марды кой бакæнæм.

Нарæн цы фæрæз уыди, уый сæххæст кодтой. Уалынмæ, мæгуырæг, Сандыры ус æмæ йæ байрæзинаг сабитæ сæххормаг сты. Уыцы карз зымæджы сыл къуындæг бон бакодта. Иуæй — уазалæй, иннæмæй та хæдзары хæринаджы уагæй ницуал уыди.

Сандыры ус-иу æхсæлыты арт скодта æмæ-иу фæздæгæй хæдзармæ бацæуæн нал уыди, цæстытæ къахта. Сидзæргæс сау додой куыннæ кодтаид. Сывæллæттæ-иу куы сæххормаг сты, уæд-иу кæуынмæ бауырдыг сты:

— Уæ Гыцци, мæлæм, мæлæм! Уæд та ма нын дзæрнатæ сфыц.

Уæд Сандыры ус дуртæ бауæларт кодта æмæ сыл æндзарынтæ байдыдта. Сывæллæтты уæдмæ хуыссæг кæд æрцахсид, æмæ сæ кæд сæ хæрд айрох уаид. Сывæллæттæ бадынц артдзæсты кæрæтты æмæ та сæ мады афæрсынц:

— Уæ Гыцци, дæ хъæдуртæ фен, кæд, мыййаг, фых сты. Нæ бон фыр æххормагæй куы нал у.

— Уæ Гыццийы хъæбултæ, ныртæккæ афыцдзысты.

Сывæллæтты хуыссæг ахсын куы байдыдта, уæд къулбæрзæйтæй афынæй сты артдзæсты кæрæтты. Мадæн йæ зæрдæ куыннæ аскъуыдаид. Иуæй — йæ байрæзинаг сабитæ, аннæмæй — йæ сæры хицау. Райдыдта хъарæг кæнын:

Уæ, уазал зымæджы мыл уазал бон бакодта, уазал. Æгас Нарыхъæуæн дæр зæрдæниз куы фæдæн. Уæ, уынгæг бон мыл куы бакодта, уынгæг бон. Уæ, мæ рæзгæ хъæбул æмæ мæ сæры хицау Нары уæлмæрдты æнæмæт фынæй куы кæнынц. Уæ, сау бон мыл куы бакодта, сау бон. Ныр мæ мæ сидзæртæ къæбæр куы агурынц, уæ, сау бон ныййарæджы сæрыл куы бакодта, сау бон. Ныр сын дуртæ цуайнаджы куы фæфыхтон абонсарæй æмæ сæ уымæй куы афæлывтон. Фæлæ ма сын райсом та уæд цы æрхъуыды кæндзынæн, хæдзары хæлдæй баззайон. Уæд та сын дæ фæйнæфæрсты бынæттæ скæн. Сæ ныййарæджы бон сæ тæригъæдмæ кæсын куы нал у, уæ, сау бон мыл куы бакодта, сау бон. Зондæй мыл фæтых дæ æмæ дæ сидзæртæй сау мæрмæ тæргай лидзæгау куы фæдæ æмæ сæ уазал зымæджы сæ ныййарæджы бар куы фæуагътай, дæ сæйраг хъæбулы дæр ма демæ куы фæкодтай.

Сидзæргæсы хъарджытæ Уæллаг хъæумæ хъуысыдысты. Йæ тæригъæдмæ-иу куыйтæ дæр нынниудтой.

Къоста æмæ Дауыт Дæллаг хъæумæ цæуынмæ фесты. Мит раст лæджы æмбæрц уыди, афтæмæй лæгæрстой. Сидзæргæсы хъарæгмæ хъусынц æмæ сæ дыууæ дæр кæуынц. Иугæр дурты хабар куы базыдтой, уæд та Уæллаг Нарыхъæумæ балæгæрстой. Къæберæн хъæдуры къуту уыд гонварс. Къоста æмæ Дауыт къæрта хъæдурæй айдзаг кодтой. Дауыт афтæ зæгъы:

— Къоста, ды тагъд хъæдуртæ хæсгæ кæн. Æз та зæгъон Дадайæн æмæ мын кæд йæ саст сугтæй авæрид. Уæд мах хъæдуртæ ныртæккæ дæр бæргæ афыциккам. Науæд æхсæлыйы фæздæгмæ нæ цæстытæ рахаудзысты.

— Куы ракæса, уæд нын нæ хъæдуртæ дæр байсдзæн. Ацу, æз Дадайы æвастæй райсдзынæн сугтæ.

Къоста размæ цæуы цингæнгæ, фæстæмæ дæр нал кæсы.

