Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 15 страница



— Дæ фæхъхъау фæуæм, Къоста, нырма зæххæй æххæст уылынджы бæрц уæлæмæ куы нæ ссыдтæ, уæд дæм уыйбæрц зонд æмæ хъуыды та кæцæй æрцæуы? Мæнæ нын цы удæнцой скодта, мæнæ! Уæ, Нарыхъæуæй кусынхъом кæцытæ сты æмæ афтæмæй æдзæллагдзинадмæ сæ хъус куыд æмбæлы, афтæ чи нæ дары, уыдон дæу сæрыл хаст куыд фесты, Къоста.

— Диссаг у, кæм æй федта æмæ куыд æгъдауæй йæ зæрдыл æрлæууыдаид? Куырыхон лæгæн нæ бауыдзæн йæ бон ахæм стыр хъуыддаг саразын.

Фараст раны æнцæйттæ сарæзтой авд лæппуйæ, сæ раздзæуæг уыди тæнзæрдæ Къоста. Уаргъ хæсджытæн æдзухдæр тæригъæд кодта, сæ размæ цæуынмæ-иу фæци, уаргъ-иу куы нæ фæрæзта, уæддæр архайдта.

Особайы заманты дон къæртаты нæ хастой, фæлæ хастой, иу-æртæ къæртайы кæм бацæудзæн, ахæм хъæдын къуыстилты. Тынг уæззауæн сæ хастой, сæ лæф-лæф-иу цæуын байдыдта, хæрдмæ-иу сæ цæуын куы бахъуыди, уæд.

Къостайы фæрсынц:

— Кæм федтай ацы æрæнцайæн мæсгуытæ?

Къоста афтæ зæгъы:

— Æз сæ мæхи цæстытæй федтон уартæ раст Камахмæ цæуæн фæндагыл. Кæсын æмæ уæртæ иу гакъон-макъон фæндагыл къаннæг мæсгуытæ амад. Сæ кæрæдзимæ уыдысты дæрддзæфгомау. Фыццаг хатт сæ куы федтон, уæд мæм куыддæр диссаг фæкастысты — уæдæ, цымæ, ацы мæсгуытæ ссæуæн фæндагыл цæмæн хъуамæ арæзтой? Уалынмæ кæсын æмæ устытæ æд къæссатæ куыройæ рацæуынц æмæ та сæ бон цæуын куы нал вæййы, уæд мæсыгыл сæ къæссатæ æрæвæрынц. Сæ фæллад суадзынц æмæ та фæстæмæ сæккой кæнынц. Дыккаг æрæнцайæнмæ бахæццæ вæййынц æмæ та уыцы ран дæр сæ фæллад суадзынц.

Камахмæ цæуæн фæндаг у тынг бæрзонд, цыппар æмæ дыууиссæдз æрæнцайæн мæсыджы дзы уыд арæзт. Хъæбæр бæрзонд ран дæр æрцардысты Камахы адæмтæ. Хъæбæр зын ссæуæн уыди уыцы бæрзонд фæхæрдгæнæны, уæлдайдæр уæззау хæссинæгтимæ. Уæдæ дзы уырдыгмæ цæуын дæр уыди тынг зын æмæ тæссаг. Мæнæ æккойæ æрбырыд ссинаг æмæ йæ уæлдæр фесхойа уæззау уаргъхæссæг, уæд йæ сæрты рахаудтаид къæсса. Дæ балгъитæгыл ахæм бон куы акодтаид: къæсса йæ сæрты расхъиудтаид æмæ комы бынмæ тулгæ-тулгæ ныммидæг уыдаид æмæ раст Зикъарайы доны астæумæ бахаудтаид æмæ йæ дон дурæй-дуртæм хойгæ хастаид. Фæлæ уырдыгмæ дæр цыдысты арæхстгай, уæлдайдæр зымæгон. Ме знаг уаргъимæ нæ, фæлæ æнæ уаргъæй дæр фæуырдыггæнæны дæр æмæ фæхæрдгæнæны дæр Камахы бæрзонд æмæ зынцæуæн фæндагыл цæуæг куы фæуыдаид.

