Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 9 страница



Хъæрæзы баныгæдтой.

XIX

Къоста кæсы æмæ устытæн фæндаг нæй æмæ, мæгуырæг, сæ æргъæмттимæ уырдыгмæ æрцæуынц. Иу усæн йæ къæхтæ фæбырыдысты æмæ æд æргъом раст доны астæумæ бахауд. Къоста æруад æмæ усыл схæцыд. Усæн йæ зæрдæ бахъарм æмæ уадзыггондæй ихыл лæууы. Дыккаг хатт дæр та йыл схæцыд Къоста. Усæн уæд йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Цымæ цы кодтон? Ме ’ргъом та уæд мæ æккойы цæмæн уыдзæн? Чи дæ ды?

— Æз Къоста дæн. Ма тæрс, ницы дын уыдзæн.

Усæн йæ цæнгтæ йæ æргъомы фидар кондæй. Къоста æргъом рафтыдта æмæ йын æй сæ хæдзармæ бахаста. Сывæллæттæ сцъиу-цъиу кодтой: нæ мад æрхæццæ.

Кæсынц æмæ сæ мад нæ, фæлæ Къоста æргъом æрæвæрдта æмæ сывæллæттæн афтæ зæгъы:

— Ма тæрсут, ныртæккæ уæ мад дæр æрхæццæ уыдзæн, дæлæ фæзы устытимæ ныхасыл афæстиат. Æз æй ныртæккæ сæрвитдзынæн.

Сывæллæттæ æргъомы алыварс рауай-бауай кæнынц:

— Нæ мад нын ацы æргъомы мидæг цъуйтæ хъуамæ æрхастаид. Алы хатт дæр нын йæ æргъомы бастæй бирæ рæгъæд цъуйтæ куы æрхæссы.

Къоста сын фæтæригъæд кодта æмæ хосы æргъом райхæлдта, холлагдонмæ йæ бахаста. Йæ æмбисмæ куы æрхæццæ, уæд кæсы æмæ æцæгдæр цъуйы пуцалтæ иу дзæвгар. Сывæллæттæ зыдæй мæнæ-мæнæ кæнынц, афтæ сæ мад дæр æрбахæццæ.

— Уæ, Хуыцау дын баххуыс кæна, нæ хицæутты лæппу, ме ’ргъом дæр ма мын схæццæ кодтай. Уæдæ ма мын æй холлагдонмæ дæр куы бахастай. Цæй диссаджы хорз зæрдæйы хицау фæдæ.

— Мæнæн холлаг бахæссынæй ницы уыдзæн, фæлæ дæхæдæг, мыййаг, исты ныццавтай? Хорз уыди æмæ дæ æргъом ихмæ не ’руагъта, кæннод ацы мæгуыр байрæзинаг сабитæ уазал карз зымæджы æнæ мадæй аззадаиккой.

— Ницы уыйбæрц ныццавтон, фæлæ мæ рахиз цонг куыддæр йæхи мидæг дыз-дыз кæны.

— Уымæй ма тæрс, дæ быны фæцис æмæ йыл дæ уæз æруагътай, æвæццæгæн. Иу бон хъуамæ Нарыхъæуы лæппутæ фæндаг айгæрдой, кæннод хосласæнæй хæрдмæ цæуынæй иууылдæр къæдзæхы сæрты удхар кæнынц. Хуыцау бахизæд, æмæ ацы мæгуыр хæдзары зианы кæйттæ чындæуа, фæлæ зиан куы æрцæуы Уæллаг Нарыхъæуы цæрæг адæмтыл, уæддæр æй уæлмæрдтæм тыххæй-фыдæй схæццæ кæнынц кæм кæлгæ, кæм быргæйæ.

