Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 13 страница



Къоста иугæр хъаймæты хабæртты кой куы фехъуыста, уæд Уæллаг Нарыхъæумæ цæуыныл фæци. Къæбер бады сæ дуармæ. Къоста йæ разы æрлæууыд æмæ йæм дзуры:

— Дада мæ дæумæ рарвыста. Ды хъаймæты хабæрттæ ракæн мæнæн.

Къæбер афтæ зæгъы:

— Ацæут уæлæ уæ мад Хъугърионмæ, æмæ уын сæ уый хуыздæр бамбарын кæндзæн. Æз кæм тамако æууилын, кæм та хуыфгæ дæр кæнын. Хъугърион раст сызгъæрины хуызæн сылгоймаг у, йæ бындар фæуа. Йæ базæронды бонмæ дæр уыцы хæрзарæхстæй цæры. Йæ къухтæй цæуы сой æмæ цард. Æгас Нарыхъæуæн дæр стыр æххуыс у йæ зонд, æмæ йæ февнæлд. Уынаффæджын сылгоймаг у. Нæ цин дæр Хъугърионæй фидауы, зианы æгъдæуттæ дæр Хъугърион зоны.

Къоста-иу Елбердæй дæр цы фехъуыста æмæ Къæберæй, уыдон-иу Хъугърионмæ æрбахæццæ кодта:

— Хъугърион, цыхт мын авæр, æмæ дын æз цыдæр хорз ныхæстæ ракæндзынæн.

— Æгайтма дæ хъæуы цыхт. Уæртæ сивыры замманай туаг цыхт æмæ йæ лауасиимæ ахæр, мæ къона.

— Уæдæ абон Дада афтæ куы загъта, Хъугърион, дам, нæ хуыздæр у.

Уæд та Дауыт дæр æрбауад.

— Ахæрут, мæ лæппутæ, æмæ уæлæ хъæдмæ суайæм, артаг æрхæссæм æмæ уын æз уæлибæхтæ дæр скæндзынæн.

Хъæды дæр та Къоста йæ фыды фыды ныхæстæ цæстуарзонæй дзуры Хъугърионæн.

— Цы кæнон, мæ кæрчытæ, æз дæр афтæ æппæлын Нарыхъæуæй. Мæн Нарыхъæуæй мæ къах нал ахаста, мæ сау сæр æз Нары тыххæй сурс кодтон. Æртæ мæйы фæцардтæн мæ сæры хицауимæ, афтæмæй фæцыд дард балцы, æмæ йын йæ кой нал фехъуыстон. Мæнмæ-иу мæ цæгат æрбацыдысты: рацу нæхимæ, ам цы хъахъхъæныс? Куы базæронд уай, уæд кæй хъæуыс? Нарыхъæуы сау къæдзæхтæм цы кæсыс? Цот ма дын куы уаид, уæддæр бад, фæлæ кæдмæ дæ зæрды бадын ис? Мæнæн нæ хицæуттæ дæр афтæ адджын уыдысты, æмæ æз мæ цæгатмæ нал фæцыдтæн. Нарæй мæ мæ къах нал ахаста. Хуыцауæй афтæ рæвдыд æмæ буц уæд, æз сæ куыд буц æмæ рæвдыд дæн.

Къоста æмæ Дауыт стыр куыристæ сарæзтой æмæ сæ нæзы бæлæсты фарсмæ амадтой. Къаннæг фæрæтæй цæгъдынц, нал ауæрдынц. Сæхицæй ныббузныг сты:

— Цас нæзытæ самадтам. Цырæгътæ дæр нын бирæ уыдзæн. Писитæм зынг куы бадарæм, уæд та фых писийы чъиутæй стыр къæрттытæ сараздзыстæм.

Иу нæзымæ бауадысты æмæ йыл арт андзæрстой. Диссаджы писиджын разынди. Цин кæнынц Къоста æмæ Дауыт:

— Нæ фаг нæ бæргæ фæци фых чъиутæ.

Цæвиттон-иу сæ Нарыхъæуы чызджытæ æдзухдæр чъиутæ агуырдтой. Къоста æмæ Дауыты хъæдмæ рацæугæ федтой, уæд-иу сæ размæ згъордтой:

— Æриут нын чъиутæ, мах та уын нæ уæлибæхтæн сæ дзаджджынтæ ратдзыстæм.

