Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 12 страница



Дауыт йæ мады тыхст æмæ къуындæг æмбары. Къæберы ус хæринаг скæны, «ахæрут» куы фæзæгъы, уæд дыууæ лæппуйы ныккæуынц:

— Уæдæ ныр куыд бахæрæм? Кæд афонмæ Къæберы искуы сырдтæ бахордтой! Кæнæ кæд бæрзонд айнæджы сæрæй рахауд æмæ комы мардæй дæлгоммæ кæнæ уæлгоммæ хаудæй баззад, уæддæр цы бæрæг ис?

— Ма кæут. Кæд амард æмæ дзæгъæлы сæфтæй фесæфт, уæддæр ын кæй аххос у? Цы мын æй нæ уадзы, цы цух у, Къоста, дæ фыды æфсымæр? Цы йыл дæхи кæуынæй марыс? Къæбер куы амæла, уæддæр ма дын ис фыды æфсымæртæ.

Къостайæн уый зæгъай — йæхи дæлгоммæ аппæрста æмæ зæххыл йæхи хойы.

— Къæберæй афтæ цæмæн загътай? Мæн Къæбер бирæ кæй уарзы, уый нæ зоныс?

— Дæ фæхъхъау фæуон, нæ хицæутты сидзæр лæппу, мæн ныхасæй йын мацæмæй тæрс. Мæн фæндиагæй абон дæр æрбахæццæ уаид. Мæ хæдзар мын хæдзархæлдæй куы ныууагъта, йæ дæлдæр-уæлдæрты йын уæд цæмæй хъомыл кæндзынæн? Уæ бæрзонд хæхтæ æмæ кæмттæ йыл æмдзырд бакæной. Къæбер ма удæгас куы уаид, уæд ын тæккæ хос кæрдын афон æниу йæ къæхтæ бæтгæ куы бакæниккой, уæд дæр искуы фæлæууид. Уæ, куы нæ дæ уагътон, мæ хæдзардарæг, уæд цæмæн афардæг дæ? Фыццаг кæркуасæнты куы фестадтæ, уæд ма дын ныр æз цы акæнон?

Фондз бонмæ Къæберæй хабар нæ уыд.

Æхсæзæм бон Дыгуры цуанæттæ Нармæ фæхабар кодтой, хохы сæрæй йæ дзæбидыр кæй раппæрста, цуанæттæ йыл кæй бамбæлдысты æмæ йæ иу хъæдгомбæттæг лæгмæ кæй бахæццæ кодтой. Иу ныхасæй, мæлæтæй кæй фервæзти.

Нар сæ ныхасмæ æрæмбырд сты.

— Хос кæрдын афон фæцæуы, æмæ Къæберы уыгæрдæнтæн нырма сæ æмбис дæр карст нæма фæци. Нарæй алкæмæн йæ хосгæрст фæуын хъæуы. Æххуыс дæр бæргæ кæнынц, фæлæ æнцон нæу, уæлдайдæр уæртæ Джинатгоммæ фæцæуын хосгæрдæнты. Зиуы хабарыл баныхас кæнæм. Уæртæ сын фæсæфцæджы хорз хæрæфырттæ ис. Къæберæн йæ фыды хойы лæппутæ авд æфсымæрæй иу-дыууæ боны хос куы æркæрдой, уæд йæ уыгæрдæнтæ карст фæуыдзысты æмæ сæ мах æмхуызонæй та ссивгæ бакæндзыстæм, мæкъуылтæ самайдзыстæм.

— Ацæут, райсомраст кæркуасæнты Джинатмæ куыд бахæццæ уат, афтæ. Æрмæст хохы сæрмæ куыд хæццæ кæнат, афтæ Зикъарайы бæрзонд æфцæгыл сæрдæй уæд, фæззæгæй — кæддæриддæр вæййы цъитийы скъуыды ныххауынæй тæссаг, æмæ-иу цъитийы скъуыдтæм хæстæг ма цæут. Куыддæр хæстæг бацæуат, афтæ уын уæ мæрдтæ дæр нал ссардзыстæм.

— Уыцы хабар мах хорз зонæм, цъитийы скъуыдтæм хæстæг нæ бацæудзыстæм. Мах ма дзы фарон Хъугърионимæ дæр уыдыстæм æмæ-иу цъитийы скъуыдмæ бынмæ куы ныккастыстæм, уæд-иу нæ сæртæ разылдысты.