— Нæ хицæуттæн сæ зæрдæйы кæрон дæр фæндаг саразын никæд æрлæууыдаид, стырзæрдæ сты, сæрд куы ралæууы, уæд зымæгæн æрцæуын æнхъæл дæр нал вæййынц. Фæлæ та зымæг дæр уайтагъд се ’ккойы абады, æмæ хос хæсгæйæ сау удхæрттæ фæкæнынц. Мæнæй гæвзыкдæр дзы цыма ничи ис æгас хъæуæй, афтæ мæм фæкасти, фæлæ дзы фарон Осионы мой дæр æд æргъом æртылд. Æрмæст уый доны астæумæ нæ бахæццæ, фæлæ раст фосдарæнмæ бахауди. Мæнæн ма уыйбæрц ницы уыди, фæлæ уый йæхи фыдцæфтæ фæкодта, йæ зæнг дæр асаст, йæ цонг дæр. Уæдæ ма дзы устытæй мæнæй фалæмæ иу дæр нæ фæци, æмæ-иу сыл мæхинымæр худæгæй бакъæцæл дæн. Фæлæ мæнг нæ фæзæгъынц: куырис, дам, сыгъд, æмæ йыл бæндæн худæгæй марди. Абон æй ныр мæхи сæр дæр хорз куы баййæфта.

Къоста райсомæй лæппутæм фæдзырдта æмæ сын загъта:

— Æртæ бонмæ мах хъуамæ хосласæн фæндаг саразæм, æндæр гæнæн нæй. Фæкæсын хъæуы Нарыхъæуы зæронд лæгтæм. Къаннæг лæппутæ кæдмæ уыдыстæм, уæдмæ нæ фаг фæхъазыдыстæм, куывдты зылдыстæм, ныр нæ дæсæймаг азтæ ныллæууыдысты. Дзæгъæл бадтмæ нал æнтысæм. Райсом уæ раджы кæмæ бадзурон, уый рæвдз куыд феста, афтæ. Æз райсомæй бирæ хуыссын нæ уарзын. Дада æмæ Къæбер æдзухдæр афтæ куы фæдзурынц: раджы бадаг у æвæсмон, бирæ хуыссаг у фæсмойнаг. Хуыссæджы коммæ куы кæсæм, уæд нæ уый уæлæмæ сыстын никæд бауадздзæн.

Лæппутæ загътой:

— Хорз нын амоныс, мах æдзухдæр хъуамæ дæ коммæ кæсæм.

Кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой.

— Æз райсом мæхæдæг уæлмæрдты бынмæ бахæсдзынæн мæ къахæнтæ, мæ фыййаг. Къостайы та ма уæд цæмæн хъуамæ удхарæй марæм, тæригъæд нæу? Æгас Нарыхъæуы лæппутыл хæдзари-хæдзар хъуамæ æрзила?

Æцæгдæр райсомæй лæппутæн сæ фылдæр бацыдысты æмæ уæлмæрдты бын къахын райдыдтой. Къоста дæр иннæ бонтæй раздæр рабадти. Йæ фыййаг æмæ йæ къахæн бахаста, боны рухсимæ къæдзæх калынмæ бавнæлдта. Лæппутæ йæ куы ауыдтой, уæд сын мæлæты æхсызгон дæр уыди.

— Мах дæуæй раздæр æрбацæуынмæ хъавыдыстæм, фæлæ та дæхæдæг фæраздæр дæ.

— Ницы кæны, сымах дæр хорз раджы куы æрбахæццæ стут.

Уалынмæ иннæ лæппутæ дæр уыцы æнæзивæгæй цæуын байдыдтой.

Февнæлдтой хосласæн фæндаг аразынмæ. Къæдзæх калынц æмæ къæйдуртæ раст доны астæумæ хауынц.

Нарыхъæуы лæгтæ уыдысты куыстуæтты, фæлæ устытæй алчи райсомæй йæ фос дуцынмæ сыстади, сæ кæрæдзийы фæрсынмæ фесты:

— Лæппутæ къæдзæх цæмæн калынц?

— Кæд хъазгæ, мыййаг, кæнынц?

— Нæ, уыдон, мæ хуртæ, фæндаг кæй аразынц, уый уæ рох ма уæд. Кæсгæ кæндзыстут, кæддæра фæндаг нæ саразиккой. Къоста кæм уа, уыцы ран куыст йæ къахыл кæй слæудзæн, уый зонгæ кæнут. Диссаджы хорз дæр æм хъусынц Нарыхъæуы лæппутæ. Нæ хицæутты хорз лæгтæн саразынмæ цы нæ бантысти, уыдон Къоста æмæ йæ æмбæлттæн хорз куы æнтысынц.

