Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 14 страница



Сæ уæлæнгай кусинæгтæ æдзухдæр хастой ныхасмæ сæрдæй дæр æмæ зымæгæй дæр.

Фæлæ ацы зымæг æгæр карзæй равдыста йæхи. Суанг фæззæгæй ногбонтæм ахаста уыцы хъарм, фæлæ мæнгæн нæ фæзæгъынц: зымæгыл æууæнк нæй, йæ æууæнк раджы бахордта, ма дæр ыл изæрæй баууæнд, ма дæр райсомæй. Йæ хур дæр у сайæн хур. Уæ хъарм кæрцытæ ма ма ласут, зæгъгæ-иу дзырдтой Нарыхъæуы хистæртæ сæ кæстæртæн, хъалæй, мæ хуртæ, хъарм бирæ хуыздæр у. Мах боны рухс сымахæй раздæр федтам.

Фæлæ уæддæр уазалæй чи хъуамæ фæтарстаид. Уазалæн æнæбон у мæллæг адæймаг, йæ былтæ ацъæх вæййынц, йæ къухтæ аих вæййынц, хæрзхуыз адæймагмæ та уазал хъаргæ дæр нæ фæкæны, йæ уадултæ сырх-сырхидæй æрттывдтытæ фæкалынц.

Фосæй дæр нард æмæ хæрзхаст кæцытæ вæййынц, уыдон уазал хъуыды дæр нæ фæкæнынц, сæ сынæр цæгъдыны кой фæкæнынц. Уæлдайдæр хæхбæсты уазал дæр тынг нæ вæййы, уымæн æмæ хæхтæй æхгæд вæййынц, фæзтæм уазал хъаргæ дæр нæ фæкæны. Уæддæр зымæгæн йæ бон бирæ у, йæ тых куы басæттид. Иугæр хъызтырдæм куы фæтынгдæр вæййы, уæд æй цы домы: æваст мит лæджы æмбæрц æруары, зæйтæ фæйнæрдыгæй уыцы гуыр-гуырæй фæцæуынц.

Цынæ таурæгъ фехъуыстаис Нары хистæр Хъæвдынæй.

— Æвдæймаг æнус æрдæгыл куы ныллæууыд, уæд пысылмон чызг чырыстон лæппуйæн тыххæй моймæ лæвæрд æрцыд. Лæппу хуынди Зауыр, чызг та хуынди Борæхан.

Зауыры фыдæй хъæздыгдæр Иры бæстæм нæма уыди, уæдæ Борæханы фыдæй хъæздыгдæр та пысылмон адæммæ нæма уыди. Лæппуйы фыд хуынди Хъуыдæберд, чызджы фыд та хуынди Бексолтан. Дыууæ хъæздыг лæджы кæрæдзийы нæма зыдтой, æмæ сæ иу дæр агуырдта йæхимæ гæсгæ хæстæгæн хъæздыг лæг, аннæ дæр афтæ.

Борæханмæ усгуртæ куыннæ цыдаид, фæлæ Бексолтаны хæдзарæй æнæ дзуаппæй здæхтысты.

Уæд Бексолтанæн йæ хъæздыгдзинад цы уыди? Уыдис æм тынуафæн бандон, пирæн æмæ æлхуый æд уæдæрттæ, цыллæйы кæлмытæ æмæ тута бæлæстæ. Цыллæйы кæлмытæм зилынмæ тынг дæсны уыдысты Борæхан дæр æмæ йæ мад дæр. Уалдзæг-иу сæ тута бæлæстыл сыфтæр куы фæзынди, уæд-иу цыллæйы кæлмытæм зилын байдыдтой. Диссаджы рæвдз дæр цыди сæ куыст.

Уæд Борæханы мад йæ мойæн дзурын байдыдта:

— Ацы цыллæйæ хъуамæ тын саразæм.

Фыццаг ын æлхуый сарæзта, уый фæстæ та йын уæдæрттæ аразын байдыдта. Борæханы мадæн иугæр йæ æлхуый, йæ уæдæрттæ арæзт куы фесты, уæд дзы раздæр хал æруагъта, хал æлхуыйы уæлæ атыхта:

— Мæнæ цы рæвдз рауад мæ халы æруагъд!

