Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 6 страница



Дауыт скуыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Ныр уæд та лæбырды бын фæмард дæ, уæд æз цы фæуыдаин? Æз дæр мæхи доны ныппæрстаин.

Къоста æмæ Дауыт сæ кæрæдзийыл сæхи баппæрстой æмæ кæуынмæ фесты.

Уæд Уардан афтæ зæгъы:

— Ма кæут, кæннод та исчи Къæбермæ фæхабар кæндзæн, Уардан Къоста æмæ Дауыты фæнадта æмæ кæуынц, зæгъгæ, æмæ та уæд Уарданæн — над Хуыцауы рæстæй. Хъугърион та мæнæн алы фыд ныхæстæ кæндзæн: «Сабыр лæппуты асайдтай æмæ сæ кæмдæр сафгæ кодтай, хæйрæджы ивддзаг».

Къоста æмæ Дауыт дæр Уарданæн куыд тæригъæд кодтой, афтæ нал скуыдтой.

— Æцæгдæр ацы хатт Уарданы аххос нæ уыди, уый куы нæ ракодта дæу дæр æмæ мæн дæр, нæхæдæг рацыдыстæм. Фæлæ нæ чи бафæрсдзæн æмæ кæй бауырндзæн, ацы ран Уардан аххосджын нæ уыд, уый. Цæуæм, цалынмæ та нæм хъæуæй агурæг нæ рацыдысты, уæдмæ нæ хæмпæлтæ фæхæссæм æмæ сæ самайæм къæдзæхрæбын. Хъуамæ ногбонты ахæм сой-сой скæнæм, æмæ нæ арт Уæллаг Æрчъигæнæнмæ куыд схæццæ уа.

Æцæгдзинад дæр сæ ничи загъта Къæберæн дæр æмæ Елбердæн дæр. Фахсы лæбырдмæ фенынмæ бацыдысты. Фæлæ та уайтагъд Хъугърионы хъустыл æрцыд æмæ та æцæгдæр Уарданмæ балæбурдта:

— Уæртæ хæйрæджы ивддзаг, цалынмæ нæ хицæутты фыдбылызы ныппарай, уæдмæ иу ран не ’ркæндзынæ. Арв дæ куы æрцæвид, уæлхурон хæйрæг, æмæ дæ нæ хицæуттæ иу ирвæзт куы фæкæниккой.

Уардан фæмæсты, дойнаг дур фелвæста æмæ дзы йæ дæндæгтæ цыргъ кæнынмæ фæци:

— Æз дæу хист хæрынмæ мæнæ мæ дæндæгтæ бæргæ цыргъ кæнын, кæд мæ нал уадзыс, уæд! Æз Къостайы фахсмæ ме ’ккойы, мыййаг, бахастон? Æз уыцы бон хъæдмæ дæр æмæ хæмпæлтæ тонынмæ дæр куы нæ цыдтæн. Къоста йæхæдæг куы æрбацыд мæнмæ дæр æмæ Дауытмæ дæр. Ныр та Уарданы аххос куыд фæци.

— Ацу æмæ дæумæ фæнды дзур, фæнды ма дзур. Уæлхурон хæйрæг кæмæн басæтдзæн?

Къоста дæр та рауад:

— Уæ Хъугърион, уыцы бон Уардан æппындæр аххосджын нæ уыд, æз æй акодтон.

Уалынмæ Ногбонтæ дæр æрхæццæ сты. Нарыхъæуы-иу ногбонтæм лæппутæн цыхт ахст уыди сой-сойæн, бæрæггæнæнтæ-иу ыл ныккодтой, куыннæ фæивддзаг уа, афтæ. Ноджыдæр ма-иу сын фиу дæр уыди.

Ногбон æхсæв Къоста æмæ йæ æмбæлттæ фæсахсæвæртæм быргæ кодтой. Нары хъугоммæ сæ дзоныгътæ æмæ сæ къæлæттæ хастой æмæ-иу уырдыгæй доныбылмæ рабырыдысты, фæсахсæвæртæм сæ фаг фæхъазыдысты. Хъугърионмæ къодæхты арт гуыр-гуырæй сыгъди. Фæсахсæвæртæм куы фæхъазыдысты, уæд сæм Хъугърион рацыд:

— Рацæут, мæ хуртæ, ныр нал æмбæлы дуармæ, алкæмæн бæрæгæхсæв у. Æз уын замманайы хыссæ куы скодтон. Рацæут æмæ уæхицæн цæукъатæ æмæ фыркъатæ саразут.

