Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 11 страница



Хорзау нал фесты Цъесы цæрæг адæмтæ:

— Бахатыр кæн, мах сæ бæргæ нæ сардыдтам. Искæй дæр ма нæ фæнды, йæ зæнæг хорз куы уаиккой, уый. Фæлæ фæндонæй цы ис, Иуане тынг мæстджынæй ракодта Къоста æмæ Дауыты.

Уыцы бонæй фæстæмæ Къоста æмæ Дауыт сæ уæрыччыты хуссарварсмæ хизынмæ куы тардтой, уæд-иу ривæдгæнгæйæ дæр сæ разæй никæдæмуал цыдысты.

XXII

Нарыхъæумæ згъæрты фæдыл дæсны лæгтæ æрбацыд. Нары къæдзæхты рагæй фæстæмæ дæр бирæ уыди хъæугæ згъæртæ. Хур боны-иу лæппутæ лæбырдмæ хъазынмæ куы баццыдысты, уæд-иу дзы цы диссаджы згъæртæ ракалд, уыдоныл-иу сæ кæрæдзийы нæмынмæ дæр æрцыдысты.

Къоста къаннæгæй дæр хыл кæнын нæ уагъта:

— Хыл нæ хъæуы, сабыргай сæ адихтæ кæндзыстæм. Алкæй дæр фæуыдзæн йæ фагæй бирæ фылдæр.

Къостайы ныхасыл Дауыт иу кæнæ дыууæ никæд загъта.

— Къоста раст зæгъы, æмæ йæм зæрдиагонæй хъусын хъæуы.

Уардан-иу фæмæсты æмæ-иу хыл кæнынмæ фæци:

— Дæуæн та Къоста ис зæххыл, æндæр дæ хъæуы дæр æмæ фæзы дæр ничи хъæуы. Хъæды дæр Къостамæ хъус, уæдæ фæзы дæр афтæ. Уæдæ та мæнæ ацы згъæртæн дæр Къоста у сæ хицау, цыма Лæбырд уый сарæзта, кæнæ къæдзæхтæ дæр Къоста сарæзта. Уæлæ Фæскъахыры бæрзонд бæлас йæхи кæй схуыдта, уый дæр ма йын æгъгъæд нæу. Уæдæ уæлæ Æхсæны хъæды иу стыр нæзы бæлас, хъæды цыдæриддæр бæлæстæ ис, уыдонæн сегасæй дæр писиджындæр. Уыцы бæлас Къостайы тыххæй не ’рзади?

— Ницы кæны, Уардан, дæуæн дæр дзы ис цалдæр бæласы. Хылкъахæнтæ ма кæн. Дæуæн мад ис, мæнæн дæр мад ис, иннæ лæппутæн дæр мадæлтæ ис, Къостайæн та мад нæй, уадз æмæ йын бæлæстæ фылдæр уæд. Цы уæлдай у? Гыркъотæ иумæ куы фæхæссæм, алкæмæн дæр йæ къæссатæ сæ былтæй кæлгæ куы свæййынц, уæд ма Къостамæ цæмæн мæсты кæныс? Уæдæ нæ чъиутæ дæр цас фæхъæуы, уыйбæрц куы саразæм. Къоста дзы махæй фылдæр, мыййаг, куы нæ равзары. Мæнæ згъæртæ дæр раст адих кæндзыстæм, уæдæ джыгъатæ[17] дæр.

Къоста-иу уыди уарынмæ дæсныдæр, æмæ та сæ ацы хатт дæр уый райдыдта уарын. Къæдзæхæй-иу къæйты уæлæ æрттиваг дуры къæрттытæ уыди æмæ-иу сыл цинæй сæхи схастой, хæзнатæ ссардтам, зæгъгæ. Сæ рæттæ æмæ худтæ-иу уыцы æрттиваг къæйдуртæй байдзаг кодтой æмæ-иу сæхицæй æппæлгæ рацыдысты:

— Хъугърион, мæнæ цас сызгъæринтæ ссардтам уартæ раст Лæбырды.

Хъугърионæн дæр-иу цæй æнæ бацингæнгæ уыдаид: уадз æмæ сæ зæрдæтæ хъæлдзæгдæр кæной, æмæ ахуырмæ дæр уæд сæ зæрдæ тынгдæр ратдзысты.