Æрбадти æмæ кувын райдыдта:

— Уæ Аллах, иунæг дæ, æнæмбал иунæг Хуыцау. Мæ халы æруагъдæй мæ зæрдæ куыд барухс, афтæ хорздзинæдтæ ма мын дæ цæст бауарзæд.

Иу цалдæр боны фæкуывта йæ уæрджытыл Борæханы мад. Уæд та йæ æрфæндыд тын уафын дæр. Бексолтан тыны бандон аразын байдыдта.

Фæйнæрдыгæй йæм цæуын байдыдтой пысылмон адæмтæ.

— Мæнæ диссаг — Хуыцау дзы куыд рауад Бексолтанæй. Хуыцаумæ ма дæ уæрджытыл цæмæн кувыс, дæхæдæг Хуыцау куы дæ, уæд?

Бексолтан уæддæр куывта. Иугæр тыны бандон куы срæвдз, уæд та Борæханы мадмæ æрцыд уæдæрттæ æмæ сæрвасæн саразыны хъуыды. Бексолтанæн дзуры:

— Дæ хорз хорз у, нæ лæг, æмæ дын цы дзурон, уый мын æххæст кæн.

Тыны сæрвасæн дæр та йын сарæзта. Уæдæ цъæгъæдз дæр арæзт фæци. Борæхан куыннæ цин кодтаид. Уæд та сæгъы хъуынтæ сæлвыдта æмæ сæ балвыста. Уæдæрттæ дæр та арæзт фесты. Йæ чызг Борæхан та зæлдаг æлвыста. Диссаджы рæсугъд дæр ын уад йæ халы хъæд.

Кæм ма уыди Бексолтан æмæ йæ усæй бонджындæр æмæ диссагдæр пысылмон диныл хæцæг адæмтæм.

— Нæ Хуыцауы хай сты, æмæ сын кувын хъæудзæн.

Иугæр тыны дзаумæттæ куы срæвдз сты, уæд Борæхан диссаджы зæлдаг тын уафын байдыдта. Йæ фыццаг тынæй йæ чызгæн къаба бахуыдта. Чызг дæр хуынди Борæхан, мад дæр хуынди афтæ. Иу ном сын æгъгъæд уыд: нæмттæ дæр уыцы заманты бирæ нæма уыдысты.

Пысылмон адæмæн Борæхан сæ æхсæнмæ цæуын куы байдыдта урс-урсид зæлдаг къабайы мидæг, уæд-иу йæ разы сæ уæрджытыл æрлæууыдысты æмæ-иу ын кувын байдыдтой.

Уæд та Бексолтаны усæн чызг райгуырди. Чызгыл ном æвæрыныл хъуыды байдыдта. Уæд æрхъуыды кодта: «Дзуары лæгтæм бацæуон æмæ уыдонæй бар райсон». Мæсыгмæ бацыд æмæ моллойæн загъта:

— Мæ чызгыл мын ном сæвæрут.

Молло загъта:

— Пысылмон адæмæн сæ зæххон Хуыцауы хай стут, уæхицæн уæ бон у æмæ йын ном æрхъуыды кæнат.

Борæханæн йæ мад хуынди Иссæ. Уыцы стыр ном ын уыди уымæн, æмæ йæ фыд молло уыд.

Борæхан йæ кæстæр чызгыл Иссæ сæвæрдта. Алæмæты рæсугъд чызг дæр уыди, хистæрæй ноджы диссагдæр фæци.

Борæханæн зæлдаг къабатæ уыди дыууæ, фæлæ йæ къæхтæ уыдысты бынтон бæгъæввад. Канд Борæхан нæ, фæлæ иннæтæ дæр уыдысты бæгъæввад. Уыцы заманты сæрыхил куыд даргъ уагътой, афтæ даргъ уыдысты къахы ныхтæ дæр æмæ къухы ныхтæ дæр. Уæд, мæгуырæг, мойгæнæг чызг Борæханæн йæ кæстæр къахы æнгуылдзæн йæ ных асасти, фæкалд сæ къæсæрыл.

Мойгæнæг чызг кæуын байдыдта:

— Æллæх, мæ къахы ных куы асасти, уæд ма цы уыдзынæн, чи ма мæ ракурдзæн?

Мад æрбауади æмæ чызджы басабыр кодта:

— Ма ку, мæ чызг, Аллах та нын баххуыс кæндзæн æмæ куыд уыди, кæд та фæстæмæ афтæ фестид.

