Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 4 страница



— Мæ судзгæ мæрдтыстæн, кæд сæ фæуадзын. Фæлæ мæ разæй куы фæуой, уæд ма сæ кæдæм аздахон? Тæрсгæ сын фæкæнын. Искæй къулбадæг лæппутæ мын сæ куы фæнæмой, уæд тæригъæд сты. Цæмæн сæ хъуамæ исчи фæнæма? Фарон уалæ Мамысоны лæппуты кæйдæр къулбадджытæ доны баппæрстой. — Хъугърион дардыл хъуыды кæны. — Уæд æз та мæхи хисты хорз фенон? Нæ, мæ хуртæ, Къупаны зарæг æмæ мыл Захъайы симд куы счындæуа уæддæр мыл уадз æмæ зарой. Алкæмæн йæ æмбисонд йæхи фæуæд. Ахæм ныхæстæ мæнмæ хъаргæ дæр нæ кæнынц. Мæ лæппутæ давгæ нæ кæнынц, нæмгæ никæй кæнынц...

Цалынмæ зиан уæлсынт уыди, уæдмæ Къоста æмæ йе ’мбæлттæ Гуыбаты лæппутимæ хъултæй хъазыдысты. Къоста хъулæй хъазынмæ тынг дæсны уыди, æмæ-иу кæимæ хъазыд, уыдонæн сæ-иу амбылдта. Ацы хатт дæр та æмбулынты райдыдтой хъазын. Къоста уайтагъд Гуыбаты лæппутæн сæ хъултæ амбылдта, æмæ джихæй аззадысты. Исдуг æнцад кæсынц, стæй райдыдтой дзурын:

— Æри нын тагъд нæ хъултæ, цалынмæ уæ хистæй нæ фæсырдтам.

Къоста Уарданæй ныфсджын уыд æмæ сæм комкоммæ ныллæууыд:

— Ацы ран хистæй кæй цæуын кæныс ды? Хъулæй куы хъазыдыстæм, уæд афтæ нæ загътай — æмбулæджы хъазæм? Æвзæр, саузæрдæ, къуыпных! Æз дæуæн хъултæ кæй нал ратдзынæн, уый нæ зоныс?

Гуыбаты лæппутæ сæхи нæмынмæ рарæвдз кодтой.

— Хъултæ хорзæй æриут, кæннод тагъд нæ хистæй цæугæ кæнут!

Уæд сын Къоста афтæ зæгъы:

— Фæлæуут, Нарыхъæуæй дæр исчи мæлдзæн, æмæ уæ уæд мах дæр нæ хистæй сургæ кæндзыстæм.

Къоста хъултæ куы нал лæвæрдта, уæд æрбацыдысты æмæ сæ нæмынц. Уардан Гуыбаты лæппуты зæххыл хойынмæ фæци. Иуы фелвасы æмæ йæ иннæйыл ныццæвы. Гуыбаты лæппутæ иугæр сæ бон куы базыдтой, уæд дард ацыдысты æмæ уырдыгæй æртхъирæн кæнынц:

— Хорзæй æриут хъултæ, кæннод уыл мах ныртæккæ зарæг скæндзыстæм.

 

Уæй, уæрæйдæ, Нары лæппутæ — хистрæттæ,

Хисты хæйттæ уæ рæтты.

Хистхор Хыбызи,

Дæ фарсыл дын хызын и.

 

Къоста тынг смæсты хистхоры зарæгыл æмæ дзуры:

— Æз уæ хæрæфырт куы дæн, уæд мыл зарæг цæмæн скодтат?

— Мах ахæм хистхор хæрæфырт ницæмæн хъæуы. Хъултæ æри, æмæ мах нæ зарæг фæстæмæ райсдзыстæм.

— Зарæг Уастырджийыл дæр ис. Ардыгæй райсоммæ дæр зарут, уæ дзыхтæ дзы сымахæн риссынц æмæ фæллайынц.

— Ма тæрс, Къоста, — дзуры йæм Уардан. — Иугæр Нармæ куы æрцæуæм, уæд нæ хистхоры зарæгæй куы мæстæй марой Тоборзайы лæппутæ æмæ Регахы лæппутæ, уæд мæн нæ зонынц: зæххыл дæлгæмттæй баззайдзысты.

