Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 7 страница



— Ныр мах фæхъомыл стæм æмæ лæппуйы фаг змæлд кæм ис, кæм? Тæрсгæ ма кæн, Хъугърион.

— Нæ тæрсын, нæ, мæ лæппутæ, саг лæппутæ мын ис, сæ хурæй сын фаг æфсæст æрцæуон. Нарыхъæуæн, дам, сæ род дæр галыл нымад у, сæ байраг та сираг бæхыл.

XVI

Къоста æмæ Къæберы фырт Дауыт сæ цард фылдæр Хъугърионмæ æрвыстой. Хъугърион æвæстаг ус уыди æмæ Къостайы йæхицæн лæппу скодта. Къæберы фырт Дауыт та иу æхсæв дæр æнæ Къоста нæ лæууыд. Хъугърион дæр сыл сахуыр æмæ дыууæ лæппуйы дæр йæхи хъæбултæ хуыдта.

Хъугърион уыд Хакъойæн йæ хистæр æфсымæр Фыранджы ус. Фыранг дард Туркмæ фæцыд æмæ уырдыгæй нал æрыздæхт. Хъугърион æнхъæлмæгæсгæ баззад, æмæ йыл иугæр бонтæ, цард мысгæйæ, куы афардæг сты, уæд Уæллаг Нары цæргæ баззад. Цæргæ дæр мæгуырау цардæй, мыййаг, нæ царди Нары. Нæргæ фæсивæд æм сæ хъус тынг хорз дардтой. Уалдзæг ын хос ластой æфтауцæй, хуым ын кодтой Нары хъугæмтты, мæнæуы хуымæй зæгъай, хъæбæрхорæй зæгъай, хъæдурæй, картофæй. Кæнæ-иу хосгæрдæн куы ралæууыд, уæд-иу Хъугърионæн йæ хуымтæ æркарстой. Йæ мæкъуылтæ — амад, суанг ма-иу сæ æфтауцмæ дæр æрластой.

Хъугърион куыннæ рæвдыдтаид Нарыхъæуæн се стыры дæр æмæ сывæллоны дæр. Æппæлынæй не ’фсæст Къоста æмæ Дауытæй:

— Сæ цард бирæ уа Къоста æмæ Къæберы фырт Дауытæн — мæ куыстытæ мын уайтагъд акодтой. Сæ фæллад дæр, мæгуыр, кæд нæма суагътой.

— Тæрсгæ ма кæн, Хъугърион, — зæрдæтæ йын æвæрдта Къоста. — Мах уал дын кусынхъом фæуæм, кæд ма æгас Нары дæуæй цæрæгдæр уыдзæн. Мах кусгæ кæндзыстæм, ды та хурмæ æнцад баддзынæ.

Хъугърион-иу худæгæй куыннæ амардаид:

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуай, нæ хицæутты сидзæр лæппу, æмæ дæ мад рухсаг фæуа, дæу хурæй, дæу цинæй æнæ хай чи фæци, афтæмæй фæсахсæвæрты мæрдтæм чи фæцыд, уыцы уæздан Гуыбиан.

Йæ мады коймæ-иу æрæнкъард Къоста, Хъугърионмæ-иу комкоммæ бакаст æмæ-иу фæрсынтыл фæци:

— Ныр, Хъугърион, мæ мад цæмæн амарди? Уæд иннæтæн сæ мадæлтæ цæуылнæ мæлынц? Знон уæлæ Сонайæн лæппу куы райгуырди, уæд Сона цæуылнæ амард?

Хъугърионы цæстытæ донæй айдзаг сты, хорзау нал фæци æмæ исдуг уыцы æфсæрмхуызæй Къостамæ фæкаст. «Уæууа, ме ’гæр фæкалон, зæронд ус куы дæн, уæд ын йæ мады кой цæмæн кæнын?»

— Хъугърион дæ фæхъхъау фæуа, адæм Хуыцауы сконд сты. Æмæ Хуыцау кæмæн кæцы ран йæ тæрхон скæна, уыцы ранмæ афардæг вæййы. Мæрдты бæсты дæр, мæ къона, адæм хъæугæ кæнынц.