Пысылмон адæмæн сегасыл дæр айхъуысти уыцы æнамонд хабар. Куыннæ хъынцъым кодтаиккой уыдон дæр:

— Нæ Хуыцауы чызгæн йæ къахы ных асасти.

Кæуынмæ цыдысты Бексолтаны хæдзармæ.

Цы фæрæз ма йын уыдаид? Борæхан йæ уæрджытыл бады, бон æртæ хатты кувы:

— Уæ Аллах, иунæг дæ, æнæмбал дæ, баххуыс кæн мæ чызджы къахы ныхæн, йæ бынаты куыд сбада, афтæ.

Мæйы дæргъы бон æртæ хатты фæкуывта. Къахы ныхæн цæй æнæ разайгæ уыди. Адæмыл та айхъуысти: Бексолтаны чызгæн йæ къахы ных куыд уыди, уымæй авд хатты хуыздæр фестади.

Уæд чызгæн дæр цæй æнæ мой скæнгæ уыдаид. Цæуынц пысылмон адæмтæн сæ усгур лæппуты фыдæлтæ æмæ йæм сæ ныфс кæм хæссынц. Кæм ис ахæм лæппу, æмæ зæххон Хуыцауы чызджы рахæсса йæхицæн удæмбалæн.

Уæд Зауыры фыдмæ фæхабар кодтой:

— Ис дын зæххон Хуыцаумæ чызг æмæ йæм фæцу, ракур æй дæ фыртæн.

Зауыры фыдмæ та уыди цалдæр хъуджы, ссæдз фысы, фондз сæгъы, дыууæ галы, дзывыр, нæрв, æмæ уыди чырыстон адæмæн сæ хъæздыгдæр. Зауыры мад-иу цæрмттæ нæрвæй сфæлмæн кодта æмæ-иу сæ кæрцытæ бахуыдта Зауырæн дæр æмæ йæ фыдæн дæр. Фыдис æмæ ма сæм къухæй зилгæ куырой дæр уыди. Зауыры фыдмæ фæхабар кодтой: «Дæ чындзаг агур пысылмон хъæздыг лæгмæ».

Зауыры фыды бацыдмæ Бексолтан йæ чызгæн къози[21] æмæ хъæдын хъуывгъан дæр сарæзта. Мойгæнæг чызг Борæханæн йæ къози æмæ йæ хъуывгъан æхсæвæй-бонæй йæхимæ уыдысты, йæ къухæй сæ никæм ран æвæрдта, тæрсгæ сын кодта. Æхсæв дæр-иу сæ йæ фарсмæ ныххуыссын кодта, цыма йын ноггуырд сывæллæттæ уыдысты, афтæ.

Зауыры фыд æрбацыд пысылмон хъæздыг лæгмæ. Кæрæдзийæн сæ хъæздыгдзинæдтæ куыннæ фæдзырдтаиккой. Сæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты. Æрмæст ма сæ катай, сæ сагъæс уыди, сæ дин иу кæй нæ уыд, ууыл. Фæлæ сын сæ хъæздыгдзинадмæ гæсгæ æнæ бахæстæг та уæд цы фæрæз уыдаид. Бар-æнæбары дæр сын уыди хæстæг бакæнгæ.

Зауыры фыд чызджы тын уафгæ куы баййæфта, уæд куыннæ бацин кодтаид: «Агъæц, махмæ нæрв уыдзæн æмæ нæ дыууæтæ иумæ тынг хорзæй нæ цард æрвитдзыстæм».

Зауыры фыд æмæ Борæханы фыд æртæ боны фæтæрхон кодтой, сæ ныхас кæрæдзимæ тынг хæстæг æрбацыди. Мæйы бонмæ чындзæхсæв срæвдз кодтой. Борæхан йæ къози æмæ йæ хъуывгъан дæр рахаста.

Хъæбæр бирæ бауарзта Зауыр йæ усы, иу чысыл рæстæг дæр йæ бон нæ уыди Борæханы нæ фенгæйæ.

Уæд мæйы æмгъуыд фæци. Зауырæн чырыстон диныл хæцæг лæгтæ дзурын райдыдтой:

— Дæ ус пысылмон динæй чырыстон динмæ рацæуæд.