Мард ныгæд куы æрцыд, уæд адæм хæрнæджы æрбадтысты. Хъугърион дæр Къостайы æмæ йе ’мбæлтты йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ Гуыбатæм дзуры:

— Уæ лæппутæ мын мæ лæппуты нæмынц. Æмæ сæ æз далæ Нарыхъæуæй ардæм нæмынмæ æрбакодтон? Мæнмæ нæминаг лæппутæ нæй. Кæдæй-уæдæй уæм, Гуыбатæ, уæ сидзæр хæрæфырт æрбацыд, Нар уынгты дзидзигур кæй радав-бадав кодтой. Гормæттæ, уæ къух та куыд тасы Къостайы нæмынмæ? Къоста фыдуаг куы уаид, уæд Нар йæ сæр йæ ыстæн нæ кæниккой. Фæлæ цыдæр æнахъинæгон фæсæфцæггаг адæмæй цæй адæм ис?

Хъугърионы уайдзæфтæ куы фехъуыстой Гуыбатæ, уæд æм кады нуазæнтимæ бацыдысты æмæ йын арфæтæ фæкодтой:

— Нæ сидзæр хæрæфырты нын кæй рæвдауыс, уымæй дæ стыр буц æмæ рæвдыд стæм.

Хъугърион нуазæнтæ иста, æмæ кæдæм æмбæлди, уырдæм сæ фæйнæрдæм æрвыста. Хæйттæ та лæвæрдта Къостамæ.

Гуыбаты лæппутæ Къостамæ хæцаг фырыты каст кæнынц фæйнæрдыгæй.

— Мах ахæм хæрæфырт ницæмæн хъæуы. Хъултæ амбылдта æмæ сæ Нармæ афардæг кæндзæн. Уæдæ хистæй цас хæйттæ æрæмбырд кодта, ма йын батайой. Мах та ма цы бахæрæм?

Хæрнæджы адæмтæ сæ хæдзæрттæм цыдысты. Къоста йæ хæйттæ лæдзæгыл бакодта æмæ сæ йе ’ккой сæвæрдта.

Рухсæй схæццæ сты Нармæ æртæ лæппуйы æмæ сæхи æппæлынмæ фесты:

— Мах Гуыбаты лæппутæн саунад скодтам, ноджы ма сын сæ хъултæ дæр рамбылдтам. Кæд ма сæ хъуыди.

Нары лæппутæй Уарданмæ фæстæмæ фæкæсын дæр ничи уæндыди. Ахæм фидар лæппу уыд, æмæ уазалæй нæ тарсти. Зымæг-иу Лиайы доныбылтæ цъæх-цъæхид дæвдæг ихæй лæууыдысты, дон-иу фыр уазалæй сабузта, уæд-иу Уардан сæ хæдзарæй рацыд æмæ цыфæнды хъызт боны дæр йæхи их доны надта. Уæд æм Къоста æмæ Дауыт дæр бахæлæг кодтой, сæ дзаумæттæ фелвæстой æмæ доны сæхи найынц. Сæ бон уæлæмæ схизын нал уыд. Уардан сыл худæгæй мæлы.

— Цæмæн найут их доны уæхи? Ныр та йæ мæн аххос фæкæндзысты.

Уазалæй ныцъцъæх сты, афтæмæй сæ Уардан ихы бынæй сласта. Сæ дзаумæттæ сын куыд кодта, афтæ йæ Хъугърион ауыдта.

— Уæ дæлæ хæйрæджы ивддзаг! Уый цы бакодтай, лæппуты куы амардтай? Уæ, хæрз сæфт нæ куы фæкодтай, сæ игæртæ басыдаиккой!

Хъугърион цалынмæ йæхи хойгæ цыди, уæдмæ Уардан хъæдмæ фæлыгъди. Лæппуты уыцы гæвзгæвзгæнгæ ракодта Хъугърион. Балаты Алыкси скъолайы стыр арт сæндзæрста. Хъугърион Къоста æмæ Дауыты фæхъæрмттæ кодта. Куыннæ фæзагъд кодтаид Къæбермæ дæр — сæ лæппумæ сæ хъус нæ дарынц.