Къоста æмæ Дауыт фыццаг кæркуасæнты фестадысты æмæ цæуынмæ фесты. Фæндагыл сæхицæн ныхæстæгæнгæ цыдысты.

— Уæдæ ныр Къæбер, мыййаг, куы амæла, уæд хæдзар махæн даринаг фæуыдзæн.

— Ницы кæны. Хæдзар сæрд зын дарæн у. Нæхицæн цæвджытæ уыдзæн, уыгæрдæнтæ сегас дæр æркæрддзыстæм. Мæкъуылтæ дæр самайдзыстæм.

— Уæдæ мæхъитæ[18] бийын дæр куы зонæм. Гыццыл мæхъитæ хорз куы сбийæм, уæд ма нын стыр мæхъитæ афтæ зын сбийæн уыдзысты?

— Мах хæдзарæн уыдзыстæм хорз æххуыс. Æрмæст, раст зæгъын хъæуы, зымæг хæдзар у бирæ зындæр дарæн. Фæлæ та Къæберæн ницы уыдзæн, йæ зæнг уайтагъд куы нæ байгас уа, уæддæр ын байгас уыдзæн. Уæдмæ мах дæр кæд фæсæрæндæр уаиккам. Къæбер афтæ куы фæзæгъы: «Ныр хосдзау лæгтæ кæй стут, уый зонгæ кæнут». Къæбер куыд фæзæгъы, уый мах хъуамæ стыр лæгтæн дæр радзурæм.

Дыккаг кæркуасæнты Джинатмæ бахæццæ сты. Хæрæфырттæ хабар куы бамбæрстой, уæд загътой:

— Æртæ боны фæстæ Нары уыдзыстæм авдæй дæр. Ау, нæ мады ’рвадæлты нæ сæр бахъуыд æмæ сæ хъуамæ нæхи аласæм, уый мах нæ сæрмæ дæр нæ бахæсдзыстæм. Уæ зæрдæ, зæгъ, ма æхсайæд, мах уын уæ уыгæрдæнтæн сæ фæнык акалдзыстæм. Æмбисондæн куы баззадысты Хуыбегаты авд æфсымæры.

Къоста æмæ Дауыт тынг зæрдæвæрдæй рафардæг сты. Фæндагыл ма сыл куыннæ æмбæлд цæуджытæ. Усæй, лæгæй алчидæр уаргъимæ цæуы. Устытæй кæмæ дзидзидай сывæллон, фæйнæгыл кæнæ æккойæ хæссын куыд зын уыдаид. Уымæй дæр ма-иу хæринагæй дæр мæнæ-мæнæ рæвдз кæм уыдаиккой. Уæлдайдæр-иу зымæгон уыцы митфæлдзæгъдæнгæнгæ куы раккой кодтой уартæ Гузареты хъæутæй, кæнæ уымæй дарддæр цы хæххон мæгуыр хъæутæ уыдис, уырдыгæй. Кæм хоры фæдыл, кæм та алчи йæ мæгуырдзинады фæдыл: «Кæд мын мæ хионтæй исчи истæмæй уæддæр батæригъæд кæнид, æмæ мæ байрæзинаг сабитæ æвæгæсæг æмæ зæфцы фыдæй нæ фесæфиккой». Кæм сыл мит дæр уарыдаид, кæм сæ тыхдымгæ дæр куыннæ тыхсын кодтаид. Кæнæ-иу мигъ дæр æнгом æмæ тарæй ныббадтаид. Кæмæ фæйнæгыл бастæй иу дзидзидай сывæллон, кæмæ та дыууæ дзидзидай сывæллоны; кæмæн кæуынц, кæмæн та фынæй кæнынц.

Иу ран æфцæгыл æрбадтысты æмæ сæ Къоста фæрсы:

— Уæ дзидзидай сывæллæтты кæдæм хæссут?