Зауыры фыдæн ма хистæр лæппу дæр уыди, ус æмæ дыууæ сывæллоны йын. Чындз уыди чырыстон диныл хæцæг, фæлæ куыддæр къæйныхгонд сылгоймаг. Йæ æфсинæн хорз нæ уыди æмæ-иу Зауыры усмæ диссаг касти, чындз уæвгæйæ йæ æфсинмæ æгæр къæйныхæй кæй лæууы æмæ æдзух йæхи фæнд куыд тæры, уый.

Уæд иу хатт æфсин чындзæн афтæ зæгъы:

— Марадз-ма, чындз, æмæ дæлæ сугсæттæнæй саст сугтæ æрбахæсс.

Чындз бадти æмæ хæринаг хæры, йæ разы фынгыл хъæрмхуыпп æмæ агуывзæйы дзаг сæн. Зауыры ус дæр архайы, æфсинмæ кæсы йæ микæнинæгтæм. Чындз æнцад йæ хæрыны кой кæны. Зауыры ус ауад æмæ сугтæ æрбахаста, арты сæ æндзары. Уæд уæлкъæйыл та фыхти æхсыры хъæрмхуыпп. Æфсин та чындзмæ дзуры:

— Марадз, чындз, хъæрмхуыпп куы скалди, артæй йæ фæиуварс кæн.

Чындз фæмæсты æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцауы тыххæй, абон мыл ном æвæрыс æви мæ нал ныууадздзынæ, зæронд æдзæсгом? Мæнæ фынгыл мæ хæринаг мæ разы.

Чындз сæны агуывзæ йæ æфсиныл ныззыввытт ласта.

Зæуыры ус дисгæнгæ аззад: «Уæ, мæнæ диссаджы тæригъæддаг хъуыддаг федтон! Мæ файнуст цас æмæ цас тæригъæд райста йæ æфсинæй. Ау, йæ лæппуйы фараст мæйы йæ гуыбыны фæхаста. Сывæллон ныййарынæй дæр ныййарæг мад рисгæ кæны. Уæдæ сывæллон схъомыл кæнын дæр æнцон нæу. Зымæгон уазал æхсæвы рабады мад, йæ сывæллоны хæцъилтæ раивы, дзидзи йын бадары. Йæ адджын фынæйæ куыд зивæггæнгæ рабады, уый дæр ма диссаг у. О, мæнæ цы уæззау тæригъæддаг хъуыддаг федтон. Мæгуыр у ме ’фсин, фæлæ мæгуыр у мæ файнуст дæр — ахæм галиу зонды хицау. Ноджы ма мæрдтæм куы бацæуа, уæд ын уыдзæн зындон, йе ’фсинæн æвзæр кæй у, уый тыххæй. Хорз бæргæ нæ кæны мæ файнуст. Йæ уæлион цардыл хъуыды кæны, фæлæ йæ мæрдон бынат... Кæнæ куы базæронд уа, уæд уымæн дæр, мыййаг, йæ чындз афтæ куы кæна, уæд ын зын нæ уыдзæн?»

Зауыры ус уыцы æнкъардæй кусы æмæ уæлдай ныхас нæ кæны. Йæ æфсин ын цыдæриддæр дзуры, уыдон кæны, фæнды æнцон, фæнды зын — зивæг ницæуыл кæны. Тынг бирæ уарзы йæ æфсины дæр, йæ файнусты дæр, иннæ бинонты дæр. Йæ цинæй цы фæуой, уый дæр нал зонынц. Пысылмон диныл хæст кæд у, уæддæр æй сæхицæн æнхъæл дæр не сты.

Уæд дзуары лæгтæн сæ чындзæй тынг раппæлыдысты:

— Хуыцауы разæй зæххон лæгмæ ахæм уæздан æмæ зондджын адæймаг не ’рцæудзæн.

Дзуары лæгтæн дæр тынг æхсызгон уыди, æрмæст загътой:

— Иу диныл ныллæуын хъæуы ус æмæ лæгæн.

Дзуары лæгтæ сын æртæ боны æмгъуыд скодтой: ус æмæ лæг уал сæхи мидæг баныхас кæнæд, пысылмон динæй куыд раива Борæхан чырыстон динмæ. Дзуары лæгтæ тынг фидарæй ныффæдзæхстой.

Зауыр йæ усæн сабыргай райдыдта дзурын:

— Тынг бирæ дæ уарзын. Мæ бон æнæ дæу иу чысыл рæстæг дæр цæрын нæу æмæ нæ бауыдзæн. Уæдæ дæ мæ бинонтæ дæр тынг бирæ уарзынц.

