Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 5 страница



— Уæллæй, Хетæджы-фырттæ, дзуары бын дæн кувæг лæг, фæлæ уæ разы æрбадыны аккаг лæг кæд, мыййаг, нæ дæн, уæддæр мын æй бахатыр кæнут.

— Цæмæн афтæ зæгъыс, Томайы-фырт? Нар уæздан адæм куы уаиккой, уæд Захъа сæ хид фехæлдтаиккой?

— Уæллæй, нæ зонын, цæмæн афтæ бакодтой...

Леуан найы лæгты суадзын кодта:

— Марадзут æмæ сын аходæн бахæрын кæнут, æххормагæй сæ куыннæ ауадзат, афтæ, мæ хуртæ.

Нарыхъæуы æфсинтæ-иу кæддæриддæр найы адæмæн кодтой хæринаг хъармæй-хъарммæ, æрмæст сын арахъ никæд радтой. Фæлæ сæ хуыппагæй дæр æмæ хойрагæй дæр цух никæд уагътой. Леуан ахæмтæ нæ уарзта.

— Чидæр зарæг скодта кæнæ хъарæг, уымæй æппындæр ма тæрсут. Зарæг кæнын хъæуы исты лæгдзинады фæдыл, кæнæ æгаддзинады фæдыл. Захъа сæ хид фехæлдтой сæ зианы боны, уымæй цы лæгдзинад равдыстой? Кæнæ сусæгæй Къасарагоммæ хъæд цæгъдынмæ рафæдис кодтой хæдзарæн лæгæй. Тæккæ куыстафон у, мæ хуртæ, æмæ сæ алкæмæн бинонтæ даринаг уыдзæн æмæ сын фæндаг раттын хъæуы. Дæуæн та, Томайы-фырт, дæ уæздандзинад фидарæй-фидардæр кæнæд.

— Стыр бузныг, Хетæджы-фырттæ! Хетæджы фарн æмæ намысæй уæ кæстæртæ хайджын фæуæд æмæ бирæ æнустæм уæ фыдæлты фарнæй æмæ амондæй хайджынæй баззайут. Мах сæрдæй-зымæгæй нæ куыстæгты фæдыл цæуæм Нарыл. Уæ арм нын фынгæн кæй дарут, уый дæр у тынг стыр диссаг. Зонæм æй Захъайæ дæр æмæ фæсæфцæджы адæмæй дæр, фæлæ рауайы иуæй-иу хатт лæгыл рæдыд хъуыддаг.

Леуан дисы бацыди:

— Захъа Хуыцауы дзæгъæлы Нары фыдæнæн сæ хид цæмæн хъуамæ фехæлдтаиккой? Хъуамæ сæ бафæрсæм.

Хæрд, нуæзт куы фесты, сæхи куы аивæзтытæ кодтой, уæд сæ ныхасмæ бакæнын кодта. Хъуамæ сæ бафæрса, кæд рæдыд Нар сæхæдæг истæмæй сты. Вæййы афтæ: рухс кæнгæйæ дæр лæг фæрæдийы, уæдæ кувгæ-кувын дæр мæгуырау ныхас схауы дзыхæй.

Цæвиттон, иу ран лæппуйы куывд уыди æмæ кувæг лæг райдыдта кувын: «Уæ Хуыцау, ацы ног гуырдæн йæ цæрæнбон бирæ уæд. Хуыцау æй æххæст лæг ма скæнæд!» Кувæг лæгæн сау над скæнынмæ хъавыдысты. Лæг афтæ зæгъы: «Хуыцауæй сомы кæнын, куыдæй йæ сдзырдтон, уый нæ бамбæрстон. Кæд æй фыддæрадæн загътон — мæ бинонтæй иу дæр мауал баззайæд, Хуыцау мæ хæдзары сæфт фæкæнæд. Рагæй фæстæмæ дæр ацы хæдзармæ тынг хорз зæрдæ кæй дарын, уый мæ сæхæдæг дæр зонынц». Хæдзары хицау дæр загъта: «Хуыцауæй курæгау уæ курын, æмæ ацы лæджы мæ хæдзары куыд ничи бафхæра, афтæ. Мæ куывд мын ма сдзырддаг кæнут». Басабыр сты. Куывды адæмæй кувæг лæгмæ чи смæсты, уыдон дæр ма цы загътаиккой? Лæг, мæгуыр, уыцы марды хуызæнæй сыстад æмæ рацыд йæ хæдзармæ æнæ фыдбылызæй.