Уалынмæ æцæгæйдæр хъуысын райдыдта, Лæбырды сызгъæрин кæй уыдзæн. Уæдæ ма Сына-къæдзæхæй дæр хъуысын байдыдта ахæм хорз хабæрттæ. Згъæрагурджытæ тæккæ сæрдыгон Нармæ æрбацыдысты Асаты Хъазыбеджимæ. Хъазыбег худы æмæ афтæ зæгъы:

— Уæлæ нæ чысыл инджинерты бафæрсын хъæуы: згъæртæ æмæ хæзнатæ уыдон хæссынц.

Хæсгæ та сæ Уæллаг Нарыхъæуы мæсыгмæ кодтой æмæ сæ уым кæритæ арæзтой. Хъазыбег йе ’мбæлтты мæсыгмæ бакодта æмæ æркæстытæ кодтой лæппуты хæзнатæм. Сæ зæрдæмæ фæцыд сæ архайд, сæ арæзт: куыд сæ æрхъуыды кодтой нырма къаннæг лæппутæ уæвгæйæ.

Лæбырдмæ бацыдысты, фæракæс-бакæс кодтой, хъæбæр хъæздыг æй рахуыдтой.

— Уæ цард бирæ, суинаг лæппутæ. Сына-къæдзæхмæ дæр немæ куыд ацæуат, афтæ.

Къоста æмæ Дауыт Сына-къæдзæхмæ цæуынмæ фесты. Уым дæр сын равдыстой, кæцы ранæй-иу хастой æрттиваг дуртæ. Зæрдырайы сæрмæ дæр сæ скодтой. Тынг сæ зæрдæмæ фæцыд сæ архайд, сæ цæрдæгдзинад. Уæлдайдæр Къоста тынг цæрдæг уыди хæлæн къæдзæхтæм цæуынмæ, уæдæ-иу кæцыфæнды кæрдгæ къæдзæхыл дæр лæсынмæ фæци. Къæдзæхтæй мæнæ рахауынмæ, абабау, фæтæрса — никæд. Дауытæн ма-иу йæ сæр разилаг уыд, тынг бæрзонд къæдзæхтæм нæ уæндыд:

— Мæ сæр зилгæ кæны, Къоста!

— Ма тæрс! Бынмæ ма кæс, фæлæ хæрдмæ кæс. Ноджы ма мæнæ къутæртыл дæр фидар хæцын хъæуы. Ау, Къæбер зæронд лæг куы у, мах та нæ тæккæ цæрдæгыл къæдзæхтæм куы нæ уæндæм, уæд нæ цы рауайдзæн, æмæ нæм цæмæ æнхъæлмæ кæсынц нæ фыдæлтæ?

Къоста æмæ Дауытæй æппæлгæ рацыдысты Хъазыбегитæ: бирæ федтой æмæ хæзнатæ кæцы ран уыдысты, уый сæхимæ фæфыстой.

Сæнт урс дзаумæттæ сыл уыди уæлæдарæсæй дæр æмæ къахыдарæсæй дæр, суанг сæ худтæ дæр митау урс-урсид дардтой. Къоста æмæ Дауыт сæм хъæбæр хæлæг бакодтой:

— Тæхудиаг æмæ махæй дæр ахæм хорз лæгтæ, бæргæ, куы рауаид.

Дыккаг бон Къоста æмæ Дауыт сæ фосы дзуг хизынмæ батардтой. Иу цасдæр сæ фæривæд кодтой. Саухъæды хорз бæрз бæлæстæ уыди, акæс, уæд сæ цъæрттæ уыцы рæсугъдæй дардмæ цæхæртæ калдтой. Къоста æмæ Дауыт сæхицæн бæрзы цъарæй худтæ сарæзтой. Ахæм рæсугъд сыл фидыдтой, æмæ изæрæй заргæ куы æрцæйцыдысты, уæд сæм Поты фæзы адæм кæсгæйæ аззадысты:

— Хуыцауы тыххæй, зæххы тыххæй, адон цавæр худтæ сты, куыд сæ сарæзтат?