Зауыры ус загъта:

— Нæ раивдзынæн æз пысылмон дин чырыстон динæй, мæ Хуыцауы зæрдæхудты нæ бацæудзынæн.

Æртæ боны дæргъы Зауыр йæ усæн тынг фæдзырдта, тынг фæлæгъстæ кодта. Нæй, нæ бакуымдта.

Æртæ боны фæстæ дзуары лæгтæ æрбацыдысты. Зауырмæ дæр æмæ йын йæ усмæ дæр фæдзырдтой. Уæд ын загътой:

— Кæд сабырæй нæ комы, уæд нæмгæ.

Дзуары лæгтæ бафæдзæхстой:

— Нæй пысылмон диныл хæцæгæн чырыстон лæппуимæ афтæмæй цæрæн. Дæхи дæр мауал удхарæй мар æмæ мах дæр.

Дзуары лæгтæ куы ацыдысты, уæд та Зауыр йæ усмæ дзуры:

— Цæй, цы зæгъыс?

— Ницы уæлдай зæгъын, нæ цæуын чырыстон динмæ.

Зауыр уæд йæ усы нæмын райдыдта — йæ цæст дæр æй бæргæ нæ уарзта — йæ туг ын йæ фисынтæй акалдта, марды хуызæн æй сынтæгмæ баппæрста.

Йæ æфсин хуыссы, æмæ йæ кæуын нал æмæ нал уромы:

— Уæ мæ адджын чындз, уый мæлæтдзаг куы фæдæ!

Æртæ боны йæхи нал æрæмбæрста, афтæ тынг æй фæнадта. Æртæ боны фæстæ та рахызт йæ хуыссæнæй уыцы сау цъæхтæ æмæ хъулæттæй. Йæ æфсин æй йæ хъæбысы ныккодта æмæ ныккуыдта:

— Уæ мæ диссаджы чындз, цæмæн дæхи афтæ æфхæрын кæныс, цæмæн нæ байхъусыс дзуары лæгтæм?

Чындз æфсинæн ницы загъта, æнцад æм фæхъуыста. Уалынмæ та æртæ боны нымадæй куы ахицæн сты, уæд та Зауыр йæ усмæ фæдзырдта:

— Цæй, дæ фæстаг ныхасмæ дын кæсын æнхъæлмæ. Цалынмæ та нæм дзуары лæгтæ не ’рбацыдысты, уæдмæ быныхас кæнæм нæ дыууæ.

Нæй, ницы уæлдай хуыздæр ныхас дæтты. Уæд та йæ Зауыр нæмын куы райдыдта Борæханы, уæд йæ файнустæн йæ зæрдæ бахъарм.

— Дæдæдæй, мæ сызгъæрин файнуст, куыд уромынц уыцы уæззау цæфтæ дæ рæсугъд буар, дæ фидауаг удыгагайы хуызæн цæсгом.

Фыр надæй ныууазал Зауыры ус, мардæй хъауджыдæр нал змæлди. Зауыр йæ сæр хойы æмæ кæуы:

— Уæ, Хуыцау, цы дын кодтон, ахæм фыд тæрхон мын цæмæн скодтай? Æппын мæ зæрдæмæ куы ницы хæссын.

Тæригъæдæй марды хуызæн уыди Зауыр йæхæдæг дæр.

Къуыри фæхуыссыди, йæ цæстæй нал касти Зауыры ус. Йæ файнуст æм хъарм æхсыр æрбахаста æмæ йын æй уидыгæй йæ дзыхы кодта:

— Уæ мæ адджын файнуст, дæ цæстæй-ма ракæс, иу хуыпп-ма акæн, уæд дын æз æрбамæлон.

Ницы дзуапп радта, йæ цæстæй ракæсын нал уыди йæ бон. Файнусты зæрдæ срысти.

— Уæ мæ тиу, уый цы бакодтай? Хæрам дæр дæм нæй — дзуары лæгтæн дæ бон нæу, нæ коммæ кæсы, уый зæгъын.