Уæд Захъайы лæгты æрбадын кодтой Нар сæ ныхасы æмæ Леуан хистæртæй хатыр ракуырдта:

— Бахатыр кæнут, Нары хистæртæ, фæлæ æз Захъайы лæгты иу чысыл афæрсон, цæмæн афтæ бакодтой, сæ хид цæмæн фехæлдтой? Куыд æгъдауæй сæ зæрдыл æрлæууыд? Гъа, чындзæхсæвы заман ис хъазæн дæр æмæ фæхудæн дæр, фæлæ зианы заман ахæм хъазæнтæ нæй. Зиан зиан у, мардæй хынджылæг ничи кæны, уæлдайдæр Абайтæн сæ хистæр амард. Нар усæй, лæгæй Абайтæм лæбурæг, мыййаг, нæ бацыдысты, фæлæ сæм бацыдысты мæрддзыгой.

Захъайы лæгтæ уыцы лæгæвзæрстæй куы рабадтысты, уæд сæ бакастæй Нары ныхасы къæдзæхтæ дæр ма куыддæр фефсæрмы сты.

— Уæ хорзæх уæд, Захъа, Нармæ цы маст дарут? Нар сæрдæй-зымæгæй Захъайæн дæр æмæ фæсæфцæгæн дæр сæ арм фынгæн кæй дарынц, уый уæхæдæг дæр хорз куы зонут, уæд уæ цæсгом та куыд бахъæцыди?

Нарæн тынг зын уыди, кæй сæ нæ фефсæрмы кодтой, уый. Уæлдайдæр зæронд лæгтæн æмæ устытæн сæ фæндаг фехал æмæ ма сыл ноджыдæр æгад æмæ æрады зарæг скæн.

— Махæн нæ зæронд кадджын æмæ намысджын ус Хъугърионæн йæ койæ дæр æгас Нар æфсæрмы куы кæнынц, уæд Нар æнæ хæлæфтæй Захъайы доны кæсæгтæ куыд агуырдтой? Леуанæй мах æфсæрмы кæнæм, уæртæ дард ранæй фæдисы цæуæг фæци: «Мæнæ диссаг! Уый та уæд цавæр хабар у, Нары хистæртæ æррайы хос, мыййаг, бахордтой? Искæд лæгтæй найгæнгæ æрцыди? Лæг тæрхонæн дæр зынтæй куы æнтысы». Уæдæ Захъайæн Нар хорздзинадæй фалæмæ никæд ницы маст скодтой. Зымæгон Захъайæн Захъагоммæ фæндаг нал вæййы, зæйтæ куы æрцæуынц, уæд. Захъагомы цæрæг адæмтæ быдырæй хор фæласынц æмæ сын фæндаг нал вæййы сæ хæдзæрттæм. Зымæг сæрды хуызæн нæу — мит лæджы æмбæрц уарын куы райдайы, уæд лæг кæцы ран фесæфдзæн зæйы бын, уый зонгæ дæр нæ бакæндзæн. Нары æрфысым кæнут иу-дыууиссæдз уæрдонджынæй. Мæймæ фæндаг нæ байгом вæййы. Нар уын фæкæнынц тæригъæд: «Уæууа, бæлццон адæмты зæй фæласдзæн æмæ фесæфдзысты». Ме знагæн йæ дарæг зæйы бын бацъист уæд, йæ сабитæ фесæфæнт. Уæдæ уын хъарм хæринаг зæгъæм, фæлæ уын уазæджы хæринаг дæр фæкæнынц нæ æфсинтæ, худинаг у, уазджытæ сты, зæгъгæ. Уæдæ уæ галтæн дæр фæхъæуы холлаг, уæлдайдæр зымæгон. Иу зымæг кæнæ дыууæ зымæджы афтæ нæ вæййы уыцы хъуыддаг, фæлæ алы зымæг æмæ сæрд, алы уалдзæг кæнæ фæззæг. Леуан, мыййаг ныл дæ зæрдæ худы? Уæдæ мæнæ Томайы-фырт дæр ацы ран ис, ноджы ма дзы ис хорз адæмтæ. Хъуамæ нын нæ азым зæгъой, мах цæмæй рæдыд ми бакодтам? Кæд, мыййаг, нæ зонæм нæ рæдыд æмæ цæмæй дыккаг хатт ахæм рæдыд мауал æруадзæм. Зонын хорз у. Лæгæй най бакæнын дæр раст нæу.