— Мах згъæрагурджытæ уыдзыстæм æмæ хъуамæ урс худтæ дарæм, райсом дзы хорз дзабыртæ дæр сараздзыстæм.

Уæд Текъо афтæ зæгъы:

— Иу хатт Хъазыбеджимæ цы лæгтæ æрбацыд згъæрты фæдыл, уыдоны дзаумæттæм бахæлæг кодтой сыгъдæгæй дæр.

Хайыр æмæ Текъомæ хорз тинтычъи тын уыди, æмæ йæ ауæй кодтой. Гуыбаты Сардионмæ дукани уыди. Сардион Хетæгкатæн сиахс æййæфта æмæ сын сæ тын уæй кæнын дæр нæ уагъта:

— Æгæр æвгъау у уæ тын, чызджытæ стут æмæ уæ бахъæудзæн. Цы уæ хъæуы мæ дуканийæ, уый ахæссут, ма фефсæрмы кæнут — æз сиахс дæн, æмæ мæнæй цæмæн хъуамæ æфсæрмы кæнат.

— Нæ, Сардион, айс нын нæ тын.

Цы гæнæн ма уыд, райста сын æй хорз аргъæй.

— Цы уæ хъæуы, уый хæсгæ кæнут.

Хайыр æмæ Текъо урс дари хъуымац райстой.

— Дæллаггуыр æмæ сын уæллаггуыр бахуыйдзыстæм, уадз æмæ цин кæной, сæхицæй æппæлой, мах стыр ахуыргонд лæгтæ уыдзыстæм, зæгъгæ. Уæдæ ма сын дзы худæгтæ дæр райсæм, дзабыртæ дæр сын бахуыйдзыстæм, цардыбонтæ сын фæуæм, нæ цумайы лæдзджытæ сты: кæдæм сæ фервитæм, уырдæм уайынмæ куыд фæвæййынц уыцы æнæзивæгæй. Уд æмæ сын цæст дæр бæргæ нæ бахæлæг кæниккам. Афтæ нын цардæй фаг æфсæст дæр куы æрцæуиккой.

Хайыр æмæ Текъо уыцы цингæнгæ рацыдысты Сардионы дуканийæ, къабайæгтæ дæр ма сын балæвар кодта тæккæ Хохы дзуары бонмæ:

— Уæхицæн мæнæ замманайы тæбын къабайæгтæ дæр ахæссут мæнæй лæварæн.

— Дæ лæвар бирæ уæд, Сардион. Мах алы бон дæр фæдзурæм: сиæхстæй Сардионæй хæсджындæр никæмæй стæм. Дæ хорздзинæдтæ дын цæмæй баххæст кæндзыстæм. Уæвгæ дын нæ хоты æвзаргæдæры радтой не ’фсымæртæ: махмæ Гатъинейæ хуыздæр чызг нæ рахъомыл уыдзæн.

— Ницæмæй дзы хъаст кæнын уæ хойæ, уæдæ мæ каистæй дæр ницæмæй рахъаст кæндзынæн.

Кадгæнæг кад кæны йæхицæн, фæндаг гæрды размæ кæрдзын. Афтæ у алы адæймагæн дæр йæ цард: дæ къухтæй сой куы нæ цæуа, уæд ды дæр сой никæмæй райсдзынæ.

Къоста æмæ Дауытæн тæккæ Хохы дзуæрттæм Хайыр æмæ Текъо дзабырæй, худæй, уæлæдарæсæй урс-урсидæй ауагътой. Иугæр сын сæ хуыд куы фесты, уæд сын сæ сæ уæлæ акодтой, æмæ сыл ахæм рæсугъд фидыдтой, æмæ-иу дыууæ чызджы атутæ кодтой:

— Хуыцау, цæстдзыд сæ мачи фæкæнæд!