Устытæ сæ фосмæ зилынц, фæлæ дис дæр куыд хъуамæ ма кæной:

— Ахæм тых æмæ ныфс сæм куыдæй разынди? Мæнæ сæ цыма исчи бафтыдта — ардыгæй изæрмæ йæ куы нæ фæуат, уæд уын исты зындзинад уыдзæн. Калынц, чи фыййагæй, чи та къахæнæй. Куыд кæсæм, афтæмæй ацы Къостайæн йæ кой æмæ йæ хъару дардмæ кæддæра нæ айхъуысид. Ныридæгæн ахæм диссæгтæ кæмæн æнтысы, уый ма уагæр йæ лæппуйы кармæ кæнæ йæ лæджы кармæ куы ныллæууа, уæд хæхтæ нæ фæлдахдзæн йæ зонды руаджы? Йæхи æмгæрттæ нæ, фæлæ ма йæм йæхицæй дзæвгар хистæртæ дæр диссаджы хорз хъусынц. Иуæй-иуæн йе сныхасы фарн æмæ амонд ис. Йæ чысыл къухтæ сызгъæрин фестинаг сты.

Къоста уайтагъд йæ æмбæлттимæ уæлмæрдтæм хосласæн фæндаг сарæзта. Иугæр къæдзæх куы рафæлдæхтой, уæд цыма бæстæ ногæй райгуырди, афтæ зæрдæ йæ бакастæй рухс кæнын байдыдта.

— Уæ Хуыцау, дæуæй стыр бузныг! — Зæронд Хъæвдын æрцыди доны былмæ æмæ кæсы: уæлæ къæдзæхæн йæ фæнык куыд акалдтой. — Уæ, стыр лæгтæ ауат æмæ уæ амонд кæронмæ ахæццæ уа. Ахæм фæндаг махæн нæ бон никæд баци саразын. Уæллæй, мæ мад, мæ фыдыстæн, Гоцъи райгас. Мæнæ цард-цæрæнбоны æмбисæндтæ. Йæ æмбæлтты дæр куыд æртасын кодта. Бон-изæрмæ уæлæ лæбырдæй уырдыгмæ къæйдуртæ уагътой æмæ-иу адæм фæндагыл цæуын дæр нал уæндыдысты. Уæллæй, афтæ æмбаргæ æмæ сабыр суыдзысты, уый мæ фыны фенгæйæ дæр æнхъæл никæд уыдтæн.

Ахæм уæрæх фæндаг сарæзтой æмæ-иу дзы галтыл мæкъуылтæ æрластой Нар. Уæдæ ма сæ ноджы бирæ цыдæртæн хъуыди фæндаг. Зианы заманты дæр-иу уыцы фæндагыл цыдысты уæлмæрдтæм. Хъæдæй сугтæ дæр уыцы хæрды ластой уырдыгмæ.

Иугæр фæндаг куы фегом кодтой Къоста æмæ йæ æмбæлттæ, уæд-иу Нарыхъæуы цæрæг адæмтæ уыцы ногарæзт фæтæн фæндагыл дыууæ галимæ мæкъуылтæ куы æрцæйластой, уæд-иу сæ кæрæдзимæ мидбылты худгæйæ бакастысты:

— Уæдæ не ’хсæн сызгъæринкоцораджын гуырд нæ райгуырди?

— Диссаг у, йæ æмбæлттæ йæм куыд хорз хъусынц. Дæлæ мах мæлинаг гуырд мæ коммæ ницæй тыххæй бакæсдзæн. Уæллæй, мард калм ыл куы ныццæвон, уæддæр мæм нæ хъусы. Комкоммæ мæм куы ныккæсы, уæд дзы мæхæдæг фефсæрмы вæййын, — афтæ рахъаст кодта Уарданы фыд Гокк йæ лæппуйæ.

Къоста та Уарданæй æдзухдæр кодта æппæлгæ, уымæн æмæ Къостайы ныхасæн Уарданмæ уыди стыр аргъ. Кæмæ куыд сдзурын хъуыди, уый зонгæ кодта, æмæ йæ уымæн нымадтой йæ æмбæлттæ. Къостайы æвастæй никæдæм цыдысты.