Куыннæ бацин кодтаиккой лæппутæ. Къоста фыркъатæ аразынмæ хъæбæр дæсны уыди. Ноджыдæр ма арæзта сагтæ æмæ сæгуыттæ, сыл саг æмæ нæл саг сæ лæппынимæ, уасæг, карк, сæгъ æд сæныкк, фыс æд уæрыкк, бæх æд барæг, фыййау йæ уæлæдарæн нымæты.

Ногбон æхсæв-иу бонмæ бадтысты, стыр къодах-иу сыгъди хæдзары астæу, ирон артдзæст æй хуыдтой, æмæ-иу æхсæв-бонмæ къодахы сæрты гæппытæ кодтой.

Хъугърион сын афтæ дзураг уыди:

— Ногбон æхсæв къодахыл гæппытæ кæнын хъæуы, судзаг артыл, уæд низ хæстæг нæ цæуы, ноджыдæр ма уæнг кæны рог.

Хъугърионы ныхæстæм та зæрдиагонæй хъуыстой Къоста дæр æмæ йæ æмбæлттæ дæр.

Лæгтæ-иу Къостайы арæзт фырытæ æмæ сагтæм кæсгæйæ баззадысты:

— Куыд рæсугъд сæ аразы! Ай у лæггаг, кæд æй Хуыцауы цæст бауарза, уæд. Ныридæгæн ахæм февнæлд æмæ арæхст кæмæ ис, уый ма уæд дарддæр та цы уыдзæн?

Хъугърионы хæдзары-иу сын цыма дзæнæт байгом, афтæ æхсызгон-иу сын уыди канд ногбон æхсæв нæ, фæлæ алы æхсæв дæр. Хъугърионы хойраг сын адджындæр уыди, уæдæ йæ фæлмæн æмæ рæвдауæн ныхас дæр афтæ.

Хорз фæгæппытæ кодтой судзгæ арты сæрты, уæдæ сæ алчидæр фыркъайæ уæд цæукъайæ, сагæй уæд сæгуытæй срæвдз кодта æмæ сæ сæвæрдтой паройгонды. Бонивайæнмæ æнхъæлмæ кастысты, фыццаг кæркуасæнæй раздæр сæ нæ уагъта Хъугърион.

— Ногбон æхсæв, мæ хуртæ, æнафоны дуармæ ничи цæуы, дæлимонтæй тæссаг у.

Къоста æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Мах дæлимонтæй нæ тæрсæм. Махæй уыдон цæмæй домбайдæр æмæ зондджындæр уыдзысты, нæ зонын.

— Афтæ ма дзур, мæ лæппу, ахæм ныхæстæй дæхи иуварс лас. Сæ сызгъæрин хъустæй нæм фæхъусæд, уыдонæн сæ бон бирæ у галиудзинадырдæм дæр æмæ рахизырдæм дæр.

Уалынмæ уасæг фыццаг уастæй ныууасыди. Къостайæн мæлæты æхсызгон уыди:

— Рæвдздæр, нæ цыхт æмæ нæ фиу кæм сты? Уæхстытæ дæр ма ферох кæнут. Æз зынг хæссын сойсойгæнæнмæ.

Къоста уайтагъд Уæллаг Нарыхъæуы комкоммæ иу бæрзонд къуыбыры сæрмæ арт андзæрста, йæхæдæг хъæр кæны:

— Рæвдздæр ардæм! Сой! Сой! Сой!

Лæппутæ дæр уайынмæ фесты, хæмпæлтæ цырынæй судзынц, цыхт æмæ фиу уæхстыл бакодтой æмæ хъæр кæнынц:

— Сой! Сой! Æгас Нарыхъæуæн дæр сой цард, фиу цард, æнæниз цард! Фидæнмæ дæр сой, уый фидæнмæ дæр сой! Бæркадæн дæр сой, хорæн дæр сой, фосæн дæр, бæхтæн дæр! Хъуццытæн дыгай родтæ куыд гуыра, бæхтæн сираг æмæ дугъон байрæгтæ куыд гуыра, ахæм сой фæуæд нæ сой! Цардамондæн æххуыс куыд уа, нæ зæронд лæгтæ æмæ устытæ ма фондзыссæдзгай азтæ куыд фæцæрой æнæниз æмæ хъæлдзæг цардæй! Нæ кæстæр фæсивæд дæр лæппуйæ, чызгæй сæ цард амондджынæй куыд æрвитой! Нæ чындзытæн лæппутæ куыд гуыра!