Къоста æмæ Дауыт сæ хотæн стыр аргъ кодтой.

— Хо дæр хорз у, æфсымæр дæр хорз у. Мах нæ хоты дæр уарзæм, уæдæ не ’фсымæрты дæр уарзæм, фæлæ уæддæр Хъугърионæй фылдæр никæй уарзæм.

Хъугърион-иу худæгæй куыннæ амардаид:

— Уæд мæ цы уарзут? Мæ фындз Хохойы ссадхæссæн дзæкъулы хуызæн, мæ цæстытæ уыджы цæстыты хуызæн. Мæ зæронд урс дадалитæ раст уæлхурон хæйрæджы дадалитау куы спехцел вæййынц, уæд мæ тæрсгæ дæр нæ фæкæнут? Мæ цæсгом раст æрмæрины дæргъæн. Мæнæй фыдуынддæр Нарыхъæумæ чындз куы нæ æрцыди.

Хъугърион рæсугъд уыди, фæлæ-иу Къоста æмæ Дауыты мæстæй мардта.

Уыцы бон Захи хъæды хихтæ фæрæтæй калдта, йæхицæн артаг æмбырд кодта зымæгмæ. Къоста æмæ Дауыт Хъугърионы хъазæн ныхæстæм кæрæдзийы хынцмæ худæгæй куы мардысты, уæд Захи мæсты кæны:

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, Хъугърион мыл йæ къулбадæг лæппутимæ йæхи худæгæй куыд схаста. Абондæргъы сын «ма кæ» нæ зæгъы, фæлæ ма сæ йæхæдæг цыренæй-цырендæр кæны. Фæлæуу, Хъугърион, æз дæуæн дæ хъæдуры хуым куы нæ ныттонон, уæд Захи Захи ма фæуæд.

Захи бынтон фыдуынд лæг уыди. Йæ цæстытæ раст уыджы цæстыты хуызæн уыдысты, йæ фындз — стыр, куыддæр ын иуырдæм фæзылын. Тæрсæн уыди æмæ тæрсæн Захи. Сывæллæтты æдзухдæр Захийæ тæрсын кодтой Нарыхъæуы устытæ: «Ма ку, кæннод Захи æрбацæудзæн æмæ дæ йæ бур дзæкъулы нывæрдзæн, æмæ дæ йæхицæн фæхæсдзæн». Сывæллон-иу куыддæр Захийы кой айхъуыста, афтæ-иу фыр тæссæй афынæй.

Къоста æмæ Дауыт иу ранмæ бауадысты æмæ халоны æйчытæ ссардтой. Халон сæ сæрты ратæх-батæх кæны, хъуахъхъ-хъуахъхъ самадта. Захи халонмæ хæрдмæ дзуры:

— Уæлæ халон, Хъугърионы сæр дæ дзыхы, кæд цæуыл хъуахъхъ-хъуахъхъ кæныс!

Лæппутæ хæрдмæ фæкастысты, æмæ уалæ Захи бæласы цонгыл бады, бæласы хихтæ фæрæтæй цæгъды æмæ зæхмæ хауынц. Къоста æмæ Дауыт æм дзурынц:

— Хъугърион дын цы кодта? Халонæн Хъугърионæй цы тæригъæд кæныс? Дæхи сæр дын бахæрæд.

— Банцайут, дæлæ къулбадджытæ! Абондæргъы уæм мæстæй мæлгæ кæнын, фæлæ мæ сымахмæ нæма æвдæлы. Мæнæ бæрзонд бæласы сæрæй рахизынмæ зивæг кæнын. Мæнæ сугтæ конд фæуон, стæй мæ сымахмæ хъæуы æмæ уын æз базондзынæн. Хъугърион хъæдтæ æмæ дуртæй дæр нал æфсæды. Нарыхъæуы хорз ус. Нар чысылæй зæрондмæ кæмæй æппæлынц.

Хъугърион куыддæрæй аззади:

— Уый мыл Захийы дзурын кæцæйдæр куы цæуы, уæд ын цы кодтон? Мæ цард-цæрæнбонты Нарыхъæуы зæрæдтæй нæ, фæлæ сæ сывæллæттæй дæр зул дзыхы ныхас куы никæмæй фехъуыстон.