XX

Дауыт æмæ Къоста сæ сывæллоны бонты кæм хъомы рад хизынмæ, кæм уæлыгæс, кæм та фырытæ хизынмæ цыдысты Уаччейы сæрмæ, бон фыййау дæр æмæ æхсæвгæс дæр. Уыцы мæйдар æхсæвты-иу сыл къæвда куы уарыд, уæд-иу уæндгæ дæр куыд кодтой.

Къоста-иу уыцы мæйдар æхсæв къæвдайы «дæдадæй» куы ныззарыд, уæд-иу Къæберы чызг Гатъине йæ хуыссæны цæстысыг донау калдта:

— Уæ, мæ фæрстæ сау хæлд фæкæной: ацы мæйдар æхсæвы уæлæ Саухохы сæрæй куы ныззарынц, уæд уæндгæ кæд, мыййаг, нæ фæкæнынц æмæ тæссæй зарынц. Уæ, мæ бон, цы кæнон, рагæй фæстæмæ афтæ куы дзырдтой, Алгъæдтæ, дам, хæйрæгджын кæмттæ сты, дæдæй, исты сын, мыййаг, куы кæной: хæйрæг, дам, æмхиц куы вæййы бахъомылгæнинæгтæм, уæд цы кæнон?

Къæберæн йæ чызг уыди Гуыбаты Сардионы ус æмæ цардысты Джинаты, сæ сæрвæттæ та уыдысты Нарæн фосдарæн уæтæртæ. Цæвиттон, Джинат дæр уыди Хетæджы, æмæ сæ Хетæг лæвæрдта Гуыбатæн дæр æмæ иннæ адæмтæн дæр сæ бахъуыды заманты. Куыннæ-иу уыди особайы заманты тыхст адæмтæ: чи-иу лæг амардта, чи та-иу чызг аскъæфта æмæ-иу уæд тох æмæ мастæй мыггæгтæ сæ дыууæ хъусмæ уыдысты. Тох æмæ загъд-замана бонæй-бонмæ фылдæр куыд кодта, афтæмæй-иу йæ бон тох æмæ хæцынмæ кæмæн нал уыди, уыдон-иу сæхицæн цæрæн бынæттæ агурæг фæцыдысты, иу иннæ знагæй иуфæрсыгдæр куыд ацыдаид, афтæ. Гуыбатæ дæр сæ масты фæдыл æрбафтыдысты Хетæгмæ, æмæ сæ Хетæг суазæг кодта æмæ сын йæ фосдарæн зæххытыл æрцæрыны бар радта. Гуыба дæр лæг амардта æмæ уый дæр ралыгъд Кæсæгæй. Гуыба Хетæгæн мады ’рдыгæй хæстæг æххæссыди, æмæ йæ Хетæг суазæг кодта. Гуыба дæр бирæ фæрахау-бахау кодта: йæ марджытæ йæ фæстæ рацу-бацу кодтой. Иу цасдæр Дæргъæвсгомы дæр фæцард, фæлæ йæ марджытæ йæ фæдыл зылдысты æмæ йæ бафиппайдтой, Дæргъæвсы кæй цæры. Гуыбамæ хабар хæссæг фæци: «Уæ Гуыба, марынмæ дæм æрбацæудзысты дæ туджджынтæ æмæ дæхи искæдæм куыд айсай, афтæ». Гуыба уæд Хетæгмæ цæуæг фæци. Раздæр ацард Нары, фæлæ иугæр Нармæ Кæсæгæй Хетæджы лымæнтæ цæуын куы байдыдтой, уæд Гуыбайæн Нары цæрæн нал уыд æмæ бацыди Джинатмæ æмæ раст Уаччейы æрбынат кодта. Цалынмæ Гуыба хæдзар рæвдз кодта, уæдмæ уал йæ кæстæр æфсымæр æмæ мад цардысты Нары. Йæ кæстæр æфсымæр уыд фыдуаг, мадмæ нæ хъуыста, æмæ йæ Гуыба амардта.

— Æз рахау-бахау кæнын, нæ мæ уыныс, уæд ды дæ бон цæмæннæ зоныс, мæ мады мын цæмæн мæстæй марыс?

Цуци ма йын бæргæ лæгъстæ кодта:

— Ма кæ, Гуыба, ма амар дæ кæстæры — фæфæсмон кæндзынæ!