Хъугърион дæр сæм зæрдиагæй хъусы æмæ худы:

— Цæрынæй хæрынмæ дæр ма исчи ахæм сой-сой скодта. Уыдон мæхи лæппутæ сты, мæхи, цард сын фестон, цард. Кæсут, нæ хицæуттæ, сымах дæр куы уыдыстут къаннæг лæппутæ, искæд уæ исчи ахæм фидар арфæ ракодта. Кæнæ уыцы аив ныхæстæм хæлæг дæр нæ кæнут?

Ахæм стыр арт сыгъди къуыбырыл æмæ Нары кæмттæм сегасмæ дæр рухс кодта, суанг Фаллаг коммæ дæр. Уæлæ Цъесмæ, Сыласмæ акæс, уæд алкæмæй дæр калди рухс, сой-сой дæр хъуысыди. Фæлæ уæддæр Къостайы сой-сойæ тынгдæр никæцæй хъуысыди хъæр дæр æмæ рухс дæр.

Раздæр Къоста скодта арт, базмæлын сæ кодта æгас Нары хъæуты дæр. Уæллаг Нары къуыппæй ахæм адджын хусысмаг калд, æмæ алкæй зæрдæ дæр рухс кодта.

Къæбер былæй ракаст æмæ худæгæй куыннæ марди.

Елберд дæр рабадти, Къæбермæ дзуры:

— Райхъал нæ кодтой нæ гуырдтæ. Хуыцауы тыххæй, бæстæ æгасæй дæр хусысмаг куыд акалди.

— Уæллæй, акалди. Хъæуы алцы дæр. Ме знагæй ма уæд хусысмаг дæр ма акæлæд.

Сой-сойы цыхт æмæ фиуæй алы хæдзармæ дæр хастой. Къоста цыдис разæй.

— Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Мæ худы цал æрдуйы ис, уал амонды, уал хорзæхы уæ уæд! Фосæй дæр æфсæст куыд уат, хорæй дæр æфсæст куыд уат, уæ фидæн абон уыл ноджы хъæлдзæгдæр æмæ æнæниздæрæй куыд æрцæуа! — Цыхты къæртт æмæ фиуæй физонæг æфсинмæ лæвæрдта: — Гъа, мæнæ хорз æфсин, дæ къухæй сой цæуæд, дæ къæбиц уæле исгæ, бынæй ахадгæ фæуæд! Дæ бинонтæ бонæй-бон фылдæр куыд кæной, низæй дын æнæ хай куыд уой, амондæй та уæд хайджын куыд фæуой! Цалынмæ хохы сæрмæ фæзæй дур тула, уалынмæ уæ йæ къахы алгъæй дæр мачи схъæрзæд!

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуай, дæ цæстуарзон арфæтæ дæ дзыхæй куыд сдзырдтай, дæ цæстæй дæр сæ афтæ фенай! Дæ мад Гуыбиан цалынмæ мæрдтæй цæуа, уæдмæ куыд фæцæрай, фыдбылыз дæм дард куыд лæууа, амонд та — хæстæг! Иу бæгæны нæм ануаз ды дæр æмæ де ’мбæлттæ дæр, хæдзарæй æнæ аходгæйæ ничи цæуы.

Къоста-иу къаннæггомау нуазæн ануæзта. Дауыт нæ нуæзта. Уардан дæр куыд æмбæлд, афтæ кодта Къостайы амындмæ гæсгæ, хъуыста йæм. Иугæр куы фембаргæдæр, уæд Къоста цыдæриддæр дзырдта, уыдоныл иу кæнæ дыууæ никуы кодта.

Адæймаг йæ сывæллоны бонты йæхи хорзæй куы равдисы, уæд ын æвзæрæй тас нæу. Кæд сывæллонæй йæ зонд фæбæззы, йæ архайд, йæ хъуыды, уæд куы слæг уа, уæд йæ хорздзинад цы хъуамæ фæуа, кæд æмæ йæ зонд дæр фылдæр æмæ домбайдæр кæндзæн? Уæдæ куыд рæза æмæ куыд хъомылдæр кæна, афтæ йæ тых дæр фылдæрæй-фылдæр кæндзæн.