— Хъугърион куы амæла, уæд мæ фæстæ Нарыхъæу цæргæ нал кæндзысты? Мæ ингæны сæхи ныккалдзысты? Уарданы мын фæзмынц. Уардан хæйрæджы ивддзаг у, хæйрæджы.

Хъугърион бауад Къæбермæ æмæ йын Уарданы хабар ракодта. Къæбер раст марды хуызæн фæци.

— Дæллаг Нармæ арвитын хъæуы, кæд ма нæ къухы бафта, уæд. Æгæр диссаг уыдзæн, уый йæ афонмæ куы ахæццæ уа, уæд.

Дæллаг Нарыхъæу фæдисы æрбацыдысты. Изæр дæр тындзгæ йæхи æрбауагъта. Зымæгон бон ныккæс æмæ скæс у, хур æгасæй авд бæндæны вæййы. Æхсæв-бонмæ агурынц Нарыхъæу Уарданы. Миттымыгъ раст бирæгъ куыд ниуа, афтæ ниудта. Цæгатварсæй ниугæ кодта, хуссарварсæй та йæ хъæр афтæ цыди, цыма хуссарæй ниуы. Нар фыдæхсæв куыннæ фæуыдаиккой. Мит уарыди, азмæлæнтæ нал уыд. Цы фæрæз ма йын ис — кæд æй райсом боны рухсмæ ссариккой. Фæдисæттæй алчи йæ хæдзармæ куы ацыди, уæд Уардан сæхимæ бафардæг, йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Къоста æмæ Дауытæн сæ зæрдæ Уарданмæ тынг бæргæ æхсайдта, фæлæ сын Хъугърион бафæдзæхста:

— Куыддæр ма Уарданы фæзмат, афтæ æз мæхи доны баппардзынæн.

— Ма баппар, мах Уарданы нал фæзмæм.

— Уый артæй раирвæздзæн, их дон дæр ын ницы кæндзæн, фæлæ сымах ихы бынты дон афардæг кæндзæн æмæ уæ зонæг дæр нæ фæуыдзæн.

XI

Хетъа æмæ Доси Нармæ сæ уæййæгтæ æрбахастой: мыд, æнгузтæ, хъылапитæ, фæткъуыйы хустæ, кæрдойы хустæ. Дæллаг Нары-иу сæ фысым Елбердмæ уыди, Уæллаг Нары та сын Къæбер уыди фысым. Хетъа æмæ Доси раздæр Дæллаг Нармæ бацыдысты æмæ Елбердæн йæ хæдзары дуæрттæ æхгæдæй баййæфтой. Хетъа æмæ Доси хорзау нал фесты, кæрæдзимæ бакастысты:

— Бæлвырд, Елберд кæдæмдæр фæцыди, æндæр дын йæ хæдзары дуармæ къæдзæхыл ма бада.

Хетъа Нарыхъæуы устыты афарста:

— Хуыцауы хатыр бакæнут, Елберд кæм ис?

— Елберд уартæ Захъамæ мардмæ фæцыди, — дзуапп радтой Хетъайæн. — Цалдæр лæгæй ацыдысты, устытæ дæр семæ, афтæмæй.

Хетъа æмæ Доси сæ уæйгæнинæгтæ Уæллаг Нармæ ахастой, уынджы сæ æрæвæрдтой. Нары устытæ цæуынц æмæ мыд хæлофæй æлхæнынц. Куымбилæй ивынц мыд дæр æмæ иннæ уæййæгтæ дæр.

Къоста æмæ Дауыт стыхстысты: мæлæты æрæгмæ цæуынц мæрддзыгой. Дауыт афтæ зæгъы:

— Нана цалынмæ цæуа, уæдмæ мыд æлхæд фæуыдзæн.

— Хъугърион дæр мæрддзыгойы фæцыдис, æндæр та нын афонмæ бæргæ бæлхæдтаид мыд дæр æмæ æнгузтæ дæр.

Хъугърион Къостайы зæрдæхудты никуы бацыдаид.

Тыхсынц дыууæ лæппуйы.

— Ныр уыцы мард цæмæн амардис? Мах ацы хорз хæринæгтæй æнæ хай куы фестæм.