Къоста Камахы гакъон-макъон фæндагыл федта æнцæйттæ арæзт æмæ сæ уыцы ран куыд федта, афтæ сæ сарæзта. Йæ къаннæгæй фæстæмæ дæр уыди тæригъæдгæнаг. Уæдæ йæм арæхст æмæ февнæлд дæр уыди. Цæмæдæриддæр ма фæкомкоммæ уыдаид, уайтагъд-иу æй ацарæзтаид. Бырæн дзоныгътæ, къæлæттæ-иу арæзта. Уæдæ-иу хæстæг хъæдмæ дæр сфардæг æмæ къаннæг уисæйттæ быдта. Нарыхъæуы цæрæг адæмтæй алы хæдзары дæр уыди Къостайы быд уисæйттæ иу нæ, фæлæ цалдæргæйттæ.

Иугæр куы фæхъомылдæр, уæд æй арæхстмæ никæцы хæдзардарæг лæг аййæфтаид. Суанг холлаг хæссæн тæсчъытæ дæр арæзта. Иу хæдзарæн куы сарæзтаид, уæд иннæ хæдзæрттæй дæр кодта æфсæрмы. Иу чысыл рæстæг дæр æнæ исты архайгæ нæ фæрæзта. Йæ æмбал лæппутæн дæр амонгæ кодта: дзæгъæлы уынгты ма рацу-бацу кæнут, фæлæ фæкæсын хъæуы. Уæ фыдæлтæ кусгæ кæной, сымах та уынгты цоппай кæнат, уæд уый кæдæм бæззы? Уæ мадæлтæ æмæ уæ фыдæлтæн хъуамæ уæ бон цас у, уыйас æххуыс кæнат, кæннод ма уæ цæмæн фæхъомыл кодтой? Хъуамæ знаггадмæ дæр нæ хъус ма дарæм, æмæ уæд нæ хистæртæн уыдзæн тынг æнцон цæрæн. Хъомы рад фæхизын дæр хъæуы зонын. Хъазты дæ разæй скæн æмæ сæ куы нæ бахъахъхъæнай æмæ искæй хуымтæ куы бахæрой, уæд кæй хуымтæ фесафой, уыдон тæригъæд сты, куы нæ дæ феной, уæддæр. Куы дæ феной, уæд та дæ кæнæ нæмгæ фæкæндзысты, кæнæ та дын се знаггад дæ фыдæн бафидын кæндзысты, æмæ уæд дæ хæдзарæн æххуыс нæ бакодтай, фæлæ сын сарæзтай фыдæбон. Кæнæ дæ хъом нымадæй куы нæ æрыскъæрай æмæ дзы искæй бирæгъæн куы бахæрын кæнай, уæд хъугæн стыр фиддон ис.

Хъусгæ дæр æм тынг хорз кодтой, йе ’мбæлттæ, зæгъон, æмæ ма йæхицæй иу дзæвгар хистæртæ дæр. Иу ран-иу куы амбырд сты, уæд-иу сæ кæрæдзийæн Къостайæ æппæлыны кой кодтой.

Къоста иугæр Нары хъæууон скъоламæ куы бацыди, уæд дзы хъæбæр хорз æппæлгæ дæр кодта Балаты Хакъо:

— Къостайæ хорз лæг рауайдзæн, йæ фыд Леуанæй дæлдæр бынаты не ’рлæудзæн. Мæ дзыхæй æххæст нæма схауы хынцинаг, афтæ йæ уайтагъд Къоста рацахсы æмæ мын æй дзурынмæ фæвæййы. Ахуыргæнæг куы фæамоны, уæд зæрдиагæй байхъусут æмæ уын уый фæстæ тынг æнцон уыдзæн уæ ермодзтæ ахуыр кæнын. Кæннод хæдзарæй хæрд кæй загъдæуы, Хуыцауæй та уæд бон. Хъуамæ иугæр лæппу йæхи æмбарынхъом куы фæуа, уæд йæхимæ уайдзæф дæр æмæ хыл дæр ма иса. Мæнæ Къостайæн æмæ Къæберы фыртæн уæлдай амынд, мыййаг, кæнын? Къоста, фест-ма æмæ дæ ермодзтæ радзур, кæддæра сæ куыд сахуыр кодтай.