XV

Цыппурсы карз æмæ ногбоны хъызт ралæууыди. Нарыхъæуы доныбылтæ дæвдæг ихæй абузтой дыууæрдыгæй дæр: Захъайы дон æнæбыны абузтæй абузта, уæдæ Лиайы дон дæр. Цæуæг адæймагæн фыр хъызтæй йæ къæхтæ къыбар-къыбур кодтой. Дон хæрдмæ фæцыди æмæ мæнæ хæхтæ куыд сбæрзонд уой, афтæ их дон сбæрзонд, цъæх-цъæхид дардта айдæнау. Стурæй, хъомæй-иу дон нуазынмæ куы рацыдысты, уæд-иу сæ зыр-зыр цыди, ихы сæрыл сæ бон нæ уыди цæуын, кæлæддзаг уыди уыцы лæгъз их. Уæдæ ас адæмæй дæр чи рацыдаид стурты фæдыл, уыдон дзы тæрсгæ кодтой фæкæлынæй. Фæлæ сывæллæттæн та сæ амонд æрцыди: бон-изæрмæ бынтон бæгъæввадæй уыцы уазал бонты ихы сæрыл дыууæрдæм разгъор-базгъор кодтой чызгæй, лæппуйæ. Æмæ та-иу æрбауадысты, сæ къæхтæ Алыксийы артмæ атавтой, фæстæмæ та-иу уыцы згъордæй азгъордтой.

Диссаг дæр куыннæ уыд: бон-изæрмæ ихы сæрыл бæгъæввадæй фæрауай-бауай кæн, æмæ дæ зæрдæ дæ сывæллонмæ ма фехсайæд, кæнæ ахæм уазалы дæ сывæллон рынчын дæр ма фæуæд. Æцæг ас адæмтæ хъарм кæрцытæ дараг уыдысты. Уæдæ къæхтыл дæр фылдæр дардтой химæхуыд хъусджын дзабыртæ, фæсал-иу сæ бакодтой зæнгойæ æндæрæй. Уæдæ цармæй хуыд хæлæфтæ. Хъомыл лæппутæ дæр афтæ хъармæй дардтой сæхи.

Уæд иу бон устытæ уæлмæрдмæ ацыдысты. Мæрдджынтæ Ногбонты сæ мæрдтæн цыдæр рухсгæнинæгтимæ цæуыныл ныллæууыдысты. Сæхи арæвдз кодтой, Дæллаг Нарыхъæуæй Уæллаг Нарыхъæумæ хонæг арвыстой. Мæрдджынтæн уæлмæрдмæ цæй æнæ суайгæ уыди. Мард уазал æмæ хъармæй нæ фæрсы, фæлæ йын йæ хъуыддæгтæ цыфæнды уазалы дæр фæрæвдз кæнынц. Мит дæр тынг уарыд, уæддæр нæ фæзивæг кодтой. Уæлмæрдтæм тыххæй ссыдысты. Куыннæ кæугæ дæр фæкодтаиккой, куыннæ рухсаг дæр загътаиккой — уæлмæрдтæм кафынмæ кæнæ симынмæ куы нæ ссыдысты. Мит та уарынæй нал æмæ нал æнцайы, уазал дæр хъæбæр уыди. Устытæ куыннæ афæстаит уыдаиккой. Зымæгон уазал изæр дæр цыма мæгуыр зианджынтæн фыддæрадæн кодта, афтæ раст цыдæр талынг сси æваст. Устытæн сæ бон сыстын дæр нал у фыр уазалæй. Сæхæдæг катай кæнынц:

— Ныр цы фæуæм?

Уæд ма сæ кæцыдæр йæхи фæсæрæн кодта æмæ хъæр кæны:

— Мæнæ уазалæй ныссалдысты устытæ, фæндаг дæр мит кæй сæхгæдта, уый нæ зонут?!

Къоста лæппутæм фæдзырдта:

— Фыййæгтæ рахæссут æмæ цæуæм, фæндаг сын скæнæм. Къоста разæй миттæ калы, иннæ лæппутæ дæр.

— Тагъддæр кæнæм, науæд уæлæ уазалæй мæлынц.