Фæлæ Гуыба нал баурæдта йæ маст, æмæ Цуци дæр иргъæвгæ-иргъæвын фæмард.

Гуыба Уаччемæ бацыд цæрынмæ йæ мадимæ.

Гуыбайæн йæ ус уыди кæсгон чызг. Иу кънйазы фырт æй куырдта, чызг йæхæдæг та Гуыбайы уарзта. Гуыба уыди кънйазы фыртæй хæрзконддæр æмæ хъаруджындæр. Бацыд æмæ чызджы фыдæн загъта:

— Дæ чызг мæн куы уарзы, уæд æй мæнæн цæуылнæ дæттыс?

Чызджы фыд афтæ зæгъы:

— Æмæ йæ æз цæмæй зонын, дæу уарзы æмæ кæй уарзы?

Чызг Гуыбайæн лæвæрд æрцыд.

Гуыба йæ усы æрхаста, æмæ-иу ног чындз донмæ куы фæцæйцыд, уæд-иу ын кънйазы фырт йæ къæртатæ йæ къухтæй раскъæфта æмæ-иу сæ фæкъул кодта, фаг-иу æй фæмæстæй мардта, фæкæуын-иу æй кодта. Уæд йæ бон нал уыди æмæ иу хатт кæугæ бацыди. Гуыба йæ фæрсы:

— Цæуыл кæуыс? Ау, дыууæ къæртайы дæ бон æрбахæссын нæу, уæд искæй хæдзармæ цæй ныфсæй æрбацыдтæ? Уæдæ хъуамæ мæ зæронд мад ацæуа донмæ, æмæ уый æрбахæсса?

Чындз ныккуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Дон æрбахæссынмæ зивæг бæргæ нæ кæнын, фæлæ раздæр мæн чи куырдта, уый мæ размæ рацæуы æмæ мæ мæстæй мары. Дон куыддæр сисын, афтæ та мын мæ къæртатæ аскъæфы æмæ дон асæххæтт ласы. Мæ бон дзы нал у.

Гуыба уæд райдыдта хъахъхъæнын йæ усы, æмæ та йæ уайтагъд лæппу мæстæй марын райдыдта. Гуыба кънйазы фырты фатæй бахста æмæ йæ фæмард кодта.

Гуыбайæн ма Кæсæджы бæсты цæй цæрæн уыдаид æмæ ралыгъд Нармæ, Хетæгмæ. Ныхас, цæвиттон, сæрæй бамбарын хъæуы, Гуыбатæ Джинатгоммæ цæй сæраппонд бафтыдысты. Гуыбатæ æмæ Хетæгкатæ кæрæдзийæ ссаргæ хæстæджытæ дæр кодтой. Гуыбатæ кæд кæвдæсард адæм уыдысты, уæддæр сау адæмыл нымад нæ уыдысты. Уæдæ кæвдæсард адæмтæ та уæд цавæр адæмтæ хуыдтой? Иу дзырдæй, æрбафтæггаг адæмты, сæ фыдæлты æрнæджытæй хауæггаг чи фæци, ахæмты.

Нарæн сæ хосгæрст, сæ уæтæртæ уыдысты фылдæр Джинатгæмтты. Къоста æмæ Дауыт-иу къаннæг лæппутæй фосимæ бон-изæрмæ фæрацу-бацу кодтой. Фос дæр чысыл цæмæн уыдаиккой. Нарæн цалдæр æмæ фондзыссæдзы сæ æхсæны фос уыдысты, уæдæ ма иу-фондз ахæмы та иннæ фосы дзугтæ уыдаиккой. Уыйбæрц фосимæ-иу сæхæдæг æхсæв-бонмæ дæр баззадысты, хурæй дæр æмæ уарынæй дæр, уæлдайдæр ахæм тæссаг раны, Алгъæдтæ сæ хуыдтой, бон дæр сæм цæуын хæстæг ничи уæндыди: куыддæр тар æмæ къуындæг кæмттæ уыдысты, зæрдæ сæ бакастæй дæр уынгæг кодта, мигъ дæр дзы уыди бадаг.