Захъа загътой:

— Иу заманты хæхбæсты цæрæг адæмтæм ныхас рауад: уæдæ Нарæн цы æрхъуыды кæнæм? Быдыры хъæутæм куы ацæуæм, уæд нæ афæрсынц, кæцон стут, зæгъгæ. Кæд нарон стæм, уæд нын фысым фæлæууынц. Кæд Захъайæ кæнæ æндæр хъæуккаг фæзæгъæм, уæд ныл дуæрттæ рахгæнынц: «Ацæут æмæ æндæр ран агурут фысым». Уæдæ ма уæ куырдтам чызг, Хетæгкатæ. Абайтæм Хъылцийæ лæппудæр нæ уыди, æмæ ныл нæ барвæссыдыстут. Уæдæй ардæм дæр хъæбæр мæсты кæнæм. Зонæм æй, аххос нæхи аххос кæй у, уый.

— Хорз уæдæ, фæндараст фæут.

Захъайы лæгты Томайы-фыртимæ Нар рафæндараст кодтой.

XIII

Силитæ Къалайæн номы чындзæхсæв кодтой, фæйнæрдæм рагацау хонджытæ фервыстой. Нармæ дæр хонæг бацыди. Къоста тынг бацин кодта:

— Агъæц, мах иу цалдæр лæппуйæ нæхи бацæттæ кæндзыстæм æмæ Горимæ чындзæхсæвмæ хорз афардæг уыдзыстæм. Хæйттæ уарæг нæхицæй уыдзæн: Иуане йæхæдæг загъта айфыццаг, Къалайы чындзæхсæвмæ, дам-иу, рацæут, æз, дам, дзы уырдыглæууæг дæр уыдзынæн, хæйттæ уарæг дæр уыдзынæн. Иуанейы æз зонын, уый махæн цæстуарзон хæйттæ ратдзæн.

Къоста рагацау йе ’мбæлттæн æппæлыди. Уыдон дæр куыннæ цин кодтаиккой.

Галтæ дзы-иу æргæвстой чындзæхсæвы, иу мæймæ-иу уыцы къæрццæмдзæгъдæй гъæйтт кодтой. Чындзæхсæв-иу кæдмæ хъуамæ æрæнцадаид.

Уалынмæ чындзхæсджытæ чындз æрбахæццæ кодтой. Къоста æмæ йæ æмбæлттæ Хобайыл афардæг сты.

Уыцы заманты-иу лæппутæ какон сындзытæ сæ рæтты нывæрдтой. Чызджытæ æмæ лæппутæ-иу куы симдтой, уæд-иу сын сæ къабатæ æмæ сæ цухъхъатæ кæрæдзимæ сындзытæй хорз ныффидар кодтой, æмæ-иу симд куы рахæлиу, уæд — чызджыты къабатæ лæппуты цухъхъатыл хуыд, æмæ-иу сæ куы аивæзтой, уæд-иу чызджытæн фыр æфсæрмæй сæ хид сæ къæхты бынæй акалд.

Къоста та ахæм хъуыддæгтæ тынг бирæ уарзта.

Замманайы даргъдзыккуджын чызджытæ. Мæнæ суары бæлæттау-иу кафгæ-кафын сæхи куы айстой, уæд ацу æмæ уыдонмæ кæсынæй бафсæд.

Ацы хаттæй фылдæр какон сындзытæ никæд ма бахастой хъазтмæ.

— Æгъдаумæ уал бакæсын хъæудзæн. Кæд нæхи Иуане, мыййаг, чындзæхсæвмæ нæ бацыди, уæд дзæгъæлы цалдæр боны фæцин кодтам.