Къоста мыдмæ хæрз хæстæг бацыд æмæ йæ мондæгтæ уайынц. Уæллаг Нары устытæй «гъа-ма» зæгъæг нæй, Хъугърионы фæхъхъау фæуат. Къоста ай-уый нал фæкодта, фæлæ мыды лалымы йæ къухтæ фæтъыста æмæ дзы иу стыр къæртт фелвæста. Дыууæ лæппуйы фæйнæрдæм лидзынмæ фесты.

Хетъа сæ фæстæ лæдзæгимæ рауади, фæлæ сæ кæцæй баййæфтаид. Уыцы мæстджынæй æрбаздæхт:

— Æллæх, æллæх, мæ мыды къæртт раст мæ сæрæй стырдæр уыди. Цы ма дзы ауæй кæнон: йæ фылдæр ын фескъæфы.

Уæллаг Нары сæрмæ иу бæрзонд къæдзæх уыди, арф лæгæттæ дзы. Лæгæттæм хосдзаутæ дæр нæ уæндыдысты, кæд дзы, мыййаг, бирæгътæ ахстæттæ скодтой, зæгъгæ. Къоста лæгæтæн йæ тæккæ астæумæ бацыд, сбадт æмæ мыд сдæры. Йæхицæн фæзæгъы:

— Ацы мыд æз куы фæуон, уæд Дауыт тæригъæд у. Афонмæ йæ кæд Хетъа лæдзæгæй фæнадта æмæ кæуы.

Сынайы къæдзæхæй ракæсы Къоста. Дауытæн йæ кой, йæ хъæр дæр нæй.

Дауыт та, мæгуырæг, кæугæ Къостайы агуры.

— Уæуу, мæнæ диссаг, уæдæ кæдæм фæцыдаид Къоста? Дæдæдæй, кæд æй бирæгъ кæнæ рувас бахордта, уæд ма мæнæн Къостайы хуызæн хорз æмбал кæм уыдзæн? Алы бон дæр мæ Тоборзайы лæппутæ нæмдзысты, — кæуы Дауыт. — О Елберд, кæм дæ, о Къæбер, кæм дæ? Мæнæ Къостайы кæмдæр бирæгъ бахордта.

Агургæ-агургæ къæдзæхмæ æрбахæццæ. Изæр дæр тындзгæ æрбацæуы, æрмæст ма хуры фæстаг тынтæ хæхтыл хъазынц. Уыцы заман Къоста йæ мидфынæйæ Дауыты кæуын айхъуыста.

— Æллæх, Дауыт кæуы!— Къæдзæхæй йæ сæр радардта: — Цы кæуыс, мыдæн кæд бахордтон йæ къаддæр æрдæг. Йæ фылдæр ын дæуæн куы ныууагътон!

— Мæн дæ мыд æппындæр ницæмæн хъæуы. Мæн дæ мыды мæт нæй, фæлæ дæ бирæгъ нæ бахордта?

— Ницы мын кодта, нæ мæм æрбауæндыд. Мæнæ ма мæм æрбакæс. Фæлæ дæу Хетъа йæ лæдзæгæй кæд амардта, мыййаг.

— Мæнæн дæр Хетъа ницы ракодта. Тагъд лыгътæн. Æрмæст ды цы фæдæ, уый нал ауыдтон.

Дыууæ лæппуйы сæ кæрæдзийы цинæй хæрдмæ хаудысты.

— Цом ныр, уæлæ лæгæтмæ ссæуæм, æмæ хорз фæминас кæндзыстæм æхсæв-бонмæ. Хетъа æмæ Досийæн уæдмæ сæ уæййæгтæ фæуыдзысты æмæ сæхимæ ацæудзысты.

Къоста æмæ Дауыт мыд сдæрынц æмæ та сæ кæрæдзийы афæрсынц:

— Нæма бафсæстæ? Æз хорз бафсæстæн.

— Æз ма дзы дæуæй фылдæр куы бахордтон. Ды дæр дзы мæн бæрц бахæр.

— Æз ацы хаттæй фылдæр никуы бахордтон мыд, тынг дзы бафсæстæн.

— Хетъа æмæ Досийы цæрæнбон бирæ уæд. Хорз лæгтæ сты — цас уæйгæнинæгтæ æрбахастой.

— Уæдæ нын афонмæ æнгузтæ та Хъугърион дæр балхæдта æмæ Нана дæр.

— Кæд ма дæ хъæуы, уæд хæргæ кæн.