— Кæдæм фыддæр нæ сæртæ куы фæуиккой. Кæмæн йæ цæгат дæлæ Цæгат Иры быдыры хъæуы, чи та цæуы Цæгат Иры быдырмæ хор кусынмæ. Нæ бон нал у Зикъарайы æнкъард æмæ бæрзонд хохыл æд уæргътæй цæуын, хæрз фæллад бакодтам. Сæ цард бирæ уæд дæлæ Нарыхъæуæн. Нармæ куы ахæццæ вæййæм, уæд нын æдзухдæр хъарм фысым вæййынц. Уæдæ нæ Зæрæмæг та сæ удхæссæг уынынц, нæ зонын, цы сын кæнæм. Зæрæмæгæй кæнæ уырдыгæй дæлдæр цы хъæутæ ис, уыдонæй мах æгæр-мæгуыр дон дæр бануазынмæ никæд ма ракуырдтам. Кæнæ сæ зымæгон никæд никæй хæдзармæ бауадыстæм, мæнæ нæ къухтæ уæ артмæ атавæм, зæгъгæ.

Къоста сын сæ ныхæстæм тынг зæрдиагæй байхъуыста: тæнзæрдæ æмæ тæригъæдгæнаг уыди.

XXIV

Къостаимæ Нары скъолайы ахуыр кодтой Хетæгкаты Къæберы фырт Дауыт, Хетæгкаты Иналы фырт Бато, Дзанайты Мена, Дзанайты Хъæвдын, Джиоты Дауыт, Мамиаты Малцæг, Мамиаты Копа, Беслехъоты Хазби, Хъесаты Салам, Балаты Уардан, Балаты Дагъистан, Туаты Барсæг, Хуырымты Убæз, Гаджиты Донахъ.

Скъола арæзт уыд Уæллаг Нары, иу бæрзонд къуыбыры сæр, зæй æрцæуынæй тас кæм нæ уыди, ахæм ран, хуссарварс. Зымæг æм хур касти комкоммæ. Йæ барæвдзыл Нар бирæ катай фæкодтой, фæлæ уæддæр сæ бон бацис йæ саразын. Сæ тæрхон-иу ныхасмæ рахастой.

— Дард рæттæм — уæртæ Калакмæ кæнæ Туркмæ, кæнæ æндæр ранмæ — нæ сывæллæтты æрвитын нæ бон нæу. Иу дзырдæй, нæ тыхтæ æрæвæрæм æмæ саразæм скъола. Хъæдæй не стыхсдзыстæм, хъæдæрмæг фаг ис нæхимæ. Уæдæ къæдзæхдур дæр фехалдзыстæм, къæдзæхдурæй дæр хъуаг нæ баййафдзыстæм. Нæзы цырагъæй дæр не стыхсдзыстæм, Нары алыварс хъæд иууылдæр нæзы бæлас у. Æрмæст нæ зын у фæйнæг самал кæнын.

Бирæ фæкатай кодтой, фæлæ ницы фæрæз уыди фæйнæгæн. Уæд Нарыхъæуы хистæр Хъæвдын загъта:

— Кæд фæйнæгæн ницы амал ис, уæддæр скъолайæн ныууадзæн нæй. Дурын тъахтинтæ сараздзынæн æз, уыцы хæс мæхимæ исын. Уæлæ Къæйæфтауæн хохмæ фæцæудзыстæм æмæ дзы стыр къæйтæ раппардзыстæм. Æрмæст скъола аразын хъæуы, æмæ иугæр хæдзар арæзт куы фæуа, уæд исты амал уыдзæн. Лæг амал æмæ фæрæзæн у, мæ кæстæртæ.

Нар сæ уынаффæ ахицæн кодтой. Æмæ æрæмбырд сты иу хуыцаубон, къæдзæх фехæлдтой раст Уæллаг Нары сæрмæ. Скъола арæзт фесты.

Куыннæ бацин кодтаиккой хъæубæстæ:

— Мæнæ не скъола цæй тагъд арæвдз!

Иугæр амад куы фæци, уæд æй æрæмбæрзтой хъæдтæй. Йæ сæр ын ныллæгъз кодтой, сыджыт ыл ныккалдтой æмæ йæ къулæгæй[19] ныххостой, къæвдайы дон дзы уырдыгмæ куыннæ тагъдаид, афтæ. Дурын тъахтинты раз дзы сæвæрдтой, фысгæ кæуыл кодтой, ахæм фынгтæ, рæсугъд сæ ныллæгъз кодтой. Уый фæстæ лакъонæй аив байсæрстой скъола. Сæрдгæ дæр æй бакодтой Нарыхъæуы устытæ æмхуызонæй. Диссаджы рæвдз дæр сын ацыди.