Хайыр æмæ Текъо хъæбæр дæсны уыдысты хуыйынмæ дæр æмæ кæрдынмæ дæр — æгас Нарыхъæуæн сæ кæрдинаг дæр æмæ хуыинаг дæр Хайыр æмæ Текъо кодтой. Канд Нар нæ, фæлæ ма сæм дæлæ Зæрæмæгæй дæр бирæтæ хастой сæ кæрдинаг æмæ хуыинаг. Бирæ цухъхъатæ æмæ куырæттæ фæхуыдтой, кæнæ-иу сæрдыгон нымæт худтæ къуыдырыл куы ныккодтой, уæд ацу æмæ кæсынæй бафсæд ахæм хорз худтæм. Суанг ма уæлæдарæн нымæттæ дæр арæзтой. Сызгъæрин къухты хицау æхсинтæ сæ хуыдтой Нар дæр æмæ иннæ хъæутæ дæр.

Уалынмæ Хохы дзуæрттæ æрбахæццæ сты. Къоста æмæ Дауыт фембаргæдæр сты, сæ къаннæг замантæй раздæр рацыдысты. Кафынмæ дæр, уæдæ зарынмæ дæр сæ разæй кæй хъуамæ ауагътаиккой. Къоста зарынмæ мæнæ дзæнгæрæгæй уæлдай нæ уыди, уæдæ кафынæй дæр афтæ: фынджы кафтæй, хъаматыл кафтæй, æхсинты кафтæй.

Хохы дзуары бон сын сæ ног дзаумæттæ скодтой Къоста æмæ Дауытæн. Елберд кæддæриддæр раздæр Уæллаг Нарыхъæумæ Къæбермæ цæуаг уыди: фæйнæ нуазæны бæгæны дæр ануазæм, уæдæ фæйнæ сыкъайы арахъхъ дæр ануазæм. Къоста æмæ Дауытæн сæ ног дзаумæттæн дæр хъуамæ акувæм. Елбердæн мæлæты æхсызгон дæр уыди:

— Æнæнизæй сæ батонат, куыд рæсугъд сыл фидауынц. Уый дын фыды хотæ — уæ, адæмы хуыздæр фæуат! — сæрæй къахмæ сæ урс-урсидæй куыд рафæлыстат.

Хайыр æмæ Текъо сæ кувинæгтæ Къоста æмæ Дауытмæ радтой. Къоста афтæ зæгъы:

— Æри, Дауыт, арахъхъы дурын мæнмæ, æмæ ды Хайырæй фæндыр райс. Мах кæстæртæ стæм æмæ хæссинæгтæ мах бар фæуæд, нæ хотæ та хъуамæ цæуой, куыд сæ фæнды, афтæмæй.

Бирæ адæмтæ цыди уæд Хохы дзуары бынмæ. Акæс, уæд зæрондæй ногмæ цæуынц усæй, лæгæй, чызгæй, лæппуйæ. Æрмæст хæрз зæронд устытæй алчи йæ хæдзары фынгтæ рæвдз кæны:

— Уадз æмæ кæстæртæ дзуары бынмæ цæуой æмæ кæсой кафтмæ дæр, симдмæ дæр, уадз æмæ симой — афæдзæй-афæдзмæ иу хатт Хохы дзуары бон вæййы, æмæ цард рæстæггай æмæ бонгай у, мæ хуртæ. Цалынмæ адæймаг йæ æрыгоны бонты мидæг уа, уæдмæ йæм кафын дæр цæуы æмæ симын дæр. Иугæр адæймаг куы базæронд уа, уæд ма йæ цæй кафты мæт уыдзæн?

Уалынмæ Уæллаг Нарыхъæумæ æрбахæццæ сты. Уæллаг Нары устытæ сæхиуыл дзуæрттæ æфтауынмæ фесты:

— Хуыцауы тыххæй, ацы диссаджы дзаумæттæ, нæ æхсин ходыгъдтæ, куыд æрхъуыды кодтат? Акæс-ма, дæ хорзæхæй, хуры фырттау куыд худынц. Уæ, æнæнизæй сæ фæдарат.

Хъугърион сæ размæ рауад æмæ сын арфæтæ кæнынмæ фæци.

— Ацæут дзуары бынмæ, уырдыгæй куы рацæуат, уæд-иу Хъугърионмæ æрбацæут уæ бæрæгбоны хаймæ.

Уалынмæ Елберд æмæ Къæбер дæр рацыдысты:

— Цæуæм мах дæр Хохы дзуары бынмæ. Уæдæ кæстæртæн зæрдиагонæй чи хъуамæ акува сæ кувинæгтæ?