Сæ кæрæдзимæ тыхстхуызæй бакæстытæ кодтой:

— Кæд ма Тоборзайы, мыййаг, ис чындзæхсæв, уæд уым уыдзæн. Абон райсомæй устытæ сæ кæрæдзийæн дзырдтой, дыууæ чындзæхсæвæй, дам, кæцы ранмæ ацæуæм, Тоборзайы дæр ис чындзæхсæв æмæ дæлæ Горийы дæр. Хуыцау бахизæд, æмæ Иуане ам ма уа, уæд нын ницы ратдзысты. Сæхи лæппутæн та цæстуарзон хæйттæ кæй дæтдзысты, уый нæ цæстытыл уайгæ кæны.

Уалынмæ кæсынц, æмæ æцæгæй дæр Иуане уыцы ран нæ зыны. Фæйнæрдæм рауай-бауай кæнынц, æмæ никæцæй зыны.

— Иннæ хæттыты-иу нæ куы ауыдта, уæд-иу нæ размæ рауад, æз уын хорз хæйттæ ратдзынæн, зæгъгæ.

Нæй, мæгуыртæг, сæ зæрдæ ницæмæйуал рухс кæны. Ноджы ма сæ лæппутæ дæр удхарæй марынц:

— Чи уæм арвыста, Нарыхъæуы фыдуаг лæппутæ? Тагъд нæ чындзæхсæвæй фесæфут, цалынмæ уæ сау над нæ фæкодтам, уæдмæ.

Къоста йæ æмбæлттæн фæдзæхсы:

— Мацы сдзурут, æнцад хъусæй кæсут.

Уалынмæ хæйттæ уарæг Нарыхъæуы лæппутæн цыдæр æнæбары хæйттæ авæрдта, мæстæй сæ мары:

— Ацы хатт уын Иуане ам нæй.

Куыннæ смæсты уыдаиккой. Лæууынц иуварс.

Уалынмæ симд райдыдта. Æдзæстхизæй бауадысты æмæ чызджытæ æмæ лæппутæн сæ къабатæ æмæ сæ цухъхъатæ какон сындзытæй кæрæдзимæ афидæрттæ кодтой, сæхæдæг хъазты фæйнæгыл æмдзæгъд кæнын райдыдтой. Хъазты хицау сæ æппæлынмæ фæци:

— Мæнæ замманайы лæппутæ, куыд хорз æмдзæгъд кæнынц. Уæ цард бирæ уæд, Горийы лæппутæ уæ фæхъхъау фæуæд — æмдзæгъдгæнæн фæйнæгмæ сæ æмгæрон дæр ничи цæуы, фæлæ фынгтæм сæ цæстытæ ныдздзагъултæ кодтой, цыма къуыри уæвгæ дæр нæ бахордтой æмæ къутуйы бынæй рагæппытæ кодтой. Уæллæй, симд куы райхæла, уæд æз ацы лæппутæн фæйнæ кафты ратдзынæн, ноджы ма сын хæйттæ дæр.

Куыннæ бацин кодтаиккой.

Уалынмæ симд рахæлиу. Чызджытæ сæхи атон-атон кæнынц. Расыг адæммæ куыддæр фæхъыг касти:

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, уæлæ Мамысоны лæппутæ æрцыдысты æмæ семæ какон сындзытæ, æвæццæгæн, æрхастой. Куыд хинæйдзаг сты. Мамысонæн рагæй фæстæмæ дæр се ’гъдау афтæ у. Чызджыты, æвæдза, бауарзтой, æмæ сæ сындзытæй сæхимæ куыд ныффидар кодтой. Хæдзары хæлдæй уæ къонатæ баззайæнт.

Мамысоны лæппутæн уайдзæфтæ кæнынмæ фесты:

— Æдзæсгом æгъдæуттæ цæмæн кæнут? Мах уын уазæджы хатыр куы нæ кæниккам, уæд уыл бæргæ хорз æруадзиккам нæ дзæмбытæ.

Мамысон Хуыцаумæ цæуынц, зæххæй ард хæрынц:

— Ау, куыд хъуамæ мах æрбахастаиккам сындзытæ, усгур лæппутæ куы стæм, уæд?