Зын уавæрты ахуыр кодтой сывæллæттæ. Æгæр-мæгуыр сын гæххæтт дæр нæ уыди фыссынмæ. Сæ фыдæлтæ цыдысты Къæйæфтауæн æфцæгмæ æмæ уырдыгæй хастой къæйдуртæ. Хорз сæ-иу ныссыгъдæг кодтой æмæ-иу сæ туасæй ахуынчъытæ кодтой, афтæмæй сæ-иу рæхсæнтæй кæрæдзимæ бафидар кодтой. Мелтæ хастой фæсæфцæгæй, Джинаты сæрмæ иу хохы уыди мелæфтауæн. Уырдæм цыдысты скъоладзауты мадæлтæ æмæ фыдæлтæ. Æндæр фæрæз нæ уыди. Кæцæй хъуамæ æрхастаиккой хуыздæр фæрæзтæ? Кæд дæ бон у дæ фырты сахуыр кæнын, уæд ын амал кæн.

Скъолайæн йæ тæккæ астæу уыди стыр цæджындз нæзы хъæдæй. Цæджындзыл къуырд уыдис цырагъдарæн, хъæдын цырæгътæ кæм æвæрдтаиккой, ахæм. Цæджындзæй чысыл фалдæр стыр ердо, фæздæг æнæзивæгæй хæрдмæ кæм цыдаид, ахæм.

Скъолайæн ма уыди картофы хуым дæр, дардæй чи цыдис ахуыр кæнынмæ, уыдонæн Нарыхъæуы æхсæны фæллойæ æххуыс куыд уыдаид, афтæ. Зымæгон сын сæ хæдзармæ амал нæ уыди. Иуæй бон цыбыр, иннæмæй та-иу хатгай мит лæджы æмбæрц ныууарыд, ноджы уæлзæйæ дæр тæссаг уыди. Уымæ гæсгæ, скъоламæ дардæй чи цыди, уыдонæн дзы йæхи мидæг уыди бынат. Иу ран къуымы хъæмпæй лыстæн, ирон дыууæ нымæты — иу сæ быны, иннæ сæ уæлæ. Алы хъуыддагыл дæр хъуыды кодтой Нары хъæубæстæ, скъоладзаутæ куыд нæ тыхсой, амал æмæ фæрæз куыд амыдта, афтæ.

Скъола куы срæвдз, уæд Балаты Косер йæ мойæн загъта:

— Нæ лæг, Нар, мæ хур, се скъола срæвдз кодтой, æмæ сын гал балæвар кæн, æмæ куывд скæной.

— Уæллæй, не ’фсин, хорз лæвар кæныс.

Иугæр куывды хабар куы айхъуысти, уæд æртæ комы дæр æрæмбырд сты Поты фæзмæ. Особайы æгъдаумæ гæсгæ скъолайæн куывд цалынмæ скæной, уæдмæ иунæг скъоладзау дæр хъуамæ ахуыр кæнынмæ ма бацыдаид. Нар сæ куывд тынг рæсугъдæй ахицæн кодтой.

Скъолайы ахуыргæнæг уыд Балаты Хакъо. Зымæг-иу куы æрбалæууыд, уæд-иу Хакъо йæ ныхас Нары хистæртæм бахаста:

— Зымæг хæстæг кæнын байдыдта, Нарыхъæу. Суг амал хъæуы, нæзы цырагъ хъæуы.

Нар-иу сæ ныхасмæ сæ кæрæдзимæ фæдзырдтой:

— Хакъойы хъуагдзинæдтæ æххæст кæнын хъæуы.

Уæллаг Нары иу хъæд хуыдтой Дзуары хъæд, хæстæг бацæуын дæр æм никæй уагътой. Æрхъуын ыл-иу сæвæрдтой, бацæуын æм куыд ничи уæнда. Æрмæст-иу сæ кæдæм бахъуыди, уырдæм сын рæвдзæй куыд лæууыдаид, афтæ.

Нар-иу æрæмбырд сты уæд сæ ныхасмæ, Хакъойæн йе скъоладзаутæ цæмæй хъуаг уыдысты, фыццагдæр уый сæххæст кæнынмæ. Нары зæронд лæгтæ-иу се ’рхъуын систой хъæдæй. Хистæртæ-иу сæ кæстæрты бар бакодтой уыцы хъуыддаг, æмæ-иу уæд райдыдтой сугтæ кæнын. Æрбаластой-иу сæ, сугтæ-иу ныссастой æмæ-иу сæ гонварсы рæсугъд самадтой. Уыцы гонварсгонды уыдис картæфтæн дæр бынат, уæрмытæ, цырæгътæн дæр бынат. Суанг ма дзы уыдис зымæгмæ фæсал дæр къалатиты æвæрд.

