Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 10 страница



— Ма тыхс, Дауыт, уæдæ Къæбер æмæ Дада рацæуой? Арв нæ цæмæн хъуамæ æрцæва, цы йын кæнæм — мæнæ нæ фос хизæм.

Къоста худы, Дауытæн зæрдæтæ æвæрынмæ фæци:

— Ирæд нæ хъæудзæн æмæ нын нæхицæн хуыздæр куы кæны Къæбер. Йæхæдæг кусгæ дæр кæны, уæдæ ма нын цуаны дæр цæуы. Къæбер цуаны куы фæцæуы, уæд ын æнцон вæййы уæлæ бæрзонд хæхтыл рацу-бацу? Фæлæ уый дæр махæн хуыздæр кæны. Кæнæ сырды мæрдтæ дыгæйттæй куы æрхæццæ кæны, уæд сæ йæхæдæг, мыййаг, иунæгæй куы нæ бахæры. Æгас Нарæй сæ иумæ нæ бахæрынц? Иннæ лæппуты мах цæмæн хъуамæ фæзмæм? Уарданы æндæр мæт дæр нæй, афонмæ та искæй мæстæй мары.

Фос хизынмæ та ахæм дæсны уыдысты, æмæ сæ иунæг сæныкк дæр никæд фесæфтаид. Иннæ лæппутæ-иу фос куы хызтой, уæд-иу хъазыныл фесты, æмæ-иу сын сæ фосæй бирæгътæ цас æмæ цас ахастой, кæнæ сын-иу иннæ фыййæуттæм дæр хæццæ бацæуаг уыдысты, æмæ-иу сæ уый тыххæй фосимæ нал уагътой, фосы æрдæг фæкодтат, зæгъгæ. Майдыма, Къостайæ иу фыс дæр хæццæ ацæуа — уайтагъд-иу æй йæ уасынæй дæр бамбæрста, кæцыфæнды мæйдар æхсæв дæр ма уыдаид:

— Уый дыууæ араг фысы нысан у.

Нæл фыс кæнæ сыл фыс уыдаид, раст ма-иу цы хуызæн уыди, уый дæр загъта:

— Бауырнæд дæ, Дауыт, раст хъулон нæл фысы уасын у. Кæнæ-иу кæд сыл фыстæй уыдаид, уæддæр-иу æй йæ уасынæй базыдта:

— Уый дыууæ араг фысы уасын у.

Алы фыс дæр ын бæрæггонд уыди æмæ та-иу уæд райсомæй раджы цæуæг фæци.

— Мæ фыс уæ дзугæй уасыд дысон раст иу афон.

— Уæ, дæ хæдзар фенай, кæд дæ цæст куыд дардмæ уыны, уæд! Йæ уасынæй та йæ куыд базоныс — фыстæ иу хъæлæсæй нæ уасынц?

— Уæдæ! Фосæн фыййау хъæуы. Сæхæдæг сæхи бæргæ куы хизиккой, уæд Къостайы сæр фосы бæргæ ницæмæн хъæуид, кæнæ сымах сæр дæр — рауадз сæ æмæ хизой. Изæрæй та сæ уæтæрмæ æрбацæуиккой.

Къоста-иу йæ фысмæ дзуджы астæумæ фæдзырдта:

— Гокко, гокко, рауай!

Æмæ та-иу уæд фыс уасгæ æрбауад æмæ-иу Къостайы къухтæ сдæрынмæ фæци. Йæ фæстæ-иу рацыдаид, мæнæ уæрыкк йæ мады фæдыл куыд рацæуа, афтæ, æмæ-иу æм иннæрдыгæй иннæ фосгæстæ кæсгæйæ аззадысты.

— Уæдæ Нарыхъæуы зондджын лæгтæ хуымæтæджы æппæлынц Къостайæ? Сæ сæртæ дзы мæлæты бæрзæндты дæр уымæн хæссынц. Гуыбатæ дæр дзы æдзух æппæлгæ кæнынц. Сæ иутæ дæр афтæ зæгъынц: «Мах тыххæй фæхорз ис», иннæтæ дæр.