— Захи дæн, Захи, цы мæ хоныс? Хуыцауы номардыстæн, æз дын дæ хæдзар раст мæ фындзы къоппайæ хæрдмæ сисдзынæн. Абондæргъы мыл дæхи худæгæй цы схастай? Мæн нæ фæнды, хæрзконд æмæ рæсугъд куы уыдаин?

— Мæ судзгæ мæрдтыстæн, Захи, кæд æз дæу уынгæ дæр фæкодтон. Мæнæ дыууæ лæппуйы сæхицæн цыдæртæ дзурынц, æмæ, уадз, сæхи истæмæйты худын кæной.

— Æмæ сæ мæныл цы худын кæныс? Æз Нарæн хъазæн пурти кæнæ хъазæн хъул дæн? Акæн æмæ сæ Къæбер æмæ Елбердыл худын кæн.

— Мæнæ цы раны фæдæн, Захи... Фыццаг бон дæ, мыййаг, федтон, цæуыл дыл хъуамæ худон? Урссæр зæронд ус куы дæн.

— Дæуæн дæр уый загъдæуа. Абонсарæй дæ худынæй мæ бон куы нал у. Фыр мæстæй ма зæронд бæласæй дæр рацæйхаудтон, мæ къах дæр алыг кодтон.

— Уæуу, мæнæ алæмæты æмбисæндтæ. Цытæ дзурыс, Захи, æппын Хуыцауæй дæр нæ тæрсыс? Æз дын сомытæ куы кæнын.

— Мæн дæ сомытæ ницæмæн хъæуынц. Кæнгæ дæр мын сæ ма кæн.

Хъугърион хорзау нал уыдис. Ме знаджы ныхас Захиимæ фæуæд.

— Рацæут, мæ лæппутæ, æнæ фыдбылызæй нæ хæдзармæ.

— Цæугæ кæн, Нарыхъæуы хорз ус. Абондæргъы нæзы бæлæстæ дæ разы уыцы къулбадæг лæппутæн ныццамайын кодтай. Афтæмæй кæд у, уæд æз æнæхъæн Нарыхъæу мæ фындзы къоппайæ куы сфæлдахдзынæн.

Къоста йæм дзуры:

— Хъугърионы мауал мæстджын кæн. Кæнæ æппæт Нарыхъæуы дæ фындзы къоппайæ куыд сфæлдахдзынæ? Уæдæ дæ разы дæ фындзы къоппа дæр хæдзæрттæ фæлдахынæй фæзылын, æмæ дын уый дæр Хъугърионы аххос у?

Захи дæр бæласæй æрхызти æмæ йæ сугтæ иу ранмæ ласта, рæгътæ сæ амадта. Хъугърион Къоста æмæ Дауытæн сæ куыристæ аккой кæнын кодта:

— Цæугæ кæнут, фæстæмæ дæр мауал фæкæсут.

Хъугърион сæ разæй, дыууæ лæппуйы та йæ фæстæ цæуынц. Уæд дын сæ Захи рацахста:

— Сымах та абондæргъы кæуыл худут?

Дауыт йæхи атыдта æмæ цæуынмæ фæци. Хъугърион кæсы, æмæ Захи уæртæ Къостайы куырисыл ныххæцыди.

— Æри куырис, хъæд бынтондæр куы ныццагътат. Суадз тагъд куырис!

— Уæ, бын бауай, Захи, кæд сывæллоны цы ратон-батон кæныс.

Къоста Захимæ дзуры:

— Ма кæн, Захи, суадз мæ. Дæхицæн куырис цæуылнæ бабастай? Ныр мæ куырис айсынмæ хъавыс?

Дауыт йæ куырис æрæвæрдта æмæ фæстæмæ Къостамæ бауад, ай-уый нал фæкодта, фæлæ халоны айк йæ ронæй райста æмæ йæ Захийыл фæкодта. Айк Захийæн раст йе стыр фындзы къоппайыл ауад. Къоста уæд куырис феуæгъд кодта. Захи куырисы бынæй йæ гæндзæхтæ цæгъдынмæ фæци.

— Айсут уæ куырис. Мæлын куырисы бын, æнæрай дзы куыд фæкодтат!