Къоста та фæстæмæ уыцы дисгæнæгау афарста:

— Ау, уый та цавæр тæрхон у? Мæнæн Хуыцау мæ мадæн ахæм тæрхон цæмæн рахаста? Мæ мад уыцы æваст цæмæн амарди? Уæртæ мын Уардан æдзухдæр афтæ фæкæны, ды, дам, дæ мады амардтай, ды сæрхор дæ, дæу тыххæй амарди дæ мад. Ау, уæд æз мæ мады куыд амардтон? Æз æй, мыййаг, нæмгæ фæкодтон? Мæ мадæн æз цы бон райгуырдтæн, уыцы бон куы амарди. Уæд æз цæуын дæр куы нæма зыдтон. Дзурын дæр куы нæма зыдтон. Æдзухдæр куы фæхыл вæййæм, уæд мын æй мæ цæстмæ фæдары, ды, дам, мадмар дæ.

— Уæ, Хуыцауæй æлгъыст куыд фæци! Æмæ дын æй цæмæн дæ цæстмæ дары? Акæс-ма, дæ хорзæхæй, цымæ кæмæй фехъуыста уыцы налат? Мæ мад, зæгъ, йæ кæрдинаг, йæ хуыинаг Дæллаг Нарыхъæуæй Уæллаг Нарыхъæумæ нæ хаста. Дæ мад кæрдаг, хуыйаг уыди. Æгас Нарыхъæуæн сæ микæнинæгтæ кодта. Нæлгоймæгтæн цухъхъатæ æмæ куырæттæ хуыдта, чызджытæн — разгом къабатæ, хæдбын сæрак дзабыртæ. Къухы райсынмæ-иу сæ адæймаг æвгъау кодта. Æндæр хъæутæй дæр æм-иу æрцыдысты. Чызг чи æрвыста, уыдон сæ хуыинаг Гуыбаты уæздан чызгмæ хастой. Æрмæст йæ иу фæндыры æрцагъд дæр ма диссаг уыди. Нарыхъæуы куыннæ уыдаид чындзæхсæвтæ, уæдæ куывдтæ дæр, æмæ-иу Гуыбиан фæндырæй куы æрцагъта, уæд-иу тæхгæ мæргътæ сæ тæхын ныууагътой æмæ-иу Нарыхъæуы бæрзонд цъуппытыл сбадтысты, дæлæ Гуыбаты чызг фæндырæй цæгъды, зæгъгæ. Кæс, æмæ та Нарыхъæуы къæрццæмдзæгъдæй кафт Елберды хæдзары дуармæ. Дæ мады хуызæн, мæ къона, Нарыхъæумæ уазæгуаты дæр нал æрцæудзæн. Куы амарди, уæд ыл Нарыхъæуы фæсивæд сау ныккодтой лæппуйæ, чызгæй, дæдæй дæлгæмттæ йыл кодтой. Йæ сывæллон ын гæбазгай йæ дæларм бавæрдтой.

— Цытæ дзурыс, Хъугърион, йæ сывæллон æз куы дæн.

— Нæ, нæ, мæ къона, дæу Хуыцау сæрæгас уадзæд, чызг æмбал ма дын уыди.

— Ехх, куы цардаид, Хъугърион, уæд мын хо уыдаид.

— Йæ фæндыр дæр ын йемæ бавæрдтой Нарыхъæу дæ мадæн. Леуаны мад Зорон æртæ æхсæвы Нарыхъæуы уæлмæрдтæй нал æрцыди. Фæсивæд иууылдæр Нарыхъæуы уæлмæрдты баззадысты. Æртæ æхсæвы йæ фæхъахъхъæдтой, афтæ бирæ йæ уарзтой. Ацы хатт ма дын Уардан дæ мады кой куы ракæна, уæд-иу мæнмæ æрбацу, æмæ йын æз йæ мадæн алывыдтæ фæкалдзынæн. Сидзæр сывæллоны зæрдæ куыд риссын кæны. Дæ фæхъхъау фæуон, уæлæ Габаты Барзин йæ кæрон зæххытæ къæпийæ къахы, уым та зæхх алы хатт дæр уизза[11] æмæ стъæлхатæй[12] йæ тæккæ дзаг вæййы. Æрхæссут дзы, æмæ уын æз уиззаджынтæ æмæ цæхæраджынтæ скæнон. Æрмæст хыл макæимæ фæут.