Къоста-иу сæ куы фехъуыста, уæд уыцы æнцад, æнæ исты сдзургæйæ рацыдаид, майдыма, мæнæ уæлдай сныхас кæна иуæй-иу къулбадæг лæппутау. Æфсæрммæ та ахæм диссаг уыди, æмæ-иу куы смæсты, уæддæр йæ маст баурæдта: ныр алы ныхасыл маст кæн, уæд уый раст дæр нæу. Кæй цы фæнды, уый дзурæд, мæнæй ма аирвæзæд уæлдай ныхас.

Иуæй-иу фыййæуттæ фосмæ дæр мæгуырау дзыхæй дзурынц, куы сæм смæсты вæййынц, уæд:

— Дзæгъæс, мæрдæхст фæуай! Кæдæм та сайыс фосы дæ фæстæ, фосы фыддæр фæуай! Сар мын дæ сæр кæндзæн, æз та дыл мæнæ мæ лæдзæгæй куы æрлæууон, уæд та мехъ-мехъæй дæ бон нал уыдзæн!

Кæнæ-иу ноджы æвзæрдæр æлгъыстытæ дæр кодтой. Уæд-иу сæм Къоста æдзухдæр сдзураг уыди:

— Цæмæн цæвут æгомыг фосы — тæригъæд не сты? Фос сты, фос, æмæ ницы зонынц, гæс сын хъæуы. Мæсты дæр сæм цæмæн кæнут, уæ ныхæстæй уын уæвгæ исты æмбарынц? Фæлтау заргæ сæ фæстæ цу æмæ дæ зæрдæ уадз æмæ истæмæй рухсдæр кæнæд. Фыййау дæ, тæрхоны, мыййаг, нæ бадыс. Уæлæмæ сыст æмæ дæ фосы фæстæ цæугæ кæн, æмæ дын знаггад дæр ма ракæной, искæмæн йæ хуыммæ дæр ма баирвæзой æмæ йæ хосмæ дæр. Кæнæ дын куы адзæгъæл уой æмæ сæ куынал ссарай, уæд дын сæ кæнæ бирæгъ бахæрдзæн, кæнæ дын дард искæдæм куы ацæуой, уæд сæ аргæ дæр нал скæндзынæ æмæ — лæгдзарм тæнæг у, мæлын кæй фæнды? Фосæн сæ хицау фыййауæн мызд уымæн дæтты, æмæ фосæн гæс хъæуы. Уæдæ æгомыг фосы нæмын дæр хъæбæр тæригъæд у. Амар æй фыр надæй, фæкъуылых æй кæн, асæтт ын йæ къæхтæ дæ мæстæй. Фосæй уæд цы домыс, цы æмбары? Изæрæй дæ фос куы ныскъæрай сæ хицаумæ, уæд дын цы зæгъдзæн, ууыл хъуыды цæмæннæ кæныс? Нæу фыййауæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон фосимæ. Фæлæ уæд сæрвæтмæ дæр цæмæн рацыдтæ? Хæсс æй, лæппу, дæ сæрмæ. Ацы ран сæрвæты тæрхоны лæгтæ, мыййаг, нæ бадынц æмæ фосы фæстæ æхситгæнгæ махау нæ рауай-бауай кæнынц. Махæн та нæ хæс у нæ фосæн хуыздæр хизæнтæ сагурын, æмæ нын уадз æмæ снард уой, æмæ нæ уæд кæд раппæликкой фосы хицæуттæ: «Хорз фыййæуттæ нын ис, сæ цард бирæ уæд!»

Фыййауæн йæ куыст æккойы куыст нæу, æрмæст у цырддзинадæй: кæс æмæ дæ фос дард макæдæм ауадз, æндæр кæд дæ сæрыл хъен лæууыс, уæддæр дæ чи хъыгдары? Хъазгæ дæр кæн, худгæ дæр кæн, уæдæ зарын дæ бон уыйбæрц дæр уæд. Æрмæст диссаг у: фыййауæн йæ фос ривæд куы фæкæнынц, уæд нæ фæзары, рагæй фæстæмæ дæр афтæ у; суанг Нартæ æмæ Борæтæй фæстæмæ дæр иу фыййау дæр никæд ныззарыд, йæ фос-иу ривæд куы кодтой, уæд, мæнæ мад йæ сывæллæттæн райхъалæй куыд фæтæрсы, афтæ.