Къоста-иу фæгæпп кодта æмæ-иу уыцы циндзастæй дзурынмæ куы фæци, уæд-иу Хакъо йæ мидбылты худæгау кодта:

— Уый дын гуырд, Хетæджы-фырт. Кæннод лæппу райгуырд, зæгъгæ, бæстæ цины фæдистæ свæййы. Лæппуйы райгуырды мидæг фылдæр цин уымæн вæййы, æмæ лæппу у бындур.

Къостайы зæрдæмæ Хакъойы зондджын ныхæстæ тынг цыдысты, æмæ æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Уæдæ ма нæхи Хакъойæ зондджындæр æмæ хъуыдыджындæр лæг уыдзæни? Ахæм дæсны лæджы амындтытæ кæй сæрмæ нæ хизынц, уымæн ма зонд цавæр лæг хъуамæ бацамона, нæ зонын.

Иугæр ахуыргæнинæгтæм Къостайы ныхæстæ раст кæсын куы байдыдтой, уæд уыдон дæр райдыдтой хорз ахуыр кæнын.

Иу заман та Хакъо фæрынчын æмæ йæ бон скъоладзаутæм бацæуын нæ уыди. Къостайæн бафæдзæхста, куыд сын амона, афтæ, кæмæн цавæр бæрæггæнæн сæвæрын хъæуы. Къоста кæддæриддæр æнæхъинцъ уæрдон уыди, уæлдайдæр та Хакъойы хъæбæр бирæ уарзта.

Хъазын дæр-иу æй бæргæ фæндыд. Иугæр-иу сæ ахуыргæнæг куы ауагъта, уæд-иу сæ арæзт уыди хъæдмæ. Хъæддаг дыргътæ-иу уыдысты сæ тæккæ хæрыныл, æмæ-иу сæхи хъæдмæ куы арæвдз кодтой, уæд-иу сæ фæстæ кæсгæйæ аззади. Тæригъæд дæр сын-иу куыннæ кодтаид, фæлæ сын-иу тæрсгæ дæр кодта: сæ ермодзтæ райсоммæ куы нæ сахуыр кæной, уæд сын æвзæр бæрæггæнæнтæ куыд хъуамæ сæвæрон? Уæдæ айхуызæн халсарафон халсар дæр куы нæ бахæрой, уæд тæригъæд дæр сты. Лæгъстæгæнæгау-иу сын дзырдта:

— Уæ хорзæх уæд, æмæ афойнадыл куыд æрцæуат, афтæ. Райсоммæ уæ ермодзтæ хорз куыд сахуыр кæнат, афтæ. Хакъо рынчын у — зонут æй — æмæ цалынмæ фæдзæбæх уа, уæдмæ та уын æз амондзынæн, цæмæй ма ферох кæнат, кæй зонут, уыдон. Мæнæн дæр æнцон нæ вæййы сымахæй искæмæн мæгуырау бæрæггæнæн нывæрын.

— Зонæм æй, зонæм, Къоста, мах нæ ермодзтæ сахуыр кæндзыстæм. Бирæгъы цармæй конд кæнæ æрчъиагæй конд не сты махæн дæр нæ цæсгæмттæ. Ау, нæ уынæм — дæ хид дæ къæхты бынæй куы акæлы.

Къоста-иу ахуыргæнинæгтæн куы бафæдзæхста, уæд-иу Хакъомæ бацыди:

— Цы фæдæ, Хакъо? Ницыма дзæбæхдæр кæныс? Абоны бæрæггæнæнтæ дын радзурон: хорз сахуыр кодтой, иуæн дæр дзы мæгуырау бæрæггæнæн нæй. Бадгæ дæр сабыр фæкæнынц.

Хакъойæн-иу йæ куыстытæ акодтой Дауытимæ. Кæм-иу ын хъæрмхуыпп сфыхтой, кæм та карчы рæвдауæнтæ дæр. Хакъо æнæ сылгоймагæй цæры, йæ алы куыст дæр йæхимæ кæсы.

Уыцы заманты фылдæр æхсадтой суджы фæныкæй, æндæр сын цы хуыздæр фæрæз уыдаид.