— Ма тæрс, мах нæ хыл кæнæм. Æрмæст Уардан немæ куы ацæуы, уæд уый фæхыл вæййы уæлæ Тоборзайы лæппутимæ. Æмæ мах дæр фæнæмынц, Уарданы сæрыл куы рахæцæм, уæд.

— Уарданæн йæ фыд дæр хыл кæнын бирæ уарзта, фæлæ сымах ма хыл кæнут. Æнцад æм кæсут, кæддæра цы ми кæнид. Иу хатт æй хорз куы фæнæмой, уæд дыккаг хатт йæ бон зондзæн. Фыдбылызæй дардмæ лидзын хъæуы. Туг хæссы, уæдæ цы, йæ фыды туг куыд рахаста!

Къоста æмæ Дауыт Барзинмæ ацыдысты.

— Æгас цæуат, мæ хорз æфсымæртæ! — бацин сыл кодта Барзин.

Къоста афарста Барзины:

— Барзин, къæпийæ цæмæн хуым кæныс? Далæ Къæбермæ цалдæр галы куы ис, баифтындз сæ. Къæбер чъынды куы нæ у, Дадайæн дæр уый куы фæдæтты галтæ. Æри, æз дæ бæсты акъахон, ды уал абад.

Барзин йæ къæпи Къостамæ радта. Къоста иу дзæвгар фæкъахта æмæ йæ Дауытмæ авæрдта:

— Гъа, Дауыт, Барзинæн аххуыс кæн ды дæр, науæд тæригъæд у.

— Æри, æз дæр ын акъахдзынæн, æрмæст, ды цас скъахтай, уыйас нæ бафæраздзынæн.

Уæд Барзин афтæ зæгъы:

— Адæмы хуыздæр фæуат, кæд кæцæй фестут! Акæс-ма, хорз лæгты æххуыс мын бакодтой. Хуыцау уæ æххæст лæгтæ скæнæд, уæ амонд æххæст амонд куыд уа. — Стæй сæ афарста: — Куыд æгъдауæй уæ зæрдыл æрлæууыд ардæм æрбацæуын? Исчи уæ æрбарвыста æви уæхæдæг æрбацыдыстут?

— Мах Хъугърион æрбарвыста уиззатæм æмæ стъæлхатæм, — дзуапп радта Къоста.

Барзин бахудт.

— Уæ, йæ сæр бахæра зæронд Хъугърион, нæма уын мæлы? Стъæлхатæ хæрын ма уын фæразы, дæндæгтæ ма йын ис? Нары фæхъхъау фæуа Хъугърион.

Къоста Барзинмæ бауырдыг:

— Дæхæдæг амæл! Хъугърионы цæмæн марыс? Дæуæн хуым къахын дæр нæ хъуыд, бæргæ. Хъугърион куы амæла, уæд ма махæн мад кæм уыдзæнис? Мæнæн мæ иу мад амардис, ныр та мын Хъугърион дæр амæла?

Къоста скуыдта æмæ тæргайæ рацæуы. Барзин ма йæм бæргæ дзуры:

— Ма ацу, хъазгæ кодтон. Хъугърионæн уиззатæ æмæ стъæлхатæ ахæсс, æмæ уæ гал бузныг дæр фæуыдзæн æмæ бæх бузныг дæр.

Къоста ноджы тынгдæр ныккуыдта:

— Дæхи ус бадæд бæхыл, махæн нæ мад бæхыл никуы фæбады. Цæмæй бæхæй рахауа, ды уый кæныс.

— Ма йын тæрс, Хъугърион никуы амæлдзæн. О, бирæ уын фæцæра Уæллаг Нарыхъæуæн Хъугърион, цалынмæ мыст æлвынынæн сбæзза, хъамыл та — хæрынæн.

Барзин йæхæдæг уиззатæ æмæ стъæлхатæ рамбырд кодта æмæ сæ Къостамæ бадардта:

— Хæсгæ сæ кæн, науæд Нарыхъæу æцæгдæр зæгъдзысты, Барзинæн йæ цæст стъæлхатæ дæттын нæ бауарзта æмæ сидзæр лæппуйы бафхæрдта. О, мæ дзых куыд ахауд, кæцæй мæ зæрдыл æрбалæууыд ахæм ныхас? Никуал æй зæгъдзынæн. Хъугърионы цæрæнбоны тыххæй кувдзынæн æдзух.