Къоста-иу йæ фос ривæдмæ куы батардта, уæд-иу æнцад æрбадти æмæ истытæ арæзта: кæм къæлæттæ, кæм та къаннæг къæлæттæ хъомæн. Хъуамæ исты куыстытæ йæхицæн ссардтаид, кæм та быдтаид уисæйттæ æмæ-иу сæ уыцы рæсугъдæй цалдæргæйттæ изæрæй æрфардæг кодта.

— Уæ, амонды хос дын фæуа уыцы хæрзарæхст къухтæн, кæд алы куыстытыл дæ цæст куыд æххæссы, — арфæтæ-иу кодта Хъугърион. — Æнхъæлдæн æмæ та саунæмгуытæ дæр æрхастай.

Саунæмыг афонты-иу алы бон дæр йæ хызын саунæмыг æмæ мæцкъуытæй байдзаг кодта, афтæмæй-иу раздæр Уæллаг Нарыхъæуы комкоммæ слæууыд æмæ хъæр кодта:

— Уæ Хъугърион, ардæм-ма рауай, æрмæст дæ гогон демæ рахæсс.

Хъугърион-иу æй уайтагъд фембæрста:

— Царды рухс дын фæуон, Къоста, уый та мын саунæмгуытæ æрхаста.

— Уæдæ дын чи æрхæсса? Иннæ устытæн сæ цот алы бон дæр хæссынц, дæуæн та мах хъуамæ æрхæссæм. Кæд ды махæн дæ дзыхæй дæ комдзæгтæ райсыс, уæд мах дæр зонæм, кæмæн цы хъæуы. Дæлæ Пыхсийæн йæ лæппутæ æмæ йæ чызджытæ бон-изæрмæ уалæ Биасты гагадзуан куы кæнынц. Иу ран дæр ахæм нæй, æмæ уыдон сæ гогонтимæ кæдæм нæ бахæццæ уыдзысты. Æз æмæ Дауыт замманай арæхджын ссардтам, æмæ та йæ Нарыхъæуы чызджытæ æмæ лæппутæ цæмæй бамбæрстой — сæ гогонтимæ та уым балæууыдысты. Алы хатт дæр нын афтæ кæнынц — мах арæхджын ссарæм, æмæ та йæм уыдон бафардæг вæййынц æмæ цингæнгæ уайтагъд сæ гогонтæ æмæ къæртатæ айдзаг кæнынц: «Къоста æмæ Дауыты цард бирæ уæд».

— Уадз, æмæ уын арфæтæ кæной. Хорз алкæмæй дæр хорз арфæтæ исы, æвзæр та алкæмæй дæр исы æлгъыстытæ.

XXI

Нарæн æхсæны фос уыди, æмæ-иу сæ хызтой фылдæр радæй. Къоста æмæ-иу Къæберы фырт æдзухдæр сæ рад фæиу кодтой, æндæр гæнæн æмæ фæрæз нæ уыди сæ дыууæтæн дæр. Леуан уыди æмæ зæххы куыстгæнæг лæг нæ уыди. Уæдæ Елбердæн дæр дыууæ хæдзары куыст æмæ уынаффæ йæ къухы уыд: йæхи хæдзар æмæ Къæберы хæдзар, уымæн æмæ Къæбер фылдæр цуаны цæуыны кой кодта. Куы-иу уыди уартæ фæсхохы цуанæттимæ, куы та — Дыгургомы цуанæттимæ дæр. Дыгургоммæ арæх не ’фтыд, фæлæ фæсхохмæ æппынæдзухдæр цыди. Цуаны-иу куы цыди, уæд йæ бинонты Елбердыл фæдзæхста:

— Æз цæуын æмæ мæ бинонты дæу æвджид уадзын. Фæдзæхсын дæр дын æй нæ хъæуы, фæлæ уæддæр зæгъын афтæ: сæрд у, Лиайы дон æгæр арæх змæнты.

Цъититæ-иу куы тадысты, уæд-иу стыр хæйттæй уырдыгмæ хаудысты, мæнæ-иу цыма хæлæн къæдзæхтæ рафæлдæхтысты, раст уый хуызæн.