Къæберы чызг Гатъине Джинатмæ моймæ лæвæрд æрцыди Гуыбатæм, Сардион та уыди йæ сæры хицау. Къоста æмæ Дауыт-иу бæрзонд æфцæгыл æхсæв фосимæ куы баззадысты уыцы мæйдары — цæсты къух акæн, уæд нæ фæзындаид, — уæд-иу Гатъине йæхи кæуынæй къæртт кодта. Гонварсмæ-иу рацыд æмæ-иу бæрзонд сæрвæтмæ комкоммæ скаст:

— Уæ, тæхудиаг æмæ сау халон куы фестин æмæ уæлæ Дауыт æмæ Къостаимæ ахсæв куы фестин. Мыййаг сæ хæйрæджытæ куы фæсайой æмæ куы схæйрæджджынтæ уой, кæнæ сæ хæргæ дæр куы бакæной. Æмбисонд Алгъæдты хæйрæджджын кæмттæ куы бакæнынц.

Куы-иу бахсæв, уæд-иу, мæгуырæг, Гатъине йæ къуымæй рацыд ног чындзæй æмæ-иу гонварсы бабадти, Алгъæдты сæрмæ-иу хæрдмæ касти, афтæмæй-иу кæуынæй исты федта. Иугæр-иу йæ ног чындзы зылдтытæ æмæ куыстытæ конд куы фæци, уæд-иу йæ къуыммæ бацæуын йæ зæрдæ нæ тардта.

— Ныр куыд бацæуон æмæ мæхиуыл дуар куыд æрбахгæнон?

Йæ мой-иу æм рацыд æмæ-иу æй фарста:

— Цы кæныс, Хетæджы-чызг, мæнæн-ма йæ зæгъ? Мæ бинонтæй дæм кæд исчи исты сдзырдта?

Гатъине ныккуыдта:

— Алæ-ма, дæ хорзæхæй, бинонтæй дын кæд рахъаст кодтон? Бинонтæ мæнæн мæ цæра, ме стæн куы кæнынц. Иу хатт æмæ дын æй дыууæ хатты, мыййаг, куы нæ фæзæгъын: Къоста æмæ Дауытмæ мæ зæрдæ фехсайы, æмæ мæм мидæмæ бацæуын дæр нал фæцæуы.

— Хорз кæныс! Æз бинонтæ уый тыххæй куы æрхастон, æмæ ды ацы ран гонварсы бадай æмæ кæуай. Сардион та уæд цы хæсджын у: мæ бинойнаг æхсæв-бонмæ гонварсы бада æмæ кæуа, раны куы фæдæн. Ма сын тæрс — лæппуйы фаг фыдæбон кæм ис. Лæппу фыдæбонтæ куы фена æмæ бавзара, лæг дæр дзы уæд рауайдзæн. Уæдæ хъуамæ сæ къæхтæ фæнычы ауадзой æмæ æхсæвæй-бонæй къусбæрттæй хъазой Къæберы кæнæ Хетæджы райдиан хæдзары? Рацу, æнафон у, æмæ ног чындзæн иунæгæй бадæн нæй, уæд æй хæйрæджытæ сайгæ кæнынц, æмæ куы схæйрæджджын уай, уæд мæнæ Джинатгæмтты ратæх-батæх кæндзынæ æмæ дæхæдæг сагъæссаг кæй фæуыдзынæ, уый цæмæннæ хъуыды кæныс?

Гатъинейы-иу йæ мой ноджы тынгдæр стæрсын кодта æмæ-иу кæд цæугæ бакодта, уæддæр зæрдæйы сагъæстæ къаддæр нæ кодтой.

Иу хатт та Сардион балцы ацыд иу-дыууæ къуырийы бæрц уартæ фæсхохмæ. Гатъинейæн мæлæты æхсызгон дæр уыд, йæ мой балцы кæй ацыд, уый.

— Агъæц, ныр мæ æфсинæй бар ракурдзынæн æмæ сын-иу кæд æхсæвæр дæр ахæссин.

Куыннæ-иу уыдаид Гуыбаты хæдзары кусарт дæр арæх, уæдæ фыдджынæй зæгъай, хæбизджынæй. Гатъине-иу рагацау йæ зылдтытæ бакодта. Хъæбæр хорз сылгоймаг дæр æй хуыдтой Гуыбатæ, уæ йæ хойраджы сконд, уæ йæ сыгъдæгдзинад, иу дзырдæй, алцæмæй дæр тынг æххæст сылгоймаг. Йæ æфсин дзы хъæбæр æппæлыд:

— Хуыздæр фæуæд, мæнмæ Хетæгкаты чызджы цы Хуыцау æрбахаста: алы бон дæр ын кæндзынæн арфæтæ.