Уардан афтæ зæгъы:

— Сæ куыд æцæг куыдмæ куыд рауад. Уæд сæ ахæм бон уæлмæрдтæм цы ахаста? Ныр дыккаг хатт нал сфардæг уыдзысты уæлмæрдтæм ахæм уазал æмæ хъызт бон.

Къоста та Уарданмæ мæсты кодта:

— Ныууадз-ма, Уардан, дæ дзæгъæл бæр-бæр, ай устытæ уæлæ мæлгæ кæнынц, ды та ма хъал ныхæстæ кæныс. Исты сæ хъалæй ацыдысты? Мах хъазынмæ куы ацæуæм æмæ нæ афтæмæй зæй куы æрæййафы, уæд хорз вæййы? Уыдон нæм фæдисы куы фæцæуынц сæхи хойгæ.

Уалынмæ бахæццæ сты. Къоста Хъугърионы æнцой бацыд æмæ йæ хæссæгау кæны.

— Ма тæрс, мæ лæппу, ницы мын уыдзæн.

Пыхсийы та Уардан сæккой кодта, æрыгондæр устытæ сæхæдæг цæуынц, лæппутæ сын фæндаг кæнынц фыййæгтæй.

Уардан худы æмæ афтæ зæгъы:

— Ме знаджы ме ’ккойы куыд хæссын. Ныр мын лæгъстæйаг хорз куы фæдæ, Пыхси. Уæлхурон хæйрæг мын макуал зæгъай, уæд дæ æз дыккаг хатт нал сæккой кæндзынæн.

Пыхсийы ма дзурыны бон дæр кæм уыди, йæ буар сау хъулон аци фыр уазалæй.

Уазалæй мæлæг, дам, йæ мæлæт нæ зоны, æрмæст æй кæм æрæййафы, уыцы ран амæлы.

Хорз, æмæ Алыксийы арт гуыр-гуырæй сыгъди, æмæ сæ раздæр уырдæм бахастой. Алыкси хъармы бады æмæ зары. Джихауæй аззади.

— Цы та лухут уый, лæппутæ?

— Мæнæ сæ нæ уыныс — салд устытæ фæндагыл ссардтам.

— Мæнæ диссаг, æмæ сæ уæд куыд ссардтат?

Къоста Уарданмæ бадзагъултæ кодта:

— Хистæртæй цы хъазыс, дæу æмгар сты?

Дауыт дæр фыр æфсæрмæй цы фæуа, уый нал зоны, фæлæ Уарданмæ сдзурын дæр кæм уæнды.

Устытæ сæхи батавтой æмæ Уарданы ныхæстæм сæхæдæг дæр худæгæй мæлынмæ фесты.

Ахæм хъызт зымæгтæ-иу скæнаг уыди, фæлæ арæх нæ уыдысты.

Уыцы изæр дзæвгар фæбадтысты Алыксийы артмæ. Уалынмæ хъомылдæр лæппутæ æрбацыдысты æмæ уыдон дæр райдыдтой худын.

— Уæллæй, ницы бамбæрстам, æндæр уæм мах дæр бæргæ суадаиккам. Хъазын хъазын у, фæлæ махæн нæ хæс уыди. Зын хъуыддæгтæ иууылдæр Къоста кæны.

— Къоста мæхи лæппу у, мæхи. Хъугърион ын, мæгуырæг, фæцæймарди, æмæ фæндаг хæрдмæ куыд тагъд арæвдз кодта, мит лæджы хъуырмæ уыд, афтæмæй. Йæ къухты фæхъхъау ын цы фæуон — сигæ дæр дын нæ кодтой?

— Нæ, мах бон-изæрмæ ихы сæрыл куы фæрауай-бауай кæнæм, уæд куы нæ фæуазал кæнæм. Сымах зæрæдтæ стут æмæ уымæн афтæ уазал кæнут. Раздæр уæ æрхъæр кæнын хъуыди, мах бынæй ихы сæрыл куы рауай-бауай кодтам. Мах уæм уайтагъд æнæ фæндаг аразгæйæ дæр суадаиккам æмæ уыйбæрц фыдæбон нæ фæкодтаиккат. Уæхæдæг зæронд куы стут æмæ тæригъæд куы стут, афтæмæй ма мæрдтыл дæлгæмттæ фæкæнут.

— Цы гæнæн ис — мард кæуынæн баззад, æдзард мардыл цæй æнæ кæугæ ис, дæ фæхъхъау фæуон.