Лиайы донæн-иу цæй æнæ раивылгæ уыдаид, æмæ-иу уæд Къæберы фосдарæн уæтæртæн тынг тæссаг уыди. Фосæн дæр ма сæ бар сæхи фæуæд, фæлæ-иу тынг тæссаг уыди Къоста æмæ Дауытæн, уымæн æмæ-иу лæгтæм кастысты æмæ-иу дон кæй хъыгдардта, ахæм хæдзардарæг лæгтæ-иу доны ауæзты архайдтой. Кæм-иу дзы дуртæ æвæрдтой, кæм та-иу нæзыты хихтæ дæр ралыг кодтой:

— Агъæц, дæлæ нæ дон ласгæ куы кæны, цæй хъæды мæт ма нæ ис? Иу æхсæв нæм дон куы æрбакæла уыцы ивылдæй, уæд нæ Куыйаны дур Къуырыппы хай бакæндзæн. Зонæг дæр нæ кæй нæ базондзæн, уæдæ нæ уынæг дæр кæй нæ фæуыдзæн, уæлдайдæр æхсæвыгон куы æрбакæла, уæд. Фынæй лæг мард у, ацу æмæ йын йæ хъусы дзæнгæрæг ныццæгъд.

Къоста æмæ-иу Дауыт лæгты сагъæсмæ гæсгæ тынг цæрдæг архайдтой: уæдæ куыд хуыздæр баххуыс кæнæм нæ хистæртæн? Дон сæ æгæр тыхсын кæны, фосæн дæр тæрсынц.

Уæдæ хæдзæрттæй доны былтæм æввахсдæр æмæ хæстæгдæр кæцытæ цæрынц, уыдонæн дæр сæ бон цы уыди, уымæй-иу райсомæй раджы фестадысты æмæ та-иу доны æрбакæлæнтæм быцæутæ æвæрынмæ фесты. Кæм дур хæссын хъуыди, кæм та-иу нæзы бæлæсты хихтæ æмæ къалиутæм дæр хæстæг хъæдмæ райсомæй раджы суадысты. Пацъытæ-иу[15] акодтой æмæ-иу сæ уырдыгмæ уыцы рæвдзæй æрхæццæ кодтой.

Къæбер-иу куы рабадти, уæд-иу джихауæй аззади:

— Ничи кæсы адонмæ, куыд раджы фестынц, æхсæв сæ хуыссæг дæр нал ахсы. Хъуыды дæр сæм уыйбæрц кæцæй æмбырд кæны? Маст нырма æгæр раджы æмбарын райдыдтой. Нарыхъæуы катайæн фыццаг кæркуасæнты сусæгæй сæ хуыссæнæй куыд фæгæпп кæнынц æмæ донауæзтыл сæхи куыд ныццæвынц, уый диссаг нæу? Афтæмæй сын сæхи дæр иу ахæмы куы фæбынæй кæна, уымæй стыр тæссаг у. Нæхи мæлинаджы мæт нæ кæнын, фæлæ ацы сидзæр лæппу... Уæллæй, бæстæ тæригъæдæй байдзаг уыдзæн, куыддæр ыл исты æрцæуа, афтæ. Къоста, у-у-у, дæ фæхъхъау фæуон, сымахæн нырма доны ауæзтæн уæ бон ницы бауыдзæн, æмæ уæ иу ахæмы куы ахъил кæна, уæд уæ кой дæр нал фæзындзæн, æмæ нæ цæмæн мæрдджын кæнут? Нырма боны рухс æдæрсгæ куы нæма федтат, уæд Лиайы æрра донæн уæхи ласын кæнут? Уæ фæхъхъау фæуон, хъæдмæ дæр æгæр раджы ма цæут. Æрсбадæнæй арс куы рацæуа, уымæй дæр тæссаг у.