Дауыт райста уиззатæ æмæ стъæлхатæ. Къоста фæстæмæ дæр нал фæкаст, кæугæ-дзургæ уайы:

— Фæлæуу, Барзин, æз уыцы маст дæуæн нæ ныууадздзынæн. Бавдæлдзынæн æмæ йын йæ уæлхæдзар скъахдзынæн.

Къоста æмæ Дауыт æцæгдæр Барзины уæлхæдзар скъахтой. Уæд иу æхсæв мит зæгъимæ уарыд. Барзины уæлхæдзарæй тæдзын байдыдта къæвдайы дон.

— Мæнæ диссаг! Æдде куыд уары, нæ хæдзары дæр афтæ куы тæдзы, уæд цы хабар уа? — дис кæнынц Барзин æмæ йæ бинонтæ.

Сæ хуыссæнтæ куы кæм авæрынц, куы кæм.

— Хуыцауы æмбисонд нæу? Уæуу, мæнæ диссаг, æхсæв дæр цæй даргъ ныцци, уарын дæр æппын куы нал æнцайы.

Уалынмæ бон дæр æрбарухс. Барзин фæйнæрдæм хъæр кæны:

— Уæллæй, Нарыхъæу, дысон-бонмæ æгъуыссæг фестæм. Нæ хæдзармæ бакæсынæй ма диссагдæр цы уыдзæн. Зæрдæ йæ уындæй судзгæ рæхуыстытæ кæны.

Къоста æмæ Дауыты хабар чи фехъуыста, уыдон худæгæй мæлынц:

— Нывонд скæн, Барзин, къæвда рауадзæгæн, æмæ дæ дыккаг хатт афтæ мауал стыхсын кæна. Уый дæ, бæлвырд, куывд агуры.

— Цæуылнæ худат, Нарыхъæу. Уæ хъал мыл калут, дысон-бонмæ мæнау æгъуыссæг куы нæ фестут, мыййаг.

Барзины хъустыл цæуын байдыдта, Къоста æмæ йын Дауыт фыддæрагæн йæ уæлхæдзар кæй скъахтой.

Хъугърион лæппуты фæрсы:

— Барзины уæлхæдзар сымах скъахтат, мыййаг? Уæд уын æз амæлон, раст куы нæ зæгъат.

— Бæгуыдæр æй скъахтам мах. Уæдæ, Хъугърион амæлæд, цæмæн загъта?

— Нæ, нæ, мæ къонатæ, уæ фæхъхъау фæуон, уый уæ хъазгæ кодта. Габаты Барзин йæ хъазæн ныхæстæ судзаг марды уæлсынты цур дæр фæкæны.

Хъугърион Къоста æмæ Дауытæн нæмынæй тарсти æмæ Барзинмæ хатæг бацыди.

— Дæ бон хорз уа, сæртæгзонд лæппу!

— Алы бон нæм æгас цæуай, Хъугърион, — бахудт Барзин. — Кæцæй фæдæ, дæ хабæрттæ ракæн. Уæллæй, Хъугърион, хъазын хъазын у, фæлæ мын Къоста æмæ Къæберы фырт Дауыт мæ уæлхæдзар скъахтой. Бауырнæд дæ, æхсæв-бонмæ фынæй нæ бакодтон.

— Уæ сæлхæр, цытæ сын фæдзурыс æмæ сæ дæхимæ фыдæх цæмæн кæныс? Уыцы кæугæ мæм куы æрхæццæ сты.

Къоста, мæгуырæг, ныттыппыр. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, кæд ма йæ бон сдзурын дæр уыди. Йæ ныхас-иу хъуыры рæбын æрбабадт. Абабау, мыййаг сæ ма фæнæмай — мæ цард-цæрæнбонты дæм дзыхæй нал сдзурдзынæн. Сидзæр мæгуыр у, сидзæрæн кæуæг йæ хъуыры бын бады, сидзæр рæвдауын уарзы. Сидзæры фаг хорздзинад кæм ис? Æмбисондæн куы баззад особайæ ардæм: сидзæрхæссæг, дам, тугдзых у, хъыбылхæссæг та сойдзых кæны. Хъугърион бирæ диссæгтæ бавзæрста Нарыхъæуы æхсæн дæр æмæ йæ райгуырæн уæзæгыл дæр. Хур æмæ мæйы фæстæ кæугæ æмæ дзыназгæ куы баззадтæн. Хъугърион уæ фæхъхъау куы фæуид дыууæ Нарыхъæуæн.