Нарыхъæуы доны былтæ-иу зымæгон дæвдæг ихæй лæууыдысты, æмæ-иу скъоладзаутæ куы æрбацæйцыдысты, уæд-иу бирæ хæттыты их сæ къæхты бын ныттыдта, æмæ-иу сывæллæттæн сæ къæхтæ уыдысты бынтон лæхъир. Кæуыл дзы ирон дзабыртæ уыд, кæуыл та æрчъитæ хиконд къуымбил цъындатимæ. Се ’рбацыдмæ-иу скъолайы артдзæсты арт гуыр-гуырæй сыгъди. Балаты Алыкси артæндзарæг уыд. Къодæхты арт-иу дардмæ былтæ цавта.

Дардæй чи æрбацыди, уыдонмæ-иу касти Хакъо, æмæ-иу сæ къæхтæ кæд хусæй æрбахастой, уæд хорз, кæд-иу сæ хуылыдзæй æрбахастой, уæд-иу сын загъта:

— Марадзут æмæ уæ къахы дзаума куыд аиват фæсалæй, æндæрæй.

Сæ фæсмын цъындатæ-иу алæмæрстой æмæ-иу сæ уайтагъд артмæ ахус кодтой, сæ хуылыдз фæсалтæ-иу аппæрстой æмæ-иу хус фæсал бакодтой сæ къæхты бын. Ахæм амæлттæ кодтой.

Иугæр-иу бон цыбыркæнынырдæм куы ауырдыг, уæд-иу цырагъ ссыгътой. Нæзы цырæгътæ æвæрдтой скъоладзаутæ сæхæдæг радæй. Кæй рад уыди, уый-иу касти, æмæ-иу цырагъ куы фæци, уæд-иу æндæр авæрдта. Къæйдуртыл фыстой мелæй.

Мæгуырау ахуыргæнæг нæ уыд Хакъо, сывæллæттæн æдзух дзырдта:

— Ахуыр кæнут, мæ хуртæ, уæ мадæлтæ æмæ фыдæлтæ Хакъойæ хъаст куыд нæ кæной, афтæ.

Хорз сахуыр кодта скъоладзауты Хакъо. Дæсны лæг уыди. Суанг артдзæсты кæрæтты дæр стыр дуртæ сæвæрын кодта, цæмæй артдзæсты зынгтæ пырх ма кæной. Артдзæстæн йæ сæрмæ — ердо, фæздæг дзы уыцы æнæзивæгæй уади хæрдмæ. Скъоладзаутæн даргъ тъахтин æвæрд кæрæй-кæронмæ æмæ се ’ппæтæн дæр фаг уыди.

Хæринаг та сын-иу Хакъо скæнын кодта Хъугърионæн.

Митæй-иу азмæлæнтæ æмæ фезмæлæнтæ куы нал уыди, уæд-иу дардæй чи æрбацыд, уыдон-иу къуыригæйттæ сæ хæдзæрттæм нал афтыдысты. Хъугърион сын-иу дзуллагæй æнхъизæнджын лауаситæ скодта. Картæфтæ сын-иу кæнæ сурфых скодта, кæнæ та хъæрмхуыпп хохаг гага хъæдуримæ. Иу дзырдæй, Нар сæ æхсæны фæллойæ æххуыс кодтой скъоладзаутæн. Хæринаг-иу куы бахордтой сабитæ, уæд-иу сын Хъугърион загъта:

— Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ ермодзтæ хорз сахуыр кæнут. Кæннод уæ райсом Хакъо куы фæрса, æмæ уæ ермодзтæ радзурын куы нæ зонат, уæд та уæ йæ разы уæ уæрджытыл слæууын кæндзæн хъæдуры гагатыл, æмæ тæригъæд уыдзыстут.