Къæбер сын бафæдзæхста:

— Абон уæрыччыты рад махмæ æрхауди æмæ-иу сæ хуссарварсмæ аздахут хизынмæ, цæгатварсмæ-иу сæ ма æрбаскъæрут. Дон æгæр ивылдæй цæуы æмæ уын уæхи дæр аласдзæн æмæ уæ уæрыччыты дæр. Уæ уæрыччытыл та кæй кæудзыстут, уый мæ цæстытыл уайы, хæринаг хæрын дæр та нал комдзыстут. Уæрыччыты мæт афтæ тынг нæ кæнын, фæлæ та уæхæдæг уæхи удхарæй мардзыстут. Сихормæ-иу сæ фæхизут. Сихорыл уын къæдзæхмæ куы бацæуой, уæд къæдзæхы аууон хорз фæривæд кæндзысты, æмæ уæ куыд фæнда, афтæ хъазгæ дæр акæндзыстут. Æрмæст-иу хæринаг бирæ ахæссут. Хæргæ хорз кæнут, æмæ уæд домбай кæй уыдзыстут, уый уын Къæбер фидарæй зæгъы. Лæппу къуыдырфых дзидза хъæбæрхоры кæрдзын æмæ цыхтимæ куы хæра, уæд кæны домбай, æхсыр та-иу нуазгæ бакæнут. Сæндæг ницы хæринаг у, сæндæг у къаннæг сывæллоны хæринаг.

Къоста афтæ зæгъы:

— Мах сæндæг нæ фæхæрæм. Мах нæ æхсыртæ алы хатт дæр нуазгæ бакæнæм. Къуыдырфых дзидза мах æцæгдæр фæхæрæм дзылакъуытимæ, æмæ уæд хорз вæййы. Цыхт та фæхæрæм хъæбæрхоры кæрдзынимæ дæр, æмæ нын Хайыр æмæ Дзаниан мæнæуы ссадæй дзул куы нывæрынц, уæд уыимæ дæр. Хæргæ мах алы хатт дæр хорз бакæнæм.

Устытæ фос дыгъд куы фесты, уæд сæ фыййæуттæ хизынмæ аздæхтой. Къоста æмæ Дауыт дæр доны астæуæй рацыдысты æмæ сæ уæрыччыты хуссарвæрсты сабыргай хизынмæ аздæхтой. Цалынмæ хур касти, уæдмæ уæрыччытæ хорз фæхызтой, сæхæдæг бæрзонд къуыппыл слæууыдысты æмæ фосы Фæлвæрайы зарæг кæнын райдыдтой.

Къоста æмæ Дауыт сæ уæрыччыты иугæр ривæдмæ куы баздæхтой, уæд кæцæйдæр тæрккъæвда дæр фæзынд.

— О Хуыцау, мæнæ диссаг — арв кæд нæры æнæ къæвдайæ. Кæд уарын уыдзæн, уæддæр бæрæг нæй. Махæн уал нæ уæрыччытæ къæдзæхы рæбын ривæд кæндзысты, куы уара, уæддæр уарынæй нæ фæтæрсдзыстæм. Уæлæдарæн нымæттæ нæм нæй, фæлæ нæ уæрыччыты размæ къæдзæхы рæбынмæ бацæудзыстæм æмæ уырдæм уарын нæ хæццæ кæндзæн. Куыд нæ фæнда, афтæ хорз фæфынæй кæндзыстæм ардыгæй фæссихормæ. Иугæр фæссихортæм куы фæуара, уæд кæдмæ хъуамæ уаринаг уа? Кæд банцайа, уæд та нæ уæрыччытæ дæр фæстæмæ хизынмæ аздахдзыстæм.

Уары. Уалынмæ къæвда æваст фенцад. Фæлæ дон хъæбæр тынг раивылд. Куыройы раз иу стыр нерджи бæлас[16], йæ къабæзтæ тынг дардыл ацыдысты. Сæрдыгон Уæллаг Нарыхъæу уыцы бæласæй фидыдта. Ахæм рæсугъд уыди, æмæ зæрдæ йæ бакастæй рухс кодта. Къоста æмæ йæ Дауыт тынг бирæ уарзгæ дæр кодтой. Алы хатт дæр-иу йæ бæрзонддæр къабузмæ сбырыдысты æмæ-иу уырдыгæй сæ зарын хъуысын байдыдта.

Бæрзонд къæдзæхы сæрæй куы ракастысты, уæд сæ бæласы мæт уыди. Аннæмæй та сæ уæрыччыты мæт дæр уыди.

— Ныр цы кæнæм? Дон бæласы йæ бындзарæй куы афæлдаха, уæд æгас Нарыхъæуæн дæр уыдзæн стыр зын. Ахæм хорз бæлас ма кæцæй хъуамæ æрхæсдзысты? Уыцы бæлас уартæ Гуырдзыстонæй Къæберæн йæ фыды фыд рахаста æмæ йæ уыцы ран ныссагъта. Ныр ахæм хорз бæлас Нарыхъæуы уæвгæ дæр нал æрзайдзæн.