Иу цасдæры фæстæ Уардан дæр сæ былæй ракасти. Къоста йæм дзуры:

— Рацу, Уардан, Хохы дзуары бынмæ.

— Æндæр мæт дæр мæ нæй, ныр та сымахæн уæ хæссинæгтæ куыннæ хæсдзынæн.

— Нæ, Уардан, мах нæ хæссинæгтæ дæумæ цæмæн хъуамæ раттæм? Нæхæдæг сæ хæсдзыстæм. Ноджыдæр ма нæм иу-дыууæ хатты фылдæр хæссинæгтæ дæр куы уаид.

— Æз сымах кæцæй аййафдзынæн — сымах хуры фырттау цæхæртæ калгæ цæуат, Уардан та уæм хæлæгæй мæлгæ цæуа? Æллæх, хæдæгай, куы мæ фæцæйрох кодта — дæлæ цы хорз инджинертæ ис къахæй къухмæ урс-урсидæй. Цæугæ кæнут æмæ фæйнæ кафты куы скæнат, уæд та уын сгуытæ æмæ лæппæг уæлибæхтæ кæй уыдзæн, уый Уарданæн йæ цæстытыл уайы.

Къоста афтæ зæгъы:

— Нæй, Уардан ацы хатт нæ рацæудзæн, фæлæ йæм дзæгъæлы дæр дзурын нæ хъæуы, уæд ноджыдæр мæстæй мардзæн. Мах цæуæм, дæуæн дæ бар дæхи фæуæд.

Иугæр скæсæны былмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ дæлæ Уардан дæр æрбаййæфта.

— Æриут уæ хæссинæгтæ, æз дæр уæм фæкæсон.

Бон ахæм райдзаст бон уыди, æмæ хур йæ рухс тынтæ кæмттæм ныддардта. Адæм уыцы арæзт æмæ сыгъдæгæй цæуынц, зæрдæ сæ бакаст, сæ фендæй рухс кодта. Фыййæуттæ сæрвæттæй къуыззитт кодтой. Уыдон дæр сæ фос дзуармæ хæстæгдæр скъæрдтой: уадз æмæ фыййæуттæ дæр фæйнæ кафты скæной, кæнæ сын хæйттæ дæр раттой. Хъæбæр хорз лæппутæ уыди фыййæуттæй дæр: сæрæн, зараг, кафаг лæппутæ. Хуссарæй-иу заргæ кодтой, цæгатварсæй та-иу сæ хъæр кæмтты араугæ цыди.

Фыййауæй, куывддонæй сæ цæуыны кой кæнынц. Кæстæртæ хистæрты бацыдмæ кусарт акодтой, фынгтæ æвæрынц, мысайнæгтæ дæр алчи дæтты. Фæсивæд дардыл кафт ацарæзтой. Куыддæр Хайыр æмæ Текъо æрбахæццæ сты, афтæ фæндырæй райдыдтой цæгъдын. Дыууæ хомæ кæсынæй зын бафсæдæн уыди, бирæ усгур лæппутæн сæ мондæгтæ цыди: «Тæхудиаг фæуæд, мæнæ ацы дыууæ чызджы кæй хай фæуыдзысты, уыдонмæ кæй сахъ лæппу сдзурдзæн бинойнаджы номæй».

Уалынмæ Къостайы ракафын кодтой: уды къæртт уыди, мæнæ уды къæртт.

— Гъæйтт! — зæгъгæ-иу куы ныхъхъæр кодта. — Æрц-тох! Æмдзæгъд, лæппутæ!

— Уæ, дæ хурæй бафсæдой дæ хотæ, дæу цинæй сæ цард, сæ бонтæ чи æрвиты. Мæнæ диссаджы дзаумæттæ, куыд рæсугъд сыл фидаугæ дæр кæнынц.

Къоста-иу хæрдмæ куы феппæрста йæхи, уæд-иу Текъо Хайырмæ бакасти:

— Ма нын фæцæстдзыд уа?

— Алæ, де ’гæр, Хуыцауы уазæг уæд, дзуарыл фæдзæхст фæуæд. Авд хохыл сæ фæндаг, мæгуырау цæстæй йæм кæцытæ ракæсой.