Афтæ сæ тæрсын кодта Хъугърион, æмæ-иу скъоладзаутæ уæд æзфæхуыздæронæй ахуыр кæнынмæ февнæлдтой. Уæлдай хуыздæр ахуыр кодтой Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста, Балаты Къæберы фырт Дауыт, Джиоты Гæджийы фырт Дауыт. Ацы æртæ лæппуйы æмхуызонæй дæр ахуыр кодтой тынг хорз.

XXV

Къоста æмæ Дауыт æнæ сæ кæрæдзи никуы фæрæзтой. Дауытæн-иу йæ мад хорз хæринаг куы лæвæрдта, уæд-иу æй афарста:

— Нана, ацы хæринагæй Къостайæн дæр ис? Кæннод мæн дæр нæ хъæуы.

Иу хатт та Къæберы ус нæфæтчиаг скодта. Цæвиттон дзы хи бинонтæй дарддæр раттæн никæмæн уыди, «бынаты æхсæв» хуыдтой уыцы бæрæгбон. Дауыт та уыцы æхсæв Къостайы мондагæн Хъугърионмæ æрæхсæвиуат кодта. Райсомæй сæхимæ æрцыд. Мад йæ размæ худгæ рауади.

— Кæм та уыдтæ, Нанайы карк?

— Алæбон та мæ уымæй фæрсыс. Уæлæ Хъугърионмæ, æндæр кæм.

— Хорз уæдæ, хорз. Уæртæ дын уæлибæх дæр æмæ дзыкка дæр. Дысон дæр цæуылнæ æрцыдтæ? Бæрæгæхсæв алчи йæ хæдзары куы вæййы. Искæй хæдзары ныллæууын не ’мбæлди. Уæд мæ цыхт ахсгæ дæр нал фæкæны.

— Æз иунæгæй нæ хæрын. Мæн æнæ Къоста нæ хъæуы.

— Дæ фæхъхъау фæуон, бынаты æхсæвы хæринагæй артдзæст хицæнтæн нæ фæдæттынц. Уæд бинонтæ сæ кæрæдзийæ æфтгæ кæнынц. Алы хатт дæр ын куы раттын мæ хæринæгтæй.

— Уæдæ мæн дæр нæ хъæуы, дæхæдæг æй бахæр.

Уыйадыл Дауыт фæтæргай æмæ ацыд. Мад ма йæ фæдыл бæргæ рауади, фæлæ Дауыт фæстæмæ дæр нал фæкаст.

— Раздæх, мæ къона, раздæх. Дæ фыд дæ куы базона, уæд та дæ фæнæмдзæн. Ацу æмæ Къостайы дæр ракæн, æмæ уын æз инджын цыхтытæ дæр ратдзынæн.

Дауыт нал раздæхт. Хъугърион æмæ Къостаимæ хъæдмæ афардæг. Хъугърион сын зæрдæтæ бавæрдта:

— Æз уын мæ иунæг хъуджы цыхтæй лæппæг уæлибæхтæ скæндзынæн. Мæ хуртæ, æз нæфæтчиæгтæ нæ кæнын. Мæнæн цы уæлдай у: сымах дæр мæн стут. Сымах мын исты куы ахæриккат. Мæ уд дæр ма уын уый куы фестид, æмæ сымах стыр лæгтæ куы суиккат. Æгас Нарыхъæу дæр уæ койæ хайджын куы уаиккой.

— Хорз лæгтæ суыдзыстæм, кæсгæ кæндзынæ, — загъта Къоста. — Уæдæ Хакъо куы амæла, уæд Нары ахуыргæнæг нæ хъæуы? Мах уæдмæ сахуыр кæндзыстæм æмæ Нарыхъæуы скъолайы ахуыргæнджытæй кусын райдайдзыстæм.

— Цардæй мын бафсæдат, кæд Хакъойы хуызæн хорз лæгтæ суыдзыстут, уæд ма мæн цы хъæуы? Хакъо, мæ хур, уæртæ Турчы дæр авд азы фæахуыр кодта. Уырдыгон чызг у йæ ус дæр. Куы йæ æрхаста, уæд къахæй къухмæ сызгъæринæй æмæрттывд кодта. Хакъойы усæй рæсугъддæр Турчы сылгоймаг нæ уыд. Дыууæ Нары йæм диссаджы тыххæй фенынмæ цыдысты. Хуры чызг йæ разы цы уыдис?

— Хакъо хорз лæг куы у, уæд иунæгæй цæмæн цæры? Ус цæмæн нæ куры, кæд Туркæй йæ ус нæ комы, уæд?