Къоста худæгæй мæлы:

— Куырисы бынæй ма дæ къæхтæ хорз куы тилыс. Бакодза уæйыджы кæрдзыны бын куыд фæци, афтæ мæ куырисы бын куы фæдæ. Уый дын «суадз куырис». Мæ куырис æз уымæн нæ уагътон, æмæ дæуæн тæригъд кодтон.

— Айс æй, айс, дæ рын бахæрон.

Къоста йæ куырис райста. Захи цæуынмæ фæци, фæстæмæ дæр нал фæкасти.

Хъугърион дæр та куыннæ раппæлыдаид Уæллаг Нарыхъæуæн æмæ Дæллаг Нарыхъæуæн дæр. Нарыхъæу ма Бериты æддæмæ ракæсын дæр кæм уагътой:

— Уæ лæгтæ нæ сывæллæтты куыристы бынæй амонды ирвæзт фæкодтой. Куывд скæнут, Беритæ, куывд. Хъуамæ нæ дыууæ хъæуæй дæр ахонат, гал нын аргæвдат, æмæ уæд иннæ хатт фыдбылызæй иртæст уыдзыстут.

XXVI

Уыцы зымæг мит æнæбыны уардæй уарыд. Алы бон дæр фæдис фæдисы æййæфта. Кæс, æмæ та дæлæ кæйдæр зæй фæласта. Нарыхъæуы сæрмæ бæрзонд къуыбырæй-иу фæдисоны æрдиаг райхъуысти:

— Фæдис, Нарыхъæу! Уæлæ Масты комы зæй æрцыд æмæ Елызбарты æмæ Гаджиты йæ быны фæкодта! Уæ, дæдæй! Уæ, дæдæй!

Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ раст марды хуызæн фесты. Фæсивæд се сгарæнтæ, сæ къахæнтæ рахастой æмæ фæдисы фæцыдысты. Елызбарты æмæ Гаджиты зæй тынг бахъыгдардта, фосæй, адæмæй фæбынæй сты. Кæйдæрты ма дзы фервæзын кодтой, фæлæ сæ фылдæрæн ницуал мадзал æмæ фæрæз æрцыди. Цыдысты æмæ цыдысты Нарыхъæуы фæсивæд, Елызбартæй æмæ Гаджитæй зæйы бын чи баззади, уыдонмæ, фæлæ, йæ бындар фæуæд, рæстæг иугæр фыдырдæм куы фæуа, уæд йæ бон бирæ у. Цалдæр боны мит йæ тыхджын уардæй нал æмæ нал æнцади.

Къостайæн Елызбарты Хазби хорз æрдхорд уыди, бирæ дæр уарзтой кæрæдзийы. Хазби, мæгуырæг, зæйы бын фæци. Къостайæн дæр æмæ иннæ лæппутæн дæр зын куыннæ уыдаид. Хазби скъоламæ куы нал цыди, уæд-иу Къоста ныуулæфыд æмæ та-иу Къæберы фыртмæ бакасти:

— Уæуу, мæнæ диссаг, уæдæ Хазби цы фæци? Хæрз æрæджы дæр ма махимæ куы ахуыр кодта, уæд йæ бынат мæнæ афтидæй куыд аззад.

Нар-иу агурæг ацыдысты æмæ та-иу иннæты мæрдтæ скъахтой. Хазбийыл нал хæст кодтой. Уæд иу бон Къоста йе ’мбæлтты æрæмбырд кодта:

— Цæуæм уæлæ Масты коммæ æмæ кæд Хазбийы ссариккам. Æгæр тæригъæд у миты бын. Мæнæ диссаг, иннæты куы ссардтой, уæд Хазбийы куыннæ арынц?

Скъоладзаутæ æмдзыхæй сдзырдтой:

— Цæуæм æмæ йыл мах уæддæр кæд сæмбæликкам. Æцæг сусæгæй ацæуын хъæуы, лæгтæ æмæ устытæ нæ куыннæ базоной. Иугæр нæ куы базоной, уæд нæ фæстæмæ раздахдзысты, зæй уæ фæласдзæн, зæгъгæ.