Хайыр æмæ Текъомæ фæйнæрдыгæй нуазæнтæ хастой:

— Уыцы къухтæ фæрнæй фæдарат.

XXIII

Уыцы сæрд Къæберы цуан хорз нæ рауад. Адайы хохмæ фæцыд æмæ бахæццæ дыууæ айнæджы æхсæнмæ. Кæсы, æмæ уæлæ иу дзæвгар æрсытæ хæрдмæ гæппытæ кæнынц, цæуылдæр цин кæнынц. Арсæн йæ æгъдау афтæ у: хуымæтæджы ницæуыл нæ бацин кæндзæн, лæгæй йæм къаддæр зонд æмæ тых нæй.

Цуанон лæг алы сырды цард æмæ хабар дæр зонгæ фæкæны, кæннод хабæрттæ куы нæ зонай, уæд цуаны цæуæн нæй.

Кæсы сусæгæй къухы аууонæй Къæбер. Арс уæлгоммæ ахауд æмæ йыл иннæ æрсытæ æрæмбырд сты, йæ мæлынмæ йын æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый бæрæг у, «лиапп-лиапп» кæнынц.

Къæберæн ахæм тас ранæй цæй æнæ ралидзгæ уыдаид: «Хорз ранмæ нæ бахаудтæн, мæ сæр ма исты амалæй куы ахæссин. Адонимæ хъыримагæй дæр не схæцдзынæ æмæ кардæй дæр. Дыууæ-æртæ арсы куы уаиккой, уæд дæр ма сын исты бакæнин, фæлæ банымайгæйæ ссæдзæй къаддæр кæй нæ уыдзысты, уый бæрæг у. Цæуон фалдæр».

Къæбер уыцы тарстæй иу бæрзонд кæрдгæ къæдзæхмæ бацыди. Уæ, мæнæ диссаг: къæдзæхыл нæй ныххæцæн, иууыл цъæх айнæг, мæнæ раст айдæнæй лæгъздæр. Хауынæй дзы уыди тынг тæссаг. Фæлæ тас лæджы кæмæй бацæуы, уымæй æндæр цыма мæлæт адæймаджы никæцæйуал æрбасурдзæн, афтæ фæхъуыды кæны. Къæбер загъта: «Æрсытæн мæ сæр хæринаг фæци, æндæр ма цы кæнон. Тæккæ куыстафон. Авд сывæллонæн мæ æфсин цы бакæндзæн? Лæппутæй нырма мæ зæрдæ афтæ фидарæй никæуыл дарын. Мæ хистæр лæппу æгæр хъаларæзт у, йæ бон никæд базондзæн, уый бæрæг у. Кæд уæддæр Къоста æмæ Дауыт фæкæсиккой мæ æфсинмæ. Бæргæ мæ нæ уагъта, мæгуырæг. Сæрд, дам, алчи йæ зымæгмæ йæхи рæвдз кæны, ды та цуаны цæмæн цæуыс? Фос дæм фаг нæй? Уæдæ цардæй цух дæр куы нæ стæм. Фæлтау дæ зымæджы кой бакæн. А, зымæг-иу ацу цуаны, фæлæ сæрд цуаны цæй фæдыл цæуыс, кæд де ’намонд не ’рцыди, уæд? Сагæй дæр, сæгуытæй дæр — алчи сæ йæ цоты кой фæкæны. Ме знаг сæныччы мад амарæд æмæ йын йæ сæныччыты æнæ мадæй сидзæрæй ныууадзын кæнæд. Фæлæ цуанон лæг у хъæддаг бирæгъ. Тæригъæд чи нæ кæны æмæ зоны, уымæй цы радоминаг дæ? Дæ сæр бирæгътæн æмæ æрсытæн хæринаг фæуæд, нæ зæронд».

Къæберæн йæ усы æлгъыст йæ тасы ран йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Мæнæ мыл мæ æфсины ныхас æмæ æлгъыст раст карды карстау куыд æрцыд, æмæ мæнæ цы ранмæ æрбадзæгъæл дæн. Мæнæ афтæ кæй фæзæгъынц: æгæргæнæг, дам, æгæр кæны».