Фæззæг-иу тæккæ куыстафон уыди най кæнынæй, ласæн кæнынæй, мусуæттæ сыгъдæг кæнынæй, уæдæ хуымтæ кæрдынæй зæгъай, уыгæстæ иу ранæй иннæ ранмæ хæссынæй зæгъай. Кæнæ наййæгтæ скъæрын. Дыууæ боны кæнæ æртæ боны наййæгтыл хъæр кæн, сæ фаджысмæ сын хъус дарын хъуыди, уæдæ сæ мизынцъагмæ дæр.

Къæбер-иу наййæгтыл куы хъæр кодта, уæд-иу Къостайæн йæ зæрдæ Къæбермæ дæр куыннæ æхсайдтаид.

— Тæхуды æмæ Хакъо тагъддæр куы фæсæрæндæр уаид, уæд Къæберы бæсты най уæддæр скъæриккам. Уæдæ Хакъойы дæр куыд ныууадзæм, хъарм хæринаг æм, мыййаг, куы нæ хæццæ кæна. Уæ, мæнæ куыстæгтæ иу ранмæ куыд æрæмбырд сты.

Иугæр-иу Хакъомæ хорз куы базылдысты, уæд-иу дзы бар ракуырдтой:

— Мах уал уæлæ Къæбермæ дæр фæкæсæм. Диссаг у, Тоборзайы лæппуты хъазынмæ дæр æмæ хъæдмæ халсар хæрынмæ дæр куыд равдæлы. Уæдæ æз æмæ Дауытæн иу бон дæр уæгъды бон куыннæ вæййы куыстафонты, уалдзæгæй уæд, фæззæгæй. Цалынмæ къаннæг лæппутæ уыдыстæм, уæдмæ дæр нын ахæм бархи æмæ дзæгъæл рæстæг никæд уыди. Ехх-мардзæ, уæдæ ныр Къæберæн йæ уæззау куыстытæм зæрдиагæй фæкæс æмæ йын йæ арм фæрогдæр кæн!

Хакъо-иу сын бар радта:

— Ацæут æмæ Къæберæн йæ бæсты наййæгтæ аскъæрут. Æрмæст цæрдæг кæсут, сæ фаджыс хормæ куыннæ æркæла, уæдæ сæ мизынцъаг дæр. Иугæр хормæ куы æрхæццæ уа, уæд мæнæу уа, хор уа — сбур сæ кæны. Кæнæ сæ наййæгтæ сæ къæхты бын ныссæндынц, æмæ уæд фæллой сæфт у, мæ хуртæ.

— Мах бар уадз, мах фæллойсафтæ не стæм, Къæбер нæ æдзухдæр æппæлгæ куы фæкæны.

Къæбер лæппутæн загъта:

— Хакъо æвæгæсæг у. Нарыхъæуы тыххæй уæртæ йæ хорз цардæй схауæггаг. Хъæбæр уæздандзинад æм разынди. Æфсæрмæй йæ хорз бинонтæй рацыд æмæ удхарæй мæлынмæ æрцыд. Йæ усмæ йын арвитын хъæуы, æмæ йæм кæд æрцæуид. Иу-дыууæ мæйы бæрц æм фæкæсын хъæуы. Къоста, дæ низтæ мæ уд куы бахæрид, æмæ мын ахсæв фыстæг ныффысс. Лæг æвæгæсæгæй куы амæла, уæд нæ кæстæртæ дæр сау кусджытæй баззайдзысты. Кæцæй хъуамæ æркæндзысты Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ ахæм ахуыргæнæг? Най ныртæккæ конд фæуыдзæн æмæ наййæгты уæлæ хъæдмæ аздахын хъæуы. Иу чысыл куы нæ ахизой, уæд райсом сæ бон най нал бауыдзæн. Æртæ бонмæ хъуамæ нæ мæкъуылтæ æмæ уыгæстæ най фæуæм. Мæнæу иугæр куы фæуæм, уæд хъæдур æнцон найгæнæн у. Уæдæ фæззыгæнд та хойгæ ныккæндзыстæм. Найæн дæр бар йæхи фæуæд, фæлæ Хакъойы рынчынæй ме уæнгтæ ауазал вæййынц.

Къæбер найгонд фæци. Къоста æмæ Дауытæн наййæгтæ ауадзын кодта. Хæрз изæрмæ сæ фæхызтой, изæры сæ æртардтой.