— Хуыцауы тыххæй, Уæллаг Нарæй ардæм мæнмæ æрбацыдтæ, ма сæ фæнæмон, зæгъгæ? Куыд сæ хъуамæ фæнæмон? Уæллæй, æз ма сæ мæхæдæг бузныг дæр фæдæн. Акæс-ма, куыд хъыг сæм фæкасти. Хъугърионы, дам, цæмæн марыс? Хуыцау сæ хорзæй байрæзын кæнæд. Ма тæрс, æз уыдонмæ лæдзæг нæ, фæлæ мæ къух дæр нæ сисдзынæн. Уæд Барзинæн йæ къухтæ сæ рæбынæй ахауæнт. Мах дыууæ Нарыхъæуæй дæр Лиайы доны был куы сбадæм æмæ къæртайæ дон куы калæм, уæддæр дын дæ хорздзинæдтæ фыст куы нæ фæуыдзыстæм. Дыууæ Нарæн дæр дæ арм фынгæн куы дарыс, стырæй, чысылæй рæвдыд дæуæй куы зонæм, дæ къухтæй нын сой куы цæуы. Хъазын хъазын у, фæлæ бæгæны цæттæ у æви нæу?

— Уæ сæлхæр, бæгæны уыйбæрц дæр куы нуазиккат. Мæнæ тагъд куадзæнтæ куы æрбацæуынц, уæд бæгæныйы кой та цы кæныс? Знон зад бафтыдтон, мæ судзгæ мæрдтыстæн, æртæ къæссайы сæ тæккæ былтæй кæлгæйæ, сыгъдæг кæрвæдзæг[13] хорæй.

— Хуыцау кæсдзæн æмæ та дыууæ Нарыхъæумæ — Хъугърионы сау бæгæныйæ нæхи хорз фендзыстæм. Физонæгæй, уæлибæхæй та фынгтæ сæ былтæй кæлдзысты. Сугцух дæ, мыййаг, Хъугърион? Сугтæ сæттын та сæлхæр Барзины бар уадз.

— Мæ мард фен, лæппутæм мацы сдзур.

— О Хъугърион, цытæ дзурыс? Къоста мæгуыр у, мæгуыр, дыууæ Нарыхъæуы, рæвдауинаг уын у. Чи зоны, æмæ йæм цавæр амонд æнхъæлмæ кæсы — йæ фыды фырт нæу, мыййаг? Лалымы цы ныккæнай, уый дзы вæййы: дон дзы куы ныккæнай, уæд дзы дон уыдзæн, арахъхъ дзы куы ныккæнай, уæд дзы арахъхъ уыдзæн. Чи кæмæй райгуыра, уый хуызæн кæны, мæ хур.

— Къоста алы дариты кæрæттæй конд у, дæлæ уæздæттимæ куы æрцыди фыст. Афтæ хорзæй мын куы бахъомыл уаид. Ныридæгæн дæр бæрæг у йæ ныхы æвæрдыл, йæ алы ныхасæй, йæ алы хъуыды æмæ зондæй. Знон та мæм æрбацыд æмæ мын афтæ зæгъы: «Æз мæ ермодзтæ[14] хорз ахуыр кæнын, науæд Хакъо дæр æдзух маст кæны». Уæлæ, дам, Хуырымты лæппутæ æмæ Регахы лæппутæ сæ ермодзтæ хорз нæ ахуыр кæнынц. Æмæ, дам, сæ Хакъо йæ разы æрлæууын кæны: цæуылнæ ахуыр кæнут, уæ фыдæлтæ уын æрмидурæй скъола куы сарæзтой, уæд, дам, уæ фыдæлтæн тæригъæд цæуылнæ кæнут. Цы, дам, сæ йæхицæн агуры. Къоста мын арæх фæдзуры: «О Хъугърион, хъæдын фæрдыг, ратæр мын хъæдæй мæ дыгæрдыг». Худæгæй мæ фæмары.