— Дауыт, нæ дæ уырны — нал мæ хъæуы. Чи ма дзы баззад, уый та райсом хæрдзыстæм.

Уалынмæ афынæй сты.

Æгæр æрæгмæ куы цыдысты дыууæ лæппуйы, уæд Нар фæфæдис сты усæй, лæгæй.

Хъугърион хъæр кæны:

— О Къоста, кæм дæ?! Дауыт, кæм дæ?! Кæд ма уæ уды мидæг стут, уæд Хъугърионы къуындæгдзинадмæ нæ фæлæууыдаиккат. Фæлæ нал стут, нал, уæ гыццыл удтæ уын кæмдæр фæззыгон стонг бирæгътæ бахордтой. Кæцæй нæм ацы фыдбонтæ кастысты? Уæ, цы кæнæм? Уæ, мæ сæр уæ фæхъхъау куы фæуыдаид æмæ ма сымах сæрæгас куы уаиккат! Фæлæ æнæрай скæнæд нæ хицæуттæ сæ зонгæтæй. Рацъ æмæ сын хиуæй дæр зонгæтæ ис. Акæс-ма, уæд сын худинаг нæу уæздан Нарæн: рацъ æмæ хиуæй дæр æрдхæрдтæ дарынц. Хорз фæцахуыр сты Хетъа æмæ Доси Нарыхъæуы сайын. Хорз куы фæцайдагъ сты æмæ та æрцæйуайынц уæртæ Оны Калакæй Нармæ. Халон Оны Калакæй зынтæй тæхы. Фæлæ æвзæр хъуынджын рацъæттæ сæ уæййæгтимæ æрбафардæг вæййынц. Сар мын сæ сæртæ кæндзысты, æз уыдоны Нарæй сурæг куы нæ фæкæнон.

Къæбер Хъугърионы хъæрæй дæр куыннæ фæлмæцыдаид, уæдæ ме знагæн дæр йæ хъæбул фесæфæд. Фæсахсæвæртæй фæивгъуыдтаид, афтæ Къæбер Сынайы къæдзæхмæ бацыди. Цуанон лæг уыд Къæбер, иу лæгæт дæр ын æнæ сгæрст æмæ æнæ зынд нæ уыди. Канд лæгæттæ нæ, фæлæ ма æнусон цъититæ дæр зыдта, чи дзы кæцы ран уыдис, уый. Сынайы къæдзæхы лæгæтты зилгæ бацыди æмæ дзы раст арфдæр кæм уыди, уым хъæдын цырагъы рухсмæ лæппуты хъæбыс-хъæбыс хуысгæ федта. Къæбер фæдисонтæм рахъæр кодта:

— Мæнæ сты, уæхи мауал тыхсын кæнут!

Хъугърион кæугæ уайы:

— Удæгас мын сты, уый мæ нæ уырны.

Фæдисæттæ къæдзæхы рæбынæй хъæр кæнынц:

— Кæцы ран дæ, Къæбер?

— Мæнæ, мæ хуртæ. Раст арфдæр кæцы ран у, уым æрфысым кодтой. Уæллæй, Нарыхъæу, æз цуанон лæг дæн, фæлæ ацы арф лæгæтмæ мæ ныфс никуы æрбахастон. Нæ фыдæлты заман ам бирæгъбадæн уыди, мидæмæ дзы ничи уæндыд, æрмæст æм цуанæттæ хастой бирæгъмарæн холытæ æмæ сæ сæдæ-сæдæгæйттæй цагътой. Уæйыгбадæн дæр æй хуыдтой.

Акæс-ма, адон æхсæвиуатмæ сæ ныфс куыд бахастой.

Хъугърион сæ куы ауыдта, уæд загъд кæнынмæ фæци:

— Хъæрæй ма дзурут, фæсонт уыдзысты. Дæлæ, мæгуырæг, сæ мыды къæртт дæр сæ къухты куы батади. Уæлæмæ рабадут, мæ хуртæ, Хъугърион уын царды къæртт феста. Хъугърионы сауцæст лæппутæ, æгайтма сæрæгасæй баззадыстут. Нæ хицæуттæн сæхи аххосæй сæфгæ кодтой дыууæ хъæуы дæр.