Къæберы ус йæ хъуццытæ æрдыгъта, æхсæвæр срæвдз кодта. Æхсæвæр хæрыны размæ Къæбер Къостайæн Хакъойы усмæ фыстæг ныффыссын кодта — тагъд куыд сæмбæлай, афтæ.

Мæйы фæстæ Хакъойы ус æрхæццæ. Нары цæрæг адæмтæн сегасæн дæр уыд иттæг æхсызгон. Дыууæ мæйы фæкасти йæ моймæ. Хакъо иугæр куы фæсæрæн, уæд та фæстæмæ Туркмæ фæцыди. Бæргæ зын уыди Хакъойæн æнæ бинонтæй цæрын, фæлæ усæн йæ бон нæ уыди хъæууон цардæй цæрын.

Фылдæр архайдтой нæзы цырагъæй, кæнæ-иу артдзæсты фæнычы фыхтой сæ кæрдзынтæ. Кæй бон уыди ахæм цардæй цæрын фадæтты цæрæг адæмæй.

Къоста бахъуыды заманты æдзухдæр цырагъдар уыди. Нарыхъæуы цæрæг адæмтæм куыннæ уыдаид куывдтæ дæр æмæ чындзæхсæвтæ дæр. Къоста-иу рагацау йæхи цæттæ кодта, нæзы хъæдмæ-иу Къæберы фыртимæ сфардæг сты. Къæберы къаннæг фæрæт-иу рахастой æмæ-иу цырагъджын нæзы бæлæсты фæрстæ амадтой чындзæхсæвмæ, цæмæй æдыхстæй архайой. Къаннæггомау куыристæ-иу бабастой сыгъдæг нæзы хъæдын цырæгътæ æмæ-иу сæ рагацау бахус кодтой. Хуылыдзæй нæзы цырагъ фæздæггæнаг уыди. Хус цырагъ фæздæг нæ кодта, æмæ-иу ын Нарыхъæуы лæгтæ æдзухдæр кодтой арфæтæ:

— Хорзæн арфæ ис кæддæриддæр, æвзæртæ та исынц уайдзæфтæ сæхицæн. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, йæ зонд æмæ йæ хъаруйы руаджы æгас Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ дæр æдыхст куыд сты. Мæй раздæр цырæгътæ схус кæны æмæ сæ куыд æмбæлы, афтæ ныллыстæг кæны. Уæдæ цырагъ дарынмæ дæр зивæг никæд фæкæны, уыцы æнæхъинцъæй йæ алы февнæлд дæр. Æрыгон лæппу уæвгæйæ йæ зонд сегасыл æххæсгæ дæр куыд хорз кæны. Фæнды Къоста уæд, фæнды Къæберы фырт уæд. Иннæтæм, ау, худинаг дæр куыннæ фæкæсы — «иу æхсæв ма сæ мах дæр раивæм, кæд, мыййаг, бафæлладысты». Лæг ма дзул æмæ мыдæй дæр куы схъыг вæййы. Фæлæ ацу æмæ уæлæ Уарданимæ дзур, бирæгъæн сæнттæ хæссæгау.

Къоста-иу цырагъ дард куы фæци, уæд йæ цæст ахæссаг уыди: кæд зæронд лæгтæй искæй исты цумайы сæр хъæуы? Цырæгътæ дæр-иу асхъаудта æмæ та-иу лæгты бадтмæ дæр бауад: кæй дуармæ цæуын фæхъæуы, кæмæн та дойны дæр вæййы.

Лæггад кæнын тынг бирæ уарзгæ дæр кодта. Зæрондæн хъуамæ йæ кæстæртæ кад кæной. Мыггаджы сæрыл зæронд куы лæууа, уæд уыцы мыггаг уыдзæн кадджындæр. Хистæры та кадджын кæнынц кæстæр фæсивæд. Кæстæртæ сæ хистæртæй хъазгæ куы кæной, уæд хистæр æгад кæны, фыццаджыдæр, йæхи мыггаджы æхсæн, дыккаг та, уæд иннæ адæмты æхсæн.

Къоста æдзухдæр афтæ дзураг уыди йе ’мбæлттæн:

— Курын уæ, мæ хорз æфсымæртæ, æмæ хистæртæм æппындæр фæстæмæ куыннæ дзурат, афтæ. Мах нæ хистæртæн кад æмæ æгъдау куы нæ кæнæм, уæд сын æцæгæлон адæмты æхсæн дæр кад æмæ æгъдау кæй нæ уыдзæн, уый уын æз зæгъын.