XVII

Нарыхъæуы хæд сæрмæ иу бæрзонд хохы сæрыл Зæрдырайы кувæндон уыди. Кувæндонмæ æрмæст устытæ цыдысты. Кусæрттæ дзы нæ кодтой, фæлæ-иу устытæ дзыккайы кæхцытимæ æмæ уæлибæхтимæ араст кодтой. Сæ сывæллæттæ кæуаг кæмæн уыдысты, кæнæ истæмæй рынчынтæ уыдаиккой, йе сæ цæстытæ рыстаиккой, йе та-иу хæлмаг уыдаиккой, уæд-иу сæ алы сæрд дæр Зæрдырайы кувæндонмæ хастой. Устытæ æмæ чызджытæ дæр-иу семæ ацыдысты. Кувæндоны сын уыд фæндыр æмæ йæ Зæрдырайæ никæд хастой.

— Уадз æмæ лæууа ацы ран сæрдæй-зымæгæй.

Тæссаг ын ницæмæй уыди. Кувæндоны бынмæ тынг арф лæгæт уыди, къæвдайы æртæх æм хаугæ дæр нæ кодта. Чызджытæ æмæ чындзытæ-иу æй рæсугъд ныммарзтой уисойæ. Уыди дзы авдæнтæ дæр иу цалдæр, уымæн æмæ-иу дзидзидай сывæллæтты дæр Зæрдырайы кувæндонмæ хастой æмæ-иу æхсæв-бонмæ дæр баззадысты. Минас-иу куыннæ кодтаиккой, фæндырæй дæр цагътой æмæ сæ бæрæгбон тынг хъæлдзæгæй æрвыстой.

Уæдæ-иу зæронд устытæм бакæсын диссаг куыннæ уыдаид. Сæхи-иу кафгæйæ куы айстой, уæд-иу Къоста бакъæцæл:

— Хъугърионæй хуыздæр дзы ничи кафы.

Хъугърион дæр-иу куыннæ худтаид:

— Омæ, мæ лæппу, уæдæ Хъугърион йæ кæстæртæн куы нæ акафа, уæд мæнæ ног чындзытæ æфсæрмы кæнынц. Уадз, æмæ сæхи хъæлдзæг кæной. Цард цæрынмæ у, адæймаг мæнæ дидинæгæй хъауджыдæр нæу, уайтагъд цыдæр æрбавæййы. Иугæр цæрæг уд зæрондырдæм куы азила, уæд æй кафыны мæт дæр нал вæййы.

Къоста та-иу уæд йæ худын фæцырындæр кодта:

— Уæдæ, Хъугърион, ды хорз куы кафыс, кæд зæронды кафыны мæт нал вæййы, уæд. Кæнæ мæнæ Пыхси дæр хорз куы кафы, уæдæ Баблойæ цы зæгъдзынæ, кæнæ Æна — барæг сæ кафгæ-кафын куы нæ раййафдзæн.

Къостайы ныхасмæ фыр худæгæй къæцæлтæ кодтой.

— Уæ, дæ райгуырæн бонæн мæ уд нывонд фæуа, кæд уый та уæд дæ зæрдыл кæцæй æрбалæууыди, æмæ дын дæ дзыхы ныхæстæ кæд исчи æвæргæ нæ фæкæны.

Къоста та уæд афтæ зæгъы:

— Хъугърион, ды фыс нæ дæ, кæнæ гал, кæнæ сæгъ — мæ райгуырæн бонæн дæхи цæмæн нывонд кæныс?

— Омæ дын æз фыр буцæн афтæ фæзæгъын, æндæр галтæ æмæ фыстæ дæ сæрыл хаст фæуæд. Дæлæ нæ хицæутты зыгъар гал дæ райгуырæн бонæн нывонд фæуæд, сызгъæрин къæлæтджын бандæттæ æмæ фынгтыл та дæ зæды хæйттæ æмæ иннæты зæды хæйттæ фæбадæнт, цардæй мын фаг æфсæст куыд æрцæуат. Нæ хицæуттæн гуырд мæгуырау нæ кæны.

Къаннæг лæппуты дæр-иу кафын кодтой чындзытимæ. Къостайæ рæвдздæр сæ ничи уыд кафынмæ. Уардан-иу йæ иу къахæй сирдта æмæ-иу æм Къоста лæдзæг фелвæста:

— Уардан, дæ рахиз къахыл ауæрдгæ кæныс, цæмæннæ дзы сирыс? — Æмæ та-иу æй лæдзæгæй фæцæйцавта, фæлæ йæ цæст ныццæвын дæр нæ уарзта.