Къоста раздæр райхъал æмæ скуыдта:

— Мæ мыд цы фæци?

— Дæ мыд, дæ фæхъхъау фæуон, дæ къухы ис, фæлæ ма тæрс, æз мæнæ куы дæн. Цæмæн кæуыс, дæ низтæ ахæрон?

Уæд та Дауыт дæр райхъал, йæ фыды куы ауыдта, уæд дзы нæмынæй фæтарсти æмæ Хъугърионмæ йæхи баппæрста:

— Дадайæн мæ нæмын ма бауадз, Хъугърион. Æз нæхимæ нæ цæуын, æз Хъугърионмæ хуыссын ахсæв.

— Ма тæрс, мæлинаг, — сдзырдта йæм Къæбер. — Мæн дæ мæт нæ уыдис, æз Къостайы агурæг рацыдтæн.

Фæдисæттæ раздæхтысты.

Бон куы æрбарухс, уæд Къæбер Хъугърионмæ бадзырдта:

— Дæ хорзæх уæд, æмæ Хетъа æмæ Досимæ мацы сдзур. Худинаг у. Алчи уазæгæн «æгас цу» фæзæгъы, мах та сæ тæргæ хъуамæ акæнæм? Сывæллонæн алчи йæ фыдуагæн макæ фæзæгъы. Тæригъæд сты Хетъа æмæ Доси дæр, сæ уæййæгтæ уæртæ Оны Калакæй се ’ккойы фæхастой. Ме знаг та ма уыдоны бахъыгдарæд.

XII

Захъайыл зиан æрцыди: Фаллаг Абайтыхъæуы иу зæронд лæг амарди. Абайтæ Нармæ хъæргæнæг рарвыстой:

— Фарны хабæрттæ уæм хастæуæд, Нарыхъæу, фæлæ Абайтыл зиан æрцыди.

Нар — усæй, лæгæй — мæрддзыгой рараст кодтой Захъамæ.

Зиан ныгæд æрцыди.

Адæмы хæрнæгыл æрбадын кодтой.

Хæрнæджы цалынмæ бадтысты Нар, уæдмæ Абайтæ Нары фыддæрадæн ауадысты æмæ сæ хид фехæлдтой.

Хур фæныгуылы, зæгъгæ, хæрнæджы адæмæй алчи йæ хæдзармæ цæуыныл ныллæууыд. Нары мæрддзыгой дæр зианджынæн загътой:

— Абонæй фæстæмæ уæм уарзон адæмтæ цины хъуыддæгтæм цæуæг фæуæд, Абайтæ, уæ зиан та рухсаг уæд.

Нар рацыдысты æмæ — хидæн йæ кой дæр нал. Дон ивылд нæ уыди. Цы базонын ма сын æй хъуыди, фыддæрадæн афтæ кæй бакодтой. Куыннæ смæсты уыдаиккой:

— Уæуу, мæнæ куыд фыд-зæрдæ дарынц! Уыйбæрц сын уæд цы ракодтам?

Цæвиттон, Нары цæмæй фегад кæной, ууыл рагæй хъуыды кодтой: уæдæ Нар кадджын адæм сты, æмæ сын сæ кад æмæ сæ намыс дæлдæр æрæппарын хъæуы.

Нар уымæй цæмæй хъуамæ фегад уыдаиккой: уæздандзинад бакодтой — усæй, лæгæй мæрддзыгой рацыдысты.

Нарæн сæ хæдзæрттæм цæй æнæ рацæугæ уыди тæккæ куыстафон, æмæ доны ралæгæрстой, устыты се ’ккæйтты скодтой, афтæмæй.

Захъа Нарыл зарæг скодтой:

 

Захъайы дон, дам, бур кæфтæ ласы.

Нар, дам, хистæрæй кæстæрмæ æнæ хæлæфтæй

Кæсæгтæ ахсынц.

 

Ноджыдæр цыдæр æфхæрæн ныхæстæ.

Нар уæдæй фæстæмæ Захъамæ хъавын байдыдтой: «Агъæц, мах уæ иу заманы кæй ахсдзыстæм, уый уæ рох ма уæд».