XXIX

Хакъомæ чи ахуыр кодта, уыдонæй тынг хорз лæгтæ рауад, æмæ алы хатт дæр Хакъойæн стыр арфæтæ кодтой:

— Хакъо куы нæ уыдаид, уæд бынтон саугуырмæй баззадаин мæ æнусы цардмæ дæр. Рухсаг уа, хъæбæр хорз лæг дæр уыди.

Æдзух дæр-иу ын Къоста кодта арфæтæ. Кæцы ран-иу йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыцы ран-иу йæ цæссыг æркалдта.

Куыд бирæ зонды хицау лæг уыдтæ уæдæ, Хакъо, куыд сабыр æмæ бæлвырдæй-иу амыдтай уыцы зæрдиагæй. Кæнæ-иу зымæгон цырагъæй куы фæцух дæ, уæд-иу фæрæтимæ хъæдмæ куыд араст кодтай: «Уæлæ нæзы цырагъмæ цæуын, рухс скæнинагæй фæцух дæн».

Алыксийы æвзæры дæр-иу фæцæйкодта, къæссайы дзаг æй-иу хаста нæзы цырæгътæ.

Иу хатт та мит ахæм уард ныккодта, æмæ азмæлæнтæ дæр нал уыди. Хакъомæ цырагъ нал уыд — Алыкси цырæгътæ суджы æфсон цæхæры бакалдта. Йæ арт-иу куы нæ сыгъди, уæд-иу гайлайы гæдыйы хъуыр-хъуыр байдыдта:

— Кæм цы къулбадæг лæппу ис, уыдон Нармæ æрцыдысты æмæ дыууæ Нарыхъæуы дæр саубыны удхарæй марынц. Сæ хæдзæрттæм куы фæцæуынц, уæд Хакъойы цырæгътæй сæ рæттæ байдзаг кæнынц. Замманайы цырагъдзау ссардтой — Балаты номдзыд Хакъо æмæ сын Алыкси хъæдæй се ’ккойы нæзы цырæгътæ кæй лухынц, уый сын æгъгъæд нæу, фæлæ ма сæ хæдзæрттæм дæр сусæгæй хæссынц, сæ хæдзæрттæ саусыгъд бакæной. Ныр та Хакъо райсом уыцы арф миты лæгæрдгæ хъæдмæ араст уыдзæн, æндæр ма цæмæй хъуамæ срухс кæндзæн.

Хакъо æцæгдæр къуыммæ фæуад æмæ цырæгътæн сæ кой дæр нал уыд.

— Ацы ран цы цырæгътæ уыдис, уыдон цы фæкодтай, Алыкси?

— Уыдон æз цæхæры куы бакалдтон, æз сæ сугтæ æнхъæл куы уыдтæн. Уæ, Хуыцау мæ куыд фесæфта!

Цы ма загътаид Хакъо дæр. Ацу æмæ ды Алексиимæ дзур — Тоборзайы лæппутимæ йæ тох скодта, афтæмæй цырæгътæ йæхæдæг арты бандзæрста сугты æфсон.

Цы гæнæн ма уыди? Хакъо иунæгæй хъæдмæ фæцæйцыд. Мит иугæр арф куы ныууарыд, уæд Алыксийæн йæ бон нæ уыди ахæм арф миты лæгæрдын æмæ-иу æй уæд алы хатт дæр Хакъо фæстæмæ раздæхта:

— Ацу, дæ бон нæ бауыдзæн ахæм миты цæуын.

Ноджы ма-иу дымгæ куы сдымдта, уæд ацу æмæ Алыксиимæ хъæдмæ фæцу. Хъæр-иу кодта:

— Сæфын, сæфын! Тымыгъ мæ скъæттæм фæхæсдзæн!

Хакъо-иу худæгæй бакъæцæл:

— Ма тæрс, Алыкси, тымыгъ дæуæй цы хъавы, цæмæн æй хъæуыс?

Алыкси уæд басабыр æмæ æнцад сабыргай фæцæйцыд.