Сидзæргæс йæ сывæллæтты нымæты зæрæдтæй ныууæрста йæ цæссыгтæ калгæ. Къоста афтæ зæгъы:

— Гъа, мæнæ дын хъæдуртæ æмæ сæ бауæларт кæн, æмæ дæ сывæллæттæ бахæрой.

Уалынмæ Дауыт дæр лæфлæфгæнгæ схæццæ:

— Мæнæ замманайы хус сугтæ.

Сидзæргæс, мæгуырæг, йæ агæй дуртæ акалдта æмæ хъæдуртæ бауæларт кодта. Къоста æмæ Дауыт арт æндзарынц. Фыццаг хус сугтæ бандзæрстой, уый фæстæ та хуылыдздæртæ. Хъæдуртæ фых куы фесты, уæд афтæ зæгъынц:

— Мах цæугæ кæнæм, кæннод, Дадайы зæрдæ æхсайдзæн. Æнхъæлдзæн, Къоста æмæ Дауыт кæмдæр ихыл бырынц кæнæ кæмдæр зæйтæ уадзынц.

Уыцы æхсæв Къоста æмæ Дауыт бауынаффæ кодтой: хъуамæ Къæберы фиутæй сусæгæй ахæссæм æмæ сæ Сандыры усæн ратдзыстæм. Хъæдуртæ фиуимæ фыцдзæн æмæ уæд сывæллæттæн сæ хæрд исты ахъаз кæндзæн.

Къоста æмæ Дауыт Къæберы фиутæй иу рахастой æмæ йæ тыргъы хæррæгъты бын фæкодтой:

— Райсомæй Дада куыддæр йæ фосæн холлаг дæттынмæ ацæуа, афтæ мах фиу Дæллаг Нарыхъæуы бамидæг кæндзыстæм.

Цингæнгæ сæ фиуимæ Дæллаг Нармæ ныххæццæ сты. Сидзæргæс афтæ зæгъы:

— Мæ къона куыд уыди! Кæд æй, мыййаг, æвастæй рахастат, уæд зæронд лæгæй худинаг у.

— Нæ, махæн æй йæхæдæг рарвыста. Афтæ загъта, хъæдуримæ, дам, дзы хъæрмхуыпп кæн.

***

Кæуæг, дам, æвыдæй нæ фæкæуы, фæлæ йæ царды уæззау тулæнтæ фæкæуын кæнынц.

Къоста йæ къаннæгæй фæстæмæ дæр æгæр бирæ маст иста йæ зæрдæмæ. Тынг бирæ уыди хæххон адæмæй зæххæй хъуаг.

Арт фæсудза, дам, мæрдты мæ риуыл, арт уæлæуыл куыд хъæуы, мæрдты дæр кæд, мыййаг, афтæ хъæуы, уæлдайдæр донабузæнты.

Цæвиттон, Цыппурсы карзы æмæ Ногбонты хъызты-иу сидзæргæс устытæн сæ хæдзæртты дон дæвдæг их куы ныцци, уæд-иу, мæгуыртæг, сæ сабитæн цы акодтаиккой, уымæ дæр-иу фыр адæргæй нал арæхстысты æмæ-иу цыдысты хуссарвæрстæм, æхсæлытæ тонынмæ. Æндæр мæнæ хъæдмæ суайай æмæ дзы сугтæ ракæнай. Чи дæ хъуамæ бауагътаид йæ хъæдмæ æмгæрон дæр. Уазал зымæг — дуртæ бахæра — цæмæй æфсæды? Фæззæг фæкус, фæфыдæбон кæн æмæ сæ уазал карз зымæджы бахæр. Уæдæ артаг дæр бирæ хъуыди. Хæрдхуызæй, дам, æртхуыз хуыздæр у.

Къоста-иу Дауытимæ Къæберы хæдзарæй бирæ хæттыты саст сугтæ фæсаууонæй сидзæргæсмæ рафардæг кодтой, суанг ма-иу фиу дæр, кæнæ цæхджын фыдтæй кæмæ æххæссыдысты сæвналынмæ, уыдонæй.

— Ехх, аскъуыной уæ бæстытæ, кæд цæй фидар лæуут бæрзонд аххæрæджы сæрыл!

Къоста-иу хъахъхъæдта Къæберы: кæд, мыййаг, цуанæй æрцæуы, уæд ма цы бафтдзæн нæ къухы? Къæберы фырт Дауыт-иу къутуйы сæрыл алæууыд æмæ-иу архайдта нард фæхсынæй æрæппарыныл, ныхъхъеллау-иу æй кодта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.