Масты коммæ æххæст нæма бахæццæ сты, афтæ сыл раст Цъахты ададжы зæй рацыди æмæ сæ фæбынæй кодта. Сæ комкоммæ цардысты Дзапартæ цалдæр хæдзарæй, æмæ сæ ауыдтой. Дзапартæ ныхъхъæр кодтой:

— Фæдис, Нарыхъæу, дæлæ Цъахты ададжы зæй рацыди: æмæ уæ хæрз бын бакодта!

— Æллæх, мæнæ бæллæх! — Нарыхъæу æрдиаггæнгæ фæдисы уадысты Цъахты доны адагмæ. Сгарæнтæй сгæрстытæ кодтой, къахæнтæй нæма уæндыдысты. Къахæн цыргъаг у, æмæ ма дзы кæд исчи æгас у, уæд ын къахæнæй тæссаг у: кæм сæрыл дæр ауайдзæн, кæм цæсгомыл дæр. Хъугърион йæ рустæм куы фæлæбурдта, уæд йæ тæригъæдæй цъиахтæ æмæ халæттæ хæстæг æрбатæхын дæр нал уæндыдысты.

— Уæ Къоста, уый мын цы бакодтай?! Мæ хорздзинæдтæ мын уазал митæй куы бафыстай!

Фæдисæттæ дзырдтой:

— Хуыцауы хатыр бакæнут, устытæ, æмæ нæ агурын бауадзут. Ацæут уал хæдзæрттæм. Уæ кæуын æмæ æрдиаг нал æнцайы æмæ уый хорз нæу.

Фыццаг уал Хуырымты лæппуйыл сæмбæлдысты фæдисæттæ. Фæйнæрдыгæй сдзырдтой:

— Сæрæгас сты, фæлæ сæ хæсгæ кæнут раст Алыксийы артмæ.

Уыцы ран сын хъæбæрхор къæйгонд кодтой æмæ сын æй сæ цæсгæмттыл æвæрдтой. Ме знагæн йæ цæсгом сау хъулон суæд, уæлдайдæр суинаг лæппуйæн. Миты æфхæрдæн та хъæбæрхоры къæйгонд у йæ хос.

Уалынмæ Къостайы æмæ иннæты дæр ссардтой Къостайы. Къæбер йе ’ккойы скодта æмæ йæ æрхæссы.

— Кæдæм дæ бахæссон, Къоста?

Къоста хъæрзы æмæ кæуы:

— Хъугърионмæ цæуын, æмæ мæ уырдæм хæсгæ. Дауыт та цы фæци?

— Банцай, мауал тæрс ныр. Ды цы фæдæ, уый дæр æндæр цы фæцадаид?

Къоста хъæрзы, уынæргъы:

— Уæ, мæлын, Хъугърион, ныцъцъæлтæ дæн. Уæууай, мæлгæ кæнын, мæ астæу бынтондæр ныппырх. Уæдæ мæ цæнгтæ дæр бацъæлтæ сты, мæ фæрстæ та иууылдæр ныппырх сты.

Къостайы Хъугърионмæ бахастой æмæ йе ’муд æрцыд. Иугæр ардæм куы æрбахæццæ, уæд æй зонгæ кодта, Хъугърион æй мæлын кæй нæ бауадздзæн, æмæ йæ мидбылты бахудт. Афарста йæ:

— Дада мæ нæ фæнæмдзæн, зæй мæ кæй фæласта, уый тыххæй?

— Нæ, мæ къона, нæ дæ фæнæмдзæн. Ма тæрс, Дада дæу нæмы? Æгайтма сæрæгасæй баззадыстут. Ныр уын цы хъæуы, уый мæ бар фæуæд. Хъугърион бирæ схæцæнты схæцыд, Хъугърион бирæ цыдæртæ зоны. Æз ацы хæрзконд фæсивæдæн сæ рæсугъд буар хъулон кæнын нæ бауадздзынæн.

Къостайæн дæр æмæ иннæтæн дæр сæ цæсгом хъулон кæнын нæ бауагъта. Лæппутæ куы фервæзтысты, уæд Хъугърион Нары ныхасмæ йæ фæндон бахаста:

— Куывд скæнут, Нарыхъæу, стыр фыдбылызæй кæй фервæзтыстут.