Кæсынц æмæ дон тынгæй-тынгдæр цы ивылы, æндæр къаддæр нæ кæны. Катай сæ зæрдæты бацыди, фæлæ сæ бон уырдыгмæ æрцæуын нæу. Сæ уæрыччытæ къæвдайы фæстæ иугæр ривæдæй куы фестой æмæ цæуынмæ куы фæуой, уæд уæлæ раст Цъесы коммæ схæццæ уыдзысты. Уæлдайдæр та сæныччытæ цæуынмæ куы фæуой, уæд сæ хæйрæг дæр нал аййафдзæн. Замманайы сабыр уæрыччыты дæр сæ фæстæ куыд сцырын кæнынц, уый диссаг нæу?

Уалынмæ Цъесы лæппутæ дæр кæцæйдæр зарын райдыдтой. Къостайæн мæлæты æхсызгон уыди:

— Агъæц, кæд уыдон дæр уæрыччытæ хизынц, уæд нын нæ уæрыччытæм фæкæсдзысты, æмæ уæд мах та бæласы донæн ласын нæ бауадздзыстæм.

Къæдзæхы рæбынæй лæппуты зарын ноджы цырындæрæй хъуысын райдыдта, цин кæнынц:

— Дæлæ Уæллаг Нарыхъæуæн ныртæккæ сæ бæлас дон бæргæ аласдзæн, мах фæндиаг бæргæ фæуыдзысты. Афтæ сын хъæуы, уæддæр сæм мах алæбон хæлæг кодтам, Къоста æмæ-иу Дауыт бæласмæ куы сбырыдысты æмæ-иу сæ куыд фæндыд, афтæмæй куы сбадтысты, уæд. Ныр ма уыцы бæласмæ сбырой — дон сын æй хорз куы ахъил кæндзæн.

Къостайæн йæ зæрдæ скъуындæг:

— Æллæх, мæнæ нæм Цъесы лæппутæ цы æвзæр зæрдæ дарынц. Мах сæм нæхæдæг ахæм зæрдæ куы нæ дарæм.

Кæуынц, мæгуыртæ, дыууæйæ дæр.

— Ныртæккæ бæлас ивылд дон куы аласа, уæд Нар быгъдæгæй баззайдзысты.

Уалынмæ фыдуаг сæныччытæ сæ бынæттæй фæгæппытæ ластой æмæ цæуынмæ фесты. Раст Цъесы коммæ сæхи сарæзтой, фæстæмæ дæр нал фæкастысты.

— Мæнæ диссаг, мæлæты тагъд уайынмæ фесты, цыма сæ исчи фæсте сургæ кæны, кæнæ уыцы æваст сæ мадæлты æрбаймысыдысты. Æххæст Цъесмæ куы бахæццæ уой, уæд нæ сæ лæппутæ нæмгæ дæр кæй фæкæндзысты, уый мæ цæстытыл уайы. Къордæй та нæм æрбалæбурдзысты: «Нæ хизæнтæм нын уæ уæрыччыты цæмæн æрбахæццæ кодтат? Уæхи хизæнтæ уæ фаг нал сты æви сæ ацы ранмæ барæй æрбауагътат?» Уыдон афтæ хъуыды кæндзысты: мæнæ Нарыхъæуы лæппутæ сæхи хизæнуæттыл ауæрдгæ кæнынц æмæ мах хизæнтæм скъæрынц, цæмæй уал мах хизæнуæттæ фæуой, æмæ мах Нарыхъæуы хизæнуæттæм хæлæг кæнæм. Цæуæм рæвдздæр.

Уæд Къоста афтæ зæгъы:

— Ды уал ацы ран фæлæуу, Дауыт, кæннод иннæтæ дæр сæ ривæдæй цæуынмæ куы фæуой, уæд дард куыннæ ацæуой. Искæй уæрыччытæм куы бахæццæ уой, уæд схæццæ уыдзысты æмæ нын дзы, мыййаг, куы бамбæхсой. Æз тагъд-тагъд сæ фæстæ цæуынмæ фæуыдзынæн æмæ сæ иу цæстыфæкастмæ ацы ран æрбалæууын кæндзынæн.