— Сымахæн дæр уый загъдæуа — усгур лæппутæ, æмæ чызджыты сындзытæй уæхимæ фидар бахуыдтат. Цыфæнды фидар сæ куы бахуыйат, уæддæр уын Нар сæ чызджытæй никæй ратдзысты. Уæхи та ма цæмæн æгад кæнут, гормæттæ?

Мамысоны лæппутæ фæтæргай сты æмæ цæуыныл ныллæууыдысты:

— Кæд уын нæ æрбацыд афтæ зын у, уæд мах цæугæ кæнæм.

Нар сæ уадзгæ нæ кæнынц, Зæрæмæг та сæ нæмгæ кæнынц. Адæмæн сæ бадт фехæлд, сæ кæрæдзийы хъæр нал æмбарынц. Нар афтæ дзурынц:

— Уазджыты кæдæм нæмут, Зæрæмæг? Ау, худинаг афтæ нал æмбарут?

— Мæнæ нын нæ чызджыты сæхимæ куыд фидар бахуыдтой, уый сын куыд хъуамæ ныббарæм?

— Басабыр ут, уæ хорзæх уæд, уазджытæ хъаст куыннæ ахæссой, афтæ. Иу дæр нæмынмæ йæ къухтæ куыннæ сиса, афтæ.

Зæронд лæгтæ сæ фынгæй сыстадысты æмæ сæ иргъæвынц:

— Уæ хорзæх уæд, мæнæ чындзхæссæгæй бафсæрмы кæнут.

Иугæр лæгтæ сæ фынгтæй куы сыстадысты, уæд Къоста йæ æмбæлттæм фæдзырдта:

— Рæстæг уын фæци, æрмæст хæрз зæрæдты фынгмæ ма бавналут. Хистæртæн хатыр, фæлæ кæстæрты фынгтæй исгæ кæнут æмæ цæуæм.

Къостайы ныхас сын арвы æрцæфы хуызæн зынаргъ уыди. Хистæрты фынгмæ нæ бавнæлдтой, фæлæ къæбицмæ бауадысты, хæйттæй сæ рæттæ айдзаг кодтой. Иу чысыл фалдæрмæ бауадысты. Кæсынц æмæ чындзæхсæвы адæм æрсабыр сты.

— Цæуæм ныр, нæ фаг нæ фæци. Замманайы чындзæхсæв дæр уыди. Бавдæлæм æмæ нæ хæйттæ уæртæ куыройы къутуйы сæвæрæм.

— Нæ, куыроймæ цæмæн хъуамæ бацæуæм? Уæртæ сæ Сыласмæ бахæссæм æмæ сæ уым сæвæрдзыстæм.

Къостайæн дзы мады хо уыди. Сыласмæ бацыдысты æмæ сæ хæйттæ Къостайы мады хойы хæдзары сæвæрдтой. Хæдзары ничи уыд, иууылдæр чындзæхсæвы уыдысты. Хæйттæ фидар ран сæвæрдтой, гæды сæ куыннæ бахордтаид, афтæ.

Сæхæдæг фæстæмæ чындзæхсæвмæ бацыдысты, фæйнæгыл та æмдзæгъд кæнын райдыдтой. Хъазты хицау та сæ æппæлынмæ фæци:

— Кæсут, Горийы лæппутæ, мæнæ Нары лæппутæ куыд хорз лæггад кæнынц. Сымах та стонг бирæгъты каст фынгтæм кæнут. Ау, æппын нæма бафсæстыстут, абондæргъы хæринæгтæ уæ къæхты бын куы æууæрдут, æвзæр наййæгтæ найгæнгæйæ мусы хор куыд фесафынц, афтæ. Акæсут-ма уæ хæйттæ æмæ уæ комдзæгтæм, къæхты бын сæ куыд ныккалдтат. Цавæр хæдзæртты хъомыл кæнут, æппын ницы æмбарут, æви цавæр хабар у? Ардæм дæр ма-иу æрбацæут æмæ мæнæ æмдзæгъдгæнæн фæйнæг айсут.