— Хъугърион, дæхæдæг уазалæй мæлгæ кодтай, уæддæр ма мæнæн фæхъхъæуттæ кæныс.

— Ницы кæны, Хъугърион ахæм зынты бирæ хæттыты бахаудта. Иу хатт дæлæ дæллæгты кæстæр лæппуимæ Цъыппы коммæ хос ласынмæ фæцыдтæн æмæ раст хуыдымы донабузты аирвæзтыстæм дыууæйæ дæр. Ныр базæронд дæн, фæлæ ма уæд мæ тæккæ усыл уыдтæн. Лæгæн лæджы куыст фæкодтон, сылæн та — сылы куыст. Уæддæр нæ хицæутты цæрæнбон Хуыцау бирæ фæкæнæд, уæззау куыстæй мæ-иу фæцух кодтой — хуым кæнынæй, хос кæрдынæй, сæхæдæг сæ-иу акодтой уалдзæг дæр æмæ фæззæг дæр. Мæ артаг цæттæ, саст сугæй мæ цух никæд ныууагътой. Ныр, Къоста, ды фæхъомыл дæ æмæ сæ ды кæныс, фæлæ сæ дæуæй размæ иннæтæ кодтой. Хуыцау уæ сæрæгас уадзæд дæу дæр æмæ уыдоны дæр. Нæ хицæутты хуызæн æгъдау бирæмæ нæй, адæмæн дардыл сæ кой дæр уымæн айхъуысти хохæй быдыртæм сæ уæздандзинады тыххæй.

Хъомылдæр лæппутæ райстой фыййæгтæ, Дæллаг Нарыхъæумæ рафæндаг кодтой. Къоста æмæ Дауыт Хъугърионы бакодтой йæ хæдзармæ. Æнхъæлмæ кастысты, кæд та сын исты зæрдиаг ныхæстæ фæкæнид.

Къоста загъта:

— Ахсæв фæллад æмæ рыст у. Афойнадыл æй ныххуыссын кæнæм, уадз æмæ йæ фæллад ссæуа.

Хъугърион сæм радзырдта:

— Уæ фæхъхъау фæуон, уæлæ гайлайæ[10] уæхицæн хæринаг райсут æмæ бахæрут. Мæн ницы хъæуы, æрмæст мын арт скæнут.

— Арт кæнын мах бар уадз. Ды уал дæхи æруадз, æмæ дæ рыст æрцæуа.

Хъугърион æцæгдæр йæхи æруагъта, Къоста йæ æрнуæрстытæ кодта. Арт акодтой æмæ хъæрмхуыпп ахъарм кодтой.

— Хъугърион, мæнæ хъæрмхуыпп ахуыппытæ кæн æмæ рахид кæнай. Уæд дын ницуал уыдзæн.

Йæ къæхтæ дæр ын хъарм доны сæвæрдтой, хъæрмхуыпп дæр ын бацымын кодтой. Иу афонмæ йæ сæр хъæццулы бын фæдардта, уалынмæ рахид кодта, æмæ йæ уазал цыдæр фæци.

— Адæмы хуыздæр фæуат, мæ лæппутæ, куыд мæ фервæзын кодтат. Мæ бон мæхиуыл схæцын дæр нал уыди, фæлæ ныр мæ рыст цыдæр фæци, мæнæ цыма ме уæнгтæ сæ бастæй феуæгъд сты, афтæ мын фенцон.

Ноджыдæр ма йæ æрнуæрстытæ кодтой æмæ сæхæдæг дæр сæхи хорз федтой. Иу дзæвгар ма абадтысты æмæ ныххуыссыдысты.

— Цас миттæ нын акалинаг ис! Уæдæ райсомраджы донмæ дæр фæндаг айгæрдын хъæудзæн.

— Раздæр чи райхъал уа, уый-иу иннæйы сыхъал кæнæд.

— Кæд Уардан дæр сыстид æмæ нæм фæкæсид.

— Уымæн йæ фыд расыгъдæг кæндзæн йæ уæлхæдзары миттæ, фæлæ сæ Хъугърионæн та чи расыгъдæг кæндзæн?

— Уæдæ нæм цас æмæ цас миттæ калинаг уыдзæн! Фыццаг кæркуасæнтæй дæр раздæр хъæудзæн сыстын æмæ нæ фыййæгтæ райсдзыстæм.