Нары хистæр Хъæвдын загъта:

— Ахæм амондджын ирвæзт æнцон нæу. Хъугърионæн йæ зонд бирæ ахады. Æгас Нарыхъæуæн дæр мады рæвдыд кæны, æмæ йæ хъуамæ Нар буц дарой, буц. Йæ амæлæты бон ын Нар хъуамæ хорз кад скæной, цалынмæ цæра, уæдмæ йын йæ зæрдæхудт ма исæм. Уæллæй, Нартæн куыд æххуыс кодта Сатана, Нарыхъæуæн та Хъугърион афтæ æххуыс кæны.

Нар æртæ комы цардысты æмæ æртæ галæй куывд скодтой. Се скъоладзауты цæрæнбоны тыххæй фæндзгай нуазæнтæй рæгъытæ уагътой.

— Мæнæ ныл цы хорздзинад æрцыди: нæ байрæзинаг сабиты тæригъæдмæ кæй нæ бакастыстæм.

Куывды кæнæ чындзæхсæвы кæддæриддæр дзагдар уыди Балаты Иуане. Диссаджы дзагдар: уæле исгæ, бынæй ахадгæ уыди йæ къух.

Нар сæ куывд тынг аивæй ахицæн кодтой, уæ кафтæй зæгъай, уæ зардæй, уæ симдæй.

Зæйæ йæ зæрдæ кæмæн нæ фæрысти, зæй йæ бинонтæй кæмæн нæ аласта, хæхбæсты цæрæг адæмтæй ахæм нæ уыд.

***

Уæдæ Джинатгом дæр хуыздæр нæ уыди. Иу зымæг хъæу æнæхъæнæй фесæфта, Зузухаты хъæу.

Зузухатæ раст Ногбоны чындзæхсæв кодтой. Мит æнæбыны уардæй уарыд. Хонæг алырдæмты фервыстой, фæлæ тыхджын уарын кæй æрæййæфта, уымæ гæсгæ йæ ныфс ничи бахаста. Зузухатæн сæ чындзæхсæв сæхицæн баззад. Номы чындзæхсæв дæр скодтой, сæ зарын æмæ сæ фæндыры цагъдæй кæмттæ нæрыдысты. Ацу æмæ Зузухатæн сæ зæрдæйы кæрон дæр уæд кæцæй хъуамæ æрлæууыдаид, сæ фæстаджы цин ма кæй кæнынц.

Уал æмæ уал коммæ фондз боны размæ хонджытæ фервыстой.

Уæ, мæнæ сау диссæгтæ æмæ сау æмбисæндтæ — Зузухатыл æвиппайды æмбисонд кæй æмбæлдзæн. Чичиты сæфтæй кæй сæфдзысты. Сау халæттæ сæ сæрмæ мамазила кодтой æнæхъæн дыууæ азæй фылдæр. Сæ хъуахъхъ-хъуахъхъæй Цъыппы уынгæг кæмттæ сæхи ныттар кодтой. Сæ зæронд устытæ-иу сау додой ныккодтой:

— Дæ-дæ-дæй, ацы сау халæттæ нæ хицæутты мæсыджы фисынтыл Хуыцауы дзæгъæлы нæ бабадынц. Уырдыгæй еууау-уæууау додой куы фæкæнынц, уæд рыст зæрдæ йæхи къултæ æмæ къæдзæхтыл фæхойы.

Камахмæ-иу сæ хъаст Теккомæ бахастой:

— Уæ Текко, дæ хорзæхæй, зæгъ-ма — зондджын лæг дæ, дардыл дæ кой айхъуысти...

Хуыцау йæ зонæг, цы сын-иу загътаид. Уыд раджы, раст мæ фыды фыдæн йæ фыды фыды заманты. Уал æмæ уал азы фæкæуæд фыдгул, фæниуæд хъæддаг цъæх бирæгъ.

Æнæнцойы карз зымæг бæрзонд хæхтимæ æмæ уынгæг кæмттимæ рагæй уыд дзырдгонд: «Фесафæм нæргæ æмæ сабыр æнæхъыгдард мыггаг Зузухаты, раст сын бахъавæм сæ Ног азмæ».

Нал фæсайдтой бæрзонд хæхтæ æмæ уынгæг талынг кæмттæ сæ ныхас, уазал карз зымæгимæ рагæй-æрæгмæ лымæн уыдысты, уазал урс-урсид митимæ.