Фæлæ ацы хатт йæ бон нæ баци иу чысылдæр ацæуын æмæ йæ Хакъо фæстæмæ раздæхта:

— Ацу, Алыкси, æмæ дæ артдзæсты раз сбад, дæхи дзы тав. Уæртæ хæдзарæй картæфтæ рахæсс æмæ сæ цæхæры бакал. Уазал бон у, æмæ ды — мидæгæй, фыцбон та — æдде. Цы дын хъуамæ бакæндзæн? Хорз дæхи бафсад. Фиу дæр-иу аххæрæгæй райс æмæ физонæг дæр скæндзынæ.

— Фиу та мын уæд бæрзонд аххæрæгæй чи райсдзæн? Хъугърион та мæм загъд кæндзæн: «Хæрынмæ куыд рæвдз дæ, кусынмæ дæр афтæ куы уаис, уæд æгас Нарыхъæуы дæр бæргæ хорз дарис. Хакъойы иунæгæй хъæдмæ цæмæн ауагътай, йæ фæхъхъау фæуай». Афтæтæ та мын куы дзура, уæд æз дæр мæсты фæкæнын æмæ тæригъæд дæн. Нарæн дæр ма цы кæнон — мæнæ сын арт æндзарын æмæ уый æгъгъæд нæу?

Хакъо худæгæй бакъæцæл æмæ афтæ:

— Хъугърионимæ æгæр знаг кæй хæссут, уый хорз бæргæ нæу. Мæсты йæм ма кæн, уый дын хорз у. Ды йæ нæ зоныс, кæцы ран дын цы æххуыс у, уый. Куы йæ зонис, уæд æм бæргæ нæ мæсты кæнис. Уый дын тæрсгæ фæкæны: бæрзонд аххæрæгæй куы рахауай, уæд дæхи фыд цæфтæ фæкæндзынæ æмæ амæлдзынæ. Хъугърион дын куы нæ уаид, уæд дæ чи æхсид æмæ дын хæринаг чи кæнид? Хъугърион дæуæн дæр æмæ алкæмæн дæр мады хуызæн кæй у, уый зонын хъæуы. Фæстæмæ-иу æм ма дзур, фæлæ дын цы зæгъа, уый-иу кæн.

Алыкси уæд афтæ зæгъы:

— Ау, куыд æм хъуамæ хъусон? Афтæ мын куы зæгъа, ацу æмæ дæхи дæлæ цæмджын доны ныппар, уæд дæр æм хъуамæ байхъусон?

Хакъо та уыцы ныхасыл дæр худæгæй куыннæ амардаид.

— Акæс-ма Алыксимæ, куыд арф хъуыдытæ йæм ис. Ацу уæдæ æмæ дæхицæн исты хæринаджы кой бакæн. Мах мæнæ Къостаимæ цæуæм хъæдмæ æмæ цырæгътæ куы æрхæссæм, уæд сæ-иу сугты æфсон арты мауал бакал. Æдзухдæр сæ сугты æфсон арты бандзарыс, æмæ дæм цырагъ куы нал вæййы, уæд лæппутимæ фæхыл кæныс. Уый раст нæу, æдзух хыл дæр ма кæн, кæннод дæм æгæр куы смæсты уой, уæд дæ мæстæй марын райдайдзысты æмæ дын бирæ зындæр уыдзæн.

Иу зæронд нæзы бæлас йæ фыр хусæй раст къæс-къæс кодта. Дыууæ къæссайы дзы байдзаг кодтой.

Хакъо афтæ зæгъы:

— Къæбертæм куы ныццæуай, æмæ дæ куы фæрса, кæцæй ракодтат цырæгътæ, уæд ма зæгъай — Ададжы бæлас рафæлдæхт æмæ сæ уырдыгæй ракодтам. Ацы бæласыл æрхъуын æвæрд вæййы, æмæ йæм æвналын уый тыххæй нæ уадзынц, æндæр ацы хус цырæгътæ ацы ран нæ уадзиккой. Фæлæ сæм уæндгæ дæр ничи фæкæны æз æмæ Алыксийæ æндæр. Мах, зæгъ, уæртæ Æхсæны ададжы уыдыстæм æмæ уым ссартам замманайы нæзы цырæгътæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.