Горийы лæппутæ худæгæй мæлынц:

— Æндæр мæт дæр нæ куы нæ ис. Ныр нæ хæрын ныууадзæм æмæ ацы ран хъазты æмдзæгъд кæнæм, æндæр дæ ницы фæнды?

Цы ма сæм сдзырдтаид кафты хицау дæр — ацу æмæ хæйрæджыты дæхиуыл агай.

Цалынмæ симд райхæлд, уæдмæ Къоста æмæ йæ æмбæлттæ уыцы зæрдиагæй хорз фемдзæгъд кодтой. Иугæр симд куы райхæлд, уæд фæстæмæ кафын райдыдтой.

Фыццаг уал къаннæг лæппутæй Къостайы ракафын кодтой. Ахæм хорз скафыди, æмæ йæм чындзæхсæвы адæм фæйнæрдыгæй сæ кæрæдзийы сæрты кастысты:

— Уæ, кæй дæ, уыдон дæ хурæй бафсæдой. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, хæрдмæ цъилау куыд хауы!

— Мæнæ цы хорз кафы, мæнæ!

— Дæ цард бирæ уа, Леуаны фырт, йæ фыды уæнгты айст æм куыд ис. Мæнг нæ фæзæгъынц, чи кæмæй уа, уый хуызæн кæны. Адæм ард Леуанæй куы хастой.

— Леуан иу Леуан нæу, фæлæ цалдæр лæджы бынаты лæууы. Мæнæ диссаг, сыгъдæгæй йæм Леуаны аивтæ ис.

— Тæхудиаг æмæ йын фылдæр куы фæуыдаиккой. Рухсаг уай, Гуыбаты чызг, ныр дæ сызгъæрин цъиумæ куы æрбакæсис, уæд, хæрзаг, дæ мидбылты фаг фæхудис.

— Сæ цард бирæ уæд Нарæн, сæ æвгъæддон сывæллоны курæггаг дзидзийы хъуырттæй бахъомыл кодтой, мæлын æй нæ ауагътой æмæ дзы хорз лæппу куы рауад.

— Дæ хорзæхæй, уыцы аив кæфтытыл æй чи сахуыр кодта?

— Гуырдæн йæ гуырд куы фæбæзза, уæд уымæн æмбал нæй. Хъуамæ йæ чи сахуыр кæна? Йæхæдæг кæсы мæнæ адæммæ æмæ йæ зæрдæмæ цавæр хорздзинæдтæ цæуынц, уыдоныл, мæ хур, хъуыды кæны æмæ сыл фæкæны фæлваргæ. Кæм йæ æмбæлттимæ дæр сæрвæты хъазт ацаразынц æмæ кæрæдзийæн фæамонынц. Уæдæ йæ хъуамæ Елберд сахуыр кодта кæнæ Къæбер? Мах лæппутæн марадз æмæ сæ хъустыл дзæнгæрджытæ бакæн, уæддæр ацу æмæ уæлæ бирæгъæн сæнттæ цæгъдæгау.

Къостайы та дыккаг хатт дæр кафын кæнынц æмæ сын нæ комы:

— Мæнæн æгъгъæд у, æз уал æмдзæгъд акæндзынæн. Уæртæ Дауыты дæр ракафын кæнут, кæнæ Уарданы дæр.

— Ницы кæны, уыдоны дæр ракафын кæндзыстæм. Дæу уæлæ зæронд лæгтæ кафын кæнынц.

Къоста афтæ зæгъы:

— Нал мæ фæнды, фæлæ кæд зæронд лæгты æцæг фæнды, уæд ма акафдзынæн. Мæ дзабыртæ дæр куы ныппырх кæнон, уæд та мын сæ Хайыр ногæй хуыйдзæн. Тæригъæд у, æрцындз дæр ын мæхæдæг фæаразын.

Къостайы та дыккаг хатт дæр ракафын кодтой. Хъæбæр сæ зæрдæмæ фæцыд, къаннæг лæппу уæвгæйæ, йæ кафт. Раст ын галы сгуы хайæн радтой:

— Уæ, дæу цы мад æмæ фыд ныййардтой, уыдонæн сæ кой макуы ферох уæд, цалынмæ адæмы мыггагæй мыггаг уа, уæдмæ. Адæмы æвзæр цæстæнгасæй дын хай макуы уæд, фæлæ хайджын у адæмæн сæ хорз цæстæнгасæй. Æлгъитæджы æлгъыст дæм хæстæг макуы æрбацæуæд, арфæгæнæджы арфæйæ та-иу кæддæриддæр у хайджын. Амонд — дæ рахизфарсы ’рдыгæй. Хетæджы кад æмæ радæй у хайджын, Гоцъийы домбай тыхæй у хайджын, мæ хур, афтæмæй стыр лæг ау.