Тæригъæддаг сæфтæй æмсæфт фæкодтой нард æмæ дзаг фынгыл бадгæйæ Зузухатæ. Галы сæр æмæ бæрзæй сæ хистæрты раз, физонæг уæхстытыл конд æмæ цæттæйæ. Сæ ног чындз йæ аив рæсугъд дари къабаты уыцы аивæй бæргæ лæууыд, йæ алыварс кодтой чепена.

Мит æнæбыны уардæй уары, кæмттæ айдзаг сты, уæдæ фæтæнтæ дæр афтæ.

— Уадз æмæ уара. Кæдмæ хъуамæ фæуара? Фыдлæг æмæ, дам, фыдбон бирæ нæ хæссынц. Уый æдде, мах мæнæ мидæгæй нæ дзаг фынгты уæлхъус куы бадæм, цы нын йæ бон бауыдзæн? Нæ зымæгæн нæ цы хъæуы — алцæмæй стæм афæдзæй уæд афæдзмæ фаг уæлдайджынтæй. Æфцæгмæ æввахс дæр уымæн æрбынат кодтам — уа нæм алцыдæр фаг. Ныр уал арвитæм нæ Ног аз хъæлдзæг æмæ хъæздыгæй. Уалынмæ та нæм Комахсæн дæр дард нал у — авд кæнæ фараст къуырийы куыд агæпп кæндзысты бонтæ æмæ къуыритæй, уый та уæд зонгæ дæр нæ бакæндзыстæм. Нæ фидар æмæ домбай кæстæртæ нын адзалы бонмæ фæцæрæд домбай æмæ ныфсджынæй. Митзæйтæй дæр ма уæд тас æппындæр. Ацы ран рындзыл кæдæй æрæнцадыстæм, никæд ма æрцыд зæй нæ хъæумæ хæстæг æмæ æмгæрон. Уартæ уæ акомкоммæ Камахыл акæны йæ фæндаг, махмæ æгæр-мæгуыр йæ тымыгъ дæр нæ хæццæ кæны.

Раст фæсахсæвæрты зæй уыцы иу цыд ракодта. Æгас хъæуы йæ быны акодта æмæ сæ уисойæ сæрфæгау расæрфта комы сæрæй комы бынмæ, майдыма, фæуадза ма дзы иу хæдзар уæд та иу скъæт. Сæ бæрзонд мæсыг ма аззади хохæн йæ бæрзонддæр рæбыны.

Бирæ æнустæм фæлæууыд Зузухатæн сæ мæсыг уыцы æнцад-æнцойæ уымæй сæ зыдтой иу фæлтæрæй аннæ фæлтæрмæ.

— Уæ, дзæнæты фæбадат, ацы мæсыг хохы сæрыл зыбыты иунæгæй куыд баззад. Цавæр фидар уыдтæ, æппын дæу бындурон арæзт чи кодта, уыдон цы фесты? Уæдæ ма ацы ран уæд хохы сæрыл кæй хъахъхъæныс? Сау халæттæн фысымæн бæргæ хорз дæ, фæлæ цыма раст дæ сарæзт, дæ самадыл кæныс фæсмон, уыйау хохы хæд цъуппыл баззадтæ дзыназгæ, æнустæ æмæ афæдзтæ нымайыс... Нал ис сæ кой, сæ хъæр дæр, дæу æндон æмæ фидарæн чи сарæзта, уыцы домбай æмæ нæргæ мыггагæн, æрдз сæ фæкодта æнæмыггаг. Ноджы ма йæ фарс у уазал æмæ тымыгъæмхæццæ æнусон залты мит æмæ æнусон цъити.

XXVII

Ныхасы-иу арт дæр уыди, æмæ-иу минас кодтой, куыд сæ фæндыд, афтæ. Хъисфæндыр дæр дзы уыд æмæ фæндырæй цагътой, чи дзы зыдта, уыдон. Басыл тынг дæсны уыд ирон будзукъа фæндырæй[20] дæр æмæ хъисфæндырæй дæр. Сæ кусинæгтæ дæр-иу æрхастой. Чи цыргъ кодта йæ джидæ, чи йæ кард, чи арæзта къæлæттæ йæ хъомæн, чи та — сывæллæттæн хъазæн дзоныгътæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.