Дауыт куыддæр æнкъардгомауæй афтæ зæгъы:

— Æмæ дæ, мыййаг, Цъесы лæппутæ иунæгæй куы ссарой, уæд дæ фæнæмдзысты, æмæ тæригъæд уыдзынæ. Мæнæ хæстæг ранæй сæ зарын кæй цæуы, уый нæ хъусыс? Иу бон сæ чындзæхсæвы куы абырстам, уæдæй ардæм куыд фыд-зæрдæ дарын райдыдтой. Кæсыс, мæнæ бæласыл куыд цин кæнынц: дон, дам, æй аласдзæн æмæ ныл уæд хур ракæсдзæн. Дыууæйæ нæм кæд афтæ не ’рбауæндиккой нæмынмæ. Ницы кæны, уæрыччытæ дард нæ ацæудзысты.

Къоста ахъуыды кодта: «Æцæгдзинад дæр, Дауыт раст зæгъы — иунæгæй кæй ссарой, уый тынг фæнæмдзысты».

Дыууæйæ иумæ цæуынмæ фесты æмæ раст Цъесмæ хæстæг баййæфтой сæ сæныччыты. Уыцы рæвдзæй сæ куыд рацæйздæхтой, афтæ сæм Цъесы лæппутæ фондзæй æрбахæццæ сты.

— Цы уæ хъæуы ацы ран? Нæ зæхмæ уæ цы хæйрæг æрбахаста? Мах сымах зæхмæ искæд бауадзæм, уый ма нын зæгъгæ кæнут? Гауыртæ, сымах хинæй архайут, цæмæй махæн нæ хизæнуæттæ раздæр хæрд фæуой, æмæ сымахмæ хæлæг кæнæм. Ацы ран ныр мах сымахæн хæрæджы хост кæд нæ фæкæнæм, уæд уæм бæрæг уыдзæн.

Цъесы лæппутæ хылкъахæнтæ кæнынц. Фæлæ сæм фæстæмæ дзурæг нæй, уыцы сабыргай рацæуынц. Тæрсгæ дæр сæ кодтой: иугæр нæ кæд нæмын сфæнд кодтой, уæд нæ ныртæккæ нæмгæ кæндзысты, æмæ нæхирдæм куы фæхæстæгдæр уаиккам, уæд бæргæ хуыздæр уаид.

Кæсынц æмæ ма ноджыдæр уæртæ дыууæ лæппуйы æрбацæуынц, иннæтæй стырдæр лæппутæ.

— Цæмæн æрбауагътат уæ сæныччытæ ардæм? Фæззыгæндтæ куы бассæстой...

— Ницы сын кодтой, уайтагъд сæм куы æрбахæццæ стæм. Мæнæ нæ нæмынвæнд скодтат æмæ уый зæгъут.

Тынг сæ фæнадтой.

Иуане уыцы заманты Цъесæй æрбацæйцыди. Къоста æмæ Дауытæн сæ фындзы туг кæлгæ ауыдта.

— Цы хабар у?

Фыр æрхæндæгæй сæ бон сдзурын дæр нал уыди.

Иуанейæн цы базонын хъуыди. Цъесы лæппутæн сау над фæкодта, сæ хæдзæрттæм сын бацыд.

— Цы уæ дарæм, нæ лæппуты нын уæ лæппутæ цæмæн фæнадтой? Иу Хуыцау хорз уыди, æмæ сæ мæхæдæг баййæфтон, æндæр сæ маргæ кодтой. Хетæгкатæ уæ лæджы мæрдтæ дарынц æви цы кæнут? Ацы ран дыууæ хæдзарæй мæнæ Цъесы комы зымтæ æмæ цæргæсты цардæй цæрут, адæмы хъæрæй та æппындæр ницы æмбарут. Сымахæн афтæ бакæн æмæ уæ къæссаты нывæр, уæ лæгты дæр æмæ уæ сылгоймæгты дæр. Къæссатæн сæ кæмттæ фидар бабæтт æмæ уæ раст Поты фæзы суадз, фæйнæрдæм хъæддаг адæмы гæппытæ куыд кæнат.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.