Гатъине-иу йæ æфсинæн лæгъстæ кодта:

— Æфсин, бахатыр мын кæн, цæсгомуагъдæй йæ кæй зæгъын, фæлæ мæ уæлæ Къоста æмæ Дауытмæ ауадз. Истæмæйты мæ арæвдз кæн, æмæ сын æхсæвæр фæхæссон.

— Нана дæ фæхъхъау фæуæд, æгайтдæр ма дæ истытæ хæссын фæнды. Мæнæ дын чызджы дæр демæ арвитдзынæн, æрмæст-иу фæстæмæ тагъдгомау рацæут. Ног чындз æмæ чындздзон чызгæн нæ фæччы æнафоны изæрдалынгтæм дуармæ, нæ баззад. Лæппу мæ куы базона, уæд мæм фæхыл кæндзæн.

Гатъине-иу цæуынмæ фæци йæ ходыгъдимæ æмæ-иу сын æхсæвæр ахастой. Куыннæ-иу ацинтæ кодтаиккой:

— Ма нæм дæ зæрдæ æхсайæд — мах нæ тæрсæм.

Гатъине-иу йæ цæстытæ донæй айдзаг кодта æмæ-иу кæугæ цæуынмæ фæци: «Кæйдæр адæмæй худинаг у. Мæхи мæт мæ бæргæ нæй, фæлæ мæнæ сæ чызг æцæгдæр истæмæй куы фæтæрса». Æмæ-иу уайтагъд æрхæццæ сты, Гуыбаты зæронд лæгтæй сæ куыд ничи фена. Куы феной, уæд фæхыл кæндзысты, ома, искæддæр чындз æмæ ходыгъд æнафоны сæрвæтмæ фæцæуæнт!..

Цалынмæ йæ мой здæхти, уæдмæ алы изæр дæр цыдысты Къоста æмæ Дауытмæ, цæстуарзон æхсæвæр сын хастой. Фæлæ иугæр йæ мой куы æрцыд, уæд-иу сæ нал рауагъта. Кæд-иу йæхицæн фæци рæстæг рацæуынмæ, уæд-иу сын Сардион рахаста æхсæвæр æмæ-иу хаттæй-хатт æхсæвы дæр семæ баззад. Гатъинейыл-иу уæд йæ хур ракаст:

— Агъæц, ныр сын ницуал тæссаг уыдзæн — махон семæ баззад, хуыздæр фæуæд.

Æмæ-иу уæд æнæмæтæй йæ къуымы сфынæй, кæннод-иу æхсæв-бонмæ рафт-бафтæй арвыста сæрдыгон цыбыр æхсæв дæр. Уæлдайдæр-иу къæвда æхсæвтæ куы уыди, уæд-иу зæрдæ судзгæ сау рæхуыстытæ кодта.

Афтæ æрвыстой Къоста æмæ Дауыт сæ къаннæджы бонтæ, кæм хур, кæм къæвда, уæддæр-иу зарынмæ дæр бауырдыг сты æмæ-иу уæд Алгъæдты бæрзонд хæхтæй сæ зарын хъуысти.

Иу хатт ахæм уард кодта, æмæ къæвдайы дон Джинатгæмтты уырдыгмæ уади, хордитæ сæ кæрæдзийы фæдыл лæсыдысты. Уæддæр-иу Къоста куы ныззарыди йæ дон уырдыгмæ сæхсæхгæнгæ, йæ фосы фæдыл-иу скафыд. Дауыт та, мæгуыр, кæугæ кодта:

— Æллæх, арв нæ цæвгæ кæндзæн! Дæу та ма зарын æмæ кафыны мæт ис, Къоста. Иннæ лæппутæ æнцад сæхицæн дæлæ Нарыхъæуы бадынц, ды та куыстытæм фæтагъд кæныс, æмæ ма уæд æз дæр дæумæ гæсгæ рацæуын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.