Хетæгкатæн Къасарагомы хъæды хай уыди. Захъа æхсæвыгон рафæдис кодтой: «Нар нæ нæ базондзысты æмæ сын сæ хъæд ныццæгъдæм». Хорз самадтой сæ галуæрдæтты сугтæ æмæ æрбацæуынц раст æмбисæхсæв.

Нар ныхасы бадынц æмæ кæсынц: Захъа лæгæвзæрстæй кæрæдзийы фæстæ хърихъуппытау рæнхъæй æрбацæуынц. Нар сæм æрцыдысты:

— Алæбон æгас нæм цæут, Абайтæ, фæлæ ма ныртæккæ ацы ран æнæ фыдбылызæй æрлæуут. Сымахæн ахæм бар Хетæгкатæ радтой, æмæ сын хæдзарæн лæгæй сæ хъæд ныццæгъдат? Хæлæйфаг фæци? Иу хатт æмæ дыууæ хатты афтæ нæ бакодтат, фæлæ алы хатт дæр сусæгæй хъуызыдыстут æмæ нын-иу Къасарагомы нæ хъæд ныццагътат.

Нар Абайты дæр æмæ ма дзы иннæ Захъайæ чи уыди, уыдоны дæр æрурæдтой, Хетæджы фидармæ сæ бакодтой. Хъахъхъæнæг сын уыди Дзапарты Лекъыр.

— Ацæут сымах, мæ бар сæ уадзут, — загъта Лекъыр.

Райсомæй Нар Поты фæзы найгæнинаг æрæвæрдтой хъæдуры мæкъуылтæ æмæ Захъайы лæгтæй най кæнын райдыдтой. Сæ хистæр Ларс уыди къухдзæг, Гарсо та уыди æппæты кæройнаг.

Поты фæзы Нарæн æхсæны мус уыди. Уым-иу фæззæг най кодтой хæххон гага хъæдур. Зын най уыди, хæрынмæ бæззыди хомæй дæр æмæ фыхæй дæр. Бон сын æртæ хатты хæринаг лæвæрдтой, найæгтæн хæринаг хъæуы, зæгъгæ. Донæй, хъæрмхуыппæй — хъуаг сæ ницæмæй уагътой. Хъæдурæн ма-иу сын йæхицæй дæр сачара скодтой æмæ-иу сын загътой:

— Хæргæ кæнут уæ къæхты фыдæбон.

Захъа хорз лæгтæ агуырдтой: «Уæдæ нæ лæгтæй Нар кæдмæ афтæ най фæкæной?»

Леуан Уæрæсейы куыста, Хъарадзау та афæдз раздæр амарди.

Уæд фæцыдысты Уæрæсемæ, æндæр амал сын нал уыди. Уæрæсейæ Леуаны ракодтой, Урстуалтæй та — Томайты Барсæджы. Леуан куыннæ смæсты уыдаид:

— Уанцон нæу, уый цы бакодтат?

Леуанæн Нар сæ хабар радзырдтой, сæхи аххос кæй уыди, Нармæ рагæй кæй хъавыдысты фегад кæнынмæ.

— Леуан, дæу куыд фæнды, афтæ бакæндзыстæм.

Леуан йæ мидбылты куыддæр худæгау бакодта. Æхсызгон ын цæмæн хъуамæ уыдаид, Захъа Нарыл зарæг кæй скодтой, уый. Фæлæ уæддæр — уæздан лæгæн, дам, судзгæ арты дæр йæ къухтæ нæ фæсудзынц.

— Нæ фегад уыдзыстут, ма тæрсут. Захъа сæ хид кæй фехæлдтой, уымæй сæхи фегад кодтой. Хид та сæ фæстæмæ аразын нæ хъуыди? Уæдæ Нарæй Захъамæ усæй, лæгæй мæрддзыгойы ацу, уæздандзинад равдис æмæ ма дæ ноджыдæр æгады бынаты дæр сæвæрæд. Ма тæрсут зарæгæй, алы бон дæр, уадз, æмæ зарой. Сæхиуыл зарынц. Уæдæ хъуамæ доны рахизыны тыххæй сылгоймæгты Захъагомы ныууагътаиккат?

Уалынмæ Томайы-фырт дæр æрбацыди:

— Фарн уæ ныхасы уæд, Нар!

— Уæ, алыбон æгас нæм цæуай, Томайы-фырт! Бадгæ нæм æркæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.