Къæберы фырт Дауыт дæр кафыны ’рдæм здæхт нæ уыди, фæлæ-иу æй уæддæр ракафын кодтой:

— Хъуамæ лæппу алцæмæ дæр арæхса. Уæдæ дæ искуы кафыны сæр куы бахъæуа, уæд «нæ зонын» цæмæн хъуамæ зæгъай? Фæлварын хъæуы.

— Тынг раст зæгъыс, Къоста. Уæлæ Телгты Дауыты йæ каистæ кафын кодтой æмæ, дам, куы ракафыд, уæд ыл адæм фæйнæрдыгæй сæхи худæгæй схастой, æфсæст галы сæпп-сæпп, дам, кодта, йæ лæф-лæф, дам, ссыди. Æвзæрыл, дам, гакк нæ вæййы, фæлæ йæ митæ æмæ æгъдæуттæй æвзæр вæййы. Тынг хорз сæ ахуыр кæныс дæ æфсымæрты, Къоста. Хъуамæ уæдæ Къостайы хорз æфсымæртæ кафын ма зоной æмæ далæ нæ хицæутты мæгуырау гуырд Алыксийы хуызæнæй æрвитой сæ цард? Алыксийы йæ цард-цæрæнбонты зæххыл йæ къæхтæ ахафгæ кæд чи федта? Кафын зонгæ дæр нæ бакæндзæн.

Къоста худæгæй бакъæцæл æмæ афтæ зæгъы:

— Хъугърион, Алыкси расыгæй хæрдмæ куы фæхауы, уæд æм куы бакæсис. Мах æй цалдæр хатты ракафын кодтам.

— Уайдзаг бауæд æвзæрæн йæ сæр, кæд уый кафынты мæт нæй. Фæндагыл цæуын куы нæ зоны, доны куы фæцæуы, уæд кæмæй æппæлыс, Къоста? Æви та мах фæхудæм, уый дæ фæнды, худæн бонтæ дын Хуыцау ратта.

Устыты куывдмæ лæгтæй ничи никæд цыди, фæлæ-иу Къоста Алыксийæн базонын кодта, Зæрдырайы куывд кæд уыдзæн æмæ-иу æй Алыкси æдзухдæр фæрсаг уыди:

— Мæ чысыл æфсымæр, ныр Зæрдырайы куывд кæд уыдзæн, уый-иу мын зæгъ. Ды мын куы нæ уай, уæд мæнæн цæрæн нæй. Ды мын куыд тæригъæд кæныс, афтæ мын дæлæ абырæджы фырт бæгуы батæригъæд кæндзæн. Уый куы фæфæрсын, уæд мæ æдзухдæр сайгæ фæкæны.

Уардан-иу æй æцæгдæр асайдта. Иу къæвда боны Алыкси къæдзæхрæбын бады æмæ зары цыдæртæ. Цæй зарын зыдта, фæлæ-иу истытæ фæлвæрдта. Уардан æм бацыди æмæ йæм дзуры:

— Ды уал зар, Алыкси. Уæлæ Зæрдырайы устытæ минасæй сæхи хорз уынынц.

Алыкси куыддæрæй аззади.

— Æз Къостайы знон куы фарстон æмæ мын афтæ куы загъта, къуыри, дам, ма йæм ис. Уæ, Хуыцау мæ куыд федта — бадгæйæ ма сæ сæййафдзынæн?

— Цæугæ кæн, нырма ахсæв дæр уым уыдзысты. Æвдулгæ дзыккатæн та-иу сивыр йæ тæккæ дзагæй цыхтытæ цæттæ кодтой.

— Цæуон уæдæ, къæвда мæ хæргæ, мыййаг, нæ бакæндзæн.

Уыцы тыхджын къæвдайы рараст, йæ дзæкъул йæ æккой æрбакодта.

— Адæмы хуыздæр фæуай, акæс-ма, куыд æмбаргæ у, куыд мын бамбарын кодта. Уæдæ æрмæст Хъугърионæй æндæр дзыккатæ æмæ лæппæг уæлибæхтæ хæрын ничи зоны? Лæгæн, дам, Зæрдырайы кувæндонмæ цæуын не ’мбæлы, цыма лæгæн хæринаг нæ тайы. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, Хъугърион зонгæ кæны, кæрдо кæцæй хауы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.