Зауыры ус йæхи мидæг тынг мæт кæны, йæ файнусты хъынцъым æмбары, мæгуыр, фæлæ йæ бон та нæу йæхиуыл схæцын. Хæрз æрæджиау Зауыры ус рахæцыд йæхиуыл. Фыр æфсæрмæй йæ уæззау рыст дæр нал æмбæрста: «Уæдæ мæ æфсин дæр хæрзаг кæуынæй йæхи амардта».

Уыцы дзойтæгæнгæ рацыди. Йæ æфсины йæ хъæбысы акодта. Æфсин ныккуыдта æмæ та йæ чындзы афарста:

— Дæ фæхъхъау фæуон, мæ чындз, дæ зæрды уæддæр цы ис? Уæ нанайы хур, разил хуры ’рдæм цæгатварсæй.

Зауыры усæн йæ æфсины ныхæстæ хъыг бæргæ нæ уыдысты, фæлæ ницы уæлдай сдзурын йæ бон баци.

Зауырæн фыр зæрдæрыстæй йæ сылгоймаджы размæ бацæуын дæр йæ зæрдæ нал куымдта.

Уалынмæ та дзуары лæгтæ æрбацыдысты. Уæд ын сæхæдæг ахæм тæрхон ахицæн кодтой: æртæ хатты мадард бæгънæгæй лæгты рæзты куыд æрызгъора.

Уыцы ныхас куы фехъуыста, уæд загъта:

— Фæлтау мæ фыр надæй куы амардтаиккой, уæд бирæ хуыздæр уыдаид.

Æртæ боны раздæр ын æй загътой. Зауыры ус æртæ боны хæргæ нæ, фæлæ дон дæр нал ахуыпп кодта, æхсæв фынæй нал кодта. Зауыр дæр уыцы марды хуызæнæй хуыссыди йæ усы тæссæй.

Охх-мардзæ, ракодтой Борæханы тæрхоны лæгты разæй. Мадард бæгънæгæй йæ æртæ хатты æрзилын кодтой, уæддæр нæ бакоммæ касти.

— Нæ цæуын мæ Хуыцауы хайы зæрдæхудты!

Уæд æй бакодтой ныккæнды, фараст бонмæ йæ хъуывгъан сыгъдæг цæстысыгæй куыд байдзаг кæна, афтæ.

Зауыры усæн йæ хъуывгъан æмæ къози дæр уыдысты ныккæнды... Ноджы ма йæм радтой сыкъа дæр, сыгъдæг цæстысыгæй сæ куыд байдзаг кæна.

Борæханыл иугæр ныккæнды фидар дуæрттæ куы рахгæдтой æнгом, уæд бамбæрста йæ мæлæт. Йæ хъуывгъан уайтагъд сыгъдæг цæстысыгæй айдзаг кодта. Сыкъа дæр байдзаг. Къозимæ куыд райдыдта йæ цæстысыг калын, афтæ та Зауыр ныккæндæй мидæмæ дзуры:

— Уæ мæ удæмбал, цы фæдæ? Удæгас ма дæ? Бауром дæ зындзинад. Ацы зынæй куы ахицæн уай, уæд ахицæн уыдзæн дæ фыд тæрхон.

Хъусы Борæхан йæ уарзон сæры хицаумæ. Фæтæригъæд ын кодта æмæ йæм радзырдта:

— Хъуывгъан æмæ сыкъа сæ былтæй акалдысты мæ сыгъдæг цæстысыгæй, ныр та райдыдтон къозимæ калын.

Зауыры усæн йæ тæрхон куы æрхæццæ, уæд дзуары лæгтæ ныккæнды дуар байгом кодтой. Фæлæ Борæханæн йæ бон йæ цæстæй ракæсын нал уыди. Бæргæ ма йæм бацыдысты Зауыр дæр æмæ дзуары лæгтæ дæр. Рахъил æй кодтой, хъарм æхсыр ын йæ хъуыры ауадзæм, зæгъгæ. Фæлæ Борæхан йæ дзых нал байгом кодта, уыцы рæсугъдæй йæ уд систа. Йæ къози æмæ хъуывгъанимæ йæ дзуары хъæды рæбын баныгæдтой.

XXVIII

Иугæр Къоста куы фембаргæдæр, уæд Дауытимæ хъæдмæ сфардæг сты æмæ уистæ ракодтой. Бæлæгъгонд сæ бабыдтой æмæ йæ скъæты сæвæрдтой иу къæмбыргонды, кæннод Алыксийы æхсæв-бонмæ фыдуаг сæгътæ хуыссын нæ уадзынц æмæ тæригъæд у. Бæлæгъгондæн йæ сæр дæр сбийын кодтой Къæберæн, æрмæст ма дзы ныббырæн ныууагъта, фæсалæй йын гобангонд скодтой, Къæберы зæронд кæрц ын дзы нывæрдтой.