Хæйттæй ма сын ноджыдæр радтой, кафын дæр сæ акафын кодтой. Къоста иугæр йæ мады хойæн йæ хабæрттæ куы радзырдта, уæд худæгæй бакъæцæл:

— Агъæц, уæдæ сымах бахуыдтат чызджыты æмæ лæппуты къабатæ æмæ цухъхъатæ? Куыд уæ зæрдыл æрлæууыд? Адæм куы схорхоса сты, уæд ма уырдæм бакæсынæй диссагдæр цы уыдаид.

Мады хойæн дæр бахай кодтой хæйттæй. Хæссын дæр сæ кæм фæрæзтой дынджыр галы сгуы кæнæ иннæ хæйттæ.

— Хъугърионæн сæ хæссæм.

— Йæ цард бирæ уæд. Хорзæн йæ хорздзинадæн алы ран дæр аргъ вæййы. Кæцы ран ыл амбæлын, уыцы ран ын тынг зæрдиаг арфæтæ фæкæнын. Чындзæхсæвы йын мæ нуазæн дæр бирæ хæттыты авæрын.

— Нæ йын хъæуы нуазæн дæттын. Махæн Хъугърион нуазгæ куы нæ кæны, уæд æй цæмæн расыг кæныс?

— Нæ, мæ рахиз цæсты гагуы, æз æй расыджы тыххæй нæ фæдæттын, фæлæ кады тыххæй. Дæуæн мады хуызæн у, æмæ йын æз арфæтæ ма ракæнон, уæд уый куыд раст у? Хорз къабайаг дæр ын балхæдтон æмæ йын æй хъуамæ бахæссон, мæнæ мæ хуымтæ карст куыддæр фæуон, афтæ. Иунæг усæн йæ куыстытæн кæрон кæд вæййы, уалдзæгæй уæд, сæрдæй.

Къостайы мады хотæй сегасæй дæр тынг бузныг уыдысты Нарыхъæуы зæронд лæгтæ æмæ устытæ: сидзæрхуызæй йæ никæд рауагътой, сæ хæйттæ дæр-иу сæ раздарæнты мидæг сæвæрдтой: «Къоста ахæра, уый негасæн дæр æхсæйнаг хъæбул у, цардæй нын афтæ бафсæда».

XIV

Къоста бæрзонд хохы сæрмæ сфардæг Ногбонмæ хæмпæлтæ тонынмæ.

Нар кæддæриддæр сæ æхсæны фосæй замманайы цыхт ахсаг уыдысты ногбонтæм:

— Лæппуты хъæудзæн сой-сойæн. Къоста рагагъоммæ хохæй хæмпæл куы хæссы æргъомæй кæнæ хъæдæй нæзыйы папатæ. Диссаджы зæрдиагонæй дæр сæ æмбырд кæны.

Стыр цъына сæ самадта сæ дуармæ къæдзæхрæбын.

— Мачи сæ бахъыгдарæд, æз сæ сой-сойæн æрæмбырд кодтон.

Къæдзæхæй дæр ма хауди, амонды ирвæзт фæкодта. Раст лæбырдыл æд æргъом куыд æрцæйцыд, афтæ фахс рахауди æмæ Къостайы æд æргъом комы бын авæрдта. Коммæ куы æрхæццæ, уæд йæ æмбæлттæн бафæдзæхста:

— Дадайæн æй мачи схъæр кæнæд, тæригъæд у, алцæмæй дæр мын тæрсгæ кæны. Хъазынмæ дæр мæ нал рауадздзæн дардмæ, æмæ æдзух нæ дуармæ иунæгæй куыд хъуамæ хъазгæ дæр кæндзынæн æмæ бадгæ дæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.