— Фыццаг уал скъæттæм фæндаг асыгъдæг кæндзыстæм æмæ ногзад хъугæн холлаг ратдзыстæм, — сæ уынаффæтæ ахицæн кодтой.

Иу афон Къоста райхъал æмæ йæхицæн афтæ зæгъы: «Алæ-ма, кæд, мыййаг, æгæр раджы райхъал дæн. Уæдæмæ акæсон: Къæбер цы стъалыйæ фæзæгъы, уый æцæгæй дæр кæд дæлæ куыройы бæласмæ рахæццæ, уæд афон у. Кæд нæ рахæццæ, уæддæр махæн Дауытимæ бирæ куыстытæ ис æмæ йæ сабыргай райхъал кæндзынæн».

Къоста дуармæ рауад.

— Охх, мæнæ цæй уазал у! Митæй та фезмæлæнтæ æмæ азмæлæнтæ дæр нал ис.

Куыройы сæрмæ дæр акасти: иу чысыл ма йæ хъуыди бæрæггæнæн бæрзонд æмæ кадджын стъалыйы; бæрæгæй йæхи æвдыста иннæ стъалыты астæуæй, цыма сын фæндаг амыдта, раст уый хуызæн размæ йæхи райста. Уæ сызгъæрин фестинаг бæрзонд стъалы, цæй диссаджы рухсæй кæсы иннæ стъалытæй хъауджыдæр!

Фæстæмæ хæдзармæ бауад, хъæдын цырæгътæ авæрдта цырагъдарæны æмæ хæдзар арухс и.

Дауыт сабыргай æрбадзырдта Къостамæ:

— Афон у?

— Уæдæ нæу? Рабад, нæ куыстытæ бакæнæм.

Сæ дзаумæттæ æркодтой сæ уæлæ æмæ сæ фыййæгтæ райстой миттæ сæрфынмæ. Фыццагдæр уал скъæтмæ афæндаг кодтой, ногзад хъугæн холлаг радтой. Фæстæмæ хæдзармæ бауадысты æмæ къæсæры рахизæнтæ асыгъдæг кодтой, уæлвады миттæ, гонвæрстæ. Уыдон куы асыгъдæг сты, уæд та донмæ афæндаг кодтой, ихы хуынкъ ныккодтой.

— Цæуæм, Хъугърионы абæрæг кæнæм. Кæд, мыййаг, йæ бон рабадын нæу, уæд хъуг искæмæн æрдуцын кæндзыстæм.

Хайыр æмæ Текъо сæ размæ рауадысты:

— Уæлхæдзармæ, Къоста, ма схиз — æз æмæ Хайыр æй ракалдзыстæм. Æгæр бæрзонд уæлхæдзар у æмæ уæ, мыййаг, миттæ куы фæсайой, уæд рахаудзыстут.

— Нæ, Текъо, нæ рахаудзыстæм.

Уайтагъд уæлхæдзары миттæ акалдтой æмæ та Уæллаг Нарыхъæумæ цæуынмæ фесты.

Хъугърион æнæбары рабадти æмæ йæ хъуг æрдыгъта, цыхт ахсгæ йæ баййæфтой.

— Уæ, адæмы хуыздæр фæуат, бæстæ митæй куыд асыгъдæг уæлхæдзарæй, гонварсæй, уынгæй. Ахæм лæппутæ дзы куы нæ уа: суанг ма донмæ дæр фæндаг айгæрстой. Устытæ цингæнгæ донмæ уайынц. Донæй у адæмæн сæ цард, дон æмæ хорæй, донычызджыты хорзæхæй уæ хай фæуæд æмæ цард-цæрæнбонты арфæгондæй уæ цард куыд æрвитат, кæй уарзут æмæ уæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг. Кæй кувæн къуыритæ æмæ бонтæ сты, уыдонæй арфæгонд куыд фæуат. Цыппурсæй, дам, Доныскъæфæнтæм зæдтæ æмæ дауджытæ тæрхон фæкæнынц, афæдзæй-афæдзмæ адæмыл сæ хорз тæрхон æфтыд фæуæд, мæ рахиз цæсты гагуытæ. Хъугърион, уæхи загъдау, мæгуыр у; мæгуырдзинæдтæ уæлæ хъæдмæ фæцæуæд, æмæ сæ бирæгътæ бахæрæд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.