Алыксийæн ахæм хъарм хуыссæн скодтой æмæ-иу æнæмæтæй ныффынæй.

— Бирæ мын фæцæрай, бирæ, Къоста! Ахæм хуыссæн паддзахæн дæр нæй. Нарæн та мæ сæ хъалтæ мæстæй фæмарынц, ахæр, дам, Алыкси, æмæ амæл. Куыдæй хъуамæ амæлон, куы нæ мæ гуыбын срисса, куы нæ мæ сæр. Æгас Нарæй дæр Къостайы фæхъхъау фæуат — нырма дзы зæххæй уæлæмæ куы ницы зыны æмæ йæ сæры зондæй æгас Нары дæр куы æфсады, уæд сымах кæмæй фестут?

Къоста хæрз æвзонгæй дæр зондджын ныхæстæ кодта. Зæронд устытæй-иу куыроймæ чи æрцыди, уыдонæн-иу уайдзæфтæ кодта:

— Дæлæ Азау йæ къæхтæ айсынæн куы нал у, уæд æй куыроймæ цæмæн æрвитут? Уый бирæ фæкуыста, бирæ — кæдæй цæры, уæдæй ардæм. Ныр та хъуамæ баулæфа.

Кæцыфæнды зондджын лæг дæр-иу æм хъусгæйæ аззади.

Иу бон та лæппуты рамбырд кодта æмæ куыроймæ цæуæн фæндагыл æнцæйттæ самадтой.

— Устытæ тæригъæд сты. Хæрды сæ уæззау къæссатæ сæ æккой куы сцæйхæссынц, уæд мæ зæрдæ рацæйтоны. Уæлдайдæр зæронд устытæ бæгуы тæригъæд не сты? Уыдонæн ныр сæ хъару бонæй-бонмæ къаддæргæнгæ цæуы, æндæр сын цы æнхъæл стут?

Æнцæйттæ куыддæр арæзт фесты, афтæ æцæгдæр иу зæронд ус куыроймæ ссинаг æрцæйхаста æмæ æнцайæн куы ауыдта, уæд джихауæй аззад:

— Ацы æнцайæн цымæ нæ хицæутты лæгтæй кæцы сарæзта, куыдæй йæ зæрдыл æрлæууыди? Афонмæ дæр ахæм æнцайæн саразынæн цас бирæ хъуыди? Нæ зæнгтæ уырдыгмæ цæугæйæ дæр æмæ хæрдмæ цæугæйæ дæр нæ быны зыр-зыр кодтой.

Уалынмæ уартæ Къоста æмæ йе ’мбæлттæ дуртæ æрбахæссынц. Зæронд устытæ кæсгæйæ аззадысты:

— Агъæц, агъæц, æз куы зæгъын, нæ хицæутты кусæг лæгтæй ахæм зæрдæ кæмæ хъуамæ разындзæн æмæ сылгоймæгтæн æххуыс кæцы бакæндзæн? Кæнæ дзы кæй хъуамæ равдæла? Сылгоймагæн æппындæр не ’ххуыс кæнынц.

Арфæтæ кæнынмæ фесты:

— Адæмы хуыздæр фæуай — уæздан истæмæй уæздан у. Гуыбаты уæздан туг æм фылдæр фæхæццæ.

— Алæ, мæлæты уæздан не сты Гуыбатæ — сæ сылгоймæгтыл хæрæджы куыст кæнынц. Уæдæмæ Леуаны уæздандзинад йæ алы уæнджы дæр ис. Нæ хицæуттæм Леуанæй уæздандæр нæй. Йæ цард бирæ уæд, йæ хъæбулы хурæй фаг æфсæст æрцæуæд. Йæ ныййарæг рухсаг æрбауæд, нæ чындзытæн сæ уæздандæртæй бæргæ уыди. Хорзæн Хуыцау цæрæнбон бирæ нæ дæтты. Нарыхъæуы сау къæдзæхмæ ахæм чындз рæхджы кæй нал æрцæудзæн, уый æцæг у.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.