Къæбер тыххæй раирвæзт.

Кæрдгæ къæдзæхы сæрæй иу чысыл дæлдæр æруад. Кæсы æмæ дæлæ иу ран дыууæ дзæбидыры сæрæй хæцынц, Замманайы нард дæр уыдысты. Къæберы зæрдæ сæм куыннæ бахъазыдаид. Мæнæ афтæ куыд бакæнынц: хæдзармæ, дам, уæз нæй. Хæдзар кæд бафсæддзæн?

Къæбер фосæй цух кæнæ хъуаг никæд уыд, дæсгай къобор галтæ-иу æм уыдысты. Уæдæ цыппар цæды галтæй цух никæд уыди. Уæдæ лыстæг фосæй дæр афтæ. Фæлæ хæдзаруарзон лæгæн йæ цæст у зынæфсис.

Фехста дыууæ сæрæй хæцæг нæл дзæбидыры. Иу дзы куыддæр хъыримаджы хъæр фехъуыста, афтæ айнæг къæдзæхы сæрмæ цæуынмæ фæци, йæ уад, йе згъордыл цæст дæр нал фæхæцыд. Къæбер æй куы ауыдта лидзгæ, уæд бацин кодта: «Иу дзы бæргæ фæлидзы. Аннæ фæцæф æмæ йæ бон алидзын нал у, уæззау цæф фæци. Ныртæккæ йæм сфардæг уыдзынæн æмæ йæ — табу фæуæд Æфсатийæн — асыгъдæг кæндзынæн æмæ йæ фæхæццæ кæндзынæн Нармæ. Ныхасы лæгтæн сæ зæрдæ æхсайгæ дæр кæндзæн, ацы хатт мæ уадзгæ дæр нæ кодтой. Нæ зонын, цæмæн сæ нæ фæндыд. Кæд та сæм не ’фсин искæй сминæвар кодта, ма йæ ауадзут, зæгъгæ, уæддæр цы бæрæг ис. Сылгоймаг хæйрæг у, йæ дзывыр дæлзæххыты цæуы».

Къæбер фæцæуы йæ дзæбидырмæ: агъæц, фæцæф, йæ бон ралидзын дæр нал у.

Дзæбидыры æгъдау афтæ у: цуаноны цæфæй фæмард, уæд амард æмæ нал ис. Фæлæ йыл цуаноны цæф мæлæты онг нæ ауад, уæд дзæбидыр йæ маст нал бауромы, дард фæцæуы, афтæмæй цуанонæн — хафт. Цуанон кæнæ хохæй рахауы, кæнæ дзы æваст мæлгæ дæр акæны дзæбидыры цæфæй. Цуаны цæуын зын кæй у, уымæ гæсгæ ахæм æмбисонд баззади; куырм, дам, йæхи хъыримаг æхсæг нæ кæны.

Къæберы дæр дзæбидыр ацы хатт ахæм цæф фæкодта æмæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ хохы сæрæй ахауд, йæ зæнг асасти.

— Хуыцау мæ куыд федта, мæ мæлæт хохы сæрыл куыд æрцыди.

Къæберæн йæ зæрдæ кæуын агуры.

— Уæ мæ хотæ, кæм стут, æнæ цæстыл хæцæгæй куы мæлын! Кæм дæ, Елберд?!

Зæнг уæлæмæ нал исы, туг кæлы уыцы æнæвгъауæй.

— Мæнæ дзæгъæлæй дард хохыл мæ мард куыд æрцыди!

Æртæ бонæй фылдæр рацыди. Нæй лæг. Цы йын базонæн ис, кæдæм цæуинаг уыди, уый, зæгъгæ дæр куы никæмæн кодта. Иу ранмæ кæнæ дыууæ ранмæ нæ цыдысты цуанæттæ, фæлæ-иу алы хæхтæм цæуаг уыдысты. Кæм-иу цыдысты фæсхохы бæрзонд хæхтæм æмæ кæмттæм, кæм — Лиайы бæрзонд хохмæ, кæм — Куырттаты бæрзонд хæхтæм, кæм та — Дыгуры хæхтæм дæр. Ацу æмæ йæ зонæг базонæд!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.