— Ничи цæуы йæ зæрдæмæ, дæ фæхъхъау фæуон. Нарыхъæуы цæрæг адæмæй Хакъойæн ракурын никæй æмбæлы. Хæстæджытæ сты, æндæр Нарыхъæуы дæр бæргæ хорз чызджытæ ис.

— Уæдæ ныр махæн дæр Нарыхъæуы чызджытæ нæ уыдзæн? Мах дæр Туркмæ усгуртæ цæудзыстæм? Мах туркаг чызджытæ ницæмæн хъæуы.

— Сымахæй алкæмæн дæр Хуыцау йæ амонд хорз фæкæнæд. Туркæй цæмæн хъуамæ æрхæссæм? Уартæ Захъа кæнæ Куырттатæй рахæсдзыстут. Нарæй уæ кæй сиахс хъуамæ бакæнон? Стæг сæттын хорз нæу. Хъуамæ алы лæппу дæр зона, кæй хæрæфырт у йæ мад, йæ фыд. Хакъо дардыл хъуыды кæны, мæ хъæбултæ, æндæр ма йыл нæ хистæртæ Хуырымты Цорыхъойы чызджы дæр бæргæ фæнд кодтой. Фæлæ Хакъо анымадта æмæ йын хион кæй æййæфта, уый тыххæй йæ сæрмæ нæ бахаста Цорыхъойы чызджы ракурын.

Хъугърионы ныхæстæм Къоста æмæ Дауыт тынг зæрдиагæй хъуыстой кæддæриддæр. Никуы бафæлладаиккой рагон заманты æгъдæуттæм, уæлдайдæр та особайы заманты хабæрттæм хъусынæй. Хъугърион бирæ зыдта аргъæуттæ, æмæ сын-иу зымæгон даргъ æхсæвты аргъæуттæ кодта. Къоста афтæ бирæ уарзта аргъæуттæм хъусын, æмæ-иу йæ фыды фыд Елберды дæр баййардта:

— Дада, аргъау мын радзур, кæннод скæудзынæн, æмæ та мын «ма ку, ма ку» кæндзынæ.

— Дадайы лæппу, æз дæ хъæдмæ мемæ акæндзынæн кæнæ та дын куывдæй хай æрбахæсдзынæн.

— Мæн хай ницæмæн хъæуы, фæлтау мын аргъау ракæн. Елбердæн-иу йæ бон куы нал уыди аргъæуттæ кæнын, уæд-иу афтæ дзураг уыд:

— Уæртæ Уæллаг Нарыхъæумæ ацу, æмæ дын Къæбер ракæндзæн аргъæуттæ. Къæбер цуанон лæг у æмæ бирæтæ зоны.

— Къæбер аргъæуттыл нæ цуан кæны, уый дзæбидыртæ æмæ хъæддаг сæгътæ мары.

Елберд-иу æдзухдæр Къостайы ныхæстыл хъуыдыгæнгæ аззади:

— Нæ зонын, Къæбер, ацы сывæллоны мын Хуыцауы цæст бауарза?!. Уымæн стыр амонды сæр хъæуы.

Къæбер-иу Елбердæн афтæ:

— Ма тыхс, Елберд, дæ зæрдæмæ тас цæмæн уадзыс? Хуыцауы цæст дын æй куы нæ уарзтаид, уæд дын æй дæтгæ дæр нæ ракодтаид.

Уæд та иу бон Къоста Елберды фæрсы:

— Дада, ды цуан цæуылнæ кæныс? Къæбер æдзух цуаны куы цæуы.

— Уæ, Дадайы лæппу, Къæбер дæсазыкконæн райдыдта цуаны цæуын. Къæберы хуызæн лæг цуаны нæ ацыд æмæ нæ ахатт. Дада дын ныр зæрондæй цуаны куы цæуид, уый дæ фæнды?

— Бæргæ мæ фæнды, æз дæр-иу демæ ацæуин.

— Марадз æмæ демæ дзур...

— Уæдæ мын аргъау ракæн, æмæ уæд нал дзурдзынæн.

— Уæлæ Къæбермæ ацу æмæ дын хъаймæты хабæрттæ дæр ракæндзæн. Къæберæн йæ фыды фыд Косора хъаймæт раст йæхи цæстытæй федта